|
|||
МÆ УАРЗОН ИРЫ САБИОН ФÆЛТÆРМÆ УАРЗОН ИРЫ САБИОН ФÆЛТÆР Цы мын фестут, мæ пыхцылсæр цъæх бонтæ, Нæ быдырты мæ бæгъæввад тъæбæртт, Æмбæлтты къорд, нæ сабийы кæнонтæ, Мæ дамгъуат чиныг — сидзæрæн æлхæд?.. Фæтахтыстут... Уæ базыртæ ныццагътат... Уæддæр нæ дæн сымахæй æз хъæстаг: Фæндаггаг мын цы уды сыгъдæг радтат, Мæнæн уый у цæргæ-цæрæнбон фаг. Ныры цæуæт, сымахæн та уæ фæндаг Рæсугъддæр у, уæ фæндаггаг — хуыздæр. О, рæзут, рæзут адæмæн сæ фæндйаг, Мæ уарзон Иры сабион фæлтæр! ÆМДЗÆВГÆТÆ МÆН ЦЫ ФÆНДЫ Де уæхскмæ мæ сæргъæв, баба, ды,— Мæн нæ сыхмæ акæсын фæнды.
Сæргъæв мæ бæрзонд бæласмæ ды,— Мæн нæ хъæумæ акæсын фæнды.
Сæргъæв мæ Сæнайы хохмæ ды,— Мæн Мæскуымæ акæсын фæнды.
Стæхын мæ кæн ракетæйыл ды,— Дун-дунетæ фенын мæ фæнды. СÆБЕ — Абон цы базыдтай,— Радзур, Сæбе! — Ацы бон базыдтон «А» æмæ «Бэ». — Иугæр кæм базыдтай «А» æмæ «Бэ», Уым нын ыстыр лæг Уыдзынæ, Сæбе! СКЪОЛАМÆ Фынæй ысты мæргътæ, Фынæй ысты сæгътæ, Фынæй у нæ гыццыл рæуæд.
Æрмæстдæр ма бады йæ хъарм хуыссæнуаты Мæ чысыл æфсымæр Дзæмæт.
Дзæмæт нын нæ хуыссы, Йæхимидæг стыхсы, Фæзæгъы: «Кæд ысбон уыдзæн?»
Куы сбон уа, уæд — райсом йæ чингуытæ райсдзæн, Уый ахуыр кæнынмæ цæудзæн.
Фыццаг хатт цæудзæни, Фæзминаг уыдзæни, Нæ исдзæни никуы «æвзæр»...
Сæуæхсид нæма зынд... Æмæ та йæ базыл Сындæггай æруагъта йæ сæр.
Уæдмæ дын æфцæгæй Дзæмæты сусæгæй, Цæхæркалгæ, сцæйцыди хур;
Тæмæн цæстæй касти, Æхсæвы тых састи, Хъæриуы сæр тынтæй фæбур.
..Ныр нал хуыссыиц сæгътæ, Пæр-пæр кæнынц мæргътæ, Ныууасыд нæ гыццыл рæуæд.
Цы хуыссыс уæлгоммæ? — Дьг куы кастæ бонмæ: Уæлæмæ, уæлæмæ, Дзæмæт!
|
|||
|