Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 3 страница



— Ардыгæй куы цыдыстут, уæд уæм фос, мулк уыдис? Ныр та?!. Фæстæмæ здæхут мæгуыргуртæй, ам уын, куыд нæ, исчи сцæттæ кодта æмæ бар-æнæбары абырджытæ суыдзыстут, адæмы стигъдзыстут, истæмæй цæрын уæ хъæуы уæдæ!

«Цæмæн зæгъы, абырджытæ суыдзыстут, зæгъгæ, мæнæ куы ис, цæмæй æмæ цы бакусон, уый, мæхи дæр æмæ мæ бинонты дæр куы фæдардзынæн, уæд? — хъуыдытыл фæци Хасан. — Ацы афицер æцæг уырыссæгты хуызæн нæу, цыдæр æм ис туркæгтæй, — æмæ æрымысыди Андрейы, йæ ныхæстæ. — Уæдæ уый бынтон æндæр адæймаг куы у. Æвæццæгæн, уырыс дæр иухуызон не сты. Бартæ æмæ цард адоны къухты ис, Андрейтæм дзы ницы хауы, цума уæвын йеддæмæ».

Хасанæн йæ зæрдыл æрлæууыди, сæ сыхаг Саукуыдз-иу кæимæдæрты, уæлдайдæр Дзæрæхмæт-хадзыимæ куыд сбыцæу ис, уый. Фендджын лæг уыд æмæ-иу арæх дзырдта: уырыссаг адæм ирон адæмæн знæгтæ никуы уыдысты, иры разагъды лæгтæ, дам, дард уырысы бæстæм сæхæдæг фæцыдысты, хæларæй цæрæм, зæгъгæ, уый тыххæй. Ау, уæдæ уал æмæ уал азы Кавказы адæмты ныхмæ цæмæн хæцынц, кæд уырыс афтæ хорз сты, уæд? — йæ ныхмæ-иу æрлæууыдысты быцæугæнджытæ.

Хасан, куыд уыдта, афтæмæй Саукуыдзы тынг фæндыди, адæм æй куы æмбæрстаиккой æмæ æцæгдзинад куы зыдтаиккой, уый.

— Æз ахæм адæймаг æнхъæл нæ дæн, — дзырдта-иу уый зæрдиагæй — æмæ йæ хæдзар, йæ бинонты, йæ фæллой чи ныууадза, хæсты чи бацæуа æмæ йæ риу ницæй тыххæй топпы дзыхмæ чи æрæвæра. Цы хорздзинад фендзæн мæнæ мæ хуызæн хуымгæнæг уырыссаг лæг хæстæй, кæй ныхмæ фæнды куы уа, уæддæр? Кæнæ сау нæмыг, кæнæ карды цæф.

— Ды, Саукуыдз, кæй фарс хæцыс, уыдонмæ æндæр зонд ис. Сæхи ма сын афæрс, цымæ тынг уарзынц мах, — смæсты-иу Дзæрæхмæт-хадзы.

— Адæм се ’ппæт иухуызон не сты. Махмæ дæр афтæ у. Æз, фæллой чи кæны, уыдоны тыххæй зæгъын, — нал-иу састи Саукуыдз дæр. — Йæ бинонты æххормагæй чи ныууагъта æмæ æндæр адæмы ныхмæ хæцынмæ кæй ратардтой, уый не знаг нæу. Знаг, тæргæ йæ чи ракодта, уый у — махæн дæр æмæ уымæн йæхицæн дæр. Мулчы фæдыл чи цæуы, уымæ мацы хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæс...

Хасан арæх нæ хъуыста ахæм ныхæстæ æмæ сæ уæд не ’мбæрста. Ныр бирæ цыдæртæ федта, бирæ цыдæртæ бавзæрста æмæ сæ, йæ зæрдыл лæууынгæнгæйæ, хорз райдыдта æмбарын. Йæ цæстыл ауад Тугъанты Солтан, сæ хъæумæ адæмы æххуырсынмæ куыд æрбацыди. «Цы хъауджыдæр ис Солтан æмæ туркæгтæй: уый дæр æлхæны адæмы, æцæг уæздан ныхæстимæ, мæнæ, дам, æфсымæртау кæрæдзийæн феххуыс уæм, — загъта йæхинымæр Хасан. — Солтанæй раздæр дын мæнæ Андрейы хуызæттæ æфсымæрау фæуыдзысты... Уæдæ цард тугæй æмæ адæмыхаттæй нæу, нæу, æндæр цыдæр дзы хъæуы, сæ кæрæдзийы кæмæй æмбарой, ахæм цыдæр».

