Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 1 страница



Писать Memoires заманчиво и приятно...

Александр Пушкин

Воспоминания — богатство старости.

Фаинæ Раневская

I

Тæригъæд, дам, авд фæлтæры хæссы. Мæхи тæригъæдджыныл нымайон æви нæ, уый дæр бæлвырд нæ зонын, уæвгæ тæригъæд кæмæ нæй, иу ахæм адæймаг цы зæххыл нæма райгуырд, уым æз æнæтæригъæд кæм уыдзынæн! Æнæаипп кæм уыдаиккой мæ фыдæлтæ дæр, уæлдайдæр, мæ райгуырды размæ цы авд фæлтæры цард, уыдон? Авд фæлтæры кой уымæн кæнын, æмæ сæ тæригъæды фæстиуджытæ, куыд мæхæдæг, афтæ мæ хистæр æмæ кæстæр мадызæнæг æгæр дæр ма бавзæрстой. Ме ’ртæ хистæр æфсымæры гуыргæ ракодтой, фæлæ цардæй ницы федтой: фондз азæй дзы фылдæр ничи фæцард. Æз æмæ мæ дыууæ хойæн хъысмæт фагæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фæци. Бынтон æнахъомтæй æнæ фыдæй кæй баззадыстæм — Дибæхан та, кæд гуыринаг кæй уыд, мæ фыд уый зыдта, æндæр ын йæ райгуырды хабар хъусгæ дæр нал фæкодта — хъысмæтмæ уый æгъгъæд нæ фæкаст, фæлæ ма нæ æнæ ныййарæгæй дæр ныууагъта.

Веринкæ æмæ папæйæ иу дæр йæхи низæй нæ амард. Цас фæцардаиккой, уый Хуыцау йеддæмæ чи зоны, фæлæ мæ фыдæн хæсты быдыры йæ зынг куы ахуыссыд, уæд ыл дыууиссæдз азы дæр нæма цыд. Мæ мад æвирхъау хуызы фæмард аст æмæ дыууиссæдзаздзыдæй. Чи дзы цас фæцард, уыцы азтæ кæрæдзимæ бафтау, уæд дзы рауайдзæн 85–87 азы.

Ныртæккæ, ацы рæнхъытæ куы фыссын, уæд Ирыстонæй дæн цалдæр фондзыссæдз километры дарддæр, фæлæ мæ зæрдæ нæхимæ тынг æхсайы. Мæ фыды кæстæр хо Оляйы тыхст рынчынæй ныууагътон. Мæ хистæртæй ма мын æрмæстдæр уый баззад. Хуыцау тагъд рæстæджы ма зæгъæд, фæлæ уый куынæуал уа, уæд ма, мæ мады мадырвадæлты ус Серычкæйы загъдау (мæ мадыфсымæр Хæчъассæйы зианы хабар куы фехъуыста, уæд уый дæр афтæ загъта), мæхи кæмæй схондзынæн, уый нал уыдзæн. О, æмæ Оляйыл ныртæккæ цæуы, мæ мад æмæ мæ фыд дыууæйæ цас фæцардысты, уыйбæрц.

Иннæ бæллæхты кой нал кæндзынæн, фæлæ, кæй ранымадтон, уыдон дæр фаг сты, мæ фыдæлты авд фæлтæрæй кæцыдæрты тæригъæдджын рахонынæн. Уæвгæ, уыцы фыдæлтæн мæ фыды ’рдыгæй сæ нæмттæ дæр нæ зонын, мæ мады ’рдыгæй та суанг сæ мыггæгтæ дæр. Исчи мæ куы бафæрсы, кæй хæрæфырт дæ, зæгъгæ, уæд æрмæст Хосаты койæ хъуыддаг нæ ахицæн вæййы: ранымайын, мæ иннæ фыдæлтæй чи кæй хæрæфырт уыди, уый дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæйонгты сæ зонын, уыйонг.

