Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 8 страница



Библиотекæйы мæхи куыд дарын хъæуы, ууыл уайтæккæ дæр фæцахуыр дæн. Зонгæтæ дæр мын дзы фæзынди. Тæккæ арæхдæр дзы кæуыл æмбæлдтæн, уый уыди Айларты Чермен. Куы базонгæ стæм, уæд кæрæдзийæн нæ хабæрттæй дæр цыдæртæ радзырдтам. Чермен æмдзæвгæтæ кæй фыста, уый зыдтон, фæлæ йæм чиныг рауадзыны фаг уацмыстæ ис, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Айлары-фырт та уыцы рæстæг йæ фыццаг æмбырдгонд мыхуырмæ цæттæ кодта. Тынг мæ фæндыд, тагъддæр куы рацыдаид, уый, уымæн æмæ Чермен мæнæй чысыл хистæр йеддæмæ нæ уыд æмæ, афтæ æрыгонæй чиныджы автор куы суыдаид, уымæ мæхи цинмæ бæллæгау бæллыдтæн.

Чермен мединституты ахуыр кодта, бирæ уарзта аивадон литературæ дæр. Уыцы азты парахатæй уадзын райдыдтой Сергей Есенины уацмыстæ. Æргом дзургæйæ, уæды онг æз номдзыд поэты сфæлдыстадимæ зонгæ нæ уыдтæн. Бæрæгъуынмæ йын йæ кой хъусгæ дæр никуы фæкодтон. Фыццаг хатт Чермены стъолыл федтон йæ дыууæ томы. Уыдис сын фæлурс къæрдæгхуызцъæх цъæрттæ. Цалынмæ Чермен дыккаг том каст, уæдмæ дзы æз ракуырдтон, цæмæй мæм фыццаг æркæсынмæ авæра. Æркæсынмæ нæ, фæлæ йæ кастæн æмæ кастæн. Уыцы рæстæг мæ ног зонгæ та иннæ чиныг афтæ зæрдиагæй каст æмæ, цалынмæ библиотекæ æхгæныны рæстæг не ’рхæццæ, уæдмæ уый дæр æмæ æз дæр нæ сæртæ не схъил кодтам. Тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ поэты фыстытæ.

Уæдæй фæстæмæ ахæм бон нæ уыд, æмæ Есенины чингуытæй кæцыдæр ма райстаин æмæ йæ дзæвгар рæстæг ма фæкастаин. Æмдзæвгæтæ мын иу хатт æмæ дыууæ хатты бакæсын фаг никуы уыд, æмæ сæ кастæн æмæ кастæн. Фæстагмæ дзы бирæтæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дæр базыдтон æмæ ма мæ абон дæр нæ ферох сты. Иу дзырдæй, Есенин сси мæ уарзондæр поэттæй иу. Есенинимæ баст æрмæг-иу мыхуыры куы фæзынд, уæд-иу æй æнæбакæсгæ нæ фæдæн. Уæдмæ цæуын райдыдтой, йе сфæлдыстад иртæст кæм цыд, ахæм чингуытæ, йе ’мбæлттæ æмæ йæ зонгæты мысинæгтæ.

Хъуыды ма кæнын, уыцы рæстæг-иу мыхуыры, уæлдайдæр спортивон мыхуыры, арæх фæзындысты Константин Есенины æрмæджытæ. Куыд базыдтон, афтæмæй уый уыди поэты фырт.

Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ журнал «Новый мир»-ы мыхуырæй рацыд Татьянæ Есенинайы повесть «Женя — чудо XX века».

Куыд рабæрæг, афтæмæй уый дæр уыд Есенины чызг. Чысыл фæстæдæр, Мæскуыйы уынджы фæцæйцæугæйæ, фемдзаст дæн, бирæ хъусынгæнинæгтæ ныхæст кæм уыд, ахæм фæйнæгмæ. Æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ дæн, чиныгкæсджыты конференцимæ чи хуыдта, ахæм хъусынгæнинагмæ. Ноджы хæстæгдæр бацыдтæн фæйнæгмæ æмæ базыдтон, конференци кæй уыдзæн библиотекæйы Татьянæ Есенинайы повестьмæ гæсгæ («Женя — чудо XX века»). Библиотекæйы адрис рафыстон æмæ, уыцы бон цы хъуыддæгтæ бакæнынмæ хъавыдтæн, уыдон фæстæдæрмæ аргъæвтон æмæ Мæскуыйы, йæ кой æппындæр кæмæн никуы фехъуыстон, уыцы уынг агурын райдыдтон. Ахæм хъуыддагмæ та, æвæццæгæн, зæххыл мæнæй къуымыхдæр адæймаг нæ разындзæн. Цæмæй мыл баууæндат, уый тыххæй уын иу чысыл хабар радзурон.

