Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 39 страница



— Гæрз раппарут тагъддæр, гæрз!

Уый ма æмбарын æмæ мæ куыд нæ сисы барабанæй, ууыл дис кæнын. Уалынмæ бамбæрстон: рахæцыдис мыл йæ тыхджын къухтæй æмæ мæ срæмыгъта. Дарддæр цы ’рцыдис, уый нал бамбæрстон».

Гъе æмæ йын уыцы хабæрттæ зонæг чиныгкæсджытæй иу — кæд ма исты зонын, уæд сылгоймаг уыд — афтæ фыста, тæхуды, æмæ, дам дын галиу къух куы фестин, уæд дын фысгæйæ дæ гæххæттыл уæддæр хæцин.

Цæйбæрц уарзондзинад дара хъуамæ чиныгкæсæг фыссæгмæ, цæмæй йæм ахæм зæрдæисгæ ныхæстæ ныффысса! Ахæм кад былалгъ фыстытæй бакусæн нæй. Уый тыххæй хъуамæ чиныгкæсджытæн дæ уд снывонд кæнай, дæ зæрдæйы хъарм сыл æмхуызон дих акæнай æмæ йæ се ’ппæтыл дæр байуарай. Адæмæн амонд чи хæссы, амондджын дæр уый вæййы. Дæбейы хъысмæт уымæй æнæхай нæ фæкодта.

Æхсызгон у, кæй зæгъын æй хъæуы, чиныгкæсæгимæ дын бастдзинад куы уа, уæд, цы кусыс, уымæн исчи йæхи аргъгæнæг куы хона.

Ацы писмо мæм «Мах дуджы» кусджытæ раттой. Ныффыста йæ Доцоты Дудар, уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг, æрыдойнаг, 1978 азы фыццæгæм мартъийы: «Зынаргъ журналы редакцийы кусджытæ! Æз журнал „Мах дуджы“ Дзасохты Музаферы повесть «Урсдоны былыл Бæрæгъуын...»-мæ куы ’ркастæн, уæд йæ сæргондмæ гæсгæ хъуыдытыл фæдæн: «Цы ныффыссæн ис Бæрæгъуын-Красногоры тыххæй? Очерк?.. Ома йæ темæ мæм къаннæг æмæ хуымæтæг фæкаст. Гъе стæй йæ кæсын куы байдыдтон, уæд дæ повестæн йе ’взаг æмæ йæ нывæфтыдтытæ сæхимæ афтæ æнгом æрбалвæстой, æмæ йæ каст куы фæдæн, уæд цыма мæ адджын комдзаг мæ уырзты айсыст, афтæ хъыг мын уыд: нæ бафсæстæн йæ кæсынæй æмæ та йæ дыккаг хатт кæсын байдыдтон. Мæ бон у зæгъын, æз ирон литературæ райдайæнæй кæронмæ æвзæр нæ зонын, фæлæ дзы ахæм зæрдæмæдзæугæ уацмысыл нæма сæмбæлдтæн. Æз Музаферæн йæхи дзæбæх нæ зонын æмæ мын уый уæлдай фылдæр бартæ дæтты йæ повесты тыххæй æргом зæгъынæн...»

Ууыл фескъуындзынæн Дудары фыст, æрмæст ма йæ писмойы кæронæй æрхæсдзынæн иу хъуыдыйад: «Редакцийы кусджытæ, æз ацы гыццыл фыстæг журналмæ нæ, фæлæ йæ сымахмæ фыссын. Музаферы уацмыстæ мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цæуынц, æмæ уæ курын, ацы писмо йын фенын кæнут».

Æз уæлдæр хуымæтæджы нæ загътон: хъуамæ, лæг цы у, уый зона. Йæ аргъ дæлæмæ дæр ма тæра, цы у, уымæй йæхицæн хуыздæр æнхъæл дæр ма уа. Дудар мæ кæд цыфæнды уæлиау сæвæрдта, уæддæр, цы дæн, уымæй уæлдæр нæ фæуыдзынæн, стæй Абайты Васо, юбилей кæмæн фæкæнынц, уымæн цæмæй тарст — цы ’ппæлæн ныхæстæ йын фæкæнынц, уыдоныл, дам, куы баууæнда — æцæг адæймагæн уымæй тас нæу. Мæ мадæй ма мæ зæрдыл ахæм ныхас дæр лæууы: «Уымæн æвзæр-æвзæр куы фæкæнай, уæддæр ын æвзæрæй тас нæу». Æвæццæгæн, ацы ныхæстæ æндæрхуызон загъдæй дæр сфидауиккой: ис ахæмтæ, æмæ сын цæрæнбонты хорз-хорз фæкæнынц, фæлæ хорзæй никуы ницы равдисынц, афтæмæй базæронд вæййынц.

