Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 37 страница



Алиханæн йæ мæлæты фæстæ хъæбатыры ном куы раттой, уæд ын йæ хъæуккæгтæ скодтой стыр кад. Йæ номыл хъæугуывд сарæзтой. Уырдæм æрхуыдтой мæн дæр.

Уæд ма «Рæстдзинад»-ы куыстон. Æмæ Алиханы æрвад, нæ тæлмацгæнæг Дзибисимæ ацыдыстæм. Дзибис мын куыд радзырдта, афтæмæй Алиханы æфсымæр Мæскуыйы цард æмæ дам-иу уым арæх уыд.

Хъæдгæронмæ куы ныццыдыстæм, уæд, æз цы фынджы уæлхъус бадтæн, уырдæм мæм нуазæнимæ ’рбацыдысты Алиханы æфсымæр, Дзибис мын кæй кой кодта, уый æмæ йæ хо. Æфсымæр Михал хуынд, уый ма хъуыды кæнын, фæлæ мæ хойы ном ферох. Фынджы уæлхъус бадджытæ иууылдæр сыстадысты. Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы ныв. Михал, мæ фыды карæн, йæ хойыл дæр уымæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ цыдаид, афтæмæй мын утæппæт адæмы ’хсæн арфæ кæнын куы райдыдта, уæд, иуæй, æфсæрмы кодтон, иннæмæй та мын æхсызгон уыд, зарæгæн нæ фыдæлтæ цы аргъ кодтой, ахæм аргъгæнджытæ ма йын кæй разынд, уый. Нæ фыдæлтæм зарæгæн цы кад уыди, уый Бесаты Мæхæмæты зарæджы ныхæстæй дæр бæрæг у:

 

Ой, æмæ мæныл, зæгъы, уæд кады зарæг чи скæна, ой, ой,

Ой, ой, уæд кады зарæг чи скæна, ой, ой,

Ой, гъе-мардзæ, уымæн æз ратдзынæн мæ хоты дзæбæхдæры, гъей!

 

Æмæ куы зæгъын, кæйдæрты курдиат сæххæст кæнын мæ къухы кæй нæ бафтыд, ууыл абон фæсмон кæнын. Мæ зæрдыл ма лæууы, иу хатт мæм Баллаты Валодя зарæгимæ æрбацыд æмæ мын афтæ, йæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц æмæ, дам-ма йын ног текст ныффысс. Цæттæ музыкæ йæм уыди, фæлæ йæм йæ ныхæстæ фаг зæрдæзæгъгæ нæ фæкастысты æмæ мын ног ныхæстæ фыссын кодта Плиты Христофор дæр. Адæмонмæ хæстæг чи уыдаид, ахæм зарæг ныффыссынмæ мæм æнхъæлмæ каст Хъаныхъуаты Ларисæ. Цæттæ мелодитæ мын ацагъта Реуазты Симæ, Есенаты Женя...

Мæ къухы цы нæ бафтыд, уыдоныл нал дзурын. Цы гыццыл цыдæртæ мын бантыст æмæ мæ иуæй-иу зарджытæ куыд райгуырдысты, уыдоны тыххæй — чысыл бæстондæр.

Радиойы куыстон, афтæмæй отпуск ацыдтæн, ног азы райдайæнмæ ма иу-дыууæ къуырийы уыдаид, афтæ. Мыстулаты Ирæ, мæ гуырæн бон январы кæй у, уый кæцæйдæр базыдта æмæ мын мæ отпускæй фæстæмæ ’рбаздæхынмæ сфæнд кодта æнæнхъæлæджы лæвар ракæнын. «Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй...», зæгъгæ мæм ахæм æмдзæвгæ уыди. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæм Ирæйы зæрдæ рагæй æхсайдта. Йæ ныхæстæ адæмон мелодитæй бирæтыл бадтысты æмæ йын равзæрста, æппæты хуыздæр æм чи каст, уыцы цагъд. Чи йæ азардзæн, уый дæр ын бæрæггонд уыд — Баллаты Валодя. Ссардта хъырнджытæ дæр: Суанты Федыр, Хъуылаты Елхъан, Бæцæзаты Юрий æмæ Мыкагъаты Петр. Фæндырæй та йæхæдæг цагъта.