Мæ чиныг мыхуырмæ цæттæ кодтой Мæскуыйы рауагъдад «Детская литература»-йы. Уый та уыд — кæд ма ныртæккæ дæр уым ис, уæддæр нæ зонын, стæй кæд уæвгæ дæр нал и, уæд дæр афтæ — метро «Дзержинский»-йæ схизæны «Аэрофлот»-ы кассæты фарсмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы метройæ схизæн ис «Детский мир»-мæ дæр. Къорд хаттæй мæ фылдæр цæуын бахъуыд рауагъдадмæ — иу нæ, фæлæ мын дзы дыууæ чиныджы рацыд — æмæ-иу алы хатт дæр фæрæдыдтæн. Метройы вагонæй-иу куы рахызтæн, уæд-иу мæхицæн загътон, ацы хатт мын фæрæдийæн нал ис, зæгъгæ, фæлæ та-иу кæс æмæ мæ размæ «Детский мир» фæци.

Ныр чиныгкæсджыты конференцимæ цы библиотекæ хуыдта, уый æнцонтæй кæй не ссардзынæн, ууыл хъуыды дæр нæ акодтон, уымæн æмæ зыдтон, куы нæ ацæуон, уæд фæстæдæр фæсмон кæй кæндзынæн. Бирæ фæразил-базил кæныны фæстæ æрхæццæ дæн, йе ссарыныл боны æмбисæй фылдæр кæуыл бахардз кодтон, уыцы библиотекæмæ. Æргом дзургæйæ, фыдæнхъæл бирæ цæмæйдæрты фæдæн. Фыццаджыдæр, библиотекæ æрбынат кодта хæрз гыццыл агъуысты. Иу-дæс æмæ дзы дыууиссæдз бынатæй фылдæр нæ уыдаид. Æмæ уый дæр адæмæй нæ байдзаг. Афонæй чысыл фæстæдæр, адæммæ се ’ргом, афтæмæй разæй рабадтысты цалдæрæй. Сылгоймæгтæ дыууæ йеддæмæ нæ уыдысты, æмæ дзы Есенины чызг кæцы у, уый ничи базыдтаид, уымæн æмæ дзы поэты æнгæс иу дæр нæ уыд.

Æмбырд байгом кодта сылгоймæгтæй иу. Йæ фыццаг ныхæстæй сбæрæг, Татьянæ уый кæй нæу. Мæн фæндыди, иннæ дæр куы нæ уыдаид, уый, уымæн æмæ йæм Есенины хуызæнæй дæр ницы уыд, стæй йæ бакаст дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Мæхинымæр ма мæ зæрдæ дардтон, кæд, зæгъын, æмбырд байгомгæнæг уазæджы æндæр уатæй æрбахондзæн, цæмæй йæ фæзынд æнæнхъæлæджы уа, фæлæ фæрæдыдтæн: Есенины чызг уыди, йæ фарсмæ чи бадт, уый. Йæ ном ын куы загъта, уæд ын адæм нымдзæгъд кодтой. Сылгоймаг цалдæр ныхасы загъта повесты авторы тыххæй. Радзырдтой ма ноджыдæр цалдæрæй, стæй ныхасы бар раттой Татьянæйæн. Цы ныхæстæ загъта, уыдоны, зæрдыл цы бадарай, ахæмæй ницы уыд. Æрмæст базыдтон, Ташкенты кæй цæры, уый. Йæ фыды тыххæй иу ныхас дæр нæ загъта. Æмбырдмæ æрбацæуджытæ, цыма ныхас бакодтой, уый хуызæн æм Сергейы тыххæй иу фарст дæр нæ раттой. Мæнмæ рагацау цалдæр фарсты сæвзæрд — фылдæр йæ фыдимæ баст — фæлæ мæхинымæр ахъуыды кодтон, æвæццæгæн, зæгъын, конференцийы архайджытæн рагацау загъдæуыд, йæ фыды кой мачи скæнæд, зæгъгæ, æмæ æз дæр иннæты бафæзмыдтон.