Цавæрдæр дохтыры кой-иу кодтой, цыма-иу æй Мамсыраты Мурат дзырдта, афтæ мæм кæсы. Йæ ахсæн кæмæн срыст, ахæм рынчын, дам æм æрбахауд. Цытæ бахордтай, зæгъгæ, дам æй куы бафарста, уæд ын, зæххыл цы нæ кæрдæджы мыггаг æмæ халсар ранымадта, ахæм нал баззад. Дохтыр æм æххæст хъусгæ дæр нал бакодта, афтæмæй йе ’ххуысгæнæг сылгоймагæн саст хъæлæсæй дзуры:

— Ацы лæг хъомты дохтыры рынчын у, фæлæ ма йæ фæстæмæ чи ’рвиты, — хъæрдæрæй та загъта: — Клизмæ йын скæнут.

Рынчын уый айхъуыста, цы! Кæугæ-дзургæйæ дохтыры уайдзæфты бын фæкодта:

— Ай бæллæх нæу, æз мæлæты къахыл ныллæууыдтæн, ды та цавæрдæр клизмæйы кой кæныс!

Дохтыр фæстæмæ дæр нал ракаст, æрмæст йæхицæн дзурæгау загъта: «Æвзæрæй чи базæронд, ахæм у!»

Уыйау æвзæрæй чи базæронд вæййы, уыдон сæхимæ иннæтæй хуыздæр фæкæсынц.

Пушкины хуызæн фыссæг уæвын зын у. Фæлæ Пушкин куыд хъуыды кодта æмæ цæмæ сидти, уый бамбарыны та зынæй ницы ис. Чидæр дæ раппæлыди, рæдыдæй дæ стыр курдиаты хицау рахуыдта, цыдæр цъупмæ дæ сæргъæвта, уæд дæхицæн сихæмкад домын райдай, дæ бадæнтæ фæнычы уæвгæйæ, дæ сæр мигъты ’мбуар хæсс, дæуæн бынат кæм никуы уыдзæн, уыцы цъуппыл ныддæвдæг у, мæн ардыгæй ничиуал æрхизын кæндзæн, зæгъгæ, уæд тынг тæссаг у, æвзæрæй куы базæронд уай, уымæй.

Доцоты Дударимæ зонгæ нæ уыдтæн. Кæд æй искуы федтон, уæддæр æй нæ хъуыды кæнын, фæлæ мæн тыххæй цы загъта, уыдон цуроныл банымайын тæригъæд хъуыддаг уаид, мæ фыстытæн мын цы аргъ скодта, уымæ та мæм мæхи цæстæнгас ис. Æхсызгон мын цы у: чиныгкæсæг кæй нæ фæфыдæнхъæл, уый. Мæ повесть ма мын дыккаг хатт кæсын дæр райдыдта. Зондджын лæг афтæ загъта: «Дыккаг хатт цы уацмыс нæ бакæсай, уый фыццаг хатт кæсыны аккаг дæр нæ уыди». Æмæ мын æхсызгон уый у. Æгайтма, уацмысы цæуыл дзырдæуы, уый кæйдæр зæрдæ фæцагайдта, кæйдæр хъысмæттæм æцæгæлон цæстæй нæ акаст, цæуылдæрты йæ ахъуыды кæнын кодта. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ дæ уды хъармæй иунæг адæймаджы куы батавай, цæрыны монц æм куы сæвзæрын кæнай, дæ фыстытæй йæ сæрмæ арвы цъæх куы байгом уа æмæ йæ зæрдæсаст хъуыдытыл йæ къух куы сиса, уæддæр æй хъуамæ адæймаг йæхицæн амондыл нымайа.

