Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 35 страница



Бадджери, адæм куырыхон кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыди. Куырыхоны зонд та дардыл феххæссы. Канд йæхи удыкъоппа æмæ бинонты мæт нæ фæкæны, фæлæ фæтыхсы æппæт дзыллæйы хъысмæтыл дæр. Куы зæгъын, Батджери хорз æмбæрста ахуырады ахадындзинад æмæ архайдта, цæмæй, йæ сыхбæсты, йæ хъæубæсты цы фæсивæд рæзыди, уыдон бамбарой чиныджы тых, дамгъæйы нысаниуæг æмæ дам-иу — уый дæр мын Маня дзырдта — хъæуы лæппутæй къорыпп байдзаг кодта, Стъараполмæ-иу сæ аласта, гимназы кæрты-иу сæ акалдта æмæ-иу сæ уым ныууагъта, ацы фæсивæды ахуыр кæнын фæнды, æмæ сын, цы кæнут, уый кæнут, зæгъгæ. Афтæ цалдæр хатты куы бакодта, уæд сын, æвæццæгæн, фæстагмæ цы кодтаиккой, уый куынæуал зыдтой, уæд Къостамæ фæхабар кодтой, афтæ æмæ афтæ, дæ хъæуккæгтæн, зæгъ æмæ гимназы цалынмæ бынæттæ фæзына, уæдмæ сæ мауал æрбаласæнт, зæгъгæ. Къоста дæр йæ иу писмойы 1896 азы августы Цæлыккаты Алыксандрмæ уымæн фыссы: «Батджери Дзасохову передай, что вакансии в пансион гимназии нет и в нынешнем году» (Дзасохты Батджерийæн фехъусын кæн, гимназы пансионы, зæгъ, ацы аз дæр бынат нæй). Фæстаг хатт ма Къостайы уацмысты фондзтомон мыхуыры куы рацыд, уæд уым фиппаинæгты Батджерийы тыххæй афтæ фыссынц: «Дзасохты Батчери (Батджери, Иван) — Къостайы хæлар, арæх-иу поэты Георгиевско-Осетинскойæ йæ бричкæйы аласта Стьараполмæ» (Хетæгкаты Къоста. Уацмысты æххæст рауагъд 5 томæй. Дзæуджыхъæу, 2001 аз, 5 том, 638 фарс).

Ахæм лæг уыди Батджери. Уæдæ йын Гиго цы фырт уыди, уый та ма ноджыдæр иу хатт разынди, Къостамæ цы цæстæй каст, цы аргъ ын кодта, йæ тæригъæддаг хъысмæт — уæлдайдæр йæ царды фæстаг азты — йæ зæрдæмæ куыд арф айста æмæ, цæмæй фæрогдæр уыдаид, ууыл куыд зæрдиагæй архайдта, уымæй дæр.

Мах, ирон адæм, стырзæрдæ стæм, стæй, нæ цуры цы уа, уый нæ цæсты нæ ахады. Къоста, цæсты чи нæ ахадыдта, ахæм лæг куы уыдаид, уæд ыл æгасæй — уымæй размæ ахæм хабар искуы æрцыди, уый æз никуы фехъуыстон — зарджытæ нæ кодтаиккой, таурæгътæ йыл нæ мысыдаиккой, фæлæ куы ’ррынчын, йæхæдæг адæмы сæрыл куыд тох кодта, йæхи сæрыл афтæ тох кæнын куы бахъуыд, уæд æм хæстæг ничиуал цыд, рохуаты йæ ныууагътой, Иры дзыллæйæн цы бирæ хæрзты бацыд, уый йæ зæрдыл никæмæнуал лæууыд æмæ йæ иунæг мæгуыр хо Олгайы æвджид дæр уымæн баззад.

