Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 17 страница



Уыцы рæстæджы мын иу чызг зонгæ уыди. Зонгæ, зæгъгæ, кæрæдзийы кæимæ бамбæрстам æмæ курынмæ кæй хъавыдтæн, ахæм æрыгон, рæсугъд чызг. Хабар суанг йæ мад æмæ фыдмæ дæр бахæццæ. Чызг уыцы аз медицинон институтмæ бацыд, æз та институт каст куы фæдæн, ууыл дæр ма цалдæр азы рацыд. Хæдзары — уæлдайдæр мад — катайы бацыдысты, афтæ æрыгонæй куы смой кæна, уæлдайдæр йæхицæй бирæ хистæрмæ, уæд йæ ахуырæй фæкъуылымпы уыдзæн, зæгъгæ. Чызгимæ кæрæдзийы æмбæрстам, хъыгдарæг нæ куы нæ фæуыдаид, уæд ницы хуызы фæхицæн уыдаиккам. Нæ ахастдзинæдтæ ме ’рдхæрдтæй дæр нал сусæг кодтон, уымæн æмæ хъуыддаг сырæзыныл мæ зæрдæ дардтон... Чызгимæ арæх æмбæлдыстæм. Мæ куыстмæ дæр-иу мæм æрбацыди. Сылгоймæгтæй дæр-иу æй чидæртæ федта. Нæ машинисткæ Гуытъиаты Замирæт та йын йæ бинонты дæр хорз зыдта. Æппæлыди сæ. Æхсызгон ын уыди, æппынфæстаг (уæд мыл цыди 34 азы) кæуылдæр мæ цæст кæй æрæвæрдтон æмæ мæ зæрды ныфсджын къахдзæф акæнын кæй ис.

Хъуыддæгтæ, хуыздæр нæ вæййы, зæгъгæ, афтæ бæргæ цыдысты, фæлæ чызджы йæ бинонтæй ныфс нæ уыд. Цы сæ бон уыди, уымæй архайдтой хъуыддаг фехалыныл. Цæмæй кæрæдзийы иуцасдæр нал уыдтаиккам, уый тыххæй мад йæ чызджы сæрды каникулты Мæздæгмæ йæ хомæ арвыста. Мамсыраты Муратимæ ма йæм уырдæм дæр фæцыдыстæм, фæлæ мын йæ феныны фадат нæ фæцис. Хабæрттæ Замирæтæн куы радзырдтон, уæд мын зæрдæ бавæрдта, æз, дам, йемæ аныхас кæндзынæн. Æцæгæйдæр, Мæздæгæй куы сыздæхт, уæд æй ссардта æмæ йын цытæ фæдзырдта, Хуыцау — йæ зонæг, фæлæ куы фембæлдыстæм, уæд чызг йæхи кæуынæй мардта, кæцырдæм, дам ма цы кæнон, уымæн ницыуал зонын. Уыцы хабæрттæ Мурат æнæзонгæ нæ уыди...

Æнæном писмотæ ма уымæй размæ дæр цалдæр хатты райстон. Иууылдæр — сылгоймæгтæй. Стæй-иу сæ чи ныффыста, уый-иу фылдæр хатт зонгæ дæр бакодтон, фæлæ мæм фæстагмæ цы æнæном писмо æрбахастой, уый ныффыссæг æнæмæнг нæлгоймаг уыд. Уæвгæ йæ ном æргомæй ныффыссын чи нæ бауæндыд, уый цас нæлгоймаг уыди! Писмо мæм абон дæр æфснайдæй лæууы æмæ куыддæриддæр у, афтæмæй йæ æрхæсдзынæн: «Музафер, ды мæ нæ зоныс, фæлæ дæ æз хорз зонын. Дæуæн дæр, мæнмæ гæсгæ, тагъд мемæ хæстæгдæр базоныны фадат фæуыдзæн. Зæлинæимæ (йæ ном ын аивтон) дæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн, уымæн æмæ уый æрмæстдæр мæнмæ смой кæндзæн. Æз Мæздæгæй нырма знон ссыдтæн, æмæ мын хабæрттæ иууылдæр радзырдта. Ды лæг куы уаис æмæ дæхицæн аргъ кæнын куы зонис, уæд æй æнцад ныууадзис. Мæ ном æмбæхсын, зæгъгæ, афтæ ма банхъæл. Тæрсгæ дæр дæ нæ кæнын. Фæлæ кæд лæг дæ, уæд ма 11 августы, дыццæджы, 21 сахатыл, фысымуат „Кавказ“-ы чъылдыммæ цы сквер ис, уым Горгайы физонæггæнæны цурмæ æрбацу æмæ уым базонгæ уыдзыстæм.

