|
|||
ДЫККАГ АРХАЙД. Фыццаг сценæДЫККАГ АРХАЙД Фыццаг сценæ Къуырийы фæ стæ. Фыццаг архайд кæ м цыдис, уым. Рæ бинаг къулы рудзгуытæ й уатмæ æ мæ æ рмадзмæ хуры тынтæ кæ сынц. Шофырæ н йæ ныхыл бинты гæ ппæ л ныхæ ст (бинты бынæ й зыны бæ мбæ г), цалцæ ггæ нæ н тæ рхы уæ лхъус цыдæ ртæ кусы. Йæ цæ нгтæ йæ фæ рстæ м æ лхъывд, афтæ мæ й рацу-бацу кæ ны. Куыд акъахдзæ ф кæ ны, афтæ та, каркау, йæ сæ р размæ аивазы. Цæ угæ йæ зæ вæ ттыл кæ ны, фæ лæ æ нæ сыбырттæ й. Кæ д йæ цуры ничи ис, уæ ддæ р хатгай йæ мидбылты хинхудт бакæ ны, йæ рихи ахсыны. Ус (дзаг хызынимæ æ рмадзмæ бацæ уы, аракæ с-бакæ с кæ ны). Кæ м и? Мæ лæ г кæ м и? Шофыр (мидбылхудгæ амоны кæ рты дуармæ ). Мæ нæ ныртæ ккæ ахызти. Ус (фæ цæ уы уатмæ, шофыр дæ р йæ фæ стæ араст вæ ййы æ мæ сынтæ гыл æ рбады). Абон дын дæ уат æ фснайдтон æ мæ дын дæ къултæ й уыцы бæ гънæ г сылгоймæ гты нывтæ рафтыдтон... Мæ лæ г сæ куы фена, уæ д смæ сты уыдзæ н. Шофыр. Æ ндæ ртæ дæ р ма мæ м ис. Равдисон дæ м сæ? Ус. Тынг мæ æ рхъуыдысты! Шофыр (йæ къух размæ раппары, фæ лæ йын фæ риссы æ мæ йæ йæ фæ счъылдым амбæ хсы). Уæ дæ дысон дæ зæ рдæ мæ тынг куы фæ цыдысты... (Æ рбахъæ быс æ й кæ ны. ) Сылгоймаг шофыры æ фцæ гыл атыхсы æ мæ йын батæ кæ ны.
|
|||
|