Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 16 страница



Гагкайты Дзибис бирæ бакуыста ирон советон мыхуыры рæзтыл.

Ссæдз азæй фылдæр Гагкайты Дзибис куыста газет „Рæстдзинад“-ы редакцийы. Æмæ кæмфæнды дæр йæхи æвдыста хъæппæрисджынæй. Йæ уæздандзинады тыххæй йын æмбæлтты æхсæн уыди стыр кад æмæ æгъдау. Хистæртимæ хистæр кæй уыд, кæстæртимæ та — кæстæр, уый тыххæй йын йе ’мбæлттæ кодтой уæлдай стыр аргъ.

Адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, Дзибис не ’хсæн нал ис, уый. Зын у, тынг зын, Дзибис, дæуæн фæндараст зæгъын. Кæд мах æхсæнæй фæцæуыс, уæддæр дæ рухс ном баззайдзæн æнусмæ, фæстаг боны онг кæимæ куыстай, уыдоны зæрдæты.

Фæндараст, нæ иузæрдион хæлар, нæ уарзон Дзибис!»

 

Куы зæгъын, «Рæстдзинад»-ы кусын кæимæ райдыдтон, уыдоны рæнхъытæ бынтон æртæнæг сты. Æртæ азæй фылдæры размæ ма иуцалдæрæй нæ хуыз иумæ дæр систам æмæ уыдонæй дæр æртæйæ — Дзугаты Барис, Тыджыты Юрий æмæ Хæблиаты Сафарæй — бавдæлон стæм. Тынг сыл фæмаст кодтон. Мæ зæрдæйы хъыг газеты фæрстыл дæр загътон. 2001 азы 23 ноябры «Рæстдзинад»-ы уынгæгзæрдæйæ фыстон:

 

«Нал и Дзугаты Барис... Йæ кусынæй банцад, дæсгай азты дæргъы газет „Рæстдзинад“-æн йæ астæуккаг цæджындз чи уыд, журналистты бирæ фæлтæртæ сæ куырыхон зондамонæг кæй хуыдтой, сæ хорз æмбалыл кæй нымадтой, алы хъуыддаджы дæр фæзминагæй кæй зыдтой, Дзугаты уыцы Барисы цардбæллон, æнæхин, хæлар, хъæлдзæг æмæ цинæфсæст зæрдæ.

Царды фæткæн бауромæн нæй, мæлæтæн йæ хæстæ æнæххæстгæнгæ куыд нæй, афтæ. Чи райгуырд, уыдонæй уæлæуыл ничима баззад. Алкæй райгуырд дæр æхсызгондзинад æрхæссы, уымæн æмæ æрыгон сылгоймаг æмæ нæлгоймагæй мад æмæ фыд саразы, канд бинонты нымæц нæ фæфылдæр кæны, фæлæ ма бафтауы æгас дунейы цæрджыты нымæцыл дæр.

Алкæй мæлæт дæр æнæмæнг искæй зæрдæ фæриссын кæны. Иутыл къаддæр хъыггæнджытæ вæййы, иннæтыл — фылдæр. Иуты хъæубæсты зианыл фæнымайынц, иннæты — комбæсты, æртыккæгты — æппæт Ирыстоны. Афтæ мæм кæсы, æмæ Дзугаты Барис æппæт Ирыстоны зиан у, уымæн æмæ йæ чи зыдта — зонгæ та йæ тынг бирæ адæм кодта — уыдонæй йæ мæлæты хабармæ кæй зæрдæ нæ ныккæрздзæн, иу ахæм адæймаг разына, уый æнхъæл нæ дæн, уымæн æмæ Барис кæимæ цард æмæ куыста, кæимæ æмбæлд, æххуысмæ йæм чи дзырдта, уыдонæй иуæн дæр хорз йеддæмæ æвзæр нæ фæци. Искæй тыхстмæ æцæгæлон цæстæй никуы акаст, йæ зонындзинæдтæ никуы никæмæн бавгъау кодта. Барисимæ æз дæр бирæ азтæ фæкуыстон, æмæ йыл мæ зæрдæ никуы ницæмæй фæхудт, гадзрахатдзинадæй йыл никуы фæгуырысхо дæн, хиндзинадæй йæм никуы ницы раиртæстон, козбау митæгæнгæ йæ никуы федтон, цæстмæхъус ныхас никуы загъта, кадмæбæллæгæй йæ мæ цæстытыл ауайын кæнын дæр мæ бон никуы баци.

