Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 13 страница



— Ныббардзæн. Махæн нæ тох искæй æфхæрыныл нæу æмæ нын нæхи дæр мачи æфхæрæд. Ацы зæххытыл нæ фыдæлтæ цардысты æмæ сыл нæхæдæг дæр фæцæрдзыстæм. Хъазахъхъ дæр, дам, кæм цардысты, уым æрбынат кæнæнт.

— Æмæ уыцы ног зондамонджытæ чи сты, цы хорздзинад нын фæуыдзысты? — фæндыд базонын Хасаны.

— Уыдон сыгъдæг пысылмон диныл хæст чи у, ахæм адæм сты. Имам Куынтæ-хадзы Чабæйæ цалдæр азы размæ æрбаздæхт æмæ, дам, æм хуыцауы стыр курдиат лæвæрд ис. Цæргæ дæр сихы цард кæны, — æмбарын кодта Уази.

— Утæппæт дзыллæ кæм ныццагътой, уым ма кæй бауырндзæн йе стыр курдиат дæр. Сæнæууæнк сты иууылдæр, — Хасаны хъæлæсы фехъуыст гуырысходзинад.

— Алкæй дæр уырны, уæгъдибар царды бар сæ кæй ис, фæлæ сын æй тыххæй кæй исынц, уый. Сæхицæн фидарæй загътой — уырысимæ нæ фæцæрдзысты. Иунæг фæндаг ма ныууагътой сæхицæн — Турк... Æмæ йæ дæхæдæг федтай.

«Турк... нæ, хуыцау бахизæд уырдæм, фæлтау мæлæт... — ахъуыды кодта Хасан. — Фæлæ паддзахы æфсæдтæ дæр... Афтæ тыхмитæ куы кæной, уæд уыдæттæн дæр тынг зын фæразæн у». Стæй хъæрæй загъта:

— Уæ хуыцау! Кæцырдæм ма цы чындæуа?

Уази чысыл фæстæдæр йæ фæнд схъæр кодта:

— Чысыл банхъæлмæ кæсын хъæуы. Мæн уырны... Ссудздзæн та Кавказы хъазуат тохы арт...

Хасанмæ хорз нæ касти: мæт кодта, Уазийæн, цал боны сæм фæци, уыцы рæстæджы дæргъы йæ цыды сæр нæма радзырдта. Æмæ иу изæр сфæнд кодта.

— Махмæ æндæр зондыл хæст сты. Фæлидзынц та Туркмæ. Æз сын ракодтон, цы федтон, уыцы хабæрттæ æмæ мæ æрра схуыдтой... суанг мæ фыды æфсымæры бинонтæ дæр... Куыд æнхъæл дæн, афтæмæй мæ тæргæ ракодтой... Хæдзар дæр уæйгонд æрцыд. Бæх ма мæм дзы æрхаудта... Ныр мæ фæлæууæн бынат агурын хъæуы...

— Ехх, Хасан, æмæ де ’фсымæр Уазийы хæдзар дæ хæдзар нæу! Мæ зонд рагæй куы зоныс — ацы дунейыл мын дæу йеддæмæ ничиуал ис. Мæнæ дын хæдзар, кæд ыл æрвæссыс, уæд æмæ дзы цæр. Æз дæр зæгъдзынæн — хуыцау мын фæтæригъæд кодта æмæ ма мыл мæ иунæг æфсымæр сæмбæлди, — Уази йæ рахиз къух Хасаны уæхскыл æрæвæрдта.

— Бузныг, Уази...

Уæды онг Хасанæн егъау дурау йæ зæрдæйыл цы уæз æрæнцади, уый ахауди, риуы цы ихы къæртт сæвзæрд, уый æртади. Цы уыдзæн дарддæр, куыд цæрдзæн, уыдæттыл нал уыди йæ хъуыды, фæлæ йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ хæдзары хицауæн æххуыс кæнын райдыдта. Уази схъæлдзæг, йе ’фсымæр куы фæмард, уæдæй фæстæмæ йæ Рæузæт ахæм хуызæнæй никуал федта æмæ йын æхсызгон уыди, уæлдай уый тыххæй бауарзта Хасаны, æмæ куыд йæ фадат амыдта, уыйас ын йæ зæрдæ æлхæныныл нæ ауæрста.

