Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 16 страница



«Æвæццæгæн, сымах райдыдтат бырсын дæр, уый йеддæмæ ныр дæр ам нæ уаиккой», — йæхинымæр дзырдта Хасан, фæлæ хи хъуыдытыл нæ афæстиат:

— Адæм цæуыл тох кæной, уый куы зоной, уæд сын хæцын дæр æнцон у, фæлæ афтæ, æрмæст ныхæсты сæраппонд, туг дзæгъæлы кæлы.

— Мах æй бæргæ зонæм, нæ тохы сæр цæуыл у, уый. Уырыс сты не знæгтæ, æмæ уыдоны ныхмæ хъуамæ хæцæм. Афтæ, мæ хур, гъе. Цы кæнын хъæуы, уый нын сусæггаг нæу, — æнцад хъæлæсы уагæй дзырдта Æндæрби.

Хасанæн йæхимæ дæр бирæ бонты уыди ахæм хъуыдытæ, фæлæ йæ ныр бафæндыди, Æндæрбийы зонды ныхмæ, фæстаг бонты цæуыл хъуыды кодта, уый æрæвæрын.

— Чи зоны, кæддæр раст уыд, хъуыдис уыцы тох, фæлæ ныр замантæ æндæр сты. Никæй сæр риссы: цымæ хуыздæр нæ уаид уырысимæ бафидауын, семæ хæларæй цæрын? Адæмы æхсæн змæстдзинад нал уаид. — Æргомæй фыццаг хатт схъæр кодта Хасан, æбæрæгхуызы цæуыл хъуыдытæ кодта, уыдон.

Æндæрбийы цæсгомы ахастæй бæрæг уыди, уазæджы ныхæстæ кæй ницæмæ æрдардта, уый. Йæ мидбылты худти æмæ Хасанмæ тæригъæдгæнæджы цæстæй касти.

— Æз дын, лæппу, иу æмбисонд æрхæсдзынæн. Æмбисæндтæ фыдæлтæй баззадысты æмæ æдзухдæр рæстдзинадыл дзурæг сты. Иу хатт дын рувас æмæ калм схæлар сты, иу хæдон дæр сын уæрæх уыди. Иу заман дын фæцæуынц, æмæ доны былмæ бахæццæ сты. — «Æз ленк кæнын нæ зонын, — барæй зæгъы калм, — де ’ккойы мæ ахæсс, дæ иузæрдион æмбалы ам иунæгæй ма ныууадз». — «Хорз», — сразы рувас æмæ йыл калм стыхсти. Доны астæумæ куы бахæццæ сты, уæд калм рувасы къубал æрцахста æмæ йæ хурх кæнын райдыдта. — «Цы кусыс?» — фæрсы йæ рувас. — «Хъуамæ дæ ныххурх кæнон», — дзуапп ын радта калм. Рувас бирæ фæлæгъстæ кодта калмæн, фæлæ йын дзы ницы рауад æмæ уæд сфæнд кодта калмыл хинæй рацæуын. Дзуры та йæм: — «Хæларæй фæцардыстæм, ныр мыггагмæ хицæн кæнæм. Фæстаг хатт ма мæм дæ цæсгом уæд та равдис». Калм йæ сæр рувасы размæ бадардта æмæ йын рувас йæ цыргъ дæндæгтæй йæ сæр атыдта. Стæй былмæ куы рахызт, уæд калмы фæндагыл растæй адаргъ кодта æмæ загъта: — «Иузæрдион æмбал хъуамæ афтæ раст уа».

Хасанмæ уыцы æмбисонд диссаг фæкаст, фæлæ йæ зæронд лæг цæмæн æрхаста, уый нæ бамбæрста.

— Хæлар суæвыны размæ адæймагæн базонæн ис, мæнмæ гæсгæ, — загъта уый.

— Рувасмæ афтæ каст, æмæ калмы зоны...

***

Хасан уый фæстæ æнæхъæн æхсæв нæ бафынæй. Æндæрби йын цытæ фæдзырдта, уыдон ын йæ хъуыдытæ, дымгæ бумбулиты фæйнæрдæм куыд фæхæсса, афтæ фæхастой.

«Ау, уæдæ ницы гæнæн ис? Уырысы ныхмæ тох бынтон æнæхъуаджы хъуыддаг у, — адæмы сæфт йеддæмæ дзы ницы рамбулæн ис... Лæг сæрра уыдзæн, æви ныронг дæр æрра уыдтæн?» Хасан йæ зæрдæйы рис банкъардта.

