Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 4 страница



— Æз зонын, уе ’фхæрæг кæм бады, уый. Кæд уæ фæнды, уæд цомут æмæ уæ тын уæ къух ссара.

— Æ, Хуыцауы хорзæх дыл, зæгъын, сæмбæла, — бацин кодтон æз, æмæ дын æртæйæ дæр нæ хæрзгæнæджы фæдыл фæраст стæм. Уынгмæ нæ расайдта, æмæ ныл уым аууоны сæхи хъæрццыгъатау ныццавтой. Не ’хцайы капеччытæ нын астигъынмæ хъавыдысты, фæлæ мах дæр, уыдон куыд æнхъæл уыдысты, бынтон афтæ сæ лæппынтæй нæ разындыстæм.

Нæ хъæр, нæ хъæлæбамæ милицæ æхситгæнгæ фæзындысты. Стигъджытæ стигъджытæ сты æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фæтары сты. Милицæ махыл нæ баууæндыдысты, æгъдаухалджыты гакк ныл аныхæстой æмæ нæ къарцы фæмидæг кодтой.

Камерæйы баййæфтам, йæ тæнтæ хоры къутуйау кæмæн ныддымстысты, ахæм дынджыр хæмхутджын азербайджайнаг лæджы. Уый-иу фынæйæ куы ныххуыррытт кодта, уæд-иу цары сæрстытæ æрызгъæлдысты. Æмæ афтид ууыл куы уыдаид, фæлæ дзы йæ гуыбыны гыбар-гыбуримæ цы уæззау тæф цыд, уымæн зын быхсæн уыд. Нæ улæфæнтæ-иу хæдæтты фæдджитæй бæргæ сæхгæдтам, фæлæ... Сосыгко йæм мæстæй æхсысти, фæлæ йæ Буцаимæ сабыр кодтам, æмæ та-иу уæд йæ цæхæр цæстытæй мæн асыгъта, адон нын дæ фыдбылызтæ сты, зæгъгæ. Мæ аххос зыдтон æмæ-иу фыр æфсæрмæй мæ сæр мæ сагæхты атъыстон.

Цыдæриддæр уыди, уæддæр фыдæхсæв фыдрынау ахуыссыд. Нæ амондæн уыдаид, нæ зонын, фæлæ хуры цæстæй хуыцаубон ракаст æмæ бæстæ базмæлыд. Уыцы бон милицæйы кусджытæн дæр улæфæн бон уыд, æмæ хайады радгæсы æвджид уыдыстæм. Кæртмæ нæ атезгъо кæнынмæ куы рахуыдта, уæд нæ цурмæ æрбацыд, æртын фондз азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм сырхуадул, хæрзконд лæг, хуымæтæг, аив дарæсы. Гуырдзиаг кæй уыд, уый бакастæй дæр æмæ йæ ныхасыхъæдæй дæр бæрæг уыд. Радгæс ын рапорт куы ратта, уæд, хицау кæй у, уый бамбæрстам æмæ нæ цæмæй нæ цыппæрæймаг æмбалæй фæиртаса, уый тыххæй йын нæхи ныффæлдыстам.

Хицау, æвæццæгæн, мах феныны размæ базыдта, кæцæй стæм, нæ аххос цæй мидæг ис, уыдæттæ. Ноджы ма йæ хорз зæрдæйыл уыдис æмæ хъазæгау фæзæгъы:

— Мæнæ мæ богалæй зæгъут? Уымæй уæ æз ныртæккæ дæр фæхицæн кæндзынæн. Æрмæст дзырдæй, йемæ хъæбысæй рахæцут æмæ уæ йæ кæд исчи абырса, уæд — уæ хæдзæрттæм фæндараст! Кæд мæ богал фæуæлахиз уа, уæд уымæн та бапъирозты къопп æмæ дзулы буханкæ.

Богал ныццин æмæ кæрты къуымты йæ дынджыр къабæзтæ ивазгæ арсау æрзылд. Мах кæрæдзимæ кæсыныл фестæм. Хицау, йæ мидбылты бахудгæ, уайдзæфгæнæгау скæрды:

— Ау, сау халон хохаг сахъ цæргæсы абырса, мæн уый нæ уырны, æви уæ уæ хæдзæрттæм нæ фæнды?!