Уыцы уавæрмæ кæсын иннæты хуызæн Дзасохы-фыртæн йæ бон куы бауыдаид, уæд æй абоны Гигойæ нæ зониккам, фæлæ уымæн æнкъараг зæрдæ уыд, искæй зын уавæрты уынгæйæ æнæ рисгæ кæмæн нæ уыд, искæй низæй рынчын чи кодта æмæ йæ тугтæ кæмæн калдысты, ахæм зæрдæ. Кьостайы хъуыдыгæнæг куыннæуал уыд, уæззау низ æй йæ быны куы скодта, уæд Гиго фæсидти ирон адæммæ, радзырдта сын, сæ сæрхъуызой зын уавæры кæй ис, фæсидти сæм, цæмæй йын, кæмæн цы йæ бон у, уымæй баххуыс кæна. Уыцы рæстæджы фæзындысты Олгайы писмотæ Гигомæ. Уым поэты иузæрдион хо бæлвырдæй фыста, Ирыстоны намыс цы уавæрмæ æрхауд, уый бæлвырддзинæдтæ. Гигойы фæрцы мах абон зонæм, фондзыссæдз азы размæ нæ хуыздæр лæг цы хъизæмæрттæ æвзæрста æмæ мæлгæ-мæлын йæ уарзон адæмæн цы фæдзæхста, уыдæттæ. Кæд Гиго йæ удæй арт цагъта, уæддæр æй, зæгъæн ис, æмæ ничи фехъуыста, æппæт адæмы хъыг кæмæ хъардта, уыдон ын йæхи хъыг нæ бамбæрстой.

Къостамæ æцæгæлон цæстæй кастысты йæ амæлæты фæстæ дæр. Комкоммæ йæхимæ нæ, фæлæ йе сфæлдыстадмæ, йæ бирæ æнæмыхуыргонд фыстытæм. Иуæй-иутæй фæстæмæ, ничи тыхст уыдон бахъахъхъæныныл. Цæмæй ма фесæфтаиккой æмæ фидæны фæлтæртæм фæхæццæ уыдаиккой, уый тыххæй сæ хъуыди æрæмбырд æмæ бабæстон кæнын. Стæй канд йæ фыстытæ нæ. Ссарын хъуыд йæ къамтæ, йæ писмотæ, бацæттæ кæнын хъуыд, чи йæ зыдта, уыдоны мысинæгтæ, иу ныхасæй, поэты цард æмæ сфæлдыстадимæ цыдæриддæр баст уыд, уыдон, амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, иууылдæр хъуыди чиныгæй рауадзын. Афтæ нæ бакæнгæйæ, поэты бынтæн тæссаг уыди фесæфынæй, уымæн æмæ дзы бирæтæ боны рухс нæма федта. Уыцы хæс дæр йæхимæ райста Дзасохты Гиго æмæ ногæй фæсидти ирон адæммæ.

Бæргæ, йæхи къух куы амыдтаид — Гигойæ зæгъын — уæд газеты æххуысæй адæммæ курæджы хуызы бæргæ нæ рацыдаид, фæлæ, Чеховы загъдау, искæй тыххæй курæг ацæуын æфсæрмыйаг нæу, æмæ Гиго дæр афтæ уымæн бакодта, æмбæрста, цы хъæппæрис равдыста, уый Къостайы кæй нал хъуыд. Уæдæ дзы Дзасохы-фырт йæхицæн исты фæпайда кæныныл дæр нæ архайдта. Уый кодта йæ адæмы, йæ бæстæйы мæт.

Кæд цыфæнды зын уавæрты архайдта, уæддæр ын чысыл нæ бантыст. Æрæмбырд кодта, уымæй размæ мыхуыргонд чи нæма уыд, Къостайы уыцы æмдзæвгæтæ — æдæппæт фондзыссæдзæй фылдæр, поэты чи зыдта, уыдонæй бирæтæ ныффыстой сæ мысинæгтæ. Чысыл хъуыддаг нæ уыд, Къоста йæ хæстæджытæ, зонгæтæ æмæ хæлæрттæм цы письмотæ фыста, уыдон ссарын дæр. Фæлæ сæ Гиго ссардта. Ссардта йын ноджыдæр йæ хуызистытæ. Æппæт уыцы æрмæгæй саразын хъуыд чиныг. Чиныг рауадзынæн та хъуыди æхца. Ссæдз туманы. Агурын та райдыдта уыцы фæрæзтæ дæр. Мæгуыртæ йын цæмæй баххуыс кодтаиккой! Хъæздыджыты фылдæр хай та, удæй мæгуыр кæй у, уый тыххæй капекк сармадзанæй æхсы. Æддæмæ гыццыл кæй фæдæтты, бирæ дæр æм уымæн вæййы. Къусбаргæнæгау куыддæртæй, тыхтæ æмæ амæлттæй йæ тумантæ æппынфæстаг ссæдз баисты. Хъуыди ма чиныгæн разныхас ныффыссын, разныхас, зæгъгæ, Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæн йæ рæстæджы æмæ фидæны фæлтæртæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй бындурон æрмæг бацæттæ кæнын. Уыцы хæс Гигойæ хуыздæр исчи сæххæст кодтаид, уый мæ нæ уырны, æмæ йæ, æвæццæгæн, йæхимæ дæр уымæн райста. Ныффыста йæ. Йæ хъарутыл нæ бацауæрста. Равзæрста поэты сфæлдыстад, скодта хатдзæгтæ, фидæнмæ акаст, афтæмæй æмæ ницæмæй фæрæдыд.

