Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 4 страница



Куы æрталынг, уæд Хасан Мæцыхъойæн æмæ йæ бинонтæн «хæрзæхсæв» загъта, йæ бæхыл сбадт æмæ талынджы аныгъуылди. Йæ ацыд æрмæст хъæуыхицау Баслианæн уыди хъыг — æууæнчы гæххæтт ыл радта. Иннæтæй йæ хъуыды дæр ничи æркодта. Мæйы фæстæ та æвддæс хæдзарæй, сæ раздзог Мамсыраты Ахмæт, афтæмæй алыгъдысты Туркмæ цæрæн бæстæ агурæг.

IV

Лорис-Меликов уайтагъд фехъусын кодта Куындыхаты Муссæйы фæндон Калакмæ Кавказы æфсæдты Сæйраг Штабмæ. Йæ писмойы амыдта, зæгъгæ, уыцы хъуыддаг æххæстгонд куы æрцæуа, уæд Уæрæсейы паддзахæн стыр æххуыс фæуыдзæн, Кавказы хъуыддæгтæ, куыд æмбæлы, афтæ сæвæрынæн. Лорис-Меликов ноджы фыста, Куындыхаты Муссæ йæхæдæг паддзахы службæйæ кæй ацæудзæн æмæ хæххон адæмтимæ Туркмæ кæй алидздзæн. Штабæй куыд фыстой, афтæмæй уæлдæр хицауад тынг нæ разы кодта йæ ацæуыныл: Муссæ уыди хъуыстгонд инæлар, Кавказ хорз зыдта, æмæ Туркимæ фидæны заманты схæцгæйæ, стыр зиан фæуыдаид Уæрæсейы паддзахæн. Фæлæ фæстагмæ уæддæр сразы сты, Кавказæй æртæцыппар мин бинонты йемæ акæндзæн, зæгъгæ, зæрдæ куы бавæрдтой, уæд.

Терчы облæсты хицау Кавказы Æфсады Сæйраг Штабы хицауæй райста ахæм тел:

«Великий князь согласен на предложение генерала К. Желаю полного успеха. Чем дальше, тем лучше».

«Уæдæ цас дарддæр уой, уыйас хуыздæр, — ахъуыды кодта Лорис-Меликов. — Куындыхы-фырт дæр уадз æмæ цæуа, кæннод ацы хъæддæгтæй иуыл дæр æууæнк нæй. Æппынфæстаг Туркимæ баныхасгæнæн ис æмæ сæ мах арæнæй искуы дард ран æрцæрын кæной».

Терчы облæсты хицау æнхъæлмæ касти Куындыхаты Муссæмæ. Ныр дæр та сæмбæлдысты тынг уæзданхуызæй. Хабæрттæй кæрæдзийы куы афарстой, уæд Лорис-Меликов загъта:

— Хицауад дæ фæндоныл сразы сты. Мæнмæ гæсгæ дæ бон у хъуыддаг райдайын. Кæд дæ исты æххуыс хъæуы, уæд мын æй зæгъ, æз окруджы хицæуттæм фæсиддзынæн.

— Бузныг, дæ иууылбæрзонддзинад Михаил Тариелович. Æрмæст мæм иунæг фæндон ис — окруджы хицæуттæ ма хъыгдарæнт, адæмы æхсæн чи уыдзæн, уыдоны.

— Уый дын мæ быгъдуан, дæ бæрзонддзинад Муссæ Алхазович, йæ сæрæй йын акуывта Лорис-Меликов. — Ныр ма ноджыдæр иу: æз хъуамæ уæлдæр хицауадæн фехъусын кæнон, дæ зæххытæн, дæ бæстыхæйттæн æмæ хъуыддаг аразынæн феххуысы тыххæй цас æхца агурыс, уый.

— Дæ иууылбæрзонддзинад, ног ран æрæнцайынæн адæймагмæ хъуамæ исты уа. Мæн фæндид, цæмæй мын фондз æмæ дыууиссæдз мин сомы радтой, мæ зæххытæ кæмдæриддæр сты, уыдон, стæй мæ хæдзæрттæн. Дæс мины та адæмы разæнгардгæнджытæн.

Лорис-Меликов æмбæрста, Муссæйæн иууылдæр нымад кæй сты, уый æмæ йæм æндæр дзуапмæ дæр не ’нхъæлмæ касти.