Уыцы ныхæсты зынгæй Сосыгкойы топпыхос ныппæртт ласта. Йæ цъæх цæстытæ ферттывтой æмæ, хицауы раз балæугæ, фæзæгъы:

— Раст зæгъ, нæ асайдзынæ?

— Гъе, гормон, уый та куыд загътай? Лæгтæ куы хуыйнæм!

— Цæй, уæдæ, цы уа, уый уæд, чызджы быны, мыййаг, куы нæ кæндзынæн, — махæй бар курæгау фæзæгъы не ’мбал æмæ кæрты астæумæ, уæндон къахдзæфтæгæнгæ, бацæуы.

Дыууæ лæджы арс æмæ йæ хъыбылау кæрæдзи цæнгтыл куы ’рхæцыдысты, уæд мах Буцаимæ кæрæдзиуыл бакъул стæм æмæ, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ, адæргæй гæдыхъæдау рызтыстæм. Æмæ кæд цыппæргай цæстытæй кастыстæм, уæддæр, æвиппайды цы ’рцыд, уый нæ бафиппайдтам. Хицауы богалæн уæлгоммæ йæ тъæпп зæххыл фæцыд æмæ йæ дзагъыр цæстытæ хъоппæгæй аззадысты. Зæххæй дзыккафыцæн къаннæг аджы бынау цы цъæх дур зынд, уымæ йæ къæбут æрхаста æмæ адæргъ.

Хицауы сырх цæсгом цикъæйау афæлурс. Йæ цонджы тугдадзин ма йын асгæрста, гъе стæй мах æртæйæ дæр йæ кусæн уаты фæмидæг кæны, нæ гæххæттытæ, æхцатæ, рæттæ нын нæ къухты фæсадзы æмæ нæ феддæдуар кæны, ам, дам, уæ дымгæ дæр куыд нал уа, афтæ.

Фароны фистимæ нæ къонатыл сæмбæлдыстæм. Хиуæттæ, сыхæгтæ, зонгæтæ нæ фарстой нæ балцы хабæрттæй, фæлæ дзы раппæлинагæй ницы уыд. Мæ сахаты хабар хъæубæстыл айхъуыст æмæ-иу мæ ме ’мгæрттæ мæстæй марæгау дардæй дæр фелхыскъ кодтой, Смел, æркæс-ма дæ сахатмæ, рæстæг цас амоны, зæгъгæ, фæлæ ацал-ауал азы нæ хуылфыты æмбæхстæй цы сусæгдзинад фæхастам, ныр æз дæуæн уый райхæлдтон æмæ Хуыцауæй курын хатыр, — загъта Смел æмæ йæ хæзнаты чырыны дуар æрæхгæдта.

... Цыдис 1933 æххормаг фыд аз. Бурдым мыдамæст фæззæг теуайау схæцныххæцгæнгæ нæ хъæумæ дæр æрбахæццæ, æмæ адæм иучысыл фæхъыртхъомдæр сты. Нæ колхозы правленийы уынаффæмæ гæсгæ Хуыдæлты Хадзымæт, Кобесты Хадзырæт, Дзасохты Сосыгко, Хосаты Гæбæти æмæ æз фондз бричкæйæ нæ изæр ныххастам Æрджынарæгмæ не скъолайæн сугтæ ласынмæ. Сыздæхтам Дзылаты коммæ æмæ уым иу рæсугъд фæзы суадоны был æрфысым кодтам. Нæ бæхты суæгъд кодтам, сæ раззаг къæхтыл сын сахсæнтæ бафтыдтам, æмæ фæсалгæрдæджы хуыррытгæнгæ хызтысты.

Бон æрцъынд. Тар æхсæв йæ бартæ райста æмæ ололийы æнкъард хъарæг æрдзы сабырдзинад хæлдта. Мах гуыргуыраг арты фарсмæ нæ уæйлаг нымæттæй иу æрытыдтам æмæ йыл æрфынг кодтам нартхоры кæрдзынтæ, хæндыджы цыхт, æйчытæ æмæ арахъхъы æвгтæ. Нæ нард фынгæвæрдмæ цалхыдзаг мæй дæр бæгънæг сабийау сцыбæл, нæ сæрмæ йæ цыппæртыл æрбахылд æмæ нæм йæ дынджыр цæст хай курæгау ныддардта.