Зонгæ та кæнын хæрз гыццыл: мæ фыд Сосыгко уыди Хъæрджынты хæрæфырт, уый фыд Елдзарыхъо — Бесолты, уый фыд Дауыт — Хуыдæлты, уый фыд Байма — Гаситы, уый фыд Бабо (Баба) — Гатеты хæрæфырт. Уымæй дарддæр мæ хæстæджыты нымайын мæ бон нал бавæййы.

Чи зоны, иуæй-иутау хæдзары карджын хистæртæ куы ’рæййæфтаин, уæд, раздахæн кæмæн нал и, уыцы æнустæм хæстæгдæр лæууыдаин, æппын ницы, фæлæ мын царды кæй тæригъæдтæ фидгæ æрцыд, уыдоны нæмттæ уæддæр зонин. Уæвгæ, æмбисæндтæ дæр куыд æмбаргæ сты, уый зын раиртасæн у. Мæхи æмæ мæ мадызæнæджы кой кæнын, фæлæ мæ ныййарджытæн та кæй аххос уыд, кæй азар сæ басыгъта, сæ цоты хуртæй нæ бафсæстысты, афтæмæй тыхмард бынтон æнафоны кæй аххосæй акодтой?

Францы, дам, бæллæхтæ иууылдæр сылгоймаджы æккой баппарынц. Кæмдæр цыдæр фыдбылыз æрцыд, уæд сæ бирæ хъуыды кæныны сæр нæ бахъæуы: æвиппайды сылгоймаджы агурынмæ фæвæййынц. Æмæ, чи зоны, раст фæкæнынц. Уыцы æгъдауæн бындур куы нæ уаид, уæд æй иу фæлтæр иннæмæ нæ фæлæвæрдтаид, искуы æрдæгфæндагыл баззадаид æмæ йæ абон ничиуал зонид. Иннæрдыгæй та алцы сылгоймаджы аххос кæнын бынтон растыл зын банымайæн у.

Мæ зæрдыл ирон театры кæцыдæр спектаклы иу ныв æрлæууыд. Иу лæг дзы францæгты хуызæн алцыдæр сылгоймаджы аххос кодта. Стæй йæм иуахæмы йæ хъуыдытæ дызæрдыггаг фæкастысты æмæ иуцасдæр йæхинымæр фæсагъæс кæныны фæстæ йæхи бафарста: «Мæ хъуг фаднизæй фæрынчын, æмæ цымæ уым дæр сылгоймаг у азымджын?» Алырдæм дæр æй куы сбарста, уæд загъта: «Сылгоймаджы къуыммæ бахæссæн бирæ кæмдæрты ис, фæлæ алы ран аххосджын нæу!»

Уыйау фыдæлты азымы дарын фæстагæттæн кады хос уа, уый æнхъæл нæ дæн. Æз æрмæстдæр фыдæлтыккон æмбисæндтæй иуы кой ракодтон æмæ уый фæдыл мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн. Стæй мæхи æмæ мæ кæстæрты дæр тæригъæдтæ фидæгыл нæ нымайын. Царды цы фæндæгтыл рацыдтæн, уыдонæй никæцыйæ хъаст кæнын. Мæ райгуырды размæ (æви куы райгуырдтæн, уæд) мын мæ ныхы цы ныффыстæуыд, уый æвзарын, ме ’ргъомбасты цы фæци, уый хæссын æмæ хъысмæтæй рахъаст кæнон, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыд. Иуæй-иуты хуызæн мæ фæстæмæ раздахын ницы фæнды. Мæ царды тæккæ амондджындæрыл цы бон нымайын, уый дæр дыккаг хатт нал бавзарин, уымæн æмæ мын раздæры ад нал скæнид, цы бавзæрстон, уый фыццаджы хуызæн нал банкъарин, чи зоны, раздæр-раздæр та уымæн, æмæ иунæг цауæн дæр фæстæмæ раздахæн кæй нæй.

