Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 13 страница



 

Кæд ис æххуыс кæнын дæ зæрды,

Уæд, курын, ма-иу мæ хъыгдар.

 

Повесть чи бакаст æмæ мæ хорздзинадыл чи цин кодта, уыдонæй мын чидæртæ мæ хъусы бацагъта, уырыссаг чиныгкæсджытæ дæр, дам æй куы бакæсиккой, уæд æвзæр нæ уаид.

Толасты Бэлæимæ рагæй зонгæ уыдтæн. Уымæй йын ноджы раздæр та зыдтон йæ хистæр æфсымæр Батырадзы. Институтмæ куы бацыдтæн, уæд аспирантурæйы — математик уыди — ахуыр кодта æмæ, æз цы æмдзæрæны цардтæн (Чапаевы уынджы), уый дæр уым цард. Фæстæдæр «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд нæм-иу арæх фыста. Ахуыргæндты æхсæн — уæлдайдæр бæлвырд наукæты архайджыты æхсæн — иронау уымæй дæсныдæр исчи фыста, уый æнхъæл нæ дæн.

Бэлæимæ та фæстæдæр базонгæ дæн, газет «Социалистическая Осетия»-йы редакцийы кусын куы райдыдта, уæд. Ныртæккæ æндæр ран кусы, фæлæ йæ фæллойадон цард, зæгъæн ис, æмæ уым арвыста. Зыдтон æй канд курдиатджын журналистæй нæ, фæлæ, литературæ хорз чи зыдта æмæ бирæ чи каст, уыимæ ирон литературæ дæр, ахæм фендджын сылгоймагæй. Уымæй размæ мын-иу мæ фыстытæй цыдæртæ уырыссаг æвзагмæ раивта æмæ-иу дзы æдзухдæр разыйæ баззадтæн. Хорз ма цы уыди — дæлрæнхъонты сæр æй нæ хъуыди, уымæн æмæ ирон æвзаг хорз зыдта, зыдта, зæгъгæ, уæд æй чи зыдта, уый йæ ныр куыннæ хъуамæ зона!

Мæ хъуыды йын бамбарын кодтон, ома «Уалдзыгон стъалытæ» мын дæлрæнхъон тæлмац скæн, зæгъгæ, æмæ сразы.

Тæлмац, бавдæлдтæн, æмæ Мæскуымæ журнал «Юность»-ы редакцимæ арвыстон. Рацæуын æнхъæлмæ йæм нæ кастæн — уæвгæ йæм æнхъæлмæ дæр цæуылнæ кастæн, уымæй размæ дæр æмæ мын дзы уымæй фæстæмæ дæр æмдзæвгæтæ къорд хатты куы рацыд, уæд! — уымæн æмæ ахæм стыр уацмысæн æппæтцæдисон журналы бынат разына, ууыл тынг зæрдæдарæн нæ уыд, фæлæ, топпæй куы фехсай, уæд ма нæмыгæн фæстæмæ раздахæн вæййы! Цыбыр дзырдæй, дæлрæнхъон тæлмац редакцийыл сæмбæлд æмæ мæм, тагъд рæстæджы дзуапп райсын æнхъæл кæцæй нæ уыдтæн, уырдыгæй сæрвыстой дыууæ писмойы. Иуы бынæй йæ къух бафыста журнал «Юность»-ы прозæйы хайады сæргълæууæг Т.В. Боборыкина. Уый фыста: «Уважаемый Музафер Созырикоевич! Наш отдел просили ознакомиться с Вашей повестыо. Повесть мы прочитали — хорошая, добрая и человечная рукопись. Одно жаль — далековата она, на наш взгляд, от тех горячих проблем, что занимают сегодня ума и сердца молодежи в стране в целом и, наверное, и в вашей республике. Камерная получилась вещь. А от нас сейчас ждут большей боевитости, целенаправленности. Скорее всего, адрес такой повести, какою получилась Ваша, — книга».

Дыккаг писмо та мæм сæрвыста зындгонд критик Владимир Огнев. Тынг фæлмæн ныхæстæ загъта уый дæр мæ уацмысы тыххæй, журналы хорз сфидауид, уадзын дæр æй ракæнын кæнин, фæлæ, дам, мæ уый æгæр бирæ тыхтæ бадомдзæн æмæ уымæ гæсгæ стох кæнынмæ фæзивæг кодтон.

