Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 2 страница



Уалдзæг фæуынмæ хъавыд. Æртæхдзаст бæстæ хуримæ хъазыд. Йæ тынтæ-иу куы ралидз-балидзыл схæцыдысты æмæ-иу уæд алфæбылай ферттив-ферттив байдыдта, куы та-иу æрсабыр сты æмæ сæ-иу уæд бæлæстæ, кæрдæг сæ хъуыртыл æртыхтой, æрытыдтой се уæхсчытыл, цыма-иу «æз рæсугъддæр дæн»-æй кæрæдзийы мæстæй мардтой. Рæсугъд та сæ дыууæтæ дæр уыдысты — уалдзыгон ма дуртæ дæр сæ хуыз куы скалынц æмæ сæ цъæх фæрстæ сæхи рацахорæгау кæнынц.

Хасан арф кæрдæджы йæхи уæлгоммæ ауагъта æмæ арвыл фæлгæсы. Афтæ йæм кæсы, цыма дардæй зынынц йæ райгуырæн хъæуы бæлæстæ, сæ бынмæ сырхдурсæр хæдзæрттæ æмæ йæ зæрдæ риуы багуыпп-гуыпп кæны. «Ехх, иу хатт ма сæ уæддæр фен æмæ уый фæстæ амæл», — ныккæрзыдта Хасан æмæ кæрдæгыл ныддæлгом. Фæндыдис æй кæуын, фæлæ-иу исты уынæр йæ хъустыл ауад æмæ та-иу сонтæй, фæлæ хъавгæ йæ алфамбылаймæ акасти. «Сырды хуызæн сдæн, — æрхудти йæхиуыл æмæ йын уый стыр масты хос фæци.

«Хуыснæгау алы сыбырттæй дæр тæрсын райдыдтон... Гъе-уæууæй, гъе, сахъгуырд!» — йæхимæ æрбамæсты Хасан.

Кæд-иу йæ катайаг хъуыдытæ æндæрырдæм дæр здæхтысты, уæддæр йæ сæйраг мæт уыди, йæ фæндаг дарддæр куыд рауайдзæн, ууыл. Тугъанты Исламы, стæй ма йæ ныфс кæмæй уыд, уыдоны бæстон фæфарста ацæуæнтæй, фæлæ уæддæр адæймаг йæхæдæг цы нæ басгара, ууыл зын æууæндæн у. Мæнгæй нæ акæнынц: «Дæс хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у».

Хасан-иу арæх йæ къабæзтæ асгæрста: куыд вæййы, цы вæййы, мыййаг ын цæлхдур куы фæуа, уæд æм фаг хъару разындзæн æви нæ, уый базоныны тыххæй. Ахæм фæнд æм уыд: фæстæмæ нал раздæхдзынæн. Цасфæнды хъыгдарджытæ йæ куы фæуа, уæддæр. Мæлын та йæ чи нæ бауадздзæн.

«Зæронды бæллиц сæххæст кæндзынæн æмæ-иу Мæцыхъо дæр фæндараст фæуæд, кæд мæ коммæ нæ бакæса, уæд. Стæй мæ мады æрвадæлтимæ дзыцца æмæ Дзерассæйæн ацы аз исты амал чындæуыдзæн. Æппын куы ницуал мадзал уа, уæддæр сæм сусæгæй фæцæудзынæн æмæ сæ ракæндзынæн, ныр мын фæндæгтæ зындгонд сты», — ахæм фæндтæ уыдис Хасанмæ.

Кæд бон Хасанмæ гæсгæ ныддаргъ, уæддæр æй иу заман бафиппайдта — хуры цæхæртæкалгæ был рагъы цъæхыл æрæнцади æмæ йæ ссудзыныл архайдта. Фæлæ йын нæ бакуымдта æмæ уæд цалх йæхæдæг æртади, сызгъæрин донæй акалди фæсрагъмæ.

Талынг бæстыл сындæггай йæхи æруагъта, стæй уалынмæ тар арв разынди. Мæй зæронд уыд æмæ нæма сзынди.