Кæннод куыд уæздан æмæ хæдæфсарм уыди, уый та! Хæрзæрыгон лæппуйæ хæсты тымыгъы смидæг æмæ дзы йæ райдайæнæй йæ кæронмæ хъæбатырæй фæхæцыд. Уыйбæрц хæрзиуджытæ райста, æмæ сæ къорд лæджы риуыл куы ’рцауыгътаис, уæддæр дзы алчидæр хъæбатырæй разындаид, фæлæ сæ Барис йæхи риуыл дæр никуы бакодта. Йæ хæстон æмбæлттæй æфсæрмы кодта, тохы быдырæй чи нал сыздæхт, йæ уыцы хæстон æмбæлттæй...

Ацы рæнхъытæ фысгæйæ, мæ цæссыгтæ бауромын мæ бон нæу, мæ рустыл згъорынц æмæ згъорынц... Бирæ цыдæртæ ма мæ зæгъын фæнды Барисы тыххæй, фæлæ сæ æндæр хатмæ уадзæм. Ныр та уал Барисæн фæстаг фæндараст зæгъын, стæй канд фæндараст нæ, фæлæ бузныг дæр. Бузныг, бирæ цæуылдæртыл дыл кæй сахуыр дæн æмæ дæ бирæ хорздзинæдтæ кæй зонын, уый тыххæй! Бузныг дæ сыгъдæг зæрдæйæ, дæ цæстуарзондзинадæй, дæ лæгдзинадæй! Табу Хуыцауæн, дæуимæ кæй базонгæ дæн, иумæ кæй бакуыстам, цæхх æмæ къæбæр кæй бахордтам!

Ноджыдæр ма иу хатт: фæндараст! Дæ бынат дзæнæты кæй уыдзæн, ууыл æууæндын, уымæн æмæ дзы дæ хуызæттæ куы нæ уа, уæд афтидæй баззайдзæн».

 

Тыджыты Юрийы ныгæнæн бон — 2002 азы 2 июлы — та мæ хъыг равдыстон ахæм ныхæстæй:

 

«Мæ зæрдæ суынгæг, афтæмæй фыссын мæ уды рис æмæ хъыг. Кæлынц мæ цæссыгтæ, уымæн æмæ, кæм уыдысты, уым лæууын сæ бон нал баци. Зæрдæйы рис уæйыджы цæст дæр нæ уромы, нæ йын фæразы цыфæнды тыхджын адæймаг дæр.

Тыджыты Юрий амард, зæгъгæ, куы фехъуыстон, уæд мыл цыма цыдæр маргхъæстæ фат суад, афтæ фæдæн, мæ зæрдæ мын афтæ фæрæхуыстæуыд, æмæ дыздызгæнгæ æппæт буарыл дæр апырх...

Кæуын, уымæн æмæ мæхи æндæрхуызон дарын мæ бон нæу. Мæ цæссыг згъæлы, мæ цæстуарзон хистæр, мæ иузæрдион æмбал, мæ сыгъдæгзæрдæ зондамонæг мæ фарсмæ кæй никуыуал æрбалæудзæн, йæ хъазæн ныхас ын кæй никуыуал фехъусдзынæн, уый тыххæй.

Йæ кусынæй банцад, æхсæвæй-бонæй æнцой чи нæ зыдта, йæ хъарм адæмыл тауынæй чи нæ фæллад, Тыджыты Юрийы уыцы парахат æмæ æнæхæрам зæрдæ...

Уыцы зæрдæйæ кæд искæмæн дзаджджын хай уыд, уæд уыдоны номхыгъдмæ æз дæр хаудтæн...

