Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 43 страница



Бирæ цæмæйдæрты сафтид нæ рæбын, фæлæ нæ зæрдæтæ афтид уæвын ма бауадзæм, кæннод фæсмон кæныны рæстæджы ралæудмæйы фаг дæр нал суыдзыстæм...

Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу нæм нæ хæстæджытæ арæх цыдысты. Мæ зæрдыл дзы тынгдæр-тынгдæр Дзыллæ æмæ Лубæйы бадардтон. Лубæ уыди мæ фыдæн йæ фыды хо. Дзыллæ мын куыд бавæййыд, уый ныры фæлтæрæй бирæтæ æмбаргæ дæр нæ бакæндзысты, уымæн æмæ сын ахæм хæстæджытæ кæд уыд, уæддæр сæ бацамонын сæ бон нæ бауыдзæн. Чи зоны, хæстæджытыл нымад сты æви нæ, уый дæр ма зоной, фæлæ мын уæддæр Дзыллæ куыд къабаз уыд, уый бацамондзынæн: мæ фыдæн йæ фыдыфыд Дауыт æмæ Дзыллæйы фыд Иуа уыдысты Баймайы дыууæ фырты. Уымæй ма хæстæгдæр куыд вæййы! Нæ фыдæлтæн иу фыд уыдис. Дзыллæ æмæ Лубæ та дыууæ ’фсымæрæй райгуырдысты. Иу дзы æрыдойнаг Баситы ус уыди, иннæ — алагираг Абайты. Уыцы дыууæ зæронд усы-иу куы баиу сты, уæд-иу нын бæрæгбоны хуызæн уыд. Лæвæрттимæ-иу нæм кæй æрцыдысты, канд уый тыххæй нæ — семæ-иу нын æрхастой, ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм фарн, цин, абонмæ дæр ма чи ’ххæссы, ахæм хъæлдзæгдзинад.

Сæ дыууæйæ йæ кæцы дзырдта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ фыццаг хатт «Карчырдæджы аргъау» куы фехъуыстон, уæд ыл худæгæй артæндихтæ кодтон.

Зæронд лæг æмæ усы сынтæджы хуызæн мæ быны мæхи сынтæг мæ фырхудтæй фæйнæрдæм тæгæлтæ куы фæхауа, уымæй-иу старстæн. Аргъау, уыдон æй куыд дзырдтой, афтæ дзургæйæ бынтон æндæрхуызонæй райхъуысид, фæлæ йын йæ мидис радзурдзынæн. Уæвгæ та аргъау даргъдæр уыди. Цæвиттон, бирæ аргъæутты хуызæн уый дæр райдыдта афтæ:

«Царди æмæ уыди ус æмæ лæг æмæ сæм уыди Карчырдæг. Æргæвдынмæ йæ хъавыдысты, фæлæ йæ лæг нæ уагъта, мæллæг у æмæ йæ снард кæнын хъæуы, зæгъгæ.

— Уый кæд снард уыдзæн? — хъуыр-хъуыр кодта ус. — Стæй, снард и, уый цæмæй базондзыстæм?

Лæг ын загъта:

— Йæ фиу йæ с...й куы ракæса, уæд уый зон æмæ снард и.

Ус дæр Карчырдæгмæ зилынтæ байдыдта, зилынтæ байдыдта æмæ æнхъæлмæ каст, кæд снард уыдзæн, уымæ. Хæдзары цыдæриддæр нæмыгæй уыд, уыдонæй ницæуыл ауæрста, суанг ма-иу ын сыхæгтæй сæ гогызты холлагæй дæр ракуырдта — пысырайы сыфты карст къæдор цыхтимæ змæстæй. Алы бон дæр-иу Карчырдæджы фæстаджы бумбулитыл бафу кодта, кæд йæ фиу уырдыгæй разынди, зæгъгæ, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд дзы фиуæн йæ кой дæр уыди. Уæддæр Карчырдæгмæ йæ зилын нæ ныууагъта. Уырныдта йæ, утæппæт фыдæбæттæ дзæгъæлы кæй нæ фæуыдзысты.

