Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 15 страница



Уырыс алы æфсæнттæй се ’фсæдтæ тардтой æмæ тардтой. Адæмы уырнын райдыдтой моллоты ныхæстæ, æмæ куыдфæстæмæ Турк сæ цæсты сси ирвæзæн бæстæ.

Уази хъуыддæгтæй бирæты æмбæрста æмæ йæ сагъæс ууыл нæ уыди, — иуты афтæ фæнды, иннæты — иннæрдæм, адæм алцæй тыххæй дæр афтæ алырдæмты фæдзурынц. Диссаг æм æндæр хъуыддаг каст — уырыс исты цæуылнæ дзурынц: адæмæн нæдæр «ацæут» зæгъынц, нæдæр «ма ацæут». Цæмæн афтæ уа? Ау, Куындыхы-фырт æмæ Осмæны-фырт уырысы æвастæй дзурой? Æмæ сæ бон у? Уыйас ныфс сæм ис? Уырысы куы нæ фæндид, уæд куыд бауæндиккой?..

Гъе уый нæ ахста йæ зонд Уазийæн æмæ йын æй чи бацамыдтаид, ахæм адæймаджы дæр нæ зыдта. Муссæ дард ран, кæмдæр Скъуыд Къохы цæры. Садуллæ æцæгдзинад никуы зæгъдзæн — нæ бауæнддзæн уырысы кой кæнын.

Зымæг куы райдыдта, уыцы рæстæгмæ алцыдæр сбæрæг: уырыс «нæ» дæр нæ зæгъынц, «о» дæр, æрмæст айхъуысын кодтой — хæцæнгарз чи нал райсдзæн æмæ йæхи туркмæ алидзынмæ чи цæттæ кæны, уыдоны Салийы хабæртты тыххæй ницуал бахъыгдардзысты. Уæды онг æдас ничи уыди, алчидæр банымудзынæй æмæ Сыбырмæ ахæссынæй йæхицæн тарсти, æмризæджы рызтысты, сæхи рамбæхс-бамбæхсыл сысты. Фыддæр уавæры бахаудтой, уæззау цæфтæ чи фæци æмæ хъæдгоммæ зилæджы къух кæмæ нæ хæццæ кодта, уыдон. Иутæ дзы се ’мбæлттимæ хъæдты æмæ хæхты баззадысты æмæ дывыдон арты сыгъдысты: иуæй æмбæлттæн тухиты хос, иннæмæй цæрдудæй æмбийын тынг зын уыди. Кæйдæр хæдзæртты æмбæхстытæ дæр дзы уыди æмæ уыдон дæр удхар кодтой: бинонтæ сæ тыхстысты, ноджы тынг тарстысты, уырыс сæ куы базоной, уымæй. Хи хъахъхъæнгæйæ, уыцы цæфтæм дæр хъæдгоммæ зилæджы къухтæ стæм хатт хæццæ кодтой.

Паддзахы æфсæдты хицæуттæ уыцы дзырд куы радтой, уæд аууон йæхи чи дардта, уыдон аивæй сæ бинонтæм здæхтысты, сæ хæдзæрттæм сæмбæлдысты цæфтæ дæр. Æмæ адæмæй бирæтæ арæхæй-арæхдæр дзурын райдыдтой, Туркмæ лидзын хъæуы, зæгъгæ. Афтæ фенхъæлæн уыди, æмæ дзыллæтæй бирæты алидзынмæ сæхи цæттæ кæныны мæт йеддæмæ ницуал мæт ис, бæстæ ныссабыр. Байдыдтой та базармæ сæ хор æмæ фос ласын — хæстæгдæр рæтты алцыдæр саслам, æгæр бирæ та сысты уæйгæнджытæ.

Паддзахы минæвæрттæ уыдтой æмæ æмбæрстой, цæцæн Туркмæ алидзынмæ сæхи кæй цæттæ кæнынц, уый, фæлæ уæддæр æфсæдтæ фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ кодтой. Цæцæн афтæ æнхъæл уыдысты — салдæттæ сæ сæхи цæстæй куы феной, алидзыныл кæй сысты, уый, уæд сæ æнцад ныууадздзысты, сæ уæлхъус æд топпытæ нал лæудзысты. Уыдонмæ та бынтон æндæрхуызы уынаффæ уыди: цæцæн кæд иугæр сæхи Туркмæ сарæзтой, уæд сын исты фыдбылыз ацаразын мур дæр ницы у. Гъе уымæ гæсгæ сæ уæлхъус фæлæууын хъæуы, кæннод та туг ныккалынæй тынг тас у...

