Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 2 страница



Æмæ ма уыцы фембæлды тыххæй цалдæр ныхасы. Аслæнбег æмæ Ванæ цæуылдæр ныхас кодтой, афтæмæй чидæр дуар æрбахоста. Сæ сыхæгты лæппу уыдаид, æвæццæгæн, Аслæнбегæй хистæр, Ванæйæ кæстæр, ахæм. Салам раттыны фæстæ æрбадт æмæ ныхасгæнджытимæ баиу. Иу заман, цавæр ныхас загътаид, уый æрымысын ма кæй бон у, фæлæ йын æфсармджын рахонæн нæ уыд, уымæн æмæ йын Ванæ уырыссагау афтæ бакодта: «При несовершеннолетних нежелательно такие слова произносить». Кæд æй, цæмæй æз ма бамбарон, æндæр æвзагыл уый тыххæй загъта, уæд нæ фæрæдыди, уымæн æмæ кæд уыцы ныхæстæ мæ зæрдыл бадардтон, уæддæр, «несовершеннолетний» цы амоны, уый нæ зыдтон...

Ванæимæ уый фæстæ тынг балымæн стæм. Хъæуы уæвгæйæ-иу æм кæд нæ бауадтæн, ахæм замантæ бирæ не скодта. Кæрæдзимæ писмотæ дæр фыстам. Фæсмон кæнын, йæ писмотæ йын кæй нæ бахъахъхъæдтон, ууыл. Стæй канд Ванæйы писмотæй нæ фæкодтон æнæхай мæхи. Бирæ адæм мæм фыстой, уæлдайдæр «Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд. Дыууадæс азы бæрц дзы фæкуыстон æмæ уыцы рæстæджы дæргъы иу æмæ дыууæ писмойы нæ райстон, Хуссарæй зæгъай, Цæгатæй. Уæлдайдæр мæ культурæйы хайады сæргълæууæгæй куы сæвæрдтой æмæ аивад æмæ литературæйы фарстатæ мæнмæ æмæ, кæимæ куыстон, уыдонмæ хауын куы райдыдтой, уæд. Уыдон бахъахъхъæдтон, зæгъгæ, уæд бирæ ахсджиаг цаутæ рох кæнын нæ бауагътаиккой, аивад æмæ литературæйы иу кæнæ иннæ архайæджы цард æмæ сфæлдыстад бæлвырддæр раиртасынæн æнæмæнг феххуыс уыдаиккой.

Ванæ бирæ нæ фыста, стæй тагъд дæр нæ кодта, фæлæ йын йæ архайдмæ бахæлæггæнæн уыд. Раст-равджы гæххæттыл иу рæнхъ дæр никуы баууæндыд. Цалынмæ-иу зæрдæ æмæ зонды срæгъæд, уæдмæ йын бонрухс нæ уынын кодта. Кæронмæ-иу цы уацмыс фæци, уый-иу арæхдæр мæнмæ сæрвыста. Æмдзæвгæ-иу цыфæнды хорз куы уыдаид, уæддæр дзы кæронмæ разы никуы уыд. Йæ писмойы-иу уый æнæмæнг бафиппайдта. Кæд нæ фысджытæй искæй хæдæфсарм рахонæн ис, уæд уыдонæй иу уыд Ванæ дæр. Схъæл ныхас, хиуылæрвæссондзинад ын æнад уыдысты. Уый бæрæг у йæ фыстытæй дæр. Кæд бирæ азты дæргъы, зæгъæн ис, æмæ уатæй дарддæр никæдæм цыд, уæддæр йæ ныфс нæ саст. Зæрдæмæгуыргæнæг ныхас дзы нæ фехъуыстаис...

Ахæм цау æрымысыдтæн. Йæ фыд Дрис мæлæты рынчын æрци. Хуыздæрæн ма йæ горæты рынчындонмæ сластой. Ванæимæ йæм ныццыдыстæм. Уынджы фаллаг фарсмæ нæ бахизын хъуыд æмæ иу афон, дыууæрдыгæй дæр змæлæг куынæуал уыд, уæд фæцагайдтам. Фæцагайдтам, зæгъгæ, Ванæйæн йæ бон цас тагъд цæуын уыд! Уынджы астæумæ бахæццæ уыдаиккам, афтæ дæлæрдыгæй иу машинæ кæцæйдæр рагæпп ласта. Фæтагъддæр кæнæм, зæгъгæ, Тохы-фыртмæ дзурын, фæлæ уымæн тагъддæр къахдзæфгæнæн нæ уыд æмæ мæм, цыма машинæйæн йæ кой-йæ хъæр дæр нæй, уый хуызæн дзуры:

— Лæг марыны бар æм нæй!

