Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 5 страница



Ацы хабæрттæ иууылдæр радзырдтон, нæ хæдзарвæндаг хæрзæмбæлджытæ кæй сты, уый равдисыны тыххæй. Гыццылæй фæстæмæ дæр нæ сыхæгтæ бæллыдысты, цæмæй-иу искуыдæм балцы кæнæ æндæр исты хъуыддаджы фæдыл цæугæйæ сæ размæ фæуыдаиккам, уымæн æмæ зыдтой, куы сыл амбæлæм, уæд рæствæндаг кæй фæуыдзысты. Уыцы хъуыддаг æцæгæйдæр афтæ кæй у, уый тыххæй ма æрхæсдзынæн иу æвдисæн.

Горæтмæ куы слыгъдыстæм, уæд-иу нæ алы хатт дæр нæ сыхæгтæ искуыдæм цæугæйæ сæ размæ цæуын кодтой, афтæмæй та-иу, хæрзæмбæлæг стæм æви нæ, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Иу рæстæджы нæ сыхæгтæ уыдысты Хуыдиатæ. Уæд цардыстæм раздæры Ной Буачидзейы номыл уынджы, Пушкины скъола кæй хуыдтой, уый бакомкоммæ. Костя æмæ Мисурæтæн уыдис иунæг чызг — Нинæ. Йе скъоламæ цæуыны рæстæг куы ’рхæццæ, уæд нæм Мисурæт æрбацыд æмæ Дибæмæ æрхатыд, скъоламæ, дам æй ды ахон, сымахæн, дам, хорз къах и. Æмæ æцæгæйдæр Нинæйы балц фæрæстмæ. Скъола каст фæци сызгъæрин майданимæ. Уый фæстæ райста дохтыры дæсныйад, йæ амонд ссардта, хъомыл кæны æртæ лæппуйы.

Чи зоны, мæ ныхæстæ кæйдæр зæрдæмæ ма фæцæуой, æнæнхъæлæджы хабæрттыл сæ банымайой, фæлæ цы фыссын, уыдонæй иу дæр æрымысгæ нæу, стæй цæйбæрц рацардтæн, уыцы рæстæджы дæргъы иу хатт дæр никæмæй ма фехъуыстон, мах хæдзарвæндагæй исчи кæйдæр размæ фæци æмæ уыцы чидæр фæндарасты фæндагыл нæ ацыд, зæгъгæ. Кæд рæствæндаг кæй фæвæййынц, уымæ мах æппындæр ницы бар дарæм, уæддæр мын æхсызгон у, уадз æмæ нæ адæм фыдæмбæлджыты бæсты хæрзæмбæлджытæй зоной.

V

Астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд мæ ахуыргæнæн чингуытæй кæцыдæры æппæты фæстаг сыфыл ныффыстон: «Хæрзбон, скъола!» Цæмæдæр гæсгæ, уырыссагау. Уæвгæ уый бынтон æнæнхъæлæджы нæ уыд: авдазон скъолайы куы бакастæн, уæдæй фæстæмæ мын ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны фадат нал уыд, уымæн æмæ, уыцы предметтæ кæм цыдысты, ахæм скъола нæ хъæумæ хæстæг нæ уыд, æмæ ахуыр кæнын райдыдтон уырыссаг астæуккаг скъолайы — Николаевскы станицæйы. Уырдæм канд мах хъæуккæгтæ нæ цыдысты, фæлæ ма Мустыздæх æмæ, раздæр халсарыкуыстгæнæг Æрыдоны æстæм совхоз кæй хуыдтой, уый кусджыты сывæллæттæ дæр. Æппæт предметтæ дæр — уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ фæстæмæ ирон æвзагыл чи ахуыр кодта, уыдон æрмæстдæр уырыссаг æвзагыл (фæсарæйнагæй фæстæмæ) кæм дзырдтой, уым цас арæхстаиккой, уый зын бамбарæн хъуамæ ма уа, фæлæ уырыссаг скъоладзаутæй æвзæрдæр бæрæггæнæнтæ нæ истам. Сызгъæрин майдантæ кæмæн саккаг кодтой, ахæмтæ дæр дзы уыдис. Фыццæгты-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, зындзинæдтыл дæр æмбæлдыстæм. Къуыхцы кодтам, рæдыдыстæм, худæджы уавæрты дæр-иу бахаудтам.

