Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 6 страница



Нæ сыхæн йæ галиуварсæрдыгæй цы фондз хæдзары ис, уыдоны цæхæрадæттæй иуы æхсæн дæр кау быд нæ уыд. Стæй йæ сæр хъæугæ дæр ницæмæн кодта, уымæн æмæ кæйдæр зæххыл раст-равджы æцæгæлон къах никуы андзæвдаид, кæйдæр фæллоймæ никæй къух батасыдаид. Уæвгæ цæхæрадæтты кой цы кæнын! Мæ заманы йæ хæдзарыл гуыдыр ничи æвæрдта. Кæд-иу исчи йæ дуар къæндзыйæ æрæхгæдта, уæд æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ дымгæ ма байгом кæна æмæ йæм фос кæнæ маргъæй мацы бацæуа. Стæй ма ноджыдæр иу хъуыддаджы тыххæй: хæдзары бинонтæй бынаты кæй ничи ис, уый мидæмæ цæуæг базона æмæ фæстæмæ раздæха.

Кæддæр махæй Хъантеты Георты æхсæн арæнмæ хæрзæввахс ныссагъдæуыд — мæ фыд уыдаид, æндæр чи! — цалдæр фæткъуы бæласы. Диссаджы зайаг уыдысты. Сæ афонмæ-иу куы ахæццæ сты, уæд-иу сæ дæргъæццон фæрстæ пъæрæпъоппы хуызæн æрттывтой. Уыцы сæрд сæ зайæн уыд æмæ фырзадæй дæлæмæ тыдтой. Æппæты ставддæр фæткъуытæ цы бæласыл зад, уымæ схызтæн. Тæккæ заддæр къалиуыл сонт хæст фæкодтон æмæ рæгъæддæр фæткъуытæй цалдæр йæ къалиуæй феуæгъд. Бынмæ ныккастæн æмæ иууылдæр Георты зæххы балæууыдысты...

Хæрз æрæджы базонгæ дæн Майрæмыхъуаты Фатимæимæ. Йæхи мын бацамыдта, стæй мын афтæ зæгъы, ме ’фсин, дам, дæ сыхаг уыд. «Цавæр æфсин? Цавæр сыхаг?» — мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн. Мæ ног зонгæ мæ бирæ хъизæмар кæнын нæ бауагъта:

— Хъантеты Антонинæйы нæ зоныс?

— Куыннæ йæ зонын! Æмæ уый де ’фсин у?

Хуымæтæджы æхсызгон мын уыди Антонинæйы ном фехъусын! Рагæй, тынг рагæй йæ нал федтон, йæ уындмæ та бæллыдтæн. Хуыцау дæр мын æй бахатыр кæнæд, стæй Антонинæ дæр, фæлæ йын æгас æнхъæл нал уыдтæн. Кæддæр, æнусы æрдæгæй фылдæры размæ чындзы ацыд æмæ йыл уæдæй нырмæ никуыуал фембæлдтæн. Кæмдæр хохы куыста, уый хъуыстон, фæстæдæр, дам, йæ фыртимæ Беслæныхъæуы æрцард, зæгъгæ, мæ хъустыл æрцыд, фæлæ та дзæвгар рæстæг йæ кой никæцæйуал райхъуыст, æмæ мæм æнамонд хъуыдытæ дæр уымæн сæвзæрд.

Фатимæ мын йæ хабæрттæ куы радзырдта, уæд та æрымысыдтæн йæ мад Дзæлиго æмæ мæ мад Веринкæйы. Мæ цæстытыл ауад, Веринкæ, хъæдындзы хуымтæ рувгæйæ, уыцы судзгæ хурмæ куыд сдойны æмæ нæхимæ цæуынмæ куы рахъавыд, уæд Дзæлиго, нæ цæхæрадоны ’рдæм сын цы рудзынг уыд, уый куыд байгом кодта æмæ, йæ къухы уазал къуымæлы къус, афтæмæй Веринкæмæ куыд радзырдта:

— Дæ ком дзы ауазал кæн!..