Нæ буц хистæр Хадзымæт куыддæр йæ къухмæ дзаг сыкъа райста, афтæ дыууæ хотыхджын лæджы нæ уæлхъус февзæрдысты. Милмæ сисгæйæ нæ зæххыл дæлгоммæ куы ныххуыссын кодтой, уæд дзы иу иннæмæ йæ дыууæхстон авæры æмæ нын не ’хсæвæр зыдгæнгæ йæ дзæкъулы æфснайы.

Нæ зонын, Сосыгко нæ цурæй йæхи куыд фæтылиф кодта. Топпытæ нæм чи дардта, уымæ гæдыйау фæстæты æрбахъуызыд æмæ йын фатхъæдæй йæ бæрзæй ныддаудта. Лæг æнæ хъыпп, æнæ сыппæй фæсутыр. Сосыгко йын йæ гæрзтæ фелвасы æмæ иннæ тыхгæнæджы къухтæ куы сдарын кæны, уæд йæ хъæр анæры:

— Хадзымæт, Хадзырæт, бæндæнтæ!

Чысыл фæстæдæр дыууæ гуыдынхъус тыхгæнæгæн цыппæртæбастæй се ’взæгтæ хатыр курынæй бапъирозы гæххæттау тæнæг кæнын байдыдтой, афтæмæй ныл æрбон. Не ’нæхуынд уазджытæ сæхи хуыдтой змейкæйаг цуанæттæ. Хадзымæт æмæ сæ Хадзырæт топпæргъæвдæй хъахъхъæдтой, афтæмæй нын нæ бричкæтæ сугтæй куы байдзаг кодтой, уæд сæ Хуыцауы бар ныууагътам.

Хур арвы астæумæ схæццæ, афтæ мах дæр дзагармæй къæскъæсгæнгæ паддзахвæндагмæ æртылдыстæм æмæ изæрæй нæ хæдзæртты Сосыгкойы цæрæнбоны тыххæй скуывтам.

...1937 азы дæр ма колхозон æппæт куыстытæ дæр уæхскуæзæй уыдысты. Уæрæх быдырты зад хуымтæ рувынмæ къæпитæ нæ фаг кодта, æмæ колхозонтæ тыхстысты. Уалынмæ дын чидæр сæрдары хъусы куы бацæгъдид, уартæ, дам, Мызуры æрзæткъахæнты механикон æрмадзы куырдæй кусы сызгъæрин къухты хицау Хъуппеты Сослæнбег. Уый, дам, æфсæйнагæй лæджы нывтæ дæр аразы. Йæ цæфхады конд — æндон æхсыст, йæ рацагъд къæпи та, дам, алмаси. Ацы хабар нын нæ сæрдары уæззау уаргъ фæрогдæр кодта. Сосыгкойы къухты æрмæджы æхца ныссадзын кодта, æмбалæн та йын мæн хал схаудта æмæ иу бон нæ изæр Мызурмæ бахастам.

Нæ уæздан фысым Дзусты Бате нæ фырбуцæй цармæ скæсын кодта. Уæд æз фыццаг хатт фæхъæстæ дæн, фондзыстъалыджын сомихаг коньяк кæй хонынц, уыцы диссаджы нуазинаг æмæ сау еугæфæй. Фæсахсæвæр ма дзæвгар фæмысыдыстæм ивгъуыд бонтæ, стæй уæд райдзаст уаты сыгъдæг, фæлмæн хуыссæнты æфсæстæй батылдыстæм. Цæйбæрц арæдзæ-мæдзæ кодтаиккам, нæ зонын, фæлæ уалынмæ хох рафæлдæхæгау бæстæ гыбар-гыбур сси.

— Фæдис, хъаймæт æрцыдис! — хъуысти уынгæй хъæртæ, æмæ мах дæр нæ фысымтимæ феддæдуар стæм. Адæм цъалхæй-малхæй сæ фатертæй къæдзæхрæбынтæм лыгъдысты.

— Цы у, цы бæллæх æрцыди? — хуыссæгхъæлдзæгæй чидæртæ кæрæдзи фарстой.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Æрыдоныдон фурдау раивылд æмæ æнæхъæн ком йæ сæрыл систа. Доны былты цы уæладзыг хæдзæрттæ уыд, уыдоны спичкæйы къоппытау ныхъуырдта. Йæ уазал дымгæ къæдзæхты сæрмæ дæр хæццæ кодта æмæ былтæ цавта.