Æстæм къласмæ куы бацыдыстæм, уæд иу урочы ахуыргæнæг нæ хъæуккаг чызджы сыстын кодта кодта æмæ йæ фæрсы:

— Урок рассказать можешь?

— Можу, — дзуапп ын ратта чызг.

Иууылдæр ныххудтыстæм, цыма нæхæдæг уымæй хъабедзендæр уыдыстæм, уый хуызæн. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, куырис сыгъди æмæ йыл бæттæн худти. Мах худын нæ хъуыди, фæлæ ахуыр кæнын. Æмæ ахуыр кодтам. Ахуыр кодтам кæрæдзиуыл худгæйæ дæр.

Иу къласы кæимæ бадтæн, уыдонæн сæ фылдæр станицæйæгтæ уыдысты æмæ скъолайы фæстæ алырдæм ныппырх сты. Бирæты дзы уæдæй нырмæ уынгæ дæр нал фæкодтон. Ам дзы чи баззад, уыдонæй дыууæйыл арæхдæр амбæлын.

Уæлдæр ма йæ куы загътон: Николаевскы скъоламæ цыдысты æстæм совхозы кусджыты сывæллæттæ, канд æстæм къласмæ нæ, фæлæ фыццæгæм къласмæ дæр, уымæн æмæ поселочы ницавæр скъола уыд. Уыцы дуджы совхозы директорæй куыста Николай Щербинин, фæстæдæр æй равзæрстой Николаевскы станицæйы Легейдойы номыл колхозы сæрдарæй. Мæнмæ гæсгæ йын Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном дæр уыцы бынаты кусгæйæ раттой. Гъе æмæ мемæ иу къласы ахуыр кодта йæ фырт Толик. Фæстæдæр сси хъæууонхæдзарадон наукæты кандидат, ныртæккæ кусы Хæххон æмæ хохрæбын хъæууонхæдзарадон наукон-иртасæг институты. Мемæ ма ахуыр кодта ме ’мхъæуккаг, ме ’мхæрæфырт Кобесты Азæмæт. Уый та, Новочеркасскы политехникон институт каст фæуыны фæстæ бирæ азты бакуыста мелиораци æмæ доны хæдзарады министрады, уыди йæ разамонæг дæр.

Мæ ацы дыууæ æмкъласоны цардвæндагыл уæлæнгай цæстæнгас ахæсгæйæ дæр раиртасæн ис, адæймагæн йæ хъысмæт бирæ кæмдæрты æмæ бирæ цæмæйдæрты йæхицæй аразгæ кæй у. Толик — кæд дæсгай азты кæмæндæрты Анатолий Николайы фырт у, уæддæр мæнæн, скъолайы йæм куыд дзырдтон, уыцы Толикæй баззад — иуæй, йæ мадæлон æвзагыл ахуыр кодта æмæ йын махæй æнцондæр уыд, иннæмæй, хуымæтæг бинонты æхсæн нæ хъомыл кодта. Йæ мад уыди медицинон кусæг. Уæлдæр ахуыргонддзинад æм уыди æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ нæ хъæуы медицинон пунктæн разамынд лæвæрдта. Махæй Николаевскмæ цас уыд, махæй æстæм совхозмæ уымæй къаддæр дæрддзæг уыд, афтæмæй Толичы мады æрвылбон дæр йæ куыстмæ ластой тачанкæйы. Ахæм дыууæ бæхы ифтыгъд дзы уыд, æмæ-иу уынгты куы ’рцæйтахт, уæд-иу йæ размæ маргъы мыггагæй цыдæриддæр уыд, уыдон фæйнæрдæм лидзынмæ фесты. Æдасдæр нæ уыдысты цыппæркъахыгтæ дæр. Бæхтæрæджы ном Богдан хуынди. Йæ пыррыкк рихитæ-иу дымгæмæ ныппака сты, афтæмæй-иу рохтыл дыууæ къухæй фидар ныххæцыд, цыма сæ иу уысм дæр сæхи бар куы суагътаид, уæд тачанкæ зæххæй фæхицæн уыдаид æмæ йæ æрцахсын никæйуал бон бауыдаид. Дохтыр мад æмæ директор фыдæн уыдис иунæг хъæбул æмæ йæм æвзæр цæстдард хъуамæ ма уыдаид. Лæппу йæхи дарын зыдта, иннæтæй æндæрхуызон уæвыныл никуы бацархайдта. Абоны цæстæй акæсгæйæ, цыма дзаумайæ дæр уыйас ницæмæй хицæн кодта. Уæдæ ахуыры дæр, уымæй хуыздæр чи арæхст, ахæмтæ уыди нæ къласы, йæ зонындзинæдтæ уымæй цауддæр кæмæн уыдысты, ахæмтæ дзы куыд уыди, афтæ.