Цард къæвда бонтæ æмæ хур бонтæй арæзт у. Фæскъæвда хур бон куыд адджын у, афтæ адæймагæн амонд æрхæссы, судзгæ хуры фæстæ фæлмæн къæвда куы рацæуы æмæ дуне сатæгæй куы байдзаг вæййы, уæд уый дæр. Бонтæй рауайы мæйтæ, мæйтæй — афæдзы афонтæ. Уалдзæджы фæстæ зымæг никуы ралæууы. Цæмæй адæймагæн йæ цард йæ фарсыл бахæца, уый тыххæй хъуамæ дидинæгæн йæ дыргъ фена, дыргъæн — йæ бæркад.

Бæркадджынæй зымæджы къæсæрæй дæр бахизæн ис. Стæй канд бахизæн нæ, фæлæ дзы цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр фæцæрæн дæр.

Куы зæгъын, цардæй чи хъаст кæны, уыдонæй нæ дæн. Цы ис, уый дæм хорз куы нæ кæса, уæд, хорз цы у, уый никуы банкъардзынæ, дæхи амондджын куы нæ хонай, уæд амондджын никуы уыдзынæ. Мæ иу зонгæ сылгоймаг йæ лæгæн æртыккаг ус уыд æмæ-иу хъазгæйæ афтæ дзырдта: «Нæ лæджы устытæй тынг бузныг дæн». Цæмæй, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын мидбылхудгæйæ дзуапп ратта: «Ахæм лæджы мын ныууагътой! Уыдон æдылы къоппатæ куы нæ уыдаиккой, уæд æм цымæ цы аипп ардтой?! Æгъдау æм нæй? Адæм æй нæ уарзынц? Цы дзы сæ зæрдæмæ нæ цыд? Искуы иу хатт къуымæлдзæфæй æрбацæуы, æмæ уым диссагæй цы ис?! Æнцад, æнæуынæрæй йæ хуыссæн бацагуры æмæ райсомæй афоныл йæ куыстмæ ацæуы. Æмæ мын ахæм лæджы чи балæвар кодта, уыдонæй бузныг куыннæ хъуамæ уон?!»

Æз дæр мæ цардæй ницæмæй хъаст кæнын, нæ фæлæ Хуыцауæй бузныг дæн. Кæд мæ царды фыццаг æмбисы, растдæр зæгъгæйæ та, цы рацардтæн, уымæн йæ фыццаг цыппæрæм хайы, мæ сæр бирæ фыдтæ баййæфта, уæддæр мыл фæстæдæр хуыздæр бонтæ скодта, бирæ цыдæртæ мæ кæй фæрцы ферох — уæвгæ уыдон рохгæнæн нæй, фæлæ уæддæр мæ цæстыдзагæй дунемæ кæй фæрцы ракастæн, адæмы хуыздæртæм мын фæндæгтæ чи бацамыдта.

Мæ повесттæ æмæ романты, суанг ме ’мдзæвгæты мæ царды хабæрттæй бирæ цыдæртæ равдыстон. Кæддæр Сергей Есенин йæ чингуытæй кæцыдæрæн йæ автобиографи ныффыста æмæ дзы фæстагмæ ахæм хъуыды загъта: иннæ хабæрттæ иууылдæр базондзыстут ме ’мдзæвгæтæй. Гюстав Флоберы хъуыды ноджы бæлвырддæр уыд: «Æхсин Бовари — уый æз мæхæдæг дæн».

Адæймаг цыфæнды куы фысса, кæйфæнды царды хабæрттæ куы ’вдиса йæ уацмысы, уæддæр ын йæхицæй дард ацæуæн нæй, йæхи удыхъæды миниуджытæ дзы равдисдзæн. Æввахс мæ чи зоны, уыдонæн мæ фыстыты, кæй зонынц, ахæм хабæрттæ бирæ разындзæн. Мæ бинонтæ æмæ мæ хæстæджыты кой нал кæнын, фæлæ мæ сыхæгтæ, мæ хъæуккæгтæ, мæ зонгæтæй арæх æрыхъусын, фæсномыгæй кæй хабар фæкæныс, уыдон нын амонын нæ хъæуы, зæгъгæ. Уæвгæ дзы хатгай иуæй-иутæ рæдигæ дæр фæкæнынц. Се ’хсæн, мæ фыны дæр кæй никуы федтон, ахæм лæбурджытæ дæр разыны.