Аст æмæ дыууиссæдз азы размæ базонгæ стæм Юриимæ нæхимæ, Бæрæгъуыны. Бæгъиаты Хъазыбег (рухсаг уæд!) уæды дæсæмкъласоны, ома, мæн бахуыдта йæ хæлар, йе ’мкурсон Тыджыйы-фыртмæ æмæ йын загъта, ацы лæппу йæ тыхтæ литературæйы фæлвары æмæ йын баххуыс кæн, зæгъгæ. Æмæ мын баххуыс кодта. Йæ къух мæм æрбадардта æмæ мæ рахуыдта, фæстæдæр мæ царды сæйрагдæр чи сси, уыцы фæндагмæ. Цин кодта мæ алы æнтыстыл, хуры æрбакастау ын уыдис мæ алы ног чиныджы фæзынд дæр. Бирæтыл дзы фысгæ дæр кодта, цæстуарзон ныхас-иу загъта мæ уацмысты тыххæй. Стæй канд мæхи фыстыты тыххæй нæ, фæлæ мæ тæлмацты тыххæй дæр. Зæрдæбын арфæтæ дзы фехъуыстон, Омар Хайямы рубаитæ куы раивтон, уæд, стыр æхсызгондзинад ын хастой Шекспиры сонеттæ (уыдон дæр мæ тæлмацæй).

Бирæ хорздзинæдтæ зонын Юрийæ. Стæй канд æз нæ. Афтæ зæгъын йæ бон у ирон фысджыты астæуккаг фæлтæрæй ноджыдæр ма иуцалдæрæн, уымæн æмæ сын Тыджыйы-фырт, сæ фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ, хорз æнцой фæлæууыд, йæ ныфсы ныхасæй сæ сразæнгард кодта зын, фæлæ арфæйаг фæндагыл ацæуынмæ.

Æнцон нæ уыд йæхи фæндаг дæр. Фаг рæвдыдæй нæ цæуы йе ’цæг дунемæ, фæлæ йын Барастыры цæст фылдæр бауарзæд, хæрзудты æхсæн уæд йæ бынат!

Фæндараст фæу, Юрий! Цы мæрдтæм цæуыс, уыцы мæрдты хорзæх дæ уæд! Хæрзаудæн кæн дæ Ирыстоныл, дæ уарзон адæмыл, дæ хионтæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтыл!»

 

Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Стæй канд фарн нæ, фæлæ маст æмæ хъыг дæр. Уæвгæ уымæн æнæ афтæ уæвгæ дæр нæй. Цин æмæ маст æфсымæртæ сты. Æфсымæртæн та, кæд иу ныййарæг уыд, уæддæр хъулæттæ мады гуыбыны дæр вæййы. Цин æмæ масты æхсæн цæйбæрц хицæндзинæдтæ ис, уый тыххæй та дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ сæ кæд исты иу кæны, уæд цæссыгтæ. Æрмæст уыцы цæссыгтæ дæр алыхуызæттæ вæййынц. Иутæ дзы райгуырынц цинæй, иннæтæ — хъыгæй. Гъе æмæ Юрийы æнафоны мард цы цæссыгтæ равзæрын кодтой, уыдоныл афæдзы æмбис дæр нæма рацыд, афтæ та не ’хсæнæй фæхъуыд Хæблиаты Сафар, «Рæстдзинад»-ы иу рæстæджы кусын кæимæ райдыдтон æмæ бирæ рæстæджыты æфсымæры цард кæимæ фæкодтон, уыцы æнæхин æмæ иузæрдион æмгар. Уæвгæ бирæ рæстæджыты зæгъын бынтон раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ нæ хæлардзинад райдайæг нæхæдæг уыдыстæм, кæрон та йын мæлæт скодта.

Ногæй та мæ бахъуыд цæссыгæмхæццæ рæнхъытæ фыссын. 2003 азы 8 февралы, Сафары ныгæнæн бон, «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд æрцыд мæ тæфæрфæс — «Рæстдзинад зæгъынæй нæ тарсти»:

«Адæймагæн бирæ хæлæрттæ куы уа, уæд уый хорз у. Фæлæ, хъыгагæн, хорз хæлæрттæ бирæ нæ вæййы. Хæблиаты Сафар уыди мæ хорз хæлар, мæ иузæрдион æмбал, æмæ мæ уыцы иузæрдион æмбалæй бавдæлон дæн. Дысон æмбисæхсæв бонæрдæм йæ уд уæлæрвтæм атахт, дыууиссæдз азæй фылдæр цæхх æмæ кæрдзын кæимæ фæхордтон, мæ зæрдæхудты иу хатт дæр чи никуы бацыд, мæ циндзинад æхсызгон кæмæн уыд, мæ мастæй йæхи æнæхай чи никуы ныууагъта, уыцы Сафарæн...

