Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 36 страница



— Геор, уыдон арбитражы сты.

Уый æваст афтæ куы фæкæнид:

 

Арбитраж

Сабиты раз!

V

Мамсыраты Муратимæ тынг рагæй зонгæ стæм. «Рæстдзинад»-ы дæр нæма куыста, уæдæй нырмæ. Ууыл та фондз æмæ дыууиссæдз азæй фылдæр цæуы. Цæвиттон, æз уымæй чысыл раздæр æрбацыдтæн газетмæ. Хъуыды ма йæ кæнын, редакцийы бадтыстæм, æмæ иу сихорафон Мурат дæр фæзынд. Уымæй размæ дæр, æвæццæгæн, зонгæ уыдаиккам, æндæр мын йæ хабæрттæ афтæ бæстонæй нæ кодтаид. Цы дзырдта, уыдоны сæйрагдæр та уыди, Хъаныхъуаты Валодя йын куыстмæ райсынæй зæрдæ кæй бавæрдта, уый. Мæ зæрдæ мын цæмæй балхæдта: æргомныхас уыд.

Суанг ма махмæ æрбацæуыны размæ кæмдæр кæй анызта, уый дæр нæ басусæг кодта. Редактормæ цæуын æмæ, дам, мыл исты бæрæг у? Йæхæдæг куы ницы загътаид, уæд æм нозты ’рдыгæй зæрдæхсаинагæй ницы бафиппайдтаин, афтæмæй, дам, лæппутимæ фæйнæ авджы водкæ банызтам. Мæхинымæр ыл дис кодтон, кæй никæцырдыгæй йыл фæбæрæг, канд уый тыххæй нæ, фæлæ йæ цæсгомыл дæр кæй никæцырдыгæй фæзынд. Кæд ыл дæс æмæ ссæдз азы йеддæмæ нæма цыд, уæддæр йæ цæсгом бирæгъы зынæхсæнæй тынгдæр æнцъылдтæ уыд æмæ йын, чи зоны, уый йæ нозты фæстиуджытæ цыдæр хуызы æмбæхста. Фæстæдæр, хæстæгдæр куы базонгæ стæм, уæд æм фæкъæйныхдæр дæн æмæ, кæд мæнæй æхсæз азы хистæр у, уæддæр йемæ æмгарау ныхас кодтон æмæ йын-иу йæ цæсгомы æнцъылдтæ йæ цæстмæ арæх бадардтон. Канд бирæгъы зынæхсæнимæ-иу ын сæ нæ абарстон, фæлæ ма-иу ын афтæ дæр загътон: «Арс къалатийæ куы кæса, дæ цæсгом уый хуызæн у». Æмæ æцæгæйдæр, йæ цæсгомы æнцъылдтæй иутæ галиуæрдыгæй рахизæрдæм уыдысты, иннæтæ та — дæле уæлæмæ. Æмæ мæм уыдон цæмæдæр гæсгæ къалатийы телты хуызæн кастысты. Уыцы хъуыддаг ын-иу йæ зæрдыл куы ’рлæууын кодтон, уæд-иу мын дзуапп дæттынмæ фæрæвдз: «Мæ карæн куы суай, уæд ма дæ хъустæ дæр нынцъылдтæ уыдзысты».

Раздæр, нозтæн куыд фидар у, ууыл дис кодтон, фæстæдæр та, куыд лæмæгъ у, ууыл. Раст зæгъын хъæуы, ахæм уавæры йæ иу кæнæ, фылдæр-фылдæр, дыууæ хатты йеддæмæ никуы федтон, фæлæ уæвгæ кæй уыдис, уый бæлвырд хъуыды кæнын. Иу хатт мæ цуры нымадæй банызта сæдæ — сæдæ фæндзай граммы уырыссаг арахъхъ æмæ æйтт-зæгъгæ нозтджыны хуызæн уыди. «Тæрхъус» хонын дæр æй цыма уæд райдыдтон, афтæ мæм кæсы.

Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæ ног ном йæ зæрдæмæ фæцыд, йæхицæн æй банымадта стыр хъæздыгдзинадыл, мæнæн дæр дзы фæхай кæныны зонд æм æрцыд æмæ мæнмæ дæр уыцы номæй дзурын райдыдта. Хæблиаты Сафары дæр уый бацардыдтаид, æндæр цы — æмæ мæм уый дæр Мураты дзыхæй дзурын райдыдта. Æппынфæстаг хъуыддæгтæ афтæ ныссуйтæ сты, æмæ тæрхъустæй номæвæрæгæй чи кæцы уыд, уый зын раиртасæн сси. Бæлвырддæр уыд æндæр хъуыддаг: мæнæн Мурат æмæ Сафары хуызы уыди дыууæ тæрхъус-æрдхорды, уыдонæн та мæн хуызы — иу. Æрмæст нæ ахастдзинæдты уыд иу хицæндзинад: уыдонæй-иу «Тæрхъус», зæгъгæ, кæмæ сдзырдтон, уый-иу æм, цыма, йе ’цæг ном фехъуыста, уый хуызæн цæстæй ракаст, æз та-иу ын, дæ номæй мæм цæмæн дзурыс, зæгъгæ, дзуапп раттон.

Мураты тыххæй дзургæйæ, Лермонтовы Печорин мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Фыссæг æй куы хъæбатырæй æвдисы, куы лæмæгъæй: «Ведь, например, в дождик, в холод целый день на охоте; все иззябнут, устанут, а ему ничего. А другой раз сидит у себя в комнате, ветер пахнёт, уверяет, что простудился; ставнем стукнет, он вздрогнет и побледнеет, а при мне ходил на кабана один на один...»

О, æмæ мæм Мурат дæр цæмæйдæр Печорины хуызæн кæсы. Цæмæн, уый тыххæй уæлдæр иу æвдисæн æрхастон. Иннæ хабар та ахæм ракæнинаг дæн. «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ кæрæдзийæн бирæ «фыдмитæ» кодтам. Кæддæр мæм мæ зонгæтæй чидæр редакцимæ æрбацыд. Тыджыты Юрийыл амбæлд æмæ йæ фæрсы, мæнæй уый кæм бады, зæгъгæ. Юрий йын, мæ кусæн уатмæ ацамонгæйæ, загъта: «Уæртæ уым йæ фындз къахы».

Уыцы дзуапп куыддæрæй Сафар æмæ Муратмæ байхъуыст æмæ йæ æндæрæрдæм сыздæхтой. «Фындзæн» рифмæ ссардтой æмæ, дам, кусыны бæсты уыцы рифмæ къахы. Цæмæй сæ ныхæсты æцæгдзинад хъуыддагæй равдисой, ууыл цас фæхъуыды кодтой, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ æппынфæстаг сæ зæрды æрæфтыд уый хуызисты равдисын. Мурат хуыз исынмæ дæр кæмæйдæрты æвзæрдæр нæ арæхст æмæ иу бон йæ къамисæн аппарат йемæ рахаста. Иннæ хæттыты хуызæн та куысты размæ уынджы бæлæсты бын лæууыдыстæм. Фараст сахатæй дæр фæфалдæр, уæддæр Сафар æмæ Муратмæ мидæмæ цæуыны зонд нæма уыд. Ахæм рæстæг-иу редактор, йæ кусæн уатæн уынджы ’рдæм цы балкъон уыд, уым алæууыд æмæ-иу рахъæр кодта, мидæмæ цæуын афон у, зæгъгæ. Ме ’мбæлттæ никæдæм тагъд кæнынц, уый куы бамбæрстон, уæд ма иу хатт мæ сахатмæ æркастæн æмæ фæцæуæг дæн. Фæстæдæр куыд бамбæрстон, афтæмæй Сафар æмæ Мурат уымæ æнхъæлмæ кастыстысты. Трамвайы фæндагæй куы бахызтæн, уæд мæм Сафар дзуры: «Дæ хæлафыл цыдæр ныххæцыд». Æз фæстæмæ разылдтæн, мæ хæлаф мæ армытъæпæнæй цалдæр хатты æрцавтон, уыдоныл та худæг бахæцыд. Мурат йæ хуызисæн аппарат куыд амбæхста, уый ма ауыдтон, фæлæ ма йын цы мæ бон уыд. Дыккаг бон мæм къам равдыстой æмæ, ныхæстæ кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, дзырдтой, мидæгæй, дам, дæ фындз фæкъахыс, æдде та — фындзимæ рифмæгонд дзырд.