Æнæхъæн поселок фыдæхсæв фæци, афтæмæй ныл æрбон. Тарст адæм стырæй, чысылæй къæдзæхрæбынты, дурты сæртыл хуыргæрчытау бакъуыбæрттæ сты. Ивылд дон знæтæй-знæтдæр кодта. Адæймаджы сæр-иу æм хохы сæрæй кæсгæйæ дæр разылд. Æнæхъæн комы, суанг Нарыхъæуæй Алагирмæ цъиу атæхæн дæр нал уыд. Иу хид, иу ауæзты мур дæр дзы никæмуал баззад. Садоны та æрзæткъахджытæн æфсæддон хæйттæ ссад æмæ æндæр хойраджы продукттæ бæхуаргъæй хастой Ходы æфцæгыл.

Поселочы куыстуæттæ дæр иууылдæр ныллæууыдысты. Æвдæлон адæм-иу уæлбылты къордтæ-къордтæй Æррадоны уылæнтæм кæсгæйæ сæ уæгъд рæстæг мардтой. Мах къордимæ лæууыди æрзæтыссæн фабричы кусæг Таболты Уывыдзыхъо, йæ дæларм, куысты йын кæй раттой, дыууæ ахæм дзыхъынног бур батинкæйы. Куы-иу иуæрдæм бауад, оххытæ-оххытæгæнгæ, куы та — иннæрдæм. Раст æй цыма ардаугæ ачынд, уыйау дын Сосыгкойы куы афæрсид:

— Цымæ ацы доны иннæрдæм чи баленк кæна, ахæм лæг искæм ис?

— Мæнæ дæ дæларм цы батинкæтæ ис, уыдон æри æмæ æз баленк кæндзынæн, — фæцырд Сосыгко.

Æз ын фыццаг хъазын æнхъæл уыдтæн, фæлæ хъуыддаг æцæг хæснагмæ куы рахызт, уæд мæ зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста. Ноджы ма Уывыдзыхъойæн къæссайы комыл хæцджытæ дæр куы фæцис, уæд нæ фысым Батейы агурæг фæдисы азгъордтон. Фæстæмæ куы фездæхтыстæм, уæд кæсæм, æмæ Сосыгко фаллаг фарс айнæг къæдзæхы сæрæй фæлгæсы.

— Сосыгко, ацырдæм мауал сфæнд кæн! — нæ удтæй арт цæгъдгæ йæм мах Батеимæ хъæр кæнæм. Уый нæм йæ къух, хорз, зæгъгæ, фæтылдта æмæ бæрзондæй йæхи æрра уылæнтæм нывзылдта. Æз адæргæй кæм лæууыдтæн, уым æрбадтæн æмæ дыууæ къухæй мæ цæстытыл ныххæцыдтæн. Донæй сурмæ куы сгæпп ласта, уæд фæйнæрдыгæй, ура-а, зæгъгæ, адæмы хъæр райхъуыст, æмæ та æз дæр ме ’муд æрцыдтæн.

Æз куыд æнхъæл уыдтæн, Уывыдзыхъо ахæм æнæрхъуыды нæ разынд. Сосыгкойæн цы батинкæтæ фæхæрд, уыдон ын уынджы нæ ратта. Йæ сыхæгтимæ нæ сæхимæ ахуыдта, нæл сæгъ нын акусарт кодта, æмæ ма ды дæр уым куы уыдаис.

Нæ фысымтæм уазæджы фынгыл къуыри фæбадтыстæм æмæ, ивылд дон куы нæ сабыр кодта, уæд Ходы æфцæгыл Къора-Урсдонмæ фистæгæй алæвæрдтам, уырдыгæй та — нæхимæ.

Сæрæн, ныфсхаст, æвзыгъд лæппулæг Сосыгко, колхозон быдырты дæр бæргæ исты сгуыхтдзинæдтæ равдыстаид, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы сæраппонд йæ цард нывондæн æрхаста. Уый хъысмæтмæ æгъгъæд нæ фæкаст, æмæ, сæ хуртæй кæмæн нæ бафсæст, уыцы æртæ æнахъом хъæбулы йын ноджы уæззаудæр дурæй ныццавта. 1954 азы колхозон быдыры сæ мад Веринкæ йæ куысты уæлхъус фæмард.