III

Хасаны цинæн кæрон нал уыди, сæ хъæуы хицау Баслианы куы федта, уæд. Уый лæууыди кæрты, агъуысты асинтæм хæстæг æмæ цавæрдæр уырыссаг афицеримæ ныхæстæ кодта. Дзæгъæл рацу-бацутæ нæ уагътой ахст адæмы, фæлæ уæддæр Хасанæй уый айрох æмæ Баслианмæ атындзыдта. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм ссыди, исдуг ницы сдзурын бафæрæзта, стæй тыххæй-фыдæй загъта:

— Баслиан!..

Уæвгæ йын æгæр хъæрæй рауад, кæд æм Баслиан хæстæг уыд, уæддæр. Лæг æм фæкасти æмæ дисы бацыд, — уый чи уа, цы йыл æрцыди? Уалынмæ йæ размæ æрбахæццæ чъизитæ, скъуыдтæ дзаумæттæ æмæ дзабыртæ йæ уæлæ кæмæн уыди, ахæм халасрихи адæймаг, йæ къухтæ йæм бадаргъ кодта:

— Баслиан!.. Баслиан!.. Нал мæ базыдтай æви? Æмæ йе ’рттивгæ цæстытæ доны разылдта.

Баслианы цæсгом фезмæлыд, йæ ныхы æнцъылдтæ арфдæр фесты, фæлæ сдзурын йæ къухы ницыма бафтыд.

— Æз Хасан дæн... Цураты... Хъазмæхæмæты фырт.

— Хаса-ан! — ныддис кодта Баслиан æмæ йæм кæсгæйæ баззад.

Хасаны къухтæ хъилæй баззадысты, стæй йын хауæгау æркодтой, йæ цæсгомыл цы туджы цъыртт уыд, уый æрбайсæфти æмæ цæстытæ басур сты.

— Нал мæ базыдтай... — фæсус хъæлæсæй загъта Хасан æмæ иннæрдæм азылди, цыма æфсæрмы фæци, уыйау.

Баслианæн зын куыд нæ уыдаид, кæддæр йæ разы чи рæзыд, уыцы адæймаджы афтæмæй фенын!

— Уый цы хуызæн сдæ, Хасан, дæ ныййарæг мад дæр дæ куы нал базондзæн.

— Не ’мдингæнæг æфсымæрты хъарм хъæбыстæ æмæ цинтæ мын нæ фæтадысты æмæ ма сæ мæ уд тыххæй раирвæзти.

Баслиан æй бамбæрста æмæ уырыссаг афицермæ бакаст. Уый Хасанмæ ацамыдта.

Баслиан Хасанæн загъта:

— Ардæм мæм дæ хъуыддаджы фæдыл фæсидтысты. Уæгъд дæ кæнынц, цалынмæ дын дæ хъуыддаг равзарой, уæдмæ. Æз сын хъуамæ дæу тыххæй æууæнчы гæххæтт радтон. Чысыл мæм ам фенхъæлмæ кæс, къæнцылармæ бауайон, — æмæ афицеримæ агъуыстмæ бацыдысты.

Хасанæн, йæ къухтæ дæлæмæ ауыгъдæй баззадысты æмæ сæ фæдыл ныджджих.

Афицер æмæ Баслиан агъуысты уæттæй иумæ бахызтысты. Афицер æрбадт стъолы уæлхъус, стæй йæ уазæджы дæр сбадын кодта æмæ йæм иу гæххæтты сыф радта. Уым фыст уыди. Баслиан æй бакаст: «Я, нижеподписавшийся, даю сию Управлению Осетинского округа в том, что беру на свое поручительство вышедшего из Турции осетина Хасана Цурова впредь до последования о нем распоряжения Высшего Начальства и при первом востребовании обязуюсь доставить его куда мне будет приказано, в том и подписуюсь, июня 27 дня 1864 года, город Владикавказ».