Уыцы бæллæхтæ иууылдæр Юрийы ныхæстæ расайдтой. Гъе æмæ уыцы Юрийæн Мурат йæхицæн дæр къаддæр бæллæхтæ нæ бавзарын кодта. Иуы кой дзы фæстæдæр ракæндзынæн, фæлæ уал ныр Мураты хабар кæронмæ фæуон. Уæвгæ та дзы Юрийæн йæхи кой кæнын дæр бахъæудзæн.

Цæвиттон, Мурат исты фыдбылыз — æцæг фыдбылызæй Хуыцау бахизæд — ома дыкъæдзыгты æвæрд фыдбылыз ракæнынмæ йæ былыцъæрттæ хордта. Æппæты тынгдæр цæмæ бæллыд æмæ, йæ къухы цы нæ бафтыд, уый — Юрийы фæтæрсын кæнын. Тыргъты, дам, куы фæцæйцæуа, уæд исты зæххыл ныццæв, стæй алырдыгæй гыбар-гыбур райхъуысын кæн æмæ кусæн уатæй исчи ныхъхъæр кæнæд, фæдис, нæ сыхæгтæ æрбабырстой, зæгъгæ. Уæд, дам, цымæ Юри куыд акæнид. Юри куыд акодтаид, уый базоныны фадат ын никуы фæци, фæлæ йæхæдæг уымæй бирæ хуымæтæгдæр уавæры куыд акодта, уымæн æвдисæн уыдтæн...

Уыцы рæстæджы хъæдмæ арæх цыдтæн æмæ-иу алы хатт дæр мемæ лæдзæг æрбахастон. Арæхдæр — æхсæры талайæ. Гъе æмæ ахæм лæдзджытæй цалдæр мæ кусæн уаты æрбахизæны къуымы лæууыдысты. Арæх æвналæг сæм нæ уыди, фæлæ-иу сæ, æвæццæгæн, æфснайæг хаттæй-хатт райста, сæ рыгтæ-иу сын ныссæрфта æмæ та-иу сæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдта. Фæстаг хатт ын дзы иу цæмæдæр гæсгæ къуымы нæ, фæлæ чингуыты тæрхæджы фарсыл æвæрд фæци. Уыцы рæстæг Мураты йæ фыдбылызы къæхтæ мæ уатмæ æрбахастой æмæ мын цыдæр хабар дзурын райдыдта. Ныхас кæнгæйæ та бæлвырд дзурын уарзы. Гъе, æмæ иуцасдæр куы фæдзырдта, уæд йæ чъылдыммæ дæргъæй-дæргъмæ ставд лæдзæджы тъæпп паркетыл фæцыд. Мурат цæкуыйау хæрдмæ фæхаудта. Схъиугæ æз дæр, стæй чифæнды дæр фæкодтаид, фæлæ мæм диссаг, Юрийы цæмæй фæтæрсын кæнынмæ хъавыд, йæхæдæг уымæй кæй фæтарст, уый фæкаст. Æз, лæдзæг æвæрд кæм уыд, уыцырдæм кастæн æмæ, йæ бынатæй æнæуынæрæй куыд фезмæлыд, уый федтон, зæххыл йæ тъæпп куыд фæцыд, уый дæр мын æнæнхъæлæджы нæ уыд. Æнæнхъæлæджы мын уыд, Мурат йæхи тæрхъусы хуызæнæй кæй равдыста, уый. Æнæнхъæлæджы йыл цы ном сæвæрдтон, уый та мæм æнæнхъæлæджы нал каст. Ноджыдæр ма мæ иу хатт бауырныдта, уд кæмæн ис, уыдонæй, тæрсгæ чи нæ кæны, иунæг дæр ахæм кæй нæй. Суанг Мурат дæр, тыхми кæмæн кодтой, уыцы сылгоймаджы фондз фыдгæнæджы дзæмбытæй чи скъахта.

Мæ ацы фыстытæ куы бакæса, уæд хъуамæ мемæ ма сразы уа, уымæн æмæ йæ кæмдæрты, йæхи зæрдæмæ кæм нæ фæцæудзæн, ахæм уавæрты æвдисын, стæй ма йæ, чи зоны, дарддæр дæр æвдисдзынæн, фæлæ, цы уыди, уый ныхмæ зын дзурæн у, суанг дæ мыггаг Мамсыратæй куы уа, дæ ном Мурат куы хуыйна, уæд дæр. Сæ мæсыджы кой кæнын дæр нæ уарзы, афтæмæй уыцы хабар дæр æцæг уыди.

Муратæн ныр дæр арæх фæзæгъын:

— Уæллæй, ды тынг бирæ цæрыс.