Фатимæ мын бæстондæр хабæрттæ дæр радзырдта. Ме ’фсин, дам, афтæ зæгъы, мах, дам сын сæ фæткъуытæ бирæ фæдавтам. Фыццаджыдæр, æз цы бæласы сæрæй кастæн, стæй иуæрдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр рæгъ-рæгъы сагъд чи æрцыд, уыцы фæткъуытæн сæ къалиуты æмбис Хъантеты зæххы сæрмæ айтынг. Дыккагæй та, хъуамæ ауæдзæй цыппар-æхсæз метры дарддæр сагъд æрцыдаиккой, цæмæй нæ сыхæгты зæхмæ аууон ма дардтаиккой æмæ дзы исты зайын кæнынæн фадæттæ уыдаид. Æртыккагæй та-иу кæд нæ бæлæстæй дыргътæ сыхæгты ’рдæм æрызгъæлд æмæ-иу уыдонæй сывæллæттæ — Антонинæ уыцы рæстæг сывæллон уыдаид, уæдæ цы! — кæд рауыгътой, уæд уый давдыл нымад цæмæн хъуамæ уа?! Уырыссаг æмбисонды загъдау: «Что с возу упало, то пропало». Раджы кæддæр, хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ куы уыд — цыма ныртæккæ ахæм рæстæг нæу, уый хуызæн! — уæд мæгуыртæ сæ хуымтæм, æлдары зæххытыл цы фæндæгтæ уыд, ууылты цыдысты æмæ дам-иу сæ дзаг уæрдæттæй цыдæриддæр æрхауд — халсар, хор кæнæ исты дзаума — уый, дам сын-иу сисыны бар нал уыд, уымæн æмæ фæндаджы алыварс зæххытæ æлдары уыдысты. Уыйау, кæд-иу Хъантеты сывæллæттæ, сæ зæххыл цы фæткъуытæ раййæфтой, уыдон рауыгътой, уæд уый хъуамæ хуыснæгдзинадыл нымад ма уыдаид.

Антонинæ цавæр давд йæхиуыл æрымысыд, уый нæ зонын, фæлæ мæхи куы хъуыды кæнын, уæдæй фæстæмæ нæ фæткъуытыл, исчи сæм фæныхылдта, зæгъгæ, никуы фæдызæрдыг дæн. Уый нæ, фæлæ ма Хъантеты ’рдыгæй фарс нæ фæткъуыты бын мæ цæстыл уайы хуыры хуызæн дзагæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ иу-сæ æруыгътам æмæ-иу сын сæ дзæбæхдæртæй фагткъуыйы хустæ скодтам, иннæтæ та-иу фосæн раттам.

Фатимæ ма мын радзырдта, Антонинæ, дам, дæ фыстытæ бакæсынмæ кæй бæллы, тынг, дам, фæдзæхста, кæд гæнæн ис, уæд мын «Урсдоны былыл Бæрæгъуын...» æрæрвитæд, зæгъгæ. Арвыстон ын æй, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæдфæстæ йæм телефонæй дæр ныдздзырдтон, æмæ фырцинæй йæ дзыхы дзырд нал бадт, æрмæст ма «Музафер, Музафер!» æмæ «Мæнæ диссаг! Мæнæ диссаг!» кодта...

Бæласæй æрхызтæн æмæ мæ тæккæ хъусы фæрсты къуырткъуыртгæнгæ ныллæджыты атахт, сауцъиуæй чысыл стырдæр даргъбурбырынкъ æмæ даргъкъæдзилджын æнахуыр маргъ. Нæ дынджыр цæхæрадоны йыл уæд фыццаг хатт сæмбæлдтæн, фæлæ йыл нæ гыццыл цæхæрадоны, мæхи кæд не скъуырæгау кæнын, ахæм хатт, зæгъæн ис, æмæ никуы вæййы.