Æхцайы кой куы ахицæн, уæд Муссæ загъта:

— Дæ иууылбæрзонддзинад, мæ зæрдæ ма иу цæмæдæр æхсайы. Цæмæй та фыццаджы хуызæн ма рауайа, уый тыххæй, мæнмæ гæсгæ, рагацау бадзурын хъуыди Турчы хицауадимæ æмæ иннæ аз уалдзæджы кæнæ сæрды чи алидза, уыдон æнæсæрфатæй ма баззайой.

— Ууыл æз дæр хъуыды кодтон æмæ кæд уæлдæр хицауад сразы уа, уæд Муссæ Алхазович, дæхицæн цæугæ æрцæудзæн Константинопольмæ. Турчы хицауады минæвæрттимæ сæмбæлыны тыххæй.

Муссæ йæ сæрæй акуывта:

— Æз кæддæриддæр цæттæ дæн мæ цытджын паддзахы дзырд сæххæст кæнынмæ.

«Уæд дзы Туркмæ нæ лидзис уыцы цытджын паддзахæй», — йæхинымæр ыл худти Лорис-Меликов, фæлæ йæ цæсгом уæлдайхуызон дæр нæ фæцис. Æргомæй та æндæр ныхас кодта:

— Уырны мæ, зынаргъ Муссæ Алхазович — уыцы хъуыддаг дæуæй раздæр кæй никæмæн бахæс кæндзысты. Уый тыххæй нæм æндæр ныхасаг нал ис. Сæйрагдæр уый у, æмæ адæм цæмæй сразæнгард уой. Дæхæдæг дæр, стæй дæм хæстæг чи у, уыдон дæр сын æмбарын кæныныл ма ауæрдæнт, Туркмæ алидзын сын бирæ пайдадæр кæй у, уый. Æз мæхæдæг тагъд рæстæг цæуын Цæцæнмæ æмæ цы амал уа, уымæй бацархайдзынæн дæуæн фæахъаз уæвыныл.

— Бузныг, дæ иууылбæрзонддзинад. Æз мæхиуыл ницæмæй бацауæрддзынæн. Уырны мæ, адæм уалдзæгмæ цæттæ кæй уыдзысты, уый...

***

Уыцы сæмбæлды фæстæ Лорис-Меликов Кавказы Æфсады Сæйраг Штабмæ фыста: Турчы хицауады минæваримæ бадзурыны тыххæй арвитын хъæуы Куындыхаты Муссæйæн йæхи. Уый фæпайда уыдзæн дыууæ хуызы. Иуæй уымæй, æмæ Муссæ йæхæдæг Туркимæ тагъддæр æмæ æнтыстджындæрæй баныхас кæндзæн, комкоммæ йын пайда у. Иннæмæй та, кавказæгтæ тынгдæр баууæнддзысты, алидзын сын хуыздæр кæй у, уымæн æмæ сæ бауырндзæн, Куындыхаты Муссæ дæр дзæгъæлы кæй нæ лидзы. Облæсты хицау комкоммæ фыста: Куындыхы-фырт хицауиуæгдзинад уарзы, ам та йын уыцы гæнæнтæ нал ис. Адæм нæ ныхмæ куы сыстой, уæд уыдоны сæргъы не ’рлæудзæн, зондджын лæг у, æмæ йæ æмбары — уырысы æфсæдты ныхмæ бирæ фаг не суыдзæн. Йæ хуыздæр хос — лидзæг кавказæгты сæргъы æрлæууын æмæ афтæмæй семæ Турчы æрцæрын.

Цалынмæ писмотæ фæндагыл уыдысты, уæдмæ Муссæ сæмбæлди Осмæнты Садуллæйыл, Цугты Аксойыл æмæ иуцалдæр лæгыл æмæ семæ баныхас кодта:

— Хъуамæ мах, адæм цæмæй фервæзой, ууыл бацархайæм. Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ топпыхос кæд æмæ кæм схæцдзæн, уый бæрæг нæй, — дзырдта Муссæ. — Æгъгъæд у тугкалæн хæстæн. Пысылмæттæ стæм æмæ хъуамæ пысылмæттимæ цæрæм. Хъуамæ дзыллæ бамбарой, пайда сын цы у, уый...

