Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 10 страница



— Аксиньяйы ролы хуыздæр ничи ахъазыдаид...

Первенцевы ус актрисæ кæй уыд, уый ма мын цы базонын хъуыд, фæлæ, стыр хъыгагæн, йæ мыггаг кæмæй у, уымæй бафæрсынæй бафсæрмы кодтон.

Луговскойы усимæ куы нæма базонгæ дæн, уæд мын, сфæлдыстадон хæдзармæ мæнæй раздæр чи ’рцыд, уыдонæй чидæр поэты хабæрттæ радзырдта. Цæвиттон, Владимир Хъырым йæ уды бæрц, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, афтæ уарзта. Фадат ын-иу куы фæци, уæд æдзухдæр ардæм цыд. Йæ мæлæты рынчын куы ’рци, уæд йæхиуæттæн бафæдзæхста, цæмæй йын йæ зæрдæ, Ялтæйы А. П. Чеховы номыл сфæлдыстадон хæдзары кæрты цы дынджыр къæдзæхдур ис, уым бавæрой. Æмæ йын йæ фæдзæхст сæххæст кодтой.

Иу лæг иннæйы уæхсчытыл куы слæууа, уæд кæдæм сæххæсдзæн, ахæм бæрзæндыл дур байгæрстой, зæрдæ дзы бавæрдтой æмæ йæ поэты барельефæй сæхгæдтой. Куыд мын радзырдтой, афтæмæй-иу йæ бинойнаг — йæхицæй иу-ссæдз азæй дæр кæстæр, тынг аив æмæ зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг — алы аз дæр йæ гуырæн бон Мæскуыйæ стахт æмæ-иу ын, йæ зæрдæ цы дуры æвæрд ис, уый бын рухсаг загъта, балтæ-иу ын ныххæлар кодта — дыргътæй, дам, балæй фылдæр ницы уарзта — æмæ-иу сæ зæххыл байтыдта.

Луговскойы бинойнагимæ цы бон базонгæ дæн, поэт дæр уыцы бон райгуырд æмæ къæдзæхдуры бын сау балтæ пырхæй мæхæдæг дæр федтон.

Уыцы изæр бирæ фæныхæстæ кодтам. Фарстой мæ Ирыстонæй, иумæйаг зонгæтæ дæр нын разынди. Иуахæмы мæ Луговскойы бинойнаг бафарста, уырыссаг æвзагмæ, дам, дæ ничи тæлмац кæны. Æз ын кæйдæрты ранымадтон, уыдонимæ Вероникæйы дæр. Тушновайы ном куы айхъуыста, уæд фенкъард æмæ мæ афарста:

— Тынг рынчын кæй у, уый зоныс?

Нæ зонын, зæгъгæ йын загътон. Ноджы йын загътон, лæгæй-лæгмæ кæй никуы сæмбæлдыстæм, уый дæр. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, афæдзæй чысыл раздæр мæм йæ писмойы цы ныхæстæ ныффыста, уыдон: «... рынчын уыдтæн, стæй тынг рынчын».

Вероникæйы тæлмацтæ мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уый фæстæ дæр мæ фæндагыл бирæ хорз тæлмацгæнджытимæ фембæлдтæн æмæ æппæты тынгдæр кæй куыстыл бацин кодтон, уыдоны æхсæн Тушнова сæрмагонд бынат ахсы. Æмдзæвгæтæ газеты мыхуыры куы рацыдысты, уæд мæ бафæндыд Вероникæмæ ног дæлрæнхъонтæ арвитын. Газетимæ цы писмо арвыстон, уым æм æрхатыдтон, дæлрæнхъонтæ ма скодтон æмæ, кæд дæ зæрдæмæ фæцæуой, уæд сæ ратæлмац кæн, зæгъгæ. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мæм йæ писмойы фыста:

«Дорогой Музафер! Получила газету — спасибо. А стихи, как видите, так понравились, что перевела тотчас же.

Понравилось больше всего первое. (Вероникæ цы ’мдзæвгæйы кой кæны — «Цард æмæ мæлæт» — уый райдайæнæй кæронмæ дæр у тынг æнкъард фыст. Зæгъæм, ис дзы ахæм рæнхъытæ:

Ахæм рæстæг ралæудзæни искуы:

Дзыллæ фынгтыл баддзысты мæ хисты,

Иу аипп мæм нал ардзысты адæм,

Нал уыдзæн кæрон мæ цыт, мæ кадæн...