Кæддæр йæ мадæн æвзæр чи уыд, мæ иу радзырды ахæм æртæ ’фсымæры кой уыд. Сæ ныййарæг куы фæрынчын, уæд сæ иуы дæр нал хъуыд, æмæ йæ кæрæдзимæ ралас-балас кодтой. Мæ уацмыс мыхуыры куы рацыд, уæд мæм иу гуыппырсар, додойгæнгæ, æрбацыд æмæ мын алывыд акалдта, чи стæм, цы стæм, уый дзæбæх зонгæ дæр куы нæ кæныс, суанг ма нын нæ мыггаг дæр раст куы нæ ныффыстай, уæд нæ æнæхъæн хъæуыл цы фæхудинаг кодтай, зæгъгæ. Кæд, дам нын нæ нæмттæ аивтай, уæддæр, дам, нæ адæм базыдтой.

Куыддæртæй мæхи сраст кодтон, стæй мæ мæхи раст кæныны тыххæй мысын дæр ницы хъуыди, уымæн æмæ хъастгæнæджы уымæй размæ никуы федтон, никуал æй федтон уый фæстæ дæр. Цы йын зæгъинаг уыдтæн, уыдон дзырд куы фæдæн, уæд йæ маст иуцасдæр æрлæмæгъ æмæ ма мын фæстагмæ афтæ: «Кæд мæ æнæдзургæ нæ уадзыс, уæд æппæты тынгдæр аххосджын нæ кæстæр у. Æрмæст йæ ном Уырызбег нæ хуыйны, фæлæ Хуысинæ. Ныййарджытæ хъуамæ уыимæ цардаиккой. Нæ фыд куы амард, уæд мады ме ’ккой баппæрста. Иуцасдæр мæм фæци, æмæ мæ бинойнагæн йæ бон куынæуал уыд, уæд æй астæуккаг æфсымæрмæ аластон...»

Ахæм æмбисæндтæ канд мæныл не ’рцыд. Мамсыраты Дæбейы тыххæй Токаты Асæх йæ мысинæгты ахæм хабар радзырдта:

 

«Иу хатт абалц кодтам Быдыры Дæргъæвсмæ. Дæргъæвсы уынгты куы сцæйцыдыстæм, уæд Дæбе иу хæдзары цур бауромын кодта машинæ.

— Ам цæры мæ хорз хæстæг... Æз тагъд фездæхдзынæн, — загъта, рахызти машинæйæ æмæ бацыди кæртмæ. Мах лæууæм, шофыримæ ныхас кæнæм, æнхъæлмæ кæсæм, фæлæ Дæбе нал æмæ нал зыны. Æз рахызтæн машинæйæ, бацыдтæн кæрты дуармæ хæстæг. Райхъуысти мæм сылгоймаджы хъæрæй ныхас. Бакастæн æрдæгæхгæд дуарæй. Дæбе бадти кæрты астæу... Ацæргæ ныллæг, фæлæ хæрзхуыз сылгоймаг лæууыд йæ разы æмæ мæстыйæ цыдæр цъæлхъæр кодта. Сылгоймаг мæсты уыд, уый бамбæрстон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Чысыл фæстæдæр рацыди Дæбе дæр.

Цыбырæй та хабар афтæ уыди. Дæбейæн уымæй бирæ раздæр мыхуыры рацыди худæджы радзырд, арахъхъ уæйæн чи кæны, ахæм сылгоймаджы тыххæй. Уыцы усы, Дæбейы хæстæджы, цавæрдæр фыдæвзаг сардыдта, радзырд дæуыл ныффыста, зæгъгæ. Сылгоймаг рафыхти... Ныр æй йæ кæрты куы федта, уæд ыл йæ маст акалдта...