Муссæйы æфсымæр Афæхъо дæр Цæцæны æхсæнæй нал цыд. Муссæ хорз æмбæрста — уырысы хицауад тынгдæр цæцæнæй тарстысты æмæ хъуамæ фылдæр адæм уыдонæй алыгъдаид.

Лорис-Меликов куыд куырдта æмæ куыд æнхъæл уыдис, афтæ тагъд Кавказы Æфсады Сæйраг Штабæй æрбарвыстой Куындыхаты Муссæйæн бар Константинопольмæ фæцæуынæн. Терчы облæсты хицауы зæрды уыдис, цæмæй уый иу бон дæр мауал бафæстиат уыдаид. Цæцæн та сабыр нæ уыдысты. Ныр схæцдзысты, уæд схæцдзысты, зæгъгæ, бирæтæ дзырдтой. Фæлтау Туркмæ лидзыныл суæнт, уæд сæ тохмæ нал æвдæлдзæн, суанг ма чи лидза, уыдонмæ гæсгæ чи нæ лидза, уыдоны дæр.

Хабар хъуыстгонд æрцыд Куындыхаты Муссæйæн. Æмæ йæ уый дæр бамбæрста — хицауад тагъд кæны, йæ фæстиат æхсызгон никæмæн уыдзæн. Бирæ рæстæг æй нæ бахъуыдис йæхи срæвдзæн æмæ сæрды ацыдис Константинопольмæ. Раздæр никæмæн ницы схъæр кодта, йæ балцы сæр цæмæн у, уый тыххæй. «Цымæ куыд цæрынц нæ «алидзæг адæм, стæй сæм Турк цы цæстæй кæсынц? Хъуамæ дзы искæйты фенон, стæй мæ хъуыддаг кæнын райдайдзынæн», — афтæ уыди йæ фæнд æмæ Одессæмæ араст и.

Муссæ сбадти францусаг науы. Уый уыди стыр, рæсугъд. Æрцахста дзы фыццаг къласы хæрзарæзт каютæ. Денджыз уыди сабыр, хуры тынтæм йæ цъæх уæлцъар налхъуыт-налмасау æрттывтытæ калдта. Муссæ цалдæр хатты рацыди палубæмæ, фæлæ æгæр сæнтæф æмæ та-иу уæд йæхи фыццаг къласы салонмæ байста. Уыцы ран минас кодтой европæйаг негоцианттæ, комиссионертæ, спекулянттæ. Уыдис дзы туркæгтæ дæр.

Турчы сæйраг сахар Стамбулмæ бахæццæ сты дыккаг бон аходæнтыл. Æрлæууыди Галаты наулæууæны. Муссæ рахызти иннæ пассажиртимæ иумæ. Уырдæм хæстæг баххуырста файтон æмæ бæхтæрæгæн цыбырæй загъта:

— Hotel...

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ файтон разылди стыр уынг Гран рю де Перамæ. Уынджы уыди æртыгай, фæндзгай уæладзыгджын агъуыстытæ æмæ йæ цæстытыл ауади Одессæ.

Муссæ æрæнцади рæсугъд уазæгуаты. Чысыл йæ фæллад куы суагъта, уæд сфæнд кодта сахары уыцы хайыл æрзилын. Баххуырста та файтон æмæ, йæхи фæстæмæ бадæны ауадзгæйæ, фæлгæсыд йæ алывæрстыл. Фæлæ иу чысыл рæстæджы фæстæ йæ фæнд аивта: йæ зæрдыл æрбалæууыд, Одессæйы Абысалты Хъуырманыл куыд сæмбæлд æмæ йын уый йе ’рвады кой куыд кодта, уый: царди Стамбулы Ускюдары. Йæхи аласын кодта Галатæмæ æмæ чысыл аив наугонды ахызти Ускюдармæ.

Абысалты Сæхмæн кæм цæры, уый, амындмæ гæсгæ зыдта, æмæ йæм комкоммæ бацыд. Хæдзар разынд егъау — дыууæуæладзыгджын. Уынг — сабыр уынг, кæд бон йæ тæккæ тынджы бацыд, уæддæр дзы бирæ змæлæг нæ уыди.