Уази дæр æй зыдта, цæцæйнæгтæ къордгæйттæй Салийы тыххæй сæ хæдзæрттæ кæй ныууагътой æмæ кæй æмбæхстысты, уый, йæхæдæг дæр раздæр йæхи бааууон кæнынмæ хъавыд. Стæй йæ къух ауыгъта, цыфæнды фæуæд, зæгъгæ, æмæ йæ хæдзары хъуыддæгтæм бавнæлдта. Тæригъæд кодта Хасанæн, зын ын уыд, йæхи раз кæй нæй, уый тыххæй. Уæвгæ, тæригъæд кодта æрмæст Хасанæн нæ, фæлæ йæ уд зын ран кæмæн уыд, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Æмæ йын ныр æхсызгон уыд, уырыссаг æфсæдты хицæуттæ Салийы тыххæй цæцæны кæй нал æфхæрдзысты, уыцы хабар йæ зæрдæйы уаг йæ хуызыл фæзынд, йæ цæстытæ дæр фæрухс сты, Рæузæтæн дзырдта:

— Не ’мбæхст адæм сæ хæдзæрттæ ссардзысты. Æз дæр Хасанмæ цæуын. Цыппар мæйы кæй хæдзары... Ныр ын ницуал уыдзæн.

Рæузæт сцин кодта:

— Дæ хорзæхæй, нæ хæдзарыл æй сæмбæлын кæн. Мæгуырæг, цъысымы бахауд... Æнцон ын у рафт-бафт?

— Уый рафт-бафт у? Исты йæ хæдзар нæу? — бахъуыр-хъуыр кодта Уази.

Сабтука йæ ныййарджыты ныхæстæ фехъуыста. Йæ цин цы хуызы равдыстаид, уый нæ зыдта æмæ æрæджиау æцæгхуызæй йæ фыдæн загъта:

— Æз дæр демæ ацæуон?!.

— Æмæ хæдзар та?.. Ам лæг нæ хъæуы?

Сабтука, чи зоны, фыдмæ фæхæрам уыдаид, фæлæ йæ уый æцæг лæгты æмрæнхъ куы æрæвæрдта, уæд йæхицæй фæбузныг æмæ хиуылхæцгæ цыбырæй загъта:

— Хорз.

Рæузæт йæ мады æххуысæй бахуыдта синджын кæрц æмæ кæд йæ цъайраг цаудгомау уыди, уæддæр ыл нæ зынд: хъæуы мидæг чи нæ бахæлæг кодтаид зæронд усы мимæ, уый хуыд дзаумайæ хæрзаивдæр дзаума ничи дардта. Бæлццоны дзаумæттæ куы бацæттæ сты, уæд ногбоны хæрз фæстæ иу сæумæрайсом Уази усæн загъта:

— Абон æм араст уон, афонмæ мæм æнхъæлмæ кæсы. Куыд зæгъыс, не ’фсин?

Рæузæт, йæ цæстытæ доны разылдта, афтæмæй бахудти æмæ йæ лæджы размæ бацыди. Арæх нæ кодта афтæ Рæузæт, æрмæст-иу дард балцы размæ федта йе ’фсины ахæм хуызы Уази. Æмæ йын-иу уæд исты рæвдауæн ныхас кодта. Афтæ уыди фыццаг хатт, хæрз æрыгон ма куы уыди Рæузæт, уæддæр æмæ ныр — йæ сæры бирæ урс хилтæ куы фæзынд, уæддæр: йæ зæрдæ никуы сивта йæ бинонтыл Уази.

Уази саргъы бæхыл бадгæйæ уынджы куы фæцæйцыд, уæд Рæузæт хæдзары аууон слæууыд, куыд ничи йæ фена, афтæ æмæ бирæ фæкасти йæ мойы фæстæ. Æхсызгон ын уыд афтæ лæууын æмæ кæсын, йæ мидбыл бахудти æмæ хæдзармæ баздæхт.

