Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АНЫМАЙÆМ. I. ИУГАЙ НЫМАД



АНЫМАЙÆМ

I. ИУГАЙ НЫМАД

(кæнæ Гæды фиу куыд давта)

«Иу».—

Уæлæ цары —

Фиу.

«Дыууæ».—

Тынг æруæз кодта

Бынмæ.

«Æртæ».—

Уымæ сæвæрдтам

Æрдтæ.

«Цыппар».—

Гино, уæ, фæуа

Бындар.

«Фондз».—

Фиу бахæрын

У йæ монц.

«Æхсæз».—

Гино мыстæй

Нæу æфсæст.

«Авд».—

Уалæ фиумæ

У йæ хъавд.

«Аст».—

Уæлвæйнæгыл æм

Фæраст.

«Фараст».—

Дуарæй йæм

Нана æрбакаст.

«Дæс».—

Цъылынæй йын уæдæ —

Дзæхст!

II. КЪÆЙТТÆЙ НЫМАД

(кæнæ Тæрхъус куыд фервæзт)

Иугай нымад

Зонут гъæйттæй.

Ныр нымайдзыстæм

Дыгæйттæй.

 

Рæвдздæр уа

Цæмæй нæ куыст,—

Тæрхъус нын

Кæндзæн æххуыс:

 

«Дыууæ, цыппар,

Æхсæз, аст...»

Тæрхъус хизынмæ

Фæраст...

 

«Дæс, дыууадæс»,

Стæй — «цыппæрдæс...»

Уæртæ йæм

Лæбуры цæргæс..._

 

Уæд — «æхсæрдæс»

Æмæ «стдæс...»

Тæрхъусы

Æрбырста, кæс!..

 

Ацы ран зæгъын:

«Дыууын!»

Æмæ феххуысмæ

Тæхын.

 

Гæпп кæнгæ

Æмæ нымайгæ,

Рæвдз сымах дæр —

Мемæ уайгæ!

III. ДÆСГАЙ НЫМАД

(кæнæ Тæргайгопп куыд бабын)

«Дæс».—

Царди цъымарайы

Хæфс.

«Дыууын».—

Уымæн уыд

Тыппыр гуыбын.

«Æртын».—

Стæй йæхи хуызæн

Лæппын.

«Цыппор».—

Мад дын ракодта

Гуыбор.

«Фæндзай».—

Радта лæппынæн

Йæ хай.

«Æхсай».—

Уый та — бустæ,

Хыл, тæргай.

«Æвдай».—

Мад æм рамæсты:

— Нынцай!

«Æстай».—

Хърихъупп сæ кæны

Хъæуай.

«Нæуæдз» —

Кæс, йæ даргъ бæрзæй

Фæкъæдз...

«Сæдæ».—

Бабын Тæргайгопп...

Уæдæ!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.