Муссæ дуар бахоста æмæ йæм иу лæг ракасти. Уымæн йæ уæлæ уыди хъулон туркаг дзаумæттæ, йæ сæрыл — фескæ-худ, йæ хæдонгонд сырхгомау æмæ даргъ цъæх хæлаф, йæ къæхтыл цыргъ, схъæлфындз дзабыртæ.

Уый æрбацæуæгмæ сдзырдта туркагау:

— Хицау цы агуры? — æмæ йæ сæрæй акуывта.

— Мæн хъæуы Абысалты Сæхмæн.

Лæг ын уайтагъд йæ ныхас айста:

— Сæхмæн-паша йæ фæллад уадзы. Ацафон Истанбулы алчидæр йæ фæллад уадзы.

— Пашайæн зæгъ — æз Уæрæсейæ æрбацыдтæн.

Лæг кувгæ-кувгæ фæфæстæмæ кодта æмæ уадидæгæн фæаууон. Муссæйы бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Фæзынд æндæр, бæрзондгомау нæлгоймаг, ууыл дæр — ахæм дзаумæттæ, фæлæ зынаргъдæр хъуымацæй хуыд.

— Ды агурыс Сæхмæн-пашайы, хезрет-ага? — уый дæр дзырдта туркагау.

— Æз. Дæ хорзæхæй, зæгъ ын, æз Кавказæй дæн.

Лæгæн йæ цæсгомыл цины нысан фæзынд æмæ та афарста:

— Кавказы кæцы адæмæй?

— Æз ирон дæн! — цыбырæй загъта Муссæ, уымæн æмæ ратыхсти хынцфарстæй.

— Дæ хуарзæнхæй, æцæгæй ирон дæ? — æвиппайды йæм фæци лæг дыгуронау, цыма йыл туркагау æууæндгæ нæ бакодта, уыйау.

— Ныронг ирон бæргæ уыдтæн, — æнæбары дзуапп радта Муссæ. Лæг бамбæрста, ахæм уазæджы уынджы дарын аив кæй нæу, уый æмæ фефсæрмы. Йæ мидбылты бахудт æмæ йæ хонын райдыдта:

— Медæмæ рацо, хезрет-ага, бахатир кæнæ. Сæхмæн-пашайæн æхцæуæн уодзæнæй æ бæстагбæл исæмбæлун.

— Æмæ ды та чи дæ? — афарста йæ Муссæ, йæ фæстæ мидæмæ цæугæйæ.

— Æз... — Лæг фæкъуыхцы. — Æз дæр ирон дæн, дигорон. Абисалтæй. Ме ’лдари хæццæ ами цæрун.

Лæг Муссæйы бакодта иу егъау уатмæ. Йæ цар уыди, бæрзонд, йæ рудзгуытæ кæртмæ арæзт, стыр æмæ тынг рухс, рæсугъд фæлгонцгонд. Рудзгуыты бакомкоммæ къулы рæбын — ныллæг тъахтингæндтæ, сæ уæлæ — хъулон-мулон персайнаг гауызтæ, сæ разы — дæргъæццон фынггонд, цавæрдæр зынаргъ дарийæ æмбæрзт, æмбæрзæны кæрæттæ цокорагондæй зæхмæ хæццæ кодтой. Бацæуæнæй рахизырдæм къултыл — гауызтæ, бакомкоммæ — скъапп, цавæрдæр сырх хъæдæй, уым цалдæр сæракцъар чиныджы зындис. Чысыл дарддæр — цавæрдæр чырынгонд.

Муссæ ныллæг тъахтиныл æрбадт. Мидæмæ йæ чи æрбахуыдта, уый йын йæ размæ чысыл æмæхгæд фынггонд æрбадавта. Уым уыди даргъ лулæ æмæ цыллæйы хуызæн тамако. Уайтагъд ын йæ тæф бамбудыдта.

— Табуафси... Хезрет-ага.

— Нæ мæ хъæуы, — къухæй ацамыдта Муссæ «ахæсс æй», зæгъгæ. — Нæ дымын.

Лæг фынггонд айста æмæ йæ къуымы æрæвæрдта, йæхæдæг дуары раз æрлæууыд æмæ уазæгмæ бакаст:

— Æз хъæбæр имисун нæ райгурæн зæнхæ. Æз дæн донифарсаг, сауæнгæ дæр мæ цæститæбæл гъазуй Уазай-хонх, абони дæр ма Масигони сауæдони адæ мæ зæрдæбæл лæууй... Куд-еу хизтон фонс Æвзагауи!..