Ахуыр кæнын æй райдыдтой. Рæстæг сын бирæ нæ уыд — Ирæ мын фæстæдæр куыд радзырдта, афтæмæй зарæг хъуамæ сцæттæ уыдаид мæ гуырæн бонмæ. Уый та иу кодта мæ отпусчы фæудимæ. Цыбыр дзырдæй, мæ фæстæмæ ’рбацæуынмæ зарæг пленкæйыл фыст дæр ма ’рцыди æмæ, кусынмæ куы рацыдтæн, уæд мын æй, мæ кусæн уаты цы аппарат уыд, уым баифтыгъта, æмæ фыццаг хатт фехъуыстон, фæстæдæр адæм кæй бауарзтой æмæ радио æмæ телеуынынадæй арæх кæй фæкæнынц, уыцы зарæг. Кæм æй «Мæт» рахонынц, кæм та — «Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй...» Раст зæгъын хъæуы, мæ хæлæрттæй иуы зæрдæмæ йæ дыууæ рæнхъы нæ фæцыдысты, комкоммæ та:

 

Мæ зонд фæлидздзæн мæнæн мæ сæрæй,

Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.

 

Зонд, дам ма сæр йеддæмæ кæцæй хъуамæ фæлидза? Цымæ уыцы зонды къуыбар афтæ дæр никуы фехъуыста: «Дæ сæры зонд фæцыд æви цытæ лæхурыс?!»

Хуыцау хорз, æмæ Къостамæ нæ фæкомкоммæ, æндæр ууыл дæр нæ бацауæрстаид.

 

Дæ дзыхы дзырд

Æнæ рæдыд

Ныццæвы зæрдæйы кæрон!..

 

Йæ ацы рæнхъытæ дæлджинæг кæнынмæ йын фæуыдаид, дзыхы дзырд йеддæмæ ма æндæр цавæр дзырд вæййы, зæгъгæ. Кæнæ ирон адæмон зарæджы ахæм рæнхъытæ:

 

Гал-ма мын авæр, хуымы гал,

Мæ кæсгон гал, дам, нал хæцы...

Ба-ма мын акæн, дзыхы ба,

Мæ цæсгом дæр дæм нал хъæцы.

 

Æвæццæгæн, дзыхы дзырд кæм ис, уым дзыхы ба дæр ис, фæлæ уый бамбарынæн сæры зонд хъæуы. Цыфæндыйæ дæр ахæм фауджыты ныхæстæ хъуамæ лæгмæ нымады ма уой, уымæн æмæ уый аккаг не сты...

Бынтон æндæр хуызы райгуырд мæ иннæ зарæг «Дыууиссæдзаздзыд уарзондзинад». Æнæнхъæлæджы мæм æрцыдысты йæ фыццаг цыппар рæнхъы:

 

Цæмæндæр мæ дыууиссæдз азæй

Ыссæдз азы ахауд æваст.

Кæд исчи кæлæнгæнæг разынд,

Уыди уый æнæмæнгæй уарзт.

 

Цыма дзы зарæг рауайдзæн, афтæ мæм мæ зæрдæ сдзырдта. Боны æмбис уыцы рæнхъытæ мæ сæрæй нал хицæн кодтой. Мæхинымæр сæ дзырдтон æмæ дзырдтон. Мæ цуры-иу куы ничи уыд, уæд-иу сæ хъæрæй дзурыныл дæр афæлвæрдтон. Цыма мæм музыкæ æрхъуыды кæныны курдиат куы уыдаид, уæд бадгæ дæр нал æркодтаин, афтæмæй йæ зарын райдыдтаин, афтæ мæм каст. Цæмæдæр гæсгæ æмдзæвгæ кæронмæ ныффыссынмæ дæр нал банхъæлмæ кастæн, афтæ Хъуылаты Елхъанмæ бадзырдтон, ахæм æмæ ахæм рæнхъытæ ис æмæ-ма сæм байхъус, зæгъгæ. Йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уый, дам, мах зарæг у. «Мах», зæгъгæ, цæмæн загъта, уый дæр бамбæрстон: Елхъан мæнæй афæдз — дыууæ азæй фылдæр хистæр йеддæмæ нæ уыд æмæ æмгæрттыл нымад уыдыстæм. Хъуылайы-фырт ныхæстæ ныффыста æмæ мын афтæ, æз, дам ма дæм уæхимæ дзуринаг уыдтæн, райсом, дам, Æрыдоны не ’рвадæлтæм чындзæхсæв ис æмæ дæ уырдæм хонын.

