Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 33 страница



Археологон цыртдзæвæнтæн хауæн ис алы фæлтæртæм. Уыцы цыртдзæвæнтæн уæвæн ис, æмæ хауой бронзæйы дугмæ, ома мах эрæйы агъоммæ 2-минæм азмæ, уæвæн сын ис, æмæ хауой бирæ фæстæдæрмæ, ирæтты дугмæ. Мæ дзуаппæй разы дæ æви бынтон нæ?

Мæхæмæт æххæст разы нæ уыд дзуаппæй æмæ ныхас йæхимæ айста:

— Уыцы цыртдзæвæнтæ нæ фыдæлты арæзт куы уыдаиккой, уæд ахæм хуызы сæхицæн хæдзæрттæ цæуылнæ арæзтой? Нæ фыдæлты цæрæнуæттæ тынг æгуыдзæг уыдысты, архитектурæйæ дард лæууыдысты. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыдон сæ бацыдмæ уым уыдысты.

Васо йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта:

— Æз, зæгъæм, хорз зонын, Абайты мæсыг Сыбайы кæд арæзт æрцыд, уый. Суанг ма йæ хъæуы цæрджытæй чи æмæ кæд сарæзта, уый дæр зонын. Æндæр адæмты тыххæй мæ гипотезæтæ агурын цæмæн хъæуы?

Сыбайы цæрджытæ хорз зонынц, Абайты мæсыг уæд æмæ уыдон кæй сарæзтой, уый. Куы зæгъын, суанг ма сæ номæй номмæ дæр зонынц.

Нæ та сразы уыцы ныхæстимæ дæр Мæхæмæт æмæ йæ рæстдзинады сæрыл дзурыныл архайдта:

— Æз Андиатæй дæн, махæн дæр дзы мæсгуытæ уыдис. Сæхицæн хæдзар аразын нæ зыдтой, фæлæ мæсыг самадтой.

Куыд бамбæрстон, афтæмæй уыцы ныхæстæ Васойы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уый бæрæг уыд, йæ цæсгомы хуыз кæй аивта, уымæй, уæлдайдæр та йæ ныхæстæй:

— Хæдзар аразын чи нæ зыдта, æз ахæм ирон адæм нæ зонын!..

Радио æмæ телеуынынадæй фембæлдмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон се ’ппæт ирæттæ нæ уыдысты, се ’хсæн уыд æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр æмæ уымæ гæсгæ ныхас кодтой уырыссаг æвзагыл, фæлæ Васо йæ фæстаг ныхæстæ загъта иронау. Куы зæгъын, Васо фæрстытæн дзуапп лæвæрдта уырыссагау, æз сæ раивтон ирон æвзагмæ, æмæ дзы кæд искæцы бынæттæ, Абайы-фырт, сæ иронау куыд загътаид, афтæ нæ рауадысты (нæ рауадысты, кæй зæгъын æй хъæуы), уæд рагацау хатыр курын.

Ныхас та фæстæмæ æвзагзонынады фæрстытæм рахызт. Мæн базонын фæндыд — стæй, куыд хъуыды кодтон, афтæмæй иннæты дæр — нæ бæстæйы дæр æмæ фæсарæнты дæр ирон æвзагмæ ахуыргæндтæ ахæм стыр æргом цæмæн здахынц, уый æмæ уазæджы бафарстон:

— Васо, ды, æз куыд нымайын, афтæмæй ирон æвзаг иртасджытæй бирæты зоныс, лæгæй-лæгмæ дзы кæуыл фембæлдтæ, ахæмтæ дæр чысыл нæ уыдаид. Цæмæн афтæ хæстæг айстой сæ зæрдæмæ ирон æвзаг?

