|
|||
ФЫЦЦАГ ХАЙ 34 страницаВасо ирон мыггæгтæ æмæ нæмтты равзæрды тыххæй дæр иуцалдæр ныхасы куы загътаид, уый мæ фæндыди æмæ ныхас уыцырдæм аздæхтон: — Цалдæр азы размæ ам, Ирыстоны, ономастикæйы фарстаты фæдыл уыди наукон конференци. — Этногенезы фарстаты фæдыл уыди конференци, — сраст мæ кодта Васо. — О, о, ды дæр дзы ныхас кодтай, æмæ ирон нæмтты кой куы рацыд, уæд загътай, нæ нæмтты фылдæр хай ирон кæй нæу. Зæгъæм, Бег, Батыр, Солтан æмæ бирæ æндæртæй иу дæр ирон схонæн нæй. Афтæ гуырдзиаг схонæн нæй Нодар, Зарбег æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ цавæр нæмттæ ис ирон схонæн? — «Музафер» уыдонмæ нæ хауы, — йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Васо. — Зонын æй. Æз ма уый дæр зонын, æмæ суанг Сослан æмæ Чермен дæр ирæттæ не сты. Уæдæ ма дзы уæд ирон кæцы у? — Æхсар, Уырызмæг. Æнцон дзуапп раттæн нæу ацы фарстæн... Саукуыдз, Куыдзæг. Фæлæ уыдон рагон нæмтты номхыгъдмæ нæ хауынц, фæстæдæр фæзындысты, уымæн æмæ, æз цас зонын, уыйбæрц раджы заманы адæмыл куыдзы нæмттæ не ’вæрдтой. Рагонирайнаг дугæй нæм чи ’рхæццæ, уыдон сты Æхсар, Уырызмæг, Ацæмæз... — Сылгоймаджы нæмттæ та? — Ацырухс. Уый рагон ирайнаг ном у. — Дуду та? — Уый сывæллоны ном у. Сывæллоны нæмттæ нæм бирæ ис: Гыцци, Дзыцци... — Дзерассæ та кæцон ном у? — Дзерассæ? Зын зæгъæн у. Рагон ирайнаг кæй нæу, уый бæлвырд у. Сылгоймæгтæй мæм хæстæгдæр чи бадт, уыдон мын бамбарын кодтой, бафæрс, дам-ма йæ, чызг кæмæн райгуыра, уый йыл цавæр ном хъуамæ сæвæра. — Зæринæ, — æнæахъуыдыгæнгæйæ дзуапп радта ахуыргонд. — Уый рагон ирайнаг ном у. Сакты ус-паддзахы дæр афтæ хуыдтой. Ноджыдæр ма цавæртæ? Ацырухс... Æз ма ахъуыды кæндзынæн... Заремæ Симонян секретарæй куыста. Йæхæдæг уыди сомихаг, йæ лæг та — ирон, æмæ йын йæхинымæр бирæ рæстæг æнцой цы нæ лæвæрдта, уыцы фарст раттынæй нæ бафсæрмы кодта: — Æз мæхæдæг дæн сомихаг, мæ сывæллæтты фыд та — ирон. Ис мын æртæ кæстæры. Кæцы æвзагыл хъуамæ дзурой? — Сæ фыды æвзагыл. — Æз мæхæдæг иронау куы нæ зонон, уæд та? — Хорз уаид, дыууæ æвзаджы, растдæр зæгъгæйæ та — æртæ æвзаджы дæр куы зониккой, уæд. Уым зынæй ницы ис. Мæнæн Мæскуыйы иу зонгæ францаг уыдис. Мæскуыйы куыста, афтæмæй польшæйаг ус ракуырдта. Уыдис сын дыууæ сывæллоны. Æртыгай-цыппæргай азтæ сыл куы цыди, уæд-иу семæ куы францагау — полякты æвзаг нæ зыдтон — дзырдтон, куы уырыссагау æмæ мын тынг дзæбæх дзуапп лæвæрдтой. Зыдтой полякагау дæр. Сæ фыд семæ ныхас кодта францагау, сæ мад полякагау, сæ лæггадгæнæг та — уырыссагау. Сæ цуры уыцы æвзæгтыл сусæг ныхасгæнæн нæ уыди... Нæ фембæлд