Елхъан йæхæдæг уыцы изæр ацыд, мах та — цалдæр æмбалимæ дыккаг бон. Куыддæр ныххæццæ стæм, афтæ мæ Елхъан кæрæдзиуыл ацинтæ кæныны фæстæ иуварс ахуыдта æмæ йын знон цы ныхæстæ раттон, уыдон йæ диссаджы хъæлæсæй диссаджы мелодийыл азарыд.

— Дæ зæрдæмæ цæуы? — йæ цæстытæй цины цæхæртæ калд, афтæмæй мæ бафарста Елхъан.

Тынг фæцыди мæ зæрдæмæ. Афтæ тынг, æмæ мæ хъуыды æваст схъæр кæнын нæ бауæндыдтæн. Абон дæр æй нæ зонын, бирæ хæттыты кæй фехъуыстон æмæ мын тынг рагæй зынаргъ чи уыд, ахæм зарæджы хуызæн мæм цæмæн фæкаст, уый.

— Ноджыдæр ма йæ иу хатт азар, — æрхатыдтон Хъуылайы-фыртмæ.

Азарыди та йæ. Мæхинымæр хъуыдыты ацыдтæн. Уыцы мелоди ма уымæй размæ кæмдæр — мæ зæрдæйы æви мæ зонды — кæй азæлыди, стæй иу хатт нæ, фæлæ бирæ хæттыты, ууыл æппындæр дызæрдыг нæ кодтон æмæ Елхъанæн æргомæй мæ мидхъизæмар бамбарын кодтон:

— Никæцы зарæджы хуызæн дæм кæсы?

— Цытæ дзурыс?! Куыддæр знон дæуимæ ныхасгонд фæдæн æмæ хæтæл æрæвæрдтон, афтæ ма дæ рæнхъытæ ноджыдæр иу хатт бакастæн, æмæ ацы мелоди кæцæйдæр ратахт æмæ мæ йæ базыртыл ахаста...

— Никæцы мелоди дын дæ зæрдыл лæууын кæны? — ногæй та йæ бафарстон æз.

— Никæцы! — хъæбæрæй загъта Елхъан æмæ мын æй æртыккаг хатт куы азарыд, уæд æй æз дæр æнæкъуызгæйæ афæзмыдтон.

Мæхимæ дæр диссаг фæкаст, мелоди куыд æнцонæй бахъуыды кодтон, уый. Уæдмæ Елхъанмæ чидæр фæдзырдта æмæ иунæгæй куы аззадтæн, уæд та йæ ногæй зарыныл фæдæн. Куыд ничи мæ хъыгдара, афтæ цæхæрадонмæ ахызтæн æмæ цыбыр рæстæгмæ зарæджы ныхæстæ кæронмæ фыст фæдæн.

Уæддæр мæ нæ уырныдта, зарæджы мелоди хæдбындур у, уый æмæ йæ радиойы кусджытæй цалдæрæн азарыдтæн — мелоди мæ куыд нал ферох, уый дæр гыццыл диссаг нæ уыди — æмæ йæ иу дæр никæцы æндæр мелодийы æнгæс рахуыдта.

Радиойы зындгонд звукорежиссер Газайты Зойæйыл тынг æууæндыдтæн, æмæ мын уый дæр куы загъта, зæрдыл никæцы мелоди лæууын кæны, зæгъгæ, уæд мæ цины ницуал хъыгдарæг уыд, цыма мелоди дæр мæхæдæг ныффыстон, афтæ кæсын мæм райдыдта. Текстмæ мæ зæрдæ куынæуал æхсайдта æмæ Елхъаны зæрдæмæ дæр куы фæцыд, уæд Зойæ Гæздæнты Болатмæ æрхатыд, Елхъан æмæ Музафер ног зарæг ныффыстой æмæ ма Елхъанæн фæндырæй ацæгъд æмæ уæ æз ныффыссон, зæгъгæ. Раст зæгъын хъæуы, Болатæй ме уæны мигъ бадт, мæхæдæг цæмæй тарстæн, уыцырдыгæй йæм исты фау куы ’рхæсса, зæгъгæ, фæлæ уый дæр уæлдай ницы загъта, æмæ æрмæстдæр уæд фервæзтæн мæ сагъæстæй. Æппынфæстаг мæ бауырныдта, цы диссаджы зарæг райгуырд, уымæ Елхъан æмæ мæн йеддæмæ кæй ничи ницы бар дары. Композитормæ мæ хъуыдытæ афтæ арф бахъардтой, æмæ æз ныхæстæй кæронмæ зæгъын цы нæ бафæрæзтон, уый мелоди фæарфдæр кодта, æнкъарæнты рæсугъддæртыл рæубазыртæ басагъта.