***

Скодта уазал райсом уыцы бон. Уази федта — бæхы бецыкк æмæ барцыл уайтæккæдæр халас абадт. Халас æрбадти бæхы цæстыхаутыл дæр æмæ фындзыхуынчъыты сæрмæ дæр. Дымгæ нæ уыди, æрмæст хæхтæ улæфыдысты æмæ уыдоны уазал комы тæф барæгмæ хаттæй-хатт хъардта, гом буарыл кæцыдæриддæр ран æмбæлд, уым æй судзæгау кодта.

Уази архайдта йæ алфамбылай кæсыныл, цæмæй мацæуыл хъуыды кæна, уый тыххæй. Æмæ уый йæ къухы æрмæстдæр хæрз цыбыр рæстæджы дæргъы æфтыд. Алыхуызон хъуыдытæ сæрмæ бырстой, сæм хæццæ сты æмæ сын йæхæдæг дæр фæстагмæ ницуал æвзæрста. Стæй йæ мидбылты бахудти — йе ’ппæт хъуыдытæ æрæнцадысты. Лæг æрымысыд йæ бинойнагæн цы рæвдауæн ныхас загъта, уый. Диссаг у, æдзухдæр уыцы адджын цæмæн у зæрдæйæн. Уази зоны йæ сыхæгты, йæ зонгæты цард, стæмтæй фæстæмæ лæгтæ сæ устытæм ерысæй дзурынц, сæ ныццæвын сæм бæх ныццæвынæй æнæтæригъæддæр кæсы. Цæмæн цымæ? Уæдæ йæхимæ ахæм зонд куы никуы фæзынд.

Уази зоны: цыфæнды бæллæх ыл куы ’рцæуа, цыфæнды æфхæрд куы баййафа, цыфæнды тынг куы бафæллайа, уæддæр æппæт уыдæттæ Рæузæты рæвдыддзинады цур ницы сты, йæ иу дзырд, йæ иу бакаст дæр адæймаджы фервæзын кæндзысты йе ’ппæт зынтæй. Афтæмæй рæстуд адæймаг у: ницы гæды, хин митæ зоны, адæймаг цы уа, уый у, уæлдай ныхас дæр йæ дзыхæй никуы схаудзæн.

Йæ кæстæр æфсымæр Муца куы фæмард ис, уæддæр Уазийæн суанг мыггаджы лæгтæй иу Рæузæты хуызæн æнцой нæ фæци.

Цыппар азы йыл рацыд ныр. Уази никуы ферох кæндзæн уыцы бон. Паддзахы æфсæдтæй иукъорд, семæ афицер, афтæмæй æрбацæйцыдысты Алистанджымæ. Сæ хъæуы уыди дыууæ фыд-зонд æфсымæры. Уыдон сæхи хуызæтты ардыдтой, цæмæй уырысы размæ бабадтаиккой æмæ сæ ныццагътаиккой. Муца, æмæ йæ хъæуы цæрджытæй алчидæр зыдта, æфсымæртæ стыр фыдбылызы хъуыддаг кæй кæнынц, уый æмæ сæм загъд рауад. Æфсымæртæ хъæр кодтой:

— Сыскъуынын хъæуы джауырты хъæстæ!..

Муцайы зæрды уыди сæ басабыр кæнын:

— Ссæдз лæджы амардзыстæм, уымæй паддзахы салдæттæ къаддæр нæ уыдзысты, фæлæ нын нæ хъæу сæ сармадзантæй зæххимæ сæмхуызон кæндзысты, бынтон дзæгъæлы ныккæлдзæни адæмы туг.

— Æвзæр тæппуд! — загъта æфсымæртæй иу. — Лæгъстæмæ атул уырысы къæхты бын.

Муца смæсты, фæлæ йæхи ныффидар кодта, йæ иу къухæй иннæ къухыл ныххæцыди æмæ йæ бафхæрæгæн ницы кодта. Уæдмæ уырыс æрбахæстæг сты. Муцайы чи бафхæрдта, уыцы лæппу топп сисыл авæрдта, «лæг чи у, уый цæвæд», зæгъгæ, фæхъæр ласта хæцæнгарзы мæнгвæдæг куыд æрбацæйæлвæста, афтæ йын æй Муца хæрдмæ сцавта, гæрах фехъуыст æмæ нæмыг уæлæмæ ацыд.