Фыдуаг зымæджы карз тымыгътæн сæлын нæ бакуымдтой Сосыгкойы æртæ сызгъæрин талайы: Музафер, Дибæхан æмæ Рая. Хуры рæдау тынтæм сæхи ивæзтой æмæ адæмы рæгъы рацыдысты...

Сопойты Смел ма цыдæр зæгъинаг уыдис, фæлæ æхсæвæрмæ сидæг санаторийы дзæнгæрæг йæ хъуыры фæбадт, æмæ æз дæр мæ блокнот бахгæдтон».

IV

Мадызæнæджы быныл баззайын дæр æнамонддзинад у, уæдæ цы, æндæр-иу мæ мадыхо Катйаннæ йæ хъысмæтæй нæ хъаст кодтаид. Йæ хистæр хотæ Веринкæ æмæ Евдинкæ (мах æй Гыгы хуыдтам) йæ разæй фесты, йæ кæстæр æфсымæртæй иу — Тасолтан хæсты баззад, Хæчъассæ та Евдинкæйы фæстæ амард. Æмæ-иу куы ратыхст, уæд-иу, мæгуыр, афтæ фæкодта: «Цымæ мæ Хуыцау мæ хотæ æмæ æфсымæрты фæстæ цæмæн ныууагъта, ацы дунейы цы нæ федтон, ахæмæй ма мын цы баззад?! Цæуылнæ мæ айсы йæхимæ?» Катйаннæйыл дæс æмæ æртиссæдз азæй уæлæмæ цыд.

Мæ фыдыхо Оляйы царды зилдухæнтæ зындæр уавæрты баппæрстой. Æртæ ’фсымæры æмæ дыууæ хойы уыдысты, æмæ Оляйыл фондз æмæ ссæдз азы дæр нæма цыд, афтæ дзы иу дæр æгас нал уыд. Йæ мадæй дзидзидай сывæллонæй бавдæлон, йæ фыдимæ дæр уыйас бирæ нæ фæцард, стæй, цы фæцард, уый дæр — фыды устытимæ, фыццаг — иуимæ, уый фæстæ та — иннæимæ. Кæд ацы дунейы искæмæй рæвдыд баййæфта æмæ фæлмæн ныхас фехъуыста, уæд — Веринкæйæ. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд ын йæ мардмæ йæ уæрджытæ хойгæ не ’рбацыдаид, йæ рустæ йыл нæ ныттыдтаид. Кæд æм йæ номæй никуы сдзырдта æмæ йæ «Чындз» хуыдта, уæддæр æм чындзы цæстæй нæ каст, Веринкæ йæм ходыгъды цæстæй куыд нæ каст, афтæ. Хоты хуызæн уыдысты. Дыууадæс азы кæй æхсæн вæййы, ахæм хотæ иу æмæ дыууæ вæййы!

Ралæууыд 1947 азы зымæг. Бæстæ фыруазалæй къæрццытæ кодта. Уый размæ зæххыл хоры гага не ’рзад. Быдыртæ басыгъдысты. Адæм сыдæй мардысты, сыдæй мæлын чи нæ куымдта, уыдон та рæсигæ кодтой. Мах дæр иннæтæй ницæмæй хицæн кодтам, фæлæ цыфæндыйæ дæр цард йæхиуæттæ домдта. Лæппутæ устытæ хастой, чызджытæ чындзы цыдысты. Кодтой авдæнбæттæнтæ æмæ кæхцытæ, ноггуырдтыл æвæрдтой нæмттæ, бадтысты куывдты. Оляйæн дæр йæ чындзы цæуæн бон ахæм гæвзыкк рæстæг æрæййæфта. Фæлæ адæм хорз сты. Нæ фарсмæ æрбалæууыдысты. Алы рæттæй хуынтæ хастой. Кæд мыл дæс азы йеддæмæ нæ цыд, уæддæр ма цыдæртæ хъуыды кæнын. Фауыны хуызы йæ дзырдтаиккой, æвæццæгæн, æндæр иннæ хуынты астæу нæ хæстæгдæр æрвадæлты æртæ кæрдзыны цæмæн равзæрстой?! Æртæ кæрдзыны, зæгъгæ, барæй ныффыстон, уымæн æмæ хуыны чъиритæ нартхоры ссадæй конд уыдысты. Адæм сыл сæ цæст уымæн æрæвæрдтой. Цы бакодтаиккой, мæгуыр, кæд сæ рæбыны дзуллаг нæ разынд, уæд! Уæвгæ сын, чи зоны, сæхи цæсты æфтауын не ’мбæлд, иннæ адæмæй алчи æртæ чъирихор мæнæуы ссад куы ссардта, сидзæргæстæ сæхи дæлджинæджы бынаты куы нæ ’рæвæрдтой, уæд лæгджын хæдзар, махмæ тæккæ æввахсдæр æрвадæлтæ, сæхимæ адæмы цы ’ркæсын кодтой?! Чи зоны, мæ ныхæстæ раст не сты, дардæй кæсгæйæ уайдзæфтæ кæнын æнцон у, фæлæ сæм хæстæгæй чи каст, уыдонмæ дæр æндæр хъуыды нæ уыд.