Бинонтæй алчидæр йæхимæ гæсгæ æрбахæстæг кодта йæ зæрдæмæ Хасаны. Фæлæ уæддæр Сабтукамæ куыд каст, афтæмæй уымæй хæстæгдæр никæмæ уыд. Цæмæн, уый лæппу йæхæдæг дæр нæ зыдта. Æвæццæгæн, уымæн æмæ ахæм кармæ бацыд, лæппуйы хистæр æмбал куы фæхъæуы, кæмæ хъуса, кæй фæзма. Фыд ахæм нæ уыд — иуæй заман тыхст уыди, адæм æмризæджы ризгæйæ цардысты, кæд цы æрцæудзæн, уый ничи зыдта æмæ алчи йæ хъуырмæ уыд, иннæмæй та йæ фыды æфсымæр мард куы фæци, уæдæй фæстæмæ Уази йæхимæ хъусыныл фæци æмæ йæ фырты мæт нал уыди.

Ныр Сабтука Хасаныл тынг фæцахуыр. Æрмæст дзы уый нæ тыхсти: лæппу йæ фыды хуызæн басгуыхти хиуылхæцгæ, кæд цы кæнын æмбæлы, уый зыдта, æнæхъуаджы рауай-бауай æмæ ныхас æм нæ цыди.

Уазийæн кусинæгтæ бирæ уыдис — иууылдæр Сабтукайы æккой баззадысты æмæ йын-иу кæд мад феххуыс ис, уæддæр сыл не ’ххæссыди. Хуымтæ дæр уыйас зылд не ’ййæфтой. Уазийы куыстмæ стæм хатт æвдæлди балцæй. Ныр хъуыддæгтæ йæхимæ райста Хасан æмæ сæ æнцад-æнцойæ Сабтукаимæ арæзта. Уал азы æнæхъуаджы тухитæ фæкæнгæйæ, къухтæ сæхæдæг агуырдтой зæрдæфæндон ми æмæ йæ ныр ссардтой.

Хасан Алыстанджы куы æрцарди, уæд базыдта, цæцæнæй чидæртæ Туркæй фæстæмæ кæй æрбалыгъдысты, уый æмæ сæ хæстæджыты руаджы ногæй æрбынатон сты. Кусын райдыдтой. Мад æмæ хо йæ хъуыдытæй нал хицæн кодтой, уыдис æм ахæм фæнд: Уазийы фæрцы æхца йæ къухы бафтдзæни æмæ ма цæцæнæй Туркмæ чи лидза, уыдонимæ сæ арвитдзæн æмæ бинонтæ æрбаздæхдзысты. Йæ бæллицы тыххæй Уазийæн ницыма загъта: рагацау æй цæмæн тыхсын кæна, алцæмæн дæр афон вæййы.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ хæдзар, æдде бакæсгæйæ дæр, фендæрхуызон. Æмæ йæ Уази æнæ бафиппайгæ кæм фæци!

Уый фыццагæй ноджы къаддæр уыди сæхимæ. Арæх дзырдта Хасанæн Куынтæ-хадзыйы хабæрттæ. Лæппу зыдта — цæцæн æууæндынц хадзыйыл, цæттæ сты, цы зæгъа, уый бакæнынмæ.

Фæлæ иу изæр Уази æрбацыди æнкъардæй. Никæмæ ницы сдзырдта, никæй ницæмæй бафарста, фæлæ цыдæр кæй æрцыди, Хасан ууыл фæгуырысхо.

Уази æхсæвæрмæ æрмæст æфсонæн æвнæлдта, стæй кæстæртæ куы схуыссыдысты, уæд Хасанæн тæфæрфæсгæнæгау загъта:

— Знон уырысы хицауы дзырдмæ гæсгæ æрцахстой Куынтæ-хадзыйы йе ’фсымæр æмæ йæ иузæрдион æмбæлттимæ.