Адæм сыстадысты. Уазджытæн, куыд бамбæрстон, афтæмæй ницы еблуагъæ загътой. Афтæ мæм хуымæтæджы нæ фæкаст. Татьянæ, йæ фæстæ дыууæ лæппулæджы, афтæмæй мæ тæккæ рæзты уынгмæ рацæйцыд. Йæ къухы, лыстæг æндæхтæй-иу ставд цæстытæ кæмæн уыд — ныр дæр ма йыл искуы иу хатт фембæлæн вæййы, фæлæ уæд арæх уыди ахæм хызгонд. Цыдæр тыхтæттыл дзы мæ цæст æрхæцыд, бынтон мæм куы ’рбаввахс, уæд та сын сæ астæу ауыдтон сæны авджы хъуыр. Фæстæмæ ма йе ’мбæлццæттæм иу каст куы фæкодта, уæд мæм ноджы фыдынддæр фæкаст. Цыбыр ныхасæй, мæ бон фесæфт, фембæлдæй дæр мæ зæрдæ ницæмæй барухс, фæлæ Есенинмæ мæ цæстæнгас нæ аивта. Куыд фылдæр æй кастæн, уыйас мæ зæрдæмæ тынгдæр цыд. Фылдæрæй-фылдæр кодтой йе сфæлдыстад иртасджытæ дæр. Бæлвырддæргæнгæ цыдысты йæ царды цаутæ. Уыцы хъуыддагыл уæлдай зæрдиагдæрæй куыстой Сергей Кошечкин æмæ Юрий Прокушев. Сергеимæ зонгæ нæ уыдтæн, фæлæ газет «Правда»-йы куы куыста, уæд мын ме ’мдзæвгæтæ бацæттæ кодта, æмæ мыхуыры рацыдысты. Прокушевимæ та Мæскуыйы базонгæ дæн. Уæлдæр партион скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд нæм лекци каст, æмæ йæм фæслекци бацыдтæн, кæцæй дæн, чи дæн, уый йын загътон, Есенины сфæлдыстад бабæстон кæныныл зæрдиагæй кæй архайы, уый зæгъын дæр мæ нæ ферох. Есенины бирæ кæй уарзын æмæ дзы цалдæр æмдзæвгæйы ирон æвзагмæ кæй ратæлмац кодтон, уымæй бахахх кæнынмæ хъавыдтæн, ме ’рбацыды сæр хуымæтæджы кæй нæ уыд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Юрийы мæ ныхæстæ ницæмæн хъуыдысты æмæ, цæмæй нæ ныхас фæцыбыр уа, уый тыххæй мын йæхимæ гæсгæ зæрдæлхæнæнæн загъта: «Уæдæ мах иу хъуыддагыл кусджытæ стæм».

Есенинмæ цы уарзондзинад дардтон, уый ма суанг мæ хотæ дæр базыдтой æмæ-иу мæ байардтой, Есенины æмдзæвгæтæ-ма нын радзур, зæгъгæ. Нæ сын-иу разы кодтон, фæлæ фæстæдæр, куы фæкарджындæр дæн æмæ-иу хатгай нæхимæ хъæлдзæгæй куы ’рбацыдтæн, уæд-иу мын мæ дæлæрмттыл фæхæцыдысты, диваныл-иу мæ æрбадын кодтой, æмæ-иу сын цалынмæ дзæвгар рæстæг поэты æмдзæвгæтæ нæ фæкастæн, уæдмæ-иу мæ сыстын нал бауагътой.

Есенины сæрыл тох кæнгæйæ ма иу хатт æмбылды дæр фæдæн. Уæд «Рæстдзинад»-ы куыстон. Хæснаг та Хæблиаты Сафаримæ скодтон. Цæвиттон, Сафармæ ахæм миниуæг уыди: мæ дзыхæй-иу ныхас нæма схауд, афтæ-иу, цы загътон, уый ныхмæ радзырдта. Мæстæй марыны тыххæй, цæмæй мæхи раст кæнынмæ фæуон, мæ хъуыды иуцалдæрырдыгæй бафидар кæнон. Цæмæдæр гæсгæ йæм уый хорз каст. Уыцы хабар Ходы Камал дæр бафиппайдта æмæ та-иу, Сафар йæхи куыд дары, уымæ кæсгæйæ, мæнæн афтæ фæкодта: «Дæ ныхмæ та дзуры!»