Стæй уый фæстæ æз Зæлинæйæн дæ хъæбатырдзинады хабæрттæ ракæндзынæн».

Алыхуызон хъуыдытæ сæры куыннæ хъуамæ базмæлыдаиккой? Æппæты фыццаг базонынмæ хъавыдтæн писмо ныффыссæджы, фæлæ кæуыл фæдызæрдыг уыдаин, ахæмæй мæ алыварс никæй зыдтон. Зæлинæйæн ахæм зонгæ æцæг куы уыдаид, уæд уыйбæрц рæстæг йæхи æмбæхстæй куыд хъуамæ дардтаид? Мæнимæ йæ фембæлдтытæ куы никæмæй æмбæхста, суанг ма сæ æцæгæлон адæмæй дæр куы нæ сусæг кодта, уæд æй, рæхджы кургæ чи кæны, уый иу хатт уæддæр куыннæ федта, кæд æй федта, уæд та йæ иувæрсты æцæгæлонау куыд ацыд? Фæрстытæ мæм, цас æмбæлд, уымæй фылдæр сæвзæрд, æрмæст дзы иуæн дæр рæстмæ дзуапп раттын мæ бон нæ уыд. Æппæты тынгдæр мæ цы амардта: æртхъирæн мæм кæй кодта æмæ мæ уыцы æртхъирæнæй æгады бынаты кæй æвæрдта, уый. Писмойы хабар Сафар æмæ Муратæн дæр радзырдтон. Æппынфæстаг, æртхъирæнгæнæг мæм кæдæм сидти, уырдæм ацæуын сфæнд кодтон. Мемæ ацыдысты Сафар æмæ Мурат дæр. Мемæ, зæгъгæ, уыдон мæм сквермæ бацæуæны æнхъæлмæ кастысты, æз та, цы физонæггæнæны цурмæ мæ хуындæуыд, уырдæм аивæй мæхи байстон. Кæд талынджы дзæбæх нæ уыдтон, уæддæр мæ алыварс акæстытæ кодтон, æрмæст дзы иу цъиуызмæлæгыл дæр мæ цæст не ’рхæцыд. Чысыл рухсдæр кæм уыд, уырдæм рацыдтæн, мæ сахатмæ æркастæн æмæ амынд рæстæгæй иуцасдæр куы рацыд, уæд бамбæрстон, чидæр мæ, куыд æмбæлд, растдæр зæгъгæйæ та, куыд не ’мбæлд, афтæ кæй ахъазыд. Мæ хæлæртты цурмæ куы ’рцыдтæн æмæ сæ пыррыччытæгæнгæ куы ’рæййæфтон, уæд та базыдтон, чи мæ ахъазыд, уый дæр...

Фæстæдæр мын Мурат радзырдта, писмо йæхæдæг кæй ныффыста. Цæмæй йын йæ къухфыстыл ма фæдызæрдыг уыдаин, уый тыххæй йæ нæ шофырæн рафыссын кодта...

Ахæм хабæрттæ нæ кусджытæй иу æмæ дыууæйыл не ’рцыд. Се ’рхъуыдыгæнæг та-иу кæддæриддæр уыди Мурат.

