Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 3 страница



Хъуыды ма кæнын, иу хатт нын нæ уистæ Даргъ хуымтæй (ис ахæм къох Бæрæгъуыны зæххыл) дæлæсыхаг Бæгка куы ’рбаласта, уæд арвмæ йæ къухтæ æххуысагур даргæйæ цы ныхæстæ загъта, уый: «Мæ сывæллæтты тæригъæды чи бацыд, мæ рыст цæнгты фæллад чи ницæмæ ’рдардта, уымæн æй Хуыцау ма ныббарæд!..»

Æлгъитын нæ уарзта, фæлæ-иу дзы хаттæй-хатт ахæм ныхæстæ дæр схауд. Хылгæнгæ йæ никуы никæимæ федтон. Æрмæст кæддæр нæ сыхагимæ фæзулдзых. Ноджы ма не ’рвадæлтæй дæр куы нæ уыдаид! Кæйдæр нæ карз æлгъыст ракодта. Æнхъæлдæн, сæ зæронд ус. Æнхъæлдæн, мæн. Веринкæйæн æй кæнæ æз радзырдтон, кæнæ йæ йæхæдæг фехъуыста. Ома сæм уый фæстæ лæбургæ бакодта, исты уайдзæфтæ сын загъта? Нæ-а. Йæ маст æдзæмæй равдыста: цалдæр азы сæм дзыхæй нал сдзырдта. Йæхицæн дзурæгау цы ныхæстæ загъта, уыдон ма абон дæр мæ хъустыл уайынц:

— Цагъды уæлдæйттæй ма мын чи баззад, уымæн ахæм карз æлгъыстытæ ракæн... Уагæры йын цы ракодта?!

Кæд æлгъитын нæ уарзта, уæддæр, йæ маст цæмæй ссæуа, ахæм ныхæстæ-иу ссардта, уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр кæй никуы фехъуыстон, ахæмтæ. Уыдон дæр-иу фылдæр мæ хотæм хаудысты...

Цалынмæ Бехъаны ГЭС скуыста, уæдмæ куы сойын цырагъы рухсæй пайда кодтам, куы та — фæтæгены цырагъы. Нæ мады боныгон быдыры куыстытæй не ’вдæлд æмæ-иу йе ’мпъузинæгтæ æхсæвмæ æрхаста. Ахæм заман-иу дзы цырагъы рухс чи баууон кодта, ууыл-иу бустæй ралæууыд:

— Рухсы къуырæйттæ дæ акъуырæнт!

Уыцы ныхæстæ цы амонынц, уый махæй ничи зыдта, фæлæ цырагъæй иуварс алæууын кæй хъæуы, уый æнæмæнг кæнинаг хъуыддагыл нымадта æмæ-иу, ныхас кæмæ хауд, уый йæхи иуварс айста.

Æртæ мадызæнæджы стæм, æмæ нæ Райæйæ ныллæгдæрæй ничи баззад. Раст зæгъын хъæуы, уый не ’ппæтæй дæр фыдæбонджындæр уыд. Хæринаг кæнын, дзаумæттæ æхсын фылдæр уымæ хауд. Уæдæ хъуг дуцын дæр Райæмæ каст, уымæн æмæ Дибæ бынтон сывæллон уыд. Æппæт уыдæттæ йæ рæзтыл искæцырдыгæй фæзындысты æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ йæ сыхы дæр «Гыццыл Райæ» хуыдтой, — нæ хæддæле чи цард, уыдоны чызг дæр Райæ (Реуазтæй) хуынди, æмæ уый мæ хойæ бæрзонддæр уыди.

Уый иу хъуыддаг, фæлæ ма дзы ис æндæр хабар дæр. Веринкæ-иу Райæмæ куы дзырдта æмæ-иу æй куы нæ хъуыста, уæд-иу æм ноджы хъæрдæрæй фæсидт:

— Рай-йæ!

Æппынфæстаг-иу æй чызг куы фехъуыста, уæд ын-иу дзуапп ратта:

— Уæй!

— Руайгæ бакæн, уый дын «уæй»! Къуырма бадæ, дæ хъусты хæф макуы фæмиза, абондæргъы дæумæ куы дзурын, уæд кæм зæххы скъуыды ныххаудтæ!