Уырдыгæй суанг хъæуы астæумæ, лæгтæ кæм лæууыдысты, уырдæм ницыуал дзырдта Дæбе. Æрмæст ма йæхинымæры хъуыр-хъуыр кодта: «Æвзæгтæ, æвзæгтæ... Æвзаг цард дæр аразы, æвзаг цард дæр халы — кæй комы уа, уымæ гæсгæ...»

Æмæ, дам, зынгджын стъæлфаг нæу, стæй, дам, къæрныхы сæрыл зынг нæ судзы. Уæллæй, афтæ судзы, æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Стæй цæмæй дæхи цыбырхъуырæй равдисай, дæ къуымыхдзинад æнæхъæн адæмыл ныхъхъæр уа, уый тыххæй зынгджын уæвын дæр нæ хъæуы æмæ къæрных уæвын дæр. Уымæн мæхæдæг цалдæр хатты æвдисæн уыдтæн. Цæвиттон, мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæ» мыхуыры куы фæзынд, ууыл цас рæстæг рацыдаид, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ иуахæмы не ’рвадæлтæм зианы уыдтæн æмæ, рагæй кæй нал федтон, мæ уыцы хъæуккагыл сæмбæлдтæн. Уый мæнæй дзæвгар хистæр уыд, кæмдæр бирæ рæстæг фæци æмæ кæрæдзийы нал базыдтам. Чидæр нæ ногæй базонгæ кодта. Мæ хъæуккаг мæ ном куы айхъуыста, уæд фыр мæстæй цæхæртæ акалдта, йæ бурдзалыг æрфгуытæ йæ ныллæг ных ноджы фæнарæгдæр кодтой. Æваст йæ сырх сæрыхъуынты онг сæхи сæппæрстой, йæ тæнæг былты зыр-зыр ссыд æмæ, адæмы йæхимæ чи ’ркæсын кодта, ахæм хъæлæсыуагæй сдзырдта:

— Уæдæ ды «Мах дуг» («Уалдзыгон стъалытæ» раздæр журналы мыхуыргонд æрцыд) фаджысæй (уый йæ йæ тæккæ номæй загъта) чи фесæфта, уый дæ?

Адæм æм æррамæ кæсæгау æркастысты. Æгæр-æгæр куы кодта, уæд æм мæ фарсмæцæуæг, ме ’мхæрæфырт Кобесты Хадзымурат йæ къух сисынмæ хъавыд, фæлæ йæ æз æмæ, мемæ чи уыд, уыдон нæ бауагътам, зианджын æмæ мæрддзыгойы адæмæй худинаг у, зæгъгæ.

Цæуыл смæсты мæ хъæуккаг? Йæ номы хуызæн номыл мæ повесты кæй сæмбæлд, уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, мæн йеддæмæ, дам, ахæм ном никæуыл ис æмæ, дам, æз, ды цытæ фыссыс, ахæмæй никуы ницы бакодтон. Фыццаджыдæр, мæ хъæуккагыл цы ном сæвæрдтой, ахæм нæмттæ иу æмæ дыууæ нæй, суанг ма йыл аргъæутты дæр æмбæлæм. Дыккагæй та, кæд, повесты цы хабæрттыл дзырдæуы, уыдонмæ ницы бар дарыс, стæй дыл уыдонæй дæр никæцы бады, уæд адæмы дæхимæ цы ’ркæсын кодтай?

Ахæм уавæры иу æмæ дыууæ хатты куы бахаудаин, уæд ницы кæны, фæлæ мыл, иуæй, ахæм цаутæ къордæй фылдæр æрцыди, иннæмæй та мын-иу дзы алкæцыдæр масты хос фæци, фæлæ та-иу цыфæндыйæ дæр мæхицæн зæрдæтæ æвæрынмæ фæдæн. Мæ хæлæрттæй хабæрттæ кæмæн радзурын, уыдонæй та ма мыл иуæй-иутæ суанг уайдзæфтæй дæр ралæууынц, хъуамæ цин кæнай, дæ фыстытæ аххосджынты кæй рæхойынц, сæхи дзы кæй ссарынц æмæ сæ сæхимæ кæй æрыхъусын кæнынц...