Уымæй адæм фæуыргъуыйау сты æмæ йæ ничиуал бамбæрста, дыккаг æхст куыд фæкодтой, уый. Гæрахы фæстæ Муца уæлгоммæ ахауд, уырыссæгтæ тæргæбæхæй сæ разы æрбалæууыдысты. Æфсымæртæ сисы сæрты агæппытæ ластой æмæ æрбадæлдзæх сты.

Хабар Уазимæ бахæццæ. Уый топп раскъæфта æмæ уыцы æфсымæрты кæрты смидæг, фæлæ сæ уым ничи разынд. Уыдысты дзы зæронд ус, хистæр æфсымæры бинонтæ, чысыл сывæллæттæ. Адæм Уазийы размæ фесты, зæронд лæгтæ сæ худтæ систой:

— Хуыцауы хатыр, адæмы хатыр!.. Сылгоймæгтæ æмæ сабитæм ма бавнал!

Уази йæ сæр æруагъта æмæ аздæхт йæ хæдзармæ. Уæдмæ уым зианмæ æрæмбырд сты.

Лæгмарджытæ Алыстанджы нал разындысты. Азджиатæ сæ размæ бирæ хатт бабадтысты, фæлæ сæ кой, сæ хъæр дæр нал райхъуысти. Мыггаг Уазийæн дзырдтой:

— Нæ туджджынтæй искæй амарын хъæуы.

Æмæ Уази сразы ис; алы бон ын йæ цæстмæ дардтой, ардыдтой йæ, суанг æм æртхъирæнтæ дæр æрвыстой. Æмæ лæг схæйрæджджын ис, йæ сæр цы фæкодтаид, уый нал зыдта æмæ аууоны хуызæн сси. Йæхицæн ма æфсымæр кæй хуыдта — Цураты Хъазмæхæмæт, — уый нал уыдис — амард, кæимæ æртæрхæттæ кодтаид, уый йын нал баззад.

Æмæ уыцы зын рæстæджы æрмæст иунæг адæймаг æрлæууыд йæ фарсмæ — Рæузæт. Хорз зыдта, йæ лæджы размæ кæд бацæуын хъæуы, уый æмæ-иу уæд йæ цуры фегуырд, цыма зæххы бынæй суад, уыйау. Хорз зыдта, кæд ын цы ныхас зæгъын хъæуы, уый дæр.

Уазийæн-иу йæ тыхсты сахат Рæузæт афтæ загъта:

— Цард хуыцауæй лæвæрд у, хуыцауы хорзæхмæ кув.

Туджджынтæй искæй амарыны тыххæй дæр æппæты фыццаг раст ныхас йе ’фсинæй фехъуыста:

— Цы дын кодтой, фыдуаг æфсымæрты бæллæхтæй сæ хъуырмæ чи уыд, уыцы мыггаг?

Афтæ йын загътой уый фæстæ хъæуы зондджын лæгтæ дæр, уыдон æнхъæл уыдысты, æмæ Уази йæ туг кæмæйфæнды исдзæн.

Уалынмæ фыдгæнæг æфсымæртæ цы агуырдтой, уый ссардтой: сыхаг хъæуы паддзахы æфсæдтимæ куы схæцыд, уæд та уым дæр разæй фесты æмæ сæ нæмгуытæ æмæ джебогътæй сыхырна фестын кодтой. Уым сæ кæмдæр зæххы бын фæкодтой.

Рæузæты бауырныдта йæхи рæстдзинад.

— Хуыцауыл дæхи бафæдзæхстай æмæ нын нæ хъуыддæгтæ, куыд хуыздæр у, афтæ сарæзта, — загъта уæд Рæузæт.

«Лæджы хуызæн зонд разынди не ’фсинмæ, раст рауадысты йæ ныхæстæ, — ахъуыды кодта Уази. Ус æй бамбæрста æмæ дзы тынг бузныг фæци: бирæ йæ нал хъуыди ардыды фæндагыл ацæуынмæ, æнаххосæй искæй туг ныккалынмæ.