Ныхас Есенины тыххæй куыдæй рауад, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Сафар, Сергейы фыстытæ мæ зæрдæмæ куыд тынг цæуынц, уый куы фехъуыста, уæд та мæ хъуыры абадти, уый та, дам, цæй поэт у. Ды йæ, зæгъын, нæ зоныс, æмæ уымæн афтæ дзурыс. Уыцы ныхæстæ айхъуыста, цы! — йæ тъæнгтæ йын ацагъта. Кæд, дам ма Есенины æз нæ зонын, уæд ма йæ чи зоны. Æз Сафарæй раздæр смæсты дæн æмæ та мæ ныхæстæ сфæлхат кодтон:

— Нæ йæ зоныс, нæ, æндæр афтæ нæ дзурис!..

Хъуыддаг хæснагмæ æрцыдис. Хъуамæ æрбадтаиккам æмæ алчидæр фыссын райдыдтаид, поэты æмдзæвгæтæй æнæ чиныгмæ кæсгæйæ цæйбæрц зоны, уый. Уæдмæ нæ быцæуы хабар редакцийыл айхъуыст æмæ иууылдæр циркмæ кæсæгау кастысты. Фыстам, фыстам æмæ фыстам. Нал æй хъуыды кæнын, бæлвырд рæстæг раттам кæрæдзийæн æви, чи цæйбæрц зыдта, уыйбæрц фыссыны бар ын уыдис, уый, фæлæ иу афон æрхæццæ бæрæггæнæнтæ хынцыны рæстæг. Рацæй-рабон, æмæ Сафар фæуæлахиз.

Сафары зæрдæргъæвддзинадимæ зын ахæцæн уыд, стæй йын йæ авналæнтæ зонгæ дæр кодтон, фæлæ мыл Есенины зонынæй фæуæлахиз уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма мыл Сафар кæмфæнды куы фæуæлахиз уа, уæддæр Есенины мæнæй хуыздæр нæ зондзæн, æмæ фæрæдыдтæн, афтæмæй та, чи никуыма ’рцыд, ахæмæй дзы ницы уыд. Нæртон Сослан дæр ма куы фæрæдыд: мæнæй тыхджындæр нæй, зæгъгæ, тыхагур куы ацыд.

VIII

Институты сфæлдыстадон арт мæ бацыды размæ дæр æнæхуысгæйæ сыгъди. Хæст куы фæци, уæд ма дзы чи раирвæзт, уыдонæй йæ ахуыр чи дарддæр ахæццæ кодта, чидæртæ та ма дзы суанг фыццаг курсмæ дæр бацыди. Æз ма дзы кæйдæрты æййафгæ дæр бакодтон. Æййафгæ, зæгъгæ, фыццагкурсон уæвгæйæ, иу уаты кæимæ цардтæн, уыдонæй иу — Цæголты Али уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг æмæ ахуыр кодта физикон-математикон факультеты. Литературæйы йæ тыхтæ чи фæлвæрдта, уыдон сæ уацмыстæ хицæн чиныгæй дæр рауагътой. Хистæртæ ахуыр фесты, æмæ та ног фæлтæры æхсæн дæр фæзынди курдиæттæ. Уагътой къухæйфысгæ журнал «Æвзонгдзинад». Фæзындысты дзы ме ’мдзæвгæтæ дæр. Иннæтимæ мын мæ къам дæр, институты тыргъты цы фæйнæг уыд, уым бакодтой. Уæле дзы стыр дамгъæтæй ныффыстой: «Уыдон уадзынц „Æвзонгдзинад“». Журнал мыхуыр кодта Боциты Солтаны, Цæрукъаты Таймуразы, Дзуццаты Эльбрусы, Хъодзаты Æхсары, Владимир Пальчиковы, Гаджиты Ильяйы, Александр Смирновы, Альберт Налбандяны, Алинæ Бобылева æмæ бирæ æндæрты æмдзæвгæтæ. Фæстæдæр, бирæтиражон газет «Педагогическая смена» цæуын куы райдыдта, уæд æрыгæтты сфæлдыстад фылдæр адæм базыдтой, уымæн æмæ газеты тираж чысыл нæ уыдис æмæ, зæгъæн ис, алы студент æмæ ахуыргæнæгмæ дæр хæццæ кодта. Хъуыды ма йæ кæнын, редактор ын уыдис Тахъазты Харум. Газеты редакци стыр æргом здæхта æрыгæтты сфæлдыстадмæ, мыхуыр сын кодта се ’мдзæвгæтæ, радзырдтæ, æмбисæндтæ æмæ хуымæтæджы уацхъуыдтæ.