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй фыссæг, кæимæ цард æмæ цæры, кæмыты уыди æмæ цы федта, уыцы нывтæ йæ зæрдæйы æппæты арфдæр фæд ныууадзынц æмæ фысгæ дæр уыдоны тыххæй уымæн фæкæны. Мæ ивгъуыд бонтыл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ арæх, цы фæндагыл рацыдтæн, ууыл афæлгæсын æрфæнды. Ахæм зонд адæймагмæ, æвæццæгæн, азты уæз æнкъарын куы райдайы, арæхдæр уæд æрцæуы. Афтæ куы нæ уаид, уæд бирæ хабæрттæм æндæр цæстæй кæсид æмæ, цæмæй сæ ахсджиагдæртæ ма ферох уой, уый тыххæй сæ йæхимæ фыссид æмæ, сæ афон куы ралæууид, уæд сæ, куыд æмбæлы, афтæ уæрæх æмæ æххæстæй спайда кæнид. Фæлæ, æвæццæгæн, алы карæн дæр йæхи миниуджытæ ис æмæ, цы ис, уымæй разы уæвын хъæуы.

Бирæ федтон, зæгъгæ, нæ зæгъын, бирæ зонын, зæгъгæ, ууыл ахъуыды кæнынæй та мæ Хуыцау бахизæд, фæлæ цы федтон, уыцы цаутæй иуæй-иуты тыххæй цыма радзурын æмбæлы, афтæ мæм кæсы. Кæд не ’мбæлы, уæддæр мæ хъуыдымæ гæсгæ рохуаты ныууадзынмæ æвгъау сты. Бирæ номдзыд адæмы федтон, кæимæдæрты дзы зонгæ дæр уыдтæн. Зæгъæм, кæд адæмы фыддæр уыди, æмæ йæ мæ цæстысындз хонын, уæддæр федтон Никитæ Хрущевы, иумæ ма къамы ист дæр стæм. Фембæлдтæн Михаил Шолоховимæ, Лидия Руслановаимæ, Борис Спасскийимæ (шахмæттæй йемæ дæр хъазыдтæн), Мариэттæ Шагинянимæ, Сергей Есенины чызг Татьянæимæ, зыдтон, «В окопах Сталинграда»-йы тыххæй Сталины преми райсæг Виктор Некрасовы, ныхас кодтон зындгонд фысджытæ Аркади Первенцев æмæ Сергей Воронинимæ, ме ’мдзæвгæтæ мын тæлмац кодтой Яков Козловский æмæ Вероникæ Тушнова... Фæлæ уыцы хабæртты тыххæй фæстæдæр...