— Мæнмæ гæсгæ дын æмбæрстгонд у, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Окруджы хицау йæ бæрзонддзинад булкъон Терчы бæстæйы хицауæй куры, цæмæй, Туркæй чи здæха, уыдон фæстæмæ æрвыст цæуой. Амæн дæр йæ хабар афтæ рауайдзæн, — æмæ йæ къухæй гæххæтмæ бацамыдта.

Баслиан æй нæ бамбæрста.

— Æмæ кæд йæ бон уым цæрын нæу, уæд цы бакæна уæдæ? Кæй цы бахъыгдардзæн ам?

Афицер ын дзуапп радта:

— Иуæн бар куы радтай, уæд иннæтæ дæр ныххæлæф ласдзысты æмæ дыууæрдæм кæндзысты. Сæ бынтæ хæрд фæуыдзысты æмæ ам абырджытæ суыдзысты.

Баслиан ницуал сдзырдта гæххæтты йæ къух æрæвæрдта, стæй хæрзбон загъта æмæ æддæмæ рацыди. Уайтагъд Хасаны федта æмæ йæхинымæр загъта: «Цард æй афтæ фæравзон-бавзон кодта, æмæ абырæг нæ, фæлæ хуымæтæджы адæймаг дæр нал у. Уæддæр дзы мæн та цæмæн нытътъыстой ацы хъуыддаджы, цы йын сæ зæрды уыд, уый йын æнæ мæн кодтаиккой... Лæгмæ фыдбылыз кæцæй нæ кæсы».

Йæ сагъæстæ йæ цæстæнгасыл фæзындысты Баслианæн. Хасан фæстаг заман сахуыр: алцæмæ бæлвырдæй æмæ æнæууæнкæй касти, базыдта чысыл ивддзинæдтæ фиппайын. Æмæ ныр дæр рахатыдта, Баслиан раздæры Баслиан кæй нал у, уый: бамбæрста, цыдæр кæй фæхъыгдары, уыцы адæймаджы цæстæй йæм кæй кæсы, уый.

«Нæхимæ ма куы ныххæццæ уаин, æндæр хорздзинад мæ нал хъæуы, уæд-иу цыфæнды цæстæй дæр кæсæд, мæнæн ницуал хъауджыдæр у», — загъта Хасан æмæ ууыл йæ мæт нал уыди, цыма бæстыл Баслиан уæвгæ дæр нал ис, афтæ æнцад йæхицæн бадт. Базмæлыди, йæ райгуырæн хъæу æм куы разынди, уæд.

Хуры рæсугъд цалхау фæхицæн ис зæххæй Хасаны райгуырæн хъæу. Сæнт цъæх сыфтæрджын бæлæсты æхсæнæй ног чындзытау кастысты урскъул хæдзæрттæ рухс кувæндæттау сæрыстыр æмæ бæрæгбонхуызæй. Адæймагмæ афтæ касти, цыма йæ бынты кæлы узæлгæ фурд æмæ хъæуы æмраст даргъ уынгтæ уый сыгъдæг уылæнты сæхи найынц. Фурдæй хæдзæртты æхсæн хурæфсæст фæлм фæлхъæзæнтæ хæссы æмæ доны ныгъуылы...

Дард фæндæгтыл цы бирæ бæстæтæ федта, уыдоны ахорæнтæй бирæтæ уадысты йæ цæстытыл, фæлæ уыдоны æхсæн иу дæр йæ райгуырæн хъæуы аккаг нæ разынид, афтæ йæм касти, цыма йыл сæ иу не сфидаудзæн. Нæ райста уыцы ахорæнтæй йæ зæрдæмæ иу дæр, никуы дзы фæхицæн сты сæ хъæуы алæмæты ахорæнтæ, арф бынат дзы æрцахстой æмæ се ’ппæт иннæ дунейы ахорæнтæн сæ бон ницуал баци уыдоны раз.

Хъæу кæнæ йæ алфамбылай цы къохтæ уыд, Хасан æрмæст уыдоны нæ уыдта. Уый бафиппайдта суанг чысыл къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ дæр. Фыццаг хидыл куы бахызтысты, уæд галиуырдыгæй ауыдта куыройы фыды къæртт æмæ чысыл ма бахъæуа, бахуда — иу хатт родтæ йæ коммæ нал кастысты æмæ сæ куы асырдта, уæд уыцы дурыл йæ рахиз къах скъуырдта; дæ фыдгул афтæ — стыр æнгуылдзæн йæ пырх акалди. Сæхимæ дæр къуылых-къуылых æрцыди.