— Ахуыргонд æцæг ахуыргонд куы уа, уæд алцæмæ дæр цымыдис у, алцы дæр æм диссаг кæсы. Европæйы иу æмæ дыууæ ахæм ахуыргонды нæй, Хуссар Америчы тар хъæдты цæрæг знæмты цард ахуыр кæнынмæ чи ацæуы. Уыдон тæрсынц, чысыл нымæц адæмыхæттыты минæвæрттæн сæ мыггаг куы сыскъуыйа, уымæй æмæ архайынц, цæмæй уыцы æвирхъау хъуыддаг ма ’рцæуа. Ахуыр сын кæнынц сæ цард, се ’взаг, се ’гъдæуттæ. Чи зоны, уыцы знæмты минæвæрттæ дис фæкæнынц, бирæ мингай километртæ дарддæрæй сæм уазджытæ кæй фæзыны, ууыл. Фæлæ ахуыргонд алцæмæ дæр къæрцхъус у. Ирон æвзаг кæй ахуырчындæуы, уым дæр диссагæй ницы ис. Стæй, куы ма йæ загътон, ирон æвзаг уæлдай тынгдæр æргом йæхимæ уымæн здахы, скифаг-сæрмæтаг къорды иунæг байзæддаг кæй у. Уыцы къордмæ кæддæр бирæ æвзæгтæ хауди, цы адæмтæ йыл дзырдтой, уыдон цардысты Уæрæсейы хуссайраг хайы уæрæх тъæпæнты, фæлæ дзы ирæттæ йеддæмæ ничиуал баззади. Уымæ гæсгæ йыл ахуыргæндтæ сæ цæст уый тыххæй дæр ма æрæвæрынц...

Асыйæгтимæ фембæлгæйæ, стæй-иу нæхиуæттæй дæр арæх фехъуыстон, нæ сыхаг адæмыхатты минæвæрттæ кæрæдзийæн салам дæтгæйæ, сæ ныхасмæ дзырд «алан», зæгъгæ, кæй бафтауынц. Æрмæст цы амоны, уый бæлвырддзинад нæ зыдтон æмæ дзы Васойы куы нæ бафарстаин, уæд цыма фæсмон фæкодтаин, афтæ мæм фæкаст æмæ фадатæй спайда кодтон. Васо, цæмæй фæрсын, уый куы бамбæрста, уæд йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта:

— Уыцы «алан» мах аланмæ ницы бар дары. Асыйæгты «алан» тюркаг «овлан»-æй рацыдис æмæ амоны «рагон æрдхорд».

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæммæ ис дыууæхуызон нымад: дæсгæйттæ æмæ ссæдзгæйттæ. Фарст раттыны размæ Васойæн, стæй фембæлды уæвджытæн мæ хъуыды бæлвырддæр бамбарын кæныны тыххæй загътон:

— Иуæй-иу ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ссæдзгæйттæй нымад литературон нæу, литературоныл нымайынц æрмæстдæр дыууынтæ æмæ æртынтæ. Мæнмæ уый раст нæ кæсы, уымæн æмæ æцæгæйдæр афтæ куы уаид, уæд Къоста нæ ныффыстаид «Ыссæдз азмæ азгай Æххуырсты цыдтæн...» Литературон «дыууын» куы уыдаид, уæд æй Къоста æнцонæй баивтаид, æмдзæвгæйы ритм нæ фехæлдаид, афтæмæй. Уый иу. Æрæджы Сирийæ Ирыстонмæ æрбацыд иу ирон. Йæ мыггаг æмæ йын йæ ном нал хъуыды кæнын. Æрбахуыдтой йæ наукон-иртасæг институтмæ æмæ куы дзырдта, уæд уый дæр йæ ныхасы пайда кодта «ссæдзтæ» æмæ «дыууиссæдзтæй». Æндæрхуызон нымадæй цæуылнæ пайда кæныс, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд рабæрæг, ахæм нымадимæ зонгæ кæй нæу. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ, фондзыссæдз азæй дзæвгар фылдæры размæ йæ бæстæйæ чи ацыд, уыцы ирæттæн «дыууынтæ» æмæ «æртынтæ» зонгæ нæ уыдысты.