Дыууæ писмойæ дæр разыйæ баззадтæн. Æппынфæстаг, къухфыст ис-нæй, уæддæр æй ныммыхуыр кæныны зондимæ нæ арвыстон. Цы фенынмæ хъавыдтæн, уымæй ницы рауад, цы фехъусынмæ хъавыдтæн, уый фехъуыстон. Суанг ма мын, дарддæр куыд кæнгæ у, уый дæр бацамыдтой. Арвыстон æй рауагъдад «Детская литература»-мæ. Чысыл фæстæдæр Мæскуыйы балцы уыдтæн æмæ рауагъдадмæ бацыдтæн...

Ахæм хæларзæрдæ адæмыл фыццаг хатт сæмбæлдтæн. Иу уаты цалдæрæй бадтысты æмæ, «Уалдзыгон стъалыты» автор дæн, уый куы базыдтой, уæд мыл æмхуызонæй дæр ахæм цин бакодтой, цыма бирæ азты дæргъы хæларæй фæцардыстæм æмæ дзæвгар рæстæг кæрæдзийы нæ феныны фæстæ сæмбæлдыстæм, уый хуызæн. Къухфыст Реммæ Ефремовамæ бахауд, æмæ йæ куы бакаст, уæд, йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, уый йе ’мкусджытæн дæр радзырдта, æмæ сын повесть иуцасдæр зонгæ уыд. Мæ бацыдыл дæр уымæн бацин кодтой.

Чиныг мыхуыры кæй рацæудзæн, уымæй мын Ефремова фидар зæрдæ бавæрдта, редакцион цæттæдзинады пъланмæ йæ хæсгæ дæр бакодтам, фæлæ, дам, дыууæ хъуыддагыл ахъуыды кæнын хъæуы: тæлмацгæнæг æмæ нывгæнæгыл. Нывгæнæджы тыххæй уайтæккæ дæр баныхас кодтам — Абойты Зауырбег. Уымæй размæ дæр сын къорд чиныджы сфæлгонц кодта, стæй, ирон цард цы къухфысты æвдыст цæуы, уый сфæлгонц кæнын æндæр нывгæнæгæн цæмæн хъуамæ бабар кодтаиккой!

Тæлмацгæнæг агурыныл дæр бирæ рæстæг хардз кæнын нæ бахъуыд. Уый та Ефремова йæхæдæг равзæрста. Фыццаг хатт куы бацыдтæн, уæд дæр мын загъта, сывæллæттæн бирæ хæрзхъæд уацмыстæ ныффыссæг Любовь Воронкова, дам, куы сразы уаид, уæд, дам, нæ уымæй хуыздæр бæргæ нæ хъæуы.

Дыккаг хатт куы сæмбæлдыстæм, уæд мын Реммæ, мидбылты худгæйæ, æдзухдæр-иу мыл афтæ хъæлдзæгæй сæмбæлд — фехъусын кодта, Любовь Воронкова дæ къухфыст бакаст, йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ тæлмац кæнын райдыдта, æрмæст, дам æй демæ фембæлын фæнды.

Воронковамæ Реммæ телефонæй бадзырдта æмæ, мемæ кæд фембæлын йæ бон у, уый йын загъта. Фембæлдыстæм йæ фатеры. Дæс æмæ йыл æртиссæдз азмæ æввахс цыд, фæлæ йæ фыссын нæ уагъта, суанг ма тæлмац кæнынæн дæр рæстæг ардта. Æз ын уымæй размæ йæ фыстытæй цыдæртæ кастæн, фæстæдæр та йæ уацмысты æртæтомон рацыд æмæ уыимæ дæр базонгæ дæн. Фылдæр сывæллæттæн фыста. Къорд романы йæм уыд историон темæйыл фыст æмæ ахæм уацмыстæн æрмæг кæм æмæ куыд агуырдта, уыдæттæй йæ фарстон æмæ мын йæ куысты фæлтæрддзинад цæстуарзонæй амыдта, стæй мæ къухфыстмæ рахызтыстæм. Æргом дзургæйæ, Толасты Бэлæйы тæлмац афтæ хæрзхъæд уыди, æмæ дзы аивадон тæлмацгæнæджы бирæ фыдæбон кæнын нал хъуыд, фæлæ уæддæр Воронковаимæ цæуылдæрты фæбыцæу стæм. Мемæ кæмдæрты сразы, кæмдæрты — нæ, растдæр зæгъгæйæ та, æз не сразы дæн йемæ, фæлæ йæ «басæттын» нæ бафæрæзтон.