Бæстыл æндæр ницуал баззади Хасанæн, æндæр ницуал уыдта æмæ хъуыста. Баслиан ын цытæ дзырдта, суанг уыдæттæ дæр. Уый та-иу ногæй-ногмæ райдыдта:

— Афтæ, гъе, Хасан, хъуамæ дæхи хорз дарай, — æваст дæм макуыдæм цæуынвæнд уæд... Мæныл хицауад æууæндынц æмæ дæ мемæ рауагътой, гæххæтт сын радтон дæу тыххæй.

Хасан чысылгæйтты æрæмбæрста, цыдæр æй кæй хъыгдары, уый. Йæ цæстæй цы уыдта, уыимæ абаргæйæ, дунейыл æндæр хорздзинад кæй нæй, уый йæ зæрдæ зыдта, æмæ йæ цæсгом уайтагъд йæхигъдауæй фæтар, йе ’рфгуытæ сабыргай кæрæдзийы ацахстой. Афтæмæй йæ федта Баслиан æмæ йæхинымæр загъта: «Æвæццæгæн, мæгуырæг, бынтон скъуымых æмæ йæм ныхас дæр нал хъары». Хъæрæй йæ бафарста:

— Бамбæрстай, Хасан?

Хасан йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ уымæй фæстæмæ ницуал федта. «Ам дæр никæйуал хъæуын, рынау мæ тæрсынц, куы ницы фыдбылыз нын фæуид, зæгъгæ», — æмæ арф ныуулæфынмæ хъавыд, фæлæ фæкъуыхцы æмæ банкъардта, мидæгæй йын цыдæр уазал йæ зæрдæ куыд æрбалвæста, уый.

Бæхтæ куыд æрлæууыдысты, уый Хасан æвиппайды нæ бамбæрста, цалынмæ йæм Баслиан не сдзырдта, уæдмæ:

— Æрбахæццæ стæм. Мæнæ дæ фыды хæдзар.

Хасан цыма æваст фехъал, уыйау ницы æмбарæгау бакаст дзурæгмæ. Стæй сæ кæрты дуар федта, бахудт æмæ уæрдонæй рахызти.

— Бузныг, Баслиан...

— Мæ ныхæстæ дæ ма ферох уæнт. Цæй, фендзыстæм ма. Дæ фæллад уал суадз, — æмæ Баслиан дарддæр ацыд.

Хасан фыццаг нæ бафиппайдта, сыхæгтæ йæм алырдыгæй куыд цыдысты, нæ фехъуыста, Баслиан, чи йыл æмбæлд, уыдонæн йæ хабар куыд дзырдта, стæй кæрты дуары сæрты Мæцыхъомæ куыд фæсидти, уыдæттæ.

— Чи ма дæ базыдтаид, Баслиан нын æй куы нæ загътаид, уæд, — тындзгæ йæм æрбацæйцыд Саукуыдз, стæй куы æрбахæццæ, уæд æй йæ хъæбысы акодта.

Хасаны æрфгуытæ кæрæдзийæ фæхицæн сты, æрæмбæрста та, кæм ис, уый æмæ Саукуыдзы йæ хъæбысæй нал уагъта. Лæг бамбæрста, лæппу (æрыгонæй йын баззад) куыд ризы, уый æмæ йын йæ фæсонтæ бахоста.

— Дæхиуыл фæхæц, мæ хур, адæм дæм фæрсынмæ цæудзысты æмæ дæ афтæмæй куы уыной...

Хасан æмæ Саукуыдз кæрæдзимæ кастысты. Лæппуйы цæстыты уыди цæссыгтæ.

Уалынмæ рауад Мæцыхъо дæр. Кæд Хасаны нæ базыдта, уæддæр æм йæ зæрдæ фехсайдта, стæй, «мæнæ уæм æнахуыр уазæг», зæгъгæ, Баслианы ныхæсты фæстæ фæгуырысхо — йе ’фсымæры фырт у.

— Хасан! — фæхъæр ласта Мæцыхъо.