Ацы хабæрттæ, чи зоны, Райæ хъуыды дæр нал кæны, æмæ сæ куы бакæса, уæд мæм, гæнæн ис, æмæ фæхæрам уа, фæлæ æз мысгæ ницы æркодтон, цы фехъуыстон æмæ мæ цы нæ ферох, уый сусæг кæнын та мæ туджы дæр нæй æмæ Райæйы туджы дæр æмæ йæм дзы хъуамæ хъыг мацы фæкæса. О, æмæ, зæгъын, кæд, Райæ махæй ныллæгдæрæй кæй баззад, уым Веринкæйы ныхæстæ дæр исты сахадыдтой...

Ноджыдæр ма мæ мадæй иу ахæм æлгъыстмæ хæстæг ныхæстæ мæ зæрдыл бадардтон. Йæ дзуапп бæлвырд кæмæн уыд, ахæм истæмæй-иу дæ куы бафарстаид æмæ йын-иу, «нæ зонын», зæгъгæ, куы загътаис, уæд дыл-иу фæхъæр кодтаид:

— Дæ зонгуытыл фæбыр, кæд æй зоныс, уæд!

Мæнæ ацы рæнхъытæ куы фыссын, уæд мæ сæры февзæрд æнахуыр хъуыды. Уæлдæр цы уайдзæфты кой ракодтон, уыдонмæ æнæнхъæлæджы раиртæстон æнахуыр иудзинад: æртæйы дæр ис рифмæгонд дзырдтæ: къуырæйттæ — акъуырæнт, Райæ — руайгæ, зонын — зонгуытыл. Хуымæтæджы афтæ уа, уый æнхъæл нæ дæн...

Веринкæ нæ уарзта æнæфсарм ныхас, æнæуаг дзыхæй дзурын. Йæ цуры дæлгоммæ ныхас кæнын дæр ничи уæндыд. Тæрсгæ дзы ничи кодта, æфсæрмы та, чи йæ зыдта, уыдон — иууылдæр. Быдыры кæимæ куыста, уыдонæй бирæтæй фехъуыстон, æвзæр дзыхæй дзурын нымады дæр кæмæ нæ уыд — ахæм сылгоймæгтæ та алы хъæуы дæр уыдис — суанг, дам ма дзы уыдон дæр стъæлфыдысты. Исчи, дам-иу дзы æнæуаг ныхас зæгъынмæ куы хъавыд, уæд, дам-иу йæ алыварс ахъахъхъæдта æмæ дам-иу Веринкæ уым куы уыд, уæд, дам-иу йæ дзых йæ армытъæпæнæй амбæрзта. Æнæфсарм ныхæстæ чи нæ уарзта, уымæн ноджы тынгдæр уæнгæл уыдысты æнæфсарм митæ...

Иу хатт Æрыдонæй æрбацæйцыдыстæм. Къутуты цурмæ (афтæ хуыдтам, колхозы хортæ кæдæм ластой, уыцы бынат) куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд кауы рæбын иу лæджы чъылдымыздæхтæй ауыдтам. Веринкæ иннæрдæм азылд æмæ йæхицæн дзурæгау дзырдта, æз дæр кæй хъуыстон, ахæм ныхæстæ: «Дæ ныхбынтæй туг фæкæлæд, мæ ныхбынтæй — æхсыр! Дæ ныхбынтæй туг фæкæлæд, мæ ныхбынтæй — æхсыр». Цалынмæ уыцы ныхæстæ къорд хатты дзырдта, уæдмæ лæгæн йæ кой дæр нал уыд. Æвæццæгæн, Къутутæм бацыд. Мах дæр дарддæр нæ фæндаджы кой кодтам.

Мæ мады куыд хъуыды кæнын, мæ фыды афтæ куы зыдтаин, уæд мын дыууæ хатты зындæр уыдаид. Кæд дзы исты зонын, уæд — адæмы ныхæстæй. Уæвгæ адæмы ныхæстыл дæр æууæнк нæй. Сæ иуæй-иутыл. Мæ фыды тыххæй сæ цы бирæ ныхæстæ фехъуыстон, уыдонæн сæ тæккæ ахсджиагдæр раст нæ рауад.

Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ хъусын: «Сосыгкойæн дурты бын дæр мæлæт нæй!» Уæлдайдæр хæсты фæстæ фыццаг азты. Кæй фырт дæн, уый-иу чи базыдта, уыдон-иу мын зæрдæтæ æвæрынмæ фесты, цы лæгдзинæдтæ йæм уыди, уыдон дзурынмæ-иу февнæлдтой, æппæты фæстагмæ та-иу загътой: «Тæрсгæ ма кæн, тагъд æй ардæм хъæуы. Сосыгкойы дурты бын куы баныгæной, уæддæр ын мæлæт нæй!» Афтæ мын дзырдтой, канд нæ хъæуккæгтæ нæ, фæлæ йæ æндæр хъæутæй чи зыдта, уыдон дæр. Раздæр сыл, раст зæгъгæйæ, æууæндыдтæн æмæ æнхъæлмæ кастæн, папæ хæстæй кæд ссæудзæн, уымæ, фæлæ куынæ æмæ куынæ зынд, уæд адæмы ныхæстæм æндæр цæстæй кæсын райдыдтон: цæмæй мын мæ зæрдæ балхæной, уый тыххæй афтæ дзырдтой, ныфс мæ бауадзын уыд сæ зæрды, уымæн æмæ ныфсимæ цæрын æнцондæр у, хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсын адæймаджы зоныгдзавдæй ирвæзын кæны.

Мæ хуыздæр æрдхорд Лолаты Хадзыби мын нæхи хъæуккаг Æккæлаты Дауыры афтæ фæзмыдта: «Мæрдтæй цæуæн куы уаид, уæд дзы Дзасохты Сосыгкойæ раздæр ничи раздæхид!» Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд ма мын цы бамбарын хъуыд, мæ фыд æгас кæй нал у. Уый ма суанг, йæ мæлæтыл æппындæр чи не ’ууæндыд, уыдоны дæр куы бауырныдта. Уæддæр æм æз æнхъæлмæ кастæн. Кæй ссæудзæн, ууыл мæ æууæндын кодтой Веринкæйы ныхæстæ. Йæ зæрдæмæ чи нæ цыд, ахæм ми-иу куы бакодтон, уæд-иу мæм афтæ ’ртхъирæн кодта:

— Фæлæуу, мæнæ папæ ссæуа!

Ахæм заман-иу тæрсыны бæсты цин кодтон, папæ ссæудзæн, зæгъгæ.

Æрмæст уыцы цинтæй æцæг цин никæцы рауад, фæлæ ма абон дæр мæ фыды тыххæй ногæй-ногдæр хабæрттæ хъусын. Чи зоны, се ’ппæт раст не сты, чи зоны, къæхтæ-къухтæ дзы кæуыл бафтыдæуыд, ахæмтæ дæр дзы ис, фæлæ ахъуыды кæнгæйæ мæхинымæр афтæ фæзæгъын: кæй хъæуы мæ фыдыл истытæ мысын?

Зæгъæм, нæ сыхы чысыл дæлдæр чи цард, Цуцаты уыцы Агуыбе мын ахæм хабар радзырдта. Нæ алыварс цы ’рвадæлтæ цард (фондз хæдзары), уыдонæй иутæ арахъхъ арæх уагътой. Арахъхъ та чи нæ уагъта, фæлæ уыдон, æвæццæгæн, иннæтæй арæхдæр уагътой æмæ дам-иу Сосыгко афтæ загъта: «Бесотæ арахъхъ куы фæуадзынц, уæд сæ бæлæстæ дæр расыг вæййынц».

Уыцы хабар куы фехъуыстон, уæд мæ мидбылты бахудтæн. Агуыбейыл цæмæй тынгдæр баууæндон, уый тыххæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

«Уый æцæгæйдæр афтæ уыди. Иннæты бæлæсты къалиутыл-иу иу сыф дæр не змæлыд, Бесоты бæлæстæ та-иу ратас-батас кодтой».