кæронмæ æрхæццæ. Æз Васойæн мæхи æмæ адæмы номæй арфæ ракодтон: — Васо, æмбарын æй, рæстæг дын минутгай нымад кæй у, уый, фæлæ уæддæр немæ фембæлыныл сразы дæ æмæ дын стыр бузныг зæгъын. Æртæ мæйы фæстæ дыл цыппар æмæ цыппарыссæдз азы сæххæст уыдзæн æмæ дыл уыцы бон æнæниз æмæ хъæлдзæгæй куыд æрцæуа, дунейы фарн ахæм арфæ ракæнæд! Мæнæн ма мæ зæрды ис, афæдз æмæ æртæ мæйы фæстæ цы бон ралæудзæн, уымæ акæсын дæр. Уæд нæ кадджын уазæгыл цæудзæн фондз æмæ цыппарыссæдз азы. Фæнды мæ, цæмæй уыцы бон Васоимæ иумæ сбæрæг кæнæм. Æмбырд æхгæнынмæ хъавын, уый куы бамбæрста, уæд мæм Васо дзуры: — Музафер, дæ ныхæстæ фæдæ? О, зæгъгæ йын загътон. — Уæдæ æз нæма фæдæн. Æз уын бакæсынмæ хъавын Къостайы æмдзæвгæтæ. Уыцы ныхæстæ фехъусын не ’ппæтæн дæр æхсызгон уыд æмæ, залы бадджыты тыхджын къухæмдзæгъд райхъуыст. Васо райдыдта «Хъуыбады»-йæ. Уый фæстæ рахызт «Гъæй-джиди!», «Æрра фыййау», «Халон æмæ рувас»-мæ. Васо касти æмæ касти. Иу ран дæр никуы фæкъуыхцы, иу ран дæр никуы фæрæдыд, афтæмæй. Уæддæр æз тарстæн, Васо куы фæрæдийа, уымæй нæ — фæрæдийын алчидæр зоны, уæлдайдæр уыцы кары — фæлæ куы фæкъуыхцы уа æмæ йын баххуыс кæнын мæ бон куы нæ бауа, уымæй. Дзæгъæл хуымæтæджы мæм сæвзæрд ахæм хъуыдытæ: Васойы ме ’ххуысы сæр никуы бахъуыд, уымæн æмæ йæ уарзон поэты уацмыстæ æнæкъуызгæйæ дзырдта. Фембæлд кæронмæ æрхæццæ. Кæд дзæвгар рæстæг ахаста, уæддæр адæм уазæгмæ хъусынæй нæ бафсæстысты æмæ йæ алыварс амбырд сты. Ноджы хæстæгдæрмæ йæ куы федтаид, уый фæндыд сæ алкæй дæр. Фæндыди сæ йæ ныхæстæ йын дардмæ нæ, фæлæ æввахсмæ фехъусын æмæ уыцы фадатæй спайда кодтой. Афтæ мæм кæсы, Васоимæ чи фембæлд, уыдонæй, цалынмæ цæрой, уæдмæ кæй нæ ферох уыдзæн. Васоимæ фембæлдтыты тыххæй мæ ныхас фæуыны размæ ма мæ зæгъын фæнды уый, æмæ йæм кæй ныффыстон цалдæр писмойы. Мæ зæрды дзы чиныгкæсджыты иуимæ базонгæ кæнын ис. «Дæ бонтæ хорз, зынаргъ Васо! Стыр хатыр дæ курын, фæлæ мын иу хъуыддаджы баххуыс кæн. Махмæ. Бæрæгъуыны (Æрыдоны район, Уæлладжыры комæй ралидзæг адæм дзы цæры), арæх фехъусæн ис: менджы сой. Зæгъæм, мæнæ ахæм хъуыдыйæдты: „Менджы сой куы нæ у, цы йыл ауæрдыс?“, „Исты менджы сой у?!“, „Дæ уырзтæ йыл аззадысты, менджы сой куы нæ у, мыййаг?!“. Цыбыр ныхасæй, мæнæ заробаимæ цы дзырдтæ вæййы, уыдоны хуызæн: „Мæлæты гыццыл мын дзы нæ авæрдтай, зароба куы нæ у!“ Дзырдуæтты „менджы сойы“ кой иу ран дæр никуы ис, йæ нысаниуæг базонын та мæ тынг æхсызгон хъæуы. Цæмæн, уый дæр дын зæгъдзынæн: мæ чиныгæн, „Менджы сой“, зæгъгæ, ахæм сæргонд раттынмæ хъавын. Ноджыдæр ма дæ иу хатт хатыр курын, дæ зынаргъ рæстæгæй дын кæй тонын, уый тыххæй. Зæрдиаг саламтæ Ксеняйæн! Дæ хорздзинæдтæм бæллæг, де сгуыхтдзинæдтыл цингæнæг Музафер. 