Цыдæриддæр уыди, уæддæр мæ фыдыхойы æрыдойнæгтæ Цомайты Акканæн ахастой, цæмæй мын мæ ног сиахс дыууæрдæм хæстæг æййафын райдайа, уый тыххæй. Чындзæхсæвæй фæстæмæ канд мæ фыдыхойы сæрыхицау нæ уыд, фæлæ ма мæ мадымад Лезийы мадыфсымæр дæр.

Чындзы куы ахастой, уый дыккаг бон Веринкæ сыхæгтæ æмæ хиуæтты æххуысæй хуындзæутты срæвдз кодта æмæ сæ Æрыдонмæ арвыста. Хуындзау чи уыд, уыдонæй ма æрмæстдæр нæхи Алиханты Аслæнбеджы хъуыды кæнын, иннæтæ чи уыдысты, уый мæ ферох. Кæд ма исты зонын, уæд мæ къæхтыл уыдысты Веринкæйы къалостæ. Къанауы былмæ куы бахæццæ стæм, уæд миты рагъыл хъазт сарæзтам, æмæ фæндыры зæлтæ быдырты сæрмæ фæйлауæнтæ кодтой...

Фыццаг рæстæджыты Оляйы зæрдæ йæ ног хæдзары ницæмæй райгонд уыд. Лæппу йын райгуырд æмæ цалдæр мæйы фæстæ амард. Дыккаг лæппуйы райгуырдыл цæттæдæрæй сæмбæлдысты. Фыццаджыдæр, рагацау ахъуыды кодтой номыл. Æрлæууыдысты Сослæнбегыл. Хуымæтæджы нæ. Сæ мыггаджы уыдис ахæм номимæ зæронд лæг. Нæхи хъæуккаг. Иугæр уый бирæ цæры, уæд хъуамæ йæ кæстæры дæр уыцы амондæй хай фæуа. Дыккагæй та йын авдæн æрбахастой нæхицæй, ома Оляйы цæгатæй, мæн кæм ауызтой, уыцы авдæн. Цæмæйдæр сæм æз амондджын фæкастæн. Афтæмæй мæхæдæг дæр цæрæццæгтыл бирæ фыдæбæтты фæстæ нымад æрцыдтæн.

Кæд ма йæ хъуыды кæнут, уæд мæнæн уыдис æртæ хистæр æфсымæры, æмæ æртæйæ дæр фæд-фæдыл амардысты. Æз куы райгуырдтæн, уæд мæ нæхи Аслæнбеджы мад Лубæ хуыйы цармы батыхта, кæд цæринаг уа, уæд ын ницы уыдзæн, зæгъгæ. Рæстæг куыд равдыста, афтæмæй мын ницы уыд æмæ мæ фæстæмæ дзæбæхæй райстой. Амонды хос фæци уыцы авдæн чысыл Сослæнбегæн дæр. Авдæн ма ныртæккæ дæр æгас у. Цомайты цары æфснайдæй лæууы. Куы йæ фенин, уый мæ бæргæ фæфæнды, фæлæ мæ хæрæфырттæм куы вæййын, уæд мыл мæрдырох бахæцы, мæхи зæрдыл уæвгæ не ’рлæууы, мæ зæрдыл та мын æй лæууын ничи ’ркæны. Мæ авдæны æрмæст Сослæнбеджы нæ ауызтой, фæлæ ма йæ фырт Мараты дæр.