Кæд нæ рæдийын, уæд кæнæ райдайæн скъолайы, кæнæ авдазоны, нæ къласы ахуыр кодта Реуазты Нинæ. Уый «æртæ» дæр никуы райста æмæ «фондз» дæр — иууылдæр ын «цыппартæ» æвæрдтой. «Цыппартыл» ахуыр кодта Толик дæр. Чи зоны, æндæр бæрæггæнæнтæ дæр иста, фæлæ цыма сæ фараст дæсæм хай «цыппартæ» уыдысты, цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ кæсы.

Æндæр бинонты æхсæн хъомыл кодта Азæмæт. Йæ мад уыди хæдзары æфсин, бирæ бинонтæ кæм уыд — уыимæ иууылдæр йæхицæй кæстæртæ ахæм хæдзары æфсин. Йæ сæрыхицау Хадзырæты кусынмæ ничи амбылдтаид. Уæлдай фылдæр уарзта фос. Ныртæккæйы заман æй æрыгонæй куы ’рæййæфтаид, уæд ын йæ фысы дзугтæ æмæ хъомрæгъæуттæ зæхх нæ урæдтаид. Фæлæ уыцы дуджы дæр, цас гæнæн уыд, уыйбæрц амæлттæ кодта. Фос дардта. Зилынæй сæм нæ фæлмæцыди. Кæд истæмæй тыхсти, уæд æрмæстдæр, бирæ кæнын ын сæ кæй нæ уагътой, уымæй. Бирæ кæнын ын сæ канд хицауад нæ уадзгæ нæ уыд. Ууыл нæ ауæрстой, хæлæг æм чи кодта, кæйдæр фæллоймæ ныхилын чи уарзта, уыдон дæр. Ахæм бон-иу райхъал, æмæ-иу йæ фосы рæгъауы къорд галы кæд нал банымадта. Давджытæ йæм цыдысты фистæгæй дæр æмæ машинæты дæр. О, о, машинæты. Иу хатт уыди æви фылдæр хæттыты, уый бæлвырддзинад базоныныл никуы бацархайдтон, фæлæ дзы машинæйы дзаг стуртæ куы фæхъуыд, ахæм рæстæджытæ дæр скодта...

Азæмæт уыд авд æфсымæры æмæ дыууæ хойы хистæр. Мæнæй дыууæ азы хистæр уæвгæйæ иу къласы цæмæн ахуыр кодтам, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын. Цыфæндыйæ дæр кæцыдæр кълæсты бафæстиат æмæ йæ афтæмæй сæййæфтаин.

Мæ зæрдыл ма лæууы, ахуыр куы фестæм, уæд нын иу райсом нæ кулдуар æрбахоста. Кæрæдзиуыл бацин кодтам. Цы фæндтæ мæм ис, уымæй мæ бафарста. Дарддæр ахуыр кæнын мæ зæрды ис, уый куы бамбæрста, уæд мын йæхи хабæрттæ дзурынмæ дæр фæци. Йæхи фаг цæттæйыл нæ нымадта æмæ ахуыр кæнынмæ цæуын иннæ азмæ аргъæвын сфæнд кодта. Æцæгæйдæр, æнæхъæн афæдз чингуытæй йæ сæр не схъил кодта æмæ дыккаг аз æнтыстджынæй фæлварæнтæ ратта Новочеркасскы политехникон институтмæ. Йæ дарддæры цардвæндаджы тыххæй уæлдæр загътон.