Хасан йæ бынатæй сыстад. Йе уæнгтæ сæндзыг сты æмæ сæ цалдæр хатты аивæзта. Стæй йæхи фæгуыбыр кодта æмæ къохрæбынты скæсæнырдæм йæхи сарæзта. Раздæр цыди сындæггай, хъавгæ, фæлæ куыдфæстæмæ йæ цыдыл æфтыдта, арæх-иу йæ къах дæр скъуырдта æмæ-иу фæцæйхауд, фæлæ йæ ницæмæ дардта. Йæ зæрдæ йæ риуы къултыл йæхи хоста, улæфт-иу æм фаг нал уыд, фæлæ размæ тындзыныл архайдта.

Уалынмæ къох фæци. Кæд мæйдар уыд, уæддæр Хасан федта гом къæдзæхты фæрстæ æмæ йæ нал зыдта, кæдæм ма дзы цæуын хъæуы, уый. Ууыл дæр нæ уыд йæ сагъæс, фыццагау размæ бырсыныл йæ уд хъардта, фыццагау ын йæ хурхмæ цыдæр лæбурдта, зæрдæйы риуæй ратæхынмæ бирæ нал хъуыди.

Цас фæцыди, уый Хасан нæ базыдтаид, бон цъæхтæ кæнын куы нæ райдыдтаид, уæд. Æрбарухс, æмæ иу лæгæтгонд ссардта. Сгаргæ дæр æй нæ бакодта, афтæмæй уырдæм бабырыд. Иу чысыл фæрсылæй куы ахуыссыд, уæд ыл стонг, фæллад æмæ хуыссæг æртæйæ иумæ æртыхстысты æмæ йе уæнгтæ æрызгъæлдысты. Хуыссæг фæтых ис се ’ппæтыл дæр: бацыд цæстыты уæлтъыфалты, æмæ уыдон суæззау сты. Хасан ма сæ кæд урæдта, уæддæр йæ коммæ нал бакастысты æмæ æрцъынд. Бахъуызыд сæрмæ дæр æмæ йыл бæзджын мигъау æрбадти.

Куы райхъал, уæд æй фыццаг нæ бамбæрста, кæм ис, уый æмæ фæтарсти: «Цы ран сты ацы дуртæ, ацы æнуд хъуынайы тæ фкалгæ ран?!» Стæй йæ балц йæ зæрдыл æрбалæууыд: «Кæм дæн? Турчы зæххæй нæма раирвæзтæн?»

Хасан йæ бынатæй рабырыди æмæ йæ алфамбылаймæ акаст. Æгомыг къæдзæхтæ сæ гом æнцъылдтæ фæрстæ хурмæ дардтой. Иу зайæг халыл дзы цæст никуы æрхæцыди. Уынæр никуыцæй хъуысти. Æмæ кæнæ уыцы сабырдзинадæй, кæнæ æгæр йæ хъуырмæ кæй сси, уый тыххæй Хасанæн ницуал хъауджыдæр уыд, йæ зæрдæйы катай дæр ницæмæуал дардта. Хурмæ биноныгхуызæй æрбадти, йæ æрмæфтауæй йæ хæринæгтæй систа, саходыныл дзы афæлвæрдта, фæлæ йын æууилын нæ бакуымдтой, сæ адæн дæр сын ницы бамбæрста, æмæ сæ уæд фæстæмæ цæвæрдта, ныр мын æххормагæй дæр ницуал у, зæгъгæ.

Сыстади та æмæ комкоммæ араст и, исдуг æй йæ къæхтæ сæхи æгъдауæй хастой. Стæй фæлæууыд. «Кæд Турчы зæххыл нал дæн æмæ та йæм ныр фæстæмæ здæхын? Нæ, афтæ цæуæн нæй, фæндаг базонын хъæуы». Уæддæр йæ фæндаг нал аивта æмæ фæссихор иу коммæ æрхызти. Уым уыди хъæу, æдде бакæсгæйæ — туркаг хъæуы хуызæн.

Хасан фæтарсти æмæ йæхи бааууон кодта. Хабар сбæлвырдмæ æнхъæлмæ кæсын æй бирæ нæ бахъуыд. Дыууæ лæджы йе ’мбæхсæнмæ æввахс ныхасгæнгæ фæцæйцыдысты. Туркагау куы нæ дзырдтой, уæд Хасан сыстад æмæ сæ размæ рацыд. Куы йæ ауыдтой, уæд æрлæууыдысты.

