Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 38 страница



Ацы хабар дæр мын Мурат радзырдта.

Хаджумар куы амард, уæд йæ ныгæныны хабæрттæ баргонд уыдысты Советон Æфсады æфсæддон-дипломатон академийы хицау вице-адмирал Бекренев Константины фырт Леонидæн (амард 1997 азы, нæуæдзаздзыдæй). Зиан куы бавæрдтой, уæд ын фынджыдзаг дæр академийы стыр залы скодтой. Бекренев цы ныхæстæ загъта, уыдонмæ адæм иууылдæр хъуыстой цымыдисæй: «Йæ заманы дæрдтыл айхъуыст Отто Скорценийы ном, фæлæ мах Хаджийæн йæ рыджы дæр нæ уыди». Дæнцæгæн æрхаста ахæм цау.

Паулюс Гитлермæ тæккæ хуыздæр инæлæрттæй иуыл нымад уыд. Сталинградмæ дæр æй хуымæтæджы нæ арвыста, фæлæ Волгæйы хæстыты йæ хъуыддæгтæ нал цыдысты. Советон æфсæдтæ йæ алыварс æртыхстысты, æмæ тæссаг уыди, немыцæгтæ сæдæгай минтæй куы фæцагъды уыдаиккой, уымæй. Гитлерæн хъуыддæгтæ хорз зындгонд уыдысты æмæ цыфæндыйæ дæр архайдта йе ’фсæдтæ æрхъулайæ ракæныныл. Паулюсæн ма лæгъстæмæ йе ’фсæддон цин дæр фæуæлдæр кодта — ратта йын инæлар-фельдмаршалы ном, фæлæ йын уый дæр нал баххуыс кодта. Фашисттæ хъуамæ бындзагъд фæуыдаиккой, кæнæ сæхи уацары раттаиккой. Паулюс йæ фюрермæ дæр нал байхъуыста æмæ йæхи йе ’фсæддонтимæ уацары ратта.

Бекренев хæрнæджы фынджы уæлхъус куыд дзырдта, афтæмæй Сталин, кæмæн хъуыд, уыдонæн бафæдзæхста, цæмæй Паулюсæн радзурын кæной, Сталинград йæ къухы бафтгæйæ, Гитлермæ дарддæр цы фæндтæ уыди, уыдон. Фæлæ уацайраг инæлар ницы ком лæвæрдта, æз, дам, хæстон ард бахордтон æмæ йæ нæ фехалдзынæн. Уæ уацайраг дæн æмæ мæ кæд маргæ кæнут, уæддæр уæ бар уæхи, дзурæн цæмæн нæй, уый та уын нæ зæгъдзынæн. Уæд Сталин Хаджумармæ фæдзырдта æмæ йын бабар кодта Паулюсимæ аныхас кæнын. Хаджумар йемæ цас фæдзырдта — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бадт. Паулюс куы сфæлмæцыд, уæд æппынфæстаг Хаджумары бафарста:

— Бинонтæ дын ис?

— Ис, — дзуапп ратта Мамсыры-фырт.

— Уæдæ мæнæн дæр ис. Уыдон сты Гитлеры тæккæ фындзы бын, æмæ йæм мæ ныхæстæй иунæг куы байхъуыса, уæддæр дзы æгасæй никæйуал ныууадздзæн.

— Æмæ дын дæ бинонты ардæм куы ’рбаласæм, уæд та?

— Уымæн уæвæн нæй.

— Уыцы хъуыддаг æз мæхимæ исын.

— Гъемæ уæд нæ ныхас дарддæр кæндзыстæм, ныр та ууыл мауал дзурæм...

Дыууæ къуырийы фæстæ Паулюс Мæскуыйы фембæлд йæ бинонтимæ...

Ацы ныхæстæ Мурат йæхæдæг фехъуыста, уымæн æмæ, Хаджумары ныгæнынмæ Ирыстонæй чи ацыд, уыдонимæ уыд.