Цы гæнæн ис, уый йын Батырджери загъта æнæнхъæлæджы:

— Уырысы ныхмæ ницуал нæ бон бауыдзæн. Туркмæ лидзын хъæуы.

Цыфæнды куы фæуа, уæддæр не ’мдингæнджытæ сты... Адæммæ ныртæккæ æндæр ницуал койаг ис — се ’ппæт куыд рæдидзысты?

Уыдон Батырджерийæн йæхи ныхæстæ нæ уыдысты, бирæтæй сæ фехъуыста, йæхицæй сыл ницуал бафтыдта.

«Фæстæмæ та Турк! — ныхъхъæр кæнынмæ хъавыди Хасан. — Нæ, фæлтау цыфæнды дæр уæд Туркмæ — нал!»

— Ам ма чи аирвæзтаид, уыдон уым фесæфдзысты... Фехъуыстат ын йæ хабæрттæ. Барвæндонæй уырдæм ничи ацæудзæн, — тыхстæй дзырдта Хасан йæ фысымæн.

— Адæм цы архайой, мах дæр уый, уæдæ ма мах дæр адæмæй кæдæм фæхаудзыстæм? Æнæ адæм цæрæн нæй... — Бæрæг уыди, Батырджери Туркмæ цæуынмæ йæ былы цъæрттæ кæй нæ хæры, уый.

«Цымæ Уазимæ та цы зонд ис? — йæ зæрдыл æрлæууыди, æфсымæр дзы чи загъта, уый. — Ныронг куыд нæ фæзынди? Æвæццæгæн, йæ амал нæу. Адæм кæрæдзийыл нал æууæндынц, банымудзынæй дæр тæрсдзæн. Хорз уаид, Уазимæ уыцы зонд куы нæ æрцæуид, уæд. Уый æмбары цард, уый бафидауид уырысимæ, уый никуыдæм ацæудзæн. Æмæ æз дæр кæд исты мадзал кæнин. Йæхи къахæй ингæнмæ никуыма ничи ныххызти», — скарста Хасаны зонд.

***

Бинонтæ базыдтой, сæ уазæг Турчы уыдис, уый æмæ-иу æй Батырджери арæх фарста уымы цардæй. Æмæ сын Хасан дæр дзырдта, цытæ бавзæрста, цытæ федта, уыдон. Бинонтæй алчидæр йæхирдыгонау хъуыдытæ кодта, Турчы хабæрттæ фехъусгæйæ.

Батырджери дзырдта:

— Æвæццæгæн, йæхи бæхтæ, йæхи фосимæ чи ацыд, уыдон ахæм тыхстытæ нæ баййæфтой. Хи исбонимæ цæрын цы хъæуы!

— Фос дæр уыцы хъаймæты фæндæгтыл фесæфтысты, кæд ма искæмæты цыдæртæ аззад, уæддæр дзы æз, йæ цардæй разы чи уыд, ахæмтæ нæ федтон, сæфтмæ дзы цыдысты.

— Æмæ дзы зæхх ис, куы загътой, — не ’нцади Батырджери.

Хасан ын амыдта:

— Зæххæн цалынмæ йæ аргъ бафидай, уæдмæ дæ цардæй стыхсдзынæ, стæй дæ фæстагмæ æххуырст рауайдзæн...

Батырджерийы ус, ныллæггомау рынчынхуыз, æнæнцой Буцкæ дæр фарста Хасаны:

— Æмæ цы зæрдæйæ уæй кæнынц адæм сæ сывæллæтты, хуыцауæй тæригъæд не сты?

— Цы бакæной уæдæ, сыдæй мæлынмæ сæ бирæ нал фæхъæуы.

— Æмæ сын æнæ ныййарджытæй хуыздæр уыдзæн?

— Адæймаг фенхъæлы: кæд аирвæзиккой. Мæгуыры бон дыл куы акæна, уæд дæ зæрдæ цæуыл нæ дардзынæ? Цæфæй цæфы астæумæ дæр ма æнхъæлмæ куы фæкæсæм, — дзуапп лæвæрдта Хасан.