Уази-иу арæх йæхинымæр стæрхон кодта: алы хъуыддаджы тыххæй дæр Рæузæтимæ уынаффæ кæндзæн. Æмæ сæм цыппар азы размæ Хъазмæхæмæт куы уыди, Туркмæ лидзыны тыххæй сæм фыццаг хатт ныхас куы æрцыди, уæддæр хабар ус зыдта. Фæлæ зæгъын ницы сфæрæзта, кæд æм хорз нæ каст, дыууæ æрдхорды цы фæндтæ кæнынц, уый, стæй йæ уæд Туркмæ лидзыны æцæгдзинад нæ уырныдта: цал æмæ цал хуызон фæндтæ-иу нæ уыди адæммæ, уырыссаг æфсæдты фыдмиты кой кæнгæйæ. Стæй уырысы куы федта сабыр, æнцад адæмæй, уæд йæ лæгæн загъта:

— Нæ амонд фæхаудзæн, нæ бæстæ куы ныууадзæм, уæд, нæ удтæ уæддæр ам баззайдзысты.

Нæ фæуæлахиз йæ ныхас, адæмæн сæ дзæвгар хай цы дзырдта, ууыл — Уази йæ разы кодта паддзахы салдæттимæ фæрсæй-фæрстæм цæрыныл, уымæн æмæ нæ разы кодтой бирæтæ. Цæмæн, уый не ’мбæрста, зыдта æрмæстдæр, Рæузæт йемæ разы нæу, уый, æмæ архайдта усы раз уыцы кой нæ кæныныл. Рæузæт æй бамбæрста æмæ цыма ницы зоны, йæхи афтæ дардта...

Афтæ раздæры хабæрттæ æрлæууыдысты Уазийы зæрдыл, Хасанмæ куы абалц кодта уазал сæумæрайсом, уæд.

VII

Æртæ боны Батырджерийы хæдзары артау фæсыгъди Хасаны буар. Иуæй уæхсчы стæг хъыгдард уыд, иннæмæй цæфмæ афоныл хорз зылд не ’рцыд, æмæ тынг рысти. Хасан фæрæзта алцæмæн дæр, фæлæ йæ йæхи афтæ ныффидар кæнын бахъуыд, æмæ йæ æндæр ницуал мæт уыди. Æнæ фезмæлгæйæ хуыссыди уæлгоммæ. Йæ хид калгæ дæндæгтæ кæрæдзимæ сæлхъывта æмæ цары уыциу ранмæ касти. Æмæ æппындæр нæ бафиппайдта, дыууæ сау цæсты дзы сæхи куыд нал исынц, уый. Уыдон æрттывтой куы рудзынджы разæй, куы дард къуымæй, куы та йæ тæккæ цурæй.

Хасан иу хатт дæр нæ федта, йæ размæ-иу чи æрбауади æмæ йын-иу æнахуыр аудгæ йæ цæсгомы хид чи асæрфта, уыцы адæймаджы.

Хъæдгоммæзилæг — иу зæрдæхæлар цæцæйнаг лæг — бон цалдæр хатты цыдис алы æфсæнттæй Батырджерийы хæдзармæ — æууæнк ма кæуыл уыд, уæд та йæ исчи банымыгъта: уырысы æфсæдты ныхмæ хæсты фæцæф ис. Уый хæрзарæхстæй зылдис Хасанмæ. Æмæ цыппæрæм бон рынчын фæсæрæндæр.

— Ныр дын ницуал у, мæ хур, æрыгон стæг уайтагъд бандадздзæн, цæф дæр байгас уыдзæн æмæ та саджы лæппынау фестдзынæ, — дзырдта хъæдгоммæзилæг Хасанæн.

— Бузныг... Тухийæ уæ фæмардтон, — загъта уазæг æмæ йæ фæлурс цæсгомы разынгæс[3] æвдыста, фæзынди, уадултыл дæргъмæ цы æнцъылдтæ фæзынд, уыдон иуцасдæр алæгъз сты æмæ фæлурс цæсгом иу чысыл фæцардхуыз.

Батырджери дæр йæ уæлхъус лæууыд. Лæппуйы ныхæстæ фехъуыста æмæ куыддæр батыхсти, фæндыди йæ исты рæвдауæн ныхас зæгъын.

— Ма тыхс, мах æфсымæртæ стæм, нæ цин æмæ нæ хъыг дæр хъуамæ иу уой.