Ахæм æмæ бирæ æндæр цаутæ базыдтон Муратæй. Уымæн æмæ йыл уый арæх æмбæлд, аргъ ын кодта. Афтæ мæм кæсы, æмæ йæ иунæг фырты дæр «Хаджумар» йæ зындгонд æрвады кадæн схуыдта. Мæнмæ, Хаджумары хуызæн лæгыл зарæг кæй нæ уыд, уый раст нæ каст æмæ бацархайдтон ныхæстæ ныффыссыныл. Нæ зонын, фæлæ цыма фæрæстмæ сты, афтæ мæм кæсы. Текст равдыстон, тынг кæимæ бахæлар дæн, уыцы композитор Бериты Алыбегмæ, æмæ йын цыбыр рæстæгмæ мелоди æрхъуыды кодта.

Алыбег æвæджиауы курдиаты хицау уыд. Тынг бирæ зыдта, адæмон музыкæ йын адджын уыд, арæхст дзы йе сфæлдыстады пайда кæнынмæ. Музыкæ æмæ музыкантты тыххæй йæ бон дзурын уыд сахатгай. Æмæ йæ уыцы зонындзинæдтæ рæдауæй лæвæрдта рæзгæ фæлтæрæн, фæлæ уæддæр сæйрагдæр уыди йæхи сфæлдыстад. Ныффыста бирæ зæрдæмæхъаргæ зарджытæ. Иу хатт ын телефонæй иу æмдзæвгæ бакастæн. Æмдзæвгæ, зæгъгæ, зарæджы текст æмæ, йæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый бамбæрстон, йæ ныхæстæ йын телефонæй фыссынмæ куы фæци, уæд. Цæмæй мелоди æрхъуыды кодтаид, уый тыххæй йын фаг уыд иу куплет дæр. Композитортæ йæ «кæсаг», хонынц. Фыццаг цыппар рæнхъы фыст куы фæци, уæд мæ хæтæлы æрæвæрдыл нымадæй цалдæр минуты рацыд æмæ мæ телефон ныдздзæнгæрæг кодта. Систон æй, æмæ дзы Алыбеджы хъæлæс райхъуыст:

— Зарæг цæттæ у!

— Цавæр зарæг? — хорз ын нæ бамбæрстон йæ ныхæстæ.

— «Сабырдзинады проспект» — афтæ хуынди æмдзæвгæ. — Æрмæст ма йын базард хъæудзæн æмæ дын мæнæ уымæн та «кæсаг».

Нæ мæ бауырныдтой йæ ныхæстæ æмæ йын загътон:

— Йæ мелоди-ма мын акæн.

Азарыди йæ ныхæстимæ. Ноджы тынгдæр дисы бацыдтæн. Афтæ дæр ма ахъуыды кодтон, кæд, зæгъын æм цæттæ мелоди уыди, фæлæ ныхæстæ чысыл раздæр куы базыдта, уæд æм æнæзонгæ ритмикæйыл мелоди цæттæйæ куыд хъуамæ лæууыдаид?!

— Диссаг мæм кæсы, афтæ тагъд æй куыд æрхъуыды кодтай?

— Фондз минутмæ цы зарæг нæ ныффыссон, уый мæ хъæугæ дæр нæ кæны! — сдзырдта уыцы ныфсджынæй Алыбег.

Ныффыстон ын базард дæр:

 

Алы бон дæр ардæм

Раивылынц адæм,

Алы бон дæр амонд акæлы йæ былтæй ам.

 

Уыцы рæстæджы йæ арæхстдзинæдтæй зындгонд уыди, Дзампаты Мæирбеджы фырт Владимир разамынд кæмæн лæвæрдта, зарæггæнджыты инструментон уыцы къорд. Газайты Зойæ йæ радиомæ æрбахуыдта æмæ, фондз минутмæ чи ацæттæ, уыцы зарæг — «Сабырдзинады проспект» магнитофоны лентыл ныффыста æмæ йæ рæстæгæй-рæстæгмæ фехъусæн вæййы радиойы концертты.

О, æмæ ныхас «Мамсыраты Хаджумары зарæг»-ыл цыд. Уымæн дæр мелоди æрхъуыды кодта Бериты Алыбег, фæлæ иу мелодийыл нæ баззад. Йæ текст мæ бацагуырдта Лазарты Коля. Уымæн уыди тынг сыгъдæг, цъæхснаг, зæлланггæнаг хъæлæс. Зарыди Хъæдгæроны зæронд лæгты зарæггæнджыты къордимæ. Уыцы рæстæджы ма ам зарыдысты Хæуытаты Агуыбе, Мецъаты Гаппо æмæ бирæ æндæр курдиатджын хистæртæ. Йæ саразæг та уыди хъæусоветы уæды сæрдар, скъолайы раздæры директор, алывæрсыг курдиаты хицау Бокоты Солтан — хъæубæсты йын уыд уæздандæр ном — Додтан.