Кæддæр-иу искæй хæдзардарæг куы амард, уæд-иу ыл афтæ хъарæг кодтой: «Уымæн йæ цæвæг уæлкъæсæр ауыгъдæй баззад...» Сафарæн йæ цæвæг уыд йæ фыссæн сис. Бирæ зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ дзы сфæлдыста, бирæ фæндтæ ма йæм уыдис, фæлæ йын æрдæгкондæй баззадысты. Йæ дæс æмæ æртиссæдз азы йын хъуамæ сбæрæг кодтаиккам авд къуырийы фæстæ — 27 мартъийы, фæлæ йын æгъатыр низ уæдмæ фæцæрыны фадат дæр нал ратта. Мах, йæ иузæрдион хæлæрттæ, зыдтам, Сафар бирæйы фаг кæй нал у, уый, фæлæ йæ цуры нæхи хъæлдзæг дардтам. Архайдтам йæ зæрдæ йын истæмæй барухс кæныныл. Æмæ фылдæр хæттыты уый нæ къухы æфтгæ дæр кодта. Кæд уæззау рынчын уыд, уæддæр йæ тыхст æддæмæ никуы равдыста, æнæныфс ныхас дзы никуы сирвæзт. Уый нæ, фæлæ ма йæ бинонтæн зæрдæтæ дæр æвæрдта: фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл кæй æрлæууыд, уый æмбæрста æмæ йæ цардæмбал Лидæйæн, йæ кæстæртæн фæдзæхста, ма-иу фæтæрсут, зæгъгæ...

Сафар фыдæбонджын адæймаг уыд. Цалдæр æмæ ссæдз азы уæхскуæзæй фæкуыста газет «Рæстдзинад»-ы. Уый фæстæ дæр йæхиуыл никуы æмæ ницæмæй бацауæрста. Æнæкæрон бирæ уарзта æмæ, зæгъæн куыд нæй, афтæ æнувыд уыд йæ райгуырæн хъæу Зилгæйыл. Куыддæр ын-иу фадат фæци, афтæ-иу йæ дзаумæттæ амбырд кодта æмæ та-иу æфсæнвæндаджы вагзалмæ фæраст. Уарзта йæ хъæу, уымæй ноджы фылдæр та — йæ хъæуккæгты. Уыйбæрц азтæ æмудæй фæцардыстæм, æмæ йын йæ фарсмæ æвзæр адæймаг никуы федтон, рафауинаг лæгимæ мæ никуы базонгæ кодта, æдзухдæр ын йæ цуры уыдтон, адæймаг тæссаг фæндагыл ацæуынмæ кæимæ нæ базивæг кодтаид, ахæм лæппуты.

Хæблиаты мыггагæн сæ бон сæрыстыр уæвын у, се ’хсæн ахæм адæймаг кæй равзæрд æмæ фæцард, уымæй. Кæд исчи æргомдзырд уыди, рæстдзинад зæгъынæй нæ тарсти — суанг цыфæнды стыр хицауы раз дæр — уæд уый уыди Сафар. Кæннод адæмимæ цæрынмæ куыд дæсны уыди, уый та! Цымæ ацы дунейы исчи афтæ зæгъдзæн, Хæблиаты Сафар мæ бафхæрдта, æнæраст хъуыддаг бакодта, искæй цæсты бафтыдта? Мæнмæ гæсгæ, нæй ахæм адæймаг.

Лæгæй фæцардтæ, Сафар, æмæ лæгдæрты æхсæн дæ бынат цы уа, ахæм арфæ дын Барастыр ракæнæд! Зын у дæуæн фæндараст зæгъын, фæлæ дын нæ бон æндæр ницыуал у æмæ нын уый та хатыр бакæн.

Рухсаг у!..»

Æхсайæм азты райдайæны, мæ нымадмæ гæсгæ, редакцийы куыста æдæппæтæй фараст æмæ дыууиссæдз адæймаджы, æмæ дзы абон цардæгас дæс дæр нал у. Иннæтæ кæрæдзийы фæдыл мæрдтæм бацыдысты. Иу хатт ма сын ноджыдæр рухсаг зæгъын — мард, дам, рухсаг зæгъынæй не ’фсæды. Цы мæрдты сты, уыцы мæрдты хорзæх сæ уæд! Сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдоныл цардаудæн кæнæнт. Цалынмæ, дам, мардæн рухсаг зæгъæг уа, уæдмæ мæрдтыл нымад нæу. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ цалынмæ, семæ чи куыста, уыдон æгас уой, уæдмæ сæ ном рох нæ уыдзæн. Нæ алчи дæр сæ мысдзæн, сæ ном сын ардзæн...