Цæмæн, зæгъгæ, мæ никуыуал бафæрсы, уымæн æмæ зоны, цы дзуапп ын ратдзынæн, уый: дæ бынаты, зæгъын, æндæр исчи куы уаид, уæд æй раджы амардæуыдаид.

— Йарæбын, æз рæстæй никуы никæй ма бафхæрдтон, — йæхи раст кæнынмæ-иу фæци Мурат фыццæгты. — Æфхæрыны аккаг чи вæййы, уыдоны иувæрсты ахизын та мæ бон нæ бавæййы. Малиты Васо та мын афтæ загъта, Мурат, ды, дам, сызгъæрин адæймаг дæ, фæлæ — æнæхатыр. Æмæ цæмæй æнæхатыр дæн? Чи цы у, уый кæй фæзæгъын, уымæй æви рæстæй кæй фефхæрынц, уый фарс кæй рахæцын, уымæй?

Æмæ-иу мын, кæмæн цы ракодта, уыдон дзурын куы райдыдта, уæд-иу æм хъусынæй нал æфсæстæн. Се ’ппæтыл чи аххæсдзæн, фæлæ дзы мæ зæрдыл кæй бадардтон, уыдоны кой ракæндзынæн.

Селиван, зæгъгæ, уыди иу ахæм музыкант. Æз дæр æй зыдтон. Радиойы оркестры дæр куыста. Балалайкæйæ цагъта. Æрмæст уый мæ размæ уыди, фæлæ зонгæ уыдыстæм. Хурдзаст лæппу, адæймагыл-иу кæддæриддæр худæнбылæй сæмбæлд. Мурат нæ уыди, зæгъгæ, уæд ын йæ удыхъæды цауд миниуджытæн ницы базыдтаин, фæлæ, æвæццæгæн, цæххы пут хæрыны хабæрттæ хуымæтæджы нæ баззадысты.

Цæвиттон, ацы Селиван чи у, уый йæ дæсныйадыл сыстырзæрдæ æмæ бизнесы хъуыддæгтæм рахызти. Уæды рæстæджы ма «бизнесмен» æфхæрæн ныхасыл нымад уыд, фæлæ ахæм куыст кæнгæйæ цы сойтæ смæрзæн ис, уый Селиван бирæтæй раздæр банкъардта æмæ Æрыдонæй Дигорайы ’хсæн буфетгæсæй кусын райдыдта. Мурат æй дзæвгар рæстæг нал федта æмæ йыл куы амбæлд, уæд ыл хуымæтæджы цин бакодта. Селиванæн дæр æхсызгон куыннæ уыдаид йæ рагон зонгæйы фенд. Суанг ма йын йæ ног куыстæй дæр феппæлыди, ныронг дæр, дам, дзæгъæлы бирæ рæстæг фесæфтон.

— Мæсты та йæм цæуыл сдæн? — дзырдта мын Мурат. — Адæм, дам мæм бирæ цæуы, уæлдайдæр нартхорæфснайæн рæстæджы.

Æцæгæйдæр, Æрæфы æмæ Дыгуры районтæ сæ паддзахадон хæс Æрыдоны хорцæтгæгæнæнмæ ластой, æмæ уыцы фæндагыл машинæтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæрдæм кодтой, стæй дзы æнæуи змæлджытæ дæр чысыл нæ уыди. Æмæ Селиваны дзыпп дзагæй-дзагдæр куыннæ хъуамæ кодтаид! Ноджы ма йæхицæй дæр æппæлыди, цалдæр кусæджы, дам, куы дарон, уæд сын мызд бирæ фидын хъæуы. Чи ’рбацæуы, уыдон та, æвæццæгæн, уæлдæйттæ бирæ уагътой æмæ-иу сын се ’рдæгхæрд къусты былтæ йе ’нгуылдзæй расæрфта — куыд-иу æй расæрфта, уый ма йæ къухæй дæр ацамыдта — дзидзайы мур-иу дзы ныппæрста æмæ та-иу æй æндæрæн рахаста.

Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд мæ маст мæ хуылфы нæрсынмæ фæци, фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдтон, фæлæуу, æз дын цы хъæуы, уый куы нæ бакæнон, зæгъгæ. Хабæрттæ Сафарæн ракодтон, уымæн æмæ йæ уый дæр зыдта. Уымæн дæр æхсызгон кæм уыдаид! Æмбæлын та арæхдæр райдыдтой. Горæтмæ сæфтгæйæ ма хуымæтæджы хæрæндæттæм цæуын йæ сæрмæ чи хаста! — æрмæстдæр «Интурист»-мæ. Иуахæмы Сафаримæ хæрхæмбæлд фесты. Сафар хæрынмæ фæцæйцыд, уый та ресторанæй рацæйздæхт. Кæрæдзийæн салам раттой æмæ ныхæстыл фесты. Селиван, нозтдзæф кæй уыд, уый йæ дынджыр цæсгомы сырхæй дæр бæрæг уыд, æмæ йын Сафар афтæ куы бакæнид:

— Æнхъæлдæн æмæ дзы бахаудтай.

Ома банызтай.

Къæрных ахæм ныхæстæ йæхирдыгонау æмбары æмæ йæ уыцы тарстхуызæй афарста:

— Хъаст мыл æрбацыди?

— Мамсыраты Муратмæ йæ барвыстой, — загъта йын Сафар уыцы æцæгхуызæй. — Хъуыддаг цыма сæ хæрзтæй нæу, афтæ мæм кæсы...

Уый фæстæ мын Мурат хабæрттæ радзырдта:

— Иубон мæ куыстмæ ’рбацæуын, æмæ дын Селиван редакцийы дуармæ лæууы. Салам, зæгъгæ мын фæкодта. Æз ын мæ сæры чысыл фезмæлдæй дзуапп раттон æмæ асинтыл цыппæрæм уæладзыгмæ хизыныл фæдæн. Хæрзаг йæхинымæр загъта, рæстмæ салам мын кæм нал дæтты, уым, æвæццæгæн, мæ хъуыддæгтæ æцæг тъайлаг сты.

Мæ кусæн уатмæ бацыдтæн, æмæ уайтагъд мæ уæлхъус писмоты хайады кусæг алæууыд, абоны газеты уæ хайадæй цы ’рмæджытæ ис, уыдоныл сæ ныффысджыты мыггæгтæ фæнысан кæн, цæмæй, дам сын редактор гонорар рафысса. Цалынмæ уыцы куыст кодтон, уæдмæ Селиван дуары зыхъхъырæй æрбакаст. Писмоты хайады кусæг куы ацыд, уæд дуары уынæр фæцыд. Æз æй, цыма нæ хъусын, афтæ мæхи газеткæсæг скодтон. Аивæй дуармæ мæ хъус дарын æмæ, æвæццæгæн, уыцырдæм кæсын, уый Селиван дуары чысыл зыхъхъырæй федта æмæ йæ уæрæхдæр байгом кæнгæйæ, сдзырдта:

— Æмбæлы?

— Мидæмæ, — æцæгæлонхуызæй йын дзуапп раттон æз.

Цыма йыл судзаджы мард æрцыд, уый хуызæн хъуызгæ къахдзæфтæй уаты астæу æрлæугæйæ ныллæг хъæлæсæй бафарста:

— Цы уыди, цы, уæддæр? Хæблиаты Сафар мын цыдæртæ дзырдта, фæлæ мын бæлвырдæй ницы загъта.

— «Цы уыди» та цы хоныс? — цыма мæ, æппындæр архайын кæм нæ фæнды, ахæм хъуыддаджы нытътъыстой, уый хуызæн загътон æз. — Хъаст дыл æрбацыди. Хуымæтæджы хъаст дæр ма куы уаид — фельетон. Чи йæ ныффыста, уый дæ ницæмæн хъæуы, фæлæ йын, мæнмæ гæсгæ, цыргъ æвзаг ис. Радиойы оркестры, дам ма балалайкæйæ фæстаг бонтæ куы цагъта, уæд æм телты зæланг æвзист æхцаты зæлланджы хуызæн кæсын райдыдта æмæ, дам, ресторан дæр уый фæстæ байгом кодта.

Уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд дзæвгар фæныфсджындæр, йæ рахиз къух æрбатымбыл æмæ æртхъирæнтæ кæнынмæ фæци:

— Чи уыди, уый æз тынг хорз зонын. Фæлæууæд, æз ын йæ дынджыр гуыбыны кæд кард нæ нытътьыссон!

Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй, фæныфсджындæр уæвгæйæ, ноджы хъæддыхдæрæй загъта:

— А вообще-то, пусть докажет!