Иннæ хабар та фысджыты Цæдисы тыргъты æрцыдис. Дыккæгæм уæладзыгмæ схызтыстæм (фысджыты Цæдис партийы уæды обкомы агъуысты чъылдыммæ Цæдисты хæдзары уыд) æмæ ныл уым Хъайтыхъты Геор амбæлд. Фæцæуæм æртæйæ, æмæ æмбисфæндагмæ ’ввахс Ванæ афтæ куы бакæнид: «Геор, мæхи сæр æмæ мæ дæ къæхтæ куы уаиккой!» Ахæм ныхæстæн Геор дзуапп ма раттаид, уый мæ никуы бауырныдтаид, фæлæ уæд йæ былы бынæй иу сым дæр не ссыд. Чи зоны, цыргъзонд ныхасæн аккаг аргъ скодта, чи зоны, æндæр истæй тыххæй.

Тохы-фыртæй-иу цыргъзонд ныхæстæ арæх схауд. Аргъ дæр сын кодта. Хозиты Яковы эпиграммæ дæр æппæты фыццаг уымæй фехъуыстон.

Æппæты фыццаг, зæгъгæ йæ уымæй фæстæмæ никæмæйуал фехъуыстон. Мыхуыры дæр ыл никуы сæмбæлдтæн. Яков Боциты Бароныл цы эпиграммæтæ ныффыста, уыдон иууылдæр зындгонд сты. Фæлæ, куы зæгъын, ацы эпиграммæ цæмæндæр гæсгæ рохуаты баззад, афтæмæй та иннæтæй къаддæр цыргъзонд нæу.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Бароны чингуытæй иу хуынди «Цины бонтæ». Уый тынг раджы рацыд (1937 азы), æмæ йæ абоны фæлтæры минæвæрттæй бирæтæ нæ зондзæн, фæлæ «Саст рæхыс» — йæ номдзыд роман — амонын никæмæн хъæуы, уымæн æмæ йæ скъолаты ахуыр кæнынц. Гъе, æмæ Яковы эпиграммæ дæр ацы дыууæ чиныджы нæмттимæ баст у:

 

«Цины бонтæ», «Саст рæхыс»-тæ

Ис «Когиз»-ы[3] тонн,

Уымæн æмæ у сæ фыссæг

Боциты Барон.

 

Цы поэтты кой ракодтон, уыдон æртæйæ дæр нæхи хъæуккæгтæ уыдысты, фæлæ уыдонæй раздæр базонгæ дæн Дзугаты Хъазыбегимæ. Уый дæр æмдзæвгæтæ фыста. Цалдæр æмдзæвгæйы йын бакастæн нæ районы газеты (Хъазыбег æрыдойнаг уыд). Фыста, куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Фæсаууонмæ йæ зыдтон. Фехъуыстон, мæнæй иу кълас дæлдæр кæй ахуыр кæны, уый дæр. Йæ иу æмдзæвгæйы фыста, хорз чи ахуыр кодта, ахæм лæппу æваст æвзæр бæрæггæнæнтæ исын куыд райдыдта, уый тыххæй. Æмдзæвгæйы кæрон рабæрæг, аххос цæй мидæг уыдис, уый:

 

Мой подсказчик Родин Коля

Проболел четыре дня.

 

Дзуапп дæтгæйæ-иу ын, цы нæ зыдта, уый ахуыргæнæджы сусæгæй чи дзырдта, уыцы Родин Коля цыппар боны кæй фæрынчын, уымæ гæсгæ йе ’мкъласон «дыууæтæ» исын райдыдта.