Мæ рæстæджы «Рæстдзинад»-ы кусджытæн сæ кæрæдзийæ ахъазын сæ уд-сæ дзæцц уыд. Худын-иу æппындæр кæм нæ фидыдта, уым дæр ын-иу бынат ссардтой. Промышленнон хайады сæргълæууæг Тегаты Сулейман Орджоникидзейы автотракторон-электрон дзаумæтты заводæй æрмæг ныффыста, фæлæ йæ сæргонд редакторы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йын æй фæстæмæ раздæхта, йæ сæргонд ын аив, зæгъгæ. Аивта йæ, фæлæ та уый дæр нæ фæрæстмæ. Афтæ цалдæр фæлтæрæны скодта редакторы уатмæ æмæ та-иу фæстæмæ сæргуыбырæй раздæхт. Йæ сæрæн куы ницыуал хос зыдта, уæд æрхъуыды кодта æмдзæвгæтæй сæргонд: «Фæстæзад нал у ОЗАТЭ, гъе уый дын кады хъуыддаг, гъе!» æмæ та йæ редакторы стъолыл æрæвæрдта. Хицау æй куы бакаст, уæд йæ цæсгомыл мидбылхудт ахъазыд æмæ йын загъта:

— Ацу, мæхæдæг ын исты æрхъуыды кæндзынæн...

Бутаты Тотырбег уыди партион хайады сæргълæууæг. Уыди редакторы хæдивæг дæр. Хъæбатырæй хæцыди немыцаг фашистты ныхмæ. Хæсты фæстæ бирæ азты фæкуыста «Рæстдзинад»-ы. Уыциу рæстæг нымад уыди редакцийы тыхджындæр юмористтæй иуыл. Летучкæйы рæстæджы адæмы иу хатт уæддæр ма схудын кæна, уый гæнæн нæ уыди. Уæддæр редакторæй стъæлфыди, æмбырдæй хынджылæггаг ма араз, зæгъгæ-иу ыл сбустæ кодта. Фæлæ-иу, редактор æй куыннæ бамбара, афтæ йæ кæнон кодта.

Афæдз-иу фæуынмæ хъавыди, уæддæр-иу бирæтæ сæ отпусчы кой нæма кодтой. Ахæм заман-иу редактор кусджыты æрæмбырд кодта æмæ-иу сæм загъд кæнын райдыдта, отпусчы цæуылнæ цæут, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ-иу арæхдæр хаудысты Хъесаты Дафамæ. Редактор-иу раздæр иумæйаг ныхæстæ кодта, стæй-иу комкоммæ ныхасмæ куы рахызт, уæд-иу æппæты фыццаг Хъесаты Дафайæ райдыдта, уымæн æмæ-иу уымæн, отпусчы цы азтæ нæ уыди, уыдон цалдæр баисты. Иу хатт та йæм куы бауырдыг æмæ йæ лæгæй-лæгмæ куы бафарста, Дафа, отпусчы цæуылнæ цæуыс, зæгъгæ, уæд Тотырбег йæ бынатæй фестад æмæ йын афтæ:

— Æри-ма, Дафа, æз дæ бæсты ацæуон отпусчы.

Редакторæн кæд цыфæнды тызмæг цæсгом уыд, уæддæр æнæ йæ мидбылты бахудгæ йæ бон нал баци...

Летучкæйы рæстæджы-иу арæх ныхас рауад, газет æрæгмæ цæмæн æмæ кæй аххосæй рацыд, уый тыххæй. Ахæм заман-иу чидæртæ сæ аххосыл басæттыны бæсты азым æндæр кæуылдæр сæвæрдтой. Фылдæр хатт, уым чи нæ уыд, уыдоныл. Уым та-иу нæ уыдысты машинисткæтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй газет афоныл рацæуа, уый мыхуыргæнджытæй аразгæ дæр у, фæлæ уыдоны аххосæй, зæгъæн ис, æмæ никуы бакъуылымпы. Кæд азымы бадаринаг исчи уыд, уæд — аххос мыхуыргæнджытыл чи æвæрдта, уыдон сæхæдæг. Гъе æмæ та уыцы летучкæйы дæр чидæр, газет кæй бафæстиат æмæ йæ кæсджытыл афоныл кæй нæ сæмбæлд, уый машинисткæты æккой баппæрста. Æмбырд куы фæци, уæд Тотырбег мыхуыргæнджыты уаты фæмидæг æмæ сын цыма стыр æхсызгондзинад хъусын кодта, уый хуызæн загъта:

— Уæртæ та уæ фыдгой фæкодтой...

Гуытъиаты Замирæт фыр мæстæй цæхæртæ акалдта, йæ бынатæй фестад, йæ къухтæ йæ синысæр авæрдта æмæ йæ ныхас, æмбырдæй чи рацыд, уыдонмæ дæр куыд хъуыса, афтæ хъæрæй загъта:

— Æз уыдонимæ цалынмæ се ’ппæтимæ дæр афтæ-уфтæ бакæнон, уæдмæ дзæгъæл дзырд кæндзысты!..

Тотырбег ныппыррыкк кодта. Йæ худынæй куы банцад, уæд машинисткæмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йын саст хъæлæсæй афтæ:

— Замирæт, уыцы хъуыддаг кæнынмæ куы хъавай, уæд ма-иу мæнæй райдай...

Сылгоймагæй йæ маст æрбайрох æмæ худынмæ фæци.

— Ацу, дæу дæр дзых йеддæмæ ницы ис! — фæхъæр ыл кодта Замирæт. — Кæд ахæм хъæбатыр дæ, уæд айфыццаг Сафары чъылдыммæ цы амбæхстæ?

Тотырбег æппæт сылгоймæгтимæ дæр лымæнæй цард. Æнæ хъазæн ныхас зæгъгæйæ-иу дзы никæй рæзты ахызтаид. Сæ уатмæ, æвæццæгæн, уымæй арæхдæр ничи цыд. Цыма йыл рихитæ уыд, уый хуызæн-иу йæ фындзы фæйнæфарс здухæгау акодта æмæ-иу æнæмæнг исты худæджы хабар радзырдтаид кæнæ та-иу сын зæрдæлхæнæн ныхæстыл фæуыдаид. Йæхи дæр ын-иу хъазгæйæ мæстæй мардтой, фæлæ дзы Замирæт цы хъазт акодта, уымæн æмбал нæ уыди.

Бутайы-фыртæн горæты кæрон цæхæрадон уыд. Иу заман дзы сау хъæлæрдзыйы къудзитæ æмæ сирены бæлæстæ сбирæ сты. Уый Замирæт куы фехъуыста, уæд ын афтæ:

— Хъæлæрдзытæ нæм ис, фæлæ мæ сирены талатæ хъæуы.

Баныхас кодтой, уæдæ цы уыдаид. Куысты фæстæ хъуамæ ацыдаиккой. Замирæт хабæрттæ Сафарæн радзырдта. Уый та хъæлæрдзыйы къутæртæ хъуыд, æмæ æртæйæ горæты кæронмæ абалц кодтой. Цæхæрадоны сын Тотырбег фæйнæ белы ратта æмæ къахынмæ бавнæлдтой. Сафар цæхæрадоны рæбинаг къуымы ныггуыбыр æмæ уыцы зæрдиагæй архайдта. Замирæт, Тотырбег ын æххуыс кодта, афтæмæй, йæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд, уыцы тала къахы. Иу афон куы уыд, уæд Тотырбегмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры:

— Тотырбег, цалынмæ Сафар къудзитимæ архайы, уæдмæ мусонгмæ бауайæм, ахæм фадат нын никуыуал уыдзæн.

Тотырбег уый айхъуыста, цы! Замирæты фæуагъта æмæ, Сафармæ хæстæгдæр цы тала уыд, уый къахынмæ февнæлдта. Замирæт та уым дæр йæ уæлхъус алæууыд æмæ та йын лæгъзтæгæнæгау бакодта:

— Ма тæрс, цалынмæ Сафар йæ къудзи къаха, уæдмæ рацæудзыстæм...

Лæг та уыцы бæлас къахын дæр фæуагъта æмæ тарстхуызæй Сафары цур лæфлæфгæнгæ балæууыд. Сылгоймагæн бæлас йæхицæн къахгæ æрцыд. Тотырбег та Сафары цурæй рацæуын нал бауæндыд...

Бирæ хъæлдзæг бонтæ арвыстон «Рæстдзинад»-ы. Мæ царды амондджындæртыл сæ куы банымайон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Уыцы бонтæ æмæ азтæ мæрдты дæр мемæ уæнт, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд дæр — афтæ. Скъолайы «Рæстдзинад»-мæ бацæуыны размæ дæр ахуыр кодтон, уым куынæуал куыстон, уæд дæр ма ноджыдæр иу скъолайы — Мæскуыйы СЦКП-йы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъолайы — бакастæн, фæлæ мын «Рæстдзинад» цы скъола басгуыхт, уый никæцы æндæримæ абарæн ис. Цы куырыхон адæмимæ куыстон, уыдоны фарнæй сфæрнджын дæн, сæ фæлтæрддзинад мын нæ бахæлæг кодтой, сæ зонындзинæдтыл мын нæ бацауæрстой. Æнæ «Рæстдзинад»-æй мæ цард мæ цæстытыл ауайын кæнын мæ бон нæу. Æнæ «Рæстдзинад»-æй дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæцардаин, фæлæ, зæгъæм, фæллой кæнын уым куы нæ райдыдтаин, уæд цыма бирæ къуындæгдæр фæндæгтыл ацыдаин, абон мæхи хъæздыг æмæ амондджын цæмæйты хонын, уыдонæй æнæхай уаин, афтæ мæм кæсы. Стæй мæм канд кæсгæ нæ кæны, фæлæ æцæгæйдæр афтæ у, уымæн æмæ «Рæстдзинад»-ы цы федтон, фехъуыстон æмæ базыдтон, уыдон æндæр ран нæ федтаин, нæ фехъуыстаин, нæ базыдтаин. Æнæ «Рæстдзинад»-æй мын, фæстæдæр кæм куыстон, уым бирæ зындæр кусæн уыдаид. Чи зоны, куыд сарæхстæн, уымæн дзы йе ’мбисы бæрц дæр нæ сарæхстаин.

Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: «Рæстдзинад»-ы кæстæры ном бирæ азты дæргъы æз хастон. Кæстæрмæ та уæлдай цæстæй фæкæсынц. Уæлдай цæстæй кастысты мæнмæ дæр. Фыццаг бонæй фæстæмæ мыл сæ арм дардтой. Цыппар мæйы дæр нæма бакуыстон, афтæ мын фатер раттой. Горæты тæккæ астæу. Ууыл цыппар азы дæр нæма рацыд, афтæ райстон ноджы хуыздæр фатер. Уый дæр горæты астæу. Аст æмæ мыл ссæдз азы цыд, афтæмæй мын мæ бæрны бакодтой тæккæ кадджындæр хайæдтæй иу — культурæйы хайад.