Чиныг мыхуыры рацыд, Реммæ мын цы æмгъуыдмæ загъта, уыцы афон. Раст зæгъын хъæуы, нæхимæ дæр æм хæлар цæстæй ракастысты. Фæзынд ыл цалдæр рецензийы, мæскуыйаг мыхуыр дæр йæ иувæрсты нæ ацыд, хорз аргъ ын скодтой журнал «Детская литература»-йы.

«Уалдзыгон стъалытæ» уыдысты мæ повестты райдайæн. Уый фæстæ ма ныффыстон ноджыдæр дæс повестæй фылдæр, сæ хъæбатыртæ иумæйаг кæмæн сты æмæ архайд иу уацмысæй иннæмæ рæзгæ кæм цæуы, ахæмтæ. Æвдисын дзы, зæгъæн ис, æмæ мæхи цард, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ æрымысгæ цаутæ æмæ нывтимæ, фæлæ, уацмысты ныхас кæй тыххæй цæуы, уыцы бинонтæ сты нæхи бинонтæ. Мад Дзыллæ Дзыцца у мæхи мад — Веринкæ, Дунетхан æмæ Бæди — Райæ æмæ Дибæ, Хъазыбег та — мæхæдæг. Уыдоны тыххæй дзы цы фыстæуы, уым æрымысæггагæй бирæ нæй.

Цыфæндыйæ дæр мæ фыццаг повестæй бузныг дæн. Сæрæвæрæн цы уацмыстæн фæцис, уыдон дæр кæйдæрты зæрдæмæ фæцыдысты, кæд фауæвæрджытæй дæр цух нæ баззадысты, уæддæр.

Куы зæгъын, цæрæнбонты ме ’мсис æмгæрттæй иуæй-иуты зæрдæмæ нæ цыдтæн æмæ абон дæр нæ цæуын. Кæйдæр загъдау, уыдон та, чи зоны, мæ зæрдæмæ нæ цæуынц, чи зоны, нæ, фæлæ æцæгæй нæ цæуынц, уæддæр сын æй æз никуы бамбарын кодтон, фæсаууон уа, сæ цуры уа, цæлхдур сын никуы никæцы ран æрлæууыдтæн, фæлæ уыдон сæхи афтæ нæ дардтой. Æргом æй нæ дзырдтой, фæлæ сæм сусæгæй хъодыгондыл нымад уыдтæн. Уый фæстæ мын æй зæгъджытæ дæр фæци...

Мæ повесть «Урсдоны былыл — Бæрæгъуын...» хицæн чиныгæй куы рацыд, уæд ыл мыхуыры фæзынди цалдæр рецензийы, иронау дæр, уырыссагау дæр, ам дæр æмæ Мæскуыйы дæр. «Фыр мæстæй дæр фæхудæм» — «Рæстдзинад»-ы куы куыстон, уæд Мыртазты Барисы сатирикон æмдзæвгæты циклæн ахæм иумæйаг сæргонд раттон æмæ, гæды лæг гæды ныхас зæгъæд — мæ зæрдæмæ фæцыд. Мæнæ ацы рæнхъытæ фысгæйæ та мæ зæрдыл Ходы Камалы ныхæстæ æрбалæууыдысты. Кæйдæр фæфæзмы, æнхъæлдæн, Хъулаты Мырзабеджы. Цыдæр хорз хъуыддаджы фæдыл чидæр кæйдæрты, уыимæ Мырзабеджы дæр, фæхынцынмæ хъавыд æмæ, дам, сæм дзуры: «Ам нуазæм, æви рестораны?» Æмæ, дам, Мырзабег афтæ куы фæкæнид: «Ам дæр æмæ рестораны дæр». Уыйау рецензитæ фæзынди Ирыстоны дæр æмæ центрон мыхуыры дæр. Иу дзы рацыди «Молодой коммунист»-ы ахæм сæргондимæ: «Набирая высоту». Йæ автор — Е. Нарвская. Фæстæдæр мын куыд радзырдтой, афтæмæй уый фæсномыг уыди. Базыдтон, чи уыд, уый дæр, фæлæ йæ нæ зæгъын, æргомæй фыссын æй, æвæццæгæн, нæ фæндыд, кæд æй фæндыд, уæддæр ын йæ ном басусæг кæнынæн цыдæр æфсон уыдис, æмæ йын æз дæр йæ мыггаг æргомæй уымæн нæ фыссын. О, æмæ уыцы рецензи бирæ азты фæстæ иу мæ зонгæмæ бахауд — кæмæ, уый дæр уын нæ зæгъын. Чи зоны, йæ ном æмæ йын йæ мыггаджы фыццаг дамгъæтæ куы ныффыссон — Р.Т., уæд æй кæйдæрты бон райхалын бауыдзæн, фæлæ, мæнмæ гæсгæ уый сæйраг нæу. Сæйрагдæр у, рецензи бакæсыны фæстæ йæ авторы тыххæй цы загъта, уый.

