Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 14 страница



«Цард мæ хынджылæг кæны, — сдзырдта йæхинымæр Хасан. — Мæнæ гæды мыст куы æрцахсы, уæд ма йын уый дæр афтæтæ байдайы: ауадзы йæ æмæ уый куы алидзы, уæд та йæ рацахсы. Стæй та ноджыдæр æмæ ноджыдæр, цалынмæ йæ къахыл нал лæууы, уалынмæ... Æз дæр, æнхъæлдæн, афтæ сдæн... Цы ма мын баззад цымæ бавзаринагæй, стæй ма цымæ ахæм цард бирæ ахæсдзæни?»

Барджытæ уырысы фидар иуварс фæуагътой æмæ Салийæ дзæвгар аивгъуыдтой. Комы уыди сабыр, скодта рæсугъд фæззыгон бон. Хур уыцы фæлмæнæй йæ тынтæ нывæзта æмæ бæрзонд бæлæсты цъуппытæ сызгъæрин донæй рацахуырста. Хасан касти йæ алывæрстæм, æрдзы аив нывтæ йæ зæрдæ афтæ тынг айста, æмæ йæм иудзæвгар рæстæг сæ бæхты къæхты уынæр дæр нæ хъуысти. Æрмæст æм афтæ касти, цыма йе уæнгтыл цавæрдæр уаргъ æвæрд ис æмæ-иу ацархайдта сæ фезмæлын кæныныл, цыма йæ исчи саргъмæ бæтгæ бакодта æмæ йæ фервæзын фæнды, уыйау. Фæлæ-иу фæстæмæ æрсабыр — йæ цæф тынг рысти.

Аргъуыны доны былты комы иуцасдæр куы бауадысты, уæд Уази бæхтæ фæурæдта.

— Чысыл нæ фæллад суадзæм, — загъта Уази, йе ’мбалы фæлурс цæсгоммæ фæкомкоммæ уæвгæйæ, — лæппу зынæй фæрæзта бæхыл бадын.

Уази йæм фæкасти рахизынмæ. Хасан стыр фатхъæд бæласы бын нымæтыл йæхи æруагъта. Цалдæр къахдзæфы дарддæр æртæ ранæй уадысты суадæттæ æмæ хицæнтæй, цыма кæрæдзиуыл не ’рвæссыдысты, уыйау сæ фæндаг адардтой стыр донмæ. Хасанæн йæ ком ахус æмæ афæлтæрдта сыстыныл, фæлæ йæ Уази бафиппайдта:

— Дæ фæллад суадз, дон дын æз авæрдзынæн.

Хасан ын йæ уазалæй зыдæй анызта æмæ йын бæлвырд фенцондæр, йæхи галиу фарсыл æруагъта, йæ былтыл ауади цавæрдæр туаг тæф: «Æвæццæгæн, цы сыфтæр фезгъæлди, уый уымæлы тæф ссыд». Сыфтæр дзы бирæ уыди — алфамбылай хъæд. Тæрс, сывылдз, фатхъæд, тæгæр æмæ æндæр бæлæстæ арвыл æндзæвыдысты. Сæ цъуппытæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Уым адæймаджы къæвда æрæййæфта, зæгъгæ, уæд дзы уарыны дон бирæ рæтты хъаргæ дæр не ’ркодтаид. Хуры тынтæ дзы зæхмæ æрмæст ранæй-рæтты хаудысты, уый дæр Аргъуыны былгæрæттæм хæстæгдæр æмæ бирæ рæттæй доны уæлцъар æрттывта. Æрра дон йæхи дуртыл кæм хоста, уым та тынтæ доны æртæхтимæ уæлдæфы хъазыдысты.

Уази бæхтæм зылд фæци, бæрзонд кæрдæг сын къухæй æртыдта æмæ сын æй сæ разы æвæрдта, уыдон æй хæлæфæй хордтой. Йæ зæрдæ сæм куы нал æхсайдта, уæд Хасаны фарсмæ æрбадт.

— Нæ хъуыддаг нæ ацыд, ме ’фсымæр... Ехх, фæлтау!.. — æмæ дæндагæй йæ рахиз къухы фыдыл ныххæцыд...

