Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 12 страница



Мæ ныхæстæй фæсмойнагыл никæцыйы нымайæн, уымæн æмæ дзы иу дæр былалгъæй нæ загътон, иу дæр дзы æнæбындур нæ уыди.

XI

Æвæдза, æлхæнæн алцæмæн дæр ис. Суанг ма зæрдæйæн дæр. Фæлмæн ныхас ын зæгъ æмæ дын æй никуы ферох кæндзæн, йæ зæрдыл дын æй дардзæн, уымæн æмæ зæрдæйæн дæр зæрдæ ис. Мæ царды дæргъы фæлмæн ныхас кæмæй фехъуыстон — уæлдайдæр, æрыгон ма куы уыдтæн, уæд — уыдон мын цыма хæдзæрттæ сарæзтой, афтæ мæм кæсы æмæ дзы, иуы цæрынæй куы бафæллайын, уæд иннæмæ бацæуын æмæ дзы мæхи амондджыныл фæнымайын.

Цалдæр дæс азы рацыди уæдæй нырмæ, фæлæ йæ мæ зæрдыл дарын? Уæд мыхуыры рацыд мæ кæцыдæр æмдзæвгæ. «Мах дуджы» редактор уыди Цæгæраты Максим. Æмдзæвгæ, æнхъæлдæн, æрвитгæ бакодтон, æндæр æй мæхæдæг куы бахастаин, уæд мын, сæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уый, чи зоны, мæхицæн дæр загътаиккой. Уацмыс бонрухс куы федта, уæд редакцимæ бацыд Цæрукъаты Таймураз, æмæ йын Максим арфæйы ныхæстæ фæкодта, хорз æмдзæвгæтæ ныффыстай, зæгъгæ — уыцы номыры Таймуразы æмдзæвгæтæ дæр уыдысты — стæй, дам, Музаферы куы фенай, уæд уымæн дæр зæгъ, уый æмдзæвгæ дæр фæцыди мæ зæрдæмæ.

Таймуразимæ æрвылбон дæр æмбæлдыстæм, æмæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, Максимы ныхæстæ рафæзмыдта. Æхсызгон мын уыди, йæ гæды ныхас пайда нæу, афтæ æхсызгон, æмæ мæ ацал-ауал азы кæм нæ ферох, уым мæ амæй фæстæмæ дæр ферох уа, уый æнхъæл нæ дæн.

Стыр хъыгагæн, кæрæдзийы циныл цин кæнын нæ зонæм. Зонгæ бакæниккам, фæлæ нæ нæ фæнды. Адæймаджы цы нæ фæнда, уый та йæ къухы никуы бафтдзæн, цы йæ фæнда, уый цыфæнды зын куы уа, уæддæр куыд бафтдзæн, афтæ. Кæрæдзийы цин уынгæйæ, канд нæ фыдтæ нæ тайынц, фæлæ ма не стæг дæр. Уыцы аипп æдзухдæр нæхицæн нæ цæстмæ дарæм. Иннæ адæмтæй, дам, нæхи къаддæр уарзæм. Чи зоны, фæлæ адæймаг кæмфæнды дæр адæймаг у, цæгаты цæра æви хуссары, саубуар уа æви урсцъар, æмæ дзы Уæллаг алкæмæн дæр иухуызон зæрдæ ратта, цинæн дæр æмæ мастæн дæр бынат кæм ис, уарзт æмæ æнæуынондзинад, раст æмæ хæрам, хорз æмæ æвзæр фæрсæй-фæрстæм кæм цæрынц.

