Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 11 страница



— Мæн Туркмæ ничиуал асайдзæн, мæ сæры зонд раджы бацыд. Уырысы хицау дæр мæ бамбардзæн.

— Æз цы уырысы зонын, уыдон, гæнæн сын куы уа, уæд махмæ адæймаджы ам нæ ныууадздзысты, не ’ппæты дæр абырджытæ хонынц æмæ сæ уд хъарынц махæй фервæзыныл.

Мæцыхъо уыдта, йæ ныхæстæ æппындæр Хасанмæ кæй нæ хъардтой, уый æмæ мæсты кæнын райдыдта: «Æвæццæгæн, уым дæр сæрхъæн митæ æмæ ныхæстæ кодта æмæ фыдцæрдтытæ бавзæрста, уый йеддæмæ иннæтæй куыд ничиуал раздæхт, куыд нæ хъæр кæнынц фæдис? Нæ фæлæ рагæй дæр йæ зæрдæ æндæр цæмæдæрты æхсайы, адæмæн фаг цы у, уый йæм æгъгъæд никуы касти». Цы ма йын загътаид, уый куынæуал зыдта, уæд ын йæ цæстмæ бадардта:

— Æмæ дæ мад, дæ хойы æцæгæлон бæсты дзæгъæлæй уадзынмæ хъавыс?! Æви мах æрмæст уыдоны мæт уыдзæн, нæхионты ныууадздзыстæм?!.

Хасан ницы дзуапп радта йæ фыды æфсымæрæн. Æрмæст куы схуыссыд, уæд ыл хъуыдытæ сæхи ныккалдтой: «Алкæмæн дæр йæхион ис, иуы иннæйы мæт нæй æмæ мæ ныхæстæй дæр ницы рауайдзæн. Мæнгæй нæ акæнынц — арв куы нæры, уæд алчи йæхи гоны фарс хойы».

«Ай фыдбылыз у йæхицæн дæр æмæ иннæтæн дæр. Цы хуыцау ма йæ æрхаста ардæм, уый дæр нæма бавзæрстам. Ныр бæллæх нæ уыдзæн йемæ», — тыхсти Мæцыхъо...

***

Ничи æмбæрста Хасаны, йæ ныхæстæ йын ницæмæ дардтой. Мамсыраты Ахмæт ма суанг уайдзæфтыл дæр нæ бацауæрста:

— Лæппу, ницы бамбæрстай, афтæмæй дæхицæй адæмæн уынаффæгæнæг сарæзтай. Нæ дын æмбæлы, æмæ дзæгъæлы дзæнгæда мауал цæгъд.

Хасан æм сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йыл Тепсарыхъо уыциу хъæр фæласта:

— Ахъуытты у ардыгæй, къулбадæг, стæй нæ уæд дæхимæ æрыхъусын кæн. Иунæг кадджын хуыцау, мæнæ адæм куыд сæфынц, сæдзæсгом сты. — Стæй Хасан сæргуыбырæй куы ацыди, уæд йæ хъуыды æргомдæр загъта: — Ме скæнæг хуыцау, ард мæ нæ хæрын кæныс, фæлæ ацы лæппуйыл цыдæр æрцыд, зондæй æххæст нал у...

Æмæ хъæуы бирæтæ сусу-бусуйыл сысты: «Цуратæн, мæгуыр, Хасан куыд сæрра; æдзухдæр, дам, йæ цæстытыл цыдæртæ уайы æмæ йын Турчы æфсон фæвæййынц. Афтæмæй цы дзæбæх лæппу уыди! Чи дзы æнхъæл уыд уый?»

Уыцы ныхæстæ Хасаны хъустыл æрцыдысты æнахуыр хуызы. Уый хъазыди Мæцыхъойы дæсаздзыд сабиимæ. Хасан ын йæ нымæтхуд йæ сæрæй фелвæста æмæ йæ йæхи худы уæлæ авæрдта. Лæппу худмæ йæхи ивæзта, сгæпп æм-иу ласта æмæ йæ къухы куы нæ æфтыд, уæд Хасанмæ æвзæр дзыхæй сдзырдта.

Хасан æй рацахста.

— Афтæ ма дзур, худинаг у. Афтæ æвзæр сывæллæттæ дзурынц æмæ сæ фæнæмынц, — уайдзæфтæ йын кодта.