1985 азы 10 июнь». Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ дзы райстон ахæм дзуапп. «16/VI–85 г. Дорогой Музафер! Выражение „Менджы сой“ мне не встречалось в текстах и поэтому не попало в мой словарь. Вероятно оно получилось из Меччы сой „жир Мекки“ со вставкой звука н, как в дигор. уасæнгæ, гъарæнгæ и т. п. В этом случае Менджы сой можно сопоставитъ с такими выражениями как диг. Мисини хуаллаг „Египетская пища“, Сами сикъит „Сирийская земля“ и т. п. (встречаются в текстах „Бæхфæлдисын“: Памятники народного творчества осетин, вып. 2, 1927, стр. 169–170). Зæрдиаг салам! Ваш В. Абаев». XVII Йæ заманы «Рæстдзинад»-ы культурæйы хайадæй кадджындæр нæ уыди. Мæнмæ гæсгæ, стæй ма мын, чи зоны, æмбæлттæ дæр разына. Уымæй фылдæр адæм никæдæм цыд. Аивад æмæ литературæйы архайджытæн сæ дыккаг хæдзары хуызæн уыд. Уырдæм хуымæтæджы литературон кусæгæй бацæуынмæ дæр рагæй бæллыдтæн, фæлæ мæ бынтон æрыгонæй хайады сæргълæууæгæй куы сæвæрдтой, уæд мæхимæ амондджын кастæн, уымæн æмæ мæ æрвылбоны архайд Ирыстоны дзырддзæугæдæр лæгтимæ уыд. Фысджытæ æмæ артисттæ, нывгæнджытæ æмæ музыканттæ, композитортæ æмæ киноаивады кусджытæ! Цал æмæ дзы цалимæ базонгæ дæн! Зæгъæн ис, æмæ дзы, кæимæ нæ базонгæ дæн, ахæм нал баззад æмæ дзы искæй зæрдæхудт райстон, уый нæ хъуыды кæнын. Æппæты арæхдæр æмбæлдтæн фысджытимæ. Кæд рæстæджытæ адæймагæн парахат бартæ нæ лæвæрдтой, уæддæр архайдтон, цæмæй, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, макæй хъыджы бацæуон, раст-равджы дæр макæй бафхæрон. Æмæ мын цыма æнтысгæ дæр кодта, афтæ мæм кæсы, фæлæ мын мæхимæ иуæй-иутæ ахæм цæстæй нæ кастысты. Ахæм хабæрттæ дæр мæ бон æрымысын у, æмæ сфæлдыстадон фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыдонæй-иу кæмæндæрты рæствæндаг куы загътон, йæ уацмыс-иу ын ныммыхуыр кодтон, афтæмæй. Бузныг-иу мæ уыд. Адæмы ’хсæн-иу мын арфæтæ кодта, стæй-иу дзы алцыдæр æрбайрох æмæ-иу мæ ныхмæ йæ цыфыддæр знаджы ныхмæ тохгæнæгау хæцыди. Уыдис ахæмтæ дæр, æвзæрдзинад кæмæн нæ фæдæн, афтæмæй мæ чъылдыммæ мæ хорздзинадыл чи нæ архайдта. Мæ хорздзинад нæ, фæлæ йæ бон цыдæриддæр уыд, уый арæзта, цæмæй фæцудон, размæ бахауон æмæ сыстынхъом макуыуал суон. Мæ ныхмæ тохгæнджытæ уымæ кæй бæллыдысты, уый æппæты фыццаг æмæ æппæты тынгдæр банкъардтон, фысджыты Цæдисмæ цæуынвæнд куы скодтон, уыцы аз. Æртындæс æмæ мыл ссæдзæм аз цыдис, афтæ мæ гæххæттытæ барæвдз кодтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд сæм æркæсдзысты, уымæ. Правленийы уæнгтæй дæр дыууæ разынд, мæ ныхмæ чи уыди, ахæмтæ. Иуыл дзы нæ фæдис кодтон (кæд сусæг хъæлæс кодтой, уæддæр, цæдисмæ бацæуон, уый кæй нæ фæндыд, уыдоны мыггæгтæ базыдтон), уый уымæй размæ дæр фæсаууон мæ ныхмæ дзырдта, фæлæ мæ хъуыдытыл бафтыдта дыккаг. Къæбæр иумæ хордтам, мæ хæлар æй хуыдтон, афтæмæй мыл гадзрахатæй рацыд. Цæмæй, иумæйаг æмбырды хъæлæсмæ цы номхыгъд хаст цæудзæн, уым баззайон, уый йæ нæ бафæндыд æмæ мæ ахахх кодта. Æз та йæ ахахх кодтаин, æрмæстдæр марыны тæрхон кæмæн рахастаиккой, уыдоны номхыгъдæй. О, фæлæ уыцы хъæлæстæ ницы сахадыдтой. Сæйрагдæр уыди иумæйаг хатдзæг, уымæ гæсгæ та уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй æз, Ходы Камал æмæ Джыккайты Шамилы, — кæд ма дзы æндæр исчи уыди, уæд дæр нæ хъуыды кæнын — гæххæттытæм æркæсой иумæйаг æмбырды. Правлени уынаффæ куы рахаста, уымæй иумæйаг æмбырдмæ рæстæг уыди, цæмæй, чи кæй ныхмæ архайы, уый иу адæймаджы онг сбæлвырд кæной æмæ хъæлæс кæнынмæ цæттæйæ æрцæуой. Сæйраг тох рапарахат Ходы Камал æмæ мæ ныхмæ. Мæ ныхмæ чи уыд, уыдоны сæргъы иу æрлæууыд, Камалы ныхмæлæуджыты сæргъы та — иннæ. Уыимæ дыууæ «разамонæджы» баныхас кодтой, цæмæй, Камалы чи хахх кодтаид, уыдон мæн дæр хахх кодтаиккой, кæннод, дам, нæ дыууæты фæндтæ дæр фæсыкк уыдзысты. Фидардæр уынаффæйæн рахæссæн нæ уыд. Афтæ куы нæ бакодтаиккой, уæд сæ дыууæйы фæндæй дæр æцæгæй ницы рауадаид. Хъæлæс кæныны бон куы ралæууыд, уæд ма дзы алчидæр йæ къорды уæнгтыл æрзылд æмæ æмбырдмæ топпæргъæвд æмæ хъамалвæстæй æрбацыдысты... Æмæ фæуæлахиз сты. Мæ ныхмæ чи тох кодта, уыдоны сæртæ арвы милтыл ныдзæвыдысты, афтæмæй æмбырдæй рацæйцыдысты. Камалимæ йын нæ фæндаг разæргæвст куы акодтой, уæд æнхъæлдтой куыйдур-куыйхъæд баистæм æмæ æмбырдæй къуылдым-къуылдым цæрдæг уадысты. Æнхъæлдтой, мах адаг-адаг хъуызгæ рацæйцæудзыстæм, фæлæ ресторан «Интурист»-ы — Шамилы циныл цин кæнгæйæ — фæздæгджын сихор дæр кæм уыди æмæ æвæздæг сихор дæр, ахæм фынджы уæлхъус дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ гаджидау, афтæмæй нуазын куы райдыдтам, уæд, æвæццæгæн, сæхинымæр загътой, адон, бирæ таутæ чи ахæрдзæни, ахæмты каст кæнынц, мах та æнхъæлдтам, æмбырды фæстæ сыл дымгæ тугсæлфынæг кæнын райдайдзæни. Фæлæ цыфæндыйæ дæр, сæ размæ цы нысан æрæвæрдтой, ууыл сæ иумæйаг фат сæмбæлд. Хъæлæс кодтой дæс æмæ ссæдзæй æмæ дыууæ раст дихы фесты. Фынддæсæй Камалы фарс радзырдтой, иу уыйбæрц та йæ ныхмæ схъæлæс кодта. Мæ ныхмæ уæвджытæ ноджы æнгомдæр разындысты: мæ фарс чи уыд, уыдонæй дыууæ адæймаджы фылдæр рауадысты. Цыбыр дзырдæй, нæ дыууæ дæр фæсдуар баззадыстæм, куы нæ райстаиккой, уæд куывд цæмæй скодтаиккам, уыцы æхцатæ нæ дзыппыты куыд баззадысты, афтæ, фæлæ куы зæгъын, Шамилы хардзæй нæ «судзгæ фыдтæ» ферох кæныныл нæ бацауæрстам. Ноджы нæ дыууæ дæр бацархайдтам, цæмæй нæ «хæлæртты» цин æнæкæрон ма уа, ууыл. О, хæдæгай, фæцæй мæ рох кодта. Фысджыты Цæдисмæ цæугæйæ, хъуамæ дæ фарс рахæца æртæ фыссæджы, ома ныффыссой дын рекомендацитæ. Æз кæмæ æрхатыдтон, уыдонæй иу уыди Хъайтыхъты Геор, уымæн æмæ зыдтон, цы зæрдæ мæм дардта æмæ мæ фыстытæм цы цæстæй каст, уый. Мæ фыццаг чиныг «Фыды фарн» — цас чиныг уыд, фæлæ уæддæр (иу мыхуырон сыф дæр æххæст чи нæ уыд, ме ’мдзæвгæты уыцы æмбырдгонды редактор Мыртазты Барис æй бындзытæ марыны инструкцийы йас хуыдта. Афтæ хуыдта, уыцы рæстæг ме ’мгæрттæй цалдæрæн цы чингуытæ рацыд, уыдон дæр) — мыхуыры куы рацыд, уæд ыл газет «Социалистическая Осетия»-йы цæстуарзон рецензи ныффыста Хъайтыхъты Геор. Æрмæст йæ сæргондæй дæр бæрæг уыд, цы аргъ ын скодта, уый: «Доброго пути!» («Рæствæндаг у!») Уæдæ йæ рекомендаци дæр къаддæр цæстуарзон кæй нæ уыдаид, ууыл баууæндæн уыдис. Баууæндæн нæ уыд, мæ ныхмæ куыд схъæлæс кодтаид, ууыл. Фæлæ мын иу нæ, фæлæ цалдæрæй куы загътой, Геор дæ ныхмæ кæй схъæлæс кодта, уый нæхи цæстытæй федтам, зæгъгæ, уæд мæхинымæр дисы бацыдтæн. Дис кодтон, цæмæн афтæ бакодта, ууыл. Ноджы, дам, йæ хъуыды æмбæхсгæ дæр нæ кодта. Адæм уыдтой, куыд мæ хахх кодта, уый. Стæй канд уынгæ нæ, фæлæ фехъуыстой, хахгæнгæйæ цы ныхæстæ загъта, уыдон дæр: «А Музафера мы померим!» Фæстаг ныхас гуымирыдæр хуызы загъта, фæлæ йæ æз, чиныгкæсджыты фарныл хъуыды кæнгæйæ, иуцасдæр фендæрхуызон кодтон. Дисы куыннæ бацыдаин, фæлæ бæстондæр куы ахъуыды кодтон, уæд бамбæрстон, Георæн йæ лæмæгъдзинадæй кæй фæпайдачынди æмæ йæ чидæртæ мæныл, куыд не ’мбæлд, афтæ кæй сардыдтой. Геор та æууæндаг уыд, йæ разы чи лæууыдаид, уый йæм-иу цæмæдæр гæсгæ фæхæстæгдæр, цы-иу дзы домдта, уымæн цæхгæр дзуапп раттын нæ фæрæзта æмæ-иу ыл сайд æрцыд. Раздæр ма йæ куы загътон, уый æнæмæнг рафауинаг миниуæг у, фæлæ, фау æрхæссæн кæмæ нæй, ахæм адæймаг агурыныл Хуыцау кæй бафтауа, уый, иуæй, дзæгъæл цыд фæуыдзæн, иннæмæй йæ хæдзар нал ссардзæн. Уыцы рæстæджы та фысджыты ’хсæн ахæм интригантæ уыди, æмæ дыууæ ’фсымæры кæрæдзийæн амарын кодтаиккой. Иуы тыххæй мын дзы дохтыр Хъæрджынты Мурат афтæ радзырдта: «Хорз кæимæ цардтæн, мæ уыцы хъæуккагæн мæн тыххæй ахæм хахуыртæ фæдзырдта, æмæ мæм лæппу марынмæ ’рбацыди. Хъуамæ мæ хъæдмæ асайдтаид æмæ, масты фæдыл кæйонгты ацæуæн ис, уыйонгты ацыдаид. Æз мæ сæрæн ницы зыдтон, афтæмæй, хæлар хæларимæ йæхи куыд дара, мæхи афтæ дардтон, æмæ мæ хъæуккаг йæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрста мæ уды сыгъдæгдзинад æмæ мын йæ фыдвæндтæ æргом кæнынмæ фæци. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæмæ раздæхтыстæм хæлæрттæй, ардауæгыл та хъоды бакодтам». Ахæм адæймаг Георæн мæн тыххæй цытæ фæдзырдтаид — хæйрæг йæ зонæг. Геор цы бакодта, ууыл раздæры хуызæн нал дис кодтон. Иуцасдæр рæстæг куы рацыд, уæд та мæхиуыл дис кæныныл фæдæн, Геормæ æппындæр кæй нæ фæхæрам дæн, раздæр æм цы цæстæй кастæн, уыцы цæстæй йæм кæй кæсын, уый тыххæй. Æндæрхуызон нæ фæци йæхæдæг дæр, нæ мыды цы къæм ныххауынмæ хъавыд — растдæр зæгъгæйæ та, цы къæм дзы ныппарынмæ хъавыдысты — уый рæудымгæйы амæттаг баци æмæ йæ фæд дæр нал разынд. Уæлдæр ма йæ куы загътон, Камал дæр æмæ æз дæр бацархайдтам нæ мастыл цингæнджыты равг фехалыныл. Камал — раздæр, æз — фæстæдæр. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ фысджытæ сæ рæдыд сраст кодтой æмæ Ходы-фырты æнæхъæр-æнæцъистæй сæ рæнхъытæм райстой. Æз уыцы хъуыддагыл тагъд нæ кодтон. Кæд мын дзурджытæ уыди, дæ гæххæттытæ бацæттæ кæн æмæ сæ æрбадæтт, зæгъгæ, уæддæр дзæвгар рæстæг хъусæй лæууыдтæн. Дæс азæй фылдæр рацыд, ногæй курдиат куы балæвæрдтон, уæдмæ. Правленийы та мæ хъæлæсмæ куы ’рæвæрдтой æмæ та æхсæз адæймагæй дыууæйæ, — ацы хатт дæр та дзы иу мæ кæддæры æрдхорд разынд — мæ ныхмæ куы схъæлæс кодтой, уæд бавдæлдтæн æмæ, иумæйаг æмбырд райсом уыдзæн, зæгъгæ, афтæ мæ гæххæттытæ фæстæмæ райстон. Нал мæ фæндыд дыккаг хатт кæмæндæрты æхсызгондзинад хæссын. Фыццаг хатт мæ куы истой — æви мæ куы нæ райстой, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд растдæр уыдзæн, уæддæр нæ зонын — уæд мын мыхуыры дыууæ чиныджы йеддæмæ нæма рацыд, ныр уыдоны нымæц астмæ схæццæ. Цалдæр чиныджы мын бонрухс федта Мæскуыйы рауагъдæдты. Куыд бакæнон, цы бакæнон, зæгъгæ, бирæ фæхъуыды кæныны фæстæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: мæ уавæр бамбарын кæнон Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы разамындæн. Уыцы рæстæг Мæскуымæ арæх цыдтæн. Иуахæмы, мæ куысты фæдыл уым командировкæйы уæвгæйæ, бабæрæг кодтон фысджыты Цæдис. Уымæй размæ йæ сæрдар Сергей Михалковимæ Ирыстоны фембæлдтæн. Фембæлдтæн, зæгъгæ, Цæгат Кавказмæ ссыд æмæ нæ фысджытæм дæр уазæгуаты æрбацыдис. Кæд ма исты зонын, уæд ССР Цæдисы Сæйраг Советмæ сыхаг республикæтæй кæцыдæрæй депутатæй æвзæрст æрцыд æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йе ’взарджытимæ фембæлд. Ирыстонмæ дæр ахæм заман æрбафтыд. Хъуыды ма кæнын, хæсты рæстæджы чи нал цыд, сывæллæтты уыцы журнал цæмæй ногæй цæуын райдайа, уый тыххæй дзы æххуыс куыд куырдтам, уый. Уыцы фарстайыл дзурын, мæнмæ гæсгæ, Цæрукъаты Валодя райдыдта, стæй ма йæ фарс дзурджытæ дæр фæцис. Уымæй, йæ ныхмæ исчи уыди, зæгъгæ, зæгъынмæ нæ хъавын, фæлæ, дыууиссæдз азмæ æввахс ирон сывæллæттæн сæ мадæлон æвзагыл журнал кæй нал цыдис, уый сагъæсы бирæты æфтыдта. Михалков йæхимæ фæфыста, цы дзы домдæуыд æмæ йæм феххуыс кæнынмæ цы фарстаты фæдыл æрхатыдысты, уыдон æмæ зæрдæ бавæрдта, йæ бон цы уа, уымæй йæ хъарутыл кæй нæ бацауæрддзæн. Йæ бон та бирæ уыди. Уæдмæ уый сси Советон Цæдисы дыууæ гимны автор, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр æмæ паддзахадон премийы цалдæр хатты лауреат кæй уыд, уыдæттæ куы нæ нымайæм, уæд. Тынг бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, Мæскуыйæ æхсызгон хабар куы сыхъуыст, уыцы бонмæ. Советон Цæдисы хицауады уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ 1980 азæй фæстæмæ дыууæ мæйы иу хатт цæуын райдыдтаид сывæллæтты журнал ирон æвзагыл. Ахæм журналтæ уадзыны тыххæй цины хабар сæмбæлд канд Ирыстоныл нæ, фæлæ Цæгат Кавказы автономон республикæтыл се ’ппæтыл дæр. Чи зоны, Михалков Мæскуымæ куы ацыд, уæд сывæллæтты журнал уадзыны фарстамæ акаст уæрæхдæр цæстæй æмæ хицауады раз фарста сæвæрдта афтæ, цæмæй алы автономон республикæйы дæр скъоладзау фæсивæд сæ мадæлон æвзагыл кæсой сывæллæтты журнал. Михалковимæ фембæлды рæстæджы æз дæр цалдæр ныхасы загътон, фæлæ ма мæ уый цæмæй хъуыды кодтаид! Уыйхыгъд мæ зыдта Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы кусæг, сывæллæттæн бирæ чингуытæ ныффыссæг Георгий Ладонщиков. Уыимæ иуцасдæр хæстæгдæр базонгæ дæн, нæ фысджыты Цæдисы хъаугъайаг фарстатæ куы бабирæ сты æмæ сæ алыг кæныны тыххæй Мæскуыйы æххуыс куы бахъуыд, уæд. Уæды хъаугъатæ æвзарын хæсгонд æрцыд Ладонщиковæн æмæ, ам цы цалдæр боны фæци, уыцы рæстæджы дæргъы йемæ фæлымæн дæн. Телефонæй дæр-иу аныхас кодтам. Гъе, æмæ Мæскуыйы уæвгæйæ, Ладонщиковмæ бацыдтæн. Ахæм зæрдиаг цин мыл бакодта, æмæ, уымæй размæ, кæд цæуон — ма цæуон, уый тыххæй дывæндтæ кодтон, уæд ныр мæ гуызавæйæ фæд дæр нал аззад. Цæмæ ’рбацыдтæн, уый йын бамбарын кодтон, хабæрттæ йын радзырдтон, загътон ын, Михалковмæ бацæуынмæ кæй хъавын, уый дæр. Мæ хъуыды йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд дзы ракуырдтон, цæмæй мемæ бацæуа. — Æз дæ ницæмæн хъæуын. Дæхæдæг æм куы бацæуай, — загъта мын Ладонщиков, — уæд хуыздæр у.
|
|||
|