Мæ зæрдыл арæх Валентин Распутины радзырд «Францаг æвзаджы уроктæ» æрлæууы. Хæсты хæдфæстæйы хабæрттыл дзы дзырдæуы. Радзырды сæйраг архайæг у иуæндæсаздзыд сидзæр лæппу. Сæ хъæуы райдайæн скъола йеддæмæ нæ уыд æмæ йæ фæндзæм къласмæ цæуын бахъуыд районы центрмæ. Ахуыр сæхимæ дæр æмæ уым дæр хорз кодта, фæлæ тынг хъуæгтæ æййæфта. Йæ мадæн æртæ уыдысты, лæппу — сæ хистæр. Хæдзарæй йын цы хæринæгтæ æрвыстой, уыдон-иу уайтæккæдæр фесты. Рæстæг цыди, фæлæ йæ уавæртæ нæ хуыздæр кодтой. Уалынмæ фæцахуыр, лæппутæ æхцайæ кæм хъазыдысты, уыцы къуыбырмæ, æмæ сæ æмбулын райдыдта. Се ’ппæты дæр. Æмæ йын æй нæ ныббарстой. Афтæ йæ фæнадтой, æмæ дыккаг бон къласмæ цъæхтæ-буртæй æрбацыд. Мæнæ цы хъуыдымæ æрцыд лæппу йæхæдæг: «Откуда мне было знать, что никогда и никому еще не прощалось, если в своем деле он вырывается вперед? Не жди тогда пощады, не ищи заступничества, для других он выскочка, и больше всех ненавидит его тот, кто идет за ним следом. Эту науку мне пришлось в ту осень постигнуть на собственной шкуре».

Уæдæ афтæ: никуы ничи ныббарста, иу хъуыддагыл кусджытæй чи фæразæй вæййы, уымæн. Распутины загъдау, æппæты тынгдæр æнæуынон та уыдзынæ, дæ хæдфæстæ чи цæуа, уымæн.

Æз та цæрæнбоны бынтон æндæр уавæрты бахауын. Никуы никæй разæй фæдæн, уæддæр мын цæлхдуртæ æвæрынц. Цæмæй макæцæй разынон, ууыл архайджытæ, кæддæр цас уыдысты, уымæй ныртæккæ къаддæр нæ фесты.

Чысыл раздæр мæ зæронд гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кодтон æмæ дзы мæ размæ фæци ахæм фыст: «Тагъд мыл дæс æмæ ссæдз азы сæххæст уыдзæн, фæлæ ма уæддæр сывæллон дæн. Мæ сабион зондыл мæ къух нæма систон, стæй мыл дыууæ кæнæ æртæ хатты фылдæр азтæ куы рацæуа, уæддæр аивон, уый æнхъæл нæ дæн. Æндæр исчи йæ иувæрсты кæмæн ахизид, ахæм чысыл циндзинад мæныл базыртæ басадзы. Кæмæндæр æнцон аныхъуырæн цы уайдзæф вæййы, уый мæнæн та ме уæнг амары». Æвæццæгæн, мæ фыццаг миниуæгæй раппæлæн куыд ис, мæ дыккаг миниуæджы та рафауын афтæ хъæуы. Цыфæндыйæ дæр зондджын фыдæл раст загъта: «Æгъдæутты хистæр бæрц у». «Æгæр» бирæйæ дæр нæ бæззы æмæ гыццылæй дæр. Хуыцауы ныхмæ тохгæнæн нæй. Адæймаджы дунемæ цавæрæй ратты, исгæ дæр æй ахæмæй акæны. Авдæны кæй аузынц, чырыны дæр уый сæвæрынц. Билцъ цы ’взар суадзы, нæмыг дæр уый ратты.

Ныр мыл авд æмæ æртиссæдз азы рацыд, фæлæ, цыппæрдæс æмæ ссæдз азы размæ куыд хъуыды кодтон, ныртæккæ дæр афтæ хъуыды кæнын. Цæрукъаты Таймураз мын Максимы ныхæстæй æхсызгондзинад æмæ цин æрхаста, кæддæр «Гагкайты Алиханы зарæг» куы ныффыстон ууыл та дыууиссæдз азы бæрц цæуы, — уæд мæм радиокомитетæй цы ныхæстæ ’рбайхъуыст, уыдон та мын масты хос фесты. Зæгъгæ та сæ кодта, мæ хуыздæр æмгарыл кæй нымадтон æмæ йæ сæрыл тох кæнгæйæ мæхицæн знæгтæ кæй тыххæй скодтон, ахæм адæймаг.

«Гагкайты Алиханы зарæджы» райгуырд цыбырæй уыд афтæ.