Нæ хъæуы цалдæр бичетты уыди. «Бичетт» цы амоны, уымæн абон дæр ницы зонын. Кæд «пикет»-æй равзæрд, уæддæр бæрæг нæй, фæлæ махмæ, хъæуы цыппар уынджы фæндæгтæ цы ран баиу вæййынц, уым-иу обаугонд скодтой, йæ алыварс ын-иу бæлæстæ ныссагътой, астæуæй та-иу фæхсбандæттæ сарæзтой. Мах сыхы цы бичетт уыд, уый астæу зади бæрзонд акаци бæлас. Йæ алыварс та уыди бандæттæ. Æз ма дзы æрæййæфтон ставд бæласы лыггаг, æмæ-иу адæм уым фæрсæй-фæрстæм рабадтысты. Иуахæмы та сыхы лæгтæ акаци бæласы бынмæ æрæмбырд сты æмæ алы ныхас кодтой. Иутæ фæхсбандоныл бадтысты, фаллаг сыхаг та — бæласы ставд, фæлæ зылын лыггагыл. Папæйы сæры æнахуыр хъуыды кæцæй февзæрд: фæстæты бауад æмæ, лæг цы къодахыл бадт, уый фæфæлдæхта. Лæг фæуæлгоммæ æмæ ма йыл къодах дæр батылд. Йæ сæр рог цæф фæци, фæлæ йæ былы туг куы рахъардта, уæд кæуынхъæлæсæй нырдиаг кодта:

— Уауу, мæ сæй, уауу, мæ дыл! Дæ мадыл... Сосыгко! Уауу, мæ сæй, уауу, мæ дыл! Дæ мадыл... Сосыгко!..

Ацы хабар та нæ хæрæфырт Уырымты Мишкайы бинойнаг Беккуызарты Нутæйæ (Анутæйæ) фехъуыстон.

Нутæ Холысты райгуырд. Йæ фыд куы амард, уæд фылдæр йæ мадырвадæлтæм хъомыл кодта. Уыдон та Бадыхъæуы цардысты. Мæ фыд дæр уым райгуырд, стæй æстдæс азмæ, цалынмæ Бæрæгъуынмæ ралыгъд, уæдмæ уым цард æмæ Нутæимæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Хæрæфырт æмæ мадырвадæй уæлдай ма уыдысты æмгæрттæ дæр. Иу хатт, дам мын Сосыгко афтæ зæгъы: алы мыггаджы дæр цалдæр æвзæры ис, махмæ та иу йеддæмæ нæй æмæ, дам дын дæ мадырвадæлты æз уымæй фервæзын кæндзынæн. Куыд, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд, йæ цæсгомы иу нуар дæр нæ фезмæлыд, афтæмæй загъта: «Мызуры бынмæ йæ мемæ рацæйхондзынæн, хидыл куы фæцæйхизæм, уæд æй фесхойдзынæн æмæ дарддæры хъуыддæгтæ Бады дон бакæндзæн. Æз фæфæдис уыдзынæн æмæ адæмæн фехъусын кæндзынæн, йæ сæр разылд æмæ доны ныххауд, зæгъгæ».

Ацы хабар дæр мын, æнхъæлдæн, Нутæ дзырдта. Гыццылæй, дам, тынг фыдуаг уыд Сосыгко. Хистæр кæстæрæн зондамонæг кæм нæ вæййы, æмæ йын-иу, коммæ кæс, зæгъгæ, ахæм зæгъджытæ куыннæ фæуыдаид. Иуахæмы та йæм чидæр æрлæууыд æмæ йын иннæтæй карздæрæй бафæдзæхста:

— Коммæ кæс, коммæ, Сосыгко! — æмæ дарддæр йæ фæндагыл ацыди.

Сосыгко бавдæлд æмæ, Бады ком дзæбæхдæр кæдæм зынд, уым къардиуы сæр сбадт æмæ Фæсфидарæй (ис ахæм хох Бадыхъæуы) йæ цæст нал иста. Цас фæбадтаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу заман, уайдзæф ын чи бакодта, уыцы лæг фæстæмæ ’рбацæйцыд. Лæппуйы æнахуыр ран бадгæ куы федта, уæд æм дзуры:

— Уым та цы кусыс, Сосыгко?

— Афтæ мын нæ загътай, коммæ кæс, зæгъгæ?!

Нартыхъты Габоци куыд зæгъы, афтæмæй мæ фыды хорз зыдта. Уый мæнæй къорд азы хистæр у, иннæмæй Бæрæгъуыны кæрæдзимæ хæстæг цардыстæм. Уæ хæдзар, дам, куы арæзтат — æвæццæгæн, уыдоны бæстыхай раздæр срæвдз — уæд нæм Сосыгко æрцыд æмæ, дам, уæ хæдзарæн мах хæдзары хуызæн бындур æрæвæрдта. Æцæгæйдæр, Габоциты хæдзар махоны хуызæн тигъыл æвæрд ис, æрмæст уыдонæн — иу фисыныл, махæн та фондз хæдзары уæлдæр раст ахæм фисыныл. Сæ дуæрттæ, сæ рудзгуытæ, дам, бынтон иухуызон æвæрд сты. Иу хатт ыл мæ фыд йæ бæхы куыд баууæндыд, уый дæр дзы нæ ферох. Бæхыл, дам, мæ бæргæ сæвæрдта, фæлæ æдас нæ уыдтæн. Тæрсгæ-ризгæйæ, дам æй уæддæр бæхдонмæ бахæццæ кодтон.