— Тынг ныфсджын сылгоймаг у.

— Цæмæй?

— Дæу тыххæй афтæ хорз ныффыссын чи бауæндыди, уый æндæрхуызон рахонын мæ бон нæу. Уыцы рæстæджы ды хъодыгондыл нымад уыдтæ, уый дын никуы ничи загъта?

— Хъодыгонд кæй уыдтæн, уый æмбæрстон, стæй ныртæккæ дæр мæ уавæр бирæ хуыздæр рахонын мæ бон нæу, фæлæ мын æй зæгъгæ никуы чындæуыд.

— Уæдæ дын æй æз зæгъын. Дæу тыххæй ахæм ныхæстæ ныффыссынмæ ныфс бахæссын хъуыд.

Тынг дисы мæ бафтыдтой Р.Т. ныхæстæ. Макæмæн мацы кæн, æвзæрдзинад нæ, фæлæ хорздзинад бакæнын йеддæмæ дæ зæрдæмæ мацы хæсс æмæ дæ фæсаууон исчи ахæм митæ кæнæд! Уæвгæ уыцы исчитæ, æз уыдонмæ куыд кадджын дæн, уыдон мæнмæ уымæй кадджындæр не сты. Хæрамы тыххæй нæ зæгъын ацы ныхæстæ. Сæхимæ стыр фысджытæ кæсынц, фæлæ бахъуаджы сахат адæймаг се сфæлдыстадæй цы ’рымыса, уый нæ вæййы. Зæгъæм, Мамсыраты Дæбейы Хъæндил сæндæг куыд хордта, уый мæ цæстытыл афтæ тынг уайы, æмæ мæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд мæм йæ сыллыппытæ хъуысын райдайынц. Стæй канд йæ сыллыппытæ нæ... Ахæм дæнцæгтæ æрхæссын нæ прозаикты уацмыстæй бирæ мæ бон у. Поэзийы тыххæй та дзурын дæр нæ хъæуы. Нырыккон фысджыты кой куы кæнæм, уæд дзы кæмæйфæнды дæр ахæм рæнхъытæ зæгъдзынæн, се сфæлдыстадон цæсгом кæй фæрцы разындзæн: «Зæххон фæндæгтыл нæй цæуæн дыууæрдæм, Æрхæццæ дæ кæронмæ, уæд — æгъгъæд!» (Малиты Васо). «Сæрджын кæсæгтæ — сомырдæг, Æнæсæртæ та — сом» (Ходы Камал), «Кæм ацæуы, Кæм абады, Уым алцæуыл Къæм абады» (Рæмонты Геор), «Горæт нæм фæцæрынæн нæ уыди, Афтæмæй нæм Мæрдты горæт уыд» (Тедеты Ефим) æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ æз зонын, алкæуыл дæр былысчъилтæ чи кæны, ахæмты, афтæмæй сын сæхимæ иу уадзæн хъуыды не ссардзынæ, быцæуы заман дæ хъуыды кæй фæрцы бафидар кæнай, адæмы цæсты йæ чи скадджын кæна.