Хасанæн уыцы хабар æрвнæрæгау фæци: фæстаг заман хæдзары куыстыты аныгъуылди æмæ ма искуы ахæм хъуыддаг æрцæудзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыди, хъуыды дæр сыл нал кодта. Æмæ та ныр мæнæ йæ размæ фæци. Афтæ дзы фæуыргъуыйау æмæ Уазийы ныхасмæ сдзурын дæр ницы бафæрæзта. Йæ сæры фæзындис æрмæстдæр иунæг хъуыды — хорз нæ кæнынц паддзахы минæвæрттæ, бынтон дзæгъæлы æфхæрынц фæллойгæнæг цæцæны. Уази йын, цыма йæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау загъта:

— Уырыс нæ цæрын нæ ныууадздзысты. Æнауæрдон тох кæнын хъæуы, æгадæй амæлыны бæсты фæлтау тохы арты басудзæм.

Ахæм хъуыдыйыл æрмæст Уази хæст нæ уыди, афтæ хъуыды кодтой æцæг лæгтæ се ’ппæт дæр. Æмæ хъæуæй хъæумæ, комæй коммæ сидт айхъуысти:

— Æгады царды бæсты — мæлæт! Газават!..

— Тохы бон æрцыди, ме ’фсымæр æмæ мах дæр хъуамæ нæ адæмы фарсмæ æрлæууæм! — Уази загъта Хасæнæн.

«Ау, цы хъыгдары паддзахы салдæтты, адæмы хорздзинад кæй фæнды, уыцы хадзы? Кæрæдзийæн сæ æвзæрдзинад кæнын нæ уадзы; ма, дам, давут æмæ марут... — бирæ фæхъуырдухæн кодта йæхи мидæг Хасан. — Фæлæ уырысæй дæр фыдлæгтæ ис æмæ нæ кæрæдзиуыл ардауынц. Ахæмты ныхмæ хæцын хъæуы. Уадз æмæ сæ сæр сисыны бон ма бауа æмæ къаддæр фыдбылызтæ æрцæуа».

Хасаны уырныдта: алы адæмыхаттæй дæр ис ахæмтæ, æмæ йæ зæрдæ иннæтæн хорздзинад кæмæн нæ зæгъы, загъд чи къахы, кæрæдзиуыл чи ардауы. Фæлæ цæмæн, уый нæ зыдта. Ау, арвы бын зæхх бирæ куы ис, алкæй фаг дæр куы у, уæд цæуыл кæрæдзийы хæрынц? Хъуамæ фыдбылызхæсджытæ къаддæр уой æмæ гъе уый тыххæй тохы бацæуын тæригъæд нæу. Стæй Уазийы фарс не ’рлæууын хорз нæ касти Хасанмæ.

***

Цæцæн гæрзифтонгæй алы рæттæй цыдысты Салийы хъæумæ. Уым хъæбатыртæ Мæцыкк æмæ Вара æрлæууыдысты сæ сæргъы.

Рæузæт, йæ цæссыгтæ æмбæхсгæйæ, балцмæ бацæттæ кодта йæ лæг æмæ Хасаны. Уыдон базылдысты сæ бæхтæм, сæ хæцæнгæрзтæм æмæ сæумæрайсом араст сты. Цалынмæ бахæццæ сты, уæдмæ Салийы æрæмбырд и мин хæстонæй фылдæр, фæлæ ма адæм цыдысты æмæ цыдысты. Кæд хъæуы цæрджытæ хæстæй бафæлладысты, уæддæр Куынтæ-хадзыйы æрцахсты фæстæ сæ маст ногæй рафыхти æмæ æрцæуæг хæстонтæн зæрдæхæлар фысымтæ уыдысты.

Мæцыкк æмæ Вара хъæутæм гæсгæ дзыллæйы къордтыл дихтæ кодтой æмæ сæ алкæмæн дæр хистæр æрæрдтой. Сæ уынаффæ уыди афтæ: адæм иууылдæр куы æрæмбырд уой, уæд къордтæ цалдæргæйттæй сæхи айсдзысты, уырыс цы хъæуты сты, уыдоныл æмæ сæ уырдыгæй атæрдзысты. Цæмæй сыл æвиппайды сæмбæлдæй мацы æрцæуа, уый тыххæй фæсте хъахъхъæндзысты иннæтæ, æххуыс сæ кæй бахъæуа, уый уæлхъус уайтагъд куыд балæууой, афтæ. Цæцæны хъæутæ куы асыгъдæг уой, уæд дзы æрфидар уыдзысты æмæ сæ минæвæртты арвитдзысты Дагъистанмæ, стæй иннæтæм дæр, сыстдзысты се ’ппæт дæр иумæ, ныццæвдзысты знаджы уыциу æмцæфæй.

