Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æхсæзæм сценæ



Æ рбацæ уы Лæ г. Тагъд-тагъд авансценæ мæ рацæ уы.

Лæ г (йæ цæ сгом хурау райы). Директорыл амбæ лдтæ н уынджы. Хабæ рттæ иууылдæ р зонын. Мæ нæ цы амондджын стæ м, Мартæ, мæ нæ куыд ацыдис нæ хъуыддаг!

Бухгалтер (æ лхыскъгæ нæ гау). Арфæ дын кæ нын, мастер.

Лæ г. Стыр бузныг, господин Эмиль, стыр бузныг. Мартæ, ныр нæ фыдæ бæ ттæ фæ сте аззадысты. Ныр мын куыст уыдзæ ни æ нæ хъæ н цалдæ р азæ н. Мæ нæ дæ м раст æ ввонгæ й æ хца куыд ивыла, уыйау... Дæ у руаджы æ рмæ стдæ р, Мартæ, дæ у фæ рцы! Куыдæ й бафтыдис уый дæ къухы, уагæ ры?

Ус (йе уæ хсчытæ базмæ лын кæ нгæ йæ ). Хæ рз æ нцонæ й. Балæ гъстæ йын кодтон, æ ндæ р ницы.

Бухгалтер. Дæ ус мын ныртæ ккæ мæ уадулæ н иу ныуудæ ста. Ныр дæ р ма мæ цæ стытæ тартæ кæ нынц. Цы зæ гъинаг дæ уый тыххæ й, мастер?

Ус. Уымæ н æ мæ æ дзæ лгъæ д ныхæ стæ кодта. Дарддæ р дæ р ма куы кæ на æ дзæ лгъæ д ныхæ стæ, уæ д ма йæ дзы ноджыдæ р иу фæ уыдзæ н.

Лæ г. Ахæ м риссаг цæ ф нæ уыдаид, господин Эмиль... Мæ усы цур де ’взагæ н уаг зон. Иу æ мæ дын дыууæ хатты нæ загътон.

Бухгалтер. Уæ дæ, уæ дæ, ныр мæ дзыхыл хæ цдзынæ н. Хорзæ й баззай, мастер!

Лæ г. Директоры машинæ мæ базилын хъæ уы тагъддæ р. (Паузæ. ) Уæ ддæ р цæ й хорз бакаст дæ коммæ директор?!. (Æ рмадзмæ бацæ уы æ мæ йæ кусæ н дарæ с скæ ны. )

Бухгалтер хъæ лдзæ гæ й йæ сæ рæ й акувы усæ н æ мæ лæ джы фæ стæ рацæ уы.

Лæ г (уатмæ бахизы æ мæ йæ усы ’рдæ м бацæ уы, уый та уыцы рæ стæ г хуыссæ н кæ ны кушеткæ йыл). Гъер мын æ й радзур, радзур мын æ й бæ лвырддæ р.

Ус. Æ мæ дзы уыйбæ рц дзуринагæ й дæ р ницы ис. Бафарстон æ й: зæ гъын, уæ машинæ тæ цалцæ г кæ ныны хъуыддæ гтæ бынæ ттон адæ мæ й искæ мæ н цæ уыннæ бахæ с кæ нут. Æ мæ йæ уадидæ гæ н бамбæ рста, дæ у кой кæ нын, уый. Цы уæ лдай йын у, æ хца кæ мæ н фиддзæ н, уый.

Лæ г. Уæ дæ махæ н та уый мæ нæ раст удхосау у... О, Хуыцау, афæ дзы размæ цæ уыннæ бафтыди нæ къухы ацы хъуыддаг! Афæ дзы размæ, уæ д та! Уæ д абон тæ ригъæ дджын нæ уаин не Скæ нæ джы раз, уыцы æ нæ хайыры зæ гæ лтыл не сбæ ндæ н уыдаин.

Ус. Директорæ н дæ р дæ зæ гæ лтæ й иу бауад йæ цалхы.

Лæ г. Йæ цæ стытæ м ын комкоммæ бакæ сын дæ р нæ уæ ндыдтæ н, ахæ м æ фсæ рмы дзы кодтон. Æ мæ афтæ алкæ мæ й дæ р... Æ гæ р хъизæ мар уыди уый, æ вæ дза... Фырадæ ргæ й ма-иу цы акодтаин...

Ус. Ныр дæ бахъæ удзæ н иу дзæ бæ х лæ ппуйы ссарын, æ нæ æ ххуысгæ нæ гæ й дын зын уыдзæ ни.

Лæ г. Нæ, Мартæ, нæ хæ дзары æ цæ гæ лон нæ лгоймаг уа, уый сæ р нæ ницæ мæ н хъæ уы.

Ус. Рагацау мын куы старстæ, уагæ ры ма йæ куы райсæ м...

Лæ г. Мæ хи фаг йеддæ мæ дзы нæ уыдзæ н куыст, Мартæ, суткæ æ стдæ с сахаты куы хъæ уа кусын, уæ ддæ р нæ бафæ ллайдзынæ н. Хъарутæ мæ м ис нырма... Мæ нæ мын цы ’хсызгон у! Мæ нæ мын цы ’хсызгон у!..

Дзæ нгæ рæ г.

Æ вæ ццæ гæ н та чидæ р фыдбылызы смидæ г. Тæ ккæ райсом цæ уын æ мæ дзы иунæ г зæ гæ л дæ р нал ныууадздзынæ н. (Дуар байгом кæ ны. )



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.