Редакцийы кусын куы райдыдтон, уæд дзы, мæнмæ гæсгæ, æппæты фыццаг амард Хуымарты Хъамболат. Уыцы æнамонд хабар æрцыди, афæдз дæр æххæст нæма акуыстон, афтæ. Мæ нымадмæ гæсгæ, æнæхъæн редакцийы дæр уымæй хистæр нæ уыди. Хæрз æрæджы куыд базыдтон, афтæмæй — нæ рæдыдтæн. Рæдигæ кодтон, дæс æмæ йæ æртиссæдзаздзыдæй хистæр кæй æнхъæлдтон, уымæй, уымæн æмæ йыл, куы амард, уæд æвддæс æмæ дыууиссæдз азы йеддæмæ нæ цыд. Уый бынтон æрæджиау йæ фырт Аслæнбегæй базыдтон. Уый мын куыд радзырдта, афтæмæй Хъамболат райгуырди Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, фæстæдæр та йæ бинонтимæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Куыста бæрнон бынæтты. Йæ царды дæс æмæ ссæдз азы та снывонд кодта «Рæстдзинад»-æн.

Тынг фæлмæн адæймаг уыд Хъамболат. Иумæ бирæ рæстæг нæ акуыстам, фæлæ йæ уæздан адæймагæй базыдтон. Абон дæр мæ цæстыты раз нывгондау лæууы йæ фæлгонц. Уыдис ын сабыр хъæлæсыуаг, æнкъардта ныхасы уæз. Кæд мæ фыдæй хистæр уыд, уæддæр мемæ ныхас кодта, цыма йе ’мцахъхъæн дæн, афтæ зæрдиаг æмæ æргомæй.

Йæ фыстытæй йын ницы хъуыды кæнын, ома газеты кæй мыхуыр кодта, уыдонæй, фæлæ мæ рæстæджы ныффыста повесть «Ирхан». Къухфыстæй мæм æй бакæсынмæ ратта. Мæ зæрдæмæ фæцыди. Кæд йæ фыццаг литературон уацмыс уыди, уæддæр дзы, æвæлтæрд къухы бынæй рацыд, зæгъгæ, зæгъæн нæ уыд. Мæ зæрдыл мын Секъайы фыстытæ æрлæууын кодта. Уымæй, фæзмгæ йæ кодта зæгъынмæ нæ хъавын. Хъамболаты повесты хъæбатыртæ дæр Секъайы радзырдты архайджыты хуызæн бахаудысты царды знæт уылæнты, фæлæ адæймаджы намысыл комдзог нæ рацыдысты, фæуæлахиз сты зындзинæдтыл, цъаммар адæймæгтæн ныхкъуырд раттыны фæстæ æрлæууыдысты цыты бæрзæндтæм хонæг фæндагыл. Повесть кæд дыууиссæдз азæй фылдæры размæ бакастæн, уæддæр æй нæ ферох кодтон. Æппæты тынгдæр та дзы мæ зæрдыл бадардтон, ирон хæдзары хъомылгонд чызджы фæхудинаг кæнынмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, ууыл Ирхан фыцгæ дон куы аскъæрдта, уыцы ныв. Хъамболат ма мын афтæ дæр загъта, ахæм хабар, дам, æцæг æрцыд.

Дунейы æцæг хабæрттæй фылдæр цы и, фæлæ уыдон литературæ не сты. Мæнмæ гæсгæ, Хъамболат цы федта æмæ фехъуыста, уыдонæй литературон уацмыс саразынмæ сарæхст. Куы зæгъын, фыццаг хатт йæ къухмæ уацмыс ныффыссыны номыл сис райста, афтæмæй. Хъыгагæн, йæ фыст мыхуыры рацæуыны онг нал фæцард, афтæмæй та журналы («Мах дуг») дæр æмæ хицæн чиныгæй дæр дунейы рухс федта 1963 азы, Хъамболаты амардыл дыууæ азы куы рацыд, уæд. Мæнмæ гæсгæ, повесть «Ирхан» рохуаты баззайынæн æвгъау у. Фæсивæд дзы бирæ цæуылдæрты сахуыр уаиккой. Нæ фыдæлтæ куыд æмæ цы уавæрты цардысты, канд уый нæ базониккой, фæлæ ма банкъариккой, ирон æфсарм æмæ сæм æгъдау куыд уæлиау æвæрд уыд, уый дæр, æнæуынондзинад сæм сæвзæрын кæнид, фыдæлты намыс йæ къæхты бын акæнынмæ чи хъавы, уыдоны удыхъæд.