Уæвгæ та иу хорз æмдзæвгæ чи ныффыста, уымæн дæр аргъ кæнын хъæуы. Алчи хох нæу. Чи губакк у, чи — обау, чи та — Хъæриу. Хъазыбеджы хох, йæ алыварс цы хæхтæ ис, уыдоны фæрцы тынгдæр фидауы. Хæхты дæле лæууынц хъæд æмæ кæрдæгæмбæрзт рæгътæ. Сæ дæлвæдджи цы къохтæ ис, уыдон дæ рахондзысты лæгъз быдырмæ. Уыдон иууылдæр иумæ афтæ тынг фидауынц, æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæн, уæд сæ бастдзинад фехæлид, цæсты нал ахадиккой. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ Сæнайы хох иунæгæй аззад, зæгъгæ, уæд цы хуызæн уаид? Цæсты ма ахадид? Йæ рæсугъддзинадæй нæ ахауид? Ныры хуызæн сæрыстырæй ма кæсид?

Мæнмæ гæсгæ, былысчъилтæ кæнын никæуыл хъæуы. Уый хиппæлойы миниуæг у. Хицæй æппæлын та зонды нысан нæу. Цы уай, уымæй баззайдзынæ. Ивддзаг никæимæ фæуыдзынæ.

Уыйбæрц рацардтæн, æмæ мæхи фыссæг никуыма схуыдтон, уымæн æмæ, Чехойты Сæрæбийы загъдау, йæ зæгъыны æфсæрм и. Хетæгкаты Къоста дæр фыссæг æмæ мах дæр фысджытæ, фæлæ Къостайæн æцæг фæдонтæ куы нæ уыдаид, уæд йæхи, суанг мæрдты бæсты уæвгæйæ дæр амондджын нæ рахонид. Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй, уый та — æлгъыст. Мæнмæ гæсгæ, ирон фысджытæ æнамонд не сты, Къостайы хуызæн хистæр — азтæй нæ, фæлæ, раздæр кæй цард æмæ фыдæлыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ — кæмæн уыд, Къостайæн та æлгъыст рахонæн нæй, уымæн æмæ йæ фæстæ цы фысджыты фæлтæртæ рахъомыл, уыдон æй иунæг уæвын нæ бауагътой, йæ фарны хъуыддæгтæ йын дарддæр хæццæ кæнынц. Хъуамæ Къостайы фæстаг фæдзæхст нæ зæрдыл дарæм: «Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут, ме ’фсымæртæ!»

Æндæр чидæр кæуылдæр хъоды бакæндзæн — фæсаууонмæ дæр уæд уымæй хъодыгæнæг не скадджын уыдзæн, хъодыгонд та дзыхъхъы нæ ныххаудзæн.

Ногæй та мæхи хабæрттæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Хуссарирыстойнаг фысджытæй мын иу æргом ныхасы заман афтæ зæгъы, ныронг, дам дын де сфæлдыстадæн фаг аргъ нæ кодтон. Кæйдæрты ныхæстæм, дам, дзæгъæлы хъуыстон. Уый бæсты, дам дын дæ чингуытæ бакæсын хъуыд. Æндæр хуссайраг зонгæ та мын ног сусæгдзинад раргом кодта:

«Сæрдарæй дæ куы равзарой, уымæй тæрсынц æмæ дæ фысджыты Цæдисмæ уый тыххæй нæ исынц».

Уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр мæ сæры ахæм хъуыды никуы сæвзæрд. Уыцы бынатмæ тырнджытæ бирæ дæр уыди, фæлæ æз уыдоны номхыгъды мæхи никуы нымадтон, номхыгъдмæ та мæ хæсджытæ уыдис.

