|
|||
Чызг æви лæппу⇐ ПредыдущаяСтр 154 из 154 Чызг æви лæппу Уæздандзинад кæдфæнды æмæ кæмфæнды дæр равдисæн ис. Зондджын адæм куыд зæгъынц, афтæмæй сылгоймагмæ, цал азы йыл цæуы, уый схъæр кæнынæй зындæр ницы кæсы. Йæ карæй йæ бафæрсыны бæсты, дам, фæлтау зæронд лæджы, кæд амæлдзæн, уымæй бафæрс. Стæй ма афтæ дæр загъдæуыд, уæздан нæлгоймаг, дам, сылгоймаджы райгуырды аз зоны, фæлæ нæ зоны, цал азы йыл цæуы, уый. Æз дæр, мæ сыхагæн бирæ цот кæй уыд, уый нæ басусæг кæндзынæн, æрмæст зæгъдзынæн, дæсæй фылдæр кæй нæ уыдысты, астæй та — къаддæр. Дыууæ фырты æмæ йын иу чызджы фæстæ фаззæттæ куы райгуырд, уæд, фыццаг сывæллоны райгуырды фæстæ цоты хистæр йæ фыды мадмæ хæрзæггурæггаг фæци, хо мын райгуырд, зæгъгæ. Зæронд ус ыл йæ былтæ акъуырдта, чызджы райгуырдыл цæуыл цин кæныс, кæд æдылы къоппа нæ дæ, уæд, зæгъгæ. Уалынмæ та лæппу дыккаг хатт æрбатахт æмæ ноджы хъæрдæрæй фехъусын кодта: — Ноджыдæр ма мын иу хо райгуырд!.. Ацы хатт зæронд ус йæ «маст» уромын нал бафæрæзта æмæ йын бустæхуызæй афтæ: — Хæдзар къорыппы дзаг чызджытæй байдзаг, ды та цин кæныс!.. Диссаг у, æвæдза, лæппуйы фæзындмæ куыд тынг æнхъæлмæ фæкæсынц ирон адæм, афтæмæй та арæх — уæлдайдæр ныртæккæ — чызджытæ сæ ныййарджытæн фылдæр лæггæдтæ бакæнынц. Æртæ æвзæр лæппуйæ иу хорз чызг хуыздæр, у, зæгъгæ дæр, æвæццæгæн, уымæн фæзæгъынц... [1] Мæ мад. [2] Доскийы æфсымæр. [3] Когиз — комитет государственного издательства (паддзахадон рауагъдады комитет). [4] Бæлæуты Зæлинæ — фельдшер, иу рæстæджы Дибæимæ куыста.
|
|||
|