Хасан хæстæгдæр бацыд æмæ йæ мидбылты бахудт. Сæ иу æй цæмæйдæр бафарста, фæлæ йын æнахуыр адæймаг куы ницы дзуапп радта, уæд йе ’мбалмæ бакаст æмæ цыдæртæ дзурын райдыдтой, Хасанмæ къухæй амонгæйæ.

— Æз Туркæй ралыгъдтæн, — Хасан базыдта, нæ йæ æмбарынц, уый æмæ сын иронау райдыдта:

— Туркаг дæ? — туркагау æй бафарста лæг.

Хасан бацин кодта, ныр мæ бон зæгъын фæци, зæгъгæ:

— Æз ирон дæн, Кавказæй, фæлæ сайдæй цыппар азы размæ Туркмæ алыгъдтæн æмæ ныр фæстæмæ лидзын. Хуыцауы номæй уæ курын, æмæ мын æххуыс. Æз уæ мад, уæ фыды уазæг... Сымах туркæгтæ куы нæ стут...

— Мах сомихæгтæ стæм. Цом махимæ, дæ фæллад суадз æмæ дæ дарддæр афæндараст кæндзыстæм, — зæрдæ йын бавæрдта уый.

Фысымтæ разындысты рæдау. Сæ рæбыны цы уыд, уымæй ницæуыл бацауæрстой. Æхсæвы йын хæдзары хицау куыд радзырдта, афтæмæй сæ хъæуы туркæй бирæ фыдмитæ бавзæрста. Суанг йæхиуыл дæр цалдæр хатты æрцыди сæ ехсыты цæфтæ æмæ сæ иннæ æвирхъау митæ. Уырыс цалынмæ сæ бæсты не ’рæнцадысты, уæдмæ сын нæ хор, нæ фос уагътой. Ныр нал уæндынц, уæддæр æртхъирæныл нæ ауæрдынц — джауырты ныхмæ, дам, схæцдзыстæм æмæ уæд додой уæ къона!..

— Хъæбæрдзых сты, фæлæ сæ бон ницуал у. Уырысы æфсæдтæй се уæнджы мигъ бады, — цыма уыдон йæхи къухы сты, афтæ ныфсхаст æмæ сæрыстырæй дзырдта фысым.

Хасанæй иу ныхас дæр не схаудта. Фæлæ йæхинымæр æнцад нæ уыди: «Фервæзтæн... Æрмæст мæхæдæг фервæзтæн. Дзыцца, Дзерассæ... Уæд иннæ адæм та: Умар йæ мæгуыр бинонтимæ — æмæ цас сты, цас уыцы æнамæндтæ... Асиаты ингæн?.. Ау, уыцы не ’нæуынонты зæххыл баззайдзæн?

Æгас фæндагыл фыццаг хатт ахъуыды кодта Асиатыл. Цас рæстæг рацыд чызджы зианыл, уæддæр йæ зæрдæйæ нæма ахицæн ис, мард æй нæ хуыдта — йæ кой дæр-иу афтæмæй райдыдта, цыма æгас у.

Рæдау фысымты хæдзары Хасан бирæ нæ фæхуыссыд. Исдугмæ аджих, стæй афынæй, фæлæ фæстæмæ фехъал — йæ дарддæры балцы мæт æй уыди.

Дыккаг бон ын бинонтæ фæндараст загътой. Хасан сын арфæтæ ракодта. Ус ын тыхтон куы лæвæрдта, фæндагыл-иу исты ахæр, зæгъгæ, уæддæр æй райста. «Ам къæбæр ракурын дæр худинаг нæу... Туркагæй сызгъæрин дæр нæ райсин. Адонæн сæ кæрдзын дæр адджындæр у, адæймагæн дзы йæ хъаруйыл æфты», — дзырдта йæхинымæр Хасан.

***

Хасан Турчы арæнæй цас дарддæр цыди, уыйас зæрдæ йæ риссынæй æнцади. Фæлæ тынгæй-тынгдæр бæллыди йæ райгуырæн хъæу, цъитиджын хæхтæ фенынмæ.