Афтæ вæййы алы хатт дæр царды:

Скадджын кæнынц удæгæстæ марды.

Æвæццæгæн, йæ царды кæрон кæй æрхæстæг, уый æнкъардта æмæ ’мдзæвгæ йæ зæрдæмæ арф уымæн айста.) Но и остальные тоже. Желаю Вам здоровья и дальнейших успехов в работе — в общем, много хороших стихов. Хорошо, что пишете свободно.

Крепко жму руку.

Вероника Тушнова. 18/VI-64 г.».

 

Цæмæй зыдтон, Хъырымы Луговскойы бинойнаг, Тушнова тынг рынчын у, зæгъгæ, куы загъта, уæд кæй фенкъард, уымæн æвирхъау æфсон кæй уыд. Уыцы аз йæ кусынæй банцад, бирæ зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ ма чи ныффыстаид æмæ, дæс æмæ дыууиссæдз азы йеддæмæ кæуыл нæма цыд, уыцы курдиатджын поэт Вероникæ Тушновайы зæрдæ.

X

Георы тыххæй мæм бирæ дзуринæгтæ ис, уымæн æмæ арæх æмбæлдыстæм. Кæмфæнды куы куыстаин, уæддæр мыл стырзæрдæ нæ кодта, цыди мæм уазæгуаты, касти мын йе ’мдзæвгæтæ. Æз æм хъусынæй нæ фæлладтæн, уымæн æмæ, уый цытæ дзырдта, уыдон æндæр искæмæй нæ фехъуыстаин. Цыдтæн æм æз дæр, уæлдайдæр, фысджыты Цæдисы куы куыста, уæд.

Иуахæмы та сфæнд кодта иу æмдзæвгæйы изæр саразын. Цал сахатмæ йæ снысан кодта, уый мæ зæрдыл нал лæууы, фæлæ дыууæйыл кæй нæ уыдаид, уый бæлвырд у, уымæн æмæ, дам — «дам» уымæн зæгъын æмæ ацы хабар кæмæйдæр фехъуыстон — кæддæр Геор фысджыты æмбырд сарæзта дыууæ сахатыл, фæлæ йæм иу адæймаг дæр не ’рбацыди. Æндæр бон æндæр рæстæгыл æмбырдмæ та иууылдæр æрбацыдысты. Айфыццаг цæуылнæ ’рбацыдыстут, зæгъгæ, сæ куы бафарста, уæд ын дзуапп раттой: «Дыууæйыл уыдзæн, зæгъгæ, ныффыстай, ома кæнæ уыдзæн, кæнæ нæ, зæгъгæ, æмæ уый тыххæй не ’рбацыдыстæм». Уый йыл, чи зоны, исчи мысгæ ’ркодта, фæлæ мах цы æмбырдмæ хуыдта, уырдæм алчидæр æрбацыд, йæ ног æмдзæвгæтæй хуыздæрыл кæй нымадта, уыдонæй иуимæ. Кæрæдзийы фæдыл кастыстæм не ’мдзæвгæтæ. Рад Хъодзаты Æхсармæ куы ’рхæццæ, уæд йæ дзыппытæ сгарынмæ фæци, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд ма йе ’мдзæвгæ ардта. Куынæ æмæ куынæ рæвдз кодта, уæд æм Геор дзуры:

 

Хъодзаты ’Хсар,

Де ’мдзæвгæ ссар,

Фесаф дæ сагъæс

Æмæ йæ бакæс!

 

Иууылдæр ныххудтыстæм. Цалынмæ сабыр кодтам, уæдмæ Æхсар дæр йе ’мдзæвгæ ссардта, йæ сагъæсæй фервæзт æмæ йæ кæсын райдыдта.

Мæ зæрдыл ма ноджыдæр ахæм хабар æрлæууыд. Ивгъуыд æнусы æстайæм азты астæу Геор сабырдзинад хъахъхъæнæг Советон фонды куыста. Районтæм арæх цыдыстæм, сарæзтам-иу литературон изæртæ, фембæлдыстæм-иу фæллойгæнджытимæ. Бахъуаджы сахат-иу йæ фарсмæ кæй æрбалæууыдтæн, уый дзы нæ ферох æмæ, уæлдæр цы фонды кой ракодтон, уый куысты зæрдиагдæрæй чи архайдта, уыдоны номхыгъдмæ мæн дæр бахаста æмæ мын Мæскуыйæ правленийы сæрдар А. Карповы къухфыстимæ сæрвыстой Кады гæххæтт.