Хъамболат йæ фæстæ канд зæрдæмæдзæугæ уацмыс нæ ныууагъта, фæлæ ма схъомыл кодта, адæмы рæгъы чи рацыд æмæ йын йæ фарн дарддæр чи хæццæ кæны, ахæм кæстæртæ. Уыдонæй алчидæр царды ссардта, кад æмæ йын рад кæм кæнынц, ахæм бынат. Чысыл бæлвырддæр зæгъдзынæн, уæлдæр кæй кой кодтон, йæ уыцы фырт Аслæнбеджы тыххæй. У фæсивæды хуыздæр хъомылгæнджытæй иу. Царды раст фæндагыл афæндараст кодта дæсгай æмæ фондзыссæдзгай лæппутæ æмæ чызджыты. Йæ рæстæджы уыди зындгонд хъæбысæйхæцæг, спорты мастер. Йæ фыды фарн мæрдтæм цæуын нæ бауагъта. Йе ’ргом здахы сфæлдыстадмæ. Фыссы радзырдтæ, æмдзæвгæтæ (ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл), тæлмац кæны иронæй уырыссагмæ, хорз бастдзинæдтæ йын ис Ирыстоны мыхуыры оргæнтимæ. Хицæн чиныгæй рацыдысты йæ бирæ азты фæллæйттæ («Почерк чемпиона». 2002 аз. Рауагъдад «Ирыстон». Дзæуджыхъæу).

Уæлдæр ма йæ куы загътон, редакцийы æз бирæ азты дæргъы нымад уыдтæн кæстæрыл. Мæ фæстæ кусынмæ чи цæуа, уыдон мæ кæд иуцасдæр фæхистæр кæниккой, зæгъгæ, æнхъæлмæ кастæн, фæлæ та-иу кæс æмæ мæнæй цыппар-фондз кæнæ фылдæр азтæ карджындæр разындысты. Нымадæй цалдæр мæйы акуыстон, афтæ нæм фæзынд ног кусæг — Хæблиаты Сафар. Институты иу рæстæджы ахуыр кодтам, æрмæст уый æртæ курсы уæлдæр уыд, стæй историон хайады, æз та — филологон. Йемæ иу курсы уыдысты Боциты Юрий, фыссæг Бароны фырт, Цыбырты Людвиг, Хуссар Ирыстоны фидæны фыццаг президент, Гетъоты Юрий, Кучиты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Чысыл фæстæдæр нæ кусджыты нымæцыл бафтыдысты Хостыхъоты Зинæ, Бæциаты Агуыдз, Бицъоты Гришæ, Икъоты Юрий, Тепсыхъоты Зоя, Тыджыты Юрий, Мамсыраты Мурат...

Уыцы рæстæджы Цæгат Ирыстонæн хæлардзинады бастдзинæдтæ сфидар Болгарийы Адæмон Республикæйы Кырджалийы округимæ. Кæрæдзимæ æрвыстой делегацитæ. «Рæстдзинад» бахæлар Кырджалийы окруджы газет «Нов живот»-ы («Ног цард»-ы) редакциимæ. Ирон журналисттæ-иу абалц кодтой æфсымæрон бæстæмæ, уыдоны минæвæрттæ та-иу ардæм æрбацыдысты. Мæхи дæр мын ахуыдтой Болгаримæ. Базонгæ дæн нæ хæлар адæмы цардимæ, федтон сын сæ бæстæйы рæсугъддзинæдтæ. Мæ балцы хабæрттæ фысгæ дæр ныккодтон, мыхуыргонд æрцыдысты иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.