Саби йæхи атон-атоныл фæцархайдта, стæй хъæрæй ныккуыдта. Сывæллоны цъæхахстмæ Дзæнæтхан рауади æмæ Хасанмæ, цыма йæ йæ цæстæнгасæй ахуынкъ кæнынмæ хъавыди, уыйау бакаст, фæлæ йæм ницы сдзырдта. Йæ хъæбулмæ фæци:

— Рауай ардæм, уыцы æррамæ хæстæг ма цу.

Хасан ныххудти:

— Æррайы ном мыл куы авæрдтай, Дзæнæтхан.

Ус йæ былтæ фесчъил кодта:

— Æз дыл ницы авæрдтон, мах дæр æй адæмæй фехъуыстам...

Хасан хъазын æнхъæл уыд æмæ уыцы худгæйæ сылгоймагмæ каст. Уый сывæллоны къухыл ныххæцыд æмæ ацыдысты. Хасан иунæгæй куы баззад, уæд дис байдыдта:

«Ау, мæ зæрдæ сын хорздзинад кæй фæнды, уый тыххæй мæ æрра схуыдтой? Æмæ сæ мæхицæн куы ницы агурын... Нæ, мæнæн ам цæргæ нал у. Мæ фыды æфсымæры дæр нал хъæуын, йе ’фсин дæр лæджы зондæй дзуры, уый йеддæмæ раздæр афтæ куы нæ уыд. Нæ, нæ, нал ис мæнæн ам фæлæууæн... Туркмæ нæ, фæлæ кæд ноджы дарддæр лидзынц, уæддæр сæ бар ис...»

Мæцыхъойæн йæ фæнд загъта:

— Кæд ма мæм мæ фыды фæллойæ исты хай хауы, уæд мын иу бæх æмæ топп радт. Æндæр мæ ницы хъæуы... Дæу дæр нал тыхсын кæндзынæн.

— Æмæ Туркмæ та?

— Туркмæ дæр исты амал уыдзæни!..

«Кæдæм æй фæнды, уырдæм йæ бар йæхи, — скарста Мæцыхъо, — цалынмæ мын ницы фыдбылыз æрхаста, уæдмæ...»

Хасан балцмæ куы срæвдз, уæд ацыд уæлмæрдтæм. Æрлæууыди йæ фыды ингæны раз æмæ йæм дзырдта: «Æнхъæлдæн æмæ дæ никуал фендзынæн... Мæ уды йас кæй уарзтон, уыцы хъæубæсты æхсæн мыл æррайы ном сбадти, уацайраджы уавæры бахаудтæн. Цы ма чындæуа ныр?.. Æмæ уал мæхи искуыдæм уæддæр аппарон...»

Йæ рахиз къухæй цыртмæ бавнæлдта, иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй ацыди, ингæнмæ иу хатт дæр нал фæкаст, афтæмæй.

Куы æрталынг, уæд Хасан Мæцыхъойæн æмæ йæ бинонтæн «хæрзæхсæв» загъта, йæ бæхыл сбадт æмæ талынджы аныгъуылди. Йæ ацыд æрмæст хъæуыхицау Баслианæн уыди хъыг — æууæнчы гæххæтт ыл радта. Иннæтæй йæ хъуыды дæр ничи æркодта. Мæйы фæстæ та æвддæс хæдзарæй, сæ раздзог Мамсыраты Ахмæт, афтæмæй алыгъдысты Туркмæ цæрæн бæстæ агурæг.

IV

Лорис-Меликов уайтагъд фехъусын кодта Куындыхаты Муссæйы фæндон Калакмæ Кавказы æфсæдты Сæйраг Штабмæ. Йæ писмойы амыдта, зæгъгæ, уыцы хъуыддаг æххæстгонд куы æрцæуа, уæд Уæрæсейы паддзахæн стыр æххуыс фæуыдзæн, Кавказы хъуыддæгтæ, куыд æмбæлы, афтæ сæвæрынæн. Лорис-Меликов ноджы фыста, Куындыхаты Муссæ йæхæдæг паддзахы службæйæ кæй ацæудзæн æмæ хæххон адæмтимæ Туркмæ кæй алидздзæн. Штабæй куыд фыстой, афтæмæй уæлдæр хицауад тынг нæ разы кодта йæ ацæуыныл: Муссæ уыди хъуыстгонд инæлар, Кавказ хорз зыдта, æмæ Туркимæ фидæны заманты схæцгæйæ, стыр зиан фæуыдаид Уæрæсейы паддзахæн. Фæлæ фæстагмæ уæддæр сразы сты, Кавказæй æртæцыппар мин бинонты йемæ акæндзæн, зæгъгæ, зæрдæ куы бавæрдтой, уæд.