Куыд загътон, афтæмæй Оляйæн уыдтæн хуындзау. Йæ лæппу Сослæнбег ус куы куырдта, уæд уымæн та мæ иннæ хæрæфырт Баситы Алыбегимæ минæвар ацыдтæн æмæ дзы ницæмæй фæсмойнаг дæн. Æхболæтты Алиханы хæдзары ссардтам уазæгуарзон фысымтæ, сæйрагдæр та уыдис, æнæдзуаппæй нæ кæй нæ рарвыстой æмæ нын сæ дохтыр чызг Фатимæйы раттыныл кæй сразы сты, уый. Диссаджы чындз басгуыхти Æхболон. Ацал-ауал азы мæ фыдыхойæн цы лæггад кæны, уый æмбисондæн дзуринаг у. Æниу куыд уазæгуарзон æмæ кæрдзындæттон у, уый та! Сæдæ барæджы сæ дуармæ куы ’рфистæг уаиккой, уæддæр сын цыма лæггад кæнын бафæразид, æгъдау сын раттид, хъæстагæй дзы ничи баззаид, афтæ мæм кæсы. Кæсгæ мæм нæ кæны, фæлæ уый æцæгæйдæр афтæ кæй у, уымæн мæхæдæг æвдисæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн. Кæцыфæнды афон сæм куы бахойын, стæй сæм кæимæфæнды æмæ цалфæнды æмбалимæ куы бацæуын, уæддæр цыбыр рæстæгмæ нæртон фынг нæ разы февзæры. Афтæ ныр дæс æмæ ссæдз азы бæрц. Фынджы уæлхъус дæр æмæ йын адæмы астæу дæр арфæйы ныхас зæгъын кæддæриддæр мæхицæн хæсыл фæнымайын. Иуахæмы та йын арфæтæ кæнын куы райдыдтон, уæд, йæ мидбылты бахудгæйæ, куы сдзурид:

— Ды та æдзух мæнæй феппæлыс!

— Тыхсгæ ма кæн, фауын дæ куы хъæуа, уæддæр дæм нæ бафсæрмы кæндзынæн, — дзуапп ын раттон æз.

Бонтæ цыдысты, азтæ кæрæдзийы ивтой. Сослæнбег æмæ Фатимæйæн фæзынди кæстæртæ, раздæр — Иннæ, уый фæстæ — Марат. Марат куы нæма райгуырд, уæд йæ ныййарджытæ — дыууæ дохтыры — ацыдысты дард балцы — Хуссар Йеменмæ, чысыл Иннæйы та фыдымадмæ ныууагътой. Цалдæр азы зæронд ус æмæ гыццыл чызг адджынæй фæцардысты. Ныййарджыты зæрдæ сæ хъæбулмæ не ’хсайдта, уымæн æмæ сæ ныфс уыди, куыд бинонты хистæрæй, афтæ кæстæрæй дæр. Куы-иу сæм ныццыдтæн, уæд-иу Оля æппæты фыццаг цæмæй раппæлыд, уый — Иннæйы ахуырæй: æппæт предметтæй дæр иста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Скъола дæр майданимæ каст фæци. Йæ дарддæры ахуырæн равзæрста йæ ныййарджыты дæсныйад æмæ бацыд медицинон академимæ. Ам дæр йæ ахуыр нæ фæлæмæгъдæр — райста сырх диплом. Мæскуымæ ординатурæмæ ацæуыны размæ ссардта йæ амонд. Уым дæр та сæйрагдæр архайджытæй иу уыдтæн æз: Иннæйы куы лæвæрдтам, уæд æппæты уæле бадтæн, ома чызгдæтджытæн уыдтæн сæ хистæр. Æмæ ма ноджыдæр иу ахæм хъуыддаг. Иннæйæн лæппу куы райгуырд, уæд уыдтæн кæхцæрбахæсджыты хистæр. Фынджы уæлхъус та бадтæн мыггаджы хистæры фарсмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.