Гуырдзыйы Душетмæ хæстæг Хасаны баурæдтой хъахъхъæнджытæ æмæ дзы гæххæттытæ бацагуырдтой. Ахæмæй йæм куы ницы разынд, уæд æй, чи у, уымæй бафарстой. Туркæй куы раирвæзт, уымæй фæстæмæ бæргæ ницæмæйуал тарсти æмæ йыл чидæриддæр æмбæлди, уыдонæн йæ хабæрттæ кодта. Æфсæддонтæн дæр сæ радзурынмæ хъавыд, фæлæ кæцæй ралыгъд, уый куыддæр базыдтой, афтæ йæ Душетмæ арвыстой уезды хицаумæ.

Хицауады дзырдмæ гæсгæ Гуырдзыйæ Туркмæ фæндæгтыл ауагътой хъахъхъæнджыты, Туркмæ алидзæг кавказæгтæ къордтæй фæстæмæ кæй лыгъдысты, уый тыххæй. Æмбырд сæ кодтой Душеты, уырдыгæй сæ æрвыстой дарддæр.

Хасан йæ аххос нæ зыдта. Афтæ дæр æм касти, цыма йын сæ зæрды баххуыс кæнын ис. Æрмæст, хицау цы агъуысты бадт, уый кæрты базыдта хъуыддæгтæ. Дуарæй куы бахызти, уæд, хæдзары раз цы æнгуз бæлас зад, уый бын баййæфта фондз лæджы. Уыдон уыдысты йæхи хуызæн мæгуыр, фæлладхуыз. Йæ хъахъхъæнджытæ йæ уыцы къордмæ барвыстой.

— Мухаджир? — фездæхтысты йæм уыдон, сæ размæ куы бахæццæ, уæд.

Хасан сын дзуапп радта æмæ сæ фарсмæ йæхи æруагъта. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы дыууæ уыдысты цæцæйнæгтæ, æртæ — кæсгæттæ. Се ’ппæт дæр туркагау зыдтой æмæ Хасанæн сæ хабæрттæ дзырдтой — суанг сæ ралидзынæй Душеты онг.

«Адон мын мæхи хабæрттæ куы кæнынц, æви иууылдæр иухуызон æнамонд стæм?» — цал æмæ цалæм хатт хордта йæхи Хасан.

— Аирвæзтыстæм, зæгъгæ, куы бахъæлдзæг стæм, уæд нæ ам æрцахстой, — дзырдта цæцæйнæгтæй иу, — æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм.

— Ау æмæ цы гæнæг стæм, нæ сæртæ ма кæй баззадысты, уымæй фæаххосджын стæм? — афарста сæ Хасан.

— Уæлдæр хицауадæй, дам, ахæм дзырд ис: Туркмæ чи алыгъди, уыдонæн фæстæмæ сæ цæрæнбæстæм здæхæн нал ис, — рахабар ын кодта цæцæйнаг.

«Ам æз цы нæ æмбарын, ахæм цыдæр ис. Ау, адæймагæн сæрсæфæн бæстæй ралидзæн нæй, хъуамæ дзы йæ уд сиса?! Кæй зæрдæ бакомдзæн ахæм æбуалгъ хъуыддаг бакæнын, æмæ адæмы чи сафы, уыдоны сæ райгуырæн бæстæм мауал уадза? Нæ, афтæ хъуамæ мацы хуызы уа! Уый та куыд?», — мидхъуырдухæн кодта Хасан.

Ныхас-иу ногæй-ногмæ райдыдтой, фæлæ адæймаджы уд цæуыл фæлæууыдаид, ахæмæй ницуал фехъуыста. «Йæ райгуырæн бæстæй чи фæхауа, уый гъе афтæ ницæйаг сыфтæрау дымгæ рахæсс-бахæсс кæндзæн, стæй йæ уый фæстæ искуыдæм бырæттæм баппардзæн æмæ ууыл йæ тухитæ фæуыдзысты», — фæстаг хатт загъта йæхинымæр Хасан æмæ йæ къух ауыгъта.

***

Цалдæр боны фæстæ æхсæз ахст (афтæ хуыдтой сæхи) лæджы дæр аластой Калакмæ. Уым цасдæр фесты, семæ ма баиу ноджы ссæдз лæджы, уыдон дæр — цæцæйнæгтæ, кæсгæттæ, уыдис ма дзы мæхъхъæлæттæ æмæ ногъайæгтæ. Сæ фылдæрæн сæ бинонтæ уыдысты семæ.