Терчы облæсты хицау Кавказы Æфсады Сæйраг Штабы хицауæй райста ахæм тел:

«Великий князь согласен на предложение генерала К. Желаю полного успеха. Чем дальше, тем лучше».

«Уæдæ цас дарддæр уой, уыйас хуыздæр, — ахъуыды кодта Лорис-Меликов. — Куындыхы-фырт дæр уадз æмæ цæуа, кæннод ацы хъæддæгтæй иуыл дæр æууæнк нæй. Æппынфæстаг Туркимæ баныхасгæнæн ис æмæ сæ мах арæнæй искуы дард ран æрцæрын кæной».

Терчы облæсты хицау æнхъæлмæ касти Куындыхаты Муссæмæ. Ныр дæр та сæмбæлдысты тынг уæзданхуызæй. Хабæрттæй кæрæдзийы куы афарстой, уæд Лорис-Меликов загъта:

— Хицауад дæ фæндоныл сразы сты. Мæнмæ гæсгæ дæ бон у хъуыддаг райдайын. Кæд дæ исты æххуыс хъæуы, уæд мын æй зæгъ, æз окруджы хицæуттæм фæсиддзынæн.

— Бузныг, дæ иууылбæрзонддзинад Михаил Тариелович. Æрмæст мæм иунæг фæндон ис — окруджы хицæуттæ ма хъыгдарæнт, адæмы æхсæн чи уыдзæн, уыдоны.

— Уый дын мæ быгъдуан, дæ бæрзонддзинад Муссæ Алхазович, йæ сæрæй йын акуывта Лорис-Меликов. — Ныр ма ноджыдæр иу: æз хъуамæ уæлдæр хицауадæн фехъусын кæнон, дæ зæххытæн, дæ бæстыхæйттæн æмæ хъуыддаг аразынæн феххуысы тыххæй цас æхца агурыс, уый.

— Дæ иууылбæрзонддзинад, ног ран æрæнцайынæн адæймагмæ хъуамæ исты уа. Мæн фæндид, цæмæй мын фондз æмæ дыууиссæдз мин сомы радтой, мæ зæххытæ кæмдæриддæр сты, уыдон, стæй мæ хæдзæрттæн. Дæс мины та адæмы разæнгардгæнджытæн.

Лорис-Меликов æмбæрста, Муссæйæн иууылдæр нымад кæй сты, уый æмæ йæм æндæр дзуапмæ дæр не ’нхъæлмæ касти.

Æхцайы кой куы ахицæн, уæд Муссæ загъта:

— Дæ иууылбæрзонддзинад, мæ зæрдæ ма иу цæмæдæр æхсайы. Цæмæй та фыццаджы хуызæн ма рауайа, уый тыххæй, мæнмæ гæсгæ, рагацау бадзурын хъуыди Турчы хицауадимæ æмæ иннæ аз уалдзæджы кæнæ сæрды чи алидза, уыдон æнæсæрфатæй ма баззайой.

— Ууыл æз дæр хъуыды кодтон æмæ кæд уæлдæр хицауад сразы уа, уæд Муссæ Алхазович, дæхицæн цæугæ æрцæудзæн Константинопольмæ. Турчы хицауады минæвæрттимæ сæмбæлыны тыххæй.

Муссæ йæ сæрæй акуывта:

— Æз кæддæриддæр цæттæ дæн мæ цытджын паддзахы дзырд сæххæст кæнынмæ.