Æппæты дардмæуынагдæрæй та йæхи равдыста, Къоста фидæны поэт кæй у æмæ цы кады аккаг у, уымæн аргъгæнæг сомбоны фæлтæртæ кæй уыдзысты, уый кæй загъта, уымæй.

Чиныг мыхуыры рацыд 1909 азы Ростовы, фæлæ Гиго йæ хæс æххæстгондыл нæма банымадта. Фæндыди ма йæ дыууæ хъуыддаджы бакæнын. Фыццаг — чиныг адæммæ фæхæццæ кæнын. Дыккаг — цы ’хца дзы æрæмбырд уа, уымæй поэтæн цыртдзæвæн саразын. Чиныджы аргъ уыди 1 сом æмæ 75 капеччы. Уыимæ-иу чиныг кæмæн æрвыста — æрвитгæ та йæ кодта «ахуыргонд æмæ бонджын ирæттæн» — уыдонмæ фыста, чиныджы аргъ сом йеддæмæ кæй нæу, 75 капеччы та Къостайæн цыртдзæвæныл хардзгонд кæй æрцæудзысты. Нæ фæцыд уый «ахуыргонд æмæ бонджын» ирæттæн сæ фылдæры зæрдæмæ æмæ Къостайы чиныгфæстæмæ йæ рауадзæгмæ æрбарвыстой.

Абон дзæгъæлы дис кæнæм, адæм «Рæстдзинад», ирон журналтæ цæуылнæ фыссынц, нæ фысджыты чингуытæ цæуылнæ ’лхæнынц, ууыл. Чысыл раздæр куы загътон, стырзæрдæ стæм, зæгъгæ. Нæхион цæсты нæ ахады. Халон, дам, йæхи надта æмæ дойныйæ марди. Мах дæр хъæздыгдзинæдты сæрæй кæсæм æмæ нæ мæгуыры гæвз-гæвз цæуы. Фыдæлтæй нын цы хъæздыг бынтæ баззад, уыдон тъымы-тъымайы фаг дæр сты, мах та сæ нæхи фагыл дæр нæ нымайæм. Ирон адæмæн цы кадджытæ æмæ таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ уыцы-уыцитæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæ, хъарджытæ æмæ арфæтæ баззад, æппынфæстаг махмæ цы «Нарты кадджытæ» ис, æрмæст уыдон бакæсыны тыххæй дæр ирон æвзаг зонын æмбæлы. Æмæ йæ зонæм? Нæ зонæм. Йæ базоныныл архайæм? Нæ архайæм. Иуæй-иутæ ма суанг сæ адæмыхатт дæр аивтой, цæмæй сæ сывæллæттæ скъолаты ирон æвзаг ма ахуыр кæной, уый тыххæй.

Цымæ Хетæгкаты Леуан дæр ахæм ныййарджыты хуызæн куы хъуыды кодтаид, уæд адæм æмæ Хуыцауы раз тæригъæдджын нæ уыдаид? Къоста иронау куы нæ фыстаид, уæд цымæ нæ истори къахырæй нæ баззадаид? Афтæмæй та Леуанæн дæр æмæ Къостайæн дæр фылдæр æфсон уыд, цæмæй ирон æвзаг ма зыдтаиккой. Иуæй, фыд афицер уыд, æмæ йæ фылдæр рæстæг, уырыссаг æвзагыл чи дзырдта, уыдонимæ æрвыста, иннæмæй та йæ фырт Ирыстонæй раджы фæиппæрд — йæхæдæг дæр куы фыста: «ысхъомыл дæн уырысимæ...» — æмæ йæ, куыд ахъуыдыгæнæн ис, афтæмæй мадæлон æвзаджы сæр уыйас нæ хъуыди. Фæлæ мах амондæн хъуыддæгтæ бынтон æндæрхуызон рауадысты. Леуаны хуызæн Къоста дæр тугдадзинтæй баст уыд йæ уарзон зæххимæ, йæ иубæстон дзыллæимæ, æмæ йæ мадæлон æвзагыл нæ сыстырзæрдæ. Стырзæрдæ нæ, фæлæ йæ ахæм бæрзондмæ систа, æппæт дуне дæр æм кæцæй зыны, æппæт дунемæ дæр кæцæй зыны. Къоста æнæхъæнæй дæр уыди зæрдæ, адæмы рисмæ кæсын йæ бон кæмæн нæ уыд, дзыллæйы сагъæстæй йæхи къултыл чи хоста, адæмы цин йæхи цинæй фылдæр æхсызгондзинад кæмæн хаста, ахæм зæрдæ. Къоста уыди ахæм бæстæ, сæрибардзинад паддзахиуæг кæм кодта, æнæрастдзинадæн сдзурыны бар кæм нæ уыди, мæгуыры зындзинадмæ кæсын кæм нæ фæрæзтой.