Тынг диссаджы маргъ у. Йæ ном цы хуыйны, уый, кæйдæриддæр фарстон, уыдонæй ничи зыдта. Ахстон цы ран кæны, йæ лæппынты цæмæй хæссы, йæхæдæг цы хæры — ацу æмæ йæ базон! Кæцæйдæр æваст фæзыны, ныллæг-ныллæг дæ иувæрсты кæмдæр къалиутæ кæнæ бæрзонд пыхсыты аныгъуылы æмæ сауджыны бæхы сæфт æрбакæны. Йæ «къуыр-къуыр-къуыр-къуыр!» дæ хъусты иуцасдæр фæйазæлдзæн, йæхæдæг никæцæйуал разыны. Йæ «къуыр» æнæмæнг вæййы цыппар хайæ арæзт, къаддæр дæр нæ, фылдæр дæр. Кæддæр, æстæм æви фарæстæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд Тургеневы «Бежин луг» бакастæн, æмæ уым, кæуыл банафон, уыцы цуаноныл æхсæвыгон йæхи цы маргъ сцæйкъуырдта, алы хатт дæр-иу мын уый мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Æрмæст уыцы æхсæвыгон тæхæг маргъ кæд ныллæджыты ратахт æмæ, цæмæй цуаноныл йæхи ма скъуыра, уый тыххæй иуварсæрдæм цæхгæр фæзылд æмæ талынджы аныгъуылд, уæд мæ зонгæ цъиу та мæ иувæрсты æмраст атæхы æмæ фæцыдæр вæййы. Тургеневы маргъ æнæуынæрæй атахт, мæнон та æдзухдæр къуыркъуыргæнгæ æрбайсæфы, цыма афтæ зæгъынмæ фæхъавы: «Æгас кæй дæн, ууыл дæ баууæндын кодтон, æмæ дын уый æгъгъæд фæуæд. Иннæ хатт та фембæлдзыстæм, æдзухдæр куыд вæййы, афтæ æнæнхъæлæджы».

Институтмæ бахаудтæн, уый сыхбæстæ мæй æмæ æрдæджы размæ базыдтой, фæлæ, горæтмæ кæд цæудзынæн, уый нæ бинонтæ йеддæмæ никæмæн ма загътон. Цæхæрадонæй куы ’рбацыдтæн, уæд кæртæй кæсын, æмæ бичетты Реуазты Валодя лæууы. Рауай-ма ардæм, зæгъгæ мæм фæдзырдта. Институтмæ кæй бахаудтæн, уый йын сæхимæ загътаиккой, æндæр æй цæмæй базыдта, ам куы нæ вæййы, уæд?! Арфæтæ мын фæкодта, стæй мæ сæхимæ бахуыдта æмæ мын сæрдасæн балæвар кодта. Бахъæудзæн, дам, дæ. Цæмæн мæ бахъæудзæн, уый мын нæ загъта, фæлæ ма мæм уыцы сæрдасæн абон дæр æфснайдæй лæууы.

Реуазтимæ лымæнæй фæцардыстæм. Сæ лæппутыл (Валодяйæн дæр хæсты размæ йæ цалдæр æфсымæры гыццылтæй амардысты) сын нæмттæ мæ фыд сæвæрдта, сæ чызджытæ Светæ æмæ Розæйыл та — мæ фыдыхо Оля.

Валодя ракуырдта Плиты Мæдинæты. Мæнæн авдазон скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæ лæвæрдта. Веринкæ та йын кæнгæ мад уыди. Хъыгагæн, Валодя æмæ Мæдинæты цард нæ ацыд. Фæстæдæр дыууæйæ дæр, сæ афонæй иуцасдæр фæстæдæр райстой уæлдæр ахуыргонддзинад: Валодя — хъæууонхæдзарадон институты, Мæдинæт — педагогон. Ноджы стырдæр хъыгагæн, сæ дыууæ дæр æнафоны се ’нусон фæндагыл ацыдысты.

Реуазтæй ссæуыны фæстæ, Веринкæ-иу куыстæй æрбаздæхгæйæ фæлладæй нæ тыргътæм схизæн цы асины æртыккаг къæпхæныл æрбадт, æз дæр мæхи ууыл æруагътон...