Хасан ын фæтæригъæд кодта:

— Ма тæрс, Уази, афтæ стыр бæллæх нæу, ницы та мын уыдзæн.

— Хуыцауы бафæндæд, — лæгæн йæ цæсгом фæрухсдæр. — Нæ фæд нæ бааууон хъæудзæн æмæ ме ’рдхорды хæдзармæ цæуын сфæнд кодтон... Мæхи хæдзары хуызæн у. Дæ фысымæй бузныг уыдзынæ, ма тыхс... Æндæр гæнæн нæй...

— Дзæгъæлы тыхсыс. Æз алы ран дæр бафæраздзынæн, ноджы сæ афтæ кæм æппæлыс, уый та уæлдай хуыздæр.

Фæндагыл сæ размæ фæци къаннæг цæугæдон. Уый былыл рахизырдæм уынгæг коммæ фæзылдысты.

— Бирæ нæ нал хъæуы, ме ’фсымæр, тагъд ме ’рдхорды хæдзарыл сæмбæлдзыстæм, — зæрдæтæ йын æвæрдта Уази.

Хасан бафæллад, йæ цæстытæ-иу атартæ сты, фæлæ ницы дзырдта.

Изæрырдæм барджытæ бахæццæ сты иу хъæумæ. Иу хæдзары раз æрлæууыдысты æмæ Уази мидæмæ бахъæр ласта:

— Батырджери, ам дæ, цы?!

— Ам, ам! Кæцы дæ уый?! — рауад кæртæй иу бæрзондгомау лæг.

Уый уыди Инæрыхъоты Батырджерийы хæдзар æмæ дзуапп радта фысым йæхæдæг.

— Мæнæ диссаджы уазджытæ! — сцин кодта Батырджери æмæ Уазиимæ кæрæдзийыл куы ныттыхстысты, уæд Хасан фæкъул æмæ æрцæйхауд.

Уази йæ ауыдта, фæлæбурынмæ ма йæм фæцарæхст; бауад сæм Батырджери дæр, зæрдæхъармæй йæ уæлбæхæй æристой æмæ йæ мидæмæ бахастой. Хъæдгоммæзилæджы рæвдз æрбахуыдтой.

— Уый уыдис урсзачъе ныллæггомау зæронд лæг, цæф райхæлдта. Топхос тугимæ схæццæ æмæ ныхъхъæбæр. Хъæбæртæ аппæрста, стæй цæф хъарм донæй дыууæрдыгæй дæр цæхсадта.

— Лæппутæй исчи нæхимæ бауайæд æмæ чоун буц æрбадавæд, — йе уæхсчы сæрты адзырдта Батырджеримæ.

Хасан уæдмæ æрчъицыдта æмæ йын йæ буармæ куыд æвнæлдæуыд, уый æнкъардта. Афтæ йæм фæкаст, цыма тынг нал риссы, уæддæр йæ цæстытæ нæ байгом кодта.

Батырджери уайтагъд æрбаздæхт. Хасан дуары хъинцмæ ракаст æмæ федта: иу карджын адæймаг хæдзары хицауы къухæй райста цыдæр кæрдæг, йæ дзыхы йæ бакодта, феууылдта йæ, стæй йæ хъæдгомыл авæрдта æмæ йæ биноныг бабаста.

— Рæхджы адзæбæх уыдзæн, — загъта хосгæнæг æмæ Батырджериимæ æддæмæ ахызти.

Хасан сæ фæстæ касти æмæ уæд дуары раз лæугæ ауыдта Уазийы. Уый йæм бахудт æмæ йæ размæ бацыд.

— Куыд загъта, уый фехъуыстай? Рæхджы, дам, адзæбæх уыдзынæ.

Хасаны суанг изæрмæ йæ цæф ницы хъыгдардта, фæлæ иу рæстæджы рæхойын райдыдта. Æхсæв-бонмæ сæнттæ цагъта. Бинонтæ дæр хуыссæджы хъæстæ нæ фесты.

Сæумæрайсом рынчын афынæй. Куы райхъал, уæд йæ уæлхъус Уазийы федта тарстхуызæй.

— Куыд дæ, ме ’фсымæр? — афарста йæ уый.

Хасан йæ сæр батылдта.

Чысыл рæстæджы фæстæ йæ дзыхæй дæр сдзырдта.