Зойæ зарæг пленкæйыл ныффыста, æмæ йæ мæ кусæн уаты аппаратыл æдзухдæр ифтыгъдæввонгæй дардтон. Куыддæр-иу мын уæгъд рæстæг фæци, афтæ та-иу æй сарæзтон æмæ йæм хъуыстон æмæ хъуыстон. Уыимæ дзы фæллайгæ нæ кодтон. Æгæр цæхджын дойны кæй кæны, уымæй нæ тарстæн, уымæн æмæ зарæгмæ хъусгæйæ мæ дойны нæ састи...

Радиойы куыстон, афтæмæй Чеджемты Æхсар сфæнд кодта «Дзигойы зарæг» сног кæнын. Дзæвгар ын фæкуыста йæ ныхæстыл, хал халыл æфтауæгау, кæмæй цы хъуыста, уый фыста, рæстытæ сæ кодта, æз дæр æм цыдæр ивддзинæдтæ бахастон, фæлæ дзы, мæнмæ гæсгæ, иу зæрдæхсаинаг рæнхъ аирвæзт: «О, ма байрайай дæ иунæг сомæй!»

Афтæ уайы, цыма, сомтæ фылдæр куы уыдаиккой, уæд йæ хæснагæй фæсмонгонд нæ фæуыдаид, мæлæты фæндагыл ацæуыныл кæй сразы, уый рис æм афтæ тынг нал хъардтаид. Дæ сомæй, зæгъгæ, куы загътаид, уæд рæнхъ бынтон æндæрхуызон æмбæрстгонд цыдаид, фæлæ дзырд «иунæг» сæйраг хъуыды æндæрæрдæм здæхта, стæй йæ, мæнмæ гæсгæ, ныр дæр здахы. Уæд дæр æй фиппайдтон, Æхсарæн дæр æй загътон, фæлæ цыма фæтагъд кодтам, абон дæр афтæ хъуыды кæнын.

Кæмæйдæр æрыхъуыстон, зарæджы, дам, ахæм ныхæстæ дæр уыди: «Размæ цæуон æмæ мæ дон нæ уадзы, фæстæмæ цæуон æмæ мæ сом нæ уадзы». Нæ бадтысты уыдон уацмысы иумæйаг хъуыдыимæ. Дзиго ахæм лæппу нæ уыди, æмæ сомы тыххæй йæ цард нывондæн чи ’рхастаид. Афтæ мæм кæсы, цыма хæснаджы сом нæ, фæлæ капекк куы нæ уыдаид, уæддæр хъæбатыр æмæ кадылмард лæппу йæ ныхасæн хицау разындаид, цæмæй йæ дзырд ма фæмæнг уыдаид, уый тыххæй иу нæ, фæлæ йын дыууæ царды куы уыдаид, уæддæр сыл нæ бацауæрстаид.

Цыбыр дзырдæй, зарæг сцæттæ. Чи йыл фылдæр бакуыста, уый зын зæгъæн у, фæлæ йыл иууылдæр — уыдоны нымæцмæ та хауынц æппæты фыццаг Чеджемты Æхсар, Медойты Светланæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Газайты Зойæ. Гæздæнты Болаты фæндырдзагъд сын сæ иумæйаг фæллой дунемæ афтæ рæсугъдæй равдыста, æмæ æнæхъæн Ирыстоны дисы бафтыдтой — зæрдиагæй кæй бацархайдтой, ууыл ничи фæдызæрдыг уыдзæн.