«Уæд дзы Туркмæ нæ лидзис уыцы цытджын паддзахæй», — йæхинымæр ыл худти Лорис-Меликов, фæлæ йæ цæсгом уæлдайхуызон дæр нæ фæцис. Æргомæй та æндæр ныхас кодта:

— Уырны мæ, зынаргъ Муссæ Алхазович — уыцы хъуыддаг дæуæй раздæр кæй никæмæн бахæс кæндзысты. Уый тыххæй нæм æндæр ныхасаг нал ис. Сæйрагдæр уый у, æмæ адæм цæмæй сразæнгард уой. Дæхæдæг дæр, стæй дæм хæстæг чи у, уыдон дæр сын æмбарын кæныныл ма ауæрдæнт, Туркмæ алидзын сын бирæ пайдадæр кæй у, уый. Æз мæхæдæг тагъд рæстæг цæуын Цæцæнмæ æмæ цы амал уа, уымæй бацархайдзынæн дæуæн фæахъаз уæвыныл.

— Бузныг, дæ иууылбæрзонддзинад. Æз мæхиуыл ницæмæй бацауæрддзынæн. Уырны мæ, адæм уалдзæгмæ цæттæ кæй уыдзысты, уый...

***

Уыцы сæмбæлды фæстæ Лорис-Меликов Кавказы Æфсады Сæйраг Штабмæ фыста: Турчы хицауады минæваримæ бадзурыны тыххæй арвитын хъæуы Куындыхаты Муссæйæн йæхи. Уый фæпайда уыдзæн дыууæ хуызы. Иуæй уымæй, æмæ Муссæ йæхæдæг Туркимæ тагъддæр æмæ æнтыстджындæрæй баныхас кæндзæн, комкоммæ йын пайда у. Иннæмæй та, кавказæгтæ тынгдæр баууæнддзысты, алидзын сын хуыздæр кæй у, уымæн æмæ сæ бауырндзæн, Куындыхаты Муссæ дæр дзæгъæлы кæй нæ лидзы. Облæсты хицау комкоммæ фыста: Куындыхы-фырт хицауиуæгдзинад уарзы, ам та йын уыцы гæнæнтæ нал ис. Адæм нæ ныхмæ куы сыстой, уæд уыдоны сæргъы не ’рлæудзæн, зондджын лæг у, æмæ йæ æмбары — уырысы æфсæдты ныхмæ бирæ фаг не суыдзæн. Йæ хуыздæр хос — лидзæг кавказæгты сæргъы æрлæууын æмæ афтæмæй семæ Турчы æрцæрын.

Цалынмæ писмотæ фæндагыл уыдысты, уæдмæ Муссæ сæмбæлди Осмæнты Садуллæйыл, Цугты Аксойыл æмæ иуцалдæр лæгыл æмæ семæ баныхас кодта:

— Хъуамæ мах, адæм цæмæй фервæзой, ууыл бацархайæм. Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ топпыхос кæд æмæ кæм схæцдзæн, уый бæрæг нæй, — дзырдта Муссæ. — Æгъгъæд у тугкалæн хæстæн. Пысылмæттæ стæм æмæ хъуамæ пысылмæттимæ цæрæм. Хъуамæ дзыллæ бамбарой, пайда сын цы у, уый...

Муссæйы æфсымæр Афæхъо дæр Цæцæны æхсæнæй нал цыд. Муссæ хорз æмбæрста — уырысы хицауад тынгдæр цæцæнæй тарстысты æмæ хъуамæ фылдæр адæм уыдонæй алыгъдаид.

Лорис-Меликов куыд куырдта æмæ куыд æнхъæл уыдис, афтæ тагъд Кавказы Æфсады Сæйраг Штабæй æрбарвыстой Куындыхаты Муссæйæн бар Константинопольмæ фæцæуынæн. Терчы облæсты хицауы зæрды уыдис, цæмæй уый иу бон дæр мауал бафæстиат уыдаид. Цæцæн та сабыр нæ уыдысты. Ныр схæцдзысты, уæд схæцдзысты, зæгъгæ, бирæтæ дзырдтой. Фæлтау Туркмæ лидзыныл суæнт, уæд сæ тохмæ нал æвдæлдзæн, суанг ма чи лидза, уыдонмæ гæсгæ чи нæ лидза, уыдоны дæр.