— Батырджерийы хæдзар дæр нæхи хæдзар у, дæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд... Æз дæм тагъд фæзындзынæн... Ныр та мæ уырдæм цæуын хъæуы, — æмæ Уази йæ сæрæй æбæрæг ранмæ ацамыдта.

— Дæхи хъахъхъæн... — тыххæй-фыдæй райхъуыстис Хасаны ныхас, цыма истæмæй тынг фæтарст, уыйау.

VI

Салийы цур хæст фæци аходæнмæ. Цалынмæ тох йæ цыренæй уыд, уæдмæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ хъæдмæ алыгъдысты. Хæстонтæ куы фæфæстæмæ кодтой, уæд сæ паддзахы æфсæдтæ сармадзантæй æмæ топпытæй æнæкæрон скъуыдæй æхстой, стæй хъæуы куы фæаууон сты, уæд æрхæй салдæттæ сыстадысты æмæ хъæумæ сæхи сарæзтой. Цæцæн уый куы федтой, уæд хъæугæронмæ згъорын райдыдтой æмæ уымыты сæхи æрæфснайдтой — ныр та уыдоны рад æрцыди аууонæй æхсынæн.

Æфсæдтæ æхсты бæрц куы æрбахæстæг сты, уæд сыл цæцæн ныккалдтой. Фыццаг рæнхъыты чи уыд, уыдонæй цалдæр æрхаудта, фæлæ уæддæр размæ бырстой. Дыккаг æмгæрахæн салдæттæ нал бафæрæзтой æмæ зæххыл æрхуыссыдысты. Чысыл рæстæджы фæстæ сæ раздæры бынатæй паддзахы æфсæдтæ хъæугæрæттæ сармадзантæй æхсын райдыдтой. Бæстæ арт æмæ фæздæг фестади. Цæцæн нæ бафæрæзтой аууоны бадын æмæ та чысылгай фæстæмæ-фæстæмæ цæуын райдыдтой, стæй хъæуы иннæ кæрон сæ бæхтыл абадтысты æмæ хъæдмæ сæхи сарæзтой. Æфсæдтæ сæ бафиппайдтой, фæсте ма сæ цалдæр æхсты фæкодтой, фæлæ сыл зиан уыйас ницуал æрцыд.

Цæцæнæй хæсты быдыры баззадис æртæ фондзыссæдз мардæй фылдæр. Се ’хсæн разынди сылгоймæгтæ, сæ уæлæ лæджы дзаумæттæ, афтæмæй, фæлæ чи уыдысты, уымæн ничи ницы базыдта. Мæрдтæ æфснайд куы æрцыдысты, уæд уырысы æфсæдтæ хъæуыл арт бандзæрстой æмæ йæ ныууагътой.

Уази йе ’мбæлттыл сæмбæлди уымæн йæ дыккаг бон. Йæ зонгæтæ йын хабæрттæ кæронмæ радзырдтой æмæ уый дæр иннæты хуызæн æрæнкъард и. «Цы ма уыдзыстæм ныр, ай фæстæ та ма нæм цы фыдбылыз кæсы цымæ? — катайы бахауди Уази. — Æви хуыцауы бын махæй æнамонддæр гуырдтæ нæй? Цæуылнæ нæ уадзынц ацы джауыртæ цæрын? Адæмы раст аразын хъæуы, сæ сæргъы чи æрлæууа, ахæм сын хъуамæ уа, кæннод афтид ныхас ницы ахады».

Æрæджы гæрзифтонг æмæ сæрæн чи уыди, уыдон ныр бадтысты сау хъæды æнтъыснæгхуызæй, цыма сæ ныфс асаст, уыйау. Æмæ æцæгдæр сæ ныфс асаст — цал æмæ цал хатты райстой сæ къухтæм хæцæнгæрзтæ, фæлæ знаг афтæ сдомбай, афтæ сбирæ æмæ йын ницуал фæрæз ардтой абырсынæн! Ноджы бирæты бауырныдта се ’дыхдзинад æмæ уырысы хицæуттимæ кæрæдзийы бамбæрстой, хæларзондыл ныллæууыдысты.