Геор мæм æрдзырдта, рацу æмæ, дам дын дæ хæрзиуæг раттон. Уыцы бонты цыдæр æнæвдæлон уыдтæн æмæ мæ къухы ссæуын нæ бафтыд. Дыккаг хатт мæм куы ’рдзырдта, уæд дзы фефсæрмы дæн æмæ йæм, сихоры улæфты рæстæг ралæууыд, афтæ телефонæй сдзырдтон. Кæд мæм, зæгъын, фæлæудзынæ, ома кæд сихор кæнынмæ нæ ацæудзынæ, уæд дæм ссæуон. Рацу, зæгъгæ, загъта, æз, дам, абон сихор нал кæнын, цалынмæ дын дæ Кады гæххæтт раттон, уæдмæ. Фæцæуынæй йын зæрдæ бавæрдтон, æрмæст ма йæ бафарстон, кæцы ран бады, уымæй. Загъта мын æй: фæндзæм уæладзыджы æхсæзæм уаты. Дыууæйæ, дам дзы бадæм. Æз трамваймæ атагъд кодтон æмæ цалдæр минуты фæстæ схæццæ дæн. Уайтагъд мæ лифт фæндзæм уæладзыджы балæууын кодта. Æхсæзæм уат агурыныл дæр бирæ рæстæг нæ бахардз кодтон: лифтæй куы рахызтæн, уæд мæ тæккæ размæ фæци. Цалынмæ лифты цыдтæн, уæдмæ дыууæ рæнхъы мæ дæлæвзаг рауай-бауай кодтой, сæхицæн ма æмбæлттæ агуырдтой. Георы дуар куы байгом кодтон, уæд æртыккаг æмæ цыппæрæм рæнхъ дæр сæ бынаты абадтысты:

 

Фæндзæм уæладзыг,

Æхсæзæм уат,

Иу дзы фæуадзыг,

Иннæ ма бадт.

 

Геор йæ хъæлæсыдзаг ныххудт, мæ размæ рацыд æмæ мæ йæ хъæбысы ныккодта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йын æмдзæвгæтæй дзуапдæтджытæ кæд искуы фæцис, уæддæр, арæх уыдаиккой, уый æнхъæл нæ дæн æмæ цыма мæ цыппар рæнхъыл зæрдæйæ бацин кодта, афтæ мæм фæкаст.

Кæддæрты-иу горæты уынгты мæ цæст иу саулагъз, саурихи ныллæггомау лæппуйыл арæх æрхæцыд. Иннæтæй дæр куырдтаид, æвæццæгæн, фæлæ мæныл цал æмбæлды кодта, уал хатты-иу мæ абази куырдта. Уыимæ йæ фылдæр дæр нæ хъуыди æмæ къаддæр дæр. Куыддæр-иу мæм æрбахæстæг, афтæ-иу æваст, æри-ма абази, зæгъгæ, фæхъæр кодта. Радтон ын цалдæр хатты, фæлæ дзы фæстагмæ фæлмæцын райдыдтон æмæ йын йæхи «хæцæнгарзæй» спайда кодтон. Иуахæмы та мæм куы ’рбацæйæввахс кодта, афтæ йæ разæй фæдæн æмæ йæм сдзырдтон: «Æри-ма абази!» Уый, нæй мæм, зæгъгæ, фæкодта æмæ уæдæй фæстæмæ мæ фæрсты дæр никуыуал ауад.

Æз цыппар рæнхъы Георæн, цæмæй æмдзæвгæтæй мауал дзура, уый тыххæй нæ загътон, фæлæ Робиччы (мæнмæ гæсгæ, абазитæ чи куырдта, уыцы лæппуйы афтæ хуыдтой) ныхмæ цы мадзалæй спайда кодтон, ахæм мадзал мæ иу хъуыддагæй фервæзын кодта...