Кæцы аз уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ «Педагогическая смена»-йы редакци расидти сусæг конкурс хуыздæр æмдзæвгæ ныффыссыныл. Мæнмæ гæсгæ дзы, чидæриддæр фыста, уыдон иууылдæр ахайдтой, уыдонимæ æз дæр. Хъуамæ алчидæр йæ уацмыс барвыстаид фæсномыгимæ. Жюрийы уæнгтæ æркастысты æппæт уацмыстæм дæр æмæ æрцыдысты иумæйаг уынаффæмæ: сбæрæг кодтой, сæ хъуыдымæ гæсгæ, чи цы бынаты аккаг уыд, уый. Мæнмæ — кæд ма исты зонын, уæд — фыццаг бынат æрхауд. Кæйдæр хъуыдымæ гæсгæ та хъуамæ фыццаг бынат æндæрæн раттаиккой. Уый та уыди, «æндæртимæ» чи ахуыр кодта æмæ, уыдоны нымадмæ гæсгæ æз йæ цуры рыг дæр кæмæн нæ калдтон, ахæм æрыгон курдиат. Кæй сæрыл хæцыдысты, уымæ та мæнæй кæнæ дæлдæр, кæнæ та æппындæр ницавæр бынат æрхауд. Жюри æндæрхуызон уынаффæ куы рахаста, уæд, фыццаг бынаты аккагыл кæй нымадæуыд, уый æмкурсонтæ бавдæлдысты, æмæ мæ номæй писмо ныффыстой, цыма æз жюрийы уæнгты хъуыдыимæ разы нæ дæн, мæнæн цы бынат саккаг кодтой, уый се ’мкурсонæн раттын æмбæлд æмæ мæм æй æрбахастой.

Цы уавæры бахаудтæн, рæстдæр зæгъгæйæ та, цы уавæры мæ сæвæрдтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон, куыд кæнгæ мын у, ууыл ахъуыды кæныны фадат мын уæвгæ дæр нæ фæцис, афтæмæй фысты бын мæ къух бавæрдтон. Чи мæм æрбацыд, уыдон мæ хуымæтæджы разыйæ баззадысты, мах, дам æй зыдтам, нæ хъуыдыйыл дыууæ кæй нæ зæгъдзынæ, уый.

Уыцы хъуыддагыл ма абон дæр дис кæнын. Æнæбындурдæр хъуыды сæрмæ æрцæугæ нæ уыдзæн. Уыдон фæрæдыдысты, уый афтæ диссаг нæ уыд, фæлæ æз та цæмæн фæрæдыдтæн? Цы кæнын, ууыл цæуылнæ ахъуыды кодтон, чи фæрæдыд æмæ фæсмон кæмæ æрцыд, мæхи ахæмы бынаты цæмæн сæвæрдтон?

Фарстатæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, фæлæ дзы рæстæрдæм дзуапп раттын никæцыйæн фæрæзтон.

Æркасты æууæлтæ развæлгъау алкæмæн дæр зындгонд уыдысты. Чи сæ расидт, уыдонæн дæр, кæмæ фæсидтысты, уыдонæн дæр. Стæй канд уыдонæн нæ — газеткæсджытæн се ’ппæтæн дæр. Уæдæ уынаффæ рахæссын дæр иу адæймагæн хæсгонд не ’рцыд. Цал уыдысты, уый нæ зонын, фæлæ жюри чи хуынди, уый дæр иу æмæ дыууæ адæймагæй нæ уыдаид, фæлæ фылдæрæй. Куыннæ хъуамæ æрбахуыдтаиккой уырдæм, хъуыддаг равзарын йæ бон кæмæн уыд, ахæм адæймæгты! Æвæццæгæн, сыл æууæнк дæр уыдаид. Æппæты сæйрагдæр та уыди, хæрам бакæнын дзы искæй куы фæндыдаид, уæддæр ын кæй нæ бантыстаид. Конкурс уыди æхгæд. Уацмысты бын алчидæр сæвæрдта йæ фæсномыг. Ацу æмæ базон, хъуынайы бын дур ис, уый! Фæлæ уæддæр жюрийы уынаффæ кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыди. Хъуамæ, преми кæмæн раттой, уымæн æй фенад кодтаиккой, йæ гыццыл цин ын байстаиккой.