Хабар хъуыстгонд æрцыд Куындыхаты Муссæйæн. Æмæ йæ уый дæр бамбæрста — хицауад тагъд кæны, йæ фæстиат æхсызгон никæмæн уыдзæн. Бирæ рæстæг æй нæ бахъуыдис йæхи срæвдзæн æмæ сæрды ацыдис Константинопольмæ. Раздæр никæмæн ницы схъæр кодта, йæ балцы сæр цæмæн у, уый тыххæй. «Цымæ куыд цæрынц нæ «алидзæг адæм, стæй сæм Турк цы цæстæй кæсынц? Хъуамæ дзы искæйты фенон, стæй мæ хъуыддаг кæнын райдайдзынæн», — афтæ уыди йæ фæнд æмæ Одессæмæ араст и.

Муссæ сбадти францусаг науы. Уый уыди стыр, рæсугъд. Æрцахста дзы фыццаг къласы хæрзарæзт каютæ. Денджыз уыди сабыр, хуры тынтæм йæ цъæх уæлцъар налхъуыт-налмасау æрттывтытæ калдта. Муссæ цалдæр хатты рацыди палубæмæ, фæлæ æгæр сæнтæф æмæ та-иу уæд йæхи фыццаг къласы салонмæ байста. Уыцы ран минас кодтой европæйаг негоцианттæ, комиссионертæ, спекулянттæ. Уыдис дзы туркæгтæ дæр.

Турчы сæйраг сахар Стамбулмæ бахæццæ сты дыккаг бон аходæнтыл. Æрлæууыди Галаты наулæууæны. Муссæ рахызти иннæ пассажиртимæ иумæ. Уырдæм хæстæг баххуырста файтон æмæ бæхтæрæгæн цыбырæй загъта:

— Hotel...

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ файтон разылди стыр уынг Гран рю де Перамæ. Уынджы уыди æртыгай, фæндзгай уæладзыгджын агъуыстытæ æмæ йæ цæстытыл ауади Одессæ.

Муссæ æрæнцади рæсугъд уазæгуаты. Чысыл йæ фæллад куы суагъта, уæд сфæнд кодта сахары уыцы хайыл æрзилын. Баххуырста та файтон æмæ, йæхи фæстæмæ бадæны ауадзгæйæ, фæлгæсыд йæ алывæрстыл. Фæлæ иу чысыл рæстæджы фæстæ йæ фæнд аивта: йæ зæрдыл æрбалæууыд, Одессæйы Абысалты Хъуырманыл куыд сæмбæлд æмæ йын уый йе ’рвады кой куыд кодта, уый: царди Стамбулы Ускюдары. Йæхи аласын кодта Галатæмæ æмæ чысыл аив наугонды ахызти Ускюдармæ.

Абысалты Сæхмæн кæм цæры, уый, амындмæ гæсгæ зыдта, æмæ йæм комкоммæ бацыд. Хæдзар разынд егъау — дыууæуæладзыгджын. Уынг — сабыр уынг, кæд бон йæ тæккæ тынджы бацыд, уæддæр дзы бирæ змæлæг нæ уыди.

Муссæ дуар бахоста æмæ йæм иу лæг ракасти. Уымæн йæ уæлæ уыди хъулон туркаг дзаумæттæ, йæ сæрыл — фескæ-худ, йæ хæдонгонд сырхгомау æмæ даргъ цъæх хæлаф, йæ къæхтыл цыргъ, схъæлфындз дзабыртæ.

Уый æрбацæуæгмæ сдзырдта туркагау:

— Хицау цы агуры? — æмæ йæ сæрæй акуывта.

— Мæн хъæуы Абысалты Сæхмæн.

Лæг ын уайтагъд йæ ныхас айста:

— Сæхмæн-паша йæ фæллад уадзы. Ацафон Истанбулы алчидæр йæ фæллад уадзы.

— Пашайæн зæгъ — æз Уæрæсейæ æрбацыдтæн.

Лæг кувгæ-кувгæ фæфæстæмæ кодта æмæ уадидæгæн фæаууон. Муссæйы бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Фæзынд æндæр, бæрзондгомау нæлгоймаг, ууыл дæр — ахæм дзаумæттæ, фæлæ зынаргъдæр хъуымацæй хуыд.

— Ды агурыс Сæхмæн-пашайы, хезрет-ага? — уый дæр дзырдта туркагау.

— Æз. Дæ хорзæхæй, зæгъ ын, æз Кавказæй дæн.