Габоци мын куыд радзырдта, афтæмæй хæсты размæ Бехъаны Къобостæн стыр хъæд уыди. Уый ма бирæ æндæр кæмæйдæрты дæр фехъуыстон. Ныр дзы ахæм стыр бæлæстæ нал ис, фæлæ уæд йæ тулдзытæ арвыл æмбæлдысты. Нæ хъæуккæгтæ йæм æхсæвыгæтты цæуаг уыдысты. Дыкъухыг хырхытæ-иу ахастой æмæ-иу, æхсæв бонæй нæма фæхицæн, афтæ сугæй дзаг уæрдон кæнæ бричкæ Бæрæгъуыны куы иу хæдзары кæрты балæууыд, куы иннæ. Мæ фыд дæр, æвæццæгæн, ком нæ дардта. Мæ мады ’фсымæр Хæчъассæ мын куыд дзырдта, афтæмæй, нæ хæдзары мæт уыйбæрц нæ кодта, адæмыл цас тыхсти. Куы иу, куы иннæйы тыххæй æхсæвдзу кодта, афтæмæй та-иу хъуамæ нæхимæ суджы къæцæл нæ уыдаид. Веринкæ йæ комæфтыд хуыдта. Махмæ «дзырдамонд» нæ дзурынц, фæлæ «комæфтыд». Æппындæр, дам-иу куы ницы ракодтаид, уæддæр, дам-иу æй ууыл сæвæрдтой. Æвæццæгæн, ацы хабар дæр иу ахæм заман æрцыд.

Къобосты хъæды иу æхсæв акалдæуыд цалдæр бæласы. Райсомæй хъæдгæстæ Бехъаныл куы азылдысты, уæд куыннæ бафиппайдтаиккой, сæ бæлæсты ставддæртæй къалиутæ йеддæмæ куы ницыуал баззад, уæд! Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццагдæр кæуыл фæгуырысхо сты, уый уыди мæ фыд. Хъæдгæс Бобола æппæты разæй бахоста мах кулдуар. Папæ, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы базыдта, уæд æй, сугтæ æркалæн æмæ бафæсвæдгæнæн кæмыты ис, уырдæмыты фæрахон-бахон кодта, уымæн æмæ зыдта, бæлæстæ чи акалдта, уыдонмæ кæй ницы бар дары. Уæддæр Боболайы нæ уырныдта, Сосыгко бæласкалджытимæ нæ уыди, уый. Уæд мæ фыд бавдæлд, æмæ йæ скъæтмæ басайдта, уым дæр-ма баджигул кæн, зæгъгæ. Куыддæр æрдæгталынг скъæты фæмидæг, афтæ йын папæ хъуджы къæлæт йе ’фцæгыл æрцауыгъта. Лæг, къæлæт йæ хъуырыл, афтæмæй æддæмæ лидзæг фæци. Уæдмæ кæрты сыхæгтæ æрæмбырд сты æмæ, лæджы афтæмæй куы федтой, уæд алырдыгæй сæ пыррыччытæ райхъуыстысты.

Ацы хабар мын Габоци, цал хатты амбæлæм, уал хатты радзуры.

Йæ дзырдарæхсты кой дæр мæ хъусыл арæх æрцæуы. Уыимæ, дам, никæуыл ауæрста. Хæстæг у, хион у — уæлдай йын нæ уыд. Кæмæн цы ’мбæлд, уый зæгъынæй æфсæрмы нæ кодта.