Писмо мæм куы ’рбахастой, уæд æппæты фыццаг цæуыл ахъуыды кодтон, уый дæр нæ сусæг кæнын: афтæ куы банхъæлой, æз уыцы преми райсынмæ мæ былыцъæрттæ хордтон, æнæ уыцы хæрзиуæгæй мын мæ дарддæры цард ад нал скæндзæн. Ноджы ма стъæлфыдтæн, куы нæ йæ бафыссон, уæд мæ цытуарзаг куы рахоной, кадмæ бæллæгыл мæ куы банымайой. Цыбыр ныхасæй: нæ мæ фæндыди, æрвылбон дæр кæуыл æмбæлдтæн, салам кæмæн лæвæрдтон, уыдоны æнæ дзуаппæй аздахын, сæ зæрдæхудты бацæуын. Цæй дзуапп æмæ цæй зæрдæхудт! Сывæллон кæд нал уыдтæн, уæддæр мæ хъуыдытæ сывæллоны зондæй дарддæр не ’ххæссыдысты, æмæ мæхи æдылыйы бынаты сæвæрдтон. Хæрæгæн, дам, йæ сæр фынгмæ хастой, æмæ зæхмæ тылди. Уæвгæ мæ чи фæрæдийын кодта, уыдон дæр мæнæй бирæ дарддæр нæ ацыдысты. Жюрийы уынаффæйы ныхмæ тох кæнын тымбылкъухæй дур цæвынæй уæлдай нæ уыд.

Мæ писмо уайтæккæ дæр жюримæ фæхæццæ кодтой. Æмæ дзы цы хъуамæ рамбылдтаиккой! Цæсты мæ бафтыдтой, æдылыйы бынаты мæ сæвæрдтой. Сæхиуыл та косайы æмбисонд æрцыд. Чи зоны, мæныл дæр...

Кæддæр, дам, косайæн фехъусынчындæуыд, кæмæндæриддæр, дам, йæ сæрыл хъуын нæй, уыдонæн, дам, сæ сæры цæрмттæ стигъгæ ссæуынц, цæмæй дзы гуымсæджытæ (барабантæ) саразой. Коса уый айхъуыста, цы! — айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ сæрдасæн радавта æмæ йæ сæрыл ралæууыд, ни вам, ни нам (мæн дæр нал хъæуы, фæлæ дзы сымахæн дæр ницы пайда ис), зæгъгæ. Уыйау мæнæн преми кæй нал раттой, уый мæм афтæ тынг нæ бахъардта, сывæллоны ми мыл кæй æрцыд, мæхæдæг мæхи — канд мæхæдæг нæ, фæлæ кæйдæрты æххуысæй — æдылыйы бынаты кæй сæвæрдтон.

Уайдзæфтæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, кодтой. Канд жюрийы уæнгтæ нæ, фæлæ мæ зонгæтæ, æппæты карздæр ныхæстæ та фехъуыстон мæ хæлæрттæй. Æмæ мын уайдзæфтæ кæнын нæ хъуыд? Æфхæрыны аккаг нæ уыдтæн? Хъуыди æмæ уыдтæн. Стæй мæ æфхæргæ дæр бакодтой. Ацы хабары хæдразмæ институты парткоммæ курдиат балæвæрдтон, цæмæй мæ Коммунистон партийы рæнхъытæм кандидатæй райстаиккой. Æртæ рекомендацийы мын ныффыстæуыд. Мæ хъуыддæгтæ хорз кæй ацыдаиккой, ууыл дызæрдыг нæ кодтон. Фæлæ ма конкурсы фæстæ цæуыл хъуамæ мæ зæрдæ дардтаин! Уæд партбюройы секретарь уыди Георгий Кравченко. Йæ фыд уырыссаг уыд, йæ мад та Хуыцъистатæй. Лекцитæ нын касти советон литературæйæ. Зыдта мæ, уæдæ мæ нæ зыдта! Æхсæнадон царды цыдæртæ змæлыдтæн, уыдтæн ФÆЛКЦ-йы бюройы уæнг, къорды старостæ... Партийы рæнхъытæм цæуынмæ кæй хъавын, уыцы хабар Георгимæ куы бахæццæ, уæд бацин кодта. Иу дзырдæй, студентæй коммунист суæвын бирæтæн не ’нтыст, фæлæ æз хъуамæ уыцы кады аккаг разындаин. Хъуамæ разындаин, фæлæ нæ разындтæн.