Толик æмæ Азæмæт кæд фæйнæхуызон бинонты æхсæн равзæрдысты, уæддæр сæ иу кодта нысанмæ тырнындзинад. Уый куы нæ уыдаид, уæд Толикæн йæ дохтыр мад æмæ директор фыд (чи зоны, директор фыд ын къуылымпыйы хос нæ фæци, фæлæ йын йæхæдæг, ома фырт фидар æнцой куы нæ уыдаид, уæд йæ къухы уыйбæрц нæ бафтыдаид) ницы баххуыс кодтаиккой, Азæмæт хуымæтæг бинонты æхсæн кæй хъомыл кодта, уый йæ куыннæ бахъыгдардта, афтæ...

Август йæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Горæтмæ райсом цæудзынæн, зæгъгæ, афтæ та, «Хæрзбон, скъола!» кæм ныффыстон, уыцы чиныг мæ размæ фæци. Бирæ цыдæртæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Æрымысыдтæн, Веринкæйæн, цæхх æви сапонимæ цы чингуытæ балхæнын кодтой, уыдонæй иуы æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

 

Ацы бонты кадимæ

Бад, тæхуды, мадимæ,

Фæлæ нæй гæнæн.

Мады бæсты ме ’мбæлттæ,

Ме ’фсымæртæ, ме ’мгæрттæ

Барæвдауынц мæн.

 

Цæй кад æмæ цæй цыдæр! Фæлæ мæ куыд тынг фæндыди, Веринкæ мæ цуры куы уыдаид. Скъола куы фæуыдзынæн, уыцы бонмæ куыд тынг бæллыди! Æмæ йæ хъысмæт уыцы чысыл цинæй дæр — уæвгæ уымæн тæккæ стырдæр цинтæй иу уыдаид — æнæхай куыд фæкодта! Мæ уроктæ ахуыр кæнгæйæ-иу исты куы нæ ’мбæрстон, уæд-иу хаттæй-хатт афтæ стыхстæн, æмæ диссаг. Ахæм заман-иу Веринкæ йæ цыфæнды куыст дæр ныууагъта æмæ-иу мæнмæ йæ каст скодта. Æз-иу хуыздæрæн, цы нæ ’мбæрстон, уый ног æмæ ногæй кастæн. Веринкæ кæсын-фыссын нæ зыдта, фæлæ зонд æмæ зæрдæйæ æнкъардта, цы кæнгæ у, уый æмæ та мын-иу сабырæй афтæ:

— Дарддæр æй бакæс, дарддæр, æмæ йæ уæд бамбардзынæ...

Æмæ диссагæй цы кæныс! Дарддæр-иу æй бакастæн æмæ-иу алцыдæр йæ бынаты абадт. Афтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд. Æрмæст-иу мæн, куыд кæнын хъæуы, уый иу хаттæй иннæмæ ферох, æмæ та-иу мын уæд Веринкæ къуырцдзæвæнæй рацæуынæн баххуыс кодта.

Мæ мадыфсымæр кæд дард цард, уæддæр-иу нæ хохæй быдырмæ арæх абæрæг кодта. Кæм нын-иу къафеттæ æрхаста, кæм æндæр исты зæрдæлхæнæнтæ. Йе ’рбалæуд нын-иу кæддæриддæр бæрæгбоны хуызæн уыди. Æнæмæнг-иу нæм уыди кусарт. Карк дæр кусарт у, уæдæ циу! Туг дзы не суадзынц! Æртæ цæрвджын уæлибæхы тыххæй та дзурын дæр нæ хъуыди. Уыдоны фарсмæ графин арахъхъ куы ’рæвæрай, уæд уый кæцы бæрæгбоны фынгæй цауддæр уыдзæн! Хæчъассæ-иу Хуыцау æмæ Уастырджийы ном ссарыны фæстæ нæ царды бæстондæр хабæрттæм рахызти. Цæмæй цæрæг стæм, цы нын нæ фаг кæны, цæмæй нын баххуыс йæ бон у æмæ-иу кæдæмыты нæ ахæццæ! Æз-иу æм лæмбынæг хъуыстон, уымæн æмæ, цы дзырдта, уыдон иууылдæр махимæ баст уыдысты. Æхсызгон мын уыд, цæмæйты тыхсæм æмæ нæ нæ уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй цы саразын хъæуы, уыдон кæй æмбары æмæ нын йе ’ххуысы хай кæй нæ хæлæг кæны, уымæ кæсын æмæ хъусын. Цæйфæнды тыххæй дзургæйæ дæр-иу мах рохуаты никуы баззадыстæм: куыд ахуыр кæнæм, Веринкæйы коммæ кæсæм æви нæ æмæ афтæ дарддæр. Уыцы заман ралæууынæй тынгдæр-иу ницæмæй тарстæн, уымæн æмæ-иу æй Хæчъассæ алы хатт дæр æртхъирæнæй фæци: «Веринкæйы коммæ куы нæ кæсат, уæд æй æз нæхимæ ахондзынæн, æмæ-иу ам иунæгæй цæрут».