Нæдæр Мæцыкк, нæдæр Вара зыдтой, ахæм стыр тох куыд саразын хъæуы, уый, гъе уымæ гæсгæ афтæ уæлæнгай рауадысты сæ фæндтæ, афтæ æнхъæлдтой, æмæ æрмæст хуыцауы фæндонæй знаг фæнык фестдзæни.

Уырысы æфсæдты хицæуттæн зын бамбарæн нæ уыдысты цæцæны пълантæ. Иу-дыууæфондзыссæдз салдаты æрбарвыстой Салийы ’рдæм æмæ иу-фондз версты æддæдæр æрхы æрæнцадысты. Мæцыкк æмæ Вара фенхъæлдтой: уырыс æндæр не сты æмæ цин кодтой, сæ хъус ницæмæуал бадардтой. Уырыс та æхсæвы æрбаппæрстой уымæй иу-цыппар хатты фылдæр æфсæдтæ æмæ бирæ сармадзантæ. Уыдон æд хотыхтæ æрхы къудзиты бамбæхстысты, мыййаг, хæххонты къухы æрбакæсын куы бафта, уымæй тæрсгæйæ.

Фæлæ Мæцыкк æмæ Варайæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди уырысы хин. Мин æмæ æрдæг барæджы гæрзифтонгæй афсæрстой Салимæ уырысы æфсæдтæм. Уырыс аууонæй ракалдысты æмæ æрхы былтæ æрцахстой, æрфидар кодтой сармадзантæ.

Цæцæн хæстæгæй-хæстæгдæр цыдысты, фæлæ уырысы ’рдыгæй ницы уынæр хъуысти, цыма уым дæр нал уыдысты, афтæ зынди. Æмæ хæцæг адæм дис байдыдтой, цы хабар уа, зæгъгæ. Раздæр ма кæд чысыл гуырысхо кодтой, уæд куыдфæстæмæ фестырзæрдæ сты, хуыцау нын æххуыс кæны, зæгъгæ. Чи йæ сыхагимæ ныхас байдыдта, чи хъуыдытыл фæци. Стæй æрхмæ куы бахæстæг сты, уæд сыл сæмбæлди, æппындæр æнхъæл кæмæн нæ уыдысты, ахæм бæллæх: бæстæ ныггыбар-гыбур кодта, хъæр æмæ фæдисæй байдзаг.

Ноджыдæр та райхъуысти уыцы æрвнæрд. Лæгæй, бæхæй иууылдæр сæмхæццæ сты, чи иуварсырдæм йæхи аппæрста, чи фæстæмæ лыгъд, кæрæдзийы цавтой, афтæмæй.

Æрхæй сармадзанты æмæ топпыты цæхæр калди æнæкæрон скъуыдæй. Куыдфæстæмæ хабар æмбарын байдыдтой æмæ алчи йæхи бааууон кæныныл архайдта. Хъæугæрæтты цы лæнчытæ уыд, уым сæ фыццаг хæдзæрттæ бахъахъхъæдтой уырысы нæмгуытæй, уырыс уæддæр се ’хст нæ уагътой. Куы æрсабыр сты, фæздæг æмæ рыг быдырæй куы сыстадысты, уæд цæцæйнæгтæ федтой: се ’мбæлттæй дыууæфондзыссæдзы бæрц зынгъхуыст фесты.

Уази æмæ Хасаны къорд уыдис фæстæгтимæ æмæ сыл ницы зиан æрцыди: иннæтæй раздæр сæхи уыдон бааууон кодтой.

***

Æнамонд хабары фæстæ цæцæн тынг æрæнкъард сты, сæ иуы дзыхæй дæр сæ дзырд нал хаудта. Æрмæст йæ зонгæты чи нал ардта, уыдон-иу, гæнæн сын куы фæци, уæд фæрсæг зылдысты, кæд сæ исчи, мыййаг, федта, зæгъгæ.