Цорионты Резванимæ кæд æмæ цы уавæрты базонгæ дæн, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ мæм цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма зонгæ кæд нæ уыдыстæм, ахæм рæстæг уæвгæ дæр никуы уыди. Чи зоны, æнæхин адæймаг кæй уыди, гадзрахатдзинад циу, уый кæй нæ зыдта — кæд æй базыдта, уæд та, йæхиуыл ын гадзрахатæй чи рацыд, уыдоны фæрцы — йæ риуы сыгъдæг зæрдæ кæй тæлфыд, сфæлдыстады фæрцы йæ царды сæйраг нысан йæ адæмæн лæггад кæнын кæй хуыдта, уый тыххæй афтæ балымæн стæм.

Цал хатты æмбæлдыстæм, уал хатты-иу сæйраг ныхас уайтæккæ дæр сфæлдыстадмæ аздæхта. Цæуыл кусы, уыдæттæ дзурыныл-иу фæци, цы ныффыста, уый мын-иу æхсызгонæн фехъусын кодта. Куыд зæрдиагæй дзырдта, афтæ зæрдиагæй-иу æм æз дæр хъуыстон. Цин кодтон йæ циныл, йæ фæндтæ æххæст кæнын ын кæй æнтыст, уый мæнæн дæр цыдæр тых лæвæрдта, цыдæр разæнгардгæнæг мын уыд.

Иуахæмы та фембæлдыстæм. Кæцы ран, уый дæр ма хъуыды кæнын Горькийы уынджы, Терчы сæрты цы къаххид ис, уымæ хæстæг. Паркмæ бахизæны цур хæрхæмбæлд фестæм. Уый уыдаид, æвæццæгæн, 1965 азы майы. Цæвиттон, уыцы аз нæ адæм бæрæг кодтой гитлерон фашизмыл фæуæлахизы ссæдз азы бон. 9-æм майы агъоммæ мыхуыргонд æрцыд ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указ Гагкайты Алиханæн йæ амæлæты фæстæ Советон Цæдисы Хъæбатыры ном раттыны тыххæй. Уыцы Указ дунейы рухс куы федта, Резванимæ дæр уый фæстæ фембæлдыстæм. Композиторæн æхсызгон уыд, ирон лæппуйы сгуыхтдзинадæн ахæм стыр кад кæй скодтой, уыцы хабар фехъусын, стæй канд æхсызгон нæ, фæлæ йæ бафæндыд Алиханы ном зарæджы æмсæр скæнын æмæ мæм æрхатыди, цæмæй йын ныхæстæ ныффыстаин. Æз ын аивæй бамбарын кодтон, уыцы хъуыддагмæ цæттæ кæй нæ дæн.

Æмæ æцæгæйдæр, зарæджы ныхæстæ ныффыссынмæ мæ ныфс нæ хастон. Указ, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр бакастæн, фæлæ уымæй дарддæр Алиханы цардæн ницы зыдтон. Кæм райгуырд, кæимæ хъомыл кодта, чи уыдысты йæ ныййарджытæ, хæсты размæ цавæр фæндæгтыл ацыд æмæ бирæ æндæр хабæрттæ нæ зонгæйæ, зарæг ныффыссынмæ мæ ныфс нæ хастон.

Мæ хъуыдытæ Резванæн куы бамбарын кодтон, уæд цæмæдæр гæсгæ фæразæнгарддæр æмæ мын афтæ:

— Æз дын алцыдæр ратдзынæн. Бирæ æрмæг мæм ис Алиханы тыххæй, стæй дæ базонгæ кæндзынæн йæ хæстæджытимæ, йæ хъæуккæгтимæ, йæ хæстон æмбæлттимæ...

Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, мæ зæрдæйы базмæлыдысты, уымæй чысыл раздæр райгасæнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, ахæм æнкъарæнтæ æмæ, Резваны цæстыты цы арт сыгъди, уый мæн дæр тавын райдыдта.