Хъазыбегимæ «Ленинон»-ы редакцийы хъуамæ базонгæ уыдаин, æндæр кæм! Тынг ныфсджын æмæ мæм сæрæн фæкаст. Зыдтой йæ канд районы газеты кусджытæ нæ, фæлæ фысджыты Цæдисы дæр. Æз фысджыты Цæдисы никуыма уыдтæн, уый куы базыдта, уæд æм диссаг фæкаст æмæ мæ разæнгард кодта, загъта мын, комкоммæ, дам, Балаты Темболмæ бацу æмæ йæм де ’мдзæвгæтæ равдис. Кодта мын æндæр фысджыты кой дæр: уыдонимæ дæр зонгæ уыд. Æз æм мæхинымæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бахæлæг кодтон, фæлæ мæ цыфæнды тынг куы фæндыдаид, уæддæр фысджыты Цæдисмæ бацæуын мæ ныфс ницы хуызы бахастаин. Куыд бацæудзынæн æмæ сын мæхи куыд амондзынæн, уыдæттыл-иу куы ахъуыды кодтон, уæд-иу фыр æфсæрмæй мæ цæсгом ссыгъд, мæ зæнгты-иу хъаруйы мыггаг нал уыд, мæ къæхты бын-иу зæхх кæдæмдæр фæцæйцыд. Æппынфæстаг æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: «Цыфæнды куы фæуа, уæддæр фысджыты Цæдисы къæсæрæй бахизыны фаг хъару мæхимæ не ссардзынæн».

Дæс къласы каст фæуыны фæстæ хъуамæ иуцасдæр сулæфыдаин, æз та сагъæсты бын фæдæн. Ахуыр кæнын мæ фæндыди, фадæттæ та мын нæ уыд. Мæ кæстæр хотæй иуыл фынддæс азы цыд, иннæуыл æртындæс. Æмæ сæ цыппар фæндаджы астæу иунæгæй куыд ныууагътаин?! Мæ уыцы хъуыдытæ мын куы бамбæрстой, уæд мыл дыууæрдыгæй уайдзæфтæй ралæууыдысты, уæд, дам ма дæс къласы та цæмæн фæдæ, кæд дæм дарддæр ахуыр кæныны зонд нæ уыд, уæд. Æнæ мæн куыд уыдзыстут, зæгъгæ сын куы загътон, уæд мæ фæрстыты бын фæкодтой: «Æмæ нын дзаумæттæ ды ’хсадтай? Кæнæ нын хæринаг кодтай? Æви нын нæ хъуджы дыгътай? Уæдæ нæ уроктæ дæр æнæ дæу æххуысæй скæндзыстæм!» Иу дзырдæй, ахуыр кæнынмæ куы ацæуон, уæд цыма мæ хоты цард хуыздæр йеддæмæ æвзæрдæр ницæмæй фæуыдзæн, мæхимæ дæр афтæ кæсын райдыдта...

Кæдæм бацæуон, уый мын рагацау бæрæггонд уыд: педтехникум, койæ рагæй кæй зыдтон, æрмæст йæ ном фехъусгæйæ дæр-иу мæ зæрдæйы рæбинагдæр тæгтæ кæмæ базмæлыдысты, уыцы педтехникум. Цæмæй ма мæ йæхимæ сайдта: ахуыр кæнын дзы институтæй дыууæ азы къаддæр хъуыд. Уый та мæ уавæры мæнæ нæ уыд. Мæ хотæм ахуыргæнæгæй раздæр æрæздæхтаин, фæлæ мæ уынаффæтæй ницы рауад. Уыцы азæй фæстæмæ æви уымæй размæ дæр афтæ уыд, уый нæ базыдтон, фæлæ æз мæ гæххæттытæ куы бахастон, уæд техникуммæ фæлварæнтæ иннæ ахуыргæнæндæттæй раздæр дæттын райдыдтой. Иу дзырдæй, байрæджы кодтон. Æндæр уавæрты куы уыдаин, уæд мæстджынæй рацыдаин, фæлæ уæд мæхи фæсмонæй хæрыны онг не ’рцыдтæн. Байрæджы кодтон æмæ мæ хоты раз дæр сыгъдæг цæсгомæй æрлæудзынæн. Фæлæ ма сфæнд кодтон мæ гæххæттытæ пединститутмæ раттын. Уырдæм æрæджы нæма уыд. Мæ зæрдæ цæуыл дардтон, уый абон дæр нæ зонын, фæлæ, æвæццæгæн, æппæт хъуыддæгтæ аразæг дæр Хуыцау у. Институт кæм ис, уый дæр фæрсгæ-фæрсгæ ссардтон. Куы бацыдтæн, уæд, гæххæттытæ кæдæм лæвæрдтой, уыцы рудзынджы цур иу цъиуызмæлæг дæр нæ уыди. Иуцасдæр, цы кодтаин, уый нæ зыдтон æмæ цавддурау мæ бынаты æнæзмæлгæйæ лæууыдтæн. Уалынмæ кæцæйдæр фæзынд иу мæхи карæн хъоппæгдзæст, тымбылдзæсгом, сауæрфыг рæсугъд чызг, æмæ цыма дæс азы иумæ фæцахуыр кодтам, уый хуызæн мæ куы афæрсид:

— Ды дæр дæ гæххæттытæ дæттыс?

О, зæгъгæ йын куы загътон, стæй кæцы факультетмæ, уый куы базыдта, уæд бæлвырд фæхъæлдзæгдæр.

— Æз дæр сæ уырдæм раттон...

Кæд сæ ратта, уæд ма фæстæмæ цæмæ ’рбацыд, уымæй дæр æй нал бафарстон, уымæн æмæ чызг мæ хъуыддæгтæ кæнынмæ фæци. Мæ гæххæттытæ мын арафæлдах-бафæлдах кодта æмæ дзы куы ницы аипп ссардта, уæд загъта:

— Курдиат ныффыссын йеддæмæ дæ ницуал хъæуы.

Йæ ныффыссынмæ зивæг кæй кæнын, уый йæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрста æмæ мæ бæсты курдиат фыссынмæ февнæлдта.

Фыст æй куы фæци, уæд мæм æй авæрдта, дæхи къухæй йæ рафысс, зæгъгæ.

Мæ гæххæттытæ куы раттон, уæд базонгæ стæм: Гуæцæлты Валя, цыколайаг. Цалдæр къуырийы фæстæ дыууæйæ дæр студенттæй агæпп ластам æмæ фондз азы иу къорды фæцахуыр кодтам...

Фыццаг хатт мæ уæд бауырныдта, сины сæстытæй дæр кæцыдæртæ кæй фæрæстмæ вæййынц, уый. Техникуммæ, къаддæр ахуыр кæнын дзы кæй хъæуы, тынгдæр уый тыххæй цыдтæн, институтмæ та — кæй нæ бахаудзынæн, ууыл мæ зæрдæ даргæйæ. Иу ныхасæй мæ техникум бахауынæй фыдæнхъæл фæкодта, институт та — нæ бахауынæй.

Фыццаг фæлварæн лæвæрдтам ирон æвзагæй. Фæлварæнтæ чи иста, уыдон цал уыдысты, уый ныр зын зæгъæн у, уымæн æмæ уæдæй нырмæ æнусы æмбисмæ æввахс рацыд, бынтон бæлвырд нымайгæйæ та — фараст æмæ дыууиссæдз азы, фæлæ дзы иуы ном æнæрæдыдæй мæ бон зæгъын у: Æхсараты Райæ, дæсгай азты дæргъы ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы чи фæкуыста, йе ’фсымæр Энвер Фыдыбæстæйы Стыр хæсты кæмæн фæмард, Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæмæн раттой, Æхсараты уыцы Райæ. Фæстæдæр мын Райæ куыд дзырдта, афтæмæй мын мæ фысгæ куысты цалдæр рæдыды сраст кодта. Иу ныхасæй, цæмæй æвзæр бæрæггæнæн ма райстаин, ууыл бацархайдта. Хъæуккаг мæгуыр лæппу кæй дæ, уый, дам, де ’ддаг бакастыл дæр бæрæг уыд æмæ, дам дын тæригъæд кодтон. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Райæ ахæм æххуыстæ бирæтæн бакодта, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма йæм йæ хорздзинæдтыл фæсмон никуы ’рцыд.