Уый ныртæккæ сарæх сты «сæйраг редактортæ», æндæр раздæр — æз Ирыстоны газеттæ æмæ журналты кой кæнын — сæ кой дæр нæ уыди, уымæн æмæ мыхуыры алы оргæнæн дæр уыди редактор, редакторимæ та куыстой йæ хæдивæг, бæрнон секретарь, хайæдты хицæуттæ, литературон кусджытæ æмæ афтæ дарддæр. Кæцыдæр рæстæгæй фæстæмæ хуымæтæджы редактор фаг нал уыд æмæ ма йæм «сæйраг» бафтыдтой. Мæ нымадмæ гæсгæ, уый ницæмæн хъуыд. Зæгъæм, æз газет «Молодой коммунист»-ы редактор уыдтæн, ныр ссæдзæм аз та — журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор æмæ мæм раздæры редактор ныры сæйраг редакторæй дæлдæр æвæрд нæу. Уый нæ, фæлæ мæм æрмæст «редактор» кадджындæр у, уымæн æмæ ныр редакторты нымæцыл дзæвгар бафтыд. Иу мыхуыры оргæны сæйраг редакторы фарсмæ уæвæн ис хистæр редактор æмæ бирæ хуымæтæджы редактортæн. Раст зæгъын хъæуы æндæрхуызон хъуыдыгæнджытæ дæр ис. Дыууæ къуырийæ фылдæры размæ нæ президенты иу указы нымадæуыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ дарддæры рæзты къамисы уæнгты нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Йæ цæттæгæнджытæ ма, æвæццæгæн, раздæры хъуыдыкæнынады уацары уыдысты æмæ нæ журналтæ æмæ газетты разамонджыты (иууылдæр къамисы уæнгтæ) се ’ппæты дæр схуыдтой редактортæ, афтæмæй та сæйраг редактортæ уыдысты. Уый нæ газеттæй иуы хицауы зæрдæмæ нæ фæцыди æмæ, æрмæджытæ редакци кæныны бæсты президенты указ «средакци» кодта. Йæхи кой дзы кæм уыд, уым «рæдыд» ауадзын нæ бауагъта æмæ «редактор»-æй «сæйраг редактор» сарæзта. Афтæмæй, мæгуыр сæ бон, иннæтæ «хуымæтæджы редактортæй» баззадысты, уый та — «сæйрагæй».

О, æмæ уыцы сæйраджы хабар цыма Георы зæрдæмæ дæр нæ цыди, афтæ мæм каст. Ноджы мæ кусæн уаты дуарыл мæ ном æмæ мæ мыггаджы бын фыст уыд, цы кусæг дæн, уый, ома сæйраг редактор. Геор-иу къæсæрæй куы ’рбахызт, уæд-иу мын салам дæр нæма ратта, афтæмæй-иу йæ ныхас даргъ айвазгæйæ, сдзырдта: «Гы-лав-ный!» Афтæ иу хатт дæр æмæ иннæ хатт дæр. Раздæр æй ницæмæ дардтон, фæлæ фæстагмæ мæ зæрдæмæ нал цыд. Хъуыды кодтон, хъуыды кодтон æмæ ницы æрымысын мæ бон уыд. Иуахæмы та мæ дуар байгом æмæ та Георы «гы-лав-ный» мæ хъустыл ауад. Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон æмæ йын дзуапп раттон: «на-род-ный!» (Геор уыди Цæгат Ирыстоны адæмон поэт.) Уæдæй фæстæмæ Георæй главныйы кой нал фехъуыстон.

Георимæ канд Ирыстоны не ’мбæлдтæн, фæлæ бирæ æндæр рæтты дæр. 60–80 азты арæх уыдысты аивад æмæ литературæйы бонтæ, куыд Мæскуы æмæ Ленинграды, афтæ сыхаг республикæты дæр. Кæмдæрты дзы æз дæр архайдтон æмæ сæ фылдæр мæ зæрдыл бадардтон, Геор дæр уым кæй уыд, уый руаджы...