Æз мæ къух цы писмойы бын бавæрдтон, дыккаг ахæм, æвæццæгæн, зын ссарæн у. Сусæг конкурс расидтысты. Дæ цæстытæ дын артмæ ничи ныддардта, ис-нæй, уæддæр дын дзы æнæархайгæ нæй, зæгъгæ. Дæ рæбыны хуыздæрæй цы ссардтай — цас рæбынтæ дæм уыди, фæлæ уæддæр уый бацæттæ кодтай, чи дæ, уый бамбæхстай, уымæн æмæ конкурсы æууæлтæ афтæ домдтой, дæ писмо посты лагъзы ныппæрстай. Рацæйрабон æмæ дæ хал схаудта. Чи зоны, æнхъæл дæр нæ уыдтæ, афтæмæй дæ фæуæлахизуæвджытæй иуыл банымадтой, æнæхъæн институты йæ фехъусын кодтой. Куыд хъуамæ дардтаид дæ бынаты йæхи æндæр? Цин кодтаид, уымæн æмæ ахæм хабæрттæ царды арæх нæ вæййы, уæлдайдæр студенты царды. Ды та цытæ бакуыстай? Бавдæлдтæ æмæ, дæ фæллойæн аккаг аргъ чи скодта — чи зоны, фæллой рахонæн дæр ын нæ уыди, стæй йын аккаг аргъæй фылдæр кад скодтой — уыдонæн уайдзæфтыл схæцыдтæ, сымах исты куы ’мбариккат, уæд преми уартæ Б-йы-фыртæн раттаиккат, зæгъгæ.

Жюрийы уæнгты бынаты ахæм фарст раттын æмбæлди: «Фыццаджыдæр, кæд дæхи премийы аккагыл нæ нымадтай, уæд дыл цы тыхбегара уыд, æнцад дæ бынаты цæуылнæ бадтæ? Дыккагæй та, кæд жюрийæн æххуыс кæнынмæ хъавыдтæ, уæд, преми раттын кæмæн æмбæлд, уый фæсномыг исты хуызы базыдтаис, жюрийы уæнгтæм æй фæхæццæ кодтаис æмæ, ныртæккæ цы дзыхъхъы ныххаудтæ, уый иувæрсты ацыдаис æмæ бынæй уæлæмæ нæ дзурис».

Бынæй уæлæмæ кæй дзырдтон, уый мын цыбыр рæстæджы фæстæ парткомы секретарь фехъусын кодта. Дæуæн, дам, нырма партимæ цæуынмæ раджы у. Кравченкомæ æппындæр нæ фæхæрам дæн. Хæрам нæ, фæлæ ма дзы бузныг дæр фæдæн. Æгайтма мын цы хъуыди, уый дæр загъта æмæ мын цы ’мбæлди, уый дæр бакодта. Ацы дунейы алцæй тыххæй дæр дзуапп дæттын хъæуы.

Исчи бафæрсдзæн, ау, хъуыддаг æнæхъæн институтыл кæм айхъуысти, уым, цалдæр студенты кæй фарс рахæцыдысты, уый, йæ фæсчъылдым цытæ цæуы, уымæн ницы зыдта? Стæй кæд зыдта, уæд йæхи куыд дардта? Уыцы фæрстытæн дзуапп раттынмæ мæ ныфс нæ хæссын, уымæн æмæ дзы хъусгæ дæр никуы ницы фæкодтон, йæхи та, раздæр куыд дардта, уымæй никæцырдæм фæуæзгæдæр ис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.