II

Мæ фыццаг æмдзæвгæ республикон мыхуыры фæзынд, скъола каст куы фæдæн æмæ институтмæ куы нæма бацыдтæн, уæд — 1955 азы «Мах дуджы» фарæстæм номыры. Абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын: рады фыййау уыдтæн æмæ мæ фыстæ хызтон Сидæны кувæндон бæласы дæллаг фарс. Уæд постхæссæг Икъаты Сона уыди, æмæ йын, æвæццæгæн, нæхимæ загътой, фыййау дæн, зæгъгæ. Икъатæ хъæугæрон Сидæны бæласмæ хæстæг цардысты, æмæ мæм Сона хæрзæггурæггаг фæци «Мах дуг»-имæ. Ме ’мдзæвгæ мыхуыргонд кæм уыд, уыцы фарс мын йæхæдæг рафæлдæхта æмæ мæм æй афтæмæй ратта. Æз мæ цæстытыл нæ баууæндыдтæн æмæ та-иу журнал цалдæр хатты бафæлдахыны фæстæ ногæй рафæлдæхтон æмæ та-иу мæ ном æмæ мыггаг мыхуыргондæй куы ауыдтон, уæд-иу цины уылæнтæ зæрдæйы аленк кодтой. Раст зæгъын хъæуы, ме ’мдзæвгæ, куыдæй арвыстон, афтæмæй нæ рацыд. Чидæр æй йæхимæ гæсгæ фæхуыздæр кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ уæды цæстæй акæсгæйæ дæр æмæ абоны цæстæй акæсгæйæ дæр бирæ æвзæрдæр фæкодта. Фæлæ ныхас ууыл нæу, уымæн æмæ мæм уæд куыд касти, афтæмæй сæйрагдæр уыди, журналы мæ номыл цыдæр мыхуыргонд кæй æрцыд, уый. Уыцы заман «Мах дуджы» фæстаг фарсыл ахæм фыстытæ уыд: «Журнал „Мах дуг“ мыхуыр кæны ирон советон фысджыты уацмыстæ...» Дарддæр дзы цы фыст уыд, уыдон мæм афтæ нæ хъардтой. Мæнæн сæйрагдæр уыд «Мах дуг» ирон фысджыты уацмыстæ кæй мыхуыр кæны. Иугæр ирон фысджыты уацмыстæ чи мыхуыр кæны, уыцы журналы ме ’мдзæвгæйæн бынат разынд, уæд æз дæр ирон... Дарддæр цы ныхæстæ хъуамæ загъдæуа, уыдон зæгъынмæ кæд æвзаг нæ тасыд, уæддæр зондæн йæ куыст æнæкæнгæ нæ уыд æмæ зæрдæйы циныл æфтыди...

Уымæй афæдз раздæр ме ’мдзæвгæтæ Æрыдоны районы газет «Ленинон» куы рауагъта, уæд сæ нæхи Аслæнбег кæй бакастаид, ууыл æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын, чи зоны, Доскийæн дæр уый тыххæй загъта, Музаферæй цы рауайдзæн, уый фенын мæ тынг фæнды, зæгъгæ. Тохты Ванæмæ мæ схонын дæр, æнхъæлдæн, Аслæнбеджы зæрды æрæфтыд. Раздæр ма йæ куы загътон, нæхи хъæуы æртæ поэты уыд: Чехойты Сæрæби, Тохты Ванæ æмæ Хъаммæрзаты Алихан. Сæрæби цалдæр азы хасты фæуыны фæстæ 1954 азы суæгъд æмæ хъæумæ æрцыд. Сыбырæй куы сыздæхт, уый фæстæ йæ фыццаг хатт федтон Веринкæйы зианы. Куыд дзырдтой, афтæмæй ахстæй уый хæдразмæ ссыд. Тохты Ванæ æмæ Хъаммæрзаты Алихан нæхи хъæуы цардысты. Ме ’мдзæвгæйы тыххæй мын æппæты фыццаг йæ хъуыдытæ дæр Алихан загъта. Алиханæй ма иу хъуыддаг мæ зæрдыл бадардтон. Бадардтон, зæгъгæ, цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ нæ ферох уыдзæн: мæ мады цыртыл йæ ном, йæ мыггаг, йæ райгуырд æмæ амæлæты азтæ Алиханы къухæй фыст æрцыдысты. Хъаммæрзайы-фырт канд æмдзæвгæтæ нæ фыста, фæлæ уыд нывгæнæг дæр. Кæддæр æвзæрстыты рæстæг Сталины ныв афтæ хорз скодта, æмæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Æнусы æмбисы сæрты йæм кæсын æмæ нывгондау — цыма нывгонд нæ уыд, уый хуызæн! — мæ цæстытыл уайы. Зæххыл æвæрд уыди, уæддæр гыццыл нæ зынди. Мæ нымадмæ гæсгæ, Сталин, царды цæй бæрзæндæн уыд, уымæй стырдæр йеддæмæ къаддæр нæ уыд. Алихан дамгъæтæ фыссынмæ дæр рæвдз уыди. Хъæуы разамынд лозунгтæ æмæ плакаттæ фыссæгыл никуы стыхст. Æвзæрстыты рæстæг уа, æндæр бæрæгбон æрбахæццæ кæна, Алиханы-иу клубы, кæсæндоны кæнæ хъæусоветы æдзухдæр федтаис ахорæнтимæ архайгæ. Хъыгагæн, уæззау низы ахæсты бахауд æмæ йæ курдиат æххæстæй нæ райхæлд. Азтæ йыл цас цыдаид, уый нæ зонын, фæлæ йæ лæджы кары æрдæгмæ кæнæ бахæццæ уыдаид, кæнæ нæ, афтæмæй мæрдтæм бацыд. Фыстытæ та йын куыннæ баззадаид! Бирæ дæр ын баззад. Сæ фылдæр — æнæмыхуыргонд. Куыд дзурынц, афтæмæй йæм йе ’мсис адæм æмбæлгæ цæстæнгас нæ дардтой æмæ йæ æнæраст хъуыддæгтæ йæхимæ хъусыныл фæкодтой. Чи зоны, мыхуыры оргæнтæм хæстæг цæуын дæр уымæн зивæг кодта. Мæ хъæуккæгтæй мын æй чи дзырдта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, дам, куы амард, уæд ын сæ хæстæджытæй иу ус йæ къухфыстытæ басыгъта, адон, дам, уыдысты йæ сафæг, афонæй раздæр, дам, мæрдтæм адоны тыххæй бацыд...