Муссæмæ фæсдзæуины таурæгътæм хъусыны зонд нæ уыди. Уый дæр æй бамбæрста æмæ йæ ныхас аивта:

— Куд зæгъун æмбæлуй æлдарæн?

— Æз дæн Куындыхаты Муссæ.

Лæг ын йæ сæрæй акуывта æмæ дуарæй сыдзмыдзы ахызти.

Муссæ сыстад æмæ фæрссагæй акаст. Кæрт уыди хæрзæфснайд, цыдæр æнахуыр бæлæстæ йæм аууон дардтой. Сæ астæу уыди фонтан æмæ дзы цалдæр ранæй дон хæрдмæ цавта, йæ алфамбылай — сырхгомау мраморæй æмбондгонд. Йæ фарсмæ — рæсугъд арæзт беседкæ.

«Дыгуры, мæ лымæн, æвæццæгæн, афтæ нæ цардтæ, — ахъуыды кодта Муссæ. — Чи у Сæхмæн? Æз Абысалтæй зонын Алимырзайы, Хъуырманы. Фæлæ Сæхмæн...»

Æнæ уынæр скъаппы фарсмæ дуар байгом, æмæ Муссæ фехъуыста:

— Æгас цу, уазæг!

Муссæ фестъæлфыди æмæ, ныхас кæцæй фæцыд, уыцырдæм фæкаст. Комкоммæ йæм æрбараст ныллæггомау сырхцъар лæг, иу-дыууиссæдзаздзыд.

— Хуыцауæй арфæгонд у, — хистæрæн куыд æмбæлы, афтæ хиуылхæцгæ уæзданæй дзуапп радта Муссæ æмæ фысымы къух райста.

Муссæйæн цы базонын хъуыд — йæ разы хæдзары хицау кæй уыдис, уый æмæ йæм æдзынæг ныккасти: цæсгомæй йæ зоны æви нæ? Нæ, нæ зоны. Йæ разы лæууыд лæгуынсæр, тымбылдзæсгом, схъæлфындз нæлгоймаг. Уымæн дæр йæ уæлæ — æнахуыр дарæстæ. Йæ цъæх-цъæхид цæстытæ ма чысылтæй зындысты.

— Хъуыддæгты фæдыл æрбафтыдтæн ардæм æмæ, зæгъын, æххæст нæ ирон адæмы дæр бабæрæг кæнон. Хуыцау мæ фыццагдæр дæумæ æрбахаста, — фæстæмæ æрбадгæйæ æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Муссæ.

Фысым дæр йæ фарсмæ æрбадт.

— Кæрæдзийы бабæрæг кæнын нын хæс у. Абысалтæ æмæ Куындыхатæ кæддæриддæр æфсымæрты цард кодтой, хистæртæй сын-иу сæ кой арæх хъуыстон. Дæ хъæбатырдзинады хабæрттæ нæм чи нæ зоны!

Муссæйæн æхсызгон уыдысты Сæхмæны ныхæстæ, фæлæ та уæддæр хиуылхæцгæ, уæзданхуызæй загъта:

— Алы ирон лæг дæр цы бакæндзæн, æз дæр уымæй уæлдай æндæр ницæмæй фесгуыхтæн. Уæдæ йæ сæр знаджы нæмыгмæ чи æрæвæрдзæн?

Ныхас ныхасы къахта, Муссæйы базонын фæндыди, Стамбулы ирæттæй чи цæры, уыдоны тыххæй. Сæхмæны бафарста, куыд цæрынц, уымæй. Сæхмæнæн йæ фыд ныууагъта дзæбæх бынтæ æмæ сæ сызгъæрин фестын кодта. Стамбулмæ куы ’рбалыгъд, уæд балхæдта иу чысыл хæдзар, стæй стыр куырой. Куыройæ хорз пайда цæуы, фарон та ацы бæстыхæйттæ балхæдта, йæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц.

Муссæйæн куыд радзырдтой, афтæмæй ма Стамбулы царди цалдæр ироны, сæ иу — Хъаныхъуаты Мухтар, иу кæсгонимæ балхæдта сæракгæнæн æмæ бонæй-бонмæ сæ мулкыл æфты.