Лæгæн йæ цæсгомыл цины нысан фæзынд æмæ та афарста:

— Кавказы кæцы адæмæй?

— Æз ирон дæн! — цыбырæй загъта Муссæ, уымæн æмæ ратыхсти хынцфарстæй.

— Дæ хуарзæнхæй, æцæгæй ирон дæ? — æвиппайды йæм фæци лæг дыгуронау, цыма йыл туркагау æууæндгæ нæ бакодта, уыйау.

— Ныронг ирон бæргæ уыдтæн, — æнæбары дзуапп радта Муссæ. Лæг бамбæрста, ахæм уазæджы уынджы дарын аив кæй нæу, уый æмæ фефсæрмы. Йæ мидбылты бахудт æмæ йæ хонын райдыдта:

— Медæмæ рацо, хезрет-ага, бахатир кæнæ. Сæхмæн-пашайæн æхцæуæн уодзæнæй æ бæстагбæл исæмбæлун.

— Æмæ ды та чи дæ? — афарста йæ Муссæ, йæ фæстæ мидæмæ цæугæйæ.

— Æз... — Лæг фæкъуыхцы. — Æз дæр ирон дæн, дигорон. Абисалтæй. Ме ’лдари хæццæ ами цæрун.

Лæг Муссæйы бакодта иу егъау уатмæ. Йæ цар уыди, бæрзонд, йæ рудзгуытæ кæртмæ арæзт, стыр æмæ тынг рухс, рæсугъд фæлгонцгонд. Рудзгуыты бакомкоммæ къулы рæбын — ныллæг тъахтингæндтæ, сæ уæлæ — хъулон-мулон персайнаг гауызтæ, сæ разы — дæргъæццон фынггонд, цавæрдæр зынаргъ дарийæ æмбæрзт, æмбæрзæны кæрæттæ цокорагондæй зæхмæ хæццæ кодтой. Бацæуæнæй рахизырдæм къултыл — гауызтæ, бакомкоммæ — скъапп, цавæрдæр сырх хъæдæй, уым цалдæр сæракцъар чиныджы зындис. Чысыл дарддæр — цавæрдæр чырынгонд.

Муссæ ныллæг тъахтиныл æрбадт. Мидæмæ йæ чи æрбахуыдта, уый йын йæ размæ чысыл æмæхгæд фынггонд æрбадавта. Уым уыди даргъ лулæ æмæ цыллæйы хуызæн тамако. Уайтагъд ын йæ тæф бамбудыдта.

— Табуафси... Хезрет-ага.

— Нæ мæ хъæуы, — къухæй ацамыдта Муссæ «ахæсс æй», зæгъгæ. — Нæ дымын.

Лæг фынггонд айста æмæ йæ къуымы æрæвæрдта, йæхæдæг дуары раз æрлæууыд æмæ уазæгмæ бакаст:

— Æз хъæбæр имисун нæ райгурæн зæнхæ. Æз дæн донифарсаг, сауæнгæ дæр мæ цæститæбæл гъазуй Уазай-хонх, абони дæр ма Масигони сауæдони адæ мæ зæрдæбæл лæууй... Куд-еу хизтон фонс Æвзагауи!..

Муссæмæ фæсдзæуины таурæгътæм хъусыны зонд нæ уыди. Уый дæр æй бамбæрста æмæ йæ ныхас аивта:

— Куд зæгъун æмбæлуй æлдарæн?

— Æз дæн Куындыхаты Муссæ.

Лæг ын йæ сæрæй акуывта æмæ дуарæй сыдзмыдзы ахызти.

Муссæ сыстад æмæ фæрссагæй акаст. Кæрт уыди хæрзæфснайд, цыдæр æнахуыр бæлæстæ йæм аууон дардтой. Сæ астæу уыди фонтан æмæ дзы цалдæр ранæй дон хæрдмæ цавта, йæ алфамбылай — сырхгомау мраморæй æмбондгонд. Йæ фарсмæ — рæсугъд арæзт беседкæ.

«Дыгуры, мæ лымæн, æвæццæгæн, афтæ нæ цардтæ, — ахъуыды кодта Муссæ. — Чи у Сæхмæн? Æз Абысалтæй зонын Алимырзайы, Хъуырманы. Фæлæ Сæхмæн...»