Уази уыдта — цыдæр æрцыд, уый, фыццаджы рæстæг нал у, царды ногдзинæдтæ фæзындис, фæлæ цы сты, хъæуынц дзы æви нæ, уый равзарын йæ хъару нæ уыд. Стæй уыдæттыл хъуыды дæр нæ кодта, Уазийы уырныдта — йæ фыдæлты цард, чи æмбæлд, ахæм цард уыд æмæ йын æй ныууагътой цæрынæн, уыцы царды сæраппонд уый хъуамæ тох кæна, хъахъхъæна йæ. Гъе уый тыххæй æнæзивæг цыди хæстмæ дæр æмæ сыл кæд фыдбылыз æрцыд, уæддæр ма цæттæ у. Уымæн хъуыста афтæ зæрдиагæй, ацæргæ цæцæйнаг цы дзырдта, уымæ:

— Хуыцау нæ фарс у, мах ын йæ ном хъахъхъæнæм. Æмæ кæд абон састы бынаты стæм, уæддæр джауыртæн сæ кæрон æрхæццæ — цæф сырдæн дæр йæ фæстаг лæбурдтытæ афтæ хъæхъхъаг вæййынц. Мах хъуамæ нæ кард цыргъ дарæм, нæ топхос — хус. Иунæг кадджын стыр хуыцау нæ ферох кæндзæн йæ дингæнæг адæмы. Мæхæмæт-пехуымпар — нæ сæрыл хæцæг.

Уыцы ныхæстæ Уази сæ хæдзармæ дæр йæ зæрдæйы ахаста. Рæузæты баййæфта хуыздзыдæй. Уый йæ лæджы иунæгæй æмæ æнкъардæй куы федта, уæд йæ риу ныххоста æмæ ныккуыдта. Сывæллæттæ сæ фыдмæ тарстæй кастысты.

— Дæхиуыл фæхæц, — загъта Уази йе ’фсинæн, — Хасанæн ницы уыдзæни... Батырджеритæм ис...

— Куыд цæф у?

— Уæззау цæф нæу... Тагъд адзæбæх уыдзæн...

Алыстанджыйы та Уазийыл бонтæ адаргъ сты. Хасан хæдзары кæй нал уыд, уый йыл фæзынд. Сабтука бæргæ архайдта, фæлæ бирæ цæмæйдæрты йæхи зондæй нæ арæхсти, фæндыдис-иу æй бафæрсын Хасаны, фæлæ уым нæ уыди æмæ йæхæдæг амæлттæ кодта.

Уази бавнæлдта Сабуткаимæ хуымтæ æфснайынмæ, фæззæгæй бирæ рæстæг нал баззад. Кусгæ та афтæ кодта, æмæ дзы бон-изæрмæ адæймаг ныхас нæ фехъуыстаид, адæмы æхсæнмæ дæр нал цыди, цыма сыл хъоды бакодта. Æмæ уый æрмæст йе ’нæвдæлоны тыххæй афтæ нæ уыди — йæ зæрдæ рысти, цытæ æрцыд, уыдоны мæстæй.

Уази-иу истытæ архайгæйæ сагъæстæ байдыдта: «Цæй æнамонд фестæм, зæххыл нын æрлæууæн бынат куы нал ис! Ау, уырыс нæ афтæ аныхъуырдзысты? Цæй куынæг сысты лæджы хуызæн лæгтæ! Гъæй-джиди, иу Шамил-хадзыйы хуызæн лæг ма куы фæзынид. Кæннод мæнæ мах хуызæттæ фосæй уæлдай не сты, кæцырдæм сæ аздахат, уыцырдæм аздæхдзысты, — æмæ та-иу ныккæрзыдта. — Ам, нæ бæсты, бынтон куы æрбиноныг уой, уæд нæ фæтæрдзысты, æгасæй ма куы аирвæзæм, уæддæр. Æмæ цы фæуыдзыстæм?.. Туркмæ? Æмæ уым дæр хуыздæр куы нæ у... Цæмæй дзы хæдзар æлхæнгæ бакæндзынæн, цæмæй аразгæ? Мæ фыдæлты зæххыл мæм куы ницы хауы сау хъиамæт йеддæмæ, уæд мæм Турчы чи æнхъæлмæ кæсдзæн?!»