Сæхмæн уазæгæн Тугъанты хабæрттæ дæр радзырдта. Уыдон Хъарсы пæшæлыхъы дзæбæх зæххытæ балхæдтой, сæ фосы рæгъæуттæ дæр бабирæтæ сты...

— Бахатыр кæн, нæ буц уазæг, ныхæстыл дæ фæдардтон, — æфсæрмхуызæй загъта Сæхмæн æмæ йæ къухтæ цалдæр хатты кæрæдзиуыл æрхоста. Уæдмæ уатмæ æрбахызт, Муссæйы мидæмæ чи æрбахуыдта, уыцы лæг. Сæхмæн æрбацæуæгæн кæртмæ ацамыдта æмæ уый дæр фæстæмæ фæдуарæдде.

— Бузныг, Сæхмæн, фæрсгæ дæ æз куы фæкодтон. Мæ зæрдæ æхсайы, нæхионтæй ардæм чи ралыгъд, уыдонмæ. Æмæ куыд кæсын, афтæмæй уын ницы у.

— Иунæг кадджын хуыцауæй разы, сæрæн чи разынд, уыдон цардæй хайджын сты, мах ирон адæм дæр дзы ницæмæй цух баззадысты.

Сæхмæн уазæджы ахуыдта кæртмæ æмæ уым беседкæйы баййæфтой бæркадджын фынг...

Хорз сбуц кодта Муссæйы Хъаныхъуаты Мухтар дæр. Йæ кæсгон æмбалы цæстмæ ма фынгыл кусарт дæр уыди, йæ бинойнаг æцæг ирон бæрæчет æрæвæрдта. Мухтар рахаста æвзистæй арæзт сыкъатæ.

— Абон нын, Муссæ, стыр бæрæгбон у, стыр. Адæймагыл йе ’гас царды мидæг æрмæст иунæг хатт æрцæуы ахæм бон. — Тынг цинхуыз уыди Мухтар æмæ афтæ зынди, цыма æппындæр ныхасæй нал бафсæддзæн. — Дæу кæй федтам, уымæй нæ зæрдæтæ сбуц сты. Дæ хорзæхæй, Муссæ, хистæрæн нын сбад æмæ ма нæ ирон сидтытæ фехъусæм.

— Ау æмæ уæ рох фесты? — хъазгæмхасæнты афарста Муссæ.

— Рох та — уанцон нæу, фæлæ хъуыддæгтыл куы свæййы адæймаг, уæд сидтытæ нæ, фæлæ йæм рæстмæ къæбæр бахæрыны бар дæр нал фæхауы, — тыхстхуызæй дзуапп радта Мухтар. — Мæнæ нæ кæсгон æфсымæр Æмзоримæ цы куысты сæрыл æрлæууыдыстæм, уый нæ бадомдта, цас цоппай дзы ис, цас!?

«Бæрæг у, домд кæй не стут, уый. Æвæццæгæн, дзæбæх пайдайыл фæхæст стут», — хæдзарыл йæ цæст хæсгæйæ йæхинымæр дзырдта Муссæ.

Дзæвгар фæбадтысты дзаг фынджы уæлхъус, æртæ лæджы. Мухтар цы нæ æрхъуыды кодта ирон æгъдæуттæй, ахæм нал баззад, хъæуа-нæхъæуайæ...

Æмзор банозтджынгомау æмæ уый дæр ныллæууыди Муссæйы йæ хæдзармæ ахоныныл. Уый йын зæрдиагæй фæарфæтæ кодта, фæлæ цæуын нæ бакуымдта. «Хорз сарæзтой сæ цард нæ адæм. Ау, уæдæ-иу афтæ цæмæн дзырдтой: цагъды фесты, сыдæй мæлынц, турк сын æвзæр сты? Кæд барæй ахæм ныхас чындæуыд — уадз æмæ уырысы æфсæдтимæ кæрæдзийы цæгъдой, зæгъгæ? Æви магусайæ цæлуарзаг чи у, уыдонмæ гæсгæ ахæм ныхæстæ цыди? Æмæ ахæм дзурджытæ æдзухдæр уыдзæн, адæм иухуызон никуы уыдзысты, цыфæнды куы фæуа, уæддæр. Ау, Хъаныхъуатæм дзы ахæм цард кæм æрхаудта, уым Куындыхатæ сæ дæле куыд æрлæудзысты?»