Аргъ нæй Райæйы хуызæн адæймæгтæн. Чи зоны, Æхсарон куы нæ уыдаид, уæд мæ дарддæры хъуыддæгтæ куыд ацыдаиккой, цавæр фæндæгтæ мæм æнхъæлмæ каст... Афтæ æнхъæл дæн, æмæ цалфæндыхуызоны куы уыдаиккой, уæддæр дзы, æз кæй сæргъы æрлæууыдтæн, уымæй амондджындæр нæ уыд, цы нысанмæ тырныдтон, уымæ цæугæйæ дзы, Райæйы фæрцы кæуыл баззадтæн, уымæй хуыздæр никæцы разындаид.

Ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд, нæ хъæумæ колхозæн æххуыс кæнынмæ чи ’рцыд, уыцы студентты иууылдæр институты сæййæфтон. Иуты ма дзы каст фæуынмæ афæдз хъуыд, иннæтæ та æртыккаг курсмæ бахызтысты. Уæд ма институты цыппар азы ахуыр кæнын хъуыд. Афæдзы фæстæ ма йæм иу аз бафтыдтой. Фыццаг дзы кæуыл амбæлдтæн, уый уыди Бæгъиаты Хъазыбег. Бæрæгъуыны дæр æппæты разæй уыимæ базонгæ дæн. Мæ фыццаг фембæлд нæхи хъæуы æмæ нæ фыццаг фембæлд горæты... Уыдоны æхсæн бирæ æвирхъау хабæрттæ æрцыди мæ царды. Афæдзы размæ — уæвгæ, Хъазыбегимæ куы базонгæ дæн, ууыл фараст мæйы дæр æххæст нæма рацыд — æз уыдтæн дунейы тæккæ амондджындæр адæймаг, фæлæ уыцы амондæй иунæг бонмæ ницыуал аззад — 1954 азы 27 ноябры мæ мад трагикон æгъдауæй фæмард. Хъазыбег, æнкъараг зæрдæйы хицау, уайтæккæ дæр, мæхи куыд дарын, ууыл фæгуырысхо æмæ мæ, цы кæнын, уымæй бафарста. Радзырдтон ын мæ хабæрттæ. Куыннæ фæхъыг кодтаид мæ хъыгыл, фæлæ мын йæ бон, зæрдæтæ бавæрынæй уæлдай, цæмæй баххуыс кæнын уыд!

III

Мæ фыды хæсты размæ цалдæр къуырийы æмгъуыдмæ æфсæддон ахуыртæм куы акодтой, уæд мæныл цыппар азы æмæ фондз мæйы дæр æххæст нæма цыди, фæлæ дзы мæ зæрдыл къорд хабары бадардтон. Хъуыды ма кæнын, йæ сæрдасæн куыд цыргъ кодта, уый. «Кодта», зæгъгæ, дыууæйæ йæ цыргъ кодтам. Мæнмæ роны иу кæрон ратта, иннæуыл та йæхæдæг хæцыд. Цыргъ кæнын райдайыны агъоммæ мæ цалдæр хатты бафарста, фидар хæцдзынæн, нæ, уымæй. Æз мæхимæ хуымæтæджы лæг фæкастæн! Ныфс ын бавæрдтон, роны кæрон кæй не суадздзынæн, уымæй æмæ дыууæ къухæй роныл ныддæвдæг дæн. Ноджы мæ галиу къах фæразæй кодтон æмæ йыл быцæуы хуызæн мæ уæз ауагътон. Рахиз къах кæд фæсте уыд, уæддæр хъæддых лæууыныл архайдта. Иу дзырдæй, дыууæ къахы æмæ дыууæ къухы хъару мæ ныфс æмæ сæрыстырдзинадимæ куы баиу, уæд мæ папæ бафарста:

— Цæттæ дæ?

Роны кæрон дыууæ къухæй тынгдæр нылхъывтон, мæ къæхтыл мæ уæз æруагътон æмæ мæ фыдæн мæ сæры батылдæй бацамыдтон, райдайын дæ бон у, зæгъгæ.