Иу дыууæ изæры астæу та ус Карчырдæджы рацахста. Иннæ хæттытæй йæм уæззаудæр фæкаст, æмæ та йын, йæ фиу кæцæй хъуамæ разындаид, уырдæм бакаст æмæ йæ зæрдæ фырцинæй риуыл гуыпп-гуыппæй ралæууыд. Карчырдæг йæ къухы, афтæмæй хæдзармæ хъæргæнгæ фæтæхы:

— Нæ лæг, о нæ лæг, Карчырдæгæн йæ фиу йæ с...й ракаст! Йе ’ргæвдын афон æрхæццæ. Ахсæв бæрæгæхсæв у æмæ йæ акусарт кæнæм.

Лæг усыл нæ баууæндыд. Карчырдæджы йын йæ къухтæй акъахта æмæ æцæгæйдæр йæ фиу йæ фæстагæй ракаст. Куыннæ бацин кодтаид уый дæр. Карчырдæджы усмæ авæрдта æмæ, сæрдасæнау цыргъæй кæй дардта, уыцы кард хæссынмæ хæдзармæ фæцагайдта.

Аргæвста Карчырдæджы, уæдæ цы уыдаид. Йæ дзидза йын бахордтой, йæ бас ын бацымдтой, йе стджытæй йын сынтæг сарæзтой, йæ бумбулийæ — баз æмæ цардæфсæстæй сæ ног сынтæджы схуыссыдысты. Æмбисæхсæвæй куы фæфалдæр, уæд усæй лæгæй кæцыдæрæн йæ цыдæр аирвæзт, æмæ æмыр гуыппы фæстæ ног сынтæг фæйнæрдæм фæтахт. Ус æмæ лæг кæрæдзимæ фесты, дæу аххос уыди, дæу аххос уыди, зæгъгæ, æмæ абон дæр сæ хылæй нæма банцадысты...»

 

Ныр дæр ма мæ мидбылты бахудын, кæддæр мæ хъæлæсыдзаг кæуыл худтæн, уыцы аргъау мæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд. Уый фæстæ бирæ аргъæуттæ бакастæн æмæ фехъуыстон, фæлæ, хæрз сывæллонæй цы фехъуыстон, уымæ цыдæр æндæрхуызон цæстæй кæсын...

Зындзинæдтæ куыннæ федтон, хъизæмæрттæ куыннæ бавзæрстон, фæлæ уæддæр ивгъуыд дугæй куыд хъуамæ хъаст кæнон, кæд ме ’ххормаг бонтæ ницæмæуал дарын, ме скъуыд дзаумæттæм зæронд къамты куы фæкæсын, уæд мын мæ ныртæккæйы зынаргъдæр дзаумайæ дæр сæ уынд æхсызгондæр куы вæййы, уæд!..

Фæззыгон искуы иу хатт æрдзы хъæбысмæ куы афтын æмæ дзы пъæрæпъоппыл куы амбæлын, уæд йæ мидæг гыццыл хуры хуызæн цы гага вæййы, уый мын сызгъæрин цæхæртæ скалы, цыма йæ мæ сабидугæй рарвыстæуыд, уый хуызæн мæ зæрдæйы цины дзæнгæрæг фесты. Нæ цæхæрадоны кæрон хуссарварс къуым цъымарабын уыд æмæ дзы иу зæххы гæппæлыл гутон дæр никуы ауагътам, белæй дæр æй никуы скъахтам. Уыцы ран хæмпæлты æхсæнмæ-æхсæнты зади пъæрæпъопп. Цалынмæ-иу нæ цæхæрадон бафснайдтам, уæдмæ-иу æм фæндаг нæ зыдтам. Нæ хъæллæгъ æркæрдыны фæстæ-иу цыма хæмпæлтæ бæрзонддæр фесты, афтæ зынди. Хæрис бæлас зади æппæты рæбынæй æмæ-иу ыл алы аз дæр цы хуымæллæг схылд, уый тонынмæ куы бацыдтæн, уæд-иу мæм пъæрæпъоппы сырх агъудæй иугай цæстытæ алырдыгæй кæсынтæ райдыдтой. Иууылдæр-иу уыцы иумæ срæгъæд сты, æмæ дзы кæцыфæнды куы ахордтаис, уæддæр-иу дзы маст ад ничиуал скодта.