Куындыхаты Муссæйы бауырныдта йæ рæстдзинад æмæ йæ фæнд сæххæст кæнынмæ бавнæлдта, дарддæр æнхъæлмæ кæсын ницуал у, зæгъгæ.

«Цы хъуыддаг райдыдтон, уый раст у, хуыцауы раз дæр æмæ дзыллæты раз дæр мæ цæсгом сыгъдæг уыдзæни, паддзахы фервæзын кæндзынæн уæлдай хæст, ног тугкалдæй, хæххон адæмы бахиздзынæн бынсæфтæй, ам сæ алчи йæ амонд ссардзæн», — уыдæттæ бауырныдтой Муссæйы.

Æмæ æрмæст уый фæстæ срæвдз йæ фæнд Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Али-пашайы резиденцимæ фæцæуынмæ.

Аходæнафон Муссæ ахызти доны сæрты Эминенюмæ. Сахары ацы хаймæ иннæты хуызæнæй ницы уыди. Фыдæлтыккон хæдзæрттæ, рæсугъд мæзджыттæ се ’рттиваг цъуппытимæ, фантантæ... Адæймаджы цæстæнгас сæхимæ здæхтой. Кæд йæхи уæзданхуыз дарыныл архайдта, уæддæр та-иу Муссæ нал фæлæууыд æмæ йæ алыварсы диссæгтæм цымыдисæй касти. Бынтон æнахуыр æм фæкаст егъау мæзджыт Айя-София. Уымæн йæ цъуппытæ уыдысты, науы кæттæгтæ дымгæмæ куыд ныттынг вæййынц, афтæ, цыма уайтагъд атæхдзæн, йæ къабæзтæ дардыл айсгæйæ.

Евла-ламазы фæстæ Муссæ уыди Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры резиденцийы. Йе ’рбацыды хабар къæнцылары зыдтой, æмæ куыддæр йæхи бацамыдта, афтæ йын туркаг йæ сæрæй акуывта æмæ дуæрттæй иуы аууон фæци.

Муссæ дзæвгар фенхъæлмæ каст æмæ æрæнкъард. Стæй уыцы лæг куы фæзынд, уæд йе уæнгтыл схæцыд.

— Министры нæма æвдæлы... Стæй йæ нæ равдæлдзæн... Фæлæ сымахмæ чысыл фæстæдæр фæсиддзæн, — загъта лæг æмæ йе стъолы уæлхъус цыдæртæ архайыныл фæци.

Муссæ рудзынджы раз бадти æмæ æнæфезмæлгæ иу ранмæ касти. Цас рæстæг рацыдаид, хуыцау йæ зонæг, уалынмæ йæм фæдзырдтой.

Али-паша — рæсугъд, урсхил лæг — Муссæйы къух райста рæвдаугæ. Министр зыдта, Куындыхаты Муссæ чи у, уый, йæ кой йын иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста.

— Мæнæн тынг æхсызгон у, ме ’мдингæнæг хъæбатыр инæларæн йæ къух райсын, — райдыдта Али-паша. — Фæлæ хатыр курын, паддзахады хъуыддæгтæ, зæрдæ цы фæзæгъы, уымæн арæх цæлхдур вæййынц. Абон нæ стыр ахсджиаг ныхас ис, — æмæ иуварсырдæм ацамыдта.

Муссæ сæм акаст: æцæгдæр министры уаты ма ноджыдæр æртæ æнæзонгæ лæджы уыди, сæ уæлæ европæйаг сау дзаумæттæ. Уыдон куы федтой Муссæйы, уæд ын акувæгау кодтой.

— Хатыр æз курын, дæ бæрзонддзинад, æрбацæуæг æз дæн, мæ ных æз æрбахастон, — уæздан дзуапп радта Муссæ.

— Де ’рбацыд мæнæн æхсызгон у æмæ мын уый хыгъдмæ зын у, демæ аныхасæн мын амал кæй нæй, уый. Курын дæ, æмæ хуыцаубоны ацафон дæхицæн сзын кæн. Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.