Хуыцау хорз, æмæ нæ Веринкæ никуы никæмæй рахъаст кодта, хъаст нæ, фæлæ-иу нæ æппæлынмæ фæци. Цæмæн, уый нæ зонын. Æвæццæгæн, цæмæй хуыздæр ахуыр кæнæм, коммæгæсдæр уæм, хуыздæрты фæзмæм, уый тыххæй.

Уæдæй нырмæ æнусы æмбисæй фылдæр рацыд, фæлæ мæ Хæчъассæйы æртхъирæн цы тас бауагъта, уымæй абон дæр æххæст нæма ссæрибар дæн. Кæддæры уавæры мæхи куы авæрын, уæд мæ зæрдæ, уызын истæмæй куы фæтæрса, уый хуызæн æрбатымбыл вæййы, арвæй мæм иу цъæх гæбаз нал фæзыны, зæхх мæ быны кæдæмдæр фæцæйцæуы. Хæчъассæ, æвæццæгæн, зыдта, кæмæн, кæм æмæ цы зæгъын хъæуы, уый, стæй йæ ныхæстæн цы ахадындзинад уыдзæн, уый дæр æмæ сæ афтæ арæх уымæн дзырдта. Сæхимæ-иу аздæхтаид, йæ ацыдыл-иу бонтæ æмæ къуыритæ рацыдаид, уæддæр-иу мæ йæ ныхæстæ нæ рох кодтой. Дæ уроктыл æрбадын дæ нæ фæнды, Веринкæ дæ искæдæм æрвиты, æмæ зивæг кæныс, кæнæ дæ, фыдуагыл нымад чи у, ахæм лæппутæ семæ искуыдæм хонынц, уæд Хæчъассæйы ныхæстæ дæ зæрдыл æрбалæугæйæ фыццаг хъуыддаг дæр нæ бакодтаис, стæй дыккаг æмæ æртыккаг дæр.