— Тынг раст зæгъыс, — сразы мемæ Васо. — Уыцы нымад райстам фыййæуттæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ дыгурон фыййæуттæ кæддæр пайда кодтой сæрмагонд нымадæй. «Дыууын» нæм нæ уыди. Уый æрхъуыдыгонд у. Æдзухдæр уыди ссæдз, дарддæр та æртын, цыппор...

Æвæццæгæн, нæ культурæйы архайджытæ, литературон ирон æвзаг саразыны тыххæй фарст æвæрд куы ’рцыд, уæд, цæмæй нæ нымад уырыссаг нымады системæмæ (уырыссаг æвзаджы дæр дæсгæйттæй нымады системæ ис) фæхæстæгдæр уа, уый тыххæй дзы спайда кодтой. Æндæр бындур ын æз нæ зонын.

Фæлæ ахæм нымад уыд. Уый æрхъуыдыгонд нæу, «дыууын»-æй фæстæмæ. «Дыууын» æрхъуыдыгонд у. Уыцы нымад ма цасдæр рæстæг уыд асыйаг фыййæуттæм. Уый тыххæй æз фыстон мæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор»-ы. Уым ис асыйаг нымады вариант. Асыйæгтæ йæ ирæттæй райстой. Литературондæр дзы кæцы у, уый тыххæй мæм бæлвырд хъуыды нæй. Рахизæн ис — кæд бынтон æрдзон нæу, уæддæр, дæсгæйттæй нымадмæ, ныууадзæн ис ссæдзгæйттæй нымад дæр. Уый кавказаг адæмтæм хæстæгдæр у. Уæдæ афтæ: кавказаг субстраты æндæвдады кой куы фæкæнæм, уæд хъуыдыйаг у ссæдзгæйттæй нымад дæр, уый дæр, æвæццæгæн, кавказаг субстратæй цæуы. Иннæ фарст уыд ахæм:

— Уырыссагау дзурæм «осетин», нæхи ’взагыл «ирон». Цы амонынц уыдон, кæцы ’взагыл сæ сдзырдæуыд раздæр?

Васойæн иуцасдæр æнæнхъæлæджы уыд ахæм фарст фехъусын æмæ дызæрдыггæнгæйæ загъта:

— Фарсты мидис не ’мбарын. Кæннод цы амонынц «уырыссаг», «тæтæйраг»? Амонынц, иу кæнæ иннæ адæймаг кæцы адæмыхатмæ хауы, уый. Сæ равзæрд та бæрæг нæу. Мæнмæ гæсгæ, дзырд «ирон»-æн йæ равзæрд Кавказимæ баст у. Бындурон ирон куы уаид, уæд нæ адæм се ’ппæт дæр сæхи ир хониккой. Дыгурæттæ раджы сæхи ирон никуы хуыдтой. Уыдон-иу загътой: мах ир не стæм, мах стæм дыгур. Уæдæ уый æппæт аланты фæзынд нæу, æндæр æппæт алантæм дæр уыдаид. Фæлæ нæ аргъæутты баззад «аллон». Уый, æвæццæгæн, æппæт ирæттæн иумæйаг ном уыди. «Ирон»-ы равзæрд та бæрæг нæу. Цыфæндыйæ дæр нæм Кавказы æвзæгтæй æрбахауд.

Фарст. Васо, куыд загътай, афтæмæй алантæ Кавказмæ æрбацыдысты мах дуджы I æнусы. Аланты æндæвдад сæ сыхæгтыл тынгдæр фæзынд æви сыхæгты æндæвдад алантыл?