Æппæт уыдæттæ Гигойæ раздæр ничи банкъардта, уымæй размæ ахæм ныхæстæ никæй дзыхæй ссыди. Гиго йæхæдæг дæр адæмы сæрыл тохгæнæг уыд æмæ хорз æмбæрста, Къоста йæ дзыллæйæн цы уыд æмæ цы уыдзæн, уый æмæ йæ кад, йæ намыс æмæ йе сфæлдыстад бахъахъхъæныны хæс йæхимæ уымæн райста.

Цымæ Гиго куы нæ уыдаид, уæд Къостайы бынтæ махмæ, ныртæккæ сæ куыдæй зонæм, афтæмæй æрхæццæ уыдаиккой? Иунæг æмдзæвгæ дзы куы фесæфтаид, уæддæр æй стыр æнамонддзинад куы рахуыдтаиккам. Фесæфæн та дзы иу нæ, фæлæ бирæ уацмыстæн дæр уыдис. Афоныл мыхуыргонд куы нæ ’рцыдаиккой, уæд куыд уыдаид æмæ цы уыдаид, уый тынг зын зæгъæн у...

Цалдæр азы размæ Хетæгкаты Къостайы гуырæн бон уыдтæн Лабæйы. Иннæ хæттыты хуызæн та уæд дæр стыр кад скодтой сæ номдзыд æмхъæуккагæн. Нæ зæрдæхæлар фысым Баскаты Анатолий æхсызгонæй дзырдта, Гигойæн Лабæйы дæр, стæй æнæхъæн Стьараполы крайы дæр куыд стыр аргъ кæнынц, уый тыххæй. Йæ ном Лабæйы раттой, директорæй кæм куыста, уыцы скъолайæн. Хъæуы уынгтæй иу у Гигойы номыл. Ахæм уынг ис Черкесскы дæр. «А дыууæ боны йын скъолайы кæрты байгом кæндзыстæм цыртдзæвæн», — дзырдта мын Анатолий.

Мæн, кæй зæгъын æй хъæуы, бафæндыд цыртдзæвæн фенын, фæлæ мын Анатолий загъта, йæ байгомы размæ, дам æй никæмæ æвдисæм. Æз уæддæр мæхи фæнд атардтон, æмæ Анатолий йе ’мхъæуккæгтæй кæмæдæрты фæдзырдта, уайтагъд кæцæйдæр асин æрбахастой, цыртдзæвæны æмбæрзæны баст райхæлдтой, æмæ Гигойы сурæт хуры тынтæм сæрттывта...

Цымæ Цæгат Ирыстоны та Гигойы ном кæд æмæ цæмæй æрымысдзысты?..

IV

Хъайтыхъты Георы тыххæй мæ хъуыдытæ раздæр загътон, фæлæ ма мæм цыдæр дзуринæгтæ ис æмæ уыдон дæр ракæнон.