Адæймагæн-иу къаддæр æхсызгондзинад не ’рхастой куыдзы багатæ. Уыдон-иу æппæты фæстагмæ сцæттæ сты. Уыимæ цас саудæр уыдаиккой, уыйас-иу сæ адджындæрæн хордтаис. Ацы хæрзад гагадыргъæн — кæд æй афтæ хонын раст нæу, уæддæр нæ зонын — цыма фыдынд ном лæвæрд кæй æрцыд, уый бынтон раст нæу, афтæ мæм кæсы, уымæн æмæ, иуæй, æрæджиау кæй сцæттæ вæййы, уымæй йæ кадыл бафты, иннæмæй та, куыд загътон, афтæмæй хæрзад у.

Кæд куыдзы бага æрæгвæззæджы хæрынæн бæзгæ фæстаг зайæгойтæй иу вæййы, уæд, рагуалдзæджы раздæр чи фæзыны, уыдонимæ вæййы хъæндæлы дæр. Даргъ Хуымты арæх уыди. Къобосты хъæды дæр ыл сæмбæлдаис, Фæсхъæууаты. Суадæтты хуырджын былгæрæтты зади. Хохы дзæвгар фæстæдæр сбæззы хæрынмæ, фæлæ махмæ рагуалдзæджы йæ тæккæ хорзæй вæййы. Адджынæн-иу æй хордтам, уæлдайдæр хæсты фæстæ, сыгъдæг нартхоры ссадæй конд кæрдзыны ад нæ куы ферох æмæ цæхæрайы фых нæ хуыздæр хæринагыл нымад куы уыд, уæд. Хæрынæн адджын — уæвгæ, хæрзад зæгъын растдæр уыдзæн — бæргæ уыд, фæлæ дзы, дæхи нæ бахъахъхъæдтай, зæгъгæ, уæд-иу дæ хæрд дæ фарсæй фæуыдаид, уымæн æмæ-иу йæ дон буарыл кæм æркалд, уым дыккаг бон дондæппæлттæ фæзындаид. Стæй хуымæтæджы дондæппæлттæ нæ, фæлæ — тынг риссаг, æрæгмæ дзæбæхгæнаг. Йæ донæйхъæстæйыл-иу куы андзæвдаис, уæд та-иу дæ буар тарбурхуыз райстаид æмæ цалдæр мæйы нал ссыдаид.