Папæ роныл йæхирдæм ахæцыд, æмæ мæ бынаты лæугæйæ куы баззадтæн, уæд цыргъ кæнынмæ бавнæлдта. Сæрдасæн-иу иуæрдæм роныл йæхи хафгæ рацыд, стæй-иу уыцы рогæн фæфæлдæхт æмæ-иу папæйы ’рдæм ацъыгъгъуытт кодта. Афтæ цалдæр хатты. Æз мæ тых-мæ бонæй роныл фидар хæцыныл архайдтон, фæлæ кæронмæ куы нæ бафæразон, уымæй тæрсын райдыдтон, æрмæст æй фыдæн схъæр кæнын нæ бауæндыдтæн. Æмæ... фæрæдыдтæн. Иу заман папæ роныл йæхирдæм тынгдæр ахæцыд, цы — мæ дыууæ къахы дæр фæцудыдтой, æмæ рон йæ астæуыл æмбисы онг фæлыг. Папæ йе ’взистæргъæвæгджын рон афтæмæй куы ауыдта, уæд фыр мæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Суанг ма мын мæ уалхъус дæр ныццавта...

Мæ фыдæй ма мæ зæрдыл лæууы къорд æндæр хабары дæр. Уыдоны кой мæ кæцыдæр чингуыты кæнын. Уæлдæр ма йæ куы загътон, мæ фыдæй куы фæхицæн дæн, уæд бынтон саби уыдтæн, фæлæ мæ кæстæр хо Дибæхан æнæ мадæй куы баззад, уæд ыл дыууадæс азы цыд, афтæмæй дзы йæ зæрдыл æппындæр ницыуал лæууы. Æрæджы йæ фарстон, Веринкæ дæ зæрдыл куыдæй лæууы, зæгъгæ, æмæ дзы æрмæстдæр иу хабар æрымысыд...

Нæ хæдзарæн даргъ тыргътæ уыд. Кæрæй-кæронмæ йыл фæйнæджытæ хуыд. Хæсты рæстæджы сæ немыц сугæн фефтыдтой, æмæ Ставд-Дуртæй куы ссыдыстæм (нæ хъæуккæгтæй бирæтæ немыцæй тæрсгæйæ уырдæм алыгъдысты), уæд ма дзы æрмæст бынхъæдтæ сæййæфтам. Веринкæ йæ алыхуызон фæйнæджытæй бамбæрзын кодта æмæ йыл хæдзармæ цæуæн фæцис. Фæйнæджытæй иутæ бæзджындæр уыдысты, иннæтæ — тæнæгдæр, стæй алырдæм тæстытæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, се ’хсæн уыд бирæ зыхъхъыртæ. Дæргъæй-дæргъмæ тыргътæ арæх мæрзын хъуыд, уымæн æмæ, иуæй, ныллæг уыдысты, иннæмæй — гом æмæ-иу нæ фыстæн, уæлдайдæр та — сæгътæн уырдæм схизыны фадат куы фæци, уæд зивæг никуы бакодтой. Хъомтæм-иу афоныл куы нæ ракастыстæм, уæд-иу уыдон дæр уæле бынмæ ракæсын сæхицæн хæсыл банымадтой. Алыхуызон мæргъты кой кæнгæ дæр нал кæнын. Гъе æмæ-иу уымæ гæсгæ тыргътæ арæх мæрзын хъуыд. Стæй канд тыргътæ нæ, фæлæ тыргъты бын дæр: мæрзгæ-мæрзын-иу бырæттæн фæйнæджы зыхъхъыртæй æнæныккæлгæ нæ уыд æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ бынмæ бырын æмæ бырæттæ рахафын бахъуыд. Гъе æмæ иу ахæм заман Веринкæ Дибæмæ дзуры:

— Къæлидоры (цæмæдæр гæсгæ тыргъты бæсты къæлидор дзырдтам) бын-ма ныммæрз.

— Æз дзы нæ бацæудзынæн, — дзуапп ын ратта чызг.

Æфсон кодта, æндæр дзы куыннæ хъуамæ бацыдаид, уымæй размæ йæ иу æмæ дыууæ хатты ныммарзта! Зивæг кодта æмæ æфсон ссардта, уыимæ, баууæндæн кæуыл нæ уыд, ахæм æфсон.

Æмæ йын уæд Веринкæ дæр афтæ:

— Уæдæ дзы æз бацæудзынæн...

Æрмæст ма ацы хабар æрымысын баци Дибæйæн йæ бон.