Васо. Æхсыримæ баст хабæртты алантæ сæ сыхæгты царды арфдæр фæд ныууагътой, уымæн æмæ æхсыр кусынмæ нæ фыдæлтæ тынг дæсны уыдысты. Мæнæ хуымæтæджы дæнцæг: гуырдзиаг сулугуни — цыхты сæрмагонд хуыз — у дыгурон дзырд: сулугун — сылыджын. Чувашагау цыхт — «чихт». Уый дæр ирон цыхтæй цæуы. Уæдæ кефирæн дæр дыгуронау йеддæмæ æндæрхуызон бамбарынгæнæн нæй: къæпы. Куыд уынæм, афтæмæй æхсыры хъуыддаджы — стæй канд æхсыры нæ — аланты æндæвдад сæ сыхæгтыл бæлвырдæй зынди, уымæн æмæ уыцы рæстæг нæ фыдæлтæ тынг дзырддзæугæ адæм уыдысты.

Васо йæ зындгонд «Дзырдуат»-ыл кусгæйæ, спайда кодта цалдæр фондзыссæдз æвзæгты дзырдтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, цал æвзаджы зоны, уый фехъусынмæ алчидæр бæллыд æмæ йæ уымæй куы бафарстон, уæд загъта:

— Афтæ мæ куы бафæрсынц, цал æвзаджы зоныс, зæгъгæ, уæд æдзухдæр раттын иухуызон дзуапп: «Куыд æмбæлы, афтæ иу дæр нæ». Уымæн æмæ алы æвзаг дæр зонын хъæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Бынтон æрæджы иу ирон фысты фембæлдтæн дзырд «уырыхсны»-йыл æмæ, цы амоны, уый нæ зыдтон. Æвзæгтæ чи зоны, ахæм адæммæ мæ æххуысмæ дзурын бахъуыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уырыхсны амоны тыхсын, зилын, зилдух кæнын, уырыхсны кæнын. Ахæм хабæрттæ мыл арæх æрцæуы. Æмæ кæд ирон æвзаг, куыд æмбæлы, афтæ нæ зонын, уæд хъуамæ куыд зонон 190 кæнæ 200 æвзаджы? Уый тыххæй ныхас кæнын дæр нæ хъæуы. Цы ’взæгтæй спайда кæнын, уыдоны æххуысмæ, хорз сæ кæй зонын, уый тыххæй нæ фæдзурын, фæлæ сæ лексикæимæ зонгæ вæййын дзырдуæтты æххуысæй, алыхуызон уæлæмхасæн чингуытæ æмæ текстты фæрцы. Иуæй-иу æвзæгтæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстæгдæр сты, зæгъæм, авестæ. Авестæ хуыздæр зонын. Уый ирайнаг æвзаг у. Афтæ зæгъын мæ бон у санскритæй дæр, фæлæ, зæгъæм, тюркаг æвзæгтæ зонын, кæм мæ бахъæуынц, уым сæ спайда кæныны бæрц. Цæмæй фарстæн æнцондæр дзуапп дæттæн уа, уый тыххæй мæ хъуыды фæбæлвырддæр кодтон:

— Мæ фарст чысыл фендæрхуызон кæнон. Цал æвзагыл у дæ бон дзурын, дæ хъуыдытæ æмбарын кæнын?

— Уый тыххæй фæлтæрддзинад хъæуы. Германы куы уыдтæн, уæд куыддæртæй немыцагау дзурыныл архайдтон. Иу хатт ма йæ зæгъын: куыддæртæй, уымæн æмæ иудадзыг фæлтæрддзинад куы нæ уа, ома æвзагыл алы бон куы нæ дзурай, уæд адæймаг алы хатт дæр батыхсы, кæцы дзырдæй хуыздæр спайда кæна, ууыл. Францы уæвгæйæ дæр мæ бон рахъаст кæнын нæ уыд, æмбæрстой мæ, суанг ма францаг æвзагыл лекцитæ дæр кастæн. Фæлæ уæддæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ францаг æвзаг тынг хорз зонын. Англисагау кæсын æнæкъуылымпыйæ, фæлæ æваст Англисы куы февзæрин æмæ мæ дуканийы кæнæ æндæр искæцы ран дзурын куы бахъæуид, уæд мын зын уаид, уымæн æмæ мæм ныхас кæныны фæлтæрддзинад нæй. Афтæ у хабар.