— К сожалению, доказывать теперь мне придется, — загътон ын æз дæр уырыссагау. — Кæй дæ базылынджын кæндзынæн, уый та дæхæдæг зоныс.

Йæ тымбылкъух куы райхæлд æмæ, дарддæр цы кæнгæ у, уый куынæуал зыдта, уæд æй æрбадын кодтон. Уымæй размæ йын уыцы уæздандзинад равдисын дæр мæ зæрдæ нæ батардта. Мæ кæнгæ тызмæгдзинад фæлæмæгъдæр кодтон æмæ иуцасдæр фæлмæндæр хъæлæсæй сдзырдтон:

— Æртхъирæнтæ ’мæ карды рæхуыстытæй ницы бакæндзынæ, фæлæ дыл чи ныффыста, уымæ фæндаг ссарын хъæуы...

— Æмæ йæм куыд ссардзынæ, кæд æй нæ зоныс, уæд?

— Æз та йæ куыннæ зонын?!

— Уæдæ афтæ цæмæн загътай, мæнмæ гæсгæ йын цыргъ æвзаг и, зæгъгæ?

— Уымæн æмæ йæ уымæй размæ фельетонтæ фыссæгæй нæ зыдтон. Ныр хъæздыг æрмæгыл фæхæст æмæ йæ фельетон ныффыссынмæ дæр уый сразæнгард кодта.

— Омæ йæ кæд зоныс, уæд ма йемæ аныхас кæн. Кæимæ йæ фæнды, уыимæ рацæут æмæ мæнæ уæ фарсмæ рестораны абаддзыстæм...

— Рестораны абадынæн бирæ нæ хъæуы...

— Горæты кæронмæ фыс дæр аласдзыстæм.

— Уыдæттæ æз дæр æмбарын, фæлæ йæ цы хуызы сразы чындæуа, уый у сæйрагдæр...

— Исты йын æрхъуыды кæн, Мурат. Кæрæдзийы иу бон куы нæ зонæм, мыййаг. Никуы дын æй ферох кæндзынæн...

— Хорз, ахъуыды кæндзынæн... Исты кæд æрымысин. Æвзæр лæппу нæу, фæлæ иуæй-иу хатт куы ныццæхгæрмæ вæййы, уæд никæйуал коммæ фæкæсы.

— Мæнмæ гæсгæ, дæ коммæ бакæсдзæн...

— Хорз. Æрмæст ныртæккæ тынг æнæвдæлон дæн æмæ-иу мæ иннæбон фæссихор ссар.

Дыууæ боны æмгъуыд ын барæй раттон. Иуæй, æртыккаг бон сабатмæ цыди æмæ фæссихор куысты фæстæ кæдæмфæнды ацæуæн дæр уыдаид, «фельетоны авторы» дæр мæ ссарын хъуыд, стæй, немæ чи ацæудзæн, уыдоны дæр.

Дарддæры хабæрттæ мын Мураты дзурын нал хъæуы, уымæн æмæ сын мæхæдæг æвдисæн уыдтæн. Кæд ма исты зонын, уæд Селиванимæ фондз уыдыстæм: Мурат, Сафар, æз, «фельетоны автор» Барис æмæ йæхæдæг. Мурат ын рагацау бамбарын кодта, фынджы уæлхъус фельетоны кой æппындæр куыннæ рацæуа, афтæ, кæннод, дам, хъуыддаг фехалдзынæ. «Интурист»-ы ахæм хъæлдзæг бадт бирæ хæттыты нæ фæкодтон.

Дыккаг бон Селиван сæумæрайсом Мураты кусæн уаты æрбалæууыд æмæ, салам дæр нæма ратта, афтæмæй йæ бафарста:

— Цæй, куыд уыди? Йæ зæрдæмæ фæцыд нæ бадт?

— Бадт йæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ, адæмæн уæлдæйттæ кæй хæрын кæныс, уый тыххæй йæ маст цыма тагъд не ссæудзæн, афтæ мæм фæкаст.

— Дæ хорзæхæй, зæгъ ын, ахæм хъуыддагæн дзы, зæгъ, йæ кой дæр нал уыдзæн. Куырттаты комы кусарт акæндзыстæм æмæ йын уæд мæхæдæг дæр зæгъдзынæн...