Æмæ гъе уыцы къорды бызгъуырты мидæг, сæ фылдæр — бæгъæввад, сæ къæхты туг калгæ, Калачы хицауад этапæй æрвыста Дзæуджыхъæумæ. Семæ цыдысты уырыссаг салдæттæ уæрдæтты. Æмæ тæригъæдгæнгæ кастысты мæгуыр сабитæм, цола сылгоймæгтæм, мадзура пыхцылрихи лæгтæм, æмæ-иу сæ сæртæ тылдтой.

Салдæттæ æмæ лидзæг адæм балымæн сты æмæ сын ныхас бацайдагъ. Сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ уæрдæтты февзæрдысты.

Хасан цыдис иу ацæргæ салдаты фарсмæ. Уый йæ дзыппæй систа чъисса æмæ загъта:

— Иу дзы бадым, æфсымæр.

— Бузныг, нæ дымын.

Уырыссаг бахудт æмæ йæхæдæг иу тамако стыхта. Куы йæ ссыгъта, уæд Хасаны бафарста:

— Дæ ном та цы хуыйны?

Хасан ын æй загъта.

— Мæн та Андрей хонынц.

Ауадысты та иу чысыл æнæдзургæйæ.

— Уæдæ Турк уæ зæрдæмæ нæ фæцыди, зæгъыс?

«Нырма куы ницы загътон, уæд æй цæмæй зоны?» — дис бафтыд Хасаныл, уæддæр ын дзуапп радта:

— Хуыцау ма раттæд ахæм цард. Иууылдæр уыцы цъаммар сты. Сæ дин — гæды.

Андрей йæ къæхты бынæй ныуулæфыд...

— Æз сыл сæмбæлдтытæ кодтон. Сæхи бирæ уарзынц, иннæты та ницæмæ дарынц. Гъе уый дын сæ дин. Хуыцау адæмæй кæд алыхуызон мыггæгтæ сарæзта, уæддæр хъуамæ кæрæдзийы уарзой.

— Æмæ уæдæ уæд кæрæдзийæн фыдмитæ цæмæн кæнынц, кæрæдзийы цæмæн марынц?

Андрей йын уайтагъд ницы дзуапп радта, йæ сæр батылдта æмæ йæ рихиты бын худызмæл бакодта. Хасан ын йæ уыцы миниуæг бафиппайдта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд: лæджы цæстытæ-иу куыддæр лæвæрдтой хъармад æмæ-иу адæймаджы рæвдыдтой.

— Æз афтæ æнхъæл дæн, — райдыдта æрæджиау Андрей, — æмæ уый мулчы аххос у. Мулк хъуынайæ уæлдай нæу, адæймаджы æмбийын кæны, — куы дыл фæхæца, уæд дæ афтæ фæфæлдахдзæн æмæ дæм де ’фсымæры тыхст дæр нал бахъардзæн.

Хасан йе ’мбæлццоны нæ бамбæрста æмæ йæм дисгæнгæ аздæхти.

— Дæумæ гæсгæ уæдæ мулк ницы у?

— У. Куыд нæ у. Адæймаг хъуамæ зæрдæрухсæй бакуса, йæ бакуысты уæд бæркад дæр уыдзæн æмæ цæрæнхосæн дæр фаг. Хи тугæй цы фæллой æрцæуы, уымæй хæрам нæй.

— Уæдæ ма дзы æндæр цавæр фæллой вæййы? — бафарста Хасан.

Андрей йе ’мдзурæгмæ бакаст æмæ йæхинымæр загъта: «Ай, мæгуыр, æцæг куы ницы æмбары, афтæмæй сывæллон дæр нал у, бæстæтыл куы фæхатти».

— Абырæджы хабар никуы фехъуыстай? Иу хатт адавы, дыккаг хатт дæр ын батайы æмæ сахуыр вæййы æвæлмон фосыл. Фæлæ ма ис ахæмтæ дæр, æмæ искæй фæллоймæ фæныхилын уарзы: кæм кусæнгарз авæры, кæм бæх, гал æмæ уыдæттæ æрмæстдæр мыздыл. Куыдфæстæмæ дæ йæхицæн кусын дæр кæндзæн, бауромæн ын нал вæййы. Æмæ уый дæр абырæгæй агæпп ласы.

