Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КЪÆВДА. МА КÆНУТ!. ЦÆМÆН ÆЙ НÆМЫС?. СЫВÆЛЛОНЫ ХЪÆЗТЫТÆ



КЪÆВДА

Арв нырттывта...

Сонт гæрах!

Сæмбæлдис мыл

Иу æртах.

 

Къæвда фемæхст:

Сæх-сæх-сæх!

Дондзæстытæй

Айдзаг зæхх...

 

Карк æд цъиутæ

Бамбæхст арф,

Гæды пецы сæр

Ныттарф.

 

Кæрты астæу

Хъаз лæууы.

Бабыз дондзæстмæ

Цæуы...

 

Уаты рудзынгæй

Кæсын...

Арвы сонт хъæрæй

Тæрсын...

МА КÆНУТ!..

Уæ, мыстытæ,

Ма кæнут

Скъаппы бын

Хыртт-хыртт.

 

Сырддонцъиутæ,

Ма кæнут

Рудзынгыл

Чыртт-чыртт.

 

Цъыс-цъысæгтæ,

Ма кæнут

Пецы бын

Цъыс-цъыс,—

 

Гагийы фын

Хъахъхъæнут...

Сабыр, сабыр...

Ыс-с...

ЦÆМÆН ÆЙ НÆМЫС?

Хъазæн ыскъуырдта

Чидæр йæ къахæй.

Уыйадыл скуыдта

Сывæллон йахæй:

 

— Цæмæн æй кæныс

Дæ къахæй дзæппы?

Цæмæн мын нæмыс

Мæ арсы лæппын?

 

йæ мад изæры

Хъæдæй æрцæудзæн.

Нæмын æвзæр у,

Фæлæ дæ снæмдзæн...

СЫВÆЛЛОНЫ ХЪÆЗТЫТÆ

Раттут-ма мын уалæ мæй —

Æз дзы пурти саразон.

Хур мын раттут, æз цæмæй

Фæзы уымæй ахъазон.

 

Арвырдын мын раттут тагъд! —-

Фатæй стъалы баргъæвон.

Раттут-ма мын урс æврагъ —

Урс нымæт дзы бауæрдон.

 

Арвасин та кæм ис уæд? —

Арвмæ схизон талынджы,

Басгарон Æрфæныфæд,

Фенон арв-ыстъалыджын.

 

Сбадон арвастæу æмæ

Æз уырдыгæй разарон,

Цыкуратæ уын бынмæ

Армыдзаггай разгъалон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.