Кæд мын мæ хотæ цыфæнды зæрдæтæ æвæрдтой, уæддæр уымæй мæ сагъæс къаддæр нæ кодта. Куыд уыдзысты, цы уыдзысты? Уыцы фæрстытæ мæ сагъæсы бафтыдтой. Цæй бирæ ивддзинæдтæ æрцыди мæ царды хæрз цыбыр рæстæгмæ! Ноджы нæ хъуццытæ, цыма дзырд бакодтой, уый хуызæн дыууæйæ дæр ныззадысты. Дыууæ дæр нæм рæуæдтæй æрбафтыдысты. Иу нын дзы нæ мадыхо Евдинкæ ратта, иннæ — Хæчъассæ. Хæчъассæ нын кæй ратта, уымæн афон дæр нæма уыд: дæркъæй ныззад. Райæ сын иунæгæй цытæ кæндзæн? Дибæ дзы иумæ дæр хæстæг цæуын нæ уæндыд, стæй куы уæндыдаид, уæддæр цы йæ бон уыд! Йæ гыццыл æнгуылдзты фæдæгыл æрхæцыны фаг хъару нæма уыд. Уæвгæ æз нæхимæ куы уыдаин, уæддæр, Райæйы загъдау, хъуццытæ дыгътаин? Нæ кау дæр ивинаг уыд. Кæд æмæ кæд быд æрцыд! Веринкæ-иу ыл цы сæнæрттæ батъæпп кодта, уыдоны фæдтæ ма йыл бæрæг дарынц, фæлæ уыдон дæр æмбыд къæцæлтимæ зæххы хай куы бауыдзысты, уымæ бирæ рæстæг нал баззад. Иу хъуг йеддæмæ нæм куы нæ уыд, уæд нын сæнар нæ фаг кодта æмæ-иу Хъæууатæй ластам. Уым фысвосæн уæтæртæ уыд, æмæ-иу сæ быны бæзджын фаджыс ныхъхъæбæр, адæм æй самандуры йас цыппæрдигъон хæйттæй къахтой æмæ, суг кæмæн нæ фаг кодта, уыдон æй хæзнайы хуызæнæй чи лæгуæрдоны, чи хæрæгыл ласта. Мах дæр-иу дзы, фадат куы амыдта, уæд сластам.

Цармæ фæкомкоммæ дæн æмæ мæ зæрдæ иучысыл барухс. Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ нæ къорыпп хъайвантыл æвæрд уыд. Нартхор ма дзы æмбисæй фылдæр баззад. Уыдон ма Веринкæйы фæллæйттæ уыдысты. Æвæдза, хъуыддæгтæ куыд хорз фæцæйцыдысты! Нæ мадæн æххуысхъом фестæм, нæ дыууæ хъуджы ныззадысты... Уымæй размæ нæм дыууæ хъуджы никуы уыд, уымæн æмæ нын рæуæд нæ цард: афæдз дæр ыл-иу æххæст нæма рацыд, афтæ-иу амард. Фаг зылд æм кæй нæ уыд, уый тыххæй æви низтæ æрмæстдæр мах рæуæдтæм уæндыдысты, уый нæ зонын, фæлæ нæ рæуæд галы кармæ дæр никуы фæцард, хъуджы кармæ дæр никуы ахæццæ. Ныр нæ дыууæ стуры дæр ныззадысты, фæлæ нæ цин кæныны бæсты сагъæсы бафтыдтой.

Цыфæндыйæ дæр сагъæсты коммæ кæсын нæ хъæуы. Бон цæуы æмæ фарн хæссы. Ау, бонтæн фæуæн куы нæ ис, уæд се ’хсæн фарнхæссæг чи разына, ахæмтæ нæ фæуыдзæн?

VI

Иронау цыфæнды стыр рæдыд куы фæкæнай, уæддæр дыл ничи бахуддзæн, фæлæ уырыссагау фæрæдыдтæ, уæд дæ гуырæй райгæ у цæрæнбонты дæр дын æй нал ферох кæндзысты, цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр дын æй, дæ зæрдыл чи ’рлæууын кæна, ахæмтæ разындзæн. Куы нæ дын æй æрлæууын кæна, уæддæр æй йæ зæрдыл дардзæн. Мæхæдæг дæр уыдоны номхыгъдмæ хауын, æндæр иу хатт иу æмбырды ирон студент ныхас кодта æмæ «в филармонию»-йы бæсты «на филармонию» загъта æмæ йæ мæ зæрдыл бадардтон. Кæй фæрæдыди — æргом дзургæйæ, фæрæдыди, уый æз æмбаргæ дæр нæ бакодтаин, залы бадджытæ бæстæ сæ сæрыл куы нæ систаиккой, уæд, — уый тыххæй йæ нæ бадардтон мæ зæрдыл, фæлæ йыл адæм сæхи худæгæй кæй схастой, уый тыххæй мæ нæ ферох. Уæд цымæ хохы цъасæй цы лæппу рацыд, уый кæйдæр æвзагыл дзургæйæ иунæг ран кæй фæкъуыхцы, уымæй цас азымы бадаринаг уыд! Ноджы йыл куыд зæрдиагæй худтысты, уый мæ цæстыл куы ауайы, уæд сæм мæ маст, кæддæр куыд рафыхт, уымæй къаддæр нæ рафыцы. Иннæ лæппу та «маститый»-ы бæсты «мастистый» загъта, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы ныхас йæ дзыхæй æнæнхъæлæджы схауд, уымæн æмæ уый горæтаг скъолайы ахуыр кодта æмæ уырыссаг æвзаг æвзæр нæ зыдта, фæлæ йын æй уæддæр нæ ныббарстой. Цы дыууæ лæппуйы кой ракодтон, уыдонæн сæ нæмттæ барæй нæ фыссын, фæлæ сыл зынæрвæссон худт чи кодта, уыдон фæрæдыдысты, уымæн æмæ сæ былысчъилгæнджытæй царды рæсугъддæр фæндæгтыл ацыдысты: сæ иу сси министр (рухсаг уæд! Æнæнхъæлæджы фæмард), иннæ та — философон наукæты доктор, профессор, цæры æмæ кусы Мæскуыйы.