Мæцыкк æмæ Вара цалдæр æмбалимæ тæрхæттæ кодтой, цы бачындæуа, ууыл. Алчидæр æй зыдта — уыцы хæсты фæстæ куы ныххæлиу уой, уæддæр сæ уырысы æфсæдтæ æнцад нæ ныууадздзысты. Фæлтау хъуыддаг кæронмæ ахæццæ хъæуы. Æмæ уынаффæ рахастой: боныцъæхты размæ дыууæ къорды фистæгæй дыууæ кæронæй бацæудзысты уырысмæ æмæ сæ кæрдтæй скæрддзысты, уыдон ныр ныббырсын æнхъæл нал уыдзысты, уæлдайдæр уыцы афон.

Сарæзтой дыууæ къорды, алкæй дæр сæ æхсæзыссæдз-авдыссæдз барæджы. Раздæр хъавыдысты фистæгæй бырсынмæ, фæлæ сæм уый раст нæ фæкаст: æнæбæхæй уыйас цырд змæлæн нæй æмæ талынджы иу ран лæугæйæ баззайдзысты, кæд бахъуызынæн хуыздæр у, уæддæр. Бæхтыл та æвиппайды бабырсдзысты, стæй куы схæцой, уæд бахъæугæйæ бынат тагъд аивæн ис.

Уази æмæ Хасан бахаудтой, рахизфарсырдыгæй цы къорд бырстаид, уырдæм. Хасан нæдæр цин бакодта, нæдæр æм, тасдзинад фæзынди. «Цы уæлдай ма мын у, цытæ бавзæрстон, уыдонæй фыддæр ницуал фендзынæн», — скарста йæхинымæр, йæ хабар куы базыдта, уæд...

Уыцы æнамонд бон дæр ахицæн. Хæхтæй æрбадымдта уазал рог дымгæ æмæ уæнгты хъардта: ныллæууыд фæззæг æмæ йæ миниуджытæ æвдыста.

Хæстонтæй алчи йæ бынаты йæхи æрнорста, æхсæвы ныббырстмæ нысангонд чи æрцыди, уыдон дæр сæхи æруагътой — бирæтæ дзы ахуыр уыдысты хæстон цардыл æмæ уайтагъд æрфынæй сты.

Хасан йæхи æруагъта хосы цъуппыл. Уымæй цыд æхсызгон тæф, фындзыхуынчъытæ хъыдзы кодта. Хасан иу хал йæ дзыхы бавæрдта æмæ йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ раппар-баппарыл схæцыд, касти сау арвмæ. Фæлæ йæ хъуыдытæ цух не суагътой. «Цытæ цæуы?.. Ау, цард æдзухдæр афтæ вæййы — адæм æдзухдæр афтæ фæхæрынц кæрæдзийы? Цæуылнæ ис æнцой, кæрæдзийы цæуылнæ уарзæм, кæд цыфæнды æвзæгтæй дзурæм, цыфæнды диныл хæст стæм, уæддæр? Æвзаг æмæ дин бархи хъуыддаг сты — цы хъауджыдæр ис дзырдтæй æмæ хъуыдытæй? Сæйраг хъуыддаг адæймаг у, афтæмæй йын бынат никуы ис. Уæдæ кæм ис мæ бынат? Цæмæн рахау-бахау кæнын дунейы къуымты, цы агурын ам? Хъуамæ ацæуон æмæ искæй зæрдæйы кард ныссадзон. Уырыссаджы зæрдæйы... Æмæ мын цы кодта? Ме ’мбæстаджы кæнæ мын ме ’фсымæры амардта? Амардта. Хæцы мæ ныхмæ. Æмæ йын кæд æндæр гæнæн нæй — мæн нæ уырны, исчи барвæндонæй артмæ бахиздзæн, уый. — Уыцы рæстæг æм мидæгæй цавæрдæр хъæлæс радзырдта: «Æмæ дын æрæджы та дæхицæн цы бакуыстой?» Цы йыл æрцыд, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд. Ахæмтæ алкæмæ дæр ис, цард, æвæццæгæн, уыдонмæ гæсгæ аразын нæ хъæуы. Хасан йæ сæр батылдта, цыма уыцы сагъæстæ асурынмæ хъавыд, уыйау: нæ йæ фæндыди, йæ бон цы нæ уыди, ууыл хъуыды кæнын, фæлæ хъуыдытæ бауромын нал куымдтой. — Цы рауайдзæн мæ цардæй? Æви ахсæв фæуыдзæн, ахуысдзæн, мæнæ фæздæгкалгæ æхсидавы фæстаг зынг куыд ахуыссы, афтæ? Чи мæ базондзæн, чи мыл скæудзæн? Æвæццæгæн, æрмæст Уази, йæ бинонтæ. Нæхионтæ, мæ мардыл сыджыт калд кæм ис, уый дæр нæ базондзысты, мæрдтыл æмбæлгæ дæр не скæндзæн. Мæ цард куыд дзæгъæл уыд, мæ къодах дæр афтæ дзæгъæлæй баззайдзæн... Асиатыл ма уæддæр куы сæмбæлдаин — уæд та мæм мæрдты бæсты куы æркæсид исты амонд...»