Лазарты Коля канд зарæггæнæг нæ уыди, фæлæ ма арæхсти зарджытæ хъуыды кæнынмæ дæр. «Мамсыраты Хаджумары зарæджы» текст дæр мæ уый тыххæй бацагуырдта. Зарæджы ног мелодийы райгуырды тыххæй мын фæстæдæр Чеджемты Æхсар дзырдта. Уымæн та бæлвырд хабæрттæ Коля йæхæдæг ракодта.

Цæвиттон, зæронд лæджы зарæг саразыны хъуыды æхсæвæй-бонæй цух нал уагъта. Кæцыдæр æхсæв дыккаг кæркуасæнты фехъал, мелоди йæ хъусты ныззæланг кодта æмæ йæ фынæй бинойнагмæ дзуры: «Æрцахстон æй, æрцахстон æй!» Ус, æвæццæгæн, уымæй размæ уыдта, зарæджы текст бæлвырд фæлгæты сæвæрыныл куыд зæрдиагæй архайдта æмæ йын дзы куыд ницы уад, уый æмæ, куы фехъал æмæ хабар куы бамбæрста, уæд æм дзуры: «Мауал æй ауадз, мауал æй ауадз!»

Зæронд лæг нотæтæ нæ зыдта, æмæ йæ цæмæй мелоди мауал ферох уыдаид, уый тыххæй йæ йæхинымæр боны срухсмæ фæзарыд. Йе ’мбæлттæм æй куы бахæццæ кодта, уæд ын фесæфынæй тас нал уыд. Фесæфынæй нæ, фæлæ йæ цалдæр боны фæстæ Хæуытаты Агуыбеимæ зарын райдыдтой. Ис радиойы фонотекæйы дæр. Æргом куы дзурон, уæд мæм Алыбеджы мелодийæ хуыздæр йеддæмæ æвзæрдæр нæ кæсы. Ацы текстæн ма мелоди æрхъуыды кодта хъисфæндырæй цæгъдæг Мерденты Николай дæр.

Стæй ма ноджыдæр иу зарæджы тыххæй чысыл бæлвырддæр.

Арæх мæ фæфæрсынц, зарæг куыд райгуыры, зæгъгæ. Алы зарæгæн дæр йæхи хъысмæт ис. Ахæм зарджытæ ис, æмæ сæ чи ныффыста, уый ничиуал фæзоны, афтæмæй сæ иу фæлтæр иннæмæ дæтгæ цæуы. Уыдонæй амондджындæр хъысмæт, æвæццæгæн, иу зарæгæн дæр нæй.

Цорионты Резван иу хатт цавæрдæр концерты уыди æмæ дзы кодтой «Гагкайты Алиханы зарæг» дæр. Концерты разамонæг, дам æй адæмон куы рахуыдта, уæд Резваны цинæн кæрон нал уыд.

Адæмон зарджытæ адæмон уымæн фæхуыйнынц, æмæ сæ, цы адæм сфæлдисынц, уыцы адæмы зæрдæйыуаг, тырнындзинæдтæ æмæ бæллицтæ æххæстæй февдисынц. Азты сæрты тæхынхъом дæр уымæн свæййынц.

Ис ахæм зарджытæ, се сфæлдисджытæ зындгонд кæмæн вæййынц, фæлæ адæмон кæй фæхонынц. Уыцы зарджыты хъысмæтмæ дæр бахæлæг кæнын æмбæлы. Фæлæ ма иуæй-иуты базонын фæфæнды: раздæр цы сфæлдыстæуы, музыкæ æви ныхæстæ?

Дыууæ хуызы дæр равзæрæн ис зарæгæн. Арæхдæр, æвæццæгæн, ныхæстæ фæзынынц. Уыдон композиторы сразæнгард кæнынц мелоди æрхъуыды кæнынмæ. Уæвæн ис, æмæ музыкæ фæзына раздæр. Ахæм зарджытæ æз дæр ныффыстон цалдæр.