Мæхæдæг дæр куыннæ хъуамæ рæдыдаин, фæлæ мæ дзы дыууæ рæдыды никуы ферох уыдзысты.

Фыццаг курсы цалдæр боны ацахуыр кодтон, афтæ центрон поликлиникæмæ дохтыртæм цавæрдæр гæххæтт исынмæ бацыдтæн. Уæд уыцы поликлиникæ уыдис Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы бакомкоммæ. Мидæмæ куы бахызтæн, уæд къулыл ауыдтон, поликлиникæйы чи кусы, уыцы дохтырты дæргъæй-дæргъмæ номхыгъд. Кæрæй-кæронмæ йыл мæ цæст æрхастон æмæ дзы Хъæрджынтæй иу сылгоймаджы мыггаг куы ауыдтон, уæд цыма, рагæй кæй агуырдтон, мæ уыцы хæстæгыл хæрхæмбæлд фæдæн, афтæ йыл бацин кодтон. Æмæ куыннæ! Мæ фыдымад Мария Хъæрджынты чызг уыд, фæлæ уæды онг уыцы мыггагæй иу адæймагыл дæр никуы сæмбæлдтæн. Уымæн æфсон дæр уыд æмæ æфсон дæр нæ уыд. Æфсонæн бæззыд, мæ фыдымад, ссæдзæм æнусæй нудæс азы куы рацыд, уæд кæй амард, уый. Фæлæ уый фаг æфсоныл банымайæн нæ уыд, уымæн æмæ, мæ фыды мадырвадæлты хæс уыд сæ хæстæджытимæ бастдзинад дарын. Фæлæ уæд æз уыдæттыл нæ хъуыды кодтон. Æз цин кодтон, мæ фыды мадырвадæлтæй ма æгас адæймаг кæй разынд æмæ йын лæгæй-лæгмæ феныны фадат кæй ис, ууыл.

Регистратурæйы цы сылгоймаг бадт, уымæ æнхъæлмæгæсæг куынæуал уыд, уæд мæ сæр чысыл рудзынггондæй бадардтон æмæ йæ бафарстон, номхыгъды Хъæрджынтæй цы сылгоймаджы мыггаг фыст ис, уый ам кусы, зæгъгæ. О, ам, дам, кусы.

Цы сылгоймагимæ дзырдтон, уый, иуæй, уырыссаг уыд, иннæмæй, ирон куы уыдаид, уæддæр æм горæты уавæрты иронау куыд хъуамæ сдзырдтаин, æнæфенд хъæуккаг кæй дæн, уый æнæуи дæр бæрæг куы уыд, уæд?! Æмæ йæ æз дæр уырыссагау бафарстон:

— Чем работает?

Сылгоймаг мæм æрбакаст æмæ мæ фадыварцæй — кæд сæрæй къæхтæм нæ зындтæн, уæддæр — базыдта, чи дæн æмæ цы дæн, уый æмæ мын, ахуыргæнæг скъоладзауæн куыд дзура, ахæм фæлмæн хъæлæсыуагæй бамбарын кодта:

— Не чем работает, а кем работает.

Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хид мæ къæхты бынæй акæлыны фаг æфсæрмы фæдæн, фæлæ мын æвдисæнтæ кæй нæ фæци, уый мæ бынтон æгады уавæрæй фервæзын кодта...