Асиаты сурæт æхсæвы тары кæцæйдæр фæзынди æмæ Хасаны раз æрлæууыди. Лæппумæ касти, цыма уый исты архайдта æмæ йæ хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæ йæ зæрдæ æхсайдта, уыйау. Чызг уыди æнкъард, уайдзæфхуыз, цыма Хасанмæ азым хæссы. Цæй тыххæй? Фæлæ ууыл нæ ахъуыды кодта, тарсти, Асиаты фæлгонц куы æрбайсæфа, уымæй. Æмæ йæхæдæг куы æрбайсæфт, уæд йе ’ндæрг не ’рбайсæфдзæн?

Асиат æцæгдæр уайтагъд æрбайсæфт. Бирæ ма йæм фенхъæлмæ каст, фæлæ нал фæзынди æмæ уæд йæ бынаты рабадт. Цалдæр къахдзæфы фалдæр лæууыд йæ бæх, уымæн дæр æрмæст йе ’ндæрг уыди. Разындысты йæм йе ’мбæлттæ, фæлæ уыдон дæр æндæрджытæ уыдысты. «Кæд мах дæр иууылдæр æндæрджытæ стæм, кæд царды æндæрджытæ йеддæмæ ницы ис?.. Ау, æмæ уæд афтæ мыггагмæ сайдæй цæрæм, цæрдуд æнхъæлæй æрмæст æндæрг йеддæмæ чи ницы у, уый цард цæмæн хоны йæ хъизæмары хъеллау?.. Æвæццæгæн ацы мæнг дунейы кæронмæ ницы ис бамбарæн, нæ хъысмæт, нæ ныв ахæм у...»

Хасан ныры йас никуы бамбæрста, бынтондæр куыд ныдздзæгъæлтæ ис, уый.

***

Тохы бон та æрлæууыд. Сыхаг йæ сыхаджы хъал кодта, рагацау куыд ныхасгонд уыдысты, афтæ, кæмæн кæм æмбæлы, уырдæм цыди. Дыууæ къорды куы сцæттæ сты, уæд Мæцыкк Варайæн загъта:

— Цæй, ме ’фсымæр, нæ хæстамонд нæ уæд! Фидар-иу лæуут!

— Дæ зæрдæ мыл дар! Хуыцауы руаджы!..

Æмæ фæйнæрдæм атахтысты, алчи йæ къордмæ, уымæн æмæ адæмы сæргъы уыдон хъуамæ æрлæууыдаиккой. Иу афон дыууæ къорды фезмæлыдысты. Хасан цыди Уазийы фарсмæ æмæ æмбæрста, кæй йæм бакæсы, уый — йæ кæстæрмæ йæ зæрдæ æхсайдта: «Æнæуи дæр æм фыдбылыз æмхиц у. Цæмæн æй рахуыдтон ацы цæхæрмæ, исты йыл куы æрцæуа, уæд мæрдты дыккаг хатт мæлдзынæн...»

Хæст райдыдта æвиппайды. Барджытæ куыддæр уырысы æфсæдты ’рдæм фæзылдысты, афтæ райхъуыст сармадзаны гыбар-гыбур, хъæрахст, æмæ барджытæ размæ фæцагайдтой. Бæхтæ кæрæдзимæ гæсгæ гæрæхтæй æррайау сысты æмæ сæ барджыты зынджы уарынмæ скъæфтой.