Лæппу йæм фæкаст æмæ уый æрдæм фæзылд. Цалдæр къахдзæфы ракæнын ма йæ къухы бафтыд æмæ йæ фыды æфсымæры хъæбысы фегуырди...

Кæртмæ куы бацыд, уæд Хасан федта Дзæнæтханы — уый ноджы фæрæсугъддæр, ноджы фæхæрзхуыздæр. Афтæ амондджын æнгас ын уыди, æмæ лæппуйæн йæ зæрдæ срысти: йæ мад æмæ йæ хо та, Асиат та...

Фæстагмæ ма кæрты баззадысты хионтæ. Мæцыхъо æрвадæлтæй иуæн фыс æрбаргæвдын кодта æмæ йыл архайын байдыдтой. Æрвадæлтæй иу, Хасанæн йæхи æмгар, сæхицæй сæрдасæн æрбадавта æмæ йæ æрдаста.

Фынгтæ куы æрæвæрдтой, уæд фæзынд Тепсарыхъо дæр. Мæцыхъо йæм æрвитгæ акодта, уый Хасан нæ зыдта. Хистæрæн дæр уый бадти. Нуазæнимæ бирæ фæдзырдта, фæлæ дзы Хасан æрмæстдæр фехъуыста:

— Нæ бæлццон нæм не ’фсымæртæй, нæ æмдингæнджытæй æрбацыд æмæ йæ иунæг кадджын стыр хуыцау амондджын уацхæссæг фæкæнæд. Рæхджы кæрæдзийы рухс цæсгæмттæ куыд фенæм, уыцы хорздзинад хуыцауæй курдзыстæм æмæ-иу нæ куывд хъабыл фæуæд.

«Уацхæссæг?.. Кæд мæнæй зæгъы?.. Æмæ уæд кæй рухс цæсгом фенынмæ бæллы? — Хасан стыхсти. — Ау... Туркмæ?.. Нæ, нæ. Æз сæ нæ бамбæрстон. Афтæ чи сæрра, æмæ дыууæ куыройы фыды æхсæн йæ сæр тъысса? Нæ, уый нæ уыдзæн. Радзурын сын хъæуы, турк цы сты, уый».

Хъуыддаг ын бынтон рабæрæг и, Мæцыхъоимæ иунæгæй куы баззад, уæд. Мамсыраты Ахмæт æмæ Тепсарыхъо адæмы сразы кодтой Туркмæ алидзыныл. Фарон не срæвдз сты æмæ ныр сæ хъуыддæгтæ кæнынц, чысыл цыдæртæй фæстæмæ цæттæ сты, Мæцыхъо дæр сæ фос æмæ сæ дзаума уæйыл нæ ауæрста, æрмæст ма фæндагмæ цы хъуыди, уыдон ныууагъта. Суанг хæдзар æлхæнæг дæр ма ссардта, аргъæн йе ’мбис райста.

Уыдæттæ Хасан фехъуыста йæ фыды æфсымæрæй æмæ исдуг æдзæмæй фæбадти, йæ бон бамбарын нæ уыди, барвæндонæй куыд сразы уæвæн ис сæр фесафынмæ Туркмæ алидзыныл.

Æрæджиау Мæцыхъойæн загъта:

— Ау, никуы ницы фехъуыстат, Турк цавæр бæстæ у, уый тыххæй? Фыдызнагæн дæр цæст куы нæ бауарздзæн уыцы бæллæх.

Мæцыхъо æнæмбаргæйы каст кодта.

— Ам афтæ дзурынц, æмæ пысылмон адæмæн æндæр фæлæууæн ран никуал ис. Дæумæ æндæрхуызон цæмæн фæкаст, нæ зонын.

Уæд Хасан радзырдта, цыдæриддæр бавзæрста æмæ федта, уыдон.

— Хабæрттæ махмæ дæр хъуыстысты æмæ йæ зыдтам, фыццæгты хабар афтæ цæмæн рауад, уый дæр. Турк ницыма зыдтой æмæ æвиппайды сæ уæлхъус куы балæууыдыстут, уæд ма уын цы акодтаиккой? Ныр нæм сæхæдæг сидынц.

— Уæддæр афтæ дзырдтой: «Пысылмæтты ирвæзынгæнæг Турчы солтан нæм сиды æмæ йыл нæхи бафæдзæхсæм». Фæлæ дзы цы рауад?!.