Уыцы бон ын бæлвырд дзуапп раттын нæ бафæрæзтон, фæлæ йæ бынтон æнæдзуаппæй дæр нæ ныууагътон. Баныхас кодтам, хæстæгдæр рæстæджы кæй фембæлдзыстæм æмæ мæ кæй базонгæ кæндзæн, Алиханы тыххæй йæм цы æрмæджытæ уыди, уыдонимæ. Æмæ мæм æцæгæйдæр дыккаг бон Резван æрбацыди. Йæ дæларм гæххæттытæй дзаг папкæ. Куы ацыд, уæд бæстон семæ базонгæ дæн. Алиханы тыххæй дзы хъæздыг æмæ цæстыахадгæ æрмæг разынд. Фæстæдæр фембæлдтæн йæ хæстæджытæ æмæ йæ зонгæтимæ. Алиханы тыххæй мын бирæ хабæрттæ радзырдта йе ’рвад, йæ хъæуккаг Гагкайты Дзибис. Уый «Рæстдзинад»-ы тæлмацгæнæг уыди. Æз уæд фæндзæймаг аз куыстон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ Дзибисимæ — кæд мæнæй авд æмæ ссæдз азы хистæр уыд, уæддæр — тынг хæларæй цардыстæм. Алиханимæ канд æрвадæлтæ æмæ хъæуккæгтæ нæ уыдысты, фæлæ ма уыдысты æмдугон æмæ æмбайтæ дæр æмæ мын бирæ хабæрттæ радзырдта Алиханы цардæй. Цыбыр ныхасæй, мæхимæ банкъардтон зарæг ныффыссыны хъару. Ноджы Резванæн зæрдæ куы бавæрдтон, уæд мæ бæрнондзинад фæфылдæр. Цæрæнбонты цы зондыл хæст уыдтæн — иугæр дæ дзыхæй ныхас сирвæзт, уæд æй сæххæст кæн уый сæрты ахизын мæ бон нал уыд æмæ мæ дзырд æххæст кæнынмæ бавнæлдтон. Зарæгыл куыд куыстон, уый бæлвырддзинæдтæ мын нудæс æмæ ссæдз азы фæстæ зын æрхъуыдыгæнæн сты, фæлæ Резваны бирæ æнхъæлмæ кæсын кæй нæ бахъуыд, уый бæлвырд у. Æмдзæвгæ куы сцæттæ æмæ йæ композитор куы бакаст, уæд ыл цыма стыр хорздзинад æрцыд, уый хуызæн йæ цинæн кæрон нал уыд. Иуцасдæры фæстæ мыл ноджы хъæлдзæгдæрæй сæмбæлд.

— Зарæг цæттæ у! — фехъусын мын кодта сæрыстырæй. — Алыбегæн йæхи зæрдæмæ дæр фæцыди!

«Алыбегæн йæхи зæрдæмæ дæр фæцыди», — уыцы ныхæстæ, кæд бирæ азты размæ загъд æрцыдысты, уæддæр мæ нæ рох кæнынц. Резван мын куыд радзырдта, афтæмæй зарæджы мелодиимæ базонгæ кодта зындгонд композитор Нинæ Карницкаяйы æмæ, дам дзы уый дæр раппæлыд. Резваны ныхæстæм гæсгæ бамбæрстон, Алыбег дæр æмæ йын Нинæ дæр сæ фиппаинæгтæ кæй загътой æмæ сæ кæй бахыгъта. Цыбыр рæстæгмæ зарæг сцæттæ. Дыууæ хъæлæсæй заргæ кæй уыд, уый Резван музыкæ фысгæйæ дæр зыдта, загъта йæ мæнæн дæр, фæлæ йæ, чи хъуамæ азарыдаид, уый, куыд рабæрæг, афтæмæй бынтон æнцон хъуыддаг нæ разынд. Æппынфæстаг æрлæууыдысты Абойты Барис (Батырадз) æмæ Дзуццаты Викторыл. Зарæг магнитофоны лентыл куы фыстой, уæд æз дæр радиокомитетмæ бацыдтæн æмæ йæ цалынмæ фыстой, уæдмæ уым фæдæн. Чи йæм хъуыста, уыдоны зæрдæмæ кæй фæцыди, уый æнцон бамбарæн уыд. Мæнмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ каст, цыма Резван æмæ мæ цæстмæ ахæм æппæлæн ныхæстæ кодтой, фæлæ рæстæджытæ куы рацыд, дыууæ-æртæ азы нæ, фæлæ дæсгай азтæ, уæд мæ бауырныдта, зарæг æцæгæйдæр кæй фæрæстмæ, адæмы зæрдæмæ фæндаг кæй ссардта æмæ, кæй номыл фыст æрцыд, уый аккаг кæй разынд...