Бирæ азты размæ мæм æрбацыд Къæбойты Николай æмæ акодта дыууæ мелодийы. Фæндыди йæ, цæмæй сын ныхæстæ ныффыстаин. Тыхтæ æмæ амæлттæй мелодиты ритмикæ æрцахстон æмæ уый фæстæ бавнæлдтон æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Сбадтысты кæрæдзиуыл, æмæ «Сæумæрайсом» азарыд Фидараты Тамарæ, «Тæхуды» та — Суанты Ким. Бæлвырддæр цы зарæджы тыххæй зæгъынмæ хъавын, уый та ныффыстон Есенаты Женяимæ.

Курдиатджын сылгоймаг уыд Женя, курдиатджын æмæ æнамонд. Дыууæ фырты йын уыд æмæ дзы иуы цинæй дæр нæ бафсæст. Йæ хистæр Тамерлан, кæд горæты райгуырд, уæддæр ын хъæуы йаргъ лæппу рахонæн уыди. Уæлдæр ахуыргонддзинад куы райста, уæд куыста бирæ бæрнон бынæтты. Уыди газет «Молодой коммунист»-ы редактор, фæстæдæр каст фæци Æхсæнадон наукæты академи æмæ куыста Мæскуыйы. Йæ мад æм уазæгуаты уыд, афтæмæй æхсæвы æнафоны чиныджы каст — фæстæдæр мын Женя куыд дзырдта, афтæмæй, дам, де ’мдзæвгæтæ кæм уыдысты, ахæм журнал йе стъолыл фæлдæхтæй баззад. Уыди ахæм сæрдыгон æнтæф бон, æмæ суанг фæсахсæвæртæм дæр нæ фæсатæгдæр. Бинонтæй Тамерлан йеддæмæ ничиуал бадт æмæ рудзынгыл исты æмбæрзæн æрцауындзынмæ хъавыд, цы, йæ къах фæбырыд æмæ цыппæрæм уæладзыгæй ахауд. Райсоммæ йæ ничи базыдта. Фыццагдæр æй федта уынгтæмæрзæг...

Женя цæргæйæ цы лæппуимæ баззад — йæ мой Тугъан Тамерланы фæстæ бирæ нал ацард — уый та рæдыд фæндагыл адзæгъæл, æмæ Женя æнæхæдзарæй баззад. Цыбыр дзырдæй, йæ мæлæт ссардта зæрæдты хæдзары...

Диссаджы сылгоймаг уыд Женя. Цалдæр хатты сæм уыдтæн æмæ йын йе ’фснайд къуымтæм кæсынæй не ’фсæстæн. Йæ уæздандзинад йæ алы фезмæлд, йæ алы ныхасыл дæр зынди. Йæ кусæн уаты — кæддæр кæй уагътой, ахæм сау рояль. Кæннод ыл куыд дæсны цагъта, уый та! Сæйрагдæр та уыди йæ курдиат. Йæ зарджытæй цалдæр радиойы фонотекæйы хæзнаты æхсæн æфснайдæй лæууы, бирæтæ сæ зонгæ дæр кæнынц, уымæн æмæ сæ арæх фæдæттынц. Иуæн дзы ныхæстæ Чеджемты Æхсар ныффыста: «Уый уарзондзинад у». Ацы зарæджы мелоди ныхæстæй раздæр фыст æрцыд, æмæ йæ Женя фыццаг мæнæн ацагъта, фæлæ, хъыгагæн, мæ бон йæ курдиат сæххæст кæнын нæ баци. Иуцасдæры фæстæ та куы фембæлдыстæм, уæд мын Женя хъазгæйæ афтæ куы бакæнид: «Нæ дæ ныууадздзынæн, цалынмæ мын зарæг ныффыссай, уæдмæ». Цы ног мелоди мын ацагъта, уый мæм æнцондæр бахъуыдыгæнæн фæкаст. Женя дæр мын æххуыс кодта, афтæмæй та уымæн дæр йæ ритмикæ тыххæй-фыдæй æрцахстон. Мелодийы автор, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдта, цы хъуыдытæ дзы равдисынмæ хъавыди, уый, æмæ йæ бафарстон. Куыд мын радзырдта, афтæмæй дзы йæ зæрды уыд Къостайы фæлгонц равдисын.