Раздæр ма Бокоты Солтаны-Додтаны кой кодтон. Мæнæй бирæ хистæр уыд, фæлæ лымæнæй цардыстæм, кæрæдзийы хойрагæй дæр фæхъæстæ стæм — уый та мæнмæ стыр хъуыддаг кæсы, нæ фыдæлтæ цæхх æмæ кæрдзынæй сомы дæр кодтой æмæ дзы ард дæр хордтой. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ алы ран дæр йæ фæд бæрæгæй баззад. Ныффыста йæ хъæубæсты истори. Канд Хъæдгæрон нæ, фæлæ æппæт Советон Цæдис, ныр та Уæрæсейæн дæр, кад æмæ намыс хæссæг чи уыд, йæ уыцы æмхъæуккæгты хабæрттæ афтæ дæсны æмæ цæстуарзонæй радзырдта, æмæ сæм бахæлæггæнæн ис. Хъыгагæн, сæ фылдæр нырма мыхуыры нæма уыдысты, фæлæ уыцы рæстæг куы ралæууа — кæй ралæудзæн, уый та мæ уырны — уæд сæ кæсджытæ цин кæндзысты, сæ размæ æмæ сæ рæстæджы ахæм адæм кæй цард, ууыл.

Додтан йæ тыхтæ фæлвæрдта литературæйы. Йе ’мдзæвгæтæ-иу мыхуыры дæр фæзындысты. Иу хатт та мæм мæ куыстмæ æрбацыд æмæ дзæвгар рæстæг уарзон ныхæстæ фæкодтам, стæй цæуынмæ куы рахъавыд, уæд мæ цуры иу гæххæтты гæбаз æрæвæрдта, уый фæстæ ма-иу æм æркæс, зæгъгæ. Куы ацыд, уæд æм æцæгдæр æркастæн — цыппаррæнхъон, «Куыристæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ...

Цыппаррæнхъонтæ фыссынмæ ме ’ргом куы аздæхтон, уæд-иу сæ арæхдæр мыхуыр кодтон, Додтан йæ цыбыр æмдзæвгæ куыд рахуыдта, ахæм иумæйаг сæргонды бын. Цы цыппаррæнхъоны кой кæнын, уымæй ссардта мæ ном:

 

Дæ пъеройы фындзыл куыристæ зайы,

Сæ дзырд — цыбыр, сæ хъуыды — Теркæй даргъдæр...

Цы ’рнай кæна æндæр поэт цъынайæ

Ды иу куырисæй не ’рнай кæныс къаддæр!

 

Бынæй дзы уыд йæ ныффыссыны рæстæг амынд дæр — 1986 азы 13 ноябрь.

Рагæй нырмæ дæр мæ фæндыди, цас гæнæн ис, уыйбæрц хъуыды цыбырдæрæй зæгъын. Зæгъинаг дæм куы ницы уа, уæд тæссаг у, дæ дыууæ рæнхъы дæр дын даргъ куы рахоной, уымæй. Уый тыххæй цыргъзонд фысджытæй иу афтæ загъта:

 

Дæ дыууæрæнхъон федтон, фæлæ каст

Мæнæн нæ фæци — тынг даргъ мæм фæкаст.

 

О, æмæ мæ хъуыды цыбырдæрæй зæгъынæн равзæрстон цыппаррæнхъон. Афтæ йыл фæцахуыр дæн, æмæ æндæр хуызы фыссæн ис, уый ма мæ рох дæр фæци. Рох та мæ кæм фæци, фæлæ дзæвгар рæстæг æндæр хуызы фыссынмæ мæ хъус раздæры хуызæн нал дардтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, поэзийы кæцыфæнды формæйы дæр зæрдæйы æнкъарæнтæ равдисынæн ис æппæт фадæттæ дæр. Алцыдæр аразгæ у курдиатæй, æрдзы лæвæрттæй дæ цæйас хай фæцис, уымæй. Зæгъæм, ирон поэзийы фæстаг цалдæр дæс азы стыр æргом здæхт æрцыд сонетмæ. Бирæ хорз уацмыстæ сфæлдыстой нæ поэттæ, цыппæрдæс рæнхъы кæм ис, рифмæтæ та бæлвырд фæткмæ гæсгæ æвæрд кæм цæуынц, ахæм лирикон — стæй канд лирикон нæ — æмдзæвгæтæ фысгæйæ. Æз дæр цалдæр фæлтæрæны скодтон сонет ныффыссыныл. Чи зоны, мæ размæ цы нысан æрæвæрдтон, уый зæгъын мын-иу бантыст, фæлæ, сонет цы нывтыл карст хъуамæ уа, уый æххæст кæнын мæ хъыгдардта, сæрибардзинад мын нæ лæвæрдта. Уыциу рæстæг мæ мæ хъуыдытæ зæгъын дæр хъуыд — уый та уыди æппæты ахсджиагдæр, уымæн æмæ фыссæн сис мæ къухмæ, фыццаджыдæр, уый тыххæй райстон — рæнхъытæ нымайын дæр, рифмæтæ бæлвырд фæткыл равæрыныл хъуыды кæнын дæр. Цыбыр ныхасæй, сонетæй цыппаррæнхъон мæ удæн зынаргъдæр уыд, фылдæр бартæ мын лæвæрдта, æмæ къорд азы, зæгъæн ис, æмæ фыстон цыбыр æмдзæвгæтæ. Минæй куы фæфылдæр сты, уæд сæ хицæн чиныгæй рауагътон, «Арв æмæ зæхх», зæгъгæ, ахæм номимæ. Рæмонты Геор «Рæстдзинад»-ы (1998 азы 2 июлы) ахæм æмдзæвгæ ныммыхуыр кодта:

 

Поэт дæу н ’ адæм хоны,

Дæ номæй ард фæхæрæд!

Дæ мин цыппаррæнхъоны

Дæс мин азы фæцæрæд!

 

Чидæр та мын, мæ цыппаррæнхъонты чиныг бакæсыны фæстæ афтæ загъта, зындгонд хъуыдытыл, дам дзы фембæлæн ис. Уый ныхмæ чи хъуамæ цы зæгъа! Ацы цъæх арвы бын ногæй ницы ис. Цавæрфæнды хъуыды дæр кæддæр загъд кæй æрцыд, уый ныхмæ дунейы номдзыддæр æмæ зондджындæр адæм дæр ницы зæгъынц. Ныхмæ нæ, фæлæ фидарæй æууæндынц, зæххыл ногæй кæй ницы ис, ууыл. Уыимæ хъуыдыйæ дæр. Мæнæ уымæн æрмæстдæр цалдæр æвдисæны. «Кæддæр кæй нæ загъдæуыд, иунæг ахæм хъуыды дæр нæй», — фыста Теренций дыууæ мин азæй фылдæры размæ. Уыцы хъуыды иуцасдæр фендæрхуызон кодта Анатоль Франс: «Аивад æмæ сфæлдыстад ис зæронд хъуыдытæ ног хуызы зæгъыны мидæг». Евгений Богат та дыууæйы дæр дзæвгар фæбæлвырддæр кодта: «Отличие нравственных истин от научных в том, что в мире нравственных истин „изобретение велосипеда“ не только не смешно, но даже важно: человек открывает то, что было высказано мудрецами две или три тысячи лет назад. Но он не повторяет, а именно открывает это сам...»

Мæхиуыл цалдæр хатты, велосипед ногæй чи сарæзта, уый æмбисонд æрцыд. Цæвиттон, æмдзæвгæ ныффыссын. Цасдæр рæстæг рацæуы, æмæ, уымæй размæ кæй никуы бакастæн, ахæм уацмысыл фембæлын æмæ дзы мæ хъуыдыты æнгæс хъуыдытæ ссарын. Цæмæй мæхи æназым скæнон æмæ мæм лазхæсджытæ ма уа, уый тыххæй, мæ хъуыдыты æввахс кæмæ бацæуын, уыцы поэты æмдзæвгæйæ искæцы рæнхъ кæнæ рæнхъытæ райсын, ме ’мдзæвгæйы райдайæны сæ сæвæрын æмæ уымæй мæхи айчы къæм агурджытæй фервæзын кæнын.

Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: адæймаг цы у, уый йæхицæй хуыздæр ничи зоны. Сызгъæрины тасмачъи куы хонай, уæддæр сызгъæринæй баззайдзæн, тасмачъийы сызгъæрин куы хонай, уæд сызгъæрин куыд нæ суыдзæн, афтæ...

Фыссын, фæлæ мæ мæ фыдыхо иу минут дæр рох нæу. Тыхст рынчынæй йæ ныууагътон. Мæ бон ын исты куы уаид, уæд ницæуыл бацауæрдин, уый мæн тыххæй йæ уд раттыныл дæр куыд нæ фæфæстиат уаид, афтæ.