Мæ зæрдыл æрлæууыд 1990 аз. Уæд уыди нæ фысджыты радон съезд. Сæрдариуæг дзы кодтон мæхæдæг. Бирæ хъуыддæгтыл фæныхас кодтам, бирæ хабæрттыл фæдзырдтам, стæй æппынфæстаг æвзæрстытæм æрхæццæ стæм. Æвзæрстытæ уыдысты дыууæ хуызы. Сæйрагдæр, æвæццæгæн, уыди нæ Цæдисæн сæрдар равзарын. Кандидатурæтæ хæссын райдыдтой. Мæн кандидатурæ дæр балæвæрдæуыд. Фæлæ мæхи хъæлæсмæ æрæвæрын нæ бауагътон. Нæ мæ равзардзысты, уымæй нæ тарстæн уæвгæ, цалынмæ схъæлæс кодтаиккой, уæдмæ йын чи цы базыдтаид мæхи буц дæр никæмæн кодтон. Мæхиуыл хъæлæс кæнын нæ бауагътон, сæрдар мæ равзарой, уый мæ кæй нæ фæндыд, æрмæстдæр уый тыххæй. Иугæр мын уыцы бынаты бадгæ ’рцыди, зæгъгæ, уæд мæ сфæлдыстадæн, зæгъæн ис, æмæ, хæрзбон зæгъын бахъуыдаид, цы фæндтæ мæм уыди, уыдонæй бирæтæ фæндтæй баззадаиккой æмæ цæрæнбонты фæсмон кодтаин. Фæсмон кæнынæй та тынг тæрсын, уымæн æмæ мæ мады карздæр æлгъыстытæй иу — кæд æлгъитгæ арæх нæ кодта, уæддæр, фæсмон фæкæн, зæгъгæ, уыди.

Хъæлæс кæнынмæ цы номхыгъд рахастам, уым æнæмæнг хъуамæ æз дæр уыдаин, фæлæ дзы нæ уыдтæн. Иу хатт ма йæ зæгъын: уый размæйы хуызæн мæ уæд дæр нæ фæндыд, сæрдарæй мæ равзæрстаиккой, уый. Цы мæ фæндыди, уый дæр нæ сусæг кодтон æмæ, Уæрæсейы Федерацийы фысджыты æхсæзæм съездмæ делегатæй равзарыны тыххæй мæ кандидатурæ куы бахастой, уæд йæ ныхмæ иу ныхас дæр не скодтон, уымæн æмæ Мæскуымæ ацæуынмæ бæллыдтæн. Фæндыди мæ адæммæ бакæсын, стæй, чидæр куыд загъта, мæхи равдисын дæр. Æмæ мæ равзæрстой. Æмæ ацыдтæн. Æмæ нæ фæфæсмон кодтон. Мæ кандидатурæ чи бахаста — чи уыд, уый нал хъуыды кæнын æмæ мын бахатыр кæнæд, уымæй дæр æмæ мыл чи схъæлæс кодта, уыдонæй дæр баззадтæн бузныгæй. Цы æууæнк мæм равдыстой, уый æдзухдæр нымайдзынæн, аргъ ын кæндзынæн.

Æмæ ма ноджыдæр, цы мæ фæндыд æмæ мæ цы нæ фæндыд, уый тыххæй иу ахæм хабар. Уый та Ирыстоны фысджыты фæстаг съезды, æнхъæлдæн, 2001 азы, уыди. Уым та æвзæрстой фысджыты правлени æмæ сæрдары. Ацы хатт — хицæнтæй. Правлени куы ’взæрстой, уæд сусæг хъæлæс кæныны номхыгъдмæ мæн дæр бахастой (кæд ма исты зонын, уæд Хуыгаты Сергей уыди). Сыстадтæн æмæ та мæхи номхыгъдмæ хæссын нæ бауагътон. Нæ мæ фæндыди æмæ уымæн.

Кæд бирæ съездты архайдтон, уæддæр нæ хъуыды кæнын — уæвгæ ахæм хабарæн уæвæн уыдис, — фæлæ йæ æз нæ хъуыды кæнын — искуы исчи йæхи сæрдар æвзарын дæр нæ бауагъта æмæ йæ правленийы уæнгæй равзарой, уый ныхмæ дæр æрлæууыд. Мæ хуссайраг зонгæйы ныхæстæм гæсгæ та мæ фысджыты Цæдисмæ райсынæй, сæрдарæй мæ куы равзарой, уымæй тарстысты. Сæрдар куы суон, уымæй æцæгæй тарстысты æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ бирæты, фысджыты Цæдисмæ бацæуон, уый кæй нæ фæндыд, уым æрымысæггагæй ницы ис, уымæн æмæ æцæг уыд... Фæлæ уый тыххæй — фæстæдæр.