Уазимæ Турчы тыххæй Хасаны ныхæстæ тынг бахъардтой. Уый размæ дзы кæд цыфæнды фехъуыста, уæддæр, йе ’фсымæр цы хабæрттæ дзырдта, уыдоны раз ницы уыдысты. Æмæ йæ зæрдæ фыццагау уырдæм нал æхсайдта, фыццагау-иу йæ фæстаг ирвæзынгæнæг йе ’мдин туркæгтæ нал уыдысты. Уæдæ чи?..

Дзуапп агуырдта Уази, фæлæ йын уымæй æнцондæр нæ уыди. Æмæ кæд адæмы æхсæнмæ нал цыди, уæддæр Салийы бæллæхы фæстæ бирæтæ æрымысыдысты, цыппар азы размæ цы дзырдтой, уый, æмæ та хъуыддаг сног ис:

— Фæцæуæм не ’мдингæнджытæм, ам джауыртимæ махæн цæрæн нал ис.

Уый ма фехъуыста ног зарæг дæр. Фæсивæд æй кæм нæ кодтой æмæ йæм кæд Уази йæ хъус нæ дардта, уæддæр æй йæ зæрдыл бадардта. Æнкъардæй-иу азæлыдис. Фæлæ йæ уый тыххæй æнæуарзгæ уыди Уази. Йæ зæрдæмæ нæ цыдысты йæ ныхæстæ:

 

«Пысылмон паддзах нæм йæхимæ сиды,

Уырысы паддзах та нæ ам уромы!

Æнæ зынг æмæ дымгæ Цæцæныл арт сирвæзт?

Йæ зынг Алхæзы фырт Муссæ у,

Йæ дымгæ — Осмæнаты Садуллæ!

Нæ моллотæ нæм хъаймæтæй æвзидынц, —

Алчи нæ йæ фыдæлты зæхх ныууадздзæни

Æмæ æрцæудзæни не сæфты дуг!»

 

«Цæуыл уасынц, — мæстæй скъуыди Уази. — Мах нæ райгуырæн бæстæй никуыдæм цæуæм. Цæцæйнаг лæджы Турчы паддзах дæр нæ хъæуы æмæ Уырысы паддзах дæр. Хъаймæт сыл æрцæуæд».

Кæд Уази йæхи бакуырм æмæ бакъуырма кодта, уæддæр адæм арæхæй-арæхдæр дзурын райдыдтой Туркмæ лидзыны тыххæй. Суанг ма сæхи цæттæ кæныныл дæр сысты:

— Ай цæрæнбæстæ нал у. Ацы аз ницуал, фæлæ иннæ аз нæхи айсæм пысылмæттæм, уыдонимæ кæд мах дæр нæ фесæфиккам.

Тынгæй-тынгдæр кодтой Муссæ æмæ Садуллæйы кой.

— Куындыхы-фырт Уырысы паддзахы инæлар куы у, уæд йæхи сафид, уый дæр Туркмæ куы лидзы. Кæннод нæхи Осмæны-фырт. Æвзæр бынат ын нæй амы паддзахмæ, фæлæ йыл не ’рвæссы. Сæ дыууæимæ нæ фесæфдзыстæм!

«Кæд ныл афтæ тынг тыхсынц, — сагъæсты-иу аныгъуылд Уази, — уæд цæуылнæ бацархайынц, цæмæй уырысæй фервæзæм. Чидæр йæ мады мард дон-дон куы ласта, уыйау нæ сæртæ Туркмæ цæмæн хæссæм?»

Рæузæтæн йæ лæгмæ йæ зæрдæ тынг æхсайдта, йæхи цæстæй йæ уыдта, Уази фæстаг заман æппындæр йæ уагыл кæй нæу, катай кæны, уый. Фæлæ йæ йæ бон бамбарын нæ уыд: цæмæн, цæй фæдыл. Афтæ дæр ма йæм касти, æмæ Хасаны мæтæй. Сылгоймагæн æм йæхи зæрдæ дæр æхсайдта, куыд у, цы у, уымæ, фæлæ Уази йæхæдæг ницы дзырдта æмæ йæм нæ уæндыди. Раст зæгъын хъæуы, Рæузæт никуы рахъаст кодтаид йæ сæрыхицауæй: кæд бирæ лæгтау хæдзары мидæг мадзура уыди, уæддæр никуы фехъуыста гуымиры ныхас, никуы дзы бавзæрста æнæсæрфат митæ.