«Æз дзы цинæй ницы федтон ацы царды. Æрмæст дзы маст æмæ хъыгдзинадæй мæ хъуырмæ дæн, — йæхинымæр ын дзуапп лæвæрдта. Хасан. — Æз дæр ма адæмау мæ зæрдæ мæрдты бæстыл дарын, кæд дзы исты ис, уæд... Æвæццæгæн ницы; афтæ арф ын цæмæн скъахынц йæ „ног цæрæн бынат“ æмæ йын æй ингæн цæмæн хонынц? Амы дунейы йæ хъуырмæ чи свæййы, уый æнцонæй бауырны, кæмдæр ма йæм цыдæр кæсы, цыдæр хорздзинад ма фендзæн йæ мæгуыр удæн. Кæнæ та адæймаг ингæны царды бæллæхтæй кæй фервæзы, кæй ницуал фембары, уый хонæм дзæнæт, уымæн фæзæгъынц — амондджын уыди æмæ амард...»

Лæгтæ йæ разæй куы ацыдысты, уæд фыццаг хатт Хасан æрбахизæн дуары раз ауыдта дыууæ цæсты ферттивгæ. Фæкомкоммæ сæм æмæ бахудт. Лæууыд ныллæггомау чызг, йæ уæлæ хуымæтæджы къаба, йæ сæрыл аив бастæй сау сæрбæттæн. Йæ цæсгом — урсцъар, ноджы йæ сæрбæттæны тар фæлурсдæрæй æвдыста. Сау стыр цæстыты уыди тарстдзинад, сæ сæрмæ нарæг æрфгуытæ хæрзуæлиау суадысты æмæ къуыпгомау ныхыл иу халау адаргъ сты, Тымбыл роцъо зыр-зыр кодта, сырхгомау былтæ та цыма уайтагъддæр кæрæдзийæ фæхицæн уыдзысты, уыйау зындысты. Йæ фындзы бынмæ бæлвырд бæрæг дардта сау стъæлф.

Хасаны бахудтæй чызг фестъæлфыд æмæ фæстæмæ фæкаст, æмæ куы никæй федта, уæд уымæн дæр йæ цæсгомыл цинæнгас фæзынд, æрфгуытæ сæхи бындæр æруагътой æмæ сæ бынмæ цæсты даргъ хаутæ базмæлыдысты.

— Ды Батырджерийы чызг дæ? — бафарста Хасан.

Уый æрмæст йæ сæр батылдта, йæ къухтæ кæлмæрзæны къабазы бын йæ риумæ балхъивгæйæ.

— Дæ ном та цы хуыйны?

Чызг цыдæр ныхъуырæгау акодта, стæй исдуг æнæзмæлгæйæ алæууыд. Æрæджиау загъта:

— Бацæ...

Рынчынæн йæ ныхыл хиды æртæхтæ фæзынд, йæ галиу къухыл куыд сцæйхæцыд сæ асæрфынмæ, афтæ Бацæ йæ бынатæй фезмæлыд æмæ йæ размæ бауад. Уайтагъд æм къухтыкæлмæрзæн фæзынд æмæ йæ Хасаны цæсгоммæ фæцæйхаста, фæлæ йæ цыма исчи фæурæдта, уыйау къух æрдæгхъилæй баззад. Хасан ын йæ къухтыкæлмæрзæн райста æмæ уæд Бацæ сыдзмыдзы, кæм лæууыд, уырдæм фæраст и.

— Бузныг, Бацæ... — фæлмæн хъæлæсæй загъта Хасан, йæ ныхы хид сæрфгæйæ.

Бацæ мидбыл бахудт, стæй йæ чысыл къухтæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ хæдзарæй алыгъди.

— Диссаджы чызг дæ, Бацæ, — адзырдта йæ фæстæ Хасан. Фæлæ йæ уый нал фехъуыста.

«Цы баисты цымæ уыцы æнамонд адæм? — Салийы цы цæцæн хæцыдысты, уыдоныл уыд Хасанæн йæ сагъæс. Бынтон дзæгъæлы та цас æмæ цас туг ныккалди! Цæмæн? Ау, æндæр хуыздæр хос ницы амал ис, куыд ничи йыл риссы, кæдмæ фаг уыдзысты адæм?..»