XII

«Рæстдзинад»-ы цы рæстæг куыстон, уый куы ’рымысын, уæд цыдæр æнахуыр дунейы балæууын. Мæ зæрдæйы æхсызгондзинады хур ссудзы æмæ йæ рухсæй мæ развæндаг сæрттивы. Цыфæнды сагъæсты ахæсты куы вæййын, уæддæр сæ ницæмæуал фæдарын, раздахæн кæмæн нал ис, фæлæ цæстытыл ирдæй чи ауайы, уыцы цаутæ мæ Чырыстийы цъуппæй ракæсын кæнынц, мæхи мæгуыр нал фæхонын. Ницытæ æмæ мацытæ мæм æппындæр ницыуал фæкæсынц, зæгъгæ, зæгъин, фæлæ уый раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ зæххы скъуыды ныххауæгау фæцыдæр вæййынц, æмбисбоны аууæттау æрбайсæфынц.

Æртындæс æмæ ссæдз азæй фылдæр рацыд, иуæндæс азæй фылдæр кæм фæкуыстон, уыцы «Рæстдзинад»-æй куы рацыдтæн, уæдæй нырмæ, фæлæ йыл мæ зæрдæ нæма сивтон, цин кæнын йæ циныл, къæдзыг рæдыдыл дзы куы фембæлын, уæддæр мын зын вæййы. Цымæ мын цæмæн афтæ зынаргъ у ацы газет? Мæ фæллойы фæндаг ам кæй райдыдта, уый тыххæй æви иронау кæй цæуы, уымæн? Кæд дзы, мыййаг, хорз адæмимæ кæй базонгæ дæн æмæ мæм, бинонты кæстæрмæ цы цæстæй фæкæсынц, ахæм цæстæнгас кæй дардтой, уый тыххæй? Æви хорздзинад ракæнын адæймаджы бæллиццагдæр миниуæг кæй у, ууыл кæронмæ ам кæй баууæндыдтæн, уый тыххæй? Æвæццæгæн. Стæй канд уыдæтты тыххæй нæ.

Иу хатт мын Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад — комкоммæ та аивадон редакцийы разамонæг Мыртазты Барис бабар кодта «Поэзийы бон» саразын: уыцы рæстæг уый æгъдауы хуызæн сси. Ахæм æмбырдгæндтæ фæд-фæдыл цалдæр рацыд. Чиныджы архайджытæн бацæттæ кодтон къорд фарсты. Хъуамæ сын нæ зынгæдæр фысджытæ раттаиккой дзуæппытæ. Иу фарст дзы уыди ахæм: «Цæмæй хион дын у Хетæгкаты Къоста?» Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ дæр йæхи хъуыдытæ уыд, æмæ сæ дзуæппытæ дæр фæйнæхуызон уыдысты, фæлæ дзы, мæнмæ гæсгæ, Малиты Васойæ цыргъзонддæр дзуапп ничи ратта: «Къоста мæнæн хион цæмæй нæу, ахæмæй йæм ницы зонын». Уыйау мæнæн дæр «Рæстдзинад», хæрзыстæмтæй фæстæмæ, алцæмæй дæр зынаргъ у.

«Рæстдзинад»-ы къæсæрæй фыццаг хатт кæд бахызтæн, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы кусын куы райдыдтон, ууыл ацы сæрд, сусæны мæйы дыккæгæм бон сæххæст уыдзæн цыппар æмæ дыууиссæдз азы. Ныхас дæр нæй, æз уыцы сæрдыгон райдзаст бон мæ царды амондджындæр бонтæй иуыл кæй нымайын, уый тыххæй.

Институты ма ахуыр кодтон, афтæ-иу мæ уацхъуыдтæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæзындысты газеты. Йæ кусджытæй йын иуцалдæримæ зонгæ дæр уыдтæн. Раздæр-раздæр, кæд ма исты хъуыды кæнын, уæд базонгæ дæн писмоты хайады сæргълæууæг Хъесаты Дафаимæ. Цыдæр критикон æрмæг ныффыстон, æмæ мæм Дафа редакцимæ фæсидти. Æрмæджы бæлвырддзинæдтæ куы сбæрæг кодта, уæд мæ бафарста, карикатурæимæ йæ куы раттикам, уæд дæм куыд кæсы, зæгъгæ. Цы йын хъуамæ загътаин, карикатурæимæ куыд сфидаудзæн, уый мæ цæстытыл ауайын кæнын дæр мæ бон куы нæ уыд, уæд! Сразы дæн йемæ æмæ ууыл мæ хæс æххæстгондыл банымадтон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.