Веринкæйæн Хæчъассæтæм, ома йæ цæгатмæ акæнынæй тас æппæты тынгдæр мæн аххосæй уыд, уымæн æмæ, иуæй, æз хистæр уыдтæн, иннæмæй, лæппу, æмæ фæрæдийынæй тас тынгдæр мæнæн уыд. Æмæ бирæ цæмæйдæрты мæхи хъахъхъæдтон, кæд мын æдзух не ’нтысти, уæддæр. Стæй кæимæфæнды куы фæхыл уыдаин кæнæ скъолайы хæлды æхцайæ хъазыдаин æмæ мæ Веринкæ куы базыдтаид, уæддæр мæ цыма Хæчъассæйы цæсты нæ бафтыдтаид, афтæ мæм каст, æндæр мæм, Хæчъассæйæн цæмæй рафаудтаид, ахæмæй ницы уыд?! Цас дæ фæнды, уыйбæрц. Фæлæ Веринкæ зондджын уыд. Хуыздæр цы уыдзæн æмæ фыддæр цы уыдзæн, уый йæ алы нуарæй дæр æнкъардта, æндæр, тамако дымын кæй райдыдтон, æрмæст уый йын куы загътаид, уæд ма цæсты бафтынæн уымæй фыддæр цы хъуыди! Тамако та дымын райдыдтон æвдæм къласы (кæстæртæй мæ исчи бафæзма, уый тыххæй йæ нæ фыссын. Мачи мæм бахæлæг кæнæд, æвзæр миниуæгыл хæрз сывæллонæй фæстæмæ кæй фæцахуыр дæн, уый тыххæй. Цалдæр азы фæдымыны фæстæ йæ ныккуыйты уагътон æмæ йæ ныр цыппар æмæ дыууиссæдз азы нал дымын. Стæй ма уын уый дæр зæгъдзынæн, æмæ мæ хоты цур тамако кæй никуы сдымдтон. Кæд мæнæй кæстæр уыдысты, уæддæр сæ æфсæрмы кодтон, цы не ’мбæлы, ахæм хъуыддаг сæ цуры куы бакодтаин, уæд цыма уыдон дæр фауинаг хъуыддæгтæм разæнгардгæнæг уыдаин, афтæ мæм каст). Цыфæнды сусæг æй куы кодтаин, уæддæр мын нæ бантыстаид, уымæн æмæ давоны хæрд куыннæ сусæг кæны, афтæ басусæггæнæн нæй тамакойы дымдæн дæр. Зыдта, кæй зæгъын æй хъæуы, Веринкæ, æвзæр миниуæгыл кæй фæцалх дæн, уый, фæлæ зыдта уый дæр, йæ ныхæстæй кæй ницы рауайдзæн, æмæ цыма ницы ’мбары, йæхи афтæ дардта. Хæчъассæйыл дæр мæ уый тыххæй никуы сардыдта. Иуæй йын хъыг уыдаид, иннæмæй, мæн цæсты бафтыдтаид, сæйрагдæр та — ницы дзы рауадаид. Уæдæ мæм æндæр фыдуагдзинæдтæ дæр разындаид, фæлæ мæ Веринкæйы руаджы Хæчъассæйы раз къæмдзæстыгхуызæй æрлæууын никуы бахъуыд. Æрмæст мæхи уæлахиздзауыл никуы банымадтон. Уæлахиздзау нæ, фæлæ мæ мадыфсымæры ныхæстæ мæ зæрдыл дардтон. Кæм-иу мæ æрбайрох сты, уым мæ тæрхонгæнджытæ уыдысты мæ хотæ, уæлдайдæр Райæ. «Фæлæуу, Веринкæ æрбацæуа, æз дæ кæддæра нæ сардауин!» Ахæм æртхъирæнтæ мæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бакодта. Æмæ кæд йæ ныхас бирæ хæттыты нæ сæххæст кодта, уæддæр мæ куы сардауа, уымæй кæддæриддæр стъæлфыдтæн. Райæ ’мæ Дибæ мæнæй фæзминагдæр уыдысты. Лæгъстæмæ-иу сæм куы цыдтæн, ахæм бонтæ мыл-иу иу æмæ дыууæ нæ акодта. Сæхæдæг мæ ницæмæй стъæлфыдысты, уымæн æмæ сæ Веринкæйыл цæй тыххæй сардыдтаин, ахæмæй ницы кодтой.

Уæлдай æнцондæр дарæн уыди Дибæхан. Цæмæн, уый нæ зонын, фæлæ нæ мады, лæппу куы фæуыдаид, уый тынг фæндыди. Чысылæй фæстæмæ дæр уыцы сабыр рахаста. Мамсыраты Дæбейы «Мæ царды таурæгъ» мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Мæ мад Гæба, дам-иу афтæ дзырдта: «Аст сывæллонæй мын амæй æнцондæр дарæн ничи уыдис. Дунемæ куыддæр фæзынд, афтæ иу хъыллист фæкодта æмæ ныхъхъус. Уымæй фæстæмæ кæугæ дæр никуы скодта».

Ахæм сывæллон уыди Дибæ дæр. Ноджы сæ нæмттæ дæр куыд æнгæс сты: Дæбе — Дибæ. Æртæ азмæ къахæй нæ ауад, стæй дзыхæй не сдзырдта. Хæрз сывæллонæй-иу æй Веринкæ пецы сæр ныууагъта æмæ-иу быдырмæ ацыд. Фæстæмæ-иу æй, кæцырандæриддæр ныууагъта, уым æрбаййæфта. Уыцы рæстæг-иу махæй чи скъолайы уыд, чи — уынджы хъазыд.