Андрей нæма фæци йæ ныхас, уæд Хасаны зæрдыл æрбалæууыд: «Тугъантæ дæр афтæ цæрынц — сæ иутæ кусгæ кæнынц, се ’ннæтæ та хурмæ сæхи дарынц. Кæд ай дæр ахæмтæй зæгъы. Фæлæ сæ цæмæй зоны?» Æмæ йæ бафарста:

— Уыдæттæ дын исчи бацамыдта æви сæ дæхи зондæй дзурыс?

Андрей бахудт:

— Ахуыр уыйас мæ къухы нæ бафтыд, фæлæ цыдæртæ фехъуыстон, — стæй йæ алфамбылай афæлгæсыд æмæ йæ ныхас дарддæр кодта: — Æрæджы иу зæронд салдатыл сæмбæлдтæн, кæддæр афицеры ном хаста, фæлæ йе ’мбæлттимæ паддзахы ныхмæ сыстад æмæ йын стæрхон кодтой. Уымæй диссаджы ныхæстæ фехъуыстон...

Хасаны фæндыди лæджы хабæрттæй истытæ базонын.

— Æмæ æрмæст уырысы тыххæй дзырдта?

— Æппæт адæмты тыххæй дæр. Иууылдæр, дам, хъуамæ æфсымæртæ уой, сыгъдæгзæрдæ фæллой, дам, уыдзæни сæ иугæнæг.

— Цымæ Туркимæ дæр кæрæдзийы бамбариккам?..

— Æнæмæнг бамбариккам. Ныртæккæ нæ. Ныр сæхи Портæ хонынц, цыма дунейы сæр сты æмæ хъуамæ бæхтыл бадой, иннæтæ та сын кусæг уой. Уый тыххæй æдзухдæр лæбурдтой Гуырдзымæ, Сомихмæ... Сæ зæрдæмæ цæуы искæй хардзæй минас...

Хасан ын кæд йæ иннæ ныхæстыл æрсагъæс кодта, уæддæр Турчы тыххæй цы загъта, уыимæ не сразы: «Нæ, туркæгтимæ нын нæ туг куы схæццæ кæнай, уæддæр хицæнтæй æркæлдзысты». Хасанæн уыцы хъуыддагыл уыйас нæ уыди йæ сагъæс, æнцой йæ æндæр цыдæртæ нæ уагътой. Æхсæвыгæтты дæр-иу нæ бафынæй. «Ау, мулк адæмæн афтæ фыдбылыз у. Æмæ йæм уæдæ цæмæн тырнынц? Æви дзæгъæлы нæ фæзæгъынц — мæлæтмæ фæндагыл, дам, мыд конд ис. Чи зоны æмæ уæд та уырысмæ афтæ у? Джауыртæ сæ цæмæн хонынц? Æндæр диныл хæст цæмæн сты? Фæлæ ацы салдат цæуыл дзуры, уыдонæн иры æхсæн дæр фенæн куы ис... Мæ зонд кæй æрцахса, уый ахæм хъуыддаг нæу».

Хасан æрбахæстæг йæ райгуырæн бæстæм. Йе уæнгты цыдæр цины æнкъарæнтæ, стæй тасдзинад сиу сты æмæ-иу куыддæр йæ буар æгасæй дæр барызти. Ногæй фендзæн, бирæ цы урссæр хæхтæм фæкаст æмæ кæй уарзта, уыдоны, разындзæн æм сæ хъæу, йæ алыварс цы къохтæ æмæ быдыртæ ис, уыдон. Ууыл уыди йæ цин. Фæлæ уырдæм ахстæй цæмæн фæцæуы, кæмæн цы фæци æвзæрæй? Сæрсæфæн Туркæй æгасæй кæй раирвæзти, уый хъуамæ алкæмæн дæр æхсызгон уа. Адон та йæ топпæргъæвдæй фæкæнынц. Цы уыдзæн? Гъе уый та дзы уагъта тас...