Афтæ мæм каст, цыма зарæг кæмæ нæ бахъардта, Иры хæхтæ æмæ быдырты ахæм адæймаг зынæй разындаид, куы разындаид, уæддæр сæ нымæц хъуамæ хæрз чысыл уыдаид. Æмæ кæцы ранæй нæ райхъуыстаиккой, Хъараты Женя йæ уарзон Дзуццаты Дзигойыл цы диссаджы мелоди сарæзта, уый аив зæлтæ! Ныхæстæ дæр куыннæ, фæлæ æрмæст йæ мелоди дæр æвнæлдта зæрдæйы тæккæ æнкъарагдæр тæгтæм.

Ацы хабæрттæ цæмæн æрымысыдтæн? «Дзигойы зарæг»-æй дæр афтæ æфсис нæ зыдтон. Хъусынæй йæм не ’фсæстæн. Хъуыстон æмæ йæм хъуыстон, цалынмæ дзы «бафсæстæн», уæдмæ...

Джордж Гордон Байронмæ йæ роман «Дон Жуан»-ы ахæм рæнхъытæ ис:

 

Мужья стыдятся нежности наивной,

Притом они, конечно, устают:

Нельзя же восхищаться бсспрерывно

Тем, что нам ежедневно подают.

 

Наполеон Бонапарт уыди, æнхъæлдæн, йæ ус, дам ыл феноггаг ис, йæ зæрдæ мыл ивын райдыдта, зæгъгæ, æмæ йын йæ фæсдзæуинæн бафæдзæхста, цæмæй йæм йæ хъус фæдара. Уый Наполеонмæ фæхæццæчынд, фæлæ, цыма ницы зоны, йæхи афтæ дардта, æрмæст йæ фæсдзæуины бафарста, æппæты фылдæр цавæр хæринаг уарзы, уымæй. Уый дæр ын загъта: «Хуыргарк физонæггондæй». Уæдæй фæстæмæ йын алы бон дæр æртæ хатты фынгыл æвæрдтой йæ уарзон хæринаг. Цыбыр рæстæгмæ лæг йæ аходæн, сихор æмæ æхсæвæрæй зæрдæцъæх фæци. Цы базонын ма хъуыди фæсдзæуинæн, Наполеон ын афтæ цæмæн бакодта, уый.

Уыдон бынтон æндæр хабæрттæ сты, фæлæ дзурынц, зæрдæцъæх фæуæн алцæмæй дæр кæй ис, суанг ма æппæты тынгдæр кæй уарзыс, уыцы зарæгæй дæр. Æз дæр мæхицæн ахæм куыст бакодтон. «Дзигойы зарæг»-мæ уыйбæрц фæхъуыстон, æмæ мын раздæры ад нал кодта, уымæн æмæ æгъдæутты хистæр бæрц кæй у, уый зонгæ кодтон, афтæмæй йæ сæрты ахызтæн. «Дыууиссæдзаздзыд уарзондзинад»-æн дæр уымæй тарстæн æмæ йæм райст-бавæрды дзаумайы хуызæн цæстæй кæсын райдыдтон.

Мæ зæрдæмæ куыд цыд, афтæ тынг цыд иннæты зæрдæмæ дæр æмæ дзы æппæлыдысты, суанг ма мын афтæ зæгъджытæ дæр фæци, Елхъан æй хорз зары, фæлæ, дам æй Суанты Ким дæр куы азарид, уæд æвзæр нæ уаид. Мæ зæрдæмæ фæцыди уыцы хъуыды, фæлæ иу хъуыддагæй ме уæнджы мигъ бадт: тарстæн, Елхъан æй искæцырдæм куы бамбара, уымæй, фæлæ мæ тасæн бындур нæ уыд, уымæн æмæ уыцы хабарыл Хъуылайы-фырт æхсызгонæй сæмбæлд.

Азарыд æй Ким дæр, стæй иунæгæй нæ, фæлæ йæ кæстæр æфсымæр Хъазыбегимæ. Раздæр мæм афтæ каст, цыма йæ Елхъанæй хуыздæр ничи азардзæн. Иуæй, йæ хъæлæсыл аив бадт мелоди, иннæмæй та йæ йæхæдæг æрхъуыды кодта, фæлæ йæ Суанты æфсымæртæ куы азарыдысты, уæд дыууæты ’хсæн фæдзæгъæл дæн: чи йæ хуыздæр зары, уый абон дæр кæронмæ рахатын мæ бон нæма баци...