Бирæ рæстæг рацыд, Рæузæт Уазийы хæдзары куы æрæнцади, уæдæй нырмæ. Сылгоймаг йæхи амондджын хуыдта, Уазийы хай кæй фæци, уымæй. Мыййаг, нæ зыдта йе ’мбал чызджыты хъысмæт? Чи сæ смой кæны йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ? Æрмæст искуы иу, æмæ уый дæр ничи, суанг сæ мæйттæ дæр сæ нæ фембарынц, афтæмæй. Сæ фылдæр та фыдцæрдтытæй уæлхъæдæй бахус вæййынц.

Стæм амондджынтæй уыди Рæузæт. Уыдон Уазиимæ кæрæдзийы рагæй уарзтой æмæ кæрæдзи æмбæрстой, кæд сын комкоммæ аныхас кæныны фадат никуы фæци, уæддæр. Йæ зæрдыл ма хорз лæууы: хæрз æрыгон чызгæй фæцæйхаста уыгæрдæнмæ сæ хосдзаутæн хæринаг. Æмæ уыцы фæндагыл сæмбæлди сæ хъæуккаг лæппу Уазийыл. Уæды хуызæн æргомæй лæппумæ никуыма бакасти. Рæузæты зæрдæмæ тынг фæцыди Уази. Фæлæ йæ уæд лæппу не ’рхъуыды кодта, никуы йæм ракасти уый фæстæ сæмбæлгæйæ дæр. Ахæм заман-иу чызг искуы йæхи бааууон кодта æмæ йæ хъарм цæссыгтæй йæхи фехсадта.

Дурзæрдæ нæ разынди Уази дæр. Уæдмæ бафиппайдта æрыгон чызджы, уый цыбыр рæстæгмæ цæсты тынг ахадын райдыдта — срæсугъд, схæрзконд. Цас амал æмæ гæнæн уыди, уыйас лæппу агуырдта фенынмæ чызджы æмæ уæд йæхинымæр басасти — бауарзта йæ.

Æмæ райдыдта дыууæ уды сыгъдæг уарзондзинад. Никуы кæрæдзимæ дзургæ скодтой, никуы дыууæйæ иу хæрз чысыл дæр алæууыдысты, уæддæр сæ алчидæр йæхи мидæг йæ уарзонæн бирæ дзæбæх, зæрдиаг ныхас фæкодта.

Æртæ азы афтæ ахаста уыцы уарзондзинад. Стæй Уази йæ минæвæрттæ барвыста Рæузæты бинонтæм. Ничи ницы фау æрхаста Уазимæ, йæ бинонтæ, йæ мыггагмæ, æмæ дыууæ мыггаджы бафидыдтой. Рæузæт никуы ферох кодта, Уазиимæ фыццаг хатт иунæгæй куы баззадысты, уый.

Ног чындзы фæлысты лæууыди йæ уаты Рæузæт æмæ архайдта йæхинымæр Уазиимæ ныхæстæ кæныныл. Уæдмæ Уази æрбацыд. Чызджы ныхæстæ иууылдæр æрбайсæфтысты, цыма йе ’взаг аныхъуырдта. Стæй йæ æвиппайды æрфæндыд алидзын æмæ азгъордта. Фæлæ дуары бæсты Уазийы хъæбысмæ бахауд æмæ ныккуыдта.

— Кæдæм цæуыс?.. Исчи дæ бафхæрдта?.. Æви... дæ нæ фæнды ацы хæдзары æфсин уæвын?..

Рæузæт лæппумæ скаст:

— Уази, ды дæ, мæ дуне?

Уази бахудт æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта. Æмæ та йын уæд чызг йæ диссаджы цæстытæ федта...

***

Уази мадзура уыд, фæлæ Рæузæт уымæй нæ тыхсти — лæгæн-иу æрмæст йæ цæстытæм куы бакаст, уæддæр æй æмбæрста, цæуыл хъуыды кæны, уый. Фæлæ ныр лæджы цæстытæ уыдысты сындзыты хуызæн, æмæ сæ ницы бæрæг зынди, иннæмæй та Хасан... Цы фæци? Мыййаг ыл исты куы ’рцæуа...