— Гъер ды фæзæгъыс, марын дæ хъæуы, зæгъгæ, фæлæ, Селиванæн афтæ кæй бакодтон, уымæй исты рæдыд æруагътон? — бафарста мæ Мурат, ныхас куы фæцис, уæд.

— Ацы ран дæ ныхмæ ницы зæгъын мæ бон у.

— Уæдæ дарддæр хъус. Уæд ма радиойы куыстон. Уым дæр-иу хъæлдзæг митæ кодтам, кæй зæгъын æй хъæуы. Хæларæй кæимæ цардтæн, ахæм лæппутæ дзы уыдис æмæ-иу фæскуыст фæйнæ сыкъайы дæр анызтам.

Иуахæмы мын мæ зонгæтæй — æви мæ хæстæджытæй уыди, бæлвырд æй нал хъуыды кæнын — чидæр хуын æрбахаста: балоны дзаг арахъхъ, карчы мард æмæ æртæ уæлибæхы. Цогты Басил нæ хистæр уыди, æмæ сæ уый кусæн уатмæ бахастон, фæскуыст абаддзыстæм, зæгъгæ. Звукорежиссер Гуыриаты Гермæнæн дæр загътон. Балон æртæйы фаг йеддæмæ куы нæ суа, уымæй тарстæн æмæ фылдæр адæмы хонынмæ фæзивæг кодтон.

Фондз сахатыл Басилы кабинетмæ бацыдтæн æмæ æхгæд куы разынид. Цы фæци, зæгъгæ, фыццаг уæладзыгмæ æруадтæн æмæ дуаргæс тæтæйраг Юсупы фæрсын:

— Басилы нæ федтай?

— Чысыл раздæр ацыд, — загъта лæг. — Йæ дæгъæлтæ ратта æмæ ацыд.

Дæгъæл райстон, дуар байгом кодтон. Каркæн ма йе стджытæ рагъамадæй баййæфтон. Æмæ хуымæтæджы карк уыди! Ныртæккæйы кæрчыты хуызæн нæ, фæлæ — хæдзарон. Арахъхъæй иу гыццыл йеддæмæ хъуыд нæ уыд, уæлибæхтæ дæр — цалдæр карсты цух. Стъолыл ныууагъта ахæм фыст: «Бирæ-иу бахæрут, лæппутæ!»

Ацы ран Мураты чысыл мæ зæрды бауромын ис. Цæмæн, уый дæр зæгъдзынæн: карчы тыххæй. Карчы фыдæй фылдæр ницы уарзы. Кæцыранфæнды куы вæййы, уæддæр æй бацагуры. Кæм ын æй æрæвæрынц, уым та йын дзы бафсис нæ вæййы. Йæ хуыны карк ын кæй бахордæуыд, уый йæ хуымæтæджы масты кæй нæ баппæрстаид, ууыл æнæрасомыгæнгæйæ дæр тынг æууæндын, уымæн æмæ уымæй цауддæр каркмæ дæр куы нæ фæлæууыд æмæ ма бæллæхы дæр куы фæцæйхауд...

Æндæр фынгыл дæр та сын карк æрæвæрдæуыд, æмæ дзы Мурат куыннæ бахордтаид! Йе ’мвынг адæм дзы аходгæ дæр не скодтой, тæф кæны, зæгъгæ. Муратæн ма уый æхсызгон дæр уыд, æз, дам, тæф не ’мбарын æмæ мæ ницы хъыгдары, зæгъгæ. Ныццавта карк, уæдæ цы уыдаид. Ходы Камал кæйдæр фæфæзмы, уазæгæн, дам, карк аргæвстой. Иннæ хæринæгтимæ йын æй æрæвæрдтой. Фысым цыбыр рæстæгмæ фынгæй йæхи ракуырдта æмæ йæ фæстæмæ ’рбаздæхынмæ каркæй фынгыл ницыуал уыд. Фысым æй фæрсы: «Карк хæргæ бакодтай, фæлæ йе стджытæ та цы фесты?» — «Æмæ карчы та цæй стæг ис?» — фарстæй йын дзуапп ратта уазæг. Уыйау Мурат смаггæнаг карк фæдæле кодта. Æхсæвыгон ахсæн куы скуыста, уæд йæ артæнтæ калынмæ фæци, райсоммæ та йе ’ппæт буар дæр фадæгау ракодта. Куыстмæ æрдæгмардæй æрбацыд. Хабæрттæ куы радзырдта, уæд ын Тыджыты Юрий афтæ:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.