Резваны тыххæй мæ бон бирæ ныхæстæ зæгъын у, уымæн æмæ дзæвгар азтæ хæларæй фæцардыстæм. Нæ алы фембæлд дæр-иу мын æрхаста æхсызгондзинад. Хъыгагæн, «Гагкайты Алиханы зарæджы» фæстæ нæ къухы æндæр зарæг ныффыссын нал бафтыд, афтæмæй та нæ дыууæйы дæр фæндыд. Резван-иу нæ иумæйаг фæллойы кой арæх кодта. Бирæ хæттыты дзы фехъуыстон: «Гагкайты Алиханы зарæджы» ныхæстæ зæрдæмæ куыд хъарынц, ахæм æмдзæвгæ ма куы ныффыссис, уæд ыл æз зæрдиагæй бакусин». Фæлæ, куы зæгъын, йæ фæндтæй ницыуал рауад. Æвæццæгæн, хъысмæты афтæ фæндыд. Чи зоны, æндæр зарджытæ ма куы ныффыстаиккам, уæд уыдон «Алиханы зарæджы» æмвæзадмæ нал схызтаиккой...

О, æмæ зарæг пленкæйыл куы фыстой, уæд сын мæ фиппаинæгтæ загътон. Редактор, режиссер æмæ мæм зарæггæнджытæ раст кæм нæ кастысты, уым сын мæ хъуыдытæ дзырдтон. Чи зоны, кæмдæрты æгæр карзæй, фæлæ — комкоммæ. Мæхи фæнд атæрын мын бантыст. Æз ахæм хъуыддæгтæм дæсны ныртæккæ куы нæ дæн, уæд ма раздæр уыдаин, фæлæ зарæг фыст æрцыд, мæн куыд фæндыд, афтæ. Уыцы хъуыддаг, хъуыддаг, зæгъгæ, цæхгæр кæй дзырдтон, уый, радиойы чи куыста, мæ уыцы ’мгæрттæй иуы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ, дам, мæ фæсаууон мæ фыдгой кодта, ничи, дам æм кæсы, йæхимæ, дам, цæйбæрцытæ исы.

Пушкин кæд æстдæс æмæ ссæдз азы дæр æххæст нæ фæцард, уæддæр ын Хуыцау уыйбæрцытæ ратта, æмæ, фондзыссæдз азы кæуыл цыд, уымæй дæр фылдæр зыдта. Цы цыбыр бонтæ йын лæвæрд уыд, уыдон дзаг уыдысты æнкъарæнтæй — поэты тыхджындæр хæцæнгарзæй. Уый иннæтæй раздæр бамбæрста, цы кæнгæ йын у, уый. Поэтæн прозæмæ хизгæ кæй у, уый дæр, чи зоны, иннæтæй раздæр банкъардта æмæ «лета к презренной прозе клонят» (азтæ мæ прозæмæ рахизын домынц), зæгъгæ дæр уымæн ныффыста. Мæхи тыххæй дзургæйæ генийы кой кæй кæнын, уый афтæ нæ амоны, æмæ йыл цыдæр хуызы мæхи абарынмæ хъавын. Æппындæр нæ. Æз зæгъинаг дæн, мæнæн дæр мæ зæрдæ иу рæстæджы прозæ фыссынмæ кæй ахсайдта, æрмæстдæр уый. Фæндыди мæ цардмæ уæрæхдæр цæстæй акæсын, фæлæ, æргом дзургæйæ, мæ ныфс нæ хастон. Ома уымæй размæ прозæ æппындæр никуы ныффыстон, зæгъгæ, нæ зæгъдзынæн, уымæн æмæ газеты кусгæйæ кæд аивадон уацмыстæ фыссæн нæй, уæд — æмдзæвгæтæ...

Кæддæр, дам, «Рæстдзинад»-ы редактортæй иумæ æрыгон лæппу куыстагур бацыд. Бирæ фæныхас кодтой, стæй, дам æй редактор фæстагмæ бафарста:

— Æмдзæвгæтæ дæр фæфыссыс?

Æвæццæгæн æм уымæй размæ цы фæрстытæ ратта, уыдонæн æм сæ тæккæ хуыздæр фæкаст æмæ йын уыцы разæнгардæй дзуапп ратта, фæфыссын, зæгъгæ.

— Хорз, хорз, æгайтма æмдзæвгæтæ дæр фыссыс, — загъта йын редактор, — куы нæ бахъæуай, уæд дæм нæхæдæг дзурдзыстæм.