Дыууæ къуырийы дæр ыл нæма цæуы, афтæ, поэт, бирæ азты цы хæдзары фæцарди, уый къулыл байгом кодтой зæрдылдарæн фæйнæг, æмæ мын æхсызгон уыд. Æгайтма йын йæ ном æрымысыдысты, кад ын скодтой. Зæрдиаг арфæ ракæнын æмбæлы горæты хицæуттæн, Хъайтыхъты мыггагæн, уæлдайдæр та сæ чызг Тамарæйæн. Георы хуызæн лæгтæ Ирыстонæн æнусмæ мысыны аккаг сты, уымæн æмæ нæ адæмы кадыл тохгæнджытæ уыдысты, йæ ном ын дæрдтыл айхъуысын кодтой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Георы хуызæн фысджытæ æндæр адæммæ куы уаид, уæд сын фылдæр аргъ кæниккой, сæ сæр дзы бæрзæндты хæссиккой...

Æрæджы Ходы Камалимæ уыдыстæм Налцыччы. Горæты уынгты хъусынгæнинæгтæй азмæлæн нæ уыди. Адæмы хуыдтой Кæсæг-Балхъары адæмон поэт Алим Кешоковы бæрæгбонмæ. Хъуамæ йын, йæ ном цы проспекг хæссы, уым сæвæрой стыр цыртдзæвæн. Уым фыццаг дур æвæрыны бæрæгбонмæ æрцыдысты Цæгат Кавказы облæст, крайтæ æмæ республикæты минæвæрттæ. Уазджытæ дзы уыди Фæскавказæй, Мæскуыйæ. Уымæй размæ Налцыччы цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцыди къорд æндæр фыссæгæн. Махмæ дæр ис, ахæм кады аккаг фысджытæ æмæ сын хъуамæ сæ нæмттæ сæнусон кæнæм. Куы зæгъын, хорз хъуыддаг сарæзтой нæ горæты хицæутгæ. Геор у уымæй ноджы фылдæр кады аккаг дæр.

Хъайтыхъы-фырт æцæг адæмон поэт уыд. Ирыстоны йæ чи нæ зыдта, ахæмтæ бирæ разына, уый æнхъæл нæ дæн, уымæн æмæ семæ арæх æмбæлд. Геор цы литературон изæрты архайдта, уыдон-иу уæлдай æнæферохгæнгæдæр уыдысты. Иуæй, йе ’мдзæвгæтæ хорз касти, иннæмæй — дзурынмæ арæхсти, æртыккагæй та — цыргъзонд уыди. Ныхасы тыххæй йæ, уырыссаджы загъдау, йæ дзыпмæ ’вналын никуы бахъуыд.

Литературон изæрты-иу арæх афтæ дзырдта:

— Æз кæд райгуырдтæн, уый цæмæй уæ зæрдыл тынгдæр бадарат, уый тыххæй уын æрхæсдзынæн ахæм дæнцæгтæ: Ломоносов райгуырд 1711 азы, Белинский — 1811 азы, æз та — 1911 азы.

Адæмыл-иу худæг бахæцыд. Геор та-иу дарддæр йæ ныхас кодта:

— Хъороты Ягор чи уыди, уый зонут?

Кæй зæгъын æй хъæуы, ничи-иу æй зыдта.

— Уый уыди инæлар Ермоловы хæринаггæнæг. Пушкин куыд загъта, уый дæр нæ хъуыды кæнут?

Дзуапдæттæг та-иу ын куы нæ фæци, уæд ноджы дарддæр дзырдта:

— Смирись, Кавказ, идет Ермолов!

Гъе, æмæ уыцы инæлары хæринаггæнæг уыди ирон лæппу Хъороты Ягор. Æмæ цас фæцарди, уый зонут? 153 азы. Уый Пушкины федта дыууæ хатты, Лермонтовы — фондз хатты, мæн та — æртæфондзыссæдз хатты.

Залы бадджыты худын æмæ-иу къухæмдзæгъдæн кæрон нал уыд.