Ссардтон уыцы Хъæрджыноны дæр. Мæхи йын бацамыдтон. Бацамыдтон, зæгъгæ, сæ хæрæфырты лæппу кæй дæн, уый йын загътон, фæлæ йын, æвæццæгæн, ахæм хæстæджытæ бынтон бирæ уыд, кæнæ та сæ хæстæджытыл нымайгæ дæр нæ кодта æмæ, æз цæмæты æнхъæлмæ кастæн, æнхъæлмæ та кастæн, кæй мыл бацин кæндзæн æмæ мын дыууæ хъарм ныхасы кæй зæгъдзæн, уымæ — уыдонæй куы ницы федтон æмæ фехъуыстон, уæд, цæмæй тагъддæр фæхицæн уæм, ууыл бацархайдтон. Æрмæст фæсмон ницæуыл фæкодтон. Мæ фыды мадырвад куы нæ уыдаид, уæд, иунæг адæймаджы раз цы рæдыд æруагътон, уый мыл хъуамæ бирæ фылдæр адæмы ’хсæн æмæ æвзæрдæр уавæрты æрцыдаид. Æппынфæстаг, дæсгай азты фæстæ цы ’рымысыдаин, уый мын нæ уыдаид.

Мæ иннæ рæдыд та баст у Æлборты профессор Барысбиимæ. Уый æртынæм æви цыппорæм азты æнаххосæй ахст æрцыд æмæ, бирæ азты фæстæ куы суæгъд, уæд кусын райдыдта пединституты. Махæн амыдта аив кæсын. Мæнмæ гæсгæ, уый, цы зыдта æмæ рæзгæ фæлтæрæн йæ бон раттын цы уыд, уымæ дард лæууыд, уымæн æмæ йæхæдæг, иуæй, кæсыны дæсны нæ уыд, иннæмæй та, уыцы дæсныйадыл искæй сахуыр кæнынмæ арæхсгæ дæр нæ кодта. Нæ къорды иу чызг ахуыр кодта, «кодта», зæгъгæ, æндæр кæцыдæр хайады йæ хъуыддаг нæ цыд æмæ йæ ирон-уырыссаг хайадмæ æрбаивтой, уымæн æмæ уым кау ныллæгдæр уыд æмæ йæ сæрты æнцондæрæй хызтысты. Уыцы чызгæн та, куыд бамбæрстон, афтæмæй, йæ сæрыл чи рахæца, ахæмтæ уыд, æмæ хъуамæ цыфæндыйæ дæр уæлдæр ахуыргонддзинад райстаид. Йæ ном æмæ мæ йæ мыггаг дæр нæ ферох сты, фæлæ йæ фыд Ирыстонæн кады лæг уыд, æмæ мæ уый цæсты ’фтауын нæ фæнды. Фæлæ йæ чызг ахуыр кæнынæн дæр кæй нæ уыд, аив кæсынмæ дæр кæй нæ арæхст, уæлдайдæр иронау, уый басусæг кæнын мæ бон нæу, уымæн æмæ уыцы хъуыддагæн мæхæдæг æвдисæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн, иу хатт та мын йемæ быцæуы æнæбацæугæ нал уыд.