Иу изæр Веринкæ быдырæй æрбацыд æмæ та Дибæйы пецы сæр бадгæ æрбаййæфта. Йæ дæлæрмттыл ын фæхæцыд æмæ йæ йæ хъæбысмæ райсынмæ куыд хъавыд, афтæ сывæллоны кæуын ссыд. Цы кæныс, зæгъгæ йæ фæрсы, фæлæ йын цы дзуапп хъуамæ раттаид, дзургæ куы нæма кодта, уæд! Йæ цæссыгтæ йын æрсæрфта, фæлмæн ныхæстæ йын акодта, æмæ йæ кæуынæй банцад. Дыккаг изæр дæр афтæ. Пецы сæрæй йæ райсынмæ куыд хъавыд, афтæ та ныккуыдта. Мæ чызг цыдæр кæны, зæгъгæ, Веринкæ катайы бацыд. Хъуыддаг дохтырмæ хæссыны онг куы ’рхæццæ, уæд ын æнæнхъæлæджы йæ рахиз дæларммæ фæкомкоммæ æмæ дзы дынджыр сынкъыл йæ цæст куы ’рхæцид. Цыдæр хостæ йын скодта, æмæ дыккаг бон сынкъ фæкъæртт. Æртыккаг бон йæ рæсыд æрбадт æмæ та Дибæйыл йæ иунæджы сахæттæ ныддаргъ сты. Æдзух иунæг нæ уыди, мах-иу æй абæрæг-абæрæг кодтам, фæлæ йæм дзæгъæлы нæ зæрдæ ’хсайдта. Пецы сæр хъармы бадынæй нæ фæлмæцыди. Йæ амонд уыд, æмæ æддæмæ рахизыныл никуы афæлвæрдта, æндæр кæнæ хаугæ ракодтаид, кæнæ тавд къæйыл йæхи басыгътаид.

Райæ уыцы гыццылæй дæр фырсæрæнæй цæстытæ къахта. Фæстæгтимæ йæ бæтгæ куы бакодтаис, уæддæр дзы нæ бафæрæзтаид, йæ рæхыстæ атыдтаид æмæ раззæгты æмрæнхъ алæууыдаид. Ахуыр дæр махæй хуыздæр кодта. Уæлдай зæрдæргъæвддæр уыди, бæлвырд наукæтæ кæй хонынц, уыдонмæ. Æз æмæ Дибæ та иухуызон къуымых уыдыстæм. Исты бахынцынæй зындæр нæм ницы каст. Райæ та ахæм хабæрттæ æнцонæй кодта. Фæстæдæр нæхи базарадон техникум æмæ Мæскуыйы финансон-экономикон институт каст дæр хуымæтæджы нæ фæци, стæй йæ царды бирæ азтæ статистикон управленийы нæ арвыста...

Институтмæ ахуыр кæнынмæ ацæудзынæн, зæгъгæ, уый размæ цалдæр боны мæхи фæндагмæ фæцæттæ кодтон. Цы цæттæ кæнын мæ хъуыдис, фæлæ уæддæр. Нæ хæдзары къуымты разил-базилæй нал æмæ нал фæлладтæн. Суанг ма цармæ дæр схызтæн. Гыццыл цæхæрадонæй куы ’рцыдтæн, уæд стыр цæхæрадонмæ мæ ных сарæзтон. Дæргъæццон чылауитæ сæ тæккæ цæттæйæ уыдысты. Æвæдза, лæгæн йæхи зæххыл цы дыргъ æрзайа, уымæн æмбал нæй. Стæй канд дыргъ нæ: халсар дæр æмæ хор дæр. Зондджын адæм куыд зæгъынц, афтæмæй, адæймагæн æппæты пайдадæр сты, кæм цæры, уым цы дыргъ, халсар æмæ хор зайы, уыдон. Афтæ хъуыдыгæнджытæ, мæнмæ гæсгæ, нæ рæдийынц. Цавæрдæр профессоры фæфæзмынц, æнхъæлдæн, йæ мыггаг Лизунов уыди. Æз цы институтмæ бацыдтæн, уым, дам, ахуыргæнæгæй куыста. Дыууæ сахаты, дам-иу лекци фæкастаид, стæй, дам-иу æппæты фæстагмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ: «Раст афтæ хъуыды кодта Карл Маркс дæр». Афтæмæй та, дам-иу цыдæриддæр фæдзырдта, уыдон иууылдæр Марксы чингуытæй ист уыдысты. Уыйау æз дæр, зондджын адæмы хъуыдытыл дыууæ зæгъинаг нæ дæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.