Мамсыраты Хаджумары уынгæ никуы фæкодтон, фæлæ йын йæ кой хъуыстон. Уæлдай фылдæр бæлвырддзинæдтæ дзы базыдтон йæ хæстæг æрвад Муратæй. Иу арт, иу уидагæй равзæргæ сты, кæд иутæ — ома Мураты фыдæлтæ — Беслæныхъæуы æрцардысты, уырдæм та Брутæй æрбалыгъдысты æмæ пысылмон диныл хæст уыдысты, иннæтæ та — Олгинскæйы æмæ чырыстон дин райстой, уæддæр. Муратимæ та иумæ, цалдæргай азтæ-иу куы фæхицæн стæм, уый нæ нымайгæйæ, дыууиссæдз азæй фылдæр кусæм æмæ мын-иу йæ кой арæх кодта. Хаджумарæн йæ чызджытæ Нинæ æмæ Асяйы дæр зыдтон.

Хаджумар канд хъæбатыр хæстон нæ уыд, фæлæ ма уыди æцæг ирон лæг дæр, æнæкæрон бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ, йæ мадæлон æвзаг. Уый тыххæй æрхæсдзынæн цалдæр цауы.

Зындгонд инæлар нæ иуæй-иу æмзæххонтау Ирыстоны уындæй йæхи дæсгай азтæ æнæхай нæ кодта, фæлæ-иу ын фадат уæвгæйæ, йæ хиуæттæ, йæ хæстæджытæ æмæ зонгæты æнæбабæрæггæнгæ нæ фæци. Иуахæмы та, Ирыстоны уæвгæйæ, Дзæуджыхъæуы стыр уынджы фæцæйцыди æмæ, дзулы дуканимæ цы бирæ адæм лæууыд, уым йæ цыд фæсабырдæр кодта...

Дарддæр цы хабæрттæ æрцыд, уый тыххæй мын Мурат афтæ радзырдта.

— Мæ зонгæтæй мыл иу амбæлд æмæ мын афтæ зæгъы, знон, дам дын дæ инæлар æрвады, дзул йæ дæлармы, афтæмæй цæугæ федтон. Æз ын æргомæй ницы загътон, фæлæ, Хаджумар Ирыстоны ис, уый зыдтон æмæ йæ уазæгуат «Кавказ»-ы куы бабæрæг кодтон, уæд ын хабæрттæ радзырдтон. Знон дыл, зæгъын, проспекты адæм сæ цæст æрæвæрдтой.

Цæмæн, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын загътон:

— Инæлар-булкъоны, йæ риуыл Советон Цæдисы Хъæбатыры Сырх Стъалы, афтæмæй йæ дæлармы дзул хæсгæ куы федтой, уæд сæм диссаг фæкаст.

— Ау, æмæ уым диссагæй цы ис, — загъта, йæ мидбылты бахудгæйæ, Хаджумар, — æви исчи афтæ ’нхъæл у, æмæ инæлар дзул нæ хæры? Уæвгæ мын уыцы дзул æнæбары æлхæд æрцыд. Хойраг бырæттæм аппарын та тæригъæд у. Уазæгуаты цыдæртæ куыстон æмæ куы бафæлладтæн, уæд сфæнд кодтон иучысыл мæхи аирхæфсын æмæ мæ фæндаг проспектыл акодтон. Ресторан «Терк»-æй иуцасдæр куы ’руадтæн, уæд дзулы дуканийы раз рады лæугæ ауыдтон къордæй фылдæр адæймаджы. Æппæты кæронæй лæууыдысты дыууæ зæронд усы. Хæстæгдæр сæм бацыдтæн æмæ иронау куы дзырдтой, уæд сæ фæстæ ’рлæууыдтæн æмæ сæм аивæй хъуыстон. Уыдон, æз чи дæн, уый цæмæй зыдтой? Уынгты иу æмæ дыууæ салдаты ис! Сабыргай размæ куыд цыдысты, афтæ æз дæр сæ фæдыл къахдзæф кодтон. Иу рæстæджы дзы иу кæмæйдæр афтæ зæгъы, рынчын хъуджы æхсыр банызта æмæ, дам, ыл бурсылоз бахæцыд. Зæронд ус «бруцеллез» зæгъинаг уыд. Уалынмæ кассæмæ бахæццæ стæм. Дукани, æнæуæйгæнæг кæй хонынц, ахæм уыди: иуæрдыгæй бацу, цы ’лхæнынмæ хъавыс, уый тæрхæгæй райс æмæ рацæуæны æхца бафид. Дзул йеддæмæ дуканийы ницы уыд æмæ ма йын æнæбалхæнгæ цы хос уыди! Куы нæ йæ райстаин, уæд мæ ничи бамбæрстаид. Цæм æй батыхтаин, уый дæр нæ уыд æмæ йæ гомæй рахастон. Мæ фæндаг базарыл ракодтон, пъæмидортæ, хъæдындзтæ æмæ цывзы балхæдтон æмæ, уазæгуатмæ куы ’рбацыдтæн, уæд сæ скарстон æмæ дзулимæ замманай минас уыдысты.