Уæлдæр ма йæ куы загътон, Геор уарзта йе ’мдзæвгæтæ кæсын. Иууылдæр сæ йæ зæрдыл дардта. Уыцы хъуыддаджы мæхицæй бæргæ раппæлин, фæлæ иу æмдзæвгæ дæр, зæгъæн ис, æмæ мæнæ уырыссагау найзусть, зæгъгæ, кæй хонынц, афтæ радзурын мæ бон нæу, фæлæ нæ фысджытæй æнæ чиныгмæ кæсгæйæ йе ’мдзæвгæтæ кæсын чи зоны, стæй хуымæтæджы кæсын нæ, фæлæ хорз кæсын, ахæмтæ уыдис æмæ ис. Уыдонæй иу у Ходы Камал. Кæддæр нын чиныгкæсджытимæ фембæлд уыди Джызæлы библиотекæйы. Кастыстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, нæхи фыст æмдзæвгæтæ дæр. Цæмæдæр гæсгæ, Камал, раздæр куыд никуы кодта, афтæ йе ’мдзæвгæ гæххæттæй касти. Уый мæнмæ диссаг фæкаст, уымæн æмæ-иу Ходы-фырт канд йæхи нæ, фæлæ искæй æмдзæвгæтæ дæр æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзырдта. Рад мæнмæ куы ’рхæццæ, уæд ахудыны тыххæй афтæ куы бакæнин: «Камал йе ’мдзæвгæтæ æдзухдæр гæххæтмæ кæсгæйæ фæдзуры, фæлæ сæ æз афтæ дæр хъуыды кæнын», — æмæ сын мæ цыппаррæнхъонтæй иу — уым дæр иу ран фæкъуыхцы дæн, афтæмæй — бакастæн.

Æмбырд кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд, цæмæй Камал дзыхъхъы лæудæй ма баззайа æмæ мын мæ хъазæн ныхас æцæгмæ мачи бамбара, уый тыххæй сусæгдзинад раргом кодтон. Мæ ныхæстæ адæмæн худæджы хос фесты...

Ныхас, Геор йе ’мдзæвгæтæ кæсын кæй уарзта, уый тыххæй рацыд. Хаттæй-хатт-иу йæ ныхас æгæр дæргъвæтин дæр ахаста. Уый тыххæй цалдæр æмбисонды хабары хъусгæ дæр фæкодтон...

Уæд фысджыты Цæдисы сæрдар Мамсыраты Дæбе уыди. Фембæлдтыты рæстæджы-иу, Дæбе кæм уыди, уым сæрдариуæг арæхдæр йæхæдæг кодта, æмæ та иу ахæм фембæлды ныхасы бар Геормæ æрхаудта. Дзурынмæ куыд арæхст, уый та хорз зонынц, иу хатт æй чи фехъуыста, суанг уыдон дæр. Æрмæст уыцы хатт æгæр дæргъвæтин хаста йæ ныхас. Дæбе йын йæ пиджачы фæдджийыл æрхæцыд, æмæ йæм Геор куы ракаст, уæд ын Мамсыры-фырт аивæй бамбарын кодта, дæ ныхас фæцыбыр кæн, адæм фæлмæцын райдыдтой, зæгъгæ. Геор залы бадджыты ’рдæм разылд æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, уæды онг куыд дзырдта, уымæй хъæрдæрæй загъта:

— Зынаргъ æмбæлттæ, ууыл æз мæ ныхас фæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ ма уын мæнæ мæ хорз хæлар Дæбейы курдиатмæ гæсгæ ноджыдæр бакæсдзынæн фондз æмдзæвгæйы...

Уыцы хабар кæмæйдæр фехъуыстон, фæлæ, мæхæдæг цы федтон æмæ фехъуыстон, ахæм хабæртты кой дæр ракæнын мæ зæрды ис.

Уыцы аз, æнхъæлдæн, Советон Цæдисы сарæзты 50 азы бæрæгбон æрбацæйхæццæ кодта. Сыхаг республикæтæ кæрæдзимæ цыдысты уазæгуаты, арæзтой аивад æмæ литературæйы бонтæ. Ахæм бонтæ уыдис нæ культурæйы архайджытæн Цæцæн-Мæхъхъæлы республикæйы. Делегацийы архайдтон æз дæр. Бирæ фембæлдтытæ нын уыдис сыхаг республикæйы горæттæ æмæ хъæуты. Кæронбæттæны иумæйаг бæрæгбон уыд Грознайы стырдæр залтæй иуы. Театры агъуысты къухбакæнæн нал уыд. Нæ республикæйы аивад æмæ литературæйы минæвæртты номæй хъуамæ радзырдтаид Хъайтыхъты Геор. Рагацау куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй хъуамæ алчидæр йæ раныхас гæххæттыл ныффыстаид. Дыууæ хъуыддаджы тыххæй: фыццаджыдæр, хъуамæ хицауад зыдтаид, чи цы дзурдзæн, уый, дыккаджы та, йæ ныхас цас рæстæг бацахсдзæн, уый. Георы фыст, æвæццæгæн, æгæр даргъ рауад æмæ йын æй партийы Цæгат Ирыстоны обкомы секретарь — кæд ма исты зонын, уæд немæ Грознайы Кучиты Агуыбе уыди — дзæвгар фæцыбырдæр кодта. Хъайтыхъы-фырт сценæмæ куы рацыд, уæд адæмæн арфæ ракæныны фæстæ загъта:

— Кæд мын нæ обкомы секретарь мæ раныхас ныццыбыртæ кодта, уæддæр æз бирæ дзурдзынæн, уымæн æмæ ам ис, мæнæн ныхасы бар чи ратта, ахæм адæймаг, фæлæ дзы мæн чи баурома, ахæмы нæ уынын!

Адæм ын, кæй зæгъын æй хъæуы, сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Цæй фыст æмæ цæй цыдæр! Цыдæриддæр æй фæндыд, уый дзырдта æмæ та йæ дзырдарæхстдзинадæй адæмы йæхимæ æрыхъусын кодта.

Уый фæстæ та ахæм балцы Дагестаны уыдыстæм. Уым дæр нын фембæлдтытæ уыд горæттæ æмæ хъæуты цæрджытимæ. Геор æмæ æз цы къорды уыдыстæм, уый абалц кодта, Кайтагский кæй хуыдтой, уыцы районмæ. Районы центр хуынди Маджалис, цардысты дзы даргинæгтæ. Æвæццæгæн, немæ Дагестаны адæмон фыссæг Ахметхан Абу-Бакар дæр уымæн ацыдис. Фæндагыл дæр Геор йæ хъæлдзæг ныхæстæ нæ уагъта. Уыцы рæстæджы гауызыл диссаджы хъару æмæ ныфс æвдыста зындгонд уæззаууæзон хъæбысæйхæцæг Сурагат Асиатилов. Ам, Ирыстоны дæр цалдæр хатты уыди. Маджалисæй куы ’рбацæйздæхтыстæм, уæд нæ фæндагыл уыди стадион. Геор, йæ сæрмæ дынджыр дамгъæтæй фыст ауынгæйæ, афтæ куы фæкæнид:

— Знон Асиатиловы хъæбысæйхæцæн гауызмæ хуыдтон, фæлæ фæтарст, — стæй, иуцасдæр хъусæй алæууыны фæстæ, йæ ныхас дарддæр ахæццæ кодта, — исты мын куы уа, уымæй.

Изæрæй та хъуамæ дзырдтаиккам Дагестаны телевиденийæ, канд уазджытæ нæ, фæлæ фысымтæ дæр. Равдыст чи цæттæ кодта, уыдон нын бамбарын кодтой, архайджытæ бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ алчидæр иу æмдзæвгæ бакæсæд, кæннод нын цы рæстæг раттой, уый не ’ппæты фаг не суыдзæн, зæгъгæ. Ныр равдыст комкоммæ цыдис эфирмæ. Рабадтыстæм фæрсæй-фæрстæм. Мыртазты Барисæн йæ иуæрдыгæй фарс бадт фæцис Геор, йæ иннæрдыгæй фарс та — æз. Раздæр хъуамæ Геор бакастаид йе ’мдзæвгæ, уый фæстæ — Барис, уый фæстæ — æз, æмæ афтæ дарддæр. Алкæй раз дæр текст æвæрд уыд æмæ уымæ гæсгæ архайдтам.

Барис гæххæтмæ каст æмæ Георы æмдзæвгæйы кæрон куы ’рхæццæ, уæд кæсын райдыдта. Æмдзæвгæйæн йе ’мбисмæ дæр нæма бахæццæ, афтæ йæ кæсынæй банцад. Иуцасдæр эфир æдзæмæй аззад. Æз текстмæ кæсын æмæ ма Барисы æмдзæвгæйæ æртæ цыппаррæнхъоны баззад. Мæнæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ дзурын райдыдтон.

Равдыст кæронмæ куы ахæццæ, æмæ студийæ куы рацыдыстæм, уæд Барисы фæрсын, де ’мдзæвгæ æрдæгкастæй цæмæн ныууагътай, зæгъгæ, æмæ мын афтæ:

— Мæнæ мæ Геор йæ уæрагæй æрбарæхой-æрбарæхой кодта, æгъгъæд у, зæгъгæ.