Турчы хабæрттæм йæ зæрдæ ахсайдта Бацæйæн дæр. Уый арæх фæндыди уазæджы фæфæрсын, фæлæ йæм нæ уæндыд... Бинонтæ æрвылбон Турчы кой кæнын куы райдыдтой æмæ Хасаны алкæимæ дæр ныхасгæнгæ куы уыдта, уæд Бацæ дæр бафарста:

— Æцæг афтæ фыд-зæрдæ сты турк, æмæ цардæгас адæймаджы донмæ аппарынц?

Хасан чызгмæ бакасти æмæ йæ цæстытыл ауади: турк ахæм рæсугъд чызг куы фениккой, уæд йæ балхæныныл куыд зиликкой, уый.

— Денджызы куы цыдыстæм, уæд æцæг æппæрстой рынчынты, адæймагæн йæ сæрыхъуын уырдыг стади. Æмæ ма уæддæр уый тæккæ стырдæр бæллæх нæу — зын, йæ фæстæ чи баззайы, уыдонæн вæййы. Уыдон бахауынц цъысымы...

— Уæдæ ма дзы бæллæх та цы у? — Бацæйы цæстыты цыдæр карздзинад фæзынди.

— Йæ бæллæх та у, адæймаджы фосау кæй ауæй кæнынц, уый. Дæ хуызæн чызджытæ æлхæнын уарзынц. Æмæ уæд бинонтæн дæр — мардæрцыд, уæйгонд чи æрцæуы, уымæн та мыггагмæ зындоны цард, фосы хуызæн — Хасаны бафæндыд чызгæн рæстдзинад зæгъын, цæмæндæр æм афтæ фæкаст, цыма йæ йæ ныхæстæй Туркмæ ацæуынæй фервæзын кæндзæн.

Бацæйы зæрдæ скатай:

— Æмæ ахæм æнаккаг чи уа, адæймаджы чи æлхæна, уымæн йæ сау зæрдæйы хъама нытътъыс, уæд та? Уадз æмæ лæг, йæхæдæг дæр... — æмæ йæ цæстыты цъæх арт ссыгъди.

«Кæс-ма, кæс, уындæй куыд фæлмас зыны, афтæ куы нæ у», — æхсызгонæй ахъуыды кодта Хасан.

— Уыцы фыд-зæрдæтæ æгæр бирæ сты, цалы фаг дзы суыдзынæ, стæй сæ ныццæгъдын дæ къухы нæ бафтдзæн.

Бацæ бамбæрста, æгæр къæйныхæй кæй загъта, уый, æмæ фæсырх, йæ сæр æруагъта; фæкъæмдзæстыг...

Хасан кæд фæрсыл рынчын нал уыд, уæддæр хæдзарæй æддæмæ нæ цыд — йæхи мæт нæ кодта, фысымтæн тарсти; уый тыххæй сыл исты куы æрцæуа. Фæлæ уæдмæ ног хабар фехъуысти: Уырыс Салийы тыххæй никæйуал æфхæрынц. Батырджери йæ уазæгæн æндæр ницы загъта, ома Туркмæ лидзыны кой дæр ма дзы ис, уый.

Йе уæнгтæ бампылдысты Хасæнæн æмæ йæ æдзухдæр армæй бавналын фæндыд. Хæдзарæй æддæмæ цæуын куы райдыдта, уæд-иу сæумæрайсом фестад æмæ Батырджерийы дыууæ фырты — Атæбе æмæ Даргаимæ фос, кæрт æмæ скъæттæм зылди, миттæ марзта.

Батырджери-иу разыхуызæй касти йæ уазæгмæ æмæ йын-иу дзырдта:

— Хъыгдард дæ, мæ хур, æмæ дæхи цæмæн фæлмæцын кæныс, лæппутæн сæхи фаг куыст кæм ис!

Хасан ын хъæлдзæгæй дзуапп лæвæрдта:

— Исты куы нæ архайон, уæд ме уæнгтæ уæззау кæнынц æмæ мæ нырма куы бахъæуой.

Арæх-иу миты къуыбæрттæй хæцыдысты æмæ-иу уæд Бацæйы кæстæр хо Зæна дæр семæ фæци, ноджы-иу се ’ртæйы дæр Хасаны фарс ралæууын фæндыд. Бацæ та... Куыд тынг фæндыдис уый дæр митмæ февналын, æмæ къуыбар искæуыл ныццæвын! Йæхинымæр-иу уый дæр Хасанимæ фемварс. Фæлæ æцæгæй та уæндгæ нæ кодта — нæ уæндыд йæ ныййарджытæй дæр æмæ Хасанæн йæхицæй дæр. Мады зæрдæмæ-иу йæ митæй цы нæ фæцыд, уый йын-иу йæ цæстмæ бадардта «ныр чындздзон чызг дæ, худинаг дын нæу», зæгъгæ. Ныр та ма Хасанæй дæр тæрсын райдыдта — уый та йын куыд бауайдзæф кæндзæн?