Иуцасдæр мæ бон ницы æрымысын баци, фæлæ мыл цы хæс æвæрд уыд, уый мæ сæрæй нæ хицæн кодта. Мæ зæрдыл-иу æрбалæууыд куысты дæр, хæдзары дæр, фæндагыл дæр. Иу бон Терчы был тезгъо кодтон æмæ æваст мæ сæры фæмидæг æнахуыр хъуыды. Къоста Дзæуджыхъæуы, ныртæккæйы Войковы уынджы, сфæнд кодта хæдзар саразын æмæ уырдæм йæ уарзоны æрхæссын, фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Цы чызджы курынмæ хъавыд, уый æваст æрбамард, йæ хæдзар дæр æрдæгкондæй баззад. Йæ хæдзар æрдæгкондæй баззад, фæлæ йæхæдæг кæмæйдæр йе ’мдзæвгæйы куыд загъта, афтæ — йæ мæсыг амад фæци. Уый кæд мæсыг схуыдта, амайгæ кæй фæкæнынц, ахæм мæсыг, уæддæр йæ ныхæстæ комкоммæ æмбаргæ нæ уыдысты, уымæн æмæ уыцы мæсыг адæймаджы къухæй амайгæ нæ уыди, фæлæ кад æмæ намысæй. Уыцы дыууæ хъуыдыйы æрдæгарæзт хæдзар æмæ кæронмæ амад мæсыг мæм хорз бындур фæкастысты фидæны зарæгæн æмæ йæ райдайæнæй кæронмæ афтæ сарæзтон. Алы куплеты дæр дзы фæлхатгонд цæуы дыууæ рæнхъы:

 

Æрдæгарæзтæй йæ хæдзар баззад,

Фæци йæ мæсыг конд.

 

Йæ дæргъ æмæ йæ уæрх цы адæймаг нæ зоны, уымæн, мæнмæ гæсгæ, тæригъæд кæнын æмбæлы, уымæн æмæ йын цыдæр нæ фаг кæны. Пушкины загъдау, адæм дæ цыфæнды æппæлд куы кæной, уæддæр æй мацæмæ дар, ма хъус дæ фауджытæм дæр, уымæн æмæ уыдоныл дæр æууæнк нæй. Сæйрагдæр у, дæхæдæг дæхицæн цы аргъ кæныс, уый. Кæд дæхицæй разы дæ, уæд дæуæй амондджындæр нæй æмæ, цы фæндагыл æрлæууыдтæ, ууыл цæуынæй ма фæллай. Фæлæ ис ахæм адæймæгтæ, æмæ сæхицæн аргъ кæнын нæ зонынц, растдæр зæгъгæйæ та, сæхицæн цы ’нхъæл сты, ахæмтæ не сты. Ацы хабарæн мæхæдæг æвдисæн нæ уыдтæн, фæлæ мын æй дзургæ чынди. Фысджыты иу æмбырды ныхас рауади, фæстаг рæстæг мыхуыры чи фæзынди, уыцы уацмыстыл. Поэттæй чидæр кæйдæр æмдзæвгæ лæмæгъ рахуыдта æмæ йыл цæмæй иннæтæ дæр баууæндой, уый тыххæй журнал райста æмæ уацмыс аив, æнæкъуызгæйæ бакаст — тарстис, куыд æмбæлы, ахæм хъæлæсыуагимæ йæ куы нæ бакæса, уæд ын æй автор йæ цæстмæ куы бадара, ома цыфæнды хорз æмдзæвгæ дæр æвзæр бакæсгæйæ фенадгæнæн ис, зæгъгæ. Куыддæр фæстаг хъуыдыйадыл стъæлф сæвæрдта, афтæ йæ ныффыссæг фæгæпп ласта, фырцинæй йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл авæргæйæ, фæхъæр кодта:

— Уымæй ма хуыздæр æмдзæвгæ цавæр вæййы?!

Адæм иууылдæр ныххудтысты, уымæн æмæ кæд æмдзæвгæйы исты хорзæй уыд, уæд æрмæстдæр уый, æмæ йæ йæ фауæг аив æмæ æнæ иу къуыхцыйæ кæй бакаст.

Æз ахæмты кой нæ кæнын.