— Æз дын, хорз у, хорз у, зæгъгæ, дзырдтон, — загъта Геор æмæ мæм йæ цæст æрныкъуылдта.

Куы зæгъын, уыцы заман адæм кæрæдзиуыл арæхдæр æмбæлдысты. Сомихаг радиойы бафарстой, раздæр, дам, цы уыди, айк æви карк, æмæ сын дзуапп раттой: «Раздæр алцыдæр уыди». Уыйау раздæр хæлардзинад дæр уыди, адæм кæрæдзимæ топпы кæсæнæй нæ кастысты. Кæрæдзиимæ æмбæлдысты, иу цæхх, иу кæрдзын хордтой, фынг та нæ фыдæлты заманы адæмы кæрæдзиуыл баста. Ссæдз — дæс æмæ ссæдз азы размæ фондзыссæдз æмæ уымæй ноджы фылдæр адæймæгтæн дард балцы ацæуын ныры хуызæн зын нæ уыди. Сыхаг республикæтæм нæ, Мæскуы æмæ Ленинградмæ дæр нæ, фæлæ-иу суанг Фæскарпатты дæр балæууыдыстæм.

Уæд Ленинградмæ атæхыны тыххæй Минводмæ цæуын хъуыд. Цæгатаг Пальмирæмæ цыдыстæм тынг бирæйæ: артисттæ, музыканттæ, композитортæ, фысджытæ, нывгæнджытæ. Сæдæ, чи зоны, сæдæйæ дæр фылдæр уыдыстæм æмæ аэропорты нæ хæдтæхæгмæ æнхъæлмæ кастыстæм. Георимæ фæрсæй-фæрстæм лæуд фестæм, æмæ нæ рæзты иу лæппулæг æруад. Чысыл дæлдæр, цалдæр нæлгоймаджы кæм лæууыди, уыдонмæ баздæхт æмæ семæ ныхæстыл фæци. Лæппу, цалынмæ æрлæууыд, уæдмæ Геор йæ фæстæ фæкаст, стæй афтæ зæгъы:

 

Нал базыдтон Федыры:

Схъæл кæсгæ фæраст,

Цыма чысыл федылы,

Афтæ мæм фæкаст.

 

Кæмæй зæгъы, зæгъгæ, мæ алывæрстæ ахъахъхъæдтон, æмæ дзы иу Федыр нæ, фæлæ æртæ Федыры разынди.

— Кæцы Федырæй зæгъыс? — бафарстон æй æз.

— Уый та дæхæдæг базон, — дзуапп мын ратта Геор.

Ленинграды нæ тынг бабуц кодтой. Ноджы нын дзы бирæ зонгæтæ уыди, уымæн æмæ уыдон махмæ раздæр ссыдысты. Фыццаг изæр нæ, кæм цардыстæм, уыцы уазæгуаты — æнхъæлдæн, «Ленинград» хуынди ресторанмæ æхсæвæр хæрынмæ ахуыдтой. Фысджытæ цалдæр къорды фесты æмæ махæн — Дзаболаты Хазби, Малиты Васо æмæ мæнæн — нæ фысымтæй цалдæримæ иу фынджы уæлхъус бадгæ æрцыд. Алы бæркад æмæ нын бæрæчет æрæвæрдтой, уыимæ, мах уый размæ хæргæ нæ, фæлæ уынгæ дæр кæй никуы фæкодтам, ахæм хæринæгтæ. Миногæ-кæсаг ис, калмы хуызæн у, уый дæр зыдтон, фæлæ йæ, иуæй, уынгæ никуы фæкодтон, иннæмæй — хæргæ. Куы дзы сахуыстам, уæд не ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыди æмæ йæ адджынæн бахордтам. Нæ фысымты бафарстам, ацы диссаджы кæсаджы ном цы хуыйны, зæгъгæ, æмæ нын загътой, миногæ, дам. Уæд Малиты Васо афтæ куы бакæнид: «Уый миногæ нæу, фæлæ мало (ома чысыл) у». Раст зæгъын хъæуы, фæстæдæр-иу ацы хабар куы дзырдтон, уыд-иу мæ ме ’мбæлттæ, уым чи нæ уыд, ахæмтæ, сраст кодтой, уый, дам, Васо нæ загъта, фæлæ Дзаболаты Хазби. Чи зоны, æз рæдийын, фæлæ цыма Васо уыди, афтæ мæм кæсы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.