Чи зоны, уый йæ амонд у. Мæ хуызæн дзы бирæ цаутæ йæ зæрдыл куы дарид, уæд ын зындæр цæрæн уаид, фылдæр цæссыгтæ фæкалдтаид. Æнусы æмбис рацыд, æнæ мадæй куы баззадтæн, уæдæй нырмæ, фæлæ йæ кой рацæугæйæ, мæ цæстытæ доны кæд нæ разылдысты, ахæм бон нæ хъуыды кæнын, æнæкæугæйæ мæ мады тыххæй дзурын нæ фæразын. Фæстæдæр мæ ацы хъуыдытæ æмдзæвгæйы хуызы дæр загътон:

 

Мæ цæстыл ауайæд мæ хъæу

Мæ ивгъуыд февзæры мæ цуры...

Мæ бон æнæцæстысыг нæу

Мæ мады тыххæй дзурын.

 

Уымæй ноджы фæстæдæр та Лев Толстойы боныджы бакастæн ахæм рæнхъытæ: «Мæ мады тыххæй æнæкæугæйæ дзурын мæ бон нæу».

Тынг диссаг мæм фæкаст, нæ хъуыдытæ кæй баиу сты, уый. Уымæй мæм къаддæр диссаг нæ фæкаст, цытджын уырыссаг фыссæг йæ мады зонгæ дæр куы нæ кодта — йæ ныййарæгæй куы бавдæлон, уæд ыл дыууæ азы дæр æххæст нæма цыд — уæд ын цымæ йæ зæрдæ уынгæг цавæр хъуыддæгтæ кодтой?

Æртыккаг диссаг та уый уыдис, æмæ Толстойыл, ацы рæнхъытæ фысгæйæ, цыппарыссæдз азы кæй цыд. Дæ мады зонгæ дæр ма кæн, афтæмæй зæронд лæгæй йæ кой кæнгæйæ дæ цæссыг уромын ма фæраз!

Æвæццæгæн, ныййарæгмæ уарзондзинад адæймагæн йемæ райгуыры æмæ амæлы, йæхæдæг цардæй куы ахицæн вæййы, æрмæстдæр уæд...

Мадæн цалфæнды хъæбулы куы уа, уæддæр се ’ппæты дæр æмхуызон фæуарзы, æмхуызон тынг æй фæуарзынц хъæбултæ сæхæдæг дæр, фæлæ мæнмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма мæн Веринкæ мæ хотæй фылдæр уарзта, стæй йæ мæхæдæг дæр фылдæр уарзын — «уарзтон» зæгъын ме ’взаг тасгæ дæр нæ кæны, уымæн æмæ йæ мæрдтæм фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ уарзын. Зондæй йæ æмбарын, раст кæй нæ дæн, уый, фæлæ зæрдæйы ныхмæ æрлæууын никæй бон у. Уый ничи баууæндын кæндзæн, Веринкæ мæн фылдæр нæ уарзта, ууыл. Уæдæ йæ æз фылдæр кæй уарзын, ууыл та мæхæдæг фидарæй æууæндын, æвдисæнтæ дзы нæ хъæуы.

Веринкæ тынг хиуылхæцгæ адæймаг уыд. Фæразон, зындзинæдтæн — быхсаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ маст-иу йæ хъуырмæ куы схæццæ, ахæм рæстæджытæ дæр ыл-иу скодта æмæ-иу уæд суанг Уæллагыл дæр (табу йæхицæн уæд!) нал бацауæрста:

— Амæндтæ уарæг дæлæмæ ’рхауæд!

Уæлдай карздæр ныхæстæ-иу ссардта, рæстæй-иу æй чи бафхæрдта, йæхи æмæ-иу йæ сывæллæтты тæригъæды чи бацыд, уыдонæн. Æлгъитгæ-иу сæ нæ кодта, фæлæ сыл-иу йæ рæстдзинад бафтыдта, йæ рыст зæрдæйы маст райсын-иу арв æмæ зæххы æвджид бакодта, ницы аххосджын уæвгæйæ-иу йæ сыгъдæг уды тæригъæды чи бацыд, уый бадомын-иу хурæн бафæдзæхста...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.