Не ’рвадæлтæй иу йæ фос ныууæй кодта, хæрзмыггагдæрæй аивынмæ сæ хъавыди, æви сын се ’хцайæ æндæр исты балхæнын йæ зæрды уыд, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ йæ кæрты цыппæркъахыг нал ныууагъта. Дзыппы цы ’хца уа, уый та бирæйы фаг нæ кæны æмæ уымæн дæр йе ’хцатæ цыбыр рæстæгмæ ницытæ ’мæ мацытыл фесты, æмæ лæг уæзæджы къæйыл аззад. Æмæ, дам дзы мæ фыд афтæ загъта: «Джери йæхи йæхæдæг кулак скодта». Стæй, дам ын иу хатт та афтæ загъта: «Джери, амæл, зæгъгæ дын зæгъин, фæлæ уæд куывды цæуыс. Фæлтау уал цæр æмæ хъизæмар кæн!»

Æмæ мæ фыды кой кæцырдыгæй не ’рыхъусын!..

Томайты Дзантемыримæ къорд азы «Рæстдзинад»-ы редакцийы фæкуыстам, фæстæдæр та иу-дæс азæй фылдæр иу кæрты фæцардыстæм. Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ йын санатори «Ирыстон»-мæ путевкæ раттой. Уым базонгæ мæ хъæуккаг Сопойты Смелимæ. Мæ кой сæм цы хуызы рауадаид, уый абон ничиуал сбæрæг кæндзæн, уымæн æмæ дзы иу дæр æгас нал у (рухсаг уæнт дыууæйæ дæр!), фæлæ, æвæццæгæн, мæ койæ мæ фыды коймæ рахызтысты. Смел нæ хъæуæй раджы рацыдаид, уымæн æмæ йæ æз не ’рæййæфтон, фæлæ мæ фыдимæ кæрæдзийы хорз зыдтой æмæ йын йæ хабæрттæ Дзантемырæн фæкодта. Томайы-фырт санаторийæ куы ’рцыд, уæд мыл Смелы фæдзæхст сæмбæлын кодта, ссарæд, дам, мæ — йæ телефон æмæ мын йæ адрис дæр ратта — æмæ, дам ын æз йæ фыды хабæрттæ фæкæнон. Цæттæ кодтон мæхи фембæлдмæ, фæлæ хъуыддаг иу бонæй иннæмæ æргъæвтон, æмæ та мыл, бирæ хæттыты цы сайд æрцыд, ахæм сайд æрцыд. Смел, æвæццæгæн, уымæй размæ дæр хъыгдард уыд æмæ санаторийæ æрцæуыны фæстæ бирæ нал ацард. Куыннæ фæсмон кодтаин, фæлæ ма дзы цы рауад! Æрмæст кæмдæр цыдæр кæй ис, уый та мæ бауырныдта. Смел мæрдтæм цы диссæгтæ фæцæйхаста, уыдоны размæ дзырды зæрингуырд Хъайтыхъты Азæмæт фæци æмæ мын мæ фыды фæрнæйдзаг хъуыддæгтæ, фæстæмæ здæхæн кæцæй нал и, уырдæм хæссын нæ бауагъта. Цæвиттон, Азæмæт дæр Смелыл æнæнхъæлæджы фембæлд æмæ дзы мæ фыды тыххæй цы ныхæстæ фехъуыста, уыдонæй æртæ хабары ныффыста. Ныффыста сæ афтæ дæсны æмæ аив æвзагæй, æмæ Смелимæ кæй нæ фембæлдтæн, ууыл фæсмон нал кæнын. Суанг ма мæм ахæм хъуыды дæр сæвзæрд: æгайтма нæ фембæлдтæн, уыцы хабæрттæ мæнæн куы ракодтаид, уæд æз сæ ныффыссынмæ афтæ хорз нæ сарæхстаин.

Цæмæй Азæмæты дзырдарæхстдзинадыл сымах дæр баууæндат æмæ уæм мæ ныхæсты рæстдзинад тынгдæр бахъара, уый тыххæй дзырды бар раттæм таурæгъгæнæгæн:

 

«Мæ бирæ хæлæрттæй иу бæрæгъуыйнаг Сопойты Смел уыдис (рухсаг уæд!). Кæддæр мын йæхи конд кард балæвар кодта, æмæ йæм ныр куы ’ркæсын, уæд мæм цыма йе ’рттиваг æндон фарсæй фæлмæн мидбылхудгæ ракæсы. Мæ цæстытыл ауайы хæрзконд, хæрзуынд, уæхсты хуызæн æнæ уæлдай фыд ирон лæджы фæлгонц.