Балцы хæдразмæ ма йæ мæ кæстæр лæппу Ацæмæзимæ абæрæг кодтам, æмæ йæ цæстытæ байгом кæнынæн дæр нал уыд. Уымæй цалдæр боны размæ йæ чызг Ирæимæ телефонæй дзырдтон, æмæ мын афтæ зæгъы, æдзухдæр, дам, йе ’фсымæримæ ныхæстæ кæны. Куы, дам æй бафæрсын, кæимæ дзурыс, зæгъгæ, уæд, дам, фæзæгъы:

— Ме ’фсымæримæ.

— Æмæ йæ ном цы хуыйны?

— Сосыгко. Мæнæ мын ныртæккæ дæр уый ахъæбыс кодта.

Фæстаг бонты, дам, æдзухдæр, «нæхимæ цæуын», «нæхимæ цæуын», зæгъгæ, дзуры. Куы йæ бафæрсын, Музаферы зоныс, зæгъгæ, уæд, дам мын афтæ фæкæны:

— Уæдæ ма кæй зонын? Æз Музаферы мæхицæй фылдæр уарзын.

— Дибæйы та?

— Дибæйы дæуæн дæттын, фæлæ Музаферы никæмæн ратдзынæн.

Ирæйæн уыцы ныхæстæ фæхъыг сты, æмæ, дам ын афтæ фæкодтон:

— Уæдæ æз та Дибæйы никæмæн ратдзынæн!..

Цалынмæ мæ нæ ферох, уæдмæ ма йын йæ чындзы тыххæй цалдæр ныхасы зæгъон. Куыд загътон, афтæмæй йын тынг лæггад фæкодта. Ахæм лæггад, æмæ æмбисондæн хæссынæн бæззы. Фатимæйы хуызæн чындзытæ цавæрфæнды æфсинимæ дæр бафидауиккой, уымæн æмæ цæрынмæ дæсны сты, йæ хъама йæ синысæр чи дары, уыдоны тугæй сæм иу æртах дæр нæй. Оля йын, æвæццæгæн, Веринкæйы кой арæх кодта, æппæлыдис-иу дзы, суанг ма йæ мæ мадимæ баргæ дæр акодта, дæ кæцыдæр фезмæлдтытæй, дам мын Чындзы мæ зæрдыл æрлæууын кæныс. Фатимæ мын йæхæдæг та афтæ загъта: «Ме ’фсины ныхæстæ куы ’рымысын, уæд мæ иуæй-иу миниуджытæм гæсгæ мæхимæ Веринкæйы хуызæн фæкæсын».

Оляйы тыххæй дзургæйæ, иу рагон хабар мæ зæрдыл æрлæууыд. Раджы, дыууиссæдз азы размæ Ирыстон бæрæг кодта йæ автономийы дыууиссæдз азы юбилей. Дзæуджыхъæумæ (уæды Орджоникидземæ) ссыди æви æрбацыди зæгъын растдæр уыдзæни, уый нæ зонын, уымæн æмæ уазджытæ алырдыгæй æрбацыдысты, уыимæ тынг бирæйæ: бæрæгбоны архайдта нæ бæстæйы разамонæг Никитæ Сергейы фырт Хрущев. Юбилеймæ æрбацыдысты Цæгат Кавказы облæст, крайтæ æмæ республикæты минæвæрттæ, суанг ма Хъалмыхъхъæй дæр. Ныхасы бар уыдис алы делегацийы минæварæн дæр. Цы дзырдтой, уымæ хъуыстой Ирыстоны алы къуымты, уымæн æмæ кадджын æмбырд радио трансляци кодта. Хъалмыхъхъы автономон республикæйы Министрты Советы Сæрдар Г.Б. Бембинов куы ныхас кодта, уæд загъта, ирон фысджыты уацмыстæ сæ мадæлон æвзагмæ тæлмацгонд кæй цæуынц, уый тыххæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, номхыгъд райдыдта Къостайæ, уый фæстæ ма ранымадта ноджыдæр цалдæры, уыдонимæ загъта мæ мыггаг дæр.

Уыцы хабарыл цас рæстæг рацыдаид, нæ зонын, фæлæ мæ фыдыхотæм сæмбæлдтæн. Ныхас ныхасы къахта, æмæ цæмæндæр автономийы юбилейы кой рауад, æмæ дын Оля афтæ куы бакæнид:

— Уыцы æмбырды Хрущев афтæ загъта, рæхджы, дам, Музафер суыдзæн Къостайы хуызæн фыссæг.