— Нарты кадджытæ иртасыны фæрстытæ...

— Æгæр иумæйаг фарст у. Проблемæтæ бирæ сты.

— Зæгъæм, раздæр кæмæ фæзындысты?

— Уый тыххæй æз, мæнмæ гæсгæ, цас æмбæлд, уыйбæрц бæлвырд загътон, «Советон Уæрæсе»-йы рауагъдады чи рацыд, уыцы чиныджы разныхасы. Нарты эпос кæй у, зæгъгæ, фарст куы æрæвæрынц, уæд уымæн ис хуымæтæджы дзуапп: «Эпос у, цы адæмы æхсæн зындгонд у, уыцы адæмы». Цы амоны уый? Уый амоны уый, æмæ ирон варианттæ сты ирæтты, кæсгон варианттæ — кæсгæтты, абхазаг варианттæ — абхазты, цæцæйнаг варианттæ — цæцæйнæгты æмæ афтæ дарддæр. Уæлдæр ранымад адæмтæй алкæмæ дæр эпос йæхи хуыз кæй райста, уыимæ сразы уæвын хъæуы. Зæгъæм, æз кæсгон варианттæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй куы кæсон, уæд сæ уайтагъддæр базондзынæн, уымæн æмæ кæсæгмæ æндæрхуызон хъуысынц. Уым ис бирæ фæлыст бынæттæ, хъæздыг у феодалон бæрзонд æууæлтæй. Æрмæст уыцы æууæлтæм гæсгæ дæр раиртасдзынæн, ирон нæ, фæлæ кæсгон варианттæ кæй сты. Афтæ абхазаг варианттæм дæр ис сæхи миниуджытæ. Эпос уыцы адæмтæм рагæй кæй ис, ууыл басæттын хъæуы. Фæлæ уыциу рæстæг æз зæгъын: æппæт адæмты эпостæн дæр иумæйаг чи у, бынтон иумæйаг, уыцы бынæттæ алы адæмтæм кæрæдзимæ ницы бар даргæйæ фæзынæн нæ уыд. Термин «нарт»-æн уыциу рæстæг æппæт адæмтæм фæзынæн нæ уыд. Уый фыццаг уыд иу кæцыдæр адæммæ, стæй йæ уыдонæй айстой иннæтæ. Уый хауы Уырызмæг, Хæмыц æмæ афтæ дарддæр иннæ нæмттæм дæр. Зæгъæм, ном «Хæмыц» абхазаг, кæсгон кæнæ ирон хицæнæй не ’рхъуыды кодтаид. Уымæн уæвæн нæй æмæ йыл дзурын дæр нæ хъæуы. Уыцы ном фыццаг иу кæцыдæр адæммæ фæзынди. Уæдæ афтæ: эпосы бындурон апмæ, сæйраг фæлтæрмæ, цъармæ — кæд ын афтæ схонæн ис, уæд — хауы термин «нарт» хицæн хъæбатырты нæмттæ. Кæрæдзимæ тынг хæстæг чи у, иуæй-иу уыцы сюжеттæн ис иу гуырæн, равзæрæн. Уыцы гуырæн раст бацамыдтой Миллер, Дюмезиль. Уыцы гуырæн у ирон, ирон эпос. Иуæй-иу адæмтæм кæй уыдис æмæ ис æмæ йæхи национ хуыз кæй райста, уый та бæлвырд у. Алкæмæ дæр диссаг фæкæсид, зæгъæм, кæсгон йæ эпосыл йæ къух куы сисид æмæ афтæ куы зæгъид: «Уый мæн эпос нæу». Уый йæ эпос у, ис ыл кæсгон культурæйы æндæвдад, зынынц ыл йæ аивады миниуджытæ, йæ ныхасыхъæд, кæсгон эпикон традицитæ æмæ афтæ дарддæр. Мæ ныхас æмбæрстгонд у, Музафер?