О, æмæ Аслæнбегимæ Ванæтæм ссыдыстæм. Фæндыди йæ, æмдзæвгæтæ чи фыссы, йæ уыцы æрвады зындгонд поэтæн фенын кæнын. Æз тынг зивæггæнгæ цыдтæн. Тарстæн Ванæимæ фембæлынæй. Мемæ мæ фыстытæй исты рахастон æви нæ, уый ма кæй зæрдыл лæууы, фæлæ мæ истæмæйты куы фæрса, уæд, цы дзурдзынæн, уый куы нæ базонон, уымæй ме уæнджы мигъ бадт. Ванæ та фендджын адæймаг уыд. Хæсты размæ каст фæци ирон педтехникум, нæ зындгонд фысджытæй бирæтæ кæм ахуыр кодтой, уыимæ Ванæйæн йæхиимæ дæр, уыцы педтехникум. Тарстæн, кæд мын мæ фыстытæй искæцыйыл йæ цæст æрхæцыд æмæ дзы йæ зæрдæ нæ барухс, уымæй дæр. Тæрсгæ цæмæйты кодтон, уыдон мæ нæ рох кæнынц, фæлæ фембæлды рæстæг цы ныхæстæ кодтам, уыдонæй, зæгъæн ис, æмæ мæ зæрдыл ницыуал лæууы. Æрмæст хорз хъуыды кæнын, Ванæйы стъолыл радиоприемник æмæ Къостайы æртæтомон кæй лæууыди, уый. Мæ зæрдыл бадардтон, Ванæ тынг рынчын кæй уыд, уый дæр. Хæсты размæ йе ’нæниздзинад фæцудыдта, фæлæ æрыгон лæппумæ æнцад бадын худинаг каст, æмæ акъоппытæ къахджыты æмрæнхъ æрлæууыд. Кодта æндæр куыстытæ дæр æмæ бынтон раууатмæ æрцыд. Астæуыстæджы хъултæй иу дæр нал куыста. Æрмæст, йæхи куыд дардта, уымæ гæсгæ ничи загътаид, низæн тасын бакуымдта, зæгъгæ. Низæн тасын æцæгæй нæ бакуымдта Ванæ. Уый ноджы хуыздæр базыдтон фæстæдæр, йæхиимæ дæр æмæ йын йе сфæлдыстадимæ дæр хæстæгдæр куы базонгæ дæн, уæд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.