Æз ын, мæ мидбылты бахудгæйæ, загътон:

— Афтæ нæ уыдаид...

Мæ цæстыты мын тутæ бакодта, цытæ, дам, дзурыс, Алыбег (нæ хæрæфырт, Олятæй иу хæдзар уæлдæр цардысты), дам æй радиойæ йæхæдæг фехъуыста...

Фыццаджыдæр, афтæ кæй нæ уыд, уый, мæнмæ гæсгæ, бамбæрстат. Иннæмæй та абон дæр нæ зонын, ме ’мдзæвгæтæ хъалмыхъхъаг æвзагмæ чи æмæ кæд ратæлмац кодта æмæ кæм мыхуыргонд æрцыдысты, уый, фæлæ хъалмыхъхъаг уазæг мæ мыггаг мысгæ дæр куыд æркодтаид?!

Уымæй цыппар азы раздæр та мыл æндæрхуызон цау æрцыд.

Цæвиттон, Мæскуыйы уыдис ирон аивад æмæ литературæйы декадæ, «Рæстдзинад»-ы бæлвырд бонтæ йеддæмæ нæма куыстон, афтæмæй. Декадæ куы райдыдта, уыцы бон центрон газеттæ ныммыхуыр кодтой бирæ æрмæг Ирыстоны тыххæй. Иуæй, аивад æмæ литературæйы декадæ уыдис, æмæ дзы фысджыты уацмыстæн æнæуæвгæ нæ уыд, иннæмæй та, мыхуыры оргæнтæ литературæмæ ныры хуызæн уазал цæстæй нæ кастысты æмæ суанг бæстæйы сæйраг газет «Правда»-йы дæр æмдзæвгæтæ арæх мыхуыр кодтой. Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Æгкацаты Владимиры статьяйы фарсмæ мыхуыргонд æрцыд ме ’мдзæвгæ. Газет куы федтон, афтæ мын цыма мæ зæрдæ судзины бырынкъæй фæрæхуыстæуыд, уый хуызæн фæдæн. Мæ бынаты æндæр исчи цин кодтаид, æз та æваст, цы уавæры бахаудтæн, ууыл сагъæсыл фæдæн. Ахæм бон хъуамæ обкомы фыццаг секретары æрмæджы фарсмæ Ирыстоны номдзыд фысджытæй искæцыйы уацмыс ныммыхуыр кодтаиккой, уыдон та, йæ ном æмæ йæ мыггаг кæрæдзийы фарсмæ куыд бадынц, уый йæхи йеддæмæ чи нæма зоны, уыцы зноны студенты æмдзæвгæ равзæрстой. Мæ сагъæсыл мын бафтыдта, уыцы æмдзæвгæ ма уыцы бон газет «Советская Россия»-йы дæр куы бакастæн, уæд. Раст мын цыма фыдæнæн ми бачындæуыд, афтæ мæм фæкаст. Цæмæй ма стъæлфыдтæн: никæй бауырныдтаид, мæ фыст редакцитæй иумæ дæр мæхæдæг кæй нæ арвыстон, уый.

Цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыди. Æз Мæскуыйы нæ уыдтæн — «Рæстдзинад»-æй, декадæ куыд цæуы, уый тыххæй æрмæг фыссынмæ ацыдысты Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ Цæрукъаты Валодя — фæлæ мын уый фæстæ дзырдæуыд, обкомы, аивад æмæ литературæйы фарстатæ кæмæ хаудысты, уыцы секретарь хъуыр-хъуыр кодта, Дзасохы-фырт, дам, нæ литературæйы цæсгом æвдисæг куы нæу, уæд йе ’мдзæвгæ газетты куыдæй февзæрди.