Смелы æвзагыл æдзухдæр бадти йæ уарзон хъæуы ном. Иу дон кæимæ нызта, иу уæлдæф кæимæ улæфыд, уыдоны-иу хъæуы сæрæй хъæуы дымæгмæ номхыгъдæй нымайын куы байдыдта, уæд-иу комы цæгатмæ хурбакæсæгау йæ тæнæг цæсгом ныррухс, худындзæг-иу йæ цæстытыл абадт. Раппæлынæй уæлдай дзы никуы никæй фыдгой фехъуыстаис.

Санатори «Ирыстон»-ы улæфгæйæ мын-иу Смел йæ цардæй бирæ хабæрттæ æрымысыд. Мæнæ дзы æртæ цауы.

...1932 азты Ирыстоны хъæууон дуканийы хъуымац зын ссарæн уыдис, Бакуйы дуканиты та, дам, алыхуызон хъуымæцтæй тæрхæджытæ дæлæмæ тасыдысты. Мах, æртæ æмбалæй, Дзасохты Сосыгко, Хъантеты Буца æмæ æз, бæгуылæгтау ауынаффæ кодтам æмæ номдзыд Бакуйы сахары иу изæр поездæй æрхызтыстæм.

Дард, æнахуыр бæстæйы, æнæзонгæ адæмы ’хсæнмæ æртæйæ дæр фыццаг хатт бахаудыстæм æмæ нæхи бæрнаджы фосау æнкъардтам. Æхсæвы вагзалы иу къуымы бæргæ бакъуыбар стæм, фæлæ нæ нæ хохаг дарæс уайтагъддæр цæстфæлдахджытæ æмæ дзыпкъахджыты цæсты бафтыдта.

Бæлццон адæмæй вагзалы къухбакæнæн нæ уыди. Раст мæнæ чыргъæды бындзытæ къуырттæвæргæйæ куыд фæгуыв-гуыв кæнынц, афтæ сæ уынæрæй не ’нцадысты. Дзæбæх арæзт, къæсхуыргомау лæппулæг нæ разы цæуылдæр скатай. Уалынмæ дын нæм замманай дзыппыдаргæ сахат бавдисгæ йæхи куы ’рбакъултæ кæнид:

— Фæндаггаг мæм нал ис æмæ уæ ацы сахат ничи балхæнид?

Уæды рæстæджы ахæм дзаума тынг кадджын уыдис, æмæ йæм мæ зæрдæ бахъазыд.

— Багæдзæ уал кæ, Смел, сом уал нæ хъуыддæгтæ бакæнæм, — фæзæгъы Сосыгко, фæлæ сахаты хицау йæхи бынтондæр куы ныммæгуырхуыз кодта, уæд ын фæтæригъæд кодтон. Æхца куыддæр йæ къух ссардта, афтæ поездмæ æнхъæлмæгæсæг адæмы ’хсæн фæтары.

Аслам аргъæй ахæм зынаргъ дзаума мæ къухы кæй бафтыд, ууыл куыннæ бацин кодтаин, фæлæ йын йæ сæр куы фегом кодтон, уæд мæ буар ауазал. Туг сæрмæ ныццавта, цæстытæ атартæ сты, къæмисæнты дзæхст-дзæхст ссыд. Мæ къухты уыди зæронд сахаты афтид агъуд.

— Иугæр топп куы фехсай, уæд ын йæ нæмыг нал æрцахсдзынæ, дæхи дзæгъæлы мауал хæр, — сабыр мæ кодтой ме ’мбæлттæ, фæлæ мæнæн мæ масты дзæкъул ныддымст æмæ мæ къухы фыдтæм дæндагæй лæбурдтон, сайд мыл цæмæн æрцыд, зæгъгæ.

Адæймаг цæуæнты куы нæ ауайа, хæтæнты куы нæ ахæта, уæд фæндагыл рæдийаг вæййы. Махæн дæр иу рæдыд æгъгъæд нæ уыд æмæ та дыккаджы дæр ныссагъдыстæм. Усгуры кары чи уыдаид, ахæм пыррыкрихи лæппу ныл тамако пъæртгæнгæ йæхи ахаф-ахаф кодта. Цæстфæлдахджыты, дзыпкъахджыты фаудта, алы какулатæ сыл калдта. Йæхи ныл тæригъæдгæнæг скодта æмæ нæм, йæ дæндæгтæ къæскъæсгæнгæ, æрбахаты:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.