Æнæ уынæр скъаппы фарсмæ дуар байгом, æмæ Муссæ фехъуыста:

— Æгас цу, уазæг!

Муссæ фестъæлфыди æмæ, ныхас кæцæй фæцыд, уыцырдæм фæкаст. Комкоммæ йæм æрбараст ныллæггомау сырхцъар лæг, иу-дыууиссæдзаздзыд.

— Хуыцауæй арфæгонд у, — хистæрæн куыд æмбæлы, афтæ хиуылхæцгæ уæзданæй дзуапп радта Муссæ æмæ фысымы къух райста.

Муссæйæн цы базонын хъуыд — йæ разы хæдзары хицау кæй уыдис, уый æмæ йæм æдзынæг ныккасти: цæсгомæй йæ зоны æви нæ? Нæ, нæ зоны. Йæ разы лæууыд лæгуынсæр, тымбылдзæсгом, схъæлфындз нæлгоймаг. Уымæн дæр йæ уæлæ — æнахуыр дарæстæ. Йæ цъæх-цъæхид цæстытæ ма чысылтæй зындысты.

— Хъуыддæгты фæдыл æрбафтыдтæн ардæм æмæ, зæгъын, æххæст нæ ирон адæмы дæр бабæрæг кæнон. Хуыцау мæ фыццагдæр дæумæ æрбахаста, — фæстæмæ æрбадгæйæ æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Муссæ.

Фысым дæр йæ фарсмæ æрбадт.

— Кæрæдзийы бабæрæг кæнын нын хæс у. Абысалтæ æмæ Куындыхатæ кæддæриддæр æфсымæрты цард кодтой, хистæртæй сын-иу сæ кой арæх хъуыстон. Дæ хъæбатырдзинады хабæрттæ нæм чи нæ зоны!

Муссæйæн æхсызгон уыдысты Сæхмæны ныхæстæ, фæлæ та уæддæр хиуылхæцгæ, уæзданхуызæй загъта:

— Алы ирон лæг дæр цы бакæндзæн, æз дæр уымæй уæлдай æндæр ницæмæй фесгуыхтæн. Уæдæ йæ сæр знаджы нæмыгмæ чи æрæвæрдзæн?

Ныхас ныхасы къахта, Муссæйы базонын фæндыди, Стамбулы ирæттæй чи цæры, уыдоны тыххæй. Сæхмæны бафарста, куыд цæрынц, уымæй. Сæхмæнæн йæ фыд ныууагъта дзæбæх бынтæ æмæ сæ сызгъæрин фестын кодта. Стамбулмæ куы ’рбалыгъд, уæд балхæдта иу чысыл хæдзар, стæй стыр куырой. Куыройæ хорз пайда цæуы, фарон та ацы бæстыхæйттæ балхæдта, йæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц.

Муссæйæн куыд радзырдтой, афтæмæй ма Стамбулы царди цалдæр ироны, сæ иу — Хъаныхъуаты Мухтар, иу кæсгонимæ балхæдта сæракгæнæн æмæ бонæй-бонмæ сæ мулкыл æфты.

Сæхмæн уазæгæн Тугъанты хабæрттæ дæр радзырдта. Уыдон Хъарсы пæшæлыхъы дзæбæх зæххытæ балхæдтой, сæ фосы рæгъæуттæ дæр бабирæтæ сты...

— Бахатыр кæн, нæ буц уазæг, ныхæстыл дæ фæдардтон, — æфсæрмхуызæй загъта Сæхмæн æмæ йæ къухтæ цалдæр хатты кæрæдзиуыл æрхоста. Уæдмæ уатмæ æрбахызт, Муссæйы мидæмæ чи æрбахуыдта, уыцы лæг. Сæхмæн æрбацæуæгæн кæртмæ ацамыдта æмæ уый дæр фæстæмæ фæдуарæдде.

— Бузныг, Сæхмæн, фæрсгæ дæ æз куы фæкодтон. Мæ зæрдæ æхсайы, нæхионтæй ардæм чи ралыгъд, уыдонмæ. Æмæ куыд кæсын, афтæмæй уын ницы у.

— Иунæг кадджын хуыцауæй разы, сæрæн чи разынд, уыдон цардæй хайджын сты, мах ирон адæм дæр дзы ницæмæй цух баззадысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.