Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН БАЛСÆДЖЫ ЦАЛХÆН СОСЛАНЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА



СЫРДОН БАЛСÆДЖЫ ЦАЛХÆН СОСЛАНЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА

Сослан уыди балцы. Иу ран цады был бонасадæн æркодта. Кæсы, æмæ дын цадмæ иу хъуаз æрбацыди. Сослан йæ фат фелвæста æмæ йæ фехса, зæгъгæ, афтæ хъуаз диссаджы рæсугъд чызг фестади æмæ дзуры:

— Дæ бон хорз, нæртон Сослан!

— Хорз амонд дæ хай, — дзуапп ын ратта Сослан.

Чызг æм фæстæмæ дзуры:

— Сослан, æз уæларвæй дæ фенынмæ рацыдтæн, ацал-ауал азы дæумæ фенхъæлмæ кастæн. Ныр мæ дæхицæн бинойнагæн акæн.

Сослан ыл схудти:

— Ам дзæгъæл чызгæй кæуыл æмбæлон, уыдоны мæхицæн бинонтæн куы хонон, уæд нарты хъæуы дæр куы нæ бацæудзысты.

Чызг та загъта:

— Йæйи, Сослан, фæсмонгонд фæуыдзынæ! Фæлтау мæ ахон демæ.

Сослан та йæ бафхæрдта:

— Чызгай, æз дæ хуызæн цадыбадæг дзæргъæй бинонтæ куы кæнон, уæд мæ цъæх æндон æфсæйнаг фестдзæн.

Чызг æваст йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæкодта, фестад ыл базыртæ, ныппæр-пæр ласта æмæ атахт. Æрмæст ма Сосланмæ радзырдта:

— Æз Балсæджы чызг дæн, ныр дæм бæрæг уыдзæн!

Чызг йæ фыдæн рахъаст кодта:

— Сослан мæ цадыбадæг дзæргъ схуыдта.

Балсæг смæсты, бадзырдта йæ цалхмæ æмæ йын загъта:

— Цæугæ æмæ нарты Сосланы амар.

Араст и Балсæджы цалх гуыргуыргæнгæ, араугæ æмæ Балсæг Сосланмæ ахъæр кодта:

— Фæкæс-ма дæхимæ гъе ныр, нæртон гуырд!

Сослан дæр æм ахъæр кодта:

— Æмæ мæ цæмæй ныццæвынмæ хъавыс, Балсæг?

— Фæцæуы та дæм мæ цалх!

— Æмæ йæм цы бадарон? — фæрсы йæ Сослан.

— Дæ ных æм бадар!

Болат Сослан Балсæджы цалхмæ йæ ных бадардта. Балсæджы цалх йæ тых, йæ бонæй ныццæлхъ ласта Сосланы ных дыууæ æрфыджы астæу. Фæлæ фесхъиудта æмæ алыгъд. Сослан æй æрцахсынмæ бæргæ хъавыд, фæлæ йын аирвæзт.

Балсæг та хъæр кæны Сосланмæ:

— Фæцæуы та дæм мæ цалх!

Сослан дæр та йæ фæрсы:

— Ныр та йæм цы бадарон?

— Дæ риу-ма йæм бадар, дæ риу!

Сослан Балсæджы цалхмæ бадардта йæ риу. Æртылдис та цалх, ныццавта йæ йæ тых, йæ бонæй Сосланы болат риу, фæлæ та дзы фесхъиудта. Цырд æм фæлæууыд ацы хатт Сослан, фæлæбурдта йæм æмæ йæ рацахста. Стæй йæ йæ быны ракодта æмæ йын йæ фæрчытæй цалдæр асаста. Йæ хъуыддаг хорз нал у, уый куы базыдта, уæд Балсæджы цалх балæгъстæ кодта:

— Сослан, курын дæ, мæ уд мын ма аскъуын æмæ мæхи амæй фæстæмæ Сосланы цалх хондзынæн, дæуæн лæггад кæндзынæн.

Сослан ыл не ’ууæндыди:

— Нæ, фæсайдзынæ мæ.

Балæгъстæ та кодта Балсæджы цалх:

— Хуыцауæй дын ард хæрын, амæй фæстæмæ мæхи Сосланы цалх хондзынæн.

Баууæндыдис Сослан Балсæджы цалхыл æмæ йæ ауагъта. Цалх дæр йæ хæдзармæ афардæг.

Базыдта уыцы хабар Сосланы знаг Сырдон æмæ Балсæджы цалхы размæ йæхи байста. Цалх йæ размæ куы бахæццæ, уæд æм дзуры:

— Дæ фæндаг раст уа, Балсæджы цалх!

— Нал дæн æз Балсæджы цалх, Сосланы цалх мæ хон.

Сырдон ыл схудти.

— Гъей, куыд дын амардтæн, Балсæджы цалх! Цæуыл фесæфтай дæхи, кæм сты дæ бирæ тыхтæ, дæ бирæ хъарутæ?!

Балсæджы цалх ын дзуапп дæтты:

— Ма мын кæн ахæм ныхæстæ, Сырдон, æз Сосланæн ард бахордтон æмæ мæ дзырд аивын мæ бон нæу.

Сырдон æм бауырдыг:

— Дæ кæстæр æнгуылдзæй туг рауадз æмæ уымæй ссæудзæн дæ сомы, дæ ард. Сосланæн та йæ адзал æрмæст дæуæй у, ма йæ ныууадз. Иу скъæрд ма йыл акæн дæхи.

Уæддæр цалх нæ разы кæны:

— Фыдбоны адæймаг у дурæйгуырд Сослан, ницы йын мæ бон бауыдзæн. Фæлæ ма мыл куы фæхæст уа, уæд мын мæ уд сыскъуындзæн.

Бавдæл æмæ ссу Куырдæлæгонмæ, саразын кæн дæхицæн болатæй фæрчытæ. Стæй раздæх æмæ Сосланы амар, — ардыдта Сырдон.

— Æмæ йæ куыд амардзынæн? — бафарста цалх.

Сырдон ын бамбарын кодта:

— Сослан цуан кæнынмæ уыдзæн, Зилахары быдыры та йын мусонг ис æмæ боныгон уым фæхуыссы. Ратул-иу æмæ йын йæ уæрджытæм хъав. Уæд дын никуыдæм уал аирвæздзæн.

Ацыд Балсæджы цалх Куырдалæгонмæ æмæ болатæй йæхицæн фæрчытæ скæнын кодта. Ратылд фæстæмæ æмæ Зилахары быдырмæ куы æрхæццæ, уæд Сосланы мусонгыл йæхи рауагъта. Фынæй нæ уыди Сослан, фæгæпп ласта йæ размæ æмæ та йæ ацы хатт дæр рацахста. Фелвæста йæ цирхъ æмæ йæ Балсæджы цалхыл æруадзынмæ куыд хъавыд, «мæнæ мæнгард, ды та мыл гадзрахатæй рацыдтæ», зæгъгæ, афтæ дын цалх дзуры:

— Мæ уд — де уазæг, Сослан, цы мын зæгъай, ууыл разы, уæддæр мæ ма амар.

Сослан ыл схъæр кодта:

— Нал дыл баууæнддзынæн, фæсайдзынæ та мæ. Мæнгард дæ ды, ныхас дын нæй.

Райдыдта та лæгъстæтæ кæнын Балсæджы цалх. Æппынфæстаг Сослан загъта:

— Кæд дæ бинонтæй дыууадæс амардзынæ, уæд дæ ауадздзынæн.

— Ард дын хæрын, Сослан, — сцин кодта Балсæджы цалх, — амардзынæн мæ бинонтæй дыууадæс.

Баууæндыди Сослан Балсæджы цалхыл æмæ та йæ ауагъта. Æнкъардæй фæтулы сæхимæ йæ бинонты марынмæ.

Сырдон та ацы хатт дæр базыдта хъуыддаг, ницы та йын кодта Балсæджы цалх йе знагæн. Мæхиуыл мын куынæуал баууæнда, зæгъгæ, Сырдон зæронд лæджы хуыз райста æмæ Балсæджы цалхы размæ фæци:

— Дæ фæндаг — раст, Балсæджы цалх! Цæй æнкъард дæ уый?

Балсæджы цалх ын дзуапп ратта:

— Куыннæ уон æнкъард, зæронд лæг, нарты Сосланæн дзырд раттон, мæ бинонтæй дыууадæс амардзынæн, зæгъгæ. Æмæ ныр уыдоны цæгъдынмæ цæуын.

Сырдон йæхи дисгæнæг скодта:

— Æмæ сæ маргæ та цæмæн кæныс, цы кодтой дæ бинонтæ, æнæмаргæ сын хос куы ис, уæд?

— Куыд сын ис хос? — афарста Балсæджы цалх.

— Марынмæ кæй хъавыс, — дзуапп ратта Сырдон, — уыдонæй кæмæн йæ къахы ных, кæмæн йæ къухы ных ракæн æмæ дæ ард дæр нæ фехалдзынæ, дæ бинонтæ дæр æнæхъæнæй баззайдзысты.

Не сразы ис Балсæджы цалх:

— Фыдбылызы мæ бафтаудзынæ, зæронд лæг, ды, æвæццæгæн, нæ зоныс нарты Сосланы.

Æмæ дарддæр атылди.

Ирвæздзæн мын Сослан, зæгъгæ, Сырдон зæронд усы хуыз райста, Балсæджы цалхы размæ та фæци æмæ йæм дзуры:

— Дæ фæндаг раст уа, Балсæджы цалх! Цы кæныс, мæ бон, цæй æнкъардæй цæуыс?

Балсæджы цалх ын дзуапп ратта:

— Уæдæ цы бакæнон, зæронд ус! Мæ бинонтæй хъуамæ дыууадæс амарон, цæуын сæм ныр æмæ куыннæ уон æнкъард!

Зæронд усы хуызы йын Сырдон афтæ зæгъы:

— Æмæ сæ цæмæн марыс, мæ хур? Фæлтау кæй марыс, уыдонæн сæ къæхты ныхтæ æмæ сæ къухты ныхтæ ракæн. Сæхæдæг дзæбæхæй баззайдзысты, дæ ард дæр нæ фехалдзынæ.

Нæ йæм байхъуыста Балсæджы цалх:

— Нæ, мæ дзырд куы нæ баххæст кæнон, уæд фыдбылызы бахаудзынæн, — æмæ та дарддæр атылди Балсæджы цалх.

Скатай та Сырдон, аирвæздзæн ме знаг, зæгъгæ. Райста лæппулæджы хуыз æмæ та Балсæджы цалхы размæ фæци:

— Дæ фæндаг раст, домбай æмæ ныфсджын Балсæджы цалх! Афтæ æнкъардæй дæ никуы федтон, цы дыл æрбамбæлди, уагæр?

Балсæджы цалх ын æнкъардæй дзуапп ратта:

— Сосланæн дзырд раттон, мæ бинонтæй дыууадæс амардзынæн, зæгъгæ. Ныр хъуамæ мæ дзырд сæххæст кæнон.

Сырдон бахудти:

— Дæ дзырд сæххæст кæныны тыххæй дæ дæ бинонты марын нæ хъæуы. Кæмæн дзы йæ къахы ных ракæн, кæмæн — йæ къухы ных æмæ дæ дзырд дæр æххæст уыдзæн, бинонтæ дæр æгасæй баззайдзысты.

Нæ та байхъуыста Балсæджы цалх Сырдонмæ лæппулæджы хуызы дæр æмæ дарддæр йæ фæндаг дардта. Фæлæ иу чысыл куы ауади, уæд хъуыды кæнын райдыдта: «Цымæ мæ уыцы зæронд лæг, уыцы зæронд ус æмæ уыцы лæппу сæхицæн цы агуырдтой? Цæуылнæ сразы дæн семæ? Цæй æмæ мын куыд загътой, афтæ бакæнон».

Атылд сæхимæ Балсæджы цалх, сæ бинонтæй кæмæн йæ къахы ных ракодта, кæмæн — йæ къухы ных, æмæ æнцад йæ хæдзары сбадтис.

Фæлæ Сырдон йæ фæнд нæ ныууагъта. Иу бон куы уыд, уæд дын бацыд Балсæджы цалхмæ æмæ йæм дзуры:

— Сослан уын уæ мыггаджы бафхæрдта. Ахæм æфхæрдæн ныббарæн нæй. Æмæ Сосланы ды куы нæ амарай, уæд ын ничи ницы кæндзæн. Ауадз-ма йыл иу хатт дæхи.

Нæ разы кодта Балсæджы цалх. Фæлæ йæ Сырдон æнцад кæм ныууагъта, цалынмæ йæ сразы кодта, уæдмæ!

Иу бон та Сослан цуан кодта. Фæцæйхъуызыди иу сырдмæ. Балсæджы цалх йæ размæ бабадт æмæ йыл сусæгæй йæхи рауагъта. Нал сарæхсти Сослан æмæ йын Балсæджы цалх йæ зæнгтæ йæ уæрджыты сæртыл алыг кодта. Æрхастой нарт Сосланы сæхимæ æмæ йæ баныгæдтой.

Гъе афтæ Сырдон амарын кодта Балсæджы цалхæн йе знаг дурæйгуырд Сосланы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.