Мæцыхъо йемæ не сразы:

— Ды хъуыддæгтæ нæ бамбæрстай. Ныр, дам, туркæн сæхиимæ ныхасгонд сты. Æмæ æз дæуæн дæр уый тыххæй æрбаздæхын æнхъæл уыдтæн. Нæ зæронд дæ, зæгъын, кæд махмæ рарвыста.

— О, рарвыста, æнæуи дæр уый æфсонæй рацыдтæн... Фæлæ макæй коммæ бакæс, дæ сæр ма фесаф, æнцад цæр дæ бинонтимæ... Æз дæр сæм аздæхинаг нал дæн. Дзыцца æмæ Дзерассæйæн исты амал хъæуы, уырысы хицауад мын кæд баххуыс кæниккой.

Мæцыхъо йæ дарддæр дзурын нал бауагъта:

— Сæ иуыл — хъисын, се ’ннæуыл — пæлæз, фæлæ та уæддæр турк не ’мдингæнæг сты. Стæй ныр цæуын кæй фæнды, уыдоны ничиуал бауромдзæн, къуылымпыгæнджытæ сæ уыди, фæлæ ма ныр исчи искæмæ хъусы!.. Мах дæр цæуын бахъæудзæн, — загъта Мæцыхъо. — О, хæдæгай, дæуæй дæр зæгъын. Баслиан мын куыд дзырдта, афтæмæй дын ам ныллæууæн нæй.

— Мæн Туркмæ ничиуал асайдзæн, мæ сæры зонд раджы бацыд. Уырысы хицау дæр мæ бамбардзæн.

— Æз цы уырысы зонын, уыдон, гæнæн сын куы уа, уæд махмæ адæймаджы ам нæ ныууадздзысты, не ’ппæты дæр абырджытæ хонынц æмæ сæ уд хъарынц махæй фервæзыныл.

Мæцыхъо уыдта, йæ ныхæстæ æппындæр Хасанмæ кæй нæ хъардтой, уый æмæ мæсты кæнын райдыдта: «Æвæццæгæн, уым дæр сæрхъæн митæ æмæ ныхæстæ кодта æмæ фыдцæрдтытæ бавзæрста, уый йеддæмæ иннæтæй куыд ничиуал раздæхт, куыд нæ хъæр кæнынц фæдис? Нæ фæлæ рагæй дæр йæ зæрдæ æндæр цæмæдæрты æхсайы, адæмæн фаг цы у, уый йæм æгъгъæд никуы касти». Цы ма йын загътаид, уый куынæуал зыдта, уæд ын йæ цæстмæ бадардта:

— Æмæ дæ мад, дæ хойы æцæгæлон бæсты дзæгъæлæй уадзынмæ хъавыс?! Æви мах æрмæст уыдоны мæт уыдзæн, нæхионты ныууадздзыстæм?!.

Хасан ницы дзуапп радта йæ фыды æфсымæрæн. Æрмæст куы схуыссыд, уæд ыл хъуыдытæ сæхи ныккалдтой: «Алкæмæн дæр йæхион ис, иуы иннæйы мæт нæй æмæ мæ ныхæстæй дæр ницы рауайдзæн. Мæнгæй нæ акæнынц — арв куы нæры, уæд алчи йæхи гоны фарс хойы».

«Ай фыдбылыз у йæхицæн дæр æмæ иннæтæн дæр. Цы хуыцау ма йæ æрхаста ардæм, уый дæр нæма бавзæрстам. Ныр бæллæх нæ уыдзæн йемæ», — тыхсти Мæцыхъо...

***

Ничи æмбæрста Хасаны, йæ ныхæстæ йын ницæмæ дардтой. Мамсыраты Ахмæт ма суанг уайдзæфтыл дæр нæ бацауæрста:

— Лæппу, ницы бамбæрстай, афтæмæй дæхицæй адæмæн уынаффæгæнæг сарæзтай. Нæ дын æмбæлы, æмæ дзæгъæлы дзæнгæда мауал цæгъд.