Адæймагæн йæ мидæг цы тæрхонгæнæг бады, уымæн дзы æмбал нæй. Æцæг адæймагæн, хорз æмæ æвзæры æхсæн сæрсæфæны хуызæн арæн кæмæн ис, искæмæн дæр æмæ йæхицæн дæр — уæлдайдæр йæхицæн — æгъатырæй карз, фæлæ уыциу рæстæг раст тæрхон рахæссын чи фæразы, ахæм адæймагæн. Мæ чингуыты тыххæй сæ хъуыдытæ чи загъта, уыдоны ’хсæн уыди алыхуызæттæ дæр. Чи мæ æппæлгæ кодта, чи фиппаинæгтæ зæгъынæй дæр нæ тарст æмæ тынг раст кодта. Фæлæ дзы уыдис ахæмтæ, æмæ мæ цы цъыфæй сахорынмæ хъавыд, уымæй йæхи афтæ самæста æмæ-иу дзы æппындæр ницыуал зынд: иууылдæр-иу цъыф фестад. Хорз зæгъынмæ мæ чи фæхъавы, уыдонæй дæр-иу мæ кæцыдæртæ æфсæрмы бафтыдтой, ахæм æппæлæн ныхæстæ-иу мын ссардтой, мæ цæсгом-иу сырх кæмæй кодта, ахæм куы нæ дæн, уæд мæ хохы цъупмæ цы систа, æнахуыр ран мæ къах куы фæбыра, уæд бæрзæйдыууæ куы кæнын, зæгъгæ.

Ис бынтон æндæр аргъгæнджытæ. Уыдонæй мын чи мæхимæ ныффыссы, чи газеты кæнæ журналы редакцимæ. Æхсызгон мын вæййы, Советон Цæдисы алы кæрæтты бирæ фæцæрыны фæстæ Ирыстонмæ чи ’рцæуы, уыдон мын стыр циндзинад фехъусынгæнæгау куы радзурынц, уым æмæ дын уым дæ чиныг балхæдтон, зæгъгæ, уæд. Нæ райгуырæн бæстæ ма Советон Цæдис куы хуынди, уæд мын Мæскуыйы цы бирæ чингуытæ рацыди, уыдоны æхсæн уыди, йæ тираж фондзыссæдз минмæ кæмæн хæццæ кодта, ахæмтæ дæр æмæ сæ — Калининградæй райдай æмæ Дард Хурыскæсæныл фæу — кæдæм не ’рвыстой, ахæм край, облæст æмæ республикæ нæ уыдис.

Кæддæр Санаты Хадзымырзæйы (брутаг зындгонд нартхорыкуыстгæнæг) фырт Вячеславимæ æнæнхъæлæджы иу ран лæуд фестæм æмæ базонгæ стæм. Уый мын афтæ, æз, дам, дæ зонын, дæ чиныг «Весенние звезды», дам дын, Петропавловск-Камчатскийы куы цардтæн, уæд балхæдтон.

— Камчаткæйы фондз æмæ ссæдз азы фæцардтæн, — дзырдта мын Вячеслав. — 1986–87 азты куыстон профцæдисты Камчаткæйы облæстон Советы. Уым чынгуыты дуканийы фембæлдтæн «Весенние звезды»-йыл. Райгуырæн бæстæйæ дард уæвгæйæ мын уæлдай æхсызгондæр уыди ме ’мзæххоны чиныг кæсын. Иу хатт нæ, фæлæ йæ бакастæн цалдæр хатты. Ме ’мзæххонтæй кæуыл æмбæлдтæн, уыдонæн дæр æй кæсын кодтон. Бæрæгбоны фынджы уæлхъус-иу куы баиу стæм, уæд-иу дзы хицæн бынæттæ хъæрæй дæр кастæн. Уæлдай тынгдæр мæм хъардтой, хæсты фæстæйы азты зын цард æвдыст кæм цæуы, уыцы бынæттæ. Мæ цæстыты раз-иу сыстадысты нæ адæмы рæсугъд æгъдæуттæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хистæртæ æмæ сылгоймагæн аргъ кæныны æгъдæуттæ. Фæзминаг æгъдæуттæ хорз æххуыс сты рæзгæ фæлтæры хъомыладæн, ахуыр сæ кæнынц уæздандзинадыл, фыдæлты фарнæй сæрыстыр уæвыныл. Мæнмæ гæсгæ, уыцы чиныг хъуамæ бакæса алы скъоладзау дæр. Уый тыххæй та йæ мыхуыр кæнын хъæуы фылдæр тиражæй. Уадз æмæ йæ кæсой канд Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр.