Раст хъуыды кодта обкомы секретарь, фæлæ азым мæныл кæй æнцади, уый раст нæ уыди, уымæн æмæ æз «Правда»-мæ дæр æмæ «Советская Россия»-мæ дæр ницы арвыстон. Кæд исчи исты арвыста, уæд уый обкомы кусджытæ йеддæмæ ничи уыдаид. Æвæццæгæн, бæрæгбоны размæ Мæскуыйæ цы журналисттæ ссыди, уыдонæн раттой алыхуызон æрмæг, уыдонимæ газеттæ æмæ журналтæ дæр, цы уæ дзы бахъæуа, уымæй спайда кæнут, цы уын нæ фаг кæна, уымæй дæр уæ хъуаг нæ ныууадздзыстæм, зæгъгæ. Гъе æмæ уыцы æрмæджытимæ фæци альманах «Литературная Осетия»-йы фæстаг номыр. Уым мыхуыргонд уыди ме ’мдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй æмæ йæ уырдыгæй систой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ хуыздæр кæй уыд, уый тыххæй нæ: бæрæгбоны номыры фидыдта æмæ уымæн. Ныммыхуыр æй кæнæм æви нæ, уымæй мæ куы фарстаиккой, уæд мын фæндон кæй нæ уыдаид, ууыл та ныхас дæр нæй.

Ныр та, ацы бонты чи æрцыди, ахæм хабары тыххæй. Хæрз æрæджы Цæгат Ирыстоны педагогон институт (раздæры педтехникумы — педучилище — педколледж) бæрæг кодта йæ цыппарыссæдз азы юбилей. Уыцы бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой сæ журнал «Диалог»-ы сæрмагонд номыр. Уым мыхуыргонд æрцыд рауагъдад «Просвещение»-йы директор Наталья Роговцевайы статья ахæм сæргондимæ: «О единстве государственного и национального подхода к обеспечению школ учебной литературой». Уым фыссы: «„Просвещение“ выпустило принципиально новую серию учебников „Литература народов России“ (с 5 по 11 классы; авторы: Хайруллин Р.З., Бирюкова С.К.), где представлены вершинные произведения известнейших писателей и поэтов различных национальностей. Ведь и русские, и нерусские учащиеся, несомненно, должны быть знакомы с творчеством таких авторов, как К. Хетагуров, Г. Тукай, Р. Гамзатов, М. Джалиль, Ю. Рытхэу, Д. Кугультинов, М. Дзасохов, В. Санги, П. Хузангай, Шолом-Алейхем, Ю. Шесталов, М. Карим, С. Данилов и многих других».

Æз мæхи ахæм ранымады уынынæй куыддæр фестъæлфæгау кодтон. Ноджы мæ мыггаг астæуæй куы федтон, уæд мæхи бынтон æлхъывды уавæры банкъардтон. «Дæлдæр абад» зæгъæг мын куы фæуыдаин, уæд мæхи цы фæкодтаин, уыцы сагъæсы бацыдтæн. Мæ зæрдæ ма иу хъуыддагыл дардтон. Дардтон, зæгъгæ, мæхи сабыртæ кодтон: кæд, зæгъын, журналы редакцийы фæрæдыдысты æмæ Уæрæсейы адæмты хуыздæр фысджыты астæумæ рæдыдæй бахаудтæн. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй рæдигæ дæр ничи фæкодта, ранымады дæр æнæнхъæлæджы нæ бахаудтæн. Уый мæ бауырныдта, Бетъырбухæй мын 5–6-æм кълæсты ахуыргæнæн чиныг куы сæрвыстой æмæ дзы мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæй» стыр скъуыддзаг мыхуыргондæй куы федтон, æрмæстдæр уæд. Фæлæ ма уæддæр иу хъуыддагыл дис кодтон: чиныг, дунейы рухс куы федта æмæ дзы Уæрæсейы скъолаты пайда кæнын куы райдыдтой, ууыл дзæвгар рæстæг куы рацыд, уæд йæ кой-йæ хъæр куыд никæцæй райхъуыст? Йæ кой та куыннæ райхъуыстаид, фæлæ хабар мæнмæ цыппар азæй фылдæры дæргъы фæцыд.

Дæбеимæ фембæлынмæ куыд бæллыдтæн, уый тыххæй ма фыстон. Æрыдонмæ æрцæуинаг куы нæ уыдаид, æмæ уыцы хабар куы нæ базыдтаин, уæд, «Хъæбатырты кадæджы» авторыл лæгæй-лæгмæ искуы фембæлдзынæн, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыдаид, фæлæ Михаил Шолоховимæ фембæлын ме стырдæр бæллицтæй иу уыд, уымæн æмæ, мæ рæстæджы цы фысджытæ цард, уыдонæй мæм Шолоховæй стырдæр ничи кæсы. Стæй цыма, тынг куы бацархайдтаин, уæд æй уынгæ дæр фæкодтаин, афтæ дæр мæм кæсы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.