Хасан æм сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йыл Тепсарыхъо уыциу хъæр фæласта:

— Ахъуытты у ардыгæй, къулбадæг, стæй нæ уæд дæхимæ æрыхъусын кæн. Иунæг кадджын хуыцау, мæнæ адæм куыд сæфынц, сæдзæсгом сты. — Стæй Хасан сæргуыбырæй куы ацыди, уæд йæ хъуыды æргомдæр загъта: — Ме скæнæг хуыцау, ард мæ нæ хæрын кæныс, фæлæ ацы лæппуйыл цыдæр æрцыд, зондæй æххæст нал у...

Æмæ хъæуы бирæтæ сусу-бусуйыл сысты: «Цуратæн, мæгуыр, Хасан куыд сæрра; æдзухдæр, дам, йæ цæстытыл цыдæртæ уайы æмæ йын Турчы æфсон фæвæййынц. Афтæмæй цы дзæбæх лæппу уыди! Чи дзы æнхъæл уыд уый?»

Уыцы ныхæстæ Хасаны хъустыл æрцыдысты æнахуыр хуызы. Уый хъазыди Мæцыхъойы дæсаздзыд сабиимæ. Хасан ын йæ нымæтхуд йæ сæрæй фелвæста æмæ йæ йæхи худы уæлæ авæрдта. Лæппу худмæ йæхи ивæзта, сгæпп æм-иу ласта æмæ йæ къухы куы нæ æфтыд, уæд Хасанмæ æвзæр дзыхæй сдзырдта.

Хасан æй рацахста.

— Афтæ ма дзур, худинаг у. Афтæ æвзæр сывæллæттæ дзурынц æмæ сæ фæнæмынц, — уайдзæфтæ йын кодта.

Саби йæхи атон-атоныл фæцархайдта, стæй хъæрæй ныккуыдта. Сывæллоны цъæхахстмæ Дзæнæтхан рауади æмæ Хасанмæ, цыма йæ йæ цæстæнгасæй ахуынкъ кæнынмæ хъавыди, уыйау бакаст, фæлæ йæм ницы сдзырдта. Йæ хъæбулмæ фæци:

— Рауай ардæм, уыцы æррамæ хæстæг ма цу.

Хасан ныххудти:

— Æррайы ном мыл куы авæрдтай, Дзæнæтхан.

Ус йæ былтæ фесчъил кодта:

— Æз дыл ницы авæрдтон, мах дæр æй адæмæй фехъуыстам...

Хасан хъазын æнхъæл уыд æмæ уыцы худгæйæ сылгоймагмæ каст. Уый сывæллоны къухыл ныххæцыд æмæ ацыдысты. Хасан иунæгæй куы баззад, уæд дис байдыдта:

«Ау, мæ зæрдæ сын хорздзинад кæй фæнды, уый тыххæй мæ æрра схуыдтой? Æмæ сæ мæхицæн куы ницы агурын... Нæ, мæнæн ам цæргæ нал у. Мæ фыды æфсымæры дæр нал хъæуын, йе ’фсин дæр лæджы зондæй дзуры, уый йеддæмæ раздæр афтæ куы нæ уыд. Нæ, нæ, нал ис мæнæн ам фæлæууæн... Туркмæ нæ, фæлæ кæд ноджы дарддæр лидзынц, уæддæр сæ бар ис...»

Мæцыхъойæн йæ фæнд загъта:

— Кæд ма мæм мæ фыды фæллойæ исты хай хауы, уæд мын иу бæх æмæ топп радт. Æндæр мæ ницы хъæуы... Дæу дæр нал тыхсын кæндзынæн.

— Æмæ Туркмæ та?

— Туркмæ дæр исты амал уыдзæни!..

«Кæдæм æй фæнды, уырдæм йæ бар йæхи, — скарста Мæцыхъо, — цалынмæ мын ницы фыдбылыз æрхаста, уæдмæ...»

Хасан балцмæ куы срæвдз, уæд ацыд уæлмæрдтæм. Æрлæууыди йæ фыды ингæны раз æмæ йæм дзырдта: «Æнхъæлдæн æмæ дæ никуал фендзынæн... Мæ уды йас кæй уарзтон, уыцы хъæубæсты æхсæн мыл æррайы ном сбадти, уацайраджы уавæры бахаудтæн. Цы ма чындæуа ныр?.. Æмæ уал мæхи искуыдæм уæддæр аппарон...»

Йæ рахиз къухæй цыртмæ бавнæлдта, иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй ацыди, ингæнмæ иу хатт дæр нал фæкаст, афтæмæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.