Æмæ ма йæм абон дæр дзуры. Уыйау газеты æмдзæвгæтæ чи фыссы, ахæмтæ уыйас нæ хъæуынц, дæллаг галау ауæдзы хахх чи нæ халы æмæ уæхскуæзæй кусын чи зоны, йæ хъарутæ æнауæрдонæй хардз кæнынмæ чи арæхсы, ахæмтæ дзы цас хъæуы. Æргом дзургæйæ, «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд, мæ бон цы уыд, уымæй архайдтон газеты мидис фæхуыздæр кæныныл. Уымæн æвдисæнтæ æрхæссæн ис. Æрмæст мæ «Фæллойадон чиныджы» фыстытæм чи ’ркæса, уый дæр бауырндзæн мæ ныхæсты рæстдзинад. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бацахстон фыццаг бынæттæ хуыздæр æрмæг ныффыссыны, хуыздæр макет саразыны тыххæй, фæлæ ныхас ныртæккæ уыдæттыл нæу. «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ, æмдзæвгæтæ дæр фыстон æмæ прозæ дæр. Æрмæст мæ прозæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр баст уыди журналистикæимæ. Мæн та фæндыд аивадон прозæ фыссын æмæ хъуызгæ-ныгъуылгæйæ бавнæлдтон. Хъуызгæ-ныгъуылгæйæ уымæн, æмæ тарстæн, куы нæ сарæхсон, уымæй. Тарстæн, газеты кусын куы райдыдтон, уæд уацхъуыдтæ фыссынæй куыд тарстæн, афтæ. Уæвгæ, уыцы тас ме уæнгты абоны онг дæр бады. Цыфæнды фыссыныл куы ’рбадын, уæддæр мæхиуыл нæ феууæндын, фæтæрсын, цы зæгъынмæ хъавын, уый мын, мæн куыд фæнды, афтæ равдисын куы нæ бантыса, уымæй.

Фадæттæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыйас нæ уыди. Бон-сауизæрмæ газеты хъуыддæгтыл дæ тыхтæ бахардз кæн, стæй уыцы фæлладæй изæрыгон æрбад æмæ фыссын райдай, уымæн хуымæтæджы тырнындзинад фаг нæ уыди. Хъуамæ æппæт сагъæстæ дæр иуварс акæнай æмæ дæ хъуыдытæ саразай, дæ размæ цы нысан æрæвæрдтай, уымæ.

Цыбыр дзырдæй, цалдæр мæйы фæбадтæн изæрыгæтты мæ куысты (хæдзары, ома фатеры мын фадæттæ нæ уыди, иу уаты — раст зæгъын хъæуы, йæ фæзуат чысыл нæ уыди, — фæлæ дзы цардыстæм мæ дыууæ хоимæ) æмæ æппынфæстаг мæ повесть кæронмæ фыст фæдæн. Радтон ын ахæм сæргонд: «Уалдзыгон стъалытæ».