Дзæуджыхъæуы «Зеленстрой»-йы хицау Куындыхаты Алик дæр институт каст фæуыны фæстæ Уæрæсейы куыста æмæ, дам дын де ’мдзæвгæтæ Калугæйы облæсты журнал «Юность»-ы, мæ цæссыгтæ доны зилгæйæ, кастæн. Цыма мæ райгуырæн хъæу Джызæлы февзæрдтæн, афтæ, дам мæм каст.

Кæсæг-Балхъарæй мæм Раисæ Рамазанова фыста: «Тынг лæмбынæг дын бакастæн дæ повесть „На берегу Уршдона“. Цæй тыххæй фыссыс, уый дын хорз зындгонд у. Уæлдай цæстыахадгæдæрæй равдыстай хъæууон цард. Æргом дзургæйæ, повесть кастæн цæссыг калгæйæ. Цæрын зын у, æвæдза. Æмткæй райсгæйæ, чиныг мæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Æрмæст йæ кæрон хъæлдзæгдæр хъуаг уыд. Бахатыр кæн, фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын».

Волгоградæй мæм Татьянæ Бергер хъусын кæны: «Мæ цæссыгтæ нæ баурæдтон æрмæстдæр Ремарк æмæ дæу чиныг „Белая малина“ кæсгæйæ». Георгий Ладонщиковæн дæр «На берегу Уршдона» йæ зæрдæмæ фæцыди: «Дæ чиныг стыр зæрдиагæй бакастæн иу æхсæвмæ. Сыгъдæгзæрдæйæ дын арфæ кæнын!»

Æргом дзургæйæ, адæймаг иуæй-иу хатт дызæрдыджы дæр бахауы, кæд цы фыссын, уыдон æппындæр никæй хъæуынц, æндæр мын дзы йе хорз исчи куыннæ зæгъы, йе — æвзæр.

Кæддæр Мамсыраты Дæбемæ уазæгуаты уыдтæн, афтæмæй базонгæ дæн, чиныгкæсджытæй цы писмотæ фæиста, уыдоны иу хаимæ. Уыдис дзы алыхуызæттæ дæр, фæлæ мæм дзы иу уæлдай тынгдæр бахъардта. Чи йæ фыста, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, цы фыста, уый та мæ зæрдыл бадардтон.

Зындгонд куыд у, афтæмæй, Дæбе дæсаздзыдæй бахауд æвирхъау бæллæхы. Мæнæ куыд фыссы уый тыххæй йæхæдæг: «Æз куырис халынмæ куыд æргуыбыр кодтон, афтæ Габойы (Дæбейы фыдыфсымæр) хъæр айхъуыстон:

— Лæхмарг, тагъддæр æвнал, зæгъгæ дын куы дзурынц! — стæй мæ фæсонтыл сæмбæлдис здыйау уæззау куырисы цæф.

Фæцудыдтон размæ, барабанмæ. Фæлæбурдтон ма мæ къухтæй барабаны былтæм. Хорз æмæ ма фæхæст дæн куырисуадзæджы лæууæны былтыл. Фæлæ галиу къух фæбырыдис... Бамбæрстон, йе стджытæ куыд скъæр-къæр кодтой, уый, фæлæ бæллæх уыдис уый, æмæ мын барабан æрцахста мæ нымæтхуд æмæ кæттаг хæдоны фарс æмæ мæ диссаджы тыхджын ласта йæхимæ. «Амардзæн мæ» — уыцы хъуыды ма февзæрд мæ сæры æмæ мæ рахиз къухæй ныддæвдæг дæн. Мæ худ куы феуæгъд уаид, ууыл архайын, фæлæ мæ сæр куы фæтасын кæнын, уæд та барабаны «æфсæртæ» сæхи мæ уадултыл æрбасæрфынц. Кæд машинæ гуыв-гуыв кæны, уæддæр хъусын Розяйы цъæхахст æмæ Андрейы:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.