Иуахæмы та нæм Болгарийæ æрбацыдысты цалдæрæй. Хъуамæ сæ базонгæ кодтаиккам Ирыстонимæ, фенын сын кодтаиккам нæ хæхтæ æмæ фæзтæ. Алы бон дæр-иу нæ кусджытæй хъуамæ семæ исчи ацыдаид. Иу бон та сæ редактор Мамсыраты Муратимæ нæ бар бакодта.

Кæдæм ацæуæм, зæгъгæ, ныхас куы рацыд, уæд Мурат загъта: Дæргъæвсгоммæ. Йæ фæнд мæ зæрдæмæ фæцыди. Иуæй, уазджытæн цы равдыстаиккам, уый уыди, иннæмæй та ацы комбæстæ уыди Мураты фыдæлты уæзæг æмæ нæ, мæ нымадмæ гæсгæ, фысымыл тыхсын дæр нæ хъуыдаид.

Редактор нын йæ машинæ ратта æмæ дыккаг бон райсомæй араст стæм. Æнхъæлдтон, «Мæрдты горæтæй» райдайдзыстæм, стæй дарддæр нæ фæндаг дарддзыстæм, зæгъгæ, фæлæ фæндагамонæг Мурат уыд æмæ нæ шофырæн комкоммæ Мамсыраты мæсыджы бынмæ баласын кодта. Аргъæутты бæстæйы æрфистæг стæм, уæдæ цы уыдаид. Кæдæмфæнды куы акастаис, уæддæр зæрдæ рухс кодта. Айнæг къæдзæхтæ æмæ æнусон цъититы уындæй лæгыл базыртæ зади. Уазджытæ æрдзмæ кæсынæй нал æфсæстыты. Мурат та мæсыджы алыварс разил-базил кодта, æнхъæлмæ каст, уазджытæ йæ фыдæлты гæнах кæд бафиппайдзысты, уымæ, фæлæ уыдон хæхтæм кæсыныл фесты. Кæд ныхас болгайрагау кодтой, уæддæр зын бамбарæн нæ уыд, нæ хъæздыг æрдзæй нын кæй æппæлыдысты, уый. Мурат мæсыджы алыварс зилынæй куы бафæллад, уæд уазджыты цурмæ æрбацыд æмæ гæнахæй æппæлын райдыдта. Дзургæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссагау кодта, фæлæ йæ ныхас ирон æвзагмæ тæлмацгондæй уыдаид афтæ:

— Ацы мæсыгæй бæрзонддæр Ирыстоны нæй. Аразгæ та йæ скодтой мæ фыдæлтæ. Хонгæ дæр æй Мамсыраты мæсыг кæнынц. — Мурат мæнæрдæм æрбакаст æмæ, йæ мидбылты бахудгæйæ, дарддæр дзырдта: Фæлæ Дзасохтæм нæ мæсыджы æмбисы йас мæсыг дæр нæй.

Æз ын уырыссагау афтæ куы бакæнин:

— Мурат, соловья башнями не кормят, ты лучше скажи, где здесь Мамсуровы живут. Пусть они покажут, как могут угощать гостей.

Мурат, æвæццæгæн, уырыссагау æваст цы дзуапп раттаид, уымæ нæ сарæхст æмæ мын саст хъæлæсæй иронау загъта:

— Омæ æз амы Мамсыратæм никуы уыдтæн æмæ æнæзонгæ хæдзармæ уазджыты куыд бакæнон?

— Уæд та дæ дзыхыл хæц æмæ дæ ничи ницæуыл домдзæн, — дзуапп ын раттон æз дæр иронау.

Уазджытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъазæн ныхæстæ рафæзмыдтам æмæ уыдоныл дæр худæг бахæцыд. Уыцы бон суанг изæрмæ хæхтыл фæзылдыстæм. Цыбыр дзырдæй, уазджытæ хъæстагæй ницæмæй баззадысты, Мураты куы нæ нымайæм, уæд. Мæ хъазæн ныхас дзы иннæрдæм кæй ахызт, уый бамбæрстон æмæ æнхъæлмæ кастæн, истæмæй мын æй кæй фиддзæн, уымæ. Йæхæдæг мæн ахæм уавæры куы сæвæрдтаид, уæд æй къуыппæн зарæгау алы ран кодтаид. Ныр та йæхи мæ разы хæсджыныл банымадта æмæ йæ «маст» райсыныл кæй бацархайдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодтон...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.