Чидæр, дам, хъомгæс цæуын йæ сæрмæ хаста, фæлæ йæ мызд исынæй æфсæрмы кодта. Мæн дæр уыцы æмбисонды азар фæцæйсыгъта. Фысгæ йæ ныккодтон, фæлæ йæ равдисын никæмæ уæндыдтæн. Никæмæ, зæгъгæ, йæ машинисткæйыл баууæндыдтæн, æмæ мын дзы раппæлыд. Уый мæ иуцасдæр ныфс бауагъта. Уымæн æмæ хуымæтæг чиныгкæсæг цурон ныхас нæ зæгъдзæн, йæ зæрдæмæ цы нæ фæцæуа, уый дæр нæ басусæг кæндзæн. Стæй дын дæ къуыхцытæ афтæ æнæхин æмæ цæстуарзонæй бамбарын кæндзæн, æмæ йæ сыгъдæгзæрдæдзинадыл нæ фæдызæрдыг уыдзынæ, фылдæр хæттыты йемæ сразы уыдзынæ, фæлæ дæм мæнæ чингуытыл рецензитæ фыссынæй чи базæронд, уыдон ахæм аиппытæ ссардзысты, ахæм уайдзæфты бын дæ фæкæндзысты, æмæ тагъд рæстæджы дæ къухмæ фыссæнгарз сисынхъом нал уыдзынæ. Фæлæ дын, кæмæн фыссыс — фысгæ критиктæ, поэттæ, прозаиктæ æмæ драматургтæн дæр кæныс, æрмæст уыдон сæйраг не сты, сæйраг сты хуымæтæг дзыллæтæ уыдоны цæст хорздзинад дæр бауарздзæн, дæ аипп дæр сæ зæрдæмæ арф айсдзысты æмæ, кæд сæ бон уа, уæд, цæмæй иуварсгонд æрцæуа, ууыл дæр бацархайдзысты. Нæ критиктæн та сæ иу хай — стæй сæ чысыл хай нæ — ахæм зондыл хæст у: хорздзинад ын фæуыдзынæн, ома йæ чиныджы тыххæй мæ хъуыдытæ зæгъдзынæн, адæмы йæм æркæсын кæндзынæн, фæлæ мæ æвыдæй дæр нæ баззайдзæн. Цы хорздзинад ын фæдæн, ууыл æм фæсмон æрцæуын кæндзынæн. Ахæм критик мæм, иуæй-иу «уæздан» адæймаджы хуызæн фæкæсы. Зæронд усы фæндаджы иннæ фарсмæ бахизын фæфæнды. Фæлæ йæ ныфс нæ фæхæссы. «Уæздан» адæймагæн гæнæн нал вæййы — æгъдау æй æрцахсы — æмæ мæгуыр усы къухыл фæхæцы æмæ йæ сыфцæй ласæгау фæфале кæны. Чи зоны, йæ цонгыл ын цъæхтæ дæр ныууадзы.

Æз рагæй нырмæ дæр хуымæтæг чиныгкæсæджы хъуыдыйæн фылдæр аргъ кæнын. Уыдон дæр се ’ппæт раст нæ вæййынц, чи зоны, сæ дзæвгар хай, фæлæ дын дзы йæ хъуыды фыдæнæны хуызы ничи зæгъдзæн, стæй дзы йæ дур бæмбæджы дæр ничи батухдзæн, æмæ æз дæр мæ «Уалдзыгон стъалыты» фыццаг кæсæгыл баууæндыдтæн, фæлæ йæ уæддæр адæмы æхсæнмæ рахæссынмæ зивæг кодтон. Повесть дзæвгар рæстæг ме стъоллагъзы куы фæлæууыд, уæд чысыл фæкъæйныхдæр дæн æмæ йæ Дзаттиаты Тотырбегмæ раттон. Бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ нæ бауагъта. Цыбыр рæстæгмæ йæ бакаст æмæ дзы, куыд æнхъæл нæ уыдтæн, афтæ раппæлыд. Уыйбæрц æй дæхимæ дзæгъæлы фæдардтай — афæдзæй фылдæры размæ ныффыстон, зæгъгæ йын уый размæ загътон — «Мах дуг»-мæ, дам æй ратт. Радтон æй æмæ йын йæ фыццаг хай ныммыхуыр кодтой, «Уыдзæн ма», зæгъгæ, ахæм кæронимæ. Ницы йæм бавнæлдтой. Куыддæриддæрæй сæм æй раттон, афтæмæй йæ рауагътой. Æнхъæлдтон, йæ дыккаг хай дæр афтæмæй баззайдзæн, фæлæ фæрæдыдтæн. Кæйдæр чи уыд, уый зонгæ дæр кæнын, «ивддзинæдтæ» йæм кæм бахаста, уыцы экземпляр йæ къухвæдтимæ абон дæр мæхимæ ис, цы дзы аразын, уый дæр нæ зонын, афтæмæй — барджын сис ын фыды усы митæ бакодта. Хуыцау хорз, æмæ мын мæ «зондджын» редакторы средакци кæныны фадат фæци: хицæн чиныгæй куы цыд, уæд, повестæй цыдæриддæр аппæрста, уыдон фæстæмæ сæ бынæтты сæвæрдтон, йæхицæй йæм цы бафтыдта — мæ амондæн, уыдон цалдæр дзырды йеддæмæ нæ уыдысты, уыдон та æппаргæ акодтон. Хъайтыхъты Геор дæр, æвæццæгæн, ахæм уавæрты бахауыны фæстæ ныффыста ацы дыууæ рæнхъы:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.