Цалдæр хатты Хасан сфæнд кодта сæхимæ йе ’рдхорды хæдзармæ фæцæуын, ноджы йæ бæх схæрзхаст, фырхъалæй йæ мыр-мыр цыд. Арæх ыл-иу Атæбейы кæнæ Даргайы абадын кодта æмæ йын-иу йæ уадмæ зæрдæрайгæ касти. Фæлæ Батырджери уазæджы ацæуыны кой кæнын нæ уагъта — бæстæ æнцад нæу, тагъд хъуамæ Уази йæхæдæг фæзына.

Æмæ æцæгдæр Уази фæзынд. Иу фæлмджын уазал бон изæрырдæм кæрты дуары, сæрты чидæр æрбахъæр кодта. Фысым дæр æмæ уазæг дæр базыдтой, чи у, уый.

— Цы мын фæдæ, ме ’фсымæры хай? — зæрдиагæй сæлхъывта Уази Хасаны къух.

Хасанмæ йе ’рдхорды хъæлæс афтæ рæвдаугæ фæкаст, æмæ йын йæ зæрдæ фæцагайдта.

— Мæ къух мын сæттыс! Къамбец нæ дæ, къамбец! Афтæмæй мын йæхи срынчын кодта, — схъæлдзæг Уази.

— Мæ фысымтæ мыл афтæ æнувыд уыдысты, æмæ мæм æцæг рынчынау зылдысты, — спарахатзæрдæ Хасан дæр, — кæд мын хуыздæрмæ фæуа, уæд.

— Буцкæ уыдаид, æндæр иннæтæ цы сарæхстаиккой? Бацæтæ-йедтæ нырма цæй зилджытæ сты! — бынтондæр сцин Уази.

— Ды та, Уази, æдзух мæнæй æппæлыныл архайыс, — бахудт Буцкæ дæр æмæ йæ куатæйы кæронæй йæ бинаг былы кæрон асæрфта.

— Æппæлгæ нæ, æцæг цы у, уый дзуры, — Уазийы фарс фæхæцыди Хасан.

Хæдзары чи уыдис, уыдонæй иу дæр нæ банкъардта, Бацæйы зæрдæйыл цытæ æрцыди, уый. Уази кæд хъазгæйæ загъта, уæддæр йæ дзырдтæй чызджы зæрдæ къуымых кардæй барæхуыста æмæ йын тынг фæрысти, риуæй уазал къуыбар хæрдмæ стылди æмæ йын улæфт нал фаг кодта, суанг ма хъуырмæ къухæй дæр бавнæлдта, фæлæ йын нæ фенцондæр. «Нагъ, æз æм мæхæдæг зылдтæн, æз... æз æй... Мæхæдæг уарзын!..» — æрвæрттывдау фæзынди чызджы сæры æмæ æгасæй дæр артау ссыгъди. Йæ разы чи уыд, уыдонæй иу дæр не ’рхъуыды кодта, Бацæ хæдзарæй йæхи куыд айста, уый.

Æрмæст уымæн йæ дыккаг бон мад чызгыл фæгуырысхо. Атæбе æмæ Дарга бæхты саргъæвæрдæй куы раластой æмæ уазджытæ бинонты къухтæ куы истой, уæд Буцкæ фæкомкоммæ Бацæмæ æмæ бафиппайдта: чызджы цæстыты цæссыгтæ æрттывтой, фындзы базыртæ гæлæбуйы базыртау змæлдысты æмæ йæ дæллаг был дæндæгтæй сæлхъывта. Афтæ йæм каст чызг ныккæудзæн, зæгъгæ, фæлæ мад куыд æнхъæл уыд, афтæ нæ рауад: Хасан Бацæйы къух куы райста, уæд чызджы цæстæнгасы цыдæр карздзинад фæзынд.

Уазджыты ацыды фæстæ Бацæ хæдзары нæ разынд. Мад фæдис кодта æмæ йæ ацагуырдта. Чызг талынг скъæты тарвазыл банцой кодта æмæ æнæуынæрæй куыдта...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.