Хасан йæ зын уавæрты хъуыдыты бын фæци, фæлæ йын уыдысты æнæсæрфат. Уымæн æмæ хъуыды цæуыл кодта, уыдон æддæг-мидæг ауадысты, иу бæрæг дæр сын нал уыд æмæ мæнæ æгомыг фос искуы тар хъæды пыхсыты куы ныдздзæгъæл уа, уыйау ныдздзæгъæлтæ.

«Цæмæн æрхаудтæн ацы хæдзармæ та? Чи сын дæн æз? — фарста йæхи Хасан. — Цы агурын царды æмæ мын иу бынат цæуылнæ ис? Æвæццæгæн, цард цы у, уый æмбаргæ дæр никуы кодтон, чидæр цыдæр фæзæгъы, æмæ та фыдбылызы мæхи баппарын». — Хасанæн йæ зæрдыл æрбалæууыд цæцæйнаг æмбисонд.

Иу хатт быдырæй хæхбæстæм уаргъимæ сцæйцыди мæлдзыг. Фæндагыл ыл амбæлди хæрæг æмæ йæ фæрсы:

— Кæцæй цæуыс, мæлдзыг?

— Быдырæй, — дзуапп ын радта мæлдзыг.

— Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма, дзæбæх кæрдæг дзы нæй, хорз кæм фæхизон, ахæм? — цыбæлхуызæй та йæ афарста хæрæг.

— О, мæ лымæн хæрæг, кæрдæг дæр ма кæрдæг вæййы, диссаджы кæрдæг федтон быдыры! Уырны дæ, тыххæй дзы рабырыдтæн, — радзырдта мæлдзыг.

Хæрæг фырцинæй нычъыллиппытæ кодта æмæ быдырмæ афардæг. Кæсы, æмæ дзы кæрдæгæн. Йæ кой дæр нæй. Æмæ сыдæй ныммарди æдзæрæг быдыры.

«Æз дæр — уыцы хæрæгау: мæхи зондæй нæ архайын, æрмæст мын искæй зондæй цы загъдæуа, уый кæнын, „уист“ мын акæн, æндæр мæ ницы хъæуы», — йæхинымæр йæ æгуыдзæгдзинадыл басасти Хасан, фæлæ йын уый тыххæй æнцондæр нæ фæци. Æвæццæгæн, адæймаг йæ æдылыдзинад куы бамбары æмæ йыл куы басæтты, уæд æвæццæгæн уымæй тыхджындæр зындзинад ницы ис, уымæн æмæ йын уæд срастгæнæн нал вæййы. Цалынмæ ма йын гæнæн вæййы, уæдмæ та йыл сæтгæ нæ фæкæны...

Хасаны цалдæр хатты бабæрæг кодта Батырджерийы хистæр æфсымæр Æндæрби æмæ-иу æй æдзухдæр тыхстæй æрбаййæфта, йæ разы-иу фæбадт æмæ ацыд. Фæлæ уазæг йæ сæрæн куы сси, дзурынхъом куы фæци, уæд йæ разы æрбадти æмæ йæ бафарста:

— Куыд дæ, нæ буц уазæг? Исты хъыгдарæг ма дæ ис?

— Бузныг. Ницуал тас мын у, — дзуапп ын радта æнахуыр лæгæн Хасан æмæ йæм æнæууæнкæй бакаст.

Лæг ын йæ катай бафиппайдта.

— Æз дæр а хæдзарон дæн. Амæй размæ дæр ма дæ абæрæг кодтон, фæлæ... тыхст хастай...

Батырджери иуварс лæууыди æмæ йе ’фсымæр йæ ныхас куы фæци, уæд Хасанæн бамбарын кодта:

— Нæ хистæр у.

Æндæрби хатыдта, уазæгæн зын у йæ цæфтæй, уый æмæ йын йæ зæрдæ æлхæдта:

— Дæ хуызæн хъæбатыртæ нæм арæхдæр куы уаид, уæд джауыртæ нæ бæстæм афтæ арф не ’рбабырстаиккой. Фæлæ кæрæдзийы нал æмбарæм, æмæ уæд ныфс дæр сæтгæ кæны. Мах рæстæджы адæм домбайдæр уыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.