Куыдфæстæмæ уынæр тынгæй-тынгдæр хъуысти, раззæгтæ уырысмæ бахæццæ сты æмæ дыууæтæ дæр хъæр кæныныл нæ ауæрстой. Бæстæ фыццагæй тынгдæр ныттар ис æмæ та Хасанмæ иухуызон æндæрджытæ йеддæмæ ницуал зынди. Йæ бæх æй кардæлвæстæй алырдæмты рахæсс-бахæсс кодта, фæлæ цы хъуамæ архайдтаид, уый нæ зыдта.

Хасан æндæрджытæй æрмæст иуы иртæста — Уазийы. Архайдта кардæй, кæйдæр цавта, чидæр ма удисæджы цъæхахст нылласта æмæ йæ хъæрæй Хасаны хъустæ ахгæдтой...

Бонвæрнон сæрттывта, фæлæ бæстæ уæддæр нæма æрæнцад. Хасаны кардæлвæст къух дæр базмæлыди æмæ йæм Уази фæдзырдта:

— Афтæ, гъе, ме ’фсымæр, дзæбæх æй æрдаудтай!

Хасан банкъардта, чидæр ын йæ бæхы рохтæ кæй рацахста, уый. Уый федта, йе ’мбæлттимæ тæргæбæхæй фæфæстæмæ кодтой, æмæ хъæуы ’рдæм фæзылдысты. Йæ сæрты нæмгуытæ куыд цъыввыттытæ ластой, уый йæм хъуысти. Стæй йын æвиппайды цыдæр йæ рахиз уæн фæстæрдыгæй асыгъта.

Уази йе ’мбалмæ æдзухдæр йæ хъус дардта æмæ бафиппайдта: Хасан фесхъиудта æмæ рахизырдæм хауын райдыдта. Лæг йе ’нцой бацыд æмæ бæхтыл æрлæууыд. Уайтагъд хъæуы иувæрсты бафардæг сты. Уæлдæр куы схæццæ сты, уæд сæ Уази кæройнаг хæдзæрттæй иуы раз фæурæдта æмæ сæм бадзырдта. Рауади дыууæ сылгоймаджы. Уыдоны æххуысæй цæфы саргъæй райста æмæ йæ зæххыл æрæвæрдтой.

Сылгоймæгтæй иу хъуывгъаны дон æмæ сыгъдæг хæцъил радавта. Хасаны цухъхъайы дыс раластой, стæй куырæт сфæлдæхтой æмæ цæф разынд. Куыд рабæрæг, афтæмæй нæмыг бацыди бæхбæттæны бынты æмæ разæй ахызти. Цалынмæ сылгоймæгтæ лæппуйы цæфтæ æхсадтой, уæдмæ Уази цалдæр гилдзы нæмгуытæ раппæрста æмæ цæфтæ топхосимæ бабастой. Хасан йæ хус былтæ асдæрдта, стæй дон бацагуырдта. Куы анызта, уæд ын фенцондæр æмæ йæ уæлхъус чи уыд, уыдонмæ скаст.

— Куыд дæ, ме ’фсымæр? — тарст хъæлæсæй йæ афарста Уази.

— Ницы та мын у, — æмæ рабадын афæлвæрдта.

Уази йæм февнæлдта æмæ уæд рабадти.

Æрбацыди ма цалдæр сылгоймаджы дæр æмæ сæ иу загъта:

— Хæст стынг ис, дыууæрдыгæй дæр нæмгуытæ цæхæркалæгау калынц.

— Махонтæн сæ ахаст хорз нал у, лидзын сæ бахъæудзæн... Сымах дæр искуы æрæмбæхсут.

Хасан бамбæрста, Уази йæм куыд тæригъæддаг цæстæй бакаст, уый æмæ загъта:

— Æз цæттæ дæн, мæн тыххæй ма тыхс.

Хистæрæн йæ цæсгом, фæрухсдæр. Лæппу ууыл æнцойгæнгæ сыстад. Йæ фарс тынг рысти, уæлдайдæр та йæ уæхск. Фæлæ йæ дæндæгтæ нылхъывта æмæ йæ дугъонмæ бацыд.

Се ’фсургътыл куы сбадтысты, æмæ устытæн арфæ куы ракодтой, уæд комы ’рдæм сæхи айстой. Куы ничиуал сæ уыдта, уæд Уази йæ бæх хæстæг батардта Хасаны бæхмæ æмæ йæ уæхск æнцойæн бадардта... Лæппу йæм бакаст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.