|
|||
Æвдæм сценæЦудтытæ гæ нгæ æ рбацæ уы Шофыр. Йæ уæ лæ дарæ с йæ сæ рæ й йæ къæ хты бынмæ у чъизи, раст цыма цъыфы бæ гъдулæ г кодта. Йæ цæ сгом — фæ лурс, йæ ныхы скъуыдæ й туг хъары. Лæ г (тарстæ й). Цы ’рцыди? Шофыр рахаубахаугæ нгæ бацæ уы хъæ сдарæ гмæ, æ рбады йыл. Шофыр. Дамкърат! Тагъддæ р дамкърат! (Фæ цæ йхауы. ) Лæ г (схæ цы йыл). Тугæ й куы нæ уал зыныс! О Хуыцау! Цы ’рцыди? Цы ’рцыди? (Кърантмæ базгъоры, къухмæ рзæ н ахуылыдз кæ ны. ) Ус (уатæ й æ рмадзмæ ’рбахизы). Цы ’рцыди? Шофыр. Машинæ сфæ лдæ хти æ мæ асхъиудта былæ й. Ус (лæ гæ й къухмæ рзæ н байсы). Æ ри-ма йæ ардæ м! (Тугтæ сæ рфы. ) Цæ й-ма, тæ ссагæ й дзы ницы ис. Шофыр. О, фæ лæ машинæ йы бын сывæ ллон и. Сывæ ллон! Лæ г. О, не скæ нæ г Хуыцау! Шофыр. Мæ нæ ам хæ стæ г, уæ тæ ккæ хæ дзары раз, рекламæ йы цур. (Хъавы сыстынмæ, фæ лæ ныхъхъæ рзы æ мæ фæ стæ мæ æ рбады. ) Дамкърат! Ус. Кæ м ма дын риссы ’ндæ р? Шофыр (сгары йæ фæ рсчытæ ). Мæ фæ рск цыма саст у. Ус (йæ дæ ларм бацæ уы). Цом-ма, сынтæ гыл æ руадз дæ хи. (Шофыры уатмæ кæ ны; усы руаджы шофыр сынтæ гыл æ рхуыссы. ) Æ нцад хуысс афтæ. (Æ рмадзмæ йæ лæ гмæ атындзы; мæ стыйæ. ) Мæ нæ дын дамкърат! (Æ рдæ гхъæ лæ сæ й. ) Кæ д цалх хуынкъ у, уæ д æ й æ вæ стиатæ й раив. Хъусыс, исты йæ фæ кæ æ вæ стиатæ й. Æ з та уал шофыры ныхæ стыл дардзынæ н, куыд ницы бафиппайа, афтæ. Лæ г. Цæ мæ й тарстæ н, уый мæ сæ р баййæ фта! Ус. Сæ хгæ н дæ дзых! Райс дамкърат æ мæ феддæ дуар у! Лæ г. Нæ раны стæ м ныр. Ус. Æ з дын цы зæ гъын, уый кæ н. Хъусыс? Цалхы резинæ раив æ вæ стиатæ й! Лæ г. О, Мартæ, о. Ус. Арахъхъ ма нæ м баззад? Лæ г. Скъаппы. (Дамкърат кæ рты дуары ’рдæ м йæ фæ дыл аласы. Ацæ уы. ) Ус (уатмæ бацæ уы). Æ мæ уæ ддæ р куыд рауади? Шофыр (усы æ ххуысæ й йæ пинджак раласы). Мæ хæ дæ г дæ р ын ницы бамбæ рстон. Кæ д мæ цалхы резинæ исты кодта. Фыр адæ ргæ й йæ м кæ сгæ дæ р нал æ ркодтон дзæ бæ х. Ардæ м мæ хи раппæ рстон, уымæ н æ мæ машинæ йы бын сывæ ллон и... Æ вæ ццæ гæ н, мæ цалх фæ хуынкъ и... Ус. Чи зоны. Фæ лæ уый æ нæ мæ нг хабар нæ у. Цы нæ ’рбамбæ лы машинæ йыл. Шофыр. Мæ н уырдæ м цæ уын хъæ уы... Сывæ ллон! Сывæ ллон!.. (Архайы рабадыныл, хъæ рзы. ) Ус. Дæ бон не суыдзæ н нырма. Ахуысс уал. Мæ лæ г ацыди машинæ мæ. Уый æ ппæ т дæ р сараздзæ н. Ралас-ма дæ хæ дон, æ з дæ фенон, кæ ддæ ра куыд у дæ уавæ р. (Йæ хæ дон ласынæ н ын æ ххуыс кæ нгæ йæ. ) Цы риуы æ вæ рд дын и, нæ фæ лæ! Бæ гъатыр риу... (Скъаппæ й райсы арахъхъы авг æ мæ чысыл агуывзæ тæ ). Афтæ уæ дæ. Ныр та бануаздзынæ арахъхъ. Шофыр. Уæ нгæ лæ й мын æ наддæ р у арахъхъ. (Нуазы. ) Ус (æ ркæ ны та ноджыдæ р). Иу ма. Æ вастæ й чи фæ тæ рсы, уымæ н йæ хос у! Шофыр (нуазы). Æ рбарасыг дзы вæ ййын æ виппайды. Ус. Æ з дæ р æ й куы фенин. (Дыууæ агуывзæ йы дæ р сæ тæ ккæ былтæ м бакæ ны. ) Фыртæ ссæ й мæ уд ауадис мæ нæ н дæ р. (Бакъуырцц кæ нынц. Нуазынц. ) Шофыр. Тынг æ над мын у арахъхъ. Ницы нуазын æ ппындæ р. Фæ лæ мын фенцондæ р и æ цæ гæ йдæ р. Ус (рауадзы та, бакъуырцц æ м кæ ны). Æ мæ дын уæ дæ æ з цы загътон! Уæ дæ -ма уæ д фæ йнæ! Шофыр. Æ рмæ стдæ р де ’фсæ рмæ й! (Нуазы. ) Хорз нæ у хабар. Дачæ йæ ластон сывæ ллоны... (Йе ’взаг йæ коммæ нал кæ сы. ) Æ мæ йæ хъуамæ сæ мбæ лын кодтаин йæ хæ дзарыл, горæ ты. Амæ й ма бæ ллæ хдæ р цы уа. Ныр мæ мæ хицау дæ р разыввытт ласдзæ н мæ куыстæ й. Ус. Уыйонгты нæ ахæ ццæ уыдзæ н хъуыддаг. (Æ ркæ ны та йын, шофыр нуазы. ) Лæ ппу у? Шофыр. Чызг. Авдаздзыд... Ныр ма цы уæ лдай у. (Йæ хæ дæ г йæ хицæ н æ ркæ ны, нуазы. ) Ус. Машинæ тæ цалцæ ггæ нæ гæ й кусыс? Шофыр. О, стæ й мæ куыст иттæ г хорз зонын. Ус. Гъемæ дæ кæ д дæ куыстæ й ратæ рой, уæ д-иу комкоммæ махмæ рацу кусынмæ. Шофыр (йе ’взаг йæ дзыхы нал тасы). Бæ ргæ хорз уаид уый. Уый, æ вæ дза, тынг хорз уаид. (Хъæ рзы. ) Ус (сгæ рстытæ йæ кæ ны). Ам риссы? Шофыр. Куыддæ р мыл андзæ выс, афтæ фырадæ ргæ й фæ цæ й æ рра кæ нын. (Кофтæ йы бын йæ къух ауадзы, расыг дыгъал-дыгъул кæ ны. ) Дæ буар тынг фæ лмæ н у. Фæ лмæ н-фæ лмæ н... Ус. Адде ма кæ н дæ дзæ мбы. (Йæ къух ын асхойы. ) Шофыр (сылгоймаджы æ рбахъæ быс кæ ны, уый дзы йæ хи иуварс ласы). Рацу-ма ардæ м! (Сылгоймаджы уæ хскыл йæ сæ р æ рхауы. Æ рдæ гфынæ йæ. ) Алыг ис ууыл. Цæ ттæ дæ н æ з. Ус. Афынæ й кæ н, афынæ й. Уымæ н дзы æ мбал нæ й. Шофыр (æ рдæ гфынæ й æ мæ расыгæ й). Фæ лæ -иу райсом... райсом... æ рбацу-иу мæ м... Ус. О, райсом. (Уаты рухс ахуыссын кæ ны, цадæ ггай бахгæ ны дуар, æ рмадзмæ хъуызгæ бацæ уы, сагъæ схуызæ й сагъдауæ й лæ ууы. Кæ рты дуары ’рдæ м йæ къахфындзтыл азгъоры, ахизы æ ддæ мæ, цæ стæ нгасæ й кæ йдæ р агуры. Йæ лæ г æ рбацæ уы, уый фены æ мæ йæ м йæ тых, йæ бонæ й йæ къух тилы; хæ дзармæ фæ стæ мæ базгъоры, уаты дуары цур æ рыхъусы. ) Хуыр-хуыр кæ ны. Æ рбацæ уы Лæ г, цадæ ггай тыхамæ лттæ й цæ уы размæ, æ дзынæ г кæ сы йæ усмæ, Ус (мæ стыйæ ). С-с-с... (Амоны уатмæ. ) Бафынæ й. (Амæ й фæ стæ мæ сæ дыууæ дæ р дзурынц æ рдæ гхъæ лæ сæ й. ) Лæ г. Сывæ ллон... Ус. Хуынкъ у цалх? Лæ г. Мартæ, сывæ ллон... Ус. Дæ у куы фæ рсын: хуынкъ у цалх? Лæ г. О, раззаг рахиз цалх. Мæ зæ гæ лтæ й иу. Ус. Баив æ й. Хъусыс, æ вæ стиатæ й. Лæ г. Байхъус-ма мæ м, Мартæ! Ус (знæ тæ й). Омæ дзур, дзур. Цы хабар у? Лæ г. Сывæ ллон амард. Ус. Уанцон нæ у?! Лæ г (адæ ргæ й цы акæ на, уый нæ зоны). Йæ сæ р ныппырх и!.. Æ рвдзæ фтау кæ сынц кæ рæ дзимæ. Æ МБÆ РЗÆ Н.
|
|||
|