— О.

— Афтæтæ.

— Васо, ирон мыггæгтæ кæд фæзындысты? Æви уый зын зæгъæн у?

— Ис цалдæр рагон мыггаджы. Уыдоны тыххæй фыста, абон не ’хсæн чи нал ис, хуссарирыстойнаг уыцы ахуыргонд Уанеты Захар. Уыдон сты Сидæмонтæ, Цæрадзонтæ, Æгъуызатæ, Хъусæгонтæ, Цъæхилонтæ æмæ сты æппæты рагондæр мыггæгтæ. Абон цы мыггæгтæ зонæм, райсæм, Абайтæ, Дзасохтæ æмæ афтæ дарддæр, уыдон рахицæн сты уыцы фондз стыр мыггагæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ’ппæт нæ: иуæй-иу мыггæгтæ, æвæццæгæн, фæзындысты дзæвгар фæстæдæр. Фæлæ нырыккон мыггæгтæн сæ фылдæр, хъуыдыгæнæн ис, куыддæр æгъдауæй баст сты уыцы фыццагон мыггæгтимæ. Зæгъæм, Абайтæ фидарæй æууæндынц, Æгъуызатæй кæй сты, уыл. Иннæты та фидарæй уырны, Сидæмонтæй кæй равзæрдысты, уый. Мæнмæ гæсгæ, Уæлладжыры фылдæр хай йæхи хоны Сидæмонтæй.

Йæхи Цæрадзонтыл чи нымайы, ахæм мыггæгтæ дæр ис.

— Цæрадзонтæ фондз хъæуы сты. — загътон æз.

— Фондз?

— О. Нузал, Къора, Бад, Зæрæмæг, Нæзыджын.

— Уый цымыдисаг у. Суанг хъæутæ дæр бæрæг сты? Æгъуызатæм ма хауынц цалдæр æндæр мыггаджы. Цыма Гаглойтæ дæр сæхи уыдоныл нымайынц, афтæ мæм кæсы.

Ныхасы бар йæхимæ райста, ома фарст раттыны бар æрхауд редактор Дойаты Заремæмæ:

— Не ’взаджы фидæны тыххæй цы хъуыды кæныс?

— Не ’взаджы фидæны тыххæй? — сфæлхат кодта Заремæйы ныхæстæ Васо æмæ иучысыл хъусæй алæууыд.

Уыцы уавæрæй æз фæпайда кодтон æмæ ма фарстæн æмбал ссардтон:

— «Сырх чиныг»-мæ йæ нæ бахæсдзысты?

— Айфыццаг ма уый тыххæй æз дзырдтон... Дзырдтон, дзырдтон... Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хъыгаг уаид, æваст æвзаг кæнæ æнæхъæн культурæ, æнæхъæн æгъдæуттæ æваст куы ’рбайсæфиккой, уæд. Диссаг та куыннæ у, цæрæгойтæ æмæ зайæгойты хъахъхъæнæм, фæлæ... Дардæй куы кæсай, уæд афтæ зыны, цыма алцыдæр хорз у: дыууæ газеты нæм цæуы ирон æвзагыл, дыууæ журналы, Цæгаты æмæ Хуссары.