Ягор Пушкин æмæ Лермонтовыл фембæлд æви нæ, уый æз нæ зонын. Нæ зонын, Георыл фембæлд, уый дæр, фæлæ æз фембæлдтæн, Ягоры чи зыдта, ахæм адæймагыл — Дзантиаты Шамилыл. Уый мын радзырдта: «Хъороты Ягор райгуырди æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны Ерманы хъæуы. Тынг рæсугъд ран æрæнцад уыцы хъæу. Хъоротæй уæлдай ма дзы цардысты Хæмыцатæ, Фæрниатæ, Цоциатæ. Æз дæн Хæмыцаты хæрæфырт. Ягор дæр уыди Хæмыцаты сиахс. Йæ ус хуынди Тамарó. Гыццылæй-иу мæ мадимæ Ерманы арæх уыдтæн. Ягоры дæр афтæмæй базыдтон. Иуахæмы та Хъоротæм уазæгуаты уыдыстæм, æмæ мын Ягор афтæ зæгъы: „Цом-ма, Шамил, æз дын мæ куыстытæ фенын кæнон“. Æмæ мæ йемæ сæ мусмæ схуыдта. Йæ иу къуымы уыдис хос конд. Ягор хос ракалдта æмæ дзы разынд дыууæ цырты. «Адон мæхæдæг скодтон, — загъта мын Ягор. — Мæхицæн æмæ мæ бинойнагæн. Бирæ тухи сыл уыди, фæлæ мæ куыстыл фæсмон нæ кæнын. Куы амæлон, уæд мын цавæр цырт сæвæрдзысты — Хуыцау йæ зонæг. Ныр та йæ зонын».

Куы амард, уæд йæхицæн дæр æмæ йæ бинойнагæн дæр сæвæрдтой, йæхи къухæй кæй сарæзта, уыцы цыртытæ. Хорз лæг уыди Ягор, кад ын кодтой хъæубæстæ. Фондзыссæдз азæй йыл фылдæр цыд, уæддæр йæ хос кæрдын нæ уагъта. Ермоловæн æцæгæй уыди хæринаггæнæг. Уæлдай дæсныдæр уыди физонæг кæнынмæ. Ягор йемæ куынæуал куыста, уæд æм кадджын уазджытæ ’рбацыди, æмæ, дам, Хъоройы-фырты æрымысыди, ныр Ягор ам куы уаид, уæд мæ буц уазджытæн уый хуызæн физонæг ничи скæнид, зæгъгæ. Йæ чызджы лæппу Гæлуаты Микъа мын афтæ радзырдта: «1955 азы журнал „Вокруг света“-йы уацхæссæг Хуссар Ирыстонмæ æрбацыд æмæ фарста, ацы комбæсты æппæты хистæр чи у, зæгъгæ. Æз сын Хъороты Ягормæ бацамыдтон. Цæуы йыл, зæгъын, 153 азы. Афтæ йæ ныффыстой журналы дæр, фæлæ йыл 125 азы йеддæмæ нæ цыди».

Геор-иу арæх ныхас кодта партион конференцитæ æмæ активты. Иу ахæм æмбырды та трибунæмæ рацыд æмæ дзырдта, фысджытæн фæллойгæнджытимæ цы фембæлдтытæ уыди, уыдоны тыххæй: «Хæрз æрæджы та нын ахæм фембæлд уыди Хуымæллæджы. Бабæрæг кодтам Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, зындгонд нартхорыкуыстгæнæг Æлбегаты Харитоны, йæ цæрæнбоны тыххæй дзы фæйнæ дæр банызтам».

Райдианæй байдианмæ хицауад арахъхъ уадзыны ныхмæ тох кæнынц æмæ та уыцы заман дæр фæзынд радон указ арахъхъы ныхмæ. Партийы обкомы фыццаг секретарь Георы ныхæстæ куы айхъуыста, уæд æм трибунæйæ дзуры:

— Æмæ указ та, Геор? Указ дæ рох фæци?

— Уый указы размæ уыди, — æвиппайды йын дзуапп авæрдта Геор.

Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бынæтты базмæлыдысты, æргом худын чи бауæндыди, ахæмтæ дæр дзы разынди. Обкомы секретары зæрдæмæ куыд хъуамæ фæцыдаид, ахæм уавæры кæй бахауд, уый, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд. Æвæццæгæн, цыфæнды куы загътаид, уæддæр Георы цыргъзонддзинадыл нæ фæтых уыдаид æмæ йæ дзуапп фæстæдæрмæ аргъæвта. Æмбырды кæронбæттæны хатдзæгтæ кæнын фыццаг секретармæ хауд æмæ дзы Георæн дзуапп раттын дæр нæ ферох:

— Арахъхъы тыххæй дзургæйæ, æрфгуытæ æлхынцъæй дарын хъæуы, Хъайтыхъы-фырт та ныхас хъазыны ’рдæм аздæхта.

Фæлæ йæ уыцы ныхæстæ ницыуал сахадыдтой.

Георы хуыздæр миниуджытæй иу уыдис, æдзухдæр адæймаджы зæрдæ барухс кæнынмæ кæй тырныдта, йæ сагъæстæ фæсурыