Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 11 страница



Ленинграды, кæм нæ уыдыстæм, ахæм зæрдылдарæн бынæттæ куыннæ баззадаид, фæлæ сæ тæккæ зындгонддæрты бабæрæг кодтам: Смольный, Эрмитаж, Петродворец, Царское Село æмæ афтæ дарддæр. Дзидзайы комбинат Ленинграды цæсгомæвдисæг бынæттæй нæ уыд, фæлæ нæ уырдæм дæр ахуыдтой. Тынг стыр комбинат уыд. Алы суткæ дæр-иу дзы аргæвстой цалдæр мин стур æмæ лыстæг сыкъаджыны. Нæ фембæлд райдыдта парткомы секретары кусæн уаты. Уат, зæгъгæ, фондзыссæдз адæймагæй фылдæр кæм бацыдаид, ахæм стыр зал. Парткомы секретарь ныхас кæнын райдайыны размæ уазджыты бафарста:

— Иууылдæр уырыссагау æмбарут?

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фарст не ’ппæтмæ дæр диссаг фæкаст, куыннæ йын хъуамæ загътаиккам, æмбарæм, зæгъгæ. Кæд не ’ппæт искæцы æвзаг не ’мбæрстам, уæд нæхи мадæлон æвзаг æмæ мæгуыр лæджы хор-хоры бын фæкодтам, ахæм фарст раттын та нæм дæ цæсгом куыд бахъæцыд, зæгъгæ. Афтæ йын комкоммæ ничи загъта, фæлæ сæ цæсгæмтты æнгас ууыл дзурæг уыд. Цыфæндыйæ дæр парткомы секретарь дарддæр йæ куыст кодта. Йæ куыст та уыди комбинаты хабæрттæ цыбырæй радзурын. Цалынмæ уый ныхас кодта, уæдмæ Геор цыдæртæ фыста. Æнхъæлдтон, цы дзырдæуы, уымæн сæ ахсджиагдæртæ йæхимæ бæрæг кæны.

Куыннæ стæй! Куыддæр парткомы секретарь йæ фæстаг хъуыды загъта, афтæ ныхасы бар ракуырдта Геор æмæ уырыссаг æвзагыл бакаст, нæ фембæлды хабæрттыл кæм дзырдæуыд, ахæм æмдзæвгæ. Иу хъуыды та дзы ахæм уыди. Алы бон дæр мин кусарты акæнут, фæлæ сæ физонæг цы ад кæны, уый та кæд базондзыстæм? Йæ фæстаг ныхæстæ къухæмдзæгъды бын кæй фесты, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ дзуапп раттой, уырыссагау æмбаргæ нæ, фæлæ ма фыссын дæр кæй зонæм, уымæн. Ноджы парткомы секретарь дæр дзыхъхъы лæуд нæ разынд, æндæр стыр залы нæм æнхъæлмæ кастысты дзаг фынгтæ, æмæ ныхæстæ куы фесты, уæд нæ иууылдæр уырдæм ахуыдтой, æмæ фембæлд кæронмæ дæр ахæццæ æмбæлгæ уавæрты.

Дис ма цæуыл кæнын, Георимæ балцы кæмыты уыдтæн, уым цы федтон, уыцы хабæрттæй мæ зæрдыл бирæ цыдæртæ нал лæууы, фæлæ-иу Георы дзыхæй цы ныхас сирвæзт, уыдон мæ нæ рох кæнынц. Уый дæр цæуылдæр дзурæг у...

Мæскуыйы уыдыстæм стыр делегацийæ. Мæнмæ гæсгæ, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, ууыл дыууæфондзыссæдз азы куы сæххæст, уæд. Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы ныхас цыд ирон фысджыты уацмыстыл. Мæскуыйы нын цы чингуытæ рацыд, уыдонимæ базонгæ сты уырыссаг литератортæ æмæ дзы хъуамæ æмбырды алчи йæ хъуыды загътаид. Фæскомцæдисы проспекты æртындæсæм хæдзары тыргъты фæцæйцыдыстæм æмæ правленийы сæрдары кусæн уаты цурмæ куы бахæццæ стæм, уæд Геор, дуары сæрмæ «С.В. Михалков» (уæд Сергей Владимиры фырт Уæрæсейы фысджыты Цæдисы сæрдар уыд), зæгъгæ, куы бакаст, уæд æваст афтæ фæкодта:

 

В кабинете Михалкова

Надо выступить толково.

 

Ома, Михалковы кусæн уаты дзæбæх радзурын хъæуы. Дзæбæх радзурджытæ дзы куыннæ уыдаид, фæлæ, цы дзырдтой, уыдонæн мæ, зæгъæн ис, æмæ сæ фылдæр ферох сты, Георы рифмæгонд дыууæ рæнхъы та мæ зæрдыл лæууынц. Стæй мæ цыма никуы ферох уыдзысты, афтæ мæм кæсы.

Пединституты ма куы куыста, уæд сæм уыди кафедрæйы æмбырд. Кæцыранфæнды-иу куы бадти, уæддæр-иу йæ иу къах иннæуыл баппæрста, йæ фыссæн чиныгмæ-иу тынг ныггуыбыр кодта (цæстæй хорз нæ уыдта) æмæ-иу цыдæртæ фыста, фæлæ, йæ алыварс цытæ цыди, уымæ дæр йæ хъус дардта. Иу дзырдæй, никуы-иу дзы ницы аирвæзт. Уæд дæр та йæ уæраджы сæрмæ ныггуыбыр æмæ тагъд-тагъд цыдæртæ фыста. Ныхасгæнджытæ кæрæдзийы ивтой. Фæстагмæ чи ныхас кодта, уый рагæй дæр нæ уарзта æмæ йæ цыма йæ ныхæстæ æппындæр ницæмæн хъæуынц, уый хуызæн йæ фыссыны куыст кодта. Иу заман дын дзурæджы дзыхæй ахæм ныхæстæ куы схауид: «Æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй...» Геор ын йæ хъуыдыйад дарддæр ахæццæ кодта: «æз сæрхъæн дæн». Кафедрæйы уæнгтæй чи пыррыкк ныккодта, чи та, мæ худын ма райхъуыса, зæгъгæ, йæ дзыхыл фæхæцыд. Ныхасгæнæг, цыма ницы бамбæрста, уыйау йæ ныхас дарддæр кодта. Йæ зæгъинæгтæ загъд куы фæци, æрмæстдæр уæд раздæхти Геормæ æмæ йын фæлмæн æвзагæй бауайдзæф кодта: «Геор, ацы ран хъазæн бынат нæу». Хъайтыхъы-фырт ын, йæ сæр не схъилгæнгæйæ, дзуапп ратта: «Æз дæр хъазгæ нæ кæнын!»

Дзырд ацахсынмæ йын æмбал нæ уыди.

Цалдæр лæппуйæ — уæд ма, Хъайтыхъты Георæй фæстæмæ, иууылдæр лæппутæ уыдыстæм — Сабырдзинады проспекты, раздæр «Рæстдзинад»-ы редакци кæм уыдис, уыцы бæстыхайы ракомкоммæ бæлæсты бын лæууыдыстæм æмæ ныхæстæ кодтам. Уалынмæ дын кæцæйдæр галбындз дывдывгæнгæ æрбатахт æмæ Мамсыраты Муратыл абадт. Не ’мбæлттæй иуæн уый хуымæтæджы æхсызгон уыд æмæ худæгæй бакъæцæл. Цæуыл худыс, зæгъгæ йæ чидæр куы бафарста, уæд ын, йæ худын нæ уромгæйæ, загъта:

— Бындзы нæ асайдзынæ, фаджыс кæм и, уый йын амонын нæ хъæуы.

Куыддæр уыцы ныхæстæ сдзырдта, афтæ бындз стахт æмæ ныхæстæ зæгъæгæн йæхиуыл абадт. Геор, цыма уымæ æнхъæлмæ каст, уый хуызæн фæрæвдз:

— Мурат лæг у, уый базыдта æмæ дæуыл уымæн абадт.

Æвæдза, цы нæ хицау æмæ цы нæ заман бавзæрстам, ахæм нын нал баззад. Зæххы æхсæзæм хайæн Никитæ Хрущевы хуызæн адæймаг йæ сæргъы æрлæууæд! Æмæ, дам, нæ бæстæ фæстæзад у! Нæ фæлæ ма афтæ дæр кæй у! Иу ахæм хицау Америкæн азтæ нæ, фæлæ иу мæй куы фæуид, уæд фондзыссæдз азы йæ къахыл нал слæууид. Фæлæ Уæрæсе тыхджын у. Наполеон Бонапарты загъдау, иу æвзæр адæймаджы бон æнæхъæн импери фехалын у. У, æвæццæгæн, æндæр Советон Цæдис Горбачев нæ фехæлдтаид. Фæлæ ахæм адæймæгтæ дæр ис, хæдзархæлд бæстæйæ тыхджын паддзахад чи сараздзæн. Æрмæст дзы алкæмæн дæр рæстæг хъæуы. Ныртæккæ горбачевтæ æмæ ельцинты дуг у, уыдон æмæ сæ хъузæттæ лыг кæнынц милуангай адæймæгты хъысмæттæ, фæлæ ахæм рæстæг куы ралæууа — æнæралæугæ та йын нæй — уыцы милуантæ иугæйтты хъысмæт лыг кæнын куы райдайой, уæд додой сæ къона кæндзæн, сар — сæ сæр!

О, æмæ уыцы фæлдурæджджыны аххосæй нæ бæстæ æддæг-мидæг куы ауад, дунейы чи никуыма ’рцыд, ахæм диссæгтæ бакæнын ын куы бантыст — уæд куыд дзырдтой, афтæмæй, дам, йæ тæккæ стырдæр бæллиц нæ сæххæст: пысунæйæ цы дон кæлы, уый йын нуазыны дон цы хæтæлты цæуы, уыимæ баиу кæнын нæ бантыст — уæды дуджы иугонд æрцыдысты республикон газеттæ, кæд дыууæ ’взагыл цыдысты, уæддæр. «Рæстдзинад» æмæ «Социалистическая Осетия»-йæн уыдис иу редакци. Æз куыстон «Рæстдзинад»-ы, Цæголты Васили та — «Социалистическая Осетия»-йы. Хицæн газеттæ уæвгæйæ нын уыдис иу къулы газет, редакторæй та йын снысан кодтой мæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æй бацæттæ кодтам æмæ-иу æй къулыл æрцауыгътам. Уыцы заман Цæголы-фырт ныффыста йæ фыццаг роман «Послы гор». Уый стыр цау уыдис канд авторæн нæ, фæлæ, йемæ чи куыста, уыдонæн дæр. Аккаг æргом æм аздæхта къулы газет дæр. Василийы къам ссардтон, дыууæ рæнхъы æрхъуыды кодтон æмæ сæ къамы бынмæ ныффыстон:

 

Бсз особенных усилий

Написал роман Василий.

 

Ома, Цæголы-фырт роман æнцонæй ныффыста. Георæн æй куы дзырдтон, уæд уысмы бæрц дæр нæ ахъуыды кодта, афтæмæй ма йæм афтыдта: «Хоть его и не просили».

Куыд бамбæрстат, афтæмæй æз архайын, Георы цардæй, фылдæр адæм цы хабæрттæ нæ зонынц, уыдоны тыххæй радзурыныл, уымæн æмæ тæрсын, рæстæджытæ куы рацæуа, æмæ куы ферох уой, уымæй, рох кæнынæн та æвгъау сты. Хосдзауы фырт тынг цыргъзонд уыди. Уымæн тæккæ хуыздæр æвдисæн сты йæ эпиграммæтæ. Уыдоны тыххæй нæ дзурдзынæн, адæм сæ зонынц, чи сæ нæ зоны, уый та сæ йæ чингуыты бакæсдзæн. Фылдæр адæм кæй нæ фехъуыстой, уыцы сатирикон рæнхъытæ æмæ юмористон цыппаррæнхъонтæм аздахынмæ хъавын ме ’ргом.

Цæвиттон, иу заман æнæхъæн горæтыл айхъуыст иу уæлдæр ахуыргæнæндоны кусæг, карджын уæвгæйæ рогвад студенткæтимæ, цы не ’мбæлы, ахæм хъуыддæгтæ кæны, зæгъгæ. Кæмдæр, дам, сæ æвзæр митæ кæнгæ æййафгæ дæр бачындæуыд. Геор уыцы лæджы æнæзонгæ нæ уыд, иу куыстгæнджытæ уыдысты, фæлæ йыл уæддæр нæ бацауæрста. Ныффыста йыл ахæм эпиграммæ:

 

Никник йæ устыты нымадта,

Фæлæ йын нал фесты нымад,

Никник дзы бирæты фæнадта,

Æрцыд йæхæдæг дæр ныр над.

 

Кæй зæгъын æй хъæуы, ам Никник, ома Николай Николайы фырты бæсты æндæр ном уыд, иуæй-иу дзырдты бынæтты æндæр дзырдтæ куыд уыди, афтæ.

Уæдæ хъазæн ныхæстæ кæнын дæр уарзта.

Иуахæмы та, раздæр «Рæстдзинад» кæм уыд, уыцы агъуысты дуармæ лæууыдыстæм. Æз уынджы æрцæйцæугæ ауыдтон Токаты Асæхы. Георимæ канд æмгæрттæ нæ уыдысты, фæлæ ма уыдысты хæлæрттæ дæр. Кæддæр Асæх науы Дунайы доныл абалц кодта Европæйы бирæ бæстæтæм. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд йæ хабæрттæ Георæн фæкодта. Хъайтыхъы-фырт йæ зæрдæмæ алцыдæр хæстæг иста. Асæх ын цытæ дзырдта, уыцы хабæрттæ йæ сразæнгард кодтой æмдзæвгæтæ ныффыссынмæ. Дзæгъæлы нæ баззад ныхас: иу хæсты уыд, иннæ та йын йæ хабæрттæ кодта. Æз, Асæх кæй æрцæуы, уый фехъусын кæнынæй Георы зæрдæ балхæнынмæ хъавыдтæн æмæ йæм хæрзæггурæггаг уымæн фæдæн:

— Геор, уæлæ Асæх æрцæуы!

— Иунæг нæу, — загъта Геор, йе ’рдхорды ауынгæйæ.

— Иунæг у, скæс-ма йæм дзæбæхдæр, — нæ састæн æз.

— Нæу дын зæгъын æз та! — къахсæттæгау ныллæууыд Геор. — Йæ выговоримæ æрцæуы.

Уымæй чысыл раздæр къорд адæймаджы, республикæйы уæды хицауады митæ раст кæмæ нæ кастысты, уыдон партийы Центрон Комитетмæ арвыстой иумæйаг хъаст, бынæй дзы сæ къухтæ бавæрдтой, афтæмæй. Хъастгæнджытимæ уыди Асæх дæр. Чи хъуамæ рахæцыдаид сæ фарс?! Ахæм хъаст, бæрзонд балкъоны чи лæууы, уымæ дур куы фехсай, уымæй уæлдай нæ уыд, уымæн æмæ дур балкъонмæ не схæццæ уыдзæн, афтæмæй фæстæмæ дæхи сæрыл æрхаудзæн. Рæстдзинад агурджыты хъысмæт дæр афтæ рауад: кæй дзы йæ куыстæй систой, кæй та партион æгъдауæй карз бафхæрдтой, æмæ Геор дæр уыцы æфхæрды кой кодта.

Асæхы тыххæй йæм ис дыууæ ахæм цыппаррæнхъоны:

 

Асæх райгуырд Дæргъæвсы,

Ныллæг кæм бады мигъ.

Сæрдыгон бон ныргъæвсы,

Вæййы зымæгон их.

 

Ацы ран фæкусы

Хъарм уаты дзæбæх

Токаты Инусы

Даргъ, къæсхуыр Асæх.

 

Дзесты Куыдзæджы дæр нæ фæхъулон кодта:

 

Куыдзæг Дзесты

Сæны хъæстæ...

Æцæг не сты

Сæ ныхæстæ!

 

Æрæджы Мецъаты Хъайсыны зианы режиссер Лекъты Юриимæ баиу стæм æмæ нæм Георы кой рауад. Юрий мын ахæм хабар радзырдта.

Цалдæрæй, дам, лæууыдыстæм. Уалынмæ нæм Геор æрбацыд æмæ мын мæ къух исгæйæ загъта:

 

Хвалить некого

Кроме Лекова.

 

Ома, дам, ам Лечъы-фыртæй лæгдæр нæй.

Мæхиуыл дæр мын нæ бацауæрста:

 

Музафер Дзасохты,

Почему засох ты?

 

Уыйас тынг кæд нæ ныххус дæн, уæддæр поэты рифмæтæ сæ фæдыл асайдтой æмæ сæ ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци.

Фæстаг азты йæм æнахуыр миниуæг фæзынд. Цыма ручкæты азар æрбахæццæ кæны, уый хуызæн фыссæнгæрзтæ æмбырд кæнынмæ фæци. Дзырд дæр ыл нæй, ручкæтæ уыдысты йæ хæцæнгæрзтæ, йæ тæккæ уарзондæр дзаумæттæ. Нал сын æфсæст, куыд сæ бæрцæй, афтæ сæ алыхуызондзинадæй дæр. Куы зæгъын, цыма фыссæн систы хъаймæт æрбахæццæ кæны æмæ йæм цалфæнды ручкæйы куы уа, уæддæр ын нал сфаг уыдзысты, афтæ йæм каст.

Иузаман цалдæр азы акуыстон телеуынынад æмæ радиохъусынады республикон комитеты сæрдары хæдивæгæй. Геор-иу мæм уырдæм дæр арæх æрбауад. Фæныхæстæ-иу кодтам царды алыхуызон фарстатыл, не ’мсис адæмы койтæ дæр-иу нæм рауади, поэты ног æмдзæвгæтæм дæр-иу байхъуыстон. Иу ахæм фембæлды фæстæ, Георы æрбацыды размæ цы ручкæйæ фыстон, уый ме стъолыл нал уыд, афтæмæй та йыл тынг фæцахуыр дæн: фæлмæн фыста æмæ хъуыдытимæ æмкъахдзæф кодта. Ме ’ннæ ручкæтæ æмæ кърандæстæ цы къоппы уыдысты, уым дæр æй федтон, фæлæ — дзæгъæлы. Мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Уый Геор йеддæмæ ничи ахастаид». Телефон æрыздыхтон æмæ йæм хæдзармæ бадзырдтон, уымæн æмæ зыдтон, кæд сæхимæ ацыд, уæд афонмæ кæй бахæццæ уыдаид: радиойы хæдзары скомкоммæ цард. Нæ фæрæдыдтæн. Хæтæл йæхæдæг систа.

— Геор, — дзурын æм, — мæ ручкæ мын ахастай æмæ йæ фæстæмæ рахæсс.

— Кæцы, даргъ æви цыбыр?

Йæхæдæг ыл куыд басаст, афтæмæй мæ ручкæтæй иу нæ ахаста, фæлæ дыууæ.

Телефоны коймæ ма мæ зæрдыл иу хабар æрлæууыд.

Газет «Социалистическая Осетия»-йы бæрнон секретарæй куыста Наталья Агибалова æмæ мын, кæд нæ рæдийын, уæд ацы хабар уый дзырдта. Цыдæр хъуыддаджы тыххæй йæ Геор бахъуыд æмæ йæм сæхимæ телефонæй бадзырдта æмæ хæтæл йæ бинойнаг систа. «Дæ бон хорз» ын загъта Наталья, стæй афтæ бакодта:

— Мæн Геор хъæуы.

Чи зоны, Наталья йæхи нæ бацамыдта, чи зоны, йæхи бацамыдта, фæлæ йыл сылгоймаг нæ баууæндыд æмæ йын мæстыхуызæй дзуапп ратта:

— Геор мæн дæр хъæуы, — æмæ йыл хæтæл æртъæпп кодта.

Хъайтыхъы-фырт йæхиуыл дæр нæ ауæрста. Зæронд кæй кæны — дæс æмæ цыппарыссæдзаздзыдæй амард, уый бæрц ирон фысджытæй ничима фæцард, чи зоны, парахат зæрдæйы хицау кæй уыд, хъазын, худын кæй уарзта, уыдон дæр ын кæмдæр нымад æрцыдысты — уый та куыннæ ’мбæрста æмæ мын-иу, йæхæдæг уырыссагау кæй ныффыста, йæ уыцы цыппаррæнхъон арæх дзырдта:

 

До чего я дожил —

Голова бела...

Но вот молодежи

Передам дела.

 

Ома, кæд мыл бирæ азтæ рацыд, мæ сæр сурс, уæддæр фæсивæдыл мæ зæрдæ дарын, мæ хъуыддæгтæ мын дарддæр кæй ахæццæ кæндзысты, ууыл.

Ручкæтæ-иу æм афтæ бирæ æрæмбырд, æмæ-иу йæ пиджаччы мидæггаг дзыпп куы байгом кодта, уæд-иу йæхи фыст дыууæрæнхъоны æнæсдзургæ нæ фæци:

 

В мире ничего не пропадает,

Кроме того, что ко мне попадает!

 

Ацы дунейы, дам, сæфæн ницæмæн и, мæнмæ цы ’рбахауа, уый йеддæмæ. Фæлæ ам бынтон раст нæ уыди, уымæн æмæ-иу æм цы ручкæтæ æрæмбырд, уыдонæй сæфгæ ницы кодта: адæмыл-иу сæ фæстæмæ уаргæ рацыд. Иуахæмы та йыл Хъодзаты Æхсаримæ горæты сæйраг уынджы амбæлдыстæм æмæ нæм æнæнхъæлæджы ручкæйы тыххæй ныхас рауад. Геор цæмæдæр гæсгæ бацин кодта, йæ пиджаччы иу фарсыл ахæцыд æмæ ручкæты сæртæ бæрцытау дзыппæй разындысты. Йæ хицау сæм дзæвгар фæкаст æмæ сæ тæккæ хуыздæр æви цауддæр æвзæрста, уый нæ бамбæрстон, фæлæ дзы æрæджиау иу систа æмæ мын æй балæвар кодта. Ахæм лæвæрттæ ма дзы уымæй размæ дæр бирæ хæттыты райстон. Æхсар уый куы ауыдта, уæд мæм дзуры:

— Фыццагдæр дзы цы ’мдзæвгæ ныффыссай, уымæй-иу Георы ном ссар.

Уыцы ныхас мæ нæ ферох æмæ, æцæгæйдæр, фыццагдæр цы ’мдзæвгæ ныффыстон, уымæй Георы æрымысыдтæн. Уыцы æмдзæвгæ уыди цыппаррæнхъон:

 

Мæ тохси абады куы цыг,

Куы та мæм разыны йæ фыр...

Мæгуыр кæм нæ кæны хъæздыг,

Хъæздыг нæ кæны уым мæгуыр.

 

Фысгæ та йæ ныккодтон 1991 азы 25 декабры. Бахастон æй мæ чиныг «Арв æмæ зæхх»-мæ.

Куыд загътон, афтæмæй Георы бæрц иу ирон фыссæг дæр нæ фæцарди, фæлæ йæ бонтæ хъазгæ æмæ худгæйæ арвыста, зæгъгæ, чи ахъуыды кæна, уый фæрæдидзæн. Бавзæрста цоты маст, уæдæ бинонты ’рдыгæй дæр бынтон амондджын уыди зæгъын раст куы нæ уа, уымæй тæрсын.

Иу заман фысджытæ бирæйæ ресторан «Интурист»-ы бадтысты. Кæд ма исты зонын, уæд нæ рæнхъытæм кæйдæр райстам æмæ уый циндзинадыл цин кодтам. Иудзæвгар куы абадтыстæм, уæд Геор фынгæй сыстад. Иунæгæй йæ куыд ауадзон, зæгъгæ, йæ фæдыл рацыдтæн. Куы рацæйцыдыстæм, уæд мын афтæ:

— Сигаретты къопп мæ балхæнын хъæуы.

Буфетмæ бацыдтæн æмæ æхгæд разынд: йæ кусгæ рæстæг раджы фæци. Георæн æй куы загътон, уæд мæм æрхатыд:

— Уым ма уыдзысты æмæ дын дзы кæд исчи зонгæ у, уæд мын иу къопп самал кæн, кæннод мæ лæппумæ æнæ тамако куы бацæуон, уæд мæ ахсæв бонмæ хуыссын нæ бауадздзæн.

Æргом зæгъгæйæ, мæ зæрдæйы тугтæ ныккалдысты. Тынг ын фæтæригъæд кодтон. Уымæй размæ мæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтыд, мæхинымæр хъуыды дæр никуы акодтон, Георы хуызæн адæмы уарзон адæймаджы йæхи фырт нæ, фæлæ æцæгæлон адæймаг дæр ахæм уавæры сæвæрдзæн, ууыл.

Марды фыдгой нæ чындæуы, æз дæр нæ кæнын, фæлæ йæ фырт куы амард — Геор цыппæрæм уæладзыгæй зæхмæ æрхизынхъом дæр нал уыд, уæд, зианмæ цы адæм æрцыд, уыдонæн мыггаджы номæй арфæйы ныхас зæгъын бахæс кодтой Хъайтыхъты Мухарæн. Уый лæппуйы мадæн мæрддзыгойы адæмы ’хсæн цы ныхæстæ загъта, уыдон æмбисондæн дзуринаг сты:

— Махæн Геор ахæм нæ уыди, фæлæ дæуимæ йæ цард куы сбаста, уæдæй фæстæмæ йæ фæдыл уæ къæсæрæй хæстæг-хион нал бахызт, йе ’мбæлттæй йæ æнæхай фæкодтай...

Дарддæр мæ дзурын нал фæнды. Æвæццæгæн, ацы зæххыл ахæм адæймаг нæ райгуырд, хъыцъыдæттæ чи нæ банызта, царды цалх иу кæнæ фылдæр хæттыты кæуыл нæ атылди. Æппæты амондджындæр æнхъæл кæмæн вæййæм, уый дæр æууæрстыты ма бахауа, уымæн уæвæн нæй. Паддзахы цардæй фæцарди, зæгъгæ, фæзæгъæм, фæлæ паддзæхтæ дæр сойтæ нæ фæмæрзынц. Уыдонæй дæр, хъысмæт йæ фаг кæмæн нæ фæвæййы, ахæм иу дæр нæ разыны, æндæр дзы хæснагæн иу уæддæр зæронды бонмæ куыннæ фæцард? Кæй дзы нæ фæцард, уый та мæхæдæг сбæлвырд кодтон. Историйы сыфтыл мæ цæст ахастон æмæ банымадтон, Уæрæсейы императортæ æмæ паддзæхтæй чи цас фæцард, уый æмæ ма мæ ноджыдæр иу хатт бауырныдта, тæккæ бæрзонддæр ран бадджытæй кæд æппындæр ницы хъуаг уыдысты, уæддæр — иу дæр мæгуыр лæгæй фылдæр кæй нæ фæцард. Петр I-æй Никъала II-мæ Уæрæсейæн уыдис 12 хицауы æмæ дзы алчидæр рæстæмбис нымадæй фæцарди 48 азы. Æппæты фылдæр цæрæнбон дзы кæмæн рардæуыд, уый уыди Екатеринæ II æмæ уый дæр 67 азы йеддæмæ нæ фæцард. Æмæ уымæн зæгъын: цард æнæбаууилгæйæ мæрдтæм никæй уадзы. Баууилы йæ афтæ, мæлæт æй æнцонæн куыд аныхъуыра...

Геор куы амард, уæд тынг æвзæр бон скодта, фæлæ йæ фæдыл дзыллæ æрбацыдысты. Фæстаг фæндараст ын загътой, бирæ хъæлдзæг бонтæ æмæ азтæ кæимæ арвыста, уыцы адæм. Фысджыты Цæдисы номæй радзурын бахæс кодтой мæнæн.

Геор Ирыстонæн цы хæрзты бацыд, уыдоны тыххæй цыбырæй загътон. Гыццыл лæппуйæ фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын райдыдта æмæ цалынмæ йæ цæст æрттывта, уæдмæ йын лæггад кæнынæй нæ бафсæст. Тохы бонты æмæ сабыр дуджы Геор æдзухдæр уыди, адæмæн рухсмæ фæндаг чи амыдта, уыдонимæ, бирæ хæрзты бацыд ирон литературæйæн, уыди Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, лæвæрд ын æрцыд Ирыстоны адæмон поэты ном, паддзахадон бирæ æндæр хæрзиуджытæ. Сæрмагондæй бахахх кодтон, рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ цы ’вæрæн бахаста, уыцы арфæйаг хъуыддаг. Ирон литературæйы астæуккаг æмæ кæстæр кары минæвæрттæй æз иунæг ахæм дæр нæ зонын, æмæ Геор йæ къух кæмæ нæ бадардта, разæнгардгæнæг ныхас кæмæн нæ загъта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.