«Загъд» та Æлборы-фырт йæхæдæг ракъахта. Иу ахуырты заман аив кæсынмæ рахуыдта, цалдæр боны размæ нæ къорды чи фæзынд, уыцы чызджы. Мæнмæ куыд каст, афтæмæй йæ Барысби уымæй размæ дæр зыдта. Чи зоны, йæ фыды йын йæхицæй хуыздæр зыдта, æмæ æдде бакæсгæйæ, афтæ зынд, цыма йæм махæй, ома «бындурон» студенттæй, æввахсдæр уыд æмæ йæ «хиондæрыл» нымадта. Цыдæриддæр уыди, уæддæр Æлборы-фыртмæ гæсгæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фæстаг салам» афтæ хорз бакаст, æмæ йæ махæй алкæмæн дæр бафæзмыны аккагыл банымадта. Цыма йын йæ арæхстдзинæдтæн æгæр стыр аргъ скодта, нæ къорды уæнгтæм афтæ фæкаст, æмæ дзы чи йæ бынаты базмæлыд, чи æргомæй йæ хъуыды загъта. Фæстæгтимæ уыдтæн æз дæр. Барысби йæ мидбылты бахудт æмæ мæ размæ рахуыдта, кæд мемæ æцæгæй разы нæ дæ, уæд, табуафси, дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг, дæ курдиат равдисыны фадат дын ис, зæгъгæ. Æз, цæуыл мæ зæрдæ дардтон, уый абон дæр нæ зонын, уымæн æмæ аив кæсынмæ мæ арæхстдзинæдтæ уæд дæр æмæ ныр дæр тынг дард лæууыдысты æмæ лæууынц, фæлæ мæ иу хъуыддаг ныфс бауагъта: «уазæг чызг» куыд бакаст, уымæй æвзæрдæр бакæсын тынг зын уыд, æмæ мæм цыдæриддæр артисты миниуджытæй уыд, уыдоныл нæ ауæрдгæйæ, æмдзæвгæ кæсын райдыдтон. Артист та уæвгæ уыдтæн, уымæн æмæ, куыддæр ахуыр кæнын райдыдтам, афтæ нæ иуты кафджыты къордмæ ныффыстой, иннæты — драмонмæ. Кафынмæ кæй нæ арæхсын, уый уайтæккæ дæр рабæрæг, фæлæ кæй никуы сарæхсдзынæн, уый рахатынæн дæр бирæ фылдæр бонтæ нæ бахъуыд æмæ мæ цыбыр рæстæджы фæстæ ныхъхъуытты уагътой, фæлæ драмон къорды баззадтæн. Нæ разамонæг уыди, æгас Иры дзыллæтæн дæр бирæ зæрдæрухс сахæттæ чи бавзарын кодта æмæ æрмæст йæ ном айхъусгæйæ дæр цæсгомыл мидбылхудт кæй фæрцы февзæры, Мæхъиты уыцы Лавер (Валодя). Къорд спектаклы æвæргæ дæр скодтам, уыимæ Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы», Саулохты Мухтары «Усгур Гаци». Рольты хъазыдысты Гаджиты Илья, Малиты Васо, Мыкагъаты Нинæ, Хъантемыраты Райæ, Хъодзаты Æхсар, Цъебойты Сергей æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Уыцы бонтæ мысгæйæ, мæ зæрдыл æдзухдæр иу хабар æрлæууы. Ахæм заман мæ цæсгомыл мидбылхудт куыд ахъазы, уый æнæ айдæнмæ бакæсгæйæ дæр мæ цæстыл ауайы, мæ зæрдæ хуры тынтæй айдзаг вæййы, уымæн æмæ кæддæры æвзонг туг мæ къабæзты базмæлы, рæстæджы фæлм чи асуры, ахæм фæлмæн дымгæ мыл йæхи ахафы, йæ фæнык кæмæн афучындæуы, уыцы цæхæрмæ мæхи тавынмæ фæвæййын...

Цæвиттон, рольтæ уаргæйæ, Тлаттаты Чермены уавæры бахаудтæн: тæккæ гæбæрдæр роль мæ хай фæци. Саламджери мæ уды кондмæ хæстæгдæр кæмæ æмæ цæмæн фæкаст, уый нæ бамбæрстон, фæлæ ме ’ргъомбасты, Асиат йæ цæсты сындз кæмæй уыдта, йæ карз уайдзæфтæй дæлджинæгæй скæсын кæй нæ уагъта, уыцы усгур фæци æмæ йын цы ’нæхæсгæ уыд! Пьесæ лæмбынæгдæр куы бакастæн, уæд Саламджери мæ зæрдæмæ æппындæр нæ фæцыд, фæлæ, репетицитæ куы райдыдтам, уæд сындæггай-сындæггай мæ хъуыды ивта. Ахæм роль мæм кæй æрхауд, уый тыххæй ма мæм суанг хæлæггæнджытæ дæр фæзынди. Асиаты ролы хъазыд тынг рæсугъд чызг. Ахуыр кодта мæнæй иу курс дæлдæр. Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг дæр нæ ферох кодтон, — кæд уæдæй нырмæ æнусы æмбисы бæрц рацыд, уæддæр, — фæлæ сæ барæй нæ фыссын: æрæджы цардæй ахицæн, рухсаг уæд! Ныхас, мæ роль мæ зæрдæмæ цæуын цæй тыххæй райдыдта, æмæ мæ уавæры февзæрын кæйдæрты цæмæн бафæндыд, уый тыххæй рауад, æмæ мæ хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнон...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.