Рагуалдзæг-иу куыддæр фæхуртæ кодта, афтæ-иу хъæндæлы хæрдмæ фæцагайдта. Иуæй-иу рæтты-иу суанг лæджы бæрзæндæн сырæзыд. Цонджы стæвдæн зæнг дзы кæмæн уыд, ахæмтыл дæр дзы сæмбæлдаис. Йæ цъуппыл-иу тымбылкъухы йас къуыбар йæхи дидинæг калынмæ цæттæ кæнын райдыдта. Цалынмæ уыцы дæргъæццон цъæх къори æрдæгцæттæ уа, йæ зæнг ын уæд лыг кæнын хъæуы. Куыд загътон, афтæмæй арæхдæр тæнæг суадоны кæнæ суадоны тæккæ былгæрæтты зад, æмæ-иу æй бындзарæй куы слыг кодтаис, уæд-иу йæ доны æртæхтæн суадонмæ æнæркæлгæ нæ уыд. Доны уæлцъар-иу, цыма дзы бензин ныккалдтай, уыйау цыдæрхуызон æрттиваг хъулæттæй айдзаг. Æвæццæгæн, судзгæ уыцы тыхæй кодта æмæ йемæ тынг арæхстгай архайын хъуыд. Дæ дзыхмæ-иу баирвæзæд, æндæр-иу дзы тас ницæмæйуал уыд. Фæлæ дзы мах, зæгъæн ис, æмæ нæхи бахъахъхъæнын никуы бафæрæзтам. Йæ дон-иу кæмæн йæ къахыл æркалд — суадæтты цæуын хъуыд æмæ, нæ хæлафы фадгуытæ уæлæмæ тылд, афтæмæй бæгъæввадæй цыдыстæм, стæй нæ фылдæр уалдзæджы къахыдарæс нæ дардта — кæмæн йæ къухыл, кæмæн та-иу дзы йæ былтæ фæхъæстæ сты æмæ-иу нæ æнæхуыссæг æхсæвгæ æрвитын бахъуыд. Буар кæм сыгъта, уым, æвæццæгæн, адæймаджы мидæгæй цы низтæ уыд, уыдонмæ дæр фидауцы цæстæй нæ касти. Мæ хъустыл æрцыди, фос чи дардта æмæ йæ дзугтæ сæдæгæйттæй нымайгæ кæмæн уыдысты, уыдон, дам-иу хъæндæлыйæ сасийы ныхмæ тох кодтой. Ме ’рвад Цæрадзон та мын ахæм хабар радзырдта: «Мæ былыл цыдæр уайæгой фæзынд æмæ хъæдгом кæнын райдыдта. Нузалы — Цæрадзон Бадыхъæуы цæры — дохтыртæ мæ горæтмæ арвыстой. Æвзæр низæй мыл фæгуырысхо сты æмæ мын мæ гæххæттытæ Ростовмæ арвыстой. Цæмæй тарстæн, уыцы низ мæм ссардтой. Хохмæ уыцы зæрдæсастæй ацыдтæн æмæ мæхимæ хъусыныл фæдæн. Иу заман, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, хъæдмæ ацыдтæн, хъæндæлы ссардтон æмæ йын йæ донæй мæ былы хæлмаг байсæрстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыккаг бон был ныррæсыд, фæлæ йæ ницæмæ ’рдардтон. Æнхъæлмæ кастæн, кæд æрбаддзæн æмæ хъæдгом кæд байгас уыдзæн, уымæ. Дзæвгар рæстæг рацыд æмæ та ногæй горæтмæ ацыдтæн. Ацы хатт мæм низæн йæ кой дæр нал уыд».

Нæ зонын, Цæрадзоны ныхæстæ цас раст сты, уый, фæлæ гæдыйæ ницы загътон. Кæмæй йæ фехъуыстон, уый дæр нæ басусæг кодтон. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: дæ зæгъæджы зæгъ æмæ ма фæгæды уай.

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад ныхæстæй равдисæн нæй. Зæрдæйы цы ’нкъарæнтæ ис, уыдон раргом кæнынмæ æвзаг никуы сарæхсдзæн, фæлæ уæддæр æнæдзургæ нæй. Хъуынайы бын дур ис, уый ничи базондзæн, цалынмæ йæ байгом кæнай, уæдмæ. Райгуырæн хæдзар цы ад кæны, уый уызын дæр зоны æмæ, цалдæр боны хъæздыг фысымтæм уазæгуаты фæуыны фæстæ, дунемæ цы къудзийы бын фæзынд, уырдæм уымæн лыгъди. Æз та уазæгуаты бонтæ нæ, фæлæ дæсгай азтæ фæдæн æмæ та фæстæмæ мæ райгуырæн къуым бабæрæг кодтон. Мæ хъуыдыты, мæ сæнтты, мæ мысинæгты...

2004 аз, июнь-июль, Кисловодск.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.