Хасан Сæнайы хох куы федта, уæд йæ цæссыг æрызгъæлд. Йæ асæрф-асæрфыл ма бæргæ архайдта, мачи йæ бафиппайа, зæгъгæ. Фæлæ Андрейæ нæ аирвæзти, æмæ та йæ сæр батылдта, схуыфыди. Стæй йæм хæстæгдæр йæхи байста æмæ йæм комкоммæ бакаст. Фыццаг хатт федта: уыцы урсхæццæ рихи æмæ халассæр адæймаг нырма æрыгон кæй у, уый æмæ йæ афарста:

— Цал азы дыл цæуы, æфсымæр?

Хасан раздæр фæкъуыхцы, цæмæн æй хъæуы, зæгъгæ, фæлæ йын дзуапп радта:

— Æхсæз æмæ ссæдз.

Андрей уыди æнкъард.

— Цард дыл хорз абырыди, афтæмæй нырма лæппу дæ.

— О... Фæлæ цæмæ бæллыдтæн, уый ма фендзынæн.

Андрей ницуал загъта, сагъæсты аныгъуылди æви йæхи барæй афтæ дардта, уымæн раиртасæн нæ уыди. Хасан та дæрддзæфæй касти йæ зонгæ къуыппытæм æмæ рæгътæм, кæддæр чысыл лæппуйæ кæм згъордта, уыдонмæ. Йæ фыдимæ-иу Цымийы Хæблиатæм уæвгæйæ, сывæллæттимæ бирæ фæхатти уыцы рæтты.

Стæй сæм уалынмæ æрхæццæ сты.

***

Дзæуджыхъæуы ахст адæм æрæнцадысты, Ирон окруджы хицау цы хæдзары бадт, уый сарайы. Уым дæр та разынди ахæм мухаджиртæ, семæ — ирæттæ дæр. Цæмæн сæ уромынц, уымæн сæ ничи ницы зыдта, æнхъæлмæ кастысты.

Фæссихор цæцæйнæгты, мæхъхъæлæтты, кæсгæтты æмæ ногъайæгты акодтой. Ирæттæ баззадысты. Хасанæн йæ бон нал уыдис æнхъæлмæ кæсын æмæ алидзыныл ныллæууыди. Сарайæ æддæмæ рацыди, фæлæ дуармæ æдгæрзтæ салдæттæ куы федта, уæд, чъылдымырдыгæй цы сис уыд, уый бабæрæг кодта.

Быру уыди бæрзонд, фæлæ йæ рæбыны — бæлæстæ сагъд. Æхсæвыгон уыдонæй иуыл схиз, уырдыгæй йæм багæпп лас, стæй дæ хъару æмæ дæхæдæг. Фæлæ уыцы фæндтæ куыд нывæзта, афтæ йæм фæсидтысты къæнцылармæ.

Уым баййæфта иу афицеры. Кæд рудзынг гом уыди, уæддæр тамакойы фæздæджы смаг цыди. Сбадын æй кодта æмæ йæ фæрсын райдыдта: кæцон у, йæ мыггаг кæмæй у, йæ бинонтæ кæм сты, кæд алгъди Туркмæ.

— Барвæндæй ацыдтæ Туркмæ?

— О... барвæндæй...

— Æмæ уæд фæстæмæ цæмæн раздæхтæ? — афицерæн йæ цъæх цæстытæй уазал цыди.

Цы дзуапп радтаид Хасан! Цал æмæ цалæн загъта, цæмæн раздæхт, уый æмæ йæ уæддæр ахстæй куы дарынц! Фæлæ æнæ дзургæ дæр нæй — ныртæккæ ацы афицеры къухты ис, ныртæккæ йæхи бон ницы у, уымæн æмæ йын а зæххыл бынат никуы ис.

— Турчы бæстæ мах цæрæн бæстæ нæу... — райдыдта æмбарын кæнын Хасан. — Зæхх дзы нæй, фос — иннæ ахæм. Æмæ æххуырсты цæуын мæ хъару нал уыдис.

— Фæстæмæ уæхимæ здæхæн нал ис, уый нæ зоныс?

— Ау, цæуылнæ? Ам мæ райгуырæн бæстæ куы у... Ам... ам... мæ фыдæлты зæхх, — скатай Хасан æмæ дзырд йæ дзыхы нал бадти...

Кæй хъуыди рыст, æфхæрд адæймаг?! Чи йын уыдта йæ судзгæ зæрдæ, чи банкъардтаид, æнамонд райгуырæн бæстæм куыд тырныдта, уый?!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.