Хаджумары тыххæй ма мын Мурат ракодта æндæр хабæрттæ дæр.

— Фыццаг хатт æй куы федтон, уæд дæр уазæгуат «Кавказ»-ы æрфысым кодта. Мæхи йын бацамыдтон, зæгъын, Мамсыраты Мухтары фырт дæн. Хаджумар мæ æваст афарста:

— Мухтарæн цыппар фырты ис æмæ дзы ды кæцы дæ?

Диссаг мæм фæкаст, алцыдæр йæ зæрдыл куыд хорз дардта, уый. Мæ фыды хæдзары кæй никуы уыд, уый бæлвырд зыдтон, фæлæ кæддæр, хæсты фæстæ, æнхъæлдæн, мæ хистæр æфсымæримæ фембæлд æмæ йын уый цы радзырдта, уыдон дзы нæ ферох сты. Цæвиттон, Барис уæд æфсæнвæндаджы вагзалы куыста, цæргæ дæр æфсæнвæндаджы хæдзæрттæй иуы кодта, æмæ йæм Хаджумар афтæмæй бафтыд. Нæ бинонты тыххæй йын цы хабæрттæ фæкодта, уыдон дзы уал æмæ уал азы нæ ферох сты æмæ мæ афтæ хынцфæрстытæ дæр уымæн кодта.

Мемæ куыд зæрдиагæй дзырдта, уымæй фæныфсджын дæн æмæ йын аивæй бамбарын кодтон, Дзæуджыхъæуы Мамсыратæй къорд хæдзары куы цæры, уæд уазæгуат цæмæн равзæрстай, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ куы ’рфысым кодтаид, уый мæ фæндыд.

Хаджумар йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ:

— Кæд Ирыстоны рагæй нал цæрын, уæддæр ма ахæм хъуыддæгтæ æз дæр æмбарын, фæлæ, зæгъæм, дæумæ æрцардтæн, уæд дæм мæн фенынæфсон æрвылбон дæсгай адæймæгтæ цæуид æмæ уыйбæрц кусæрттæ кæнын дæ бон куы нæ бауа...

Цæвиттон, хъуыддаг хъазынырдæм аздæхта.

Фæстаг хатт ма Ирыстонмæ ссыди 1965 азы. Йæ мад фæрынчын æмæ йæм Мæскуымæ фæхабар кодтой, фæлæ уыцы рæстæг сæхимæ нæ разынд: Сау денджызы был йæ фæллад уагъта. Уырдæм ын хабар йæ бинойнаг Паулинæ фехъусын кодта. Йæ путевкæйы фæудмæ дæр нал банхъæлмæ каст, аст боны раздæр рацыд æмæ йæ рынчын мады цур æрбалæууыд. Фыццаг бон ын дохтыртæ худæджы хабар радзырдтой. Хаджумары мад у, уый куы базыдтой, уæд ын раттой хицæн палатæ. Зæронд ус уавæртæм бæстондæр куы ’ркаст, уæд дохтыртæм йæ хъаст бахаста: «Иннæтæ алы палатæйы дæр дыгæйтгæ-æртыгæйттæ æмæ ноджы фылдæртæй куы хуыссынц, уæд мæн иунæгæй цы дарут, исты ахст дæн?» Æмæ йæ, æртæйы бынат кæм уыд, уыцы палатæмæ раивтой...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.