Нæ бафæрæзта уæддæр Рæузæт æмæ лæгæн загъта:

— Куыд у, мæгуыр, Хасан, цы фæци цымæ?

— Æвæццæгæн, фæдзæбæх. Тыхстдæр куы уаид, уæд мæм Батырджери хабар æрвитид. Мæхæдæг та йæ бæрæг куыд бакæнон — уырысæй йын тæрсын, мыййаг æй куы базоной æмæ йын исты фыдбылыз куы саразой. Салийы фæстæ бынтондæр сæрра сты, нæ астæуыстæг нын асæттынмæ хъавынц, цæмæй нæ къахыл дæр макуал слæууæм, уый тыххæй.

— Уæд та ныууадзут уыцы сæрсæфæн хæст... Нæ зæрдæтæ фæрыстысты... Æнхъæлдæн, уырысæй фервæзæн нæй...

***

Хъæуы адæмæй та иудзæвгар сæхи цæттæ кодтой фæндагмæ. Цалдæр хатты фæзындис Осмæнаты Садуллæ æмæ ныхас кодта хистæртимæ. Уыдон дзырдтой:

— Æгъгъæд у адæмы туг калын. Уырысы æфсæдтæ бирæ сты, бирæ сæм ис сармадзантæ, æмæ нын нæ хъæутæ зæххы æмвæз скæндзысты. Нæ тох нæ ныууадзын хъæуы. Фæлтау алидзæм не ’мдингæнджытæм, йæхимæ нæм сиды пысылмæтты паддзах, уым нæ сæрыл чи сдзура, уый ис...

Лæгтæ сæхимæ ныхъхъуыстой æмæ раздæр фæйнæ-фæйнæ ныхасы кодтой:

— Фæлтæрæй-фæлтæрмæ уырысы ныхмæ хæцæм, фæлæ уыдон фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фесты. Мах та сихсыдыстæм, лæджы хуызæн лæг нæм боныгон цырагъы рухсæй агуринаг фæци, тагъд нæ хæцæнгарз чи сиса, уый дæр нал уыдзæн... Ныууадзæм æнæхъуаджы тох æмæ нæхи айсæм сабырæй, кæимæ цæрдзыстæм, уыдонмæ. Æмæ нæ дин дæр нæхицæн баззайдзæн...

— Æцæгæлон бæсты дæр ницы хуртæ фендзыстæм, фæлтау ам бафидауыныл бацархайæм...

Ахæм дзурджытæ сæ хъуыдытæ не ’ргом кодтой, кæимæ сæ бафидауын фæндыд, уыдоны тыххæй.

— Ам кæимæ бафидауæм, ахæм адæм нæй, ам нæ топпыкæсæнæй кæсын хъæуы кæрæдзимæ. Дзыллæты иумæйаг дин бæтты кæрæдзиуыл.

Ахæмтæ дæр уыди, æмæ æргом зæгъын чи уæндыд:

— Бавзарæм ма уырысимæ фидыдæй цæрын, куыд сæ дзурынц, кæд афтæ фыдуаг адæм сты? Æнæзонгæ бæстæм хæлæф кæнын та цас зондджын ми у?..

— Турчы бæстæ æнæзонгæ бæстæ нæу.

— Ницы хуртæ федтой, Туркмæ чи ацыд, уыдон. Фæстæмæ ралыгъдысты, сæ бинонтæй ма æмбисгæйттæ баззад...

Уыцы ныхæстæй иутæ цыдысты Садуллæйы зæрдæмæ, иннæтæ йын-иу йæ тъæнгтæ ацагътой, мæсты кодта, фæлæ йæхи уромын фæрæзта. Моллотæ йæ фарс уыдысты.

— Уырысимæ нын фæцæрæн нæй, цы нæ номæй нæ хонынц, нæ ныл æууæндынц æмæ ныл æууæндгæ дæр никуал бакæндзысты. Акæсут-ма, цас æфсæдтæ ныл æртыхсти? Æмæ нæм æдзухдæр дардзысты хотыхтæ. Кæдмæ фæраздзыстæм афтæ цæрын? Æмæ та нæ иу заман ныццæгъддзысты. Мауал фæрæдийæм, пысылмон адæм! Лидзæм не ’фсымæртæм!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.