Æхсæз азы сæргълæууæгæй куы фæкуыстон, уæд нæм кусынмæ æрбацыдысты Цгъойты Хазби æмæ Багаты Аврам. Институт куыддæр каст фесты, афтæ. Уыдон мæнæй кæстæр уыдысты. Бирæ кæстæр нæ, фæлæ уæддæр — кæстæр. Каст цыма уыдонмæ уыд, уый хуызæн мæ цалдæр мæйы фæстæ сфидар кодтой фæсивæды газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй. Мæ фæстæ кæстæрæн чи баззад, уыцы дыууæ æрыгон лæппуйыл абон æртиссæдзгай азтæй фылдæр цæуы æмæ дыууæйæ дæр кусынц редакторы хæдивджытæй. Уыдоны фæстæ æрбацыд, сæхицæй æрыгондæр чи у, ахæм фæсивæд. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй аргъ кæнын фæразой «Рæстдзинад»-ы кад æмæ цытæн, бæрзонд хæссой сæ хистæрты намыс, сæрыстыр уой, ирон адæмы уарзон газеты кæй кусынц, уымæй.

XIII

Хуссар Ирыстонæй нæм æрбарвыстой, журнал «Фидиуæджы» фыццаг номыр боны рухс куы федта æмæ ирон адæмы ’хсæн фарн тауын куы райдыдта, ууыл дыууиссæдз азы рацыд æмæ уæ уыцы кадджын бæрæгбонмæ хонæм, зæгъгæ. Хъаныхъуаты Валодя Гуыбаты Чермен æмæ мæнмæ фæдзырдта æмæ нын загъта: «Чъребамæ сымах куы ацæуиккат, уæд цыма нæ фæрæдииккат, афтæ мæм кæсы. Мæхи дæр бæргæ фæнды — мæ иузæрдион хæлæртты рагæй нал федтон — фæлæ мæ ничердæм æвдæлы».

Чермен Дзауы дзæвгар азтæ фæцарди, куыста районы газеты редакторæй, стæй уыцырдыгон сиахс уыди, æмæ Валодяйæн уыдæттæ дæр нымад куыннæ уыдаиккой! Æз та куыстон культурæйы хайады сæргълæууæгæй, кодтон литературæ æмæ аивады хъуыддæгтæ, æмæ æппæт коллективæй нæ дыууæйы, æвæццæгæн, уымæн равзæрста.

Уымæй размæ æз Хуссар Ирыстоны никуы уыдтæн æмæ мын Чермены хуызæн æмбæлццон кæй уыд, уымæй мæхицæн бирæ цæмæйдæрты зæрдæтæ æвæрдтон æмæ, фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй нæ фæрæдыдтæн. Фæндагыл мын дзæвгар хабæрттæ радзырдта, кæуылты цыдыстæм, уыцы бынæттæ мын амыдта, хъæутæй кæм цавæр мыггæгтæ цард, уыдонимæ мæ зонгæ кодта. Уырдæм куы бацыдыстæм, уæд та мын алы къахдзæфы дæр уыд фæндагамонæг.

Нæ фысымтæ, цæгатæй сæм чи æмæ кæд æрцæудзæн, уый зыдтой æмæ нæм журналы редакцийы æнхъæлмæ кастысты. Черменыл, кæй зæгъын æй хъæуы, цин кодтой, уымæн æмæ йæ амонын никæмæн хъуыд. Цин сыл кодта йæхæдæг дæр. Æз дæр мæхи æцæгæлоныл нæ нымадтон. Чермен-иу мæ ном æмæ мæ мыггаг кæмæн загъта, уыдонæй-иу мæ бирæтæн амонын нæ хъуыд, уымæн æмæ «Рæстдзинад» иууылдæр кастысты, æз та уæдмæ газеты авд азы бакуыстон æмæ мæ фыстытыл æнæмбæлгæ кæм уыдаиккой!

Кадджын изæр куы фæци, уæд нæ ахуыдтой «Фидиуæджы» редактор Дзугаты Георгийы хæдзармæ. Уæд ма йæ фыд Хасæхъо дæр æгас уыди. Фæстæдæр «Гиннессы рекордты чиныг»-имæ куы зонгæ кодтон, уæд дзы бирæ диссаджы хабæрттæ бакастæн. Уæвгæ уыцы чиныджы, диссаг цы нæу, ахæм хабæрттæ нæ мыхуыр кæнынц, фæлæ дзы уæддæр агуырдтон сæ тæккæ диссагдæры.

Адæймаджы конд афтæ у — алы ран дæр йæхионы агуры. Æз дæр кæд ыл уыйас зæрдæдарæн нæ уыд, уæддæр иу хъуыдыйæ мæхицæн ныфс æвæрдтон: тæхуды, ныр дзы, зæгъын, искуы ирон лæгыл куы фембæлин. Уыцы рафæлдах-бафæлдах æй кодтон, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд мæ фæндæй исты уади. Фæлæ лæджы, æвæццæгæн, тынг цы фæфæнды, йæ къухы дæр уый бафты. Сæххæст мæнæн дæр мæ бæллиц: æнæнхъæлæджы 14-æм фарсмæ фæкомкоммæ дæн æмæ стыр дамгъæтæй фыст сæргонд бакастæн: «Документтæй фидаргонд чи у, бирæ цæрыны уыцы национ рекордтæ». Кæд-иу уымæй размæ кæйдæрты тыххæй арæх фехъуыстон, фондзыссæдз азæй бирæ фылдæр фæцард, зæгъгæ, уæддæр дзы уыдонæй ничи разынд, афтæмæй та Ширали Мислимов, 168 азы фæцард, зæгъгæ, фыстой. Уымæ æввахс азтæ лæвæрдтой нæхи Хъороты Ягорæн, зындгонд инæлар Ермолов Алексеймæ хæринаггæнæгæй чи куыста, уыцы Ягорæн. Куыд дзурынц æмæ Гуытъиаты Хъазыбег йæ чиныг «Ирон æмбисæндты» (чиныгуадзæн «Ир», 1976 аз, 327 фарс) куыд фыссы, афтæмæй Абайты Чендзе фæцард уыдонæй дæр фылдæр — 180 азы, кæнæ та уымæ ’ввахс. Амард 1907 азы. Цал азы дыл цæуы, зæгъгæ-иу æй куы бафарстой, уæд-иу сын дзуапп ратта: «Æмæ ма йæ цæмæй зонын, мæ хуртæ, цæмæй? Ме ’мбай хъæды бæлас куынæуал ис, хохы дур». Фæлæ «Гиннессы рекордты чиныг»-мæ, документтæй фидаргонд чи нæ у, ахæмты нæ хастой æмæ абон дæр нæ хæссынц.

Уыцы бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ та дунейы æппæты фылдæр фæцард япойнаг нæлгоймаг Шигечийо Изуми — 120 азы æмæ 237 боны. Райгуырди 1865 азы 29 июны, амард 1986 азы 21 февралы. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ æрхаудтой Мартæ Грэм (Америчы Иугонд Штаттæ) æмæ Аннæ Элизæ Уильямсмæ (Великобритани). Уыцы дыууæ сылгоймаджы та фæцардысты фæйнæ 114 азы. Кæд Дзугаты Хасæхъо ацы ранымады ссæдзæм бынат ахста, уæддæр, йæ уæле чи уыд, уыдонæй бирæ къаддæр нæ фæцард — 110 азы. Нæ зындгонд фыссæджы фыд дунейы рухс федта 1860 азы 7 августы æмæ ма æгас уыди 1970 азы августы, ома æз æй куы федтон, уымæй æртæ азы фæстæдæр. «Гиннессы рекордты чиныджы» ма афтæ дæр фыссынц: «Куыд дзурынц, афтæмæй Советон Цæдисы цæры, фондзыссæдз азæй фылдæр кæуыл цæуы, 21700 ахæм адæймаджы (Америчы Иугонд Штатты — 7000). Уыдонæй 21000 цæры Гуырдзыстоны (алы 232 адæймаджы хыгъдмæ дæр иу). 1962 азы июлы фыстæуыд, уыцы зæронд адæмæй, дам, 128 адæймаджы (сæ фылдæр нæлгоймæгтæ) цæры Мединийы хъæуы...»

Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, нæ фысым, фæстæдæр «Гиннессы чиныг»-мæ чи бахауд, Дзугаты уыцы Хасæхъо кæй уыдзæн, уый...

Фынгтæ дæлæмæ кæй тасыдаиккой, уый, Хуссар Ирыстоны иу хатт уæддæр чи уыди, уымæн дзурын нæ хъæуы, фæлæ дзы чи нæма уыди, уымæн зæгъын: ахæм бæркад æз уымæй размæ кæд искуы федтон, уæддæр æй мæ бон æрхъуыды кæнын нæу. Фынгтыл цы уыди, уыдоны кой кæнынæн бирæ рæстæг хъæуы, фæлтау цыбырдæрæй зæгъдзынæн: фараст æмæ дыууиссæдз Мыкалгабыры сæ къæбицты фæсте ницыуал ныууагътой. Уæлдай диссагдæр та уыди йæ хъæлдзæгдзинад. Сæны сыкъатæ сæ былтæй куыд калдысты, афтæ йæ былтæй калди циндзинад дæр. Дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ — гаджидæуттæ дæр фыццаг хатт уæд федтон. Абон дæр ма мæ хъустыл уайы, гаджидауæн-иу кæронмæ хæццæ кæнын куынæуал æнтыст, уæд-иу фынджы уæлхъус бадджытæ æмхъæлæсæй «Херджи» куыд ныззарыдысты, уый. Махмæ, Цæгаты, «дæхион» баназ, зæгъгæ дæр никуы фехъуыстон, фæлæ ма йæ æз уым нуазгæ дæр бакодтон.

Цыбыр ныхасæй, Черменимæ нæртон куывды бахаудыстæм. Фæлæ мын мæ циндзинад фæкъахыр кодта иу æнæнхъæлæджы цау. Цæвиттон, иу афон къæбицæй рахастой дзæбидыры сыкъа. Цас дзы цыд, уый æдде кæсгæйæ зын раиртасæн уыд, фæлæ, æгæр уæззау кæй уыд, уый тыххæй йыл дыууæ къухæй фидар хæцын кæй хъуыд, уый фæстæдæр мæхæдæг банкъардтон. Гъе æмæ уыцы сыкъайæ сидт куы рауагътой, зарæг уæлдай бæрзонддæрмæ уæд стахти. Æгъдау куыд амыдта, уымæн æнæгæнгæ нæ уыд, æмæ дзæбидыр радыгай истой. Чи йæ заргæйæ иста, чи — худгæйæ, чи та — зивæггæнгæйæ. Зындгонд драматург (йæ ном ын барæй нæ фыссын) æй куыдæй иста, уый нæ фæфиппайдтон, фæлæ йæ кæй нæ нызта, уый тыххæй адæмы йæхимæ куы ’ркæсын кодта, уæд æм æз дæр ме ’ргом аздæхтон. Адæм æм хатыдтой, фæлæ уый сæ коммæ нæ каст. Æппынфæстаг драматург дзаг сыкъа зæххыл ныццавта. Уазæгæй, фысымæй цавддуртау фесты. Цыма гуыргуыргæнаг артыл ихджын дон бакалдæуыд, уыйау цæсгæмттæй циндзинад фæцыдæр. Иуцасдæр ныхасы æрдæг скæнын дæр ничиуал фæрæзта. Цыма драматург фæрæдыд, афтæ мæм фæкаст. Алцæмæн дæр æгъдау ис, фæлæ кады нуазæн утæппæт дзыллæйы астæу зæххыл ныццæв, уый искæцы æгъдауы сфидауа, уый æнхъæл нæ дæн. Чи зоны, лæджы йе ’нæниздзинад хъыгдардта æмæ йын тых кæнын нæ хъуыд. Чи зоны, æппæты растдæр та уыдаид нуазæн æппындæр нæ райсын, фæлæ йæ иугæр райста, уæд ын æнæбануазгæйæ дæр дзуапп раттæн уыдис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.