Васойæ ферох, журнал «Ногдзау» дæр ма нæм кæй цæуы, уый æмæ йын æй куы загътон, уæд дарддæр дзырдта:

— Радиойæ иудадзыг хъусæм ирон ныхас. Ам куы дæн, уæдæй нырмæ арæх хъусын радиомæ æмæ мæ зæрдæмæ фæцыд: хорз æвзагыл дзурынц, диктортæн хорз хъæлæсыуаг ис. Радио нæм ис Хуссары дæр. Ирон æвзаг хъусæн ис телеуынынадæй, театры сценæйæ. Æмæ куы зæгъын, дардæй кæсгæйæ, хуыздæр уæвæн нæй, афтæ сты хъуыддæгтæ. Фæлæ сæм лæмбынæгдæр куы ’ркæсæм, уæд адæймаг раиртасдзæн иуæй-иу сагъæссаг уавæртæ. Цавæр сты уыцы сагъæссаг уавæртæ? Бинонты æхсæн — уый кусджытæм нæ хауы, зæхкусджытæ, колхозонтæм дæр нæ — нæ интеллигенци иронау нæ дзуры. Хæдзары уавæрты ирон æвзаг сæфы. Дæ хорзæхæй, Музафер, дзуапп-ма мын ратт, уæхимæ, хæдзары сывæллæттимæ кæцы æвзагыл дзурут?

Уыцы фарст фехъусгæйæ, адæм базмæлыдысты, уымæн æмæ зыдтой, уæ фарн бирæ уæд, мæ кæстæртимæ — цы дзы уайы, уый нæ зонын, фæлæ — иронау дзурыныл кæй архайын. Уый Васо куы бамбæрста, уæд йæ хъуыды дарддæр нывæста:

— Хъыгагæн, ацы хъуыддаджы Музаферæн бирæ æмбæлттæ куы нæ разына, уымæй тæрсын, уымæн æмæ æз нæ интеллигенттæй кæй фарстон, уыдон мын басастысты, сæ цотимæ уырыссагау кæй дзурынц, ууыл.

Мæ нымадмæ гæсгæ мах иууылдæр, чысылæй-стырæй, дыууæаздзыд сывæллонæй райдай æмæ зæрæдтæй фæу, хъуамæ уæм дыууæ æвзагыл дзурджытæ, ома хорз зонæм дыууæ æвзаджы, уырыссаг дæр æмæ ирон дæр.

Афтæ æнæмæнг бакæнын хъæуы, уымæн æмæ сывæллæтты чысылæй фæстæмæ дыууæ æвзагыл дæр куы ахуыр кæнай, уæд дзы зынæй ницы ис. Сывæллæттæ æвзæгтæм тынг æмхиц сты. Йæ сывæллæттимæ хæдзары уырыссагау чи дзуры, уыцы интеллигенттæ, æвæццæгæн, афтæ хъуыды кæнынц, ирон æмæ уырыссаг æвзагæй иу равзарын хъæуы, зæгъгæ, фæлæ уый раст хъуыды нæу. Дзурын хъæуы дыууæ æвзагыл дæр. Æрмæст мадæлон æвзагыл дзурын хъæуы хæдзары, бинонты æхсæн.

Васо цалдæр ныхасы загъта иронау. Æвæццæгæн, цæмæй адæммæ тынгдæр бахъара, уый тыххæй:

— Уымæн æмæ не ’взаг бинонты ’хсæн куы фесæфа, уæд ын скъола дæр нал баххуыс кæндзæн, журналтæ дæр ын нал баххуыс кæндзысты, радио дæр, телеуынынад дæр. Ничи йын баххуыс кæндзæн, бинонты ’хсæн куы фесæфа, уæд.

Дарддæр дзырдта уырыссагау:

— Уымæ гæсгæ сæйраг æргом аздахын хъæуы, интеллигенци хæдзары йæхи куыд хъуамæ дара, уымæ. Уымæн æмæ, æз куыд федтон, афтæмæй кусджытæ æмæ колхозонты æхсæн ацы уавæр сагъæс не ’взæрын кæны.

Уыдон хæдзары дæр иронау дзурынц. Интеллигенци æндæр хъуыддаг у.

Уыдон мæ — иу хатт ма йæ зæгъын — сагъæсы æфтауынц. Фæлæ уæддæр æз фидæнмæ райгæ цæстæй кæсын. Цæмæн, уый дæр зæгъдзынæн. Чехты историйы уыд ахæм рæстæг, интеллигенцийы æхсæн чехаг æвзаг бынтондæр куы фесæфт. Чехаг интеллигенци йæхи ’взагыл æппындæр нал дзырдта, дзырдта æрмæстдæр немыцагау. Уыдис ахæм рæстæг. Диссаг нæм нæ кæсы ныртæккæ? Ахæм тыхджын паддзахад, национ традицитимæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ уый æцæгæйдæр афтæ уыди. Горæтты интеллигенци чехагау æппындæр нал дзырдта. Чехагау дзурын гуымырыхъдзинадыл нымад уыд. Æмæ дæ цæмæй æнæхсæстыл ма банымадтаиккой, уый тыххæй дзурын хъуыд немыцагау. Æмæ дзы цы рауад? Чехаг æвзаг фесæфт? Нæ фесæфт. Фæзынд, мадæлон æвзаджы фарс чи рахæцыд, ахæм змæлд. Уыцы змæлды сæйраг архайджытæй иу уыд чехаг историк Франтишек Палацкий. Йæхæдæг немыцагау фыста. Йæ ахсджиагдæр фæллой «Чехийы истори» дæр немыцаг æвзагыл рацыд. Кæд йæхæдæг йæ наукон куыстыты немыцаг æвзагæй пайда кодта, уæддæр хъæддыхæй лæууыд, цæмæй мадæлон æвзаг немыцаджы æмрæнхъ фидар кодтаид хуымæтæг адæмы, интеллигенцийы æхсæн. Немыцаджы ныхмæ нæ уыд. Куы зæгъын, йæхæдæг йæ уацмыстæ фыста немыцагау, фæлæ йæ фарсхæцджытимæ ахæм куыст бакодта, æмæ уавæр цæхгæр фендæрхуызон. Интеллигенци йе ’ргом мадæлон æвзагмæ раздæхта, æмæ абон, куыд уынут, афтæмæй чехаг æвзагæн тæссаг ницæмæйуал у. Мæнмæ гæсгæ, махмæ дæр хъуыддаг афтæ уыдзæн, нæ интеллигенци, хæдзары, бинонты ’хсæн иронау дзурын куы райдайа, уæд. Исты сæрмагонд мадзæлттæ саразын хъæуы æви нæ, уый нæ зонын. Скъолайæн сæрмагонд ахадындзинад нæй. Кæд бинонты æхсæн бындуртæ æвæрд æрцæуа, уæд скъолайæн дæр йæ бон бирæ у. Бинонты æхсæн иронау куынæуал дзурой, уæд скъола ницыуал феххуыс уыдзæн. Æмæ уый хъуыдыйаг у. Бинонты æхсæн иронау кæй нæ дзурынц, уыцы рæдыд сраст кæнын скъолайы бон нал бауыдзæн. Райдайын хъæуы бинонтæй, уый фæстæ та — скъола. Скъолайæн, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ахадындзинад ис, фæлæ бакæнын хъæуы афтæ, цæмæй бинонты æхсæн дзурой иронау. Иуæй-иу бæстыхаймæ куы бацæуай, уæд дзы бакæсæн вæййы ахæм фыст: «Ам тамако нæ дымынц». Чи зоны, нæ интеллигентты дæр сæ фатерты зынгæдæр рæтты бакæнын хъæуы ахæм плакат: «Ам дзурынц иронау». Хъуамæ исты æххуыс фæуа. Ноджыдæр ма цавæр мадзæлттæй спайда кæнын хъæуы? Рæзгæ фæлтæрæн дзурын хъæуы, хъæуы сæ ахуыр кæнын. Ноджыдæр ма йæ зæгъын: æз пессимист нæ дæн. Нæ интеллигенттæ хуымæтæг адæмы кæй бафæзмдзысты æмæ хæдзары иронау дзурын кæй райдайдзысты, уый мæ уырны.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.