Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Куыдзыхсыр. Куыройдон



Куыдзыхсыр

Ацы зайæгойæн йе ’цæг ном куыд у, уый нæ зонын, фæлæ йæ махмæ куыдзыхсыр хонынц. Бæрзонд нæ рæзы, кæд йæ иуæй-иу бæлæстæ адæймаджы ронбастмæ дæр схæццæ вæййынц, уæддæр. Чысыл дæргъæццон сыфтæ йын. Йæ тыппыр сыфтæ кæнæ йын йæ зæнг куы фæхъæн кæнай, уæд дзы урс-урсид тæнгъæд фемæхсы. Æхсыры хуызæн кæй у, йæ номы дыккаг хайы ацы дзырд, æвæццæгæн, уымæн æрбынат кодта, фæлæ дзы куыдзы кой цæмæн ис, уый зын зæгъæн у. Æнцондæр зæгъæн нæу, æрæгвæззæг чи срæгъæд вæййы æмæ йæ сау-сауид гагатæ адæймаг æхсызгонæн кæмæн фæхæры, уыцы зайæгой куыдзыбага цæмæн хуыйны, уый дæр.

Куыдзыхсыр... Фыдынддæр номæн æрхъуыдыгæнæн нæй. Афтæмæй та, чи зоны, æмæ ацы зайæгоймæ ахæм миниуджытæ ис, æмæ кæцыдæр низтæн æвдадзы хос фæвæййы. Адæймаг ын йæ уыцы миниуджытæ раиртæста, зæгъгæ, уæд ын, гæнæн ис, æмæ хъуазы æхсырæй стырдæр кад кæнид.

Куыройдон

Кадбæллон адæм та куыннæ стæм, æвæдза! Уæвгæ, кадмæ бæллыны æвзæрдзинадæй ницы ис. Æвзæр у, кадмæ бæлгæйæ, Къостайы загъдау, æгадæй куы мæлай, уæд. Кадмæ бæллыны кой хуымæтæджы нæ ракодтон. Кæддæр кæцыдæр «ахуыргонд» Лондон ирон дзырдæй равзæргæ рахуыдта, наутæ, дам-иу дзы кæй лæууыд, уый тыххæй йæ Лондон схуыдтой, ома лæууæндон. Фæстæдæр ма уыцы «ахуыргонды» хуызæттæ фæзынди æмæ Уимблдон (ома, дам, тымбылдон) æмæ Кройдон дæр ирон дзырдтæ рахуыдтой.

Æз мæхи Куыройыдоны кой ракæнынмæ хъавын, уымæн æмæ йын зонын йæ равзæрæн, ома йæ ном кæцæй рацыд, уый. Æргом дзургæйæ дзы диссагæй ницы ис, уымæн æмæ йæ номы равзæрд арвæй бæрæгдæр у: куырæйттæ йыл кæй зылди, ахæм ном ын уымæн раттой. Æз ма дзы мæхæдæг дæр дыууæ æрæййæфтон: мæнæуыссæн æмæ нартхорыссæн. Фыццаджы куыройгæсæй куыста Цъебойты Борнæф — нæхи хъæуккаг Гаситы Сæлæмырзæйы сиахс, дыккаджы та Икъаты Цæрай æмæ Бæцойты Тегка. 78-аздзыд Хъуппеты Дзандар куыд зæгъы, афтæмæй бæрæгъуыйнаг Куыройдоныл куыста фондз мæнæуыссæн æмæ дыууæ нартхорыссæн куыройы. Куырæйттæ, зæгъгæ, сæ фылдæр къада куырæйттæй бирæ стырдæртæ нæ уыдысты, уымæн æмæ дзы кæцыдæрты фыдтæ сасиры чъырийæ чысыл стырдæртæ йеддæмæ нæ уыдысты, фæлæ уæддæр сæ хицæуттæ цæмæй кулакты номхыгъдмæ бахаудаиккой, уый «ахъаз» сын фесты...

О, æмæ ныр уыцы диссаджы доныл (зымæг сæлгæ нæ кæны, сæрд — ивылгæ) иунæг куырой дæр нал зилы, фæлæ уæддæр йæ ном Куыройыдонæй баззад. Ныртæккæ нæмттæ ивыны дуг у. Ивынц паддзахæдтæ æмæ фæзты, горæттæ æмæ уынгты, колхозтæ æмæ совхозты нæмттæ. Тæрсын, денджызтæ æмæ цæугæдæтты нæмттæ ивынмæ куы бавналой, уымæй дæр. Кæд мæ Куыройыдон иу куыройы фыд дæр нал зилын кæны, уæддæр мæ нæ фæнды, йæ ном ын куы аивиккой, уый, уымæн æмæ дзы Куыройыдоны аххос ницы ис. Йæ тых, йæ хъару къаддæр нæ фесты, куыройы фыдтæ фыццагау зилын йæ бон у. Кæд исты ивын хъæуы, уæд — адæмы зонд. Хуыздæрмæ. Уæд та Куыройыдон дæр йæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнын райдайдзæн, йæ номмæ та йын къухбакæнæн нал уыдзæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.