Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 18 страница



Куы зæгъын, уыцы цау адæмы сæхимæ хъусыныл фæкодта, фæлæ æнæнхъæлæджы хабары бон циндзинад фæкъахыр кæнын нæ баци. Хъæлдзæгдзинад та йе ’ргом фынгтæм раздæхта æмæ йæ амондхæссæг тынтæй ныррухс кодта адæмы цæсгæмттæ. Æрмæст, драматург цы фæцис, уый нал ауыдтон. Фæстæдæр мын куыд радзырдтой, афтæмæй, дам, фæтæргай æмæ сæхимæ афардæг. Уыйхыгъд кæцæйдæр фæзынд Бестауты Гиуæрги.

Уымæй размæ лæгæй-лæгмæ никуы фембæлдыстæм, фæлæ йæ йæ фыстытæм гæсгæ зыдтон, чысыл фæстæдæр та йæ базыдтон йæ тæлмацмæ гæсгæ дæр. Уыцы азты поэт куыста Шота Руставелийы «Стайыцармдарæг» ирон æвзагмæ раивыныл. Ахæм хъуыддаг райдайынмæ йæ ныфс тыхджын æмæ — сæйраджыдæр — курдиатджын адæймаг бахæсдзæн. Гиуæрги йæхимæ банкъардта ахæм хъарутæ æмæ бавнæлдта, йе сфæлдыстадон азты дзæвгар хай йын чи бацахста æмæ йæ уды хъармæй кæй батавта, уыцы арфæйаг фæллоймæ. Йæ «Райдайæн»-ы фыццаг хай мыхуыры фæзынд журнал «Фидиуæджы» 1966 азы æртыккаг номыры, йæ дыккаг, кæронбæттæн хай та уыцы аз фæндзæм номыры. Гиуæргийæн тæлмацыл кусын стыр æхсызгондзинад хаста, фæндыди йæ, цæмæй цытджын гуырдзиаг поэты æнæмæлгæ уацмысимæ базонгæ уыдаиккой, цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр адæм. «Стайыцармдарæг» Ирыстоны уый размæ дæр æнæзындгонд нæ уыди, фæлæ Бестауы-фырт йæхицæн кад æмæ намысыл нымадта Руставелийы ирон æвзагмæ ногæй ратæлмац кæнын.

Куыд дзурынц, афтæмæй Гиуæрги гуырдзиагау дæсны уыд, йæ фыццаг æмдзæвгæтæ дæр уыцы æвзагыл ныффыста æмæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дæлрæнхъонты сæр ницæмæн хъуыд. Æвзаг зонын тæлмацгæнæгæн тæккæ хуыздæр æххуысгæнæг у. 1966 азмæ кадæгæй цас ратæлмац кодта, уый нæ зонын, фæлæ уыцы аз «Стайыцармдарæг»-æй газет «Рæстдзинад»-мæ æрбарвыста йæ фыццаг сæргонд «Араппы (хицæн чиныгæй йæ куы уагъта, уæд æй «Арабы» скодта) паддзах Ростеваны хабар». Хъаныхъуаты Валодямæ йæ писмойы фыста:

 

«Дæ бон хорз, Валодя! Дæхæдæг æй зоныс — а фæззæджы, сентябры 25-ы æгас дуне цытимæ нысан кæны генион гуырдзиаг поэт Шота Руставелийы райгуырдыл 800 азы сæххæсты бон. Уый ссадвæдыл нæ цытджын хицæутты бафæндыд, цæмæй Руставелийы кадæг „Стайыцармдарæг“ ирон æвзагмæ тæлмац æрцæуа ногæй. Хъуыддаг бахæс кодтой мæнæн. Кадæджы райдианыл дæ цæст схæцыдаид „Фидиуæджы“ номырты (ацы аз, №3, №5). Уый — йæ райдиан, йæ фыццаг сæр та мæнæ уый у.

Кадæгæн йæхи тыххæй ницы зæгъын, утæппæт æнусты саудалынджы нæ дугмæ цырагъау рухсгæнгæ чи рахæццæ, уый ме ’ппæлдхъуаг нæу. Дзырд цæуы тæлмацыл. Кæд дæм истыгар фæкæса æмæ дын дæ газеты нæ сæвидыц кæна, уæд æй газеткæсджытæн куы равдисис.

„Стайыцармдарæг“ раивын мæхимæ хæрзиуæджы хъуыддаг кæсы. Аив тæлмацæй йæ бон бирæ хорзы бацæуын у, нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйæн æгъуыстаджы ахъаз бакæнид.

Уацмысы арф философон хъуыдытæ, йæ судзгæ поэтикон æнкъарæнтæ, йæ диссаджы æхцонзæл — æппæт адон зын рахæссæн сты тæлмацмæ. Руставелийы æмдзæвгæйы рæнхъ цардæгас тугдадзинау тæлфы, фæлæ нæ ирон æвзаг хъомысджын хæцæнгарз у поэты къухы. Тæлмацгæнæджы хъару мын зæгъ, æндæра иронау фидаугæ тынг скæнид кадæг. «Стайыцармдарæджы» поэты равг, поэты зæрдæйы уаг баст у фидар тæгтæй йæ ритмимæ, йе ’ддаг поэтикон миниуджытимæ. Уыйадыл æй тæлмац кæнын, оригиналы куыд у, раст афтæ — бæрзонд æмæ ныллæг 16-уæнгон шаирийæ. Ритм кæны зæрдæйы æнкъарæнты æмæ архайджыты æмдзу æмæ уымæ гæсгæ куы тагъд вæййы, куы сабыр. Оригинал фидауы алы строфайы цыппар иухуызон рифмæйæ. Йæ уыцы миниуæг дæр ын, гæнæн уæвгæйæ, хæссын тæлмацмæ. Мæ сæйраг хæсыл нымайын, цæмæй ирон чиныгкæсæг раст æмæ арф бамбара кадæджы, байрайа йе ’ппæт хæрзиуджытæй. Цас мын æнтысы, уымæн та тæрхонгæнæг — адæм. Гъе уый дын цыбырæй мæ митæ.

Кæд кадæджы ацы сæр мыхуыры рауадзынвæнд кæнай, уæд амал уæвгæйæ — июлы 26–28-ты онг. Уый фæстæ „Фидиуæджы“ рацæудзæн æмæ газетæн нал сбæздзæн.

Зонын æй, Валодя, газетмæ бирæ æрмæг цæуы. Кæд дын фадат нæ уа, уæд дæхи тынг ма батыхсын кæн. Кадæджы сæр егъау у, мæхæдæг дæр æй хатын, фæлæ характерон бынат у уацмысæй.

Дæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт!

Дæ хорзмæ бæллæг, дæ хъуыддæгтæй зæрдæрай кæстæр — Г. Бестауты. 1.VII.66 аз».

 

Дарддæры хабæрттыл дзурыны размæ цалдæр ныхасы зæгъынмæ хъавын ацы писмойы хъысмæты тыххæй. Иу-æхсæз æмæ йæ ссæдз азы дæргъы мæхимæ æфснайдæй фæдардтон, фæлæ йæ, дæс азы бæрц ыл цæудзæн, афтæ журнал «Мах дуджы» кусджытæй кæмæдæр раттон, æрмæст мыл æй фæстæмæ нал сæмбæлын кодта. Хорз уыд, æмæ мæм йæ халдих (къопи) баззад æмæ дзы уый руаджы мæ мысинæгты спайда кодтон.

Ахæм писмотæ мæхæдæг дæр бирæ истон — хъыгагæн, Гиуæргийы фыстæджы хуызæн уыдон бахъахъхъæнын мæ зонд не ’рцахста. Нæ автортæ ноджы фылдæр та фыстæджытæ æрвыстой Валодямæ æмæ-иу дзы, культурæйы хайадмæ чи хауд, уыдон æрмæджытимæ редактор мæнмæ ’рбахаста. Æрбахаста мæм Бестауты Гиуæргийы тæлмац æмæ писмо дæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Валодя литературон æрмæгмæ хъулон цæстæй кæй каст. Иуæй, йæхæдæг дæр æмдзæвгæтæ фыста — кæд редакторæй кусын куы райдыдта, уæд æй сфæлдыстадмæ уыйас нал æвдæлд, уæддæр, иннæмæй та хорз æмбæрста, фыссæджы ныхас газеты кад бæрзонддæр кæй кæны, уый æмæ архайдта, цæмæй редакци æмæ сфæлдыстадон кусджыты бастдзинæдтæ фидарæй-фидардæр кæной, ууыл. Литературон æрмæг уæлдай арæхдæр мыхуыр кæнын райдыдтам, æз хайады сæргълæууæгæй кусын куы райдыдтон, уæд. Редакторæй мæ ныфс уыд æмæ архайдтон, цæмæй, нæ фысджытæ хорзæй цы фыстой, уый, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд цыдаид. Мæ ныхмæ дзурджытæ дæр уыди, уæлдайдæр хъæууон хæдзарады хайады кусджытæй. Уыцы рæстæджы дзы куыста иу дæргъæй-дæргъмæ урссæр нæлгоймаг — Мамсыраты Мурат нæмттæ ’вæрынмæ дæсны кæм нæу! — æмæ йæ фæсаууонмæ Теуа рахуыдта — æмæ уый æппæты тынгдæр архайдта цæлхдуртæ æвæрыныл. Хайады ныхмæ арæхдæр фæсаууон дзырдта, фæлæ-иу æм хаттæй-хатт æргомæй дзурыны ныфс дæр разынд, æмæ-иу мыл сбустæ кодта:

— «Рæстдзинад» «Литературон газет» нæу. Æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ æгæр арæх дæттæм...

Æз дæр ын-иу йæ хæцæнгарз йæхи ныхмæ фездæхтон:

— «Литературон газет» нæм кæй нæй, нæ фысджыты уацмыстæ афтæ арæх уымæн мыхуыр кæнæм.

Ахæм заман-иу æм Валодя иу дзагъул куы бакодта, уæд-иу йæ дзыхæй хъыпп дæр нал ссыд. Гиуæргийы тæлмацы ныхмæ дæр цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ, редакторимæ нæ хъуыды иу у, уый куы бамбæрста, уæд ын йæ тæппуддзинад дарддæр дзурыны бар нал ратта. Уæвгæ та йæ комкоммæ уыдæттимæ ницы хъуыддаг уыд, уымæн æмæ хуымæтæджы литературон кусæг йеддæмæ ницы уыд, ноджы лæмæгъдæрæн скæнæн нæй, ахæм, фæлæ алы хъуыддаджы дæр йæ фындз тъыста.

Цыбыр дзырдæй, Гиуæргийы курдиат зæрдыл даргæйæ, бацархайдтон, цæмæй тæлмац июлы кæронмæ мыхуыры рацыдаид. Ныффыстон ын ахæм чысыл разныхас: «Ацы аз 25 сентябры æппæт дунейы адæмтæ дæр бæрæг кæндзысты Шота Руставелийы райгуырды 800 азы бон. Номдзыд поэты кадæг „Стайыцармдарæг“ ногæй ратæлмац кæнын хæсгонд æрцыд Бестауты Гиуæргийæн. Дæлдæр мыхуыр кæнæм кадæгæй иу хай».

Гиуæрги йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй кадæгæй скъуыддзаг стыргомау уыд — дыууиссæдз куплеты — ноджы æхсæрдæсуæнгон дæргъæй-дæргъмæ рæнхъытæ, фæлæ уыдæттæ ницæмæ ’рдардтам, æмæ кæд цыфæнды стыр фæзуат ахста, уæддæр æй æнæхъæнæй ныммыхуыр кодтам 1966 азы 22 июлы, ома Гиуæрги йæхæдæг цы кæройнаг æмгъуыд бацамыдта, уымæй къуыри раздæр...

Бестауы-фырты фæзынд нын нæ хъæлдзæгдзинадыл бафтыдта. Мах, иуæй, Цæгатæй æрцыдыстæм, иннæмæй та Гиуæрги фысым уыди, ноджы хуымæтæджы фысым нæ, фæлæ бындурон — уымæн æмæ «Фидиуæджы» бæрнон секретарæй куыста. Уымæн ныл афтæ тынг узæлыди, алы хуызы дæр архайдта махæн балæггад кæныныл. Æппæт дæр арæзта, цæмæй алцыдæр нæ зæрдæмæ фæцыдаид. Уæвгæ дзы, зæрдæмæ цы нæ фæцыдаид — уыцы дзæбидыры кой куы ферох кæнæм, уæд — ахæмæй хæснагæн дæр ницы ссардтаис. Уæддæр-иу Гиуæрги рæстæгæй-рæстæгмæ нæ уæлхъус алæууыд, кæм нын-иу хæринаджы дзæбæх нæ разы авæрдта, кæм-иу кæрæдзийы къухæй нуазæнтæ банызтам...

Куы ма йæ загътон: уымæй размæ Гиуæргиимæ зонгæ нæ уыдыстæм, лæгæй-лæгмæ никуы фембæлдыстæм. Ныр уымæн фадат куы фæци, уæд æй бафæндыд, цæмæй йæ мæ зæрдыл тынгдæр бадарон æмæ мын балæвар кодта йе ’мдзæвгæты чиныг «Æхсæв æмæ бон». Куы йæ рафæлдæхтон, уæд дзы бакастæн ахæм фыст: «Ме ’мрихи Музафер, Хуссар Ир дын макуы уæд æцæгæлон. (Йæ къухæвæрд) 3.03.67 аз.»

Уый уыди мæ фыццаг æмæ фæстаг фембæлд, ирон литературæйы йæ курдиат æнусмæ тæмæнтæ кæмæн калдзæн, Бестауты уыцы Гиуæргиимæ...

XIV

Нæ хъæуы, æвæццæгæн, телефон радиойæ раздæр фæзынд, уымæн æмæ уынгты радиойæн телыхъæдтæ куы сагътой æмæ нæ хæдзæртты «тæбæгътæ» куы фæзындысты, уый хорз хъуыды кæнын, фæлæ нæм фыццаг телефоны дзæнгæрæг кæд ныццагъта, уый æрымысын мæ бон нæу. Уыцы рæстæджы нæ хъæуы æртæ телефоны йеддæмæ нæ уыд: хъæусоветы, колхозы правленийы æмæ почтæйы. Радио та, куыддæр фæзынд, афтæ бирæ хæдзæрттæй райхъуыст йæ хъæлæс. Телефонæй адзурынмæ йæ былыцъæрттæ чи нæ хордта, ахæмтæ мæ карæнты ’хсæн зынæй разындаид. Суанг, телефонæй чи дзырдта, уымæ хъусын æмæ кæсынæй дæр æхсызгондзинад истам. Диссаг нæм каст — стæй диссаг уæвгæ дæр уыди — зæгъæм, Бæрæгъуынæй Æрыдонмæ авд километры куы ис, уæд дзы иуы ныхас иннæмæ куыд хъуысы, уый. Скъолайæ здæхгæйæ-иу æдзухдæр мæ фæндаг почтæйыл акодтон æмæ-иу мын телефонæй дзурæгмæ байхъусыны фадат куы фæци, уæд-иу нæхимæ здæхтæн зæрдæхъæлдзæгæй. Базыртæ-иу мыл базад, мæ цин-иу цæуыл уыд, уый бæлвырд мæхæдæг дæр нæ зыдтон, фæлæ мыл цыдæр хорздзинад кæй æрцыд, уый кæцыдæр æнкъарæнæй хатыдтон.

Иуахæмы та мæ фæндаг акодтон почтæйыл. Тыргъты лæугæ баййæфтон ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзугкойты Зойæйы. Йæ фæйнæфарс лæууыдысты дыууæ лæппуйы. Иу дзы мæ карæн уыдаид, иннæ мæнæй иу-дыууæ азы хистæр. Уыцы рæстæг иу нæлгоймаг телефонæй дзырдта æмæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй Зойæ йæ ныхасы фæуынмæ æнхъæлмæ каст. Иуцасдæры фæстæ лæг хæтæл æрæвæрдта æмæ нæ ахуыргæнæгмæ дзуры:

— Зойæ, искуыдæм адзурын дæ зæрды ис?

— О, мæнæ мæ хæрæфырттæ, — æмæ лæппутæм ацамыдта, — сæхимæ сдзурынмæ хъавынц.

Зойæйы мад Федо нæ хъæуккаг Цогойты Гæдойы бинойнаг уыди, Зойæ дæр уыдонимæ царди. Йæ хистæр хо Афассæ — Плиты, Грисы бинойнаг. Зойæ йæ хæрæфырттæ кæмæй загъта, уыдон та — Афассæ æмæ Грисы лæппутæ Левæ æмæ Алан.

Хабæртты бæлвырддзинæдтæ скъолайы ме ’мкъласонтæй базыдтон æмæ мæхинымæр дисы куыннæ хъуамæ бацыдаин! Федотæ мæ мадырвадæлты уæллаг фарс цардысты, æмæ-иу æй арæх федтон, фæлæ йæ сиахс, мах йе ’мдзæвгæтæ скъолайы кæмæн ахуыр кодтам — «Рæсугъд испайнагæн йæ цæрæн, Хъæздыг йæ бæстыхъæд æрдзæй...» — ахæм хъуыстгонд лæг уыди, уый нæ зыдтон æмæ йæм уыцы бонæй фæстæмæ кæсын райдыдтон бынтон æндæр цæстæй. Уымæй къаддæр дис нæ фæкодтон, сæхимæ телефон кæй уыдис, ууыл дæр. Уæды онг, хæдзары телефонæн уæвæн ис, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыд æмæ сæм хуымæтæджы хæлæг бакодтон, сæ бинонтæ та мæм фæкастысты бынтон æндæр зæххыл цæрæг адæмы хуызæн...

Хуыцауы афтæ бафæндыд, æмæ бирæ азты фæстæ æз уыцы бинонтимæ хæстæг базонгæ дæн, æмæ дзы алкæй тыххæй дæр цы радзурон, уый ис, фæлæ уал уый размæ, чысыл фæстæдæр мæ царды цы ивддзинæдтæ æрцыди, уый тыххæй хæрз цыбырæй...

Ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты Бæрæгъуыны авдазон скъола йеддæмæ нæ уыдис. Ирон æвзаг æмæ нын литературæ лæвæрдта Дзугкойты Зойæ. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ мах æппæт предметтæ дæр ирон æвзагыл кæй ахуыр кодтам. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: æппæт предметтæ дæр. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы уроктæй фæстæмæ уырыссагау иу урочы дæр нæ дзырдтой æмæ-иу Николаевскы станицæмæ, иронау иунæг ныхас дæр кæм нæ дзырдтой, уыцы скъоламæ куы бацыдысты, уæд се ’мгæрттæй цауддæр нæ ахуыр кодтой, сызгъæрин майдантæ дæр-иу сын раттой, институттæм цæугæйæ дæр фæстæдæр никæмæй задысты. Уæд ирон æвзаг ахуыр кæнын цалдæр къæпхæны уæлдæр æвæрд уыдис æмæ фæдисы дзæнгæрджытæ ничи цагъта, æрыгон фысджытæ æмæ журналисттæ нæй, артисттæ нæ фаг кæны, иронау фыссын нæ, фæлæ дзурын чи зоны, ахæм адæмы нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны, зæгъгæ.

Гъе æмæ, æппæт предметтæ дæр иронау кæм ахуыр кодтой уыцы авдазон скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Николаевскы станицæйы астæуккаг скъоламæ. Уый фæстæ та — институтмæ. «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд фысджытæй кæимæ нæ базонгæ дæн, ахæм, зæгъæн ис, æмæ нал баззад. Уæлдайдæр, культурæйы хайады кусын куы райдыдтон, уæд. Кæд искæимæ тынг бахæлар дæн, уæд уыдонæй иу уыд Плиты Грис. Куы-иу мæ ауыдта, уæд мыл-иу хионау бацин кодта. Дзургæ та мæм кæд кодта «Дзасохты паддзах»-æй. «Сызгъæрин фест, сызгъæрин!» — бафтыдта ма-иу йæ ныхасмæ.

Грисимæ хуымæтæджы зонгæ нæ уыдтæн, фæлæ мын хорз æххуыс кодта куысты мидæг. Йæ сæр мæ-иу кæм бахъуыд, уым-иу фылдæр хатт мæ фарсмæ æрбалæууыд, куы нæ-иу æй æвдæлд, уæд та-иу мæ хатыр ракуырдта, кæннод та-иу мын, куыд бакæнын хъæуы, уый бацамыдта. Грисы-иу арæх ссардтон, кæддæр мæ дисы чи бафтыдта, уыцы телефоны фæрцы. Фылдæр-иу хæтæл систа Афассæ. Мæхи-иу ын куы бацамыдтон, уæд-иу æнæмæнг арфæтæ кæнынмæ фæци: «Цæрæнбонтæ дæ уæд, Музафер!» æмæ та-иу йæ сæрыхицаумæ фæдзырдта: «Грисæ, Музафер дæм дзуры».

Æппæт фысджытæ «Рæстдзинад»-имæ æнгом баст нæ уыдысты. Ахæмтæ дзы уыд, æмæ-иу къордгай азты сæ ном газеты нæ фæзынди, афтæмæй-иу сæм дзургæ дæр кодтам, мæнæ ахæм æмæ ахæм фарстайы фæдыл дæ хъуыды куы зæгъис, уæд æвзæр нæ уаид, зæгъгæ. Фæлæ, куы зæгъын, адæймаджы ныхас-иу кæмæ фехъуыст, уыдон бирæ нæ уыдысты. Кæд мæ исчи æмбæрста æмæ газеты куыстыл аудыдта, уæд — Плиты Грис.

Сфæлдыстадон кусджыты æхсæн афтæ нымад у: æмдзæвгæтæ курдиатмæ, искæй фæндонмæ гæсгæ нæ фыссынц. Æмæ уый раст у. Фæлæ хаттæй-хатт афтæ вæййы, æмæ поэтæй цы фæдомынц, уый йæ мидхъуыдытимæ баиу вæййы, æмæ уæд райгуыры æцæг поэтикон уацмыс...

Фыццæгæм май æрбацæйхæццæ кодта. Уыцы рæстæджы та бæрæгбоны газет æмдзæвгæйæ фидыдта. Уый йæ ныр рохуаты ныууагътой, æндæр уæд кадджын уыд. Стæй канд бæрæгбоны заман нæ, фæлæ — кæддæриддæр. Æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ æндæр литературон уацмыстæ мыхуыр кæнын йæхицæн хæсыл нымадта мыхуыры кæцыфæнды оргæн дæр. Ныр литературон æрмæгæн, зæгъæн ис, æмæ йæ фæндæгтæ алы ранмæ дæр æхгæд сты. Уый дæр не ’намонд дуджы зылынгæнæг миниуджытæй иу у, уымæн æмæ удсыгъдæггæнæн фæрæзтыл къух кæм систæуыд, уыцы æхсæнадæн фидæн нæй. Кæннод цы уавæры ис фельетон? Кæцы газеты ма йыл уæ цæст æрхæцыд? Чи ма тырны йæ ныффыссынмæ? Æви нæ хъæндзинæдтыл былар бафтыдæуыд? Сатирæйы джебогъæй кæй ныррæхуыстæуа, уый нал ис? Ис! Раздæрæй — фылдæр! Ныры хуызæн никуы хъæуы бырæттæ хурмæ калын, фæлæ сæ чи кала, уый нал и, уымæн æмæ нæхæдæг бырæтты бын стæм. Къæрныхтæ æмæ фæлитойтæ къæлæтджынты бадынц. Цæстфæлдахджытæ сыгъдæгзæрдæ адæмæн зондамонæг сты. Давын кæй фæнды, уыдонæй иу дæр æнæдавгæ кæм нæу, уыцы бæстæ абон кæуинаг у, райсом хъарæггæнинаг...

О, æмæ майы бæрæгбонмæ æмдзæвгæ кæй бахъуыд, уый кой рацæйкодтон. Редакцимæ-иу хæддзуйæ дæр æрбацыд, бæрæгбоны номыры чи сфидыдтаид, ахæм æмдзæвгæтæ, фæлæ дзы уæд, зæрдæ кæмæй барухс уыдаид, ахæм нæ разынд, æмæ Грисмæ æххуысмæ фæдзырдтон. Раст зæгъын хъæуы, хъуыддаг къуырцдзæвæнмæ не ’руагътон: бæрæгбонмæ ма дзæвгар бонтæ уыд æмæ поэтмæ мæ ныфс уымæй дæр хастон, нырма рæстæг ис, æмæ ахъуыды кæн, зæгъгæ. Ахæм курдиатыл-иу Грис кæддæриддæр зивæггæнгæ æмбæлд. Иуæй йын йæ сæйраг куыст къуылымпы кодта, иннæмæй та кæйдæр фæндонмæ гæсгæ хорз æмдзæвгæ зын фыссæн у, Грис та лæмæгъ æмдзæвгæтæ фыссын ахуыр нæ уыд. Тынгæй-тынгдæр æм куы хатыдтон, уæд мын æппынфæстаг сразы, ахъуыды, дам, кæндзынæн. Цалдæр боны рацыд, æмæ поэт йæхæдæг æрбадзырдта, цыдæртæ ныххылы-мылы кодтон æмæ дæм сæ фæхæссын, зæгъгæ. Кæд, цы ныффыста, уый кæсгæ нæма бакодтон, уæддæр æууæндыдтæн, уацмыс кæй фæрæстмæ, ууыл, уымæн æмæ йæ иугæр Плийы-фырт газетмæ æрбахæссыны хъуыдымæ æрцыд, уæд дзы зæрдæхсаинаг ницыуал ис. Æмæ нæ фæрæдыдтæн.

Грис мæм, æдзухдæр куыд кодта, афтæ машинкæйыл мыхуыргондæй æрбахаста сæрмагондæй «Рæстдзинад»-æн цы ’мдзæвгæйыл фæкуыста, уый. Нæма мæм æй ратта, афтæ йыл рагацау тугтæ фæмысыди, лæмæгъ æй рахуыдта, кæй нæ фæрæстмæ, уымæн цалдæр æфсоны дæр ссардта. Æз æм хъуыстон, фæлæ тынг дызæрдыг кодтон йæ ныхæстыл, уымæн æмæ-иу уымæй размæ дæр йæ рæнхъыты тыххæй æндæрхуызон хъуыды никуы загъта. Райстон æмдзæвгæ æмæ йæ бакастæн. Мæ зæрдæмæ фæцыди. Арфæ йын ракодтон. Йæ къух райсынмæ йын хъавыдтæн, фæлæ мæм æй нæ лæвæрдта, хъазгæ мæ кæныс, зæгъгæ. Æз ын уæддæр йæ къух фидар нылхъывтон æмæ хъæрæй бакастæн, æмдзæвгæйæ тынгдæр мæ зæрдæмæ цы рæнхъытæ фæцыдысты, уыдон:

 

Уалдзæджы тæккæ цырены

Дуне амондыл фæхæст:

Раст апрелы райгуырд Ленин

Æмæ майы амард хæст!

 

Бакастæн, зæгъгæ, загътон, фæлæ сæ дзургæ ракодтон, гæххæтмæ иу хатт дæр не ’ркастæн, афтæмæй. Раст зæгъын хъæуы, уымæй размæ сыл мæхинымæр цалдæр хатты мæ цæст ахастон æмæ сæ куы бахъуыды кодтон, уæд сæ авторы цур радзырдтон. Уымæй ма йын йæ зæрдæ ноджы тынгдæр балхæдтон. Раздæр ын цы ныхæстæ загътон, уыдоныл кæд истæмæй дызæрдыг кодта, уæд, мæнмæ гæсгæ, уыцы дызæрдыгдзинадæн йæ кой дæр нал уыд.

— Оу, дæ цæрæнбон бирæ уа, — ныр та мын мæ къух Грис райста, — мæ зæрдæ мын æнæнхъæлæджы чи барухс кодта!

Ахæм цаутæ ма мæ бон ноджыдæр æрымысын у, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, æрмæст ацы хабар дæр фаг у, цæмæй мын Грис куыд æххуыс кодта, уый цæстытыл ауайа, уымæн.

Поэт-иу мæм йæхæдæг стæм хатт æрбахаста йæ фыстытæ. Фылдæр хатт-иу æм мæхæдæг æрхатыдтон. Фæлæ йæ «Рагон Ир», бирæ хъыцъыдæттæ йын чи баназын кодта æмæ мæнæн дæр фыдæбоны хос чи фæци, йæ уыцы æмдзæвгæ йæхæдæг æрбахаста. Бакастæн æй, иу хатт нæ, фæлæ цалдæр хатты, йæхæдæг дæр мæ цуры уыд, афтæмæй. Иуцасдæр мæ бон сдзурын ницы баци. Цы историон цауты тыххæй фыста, уыдонæй зæрдæ йæхи къултыл хоста, кæд сыл бирæ æнустæ рацыд, уæддæр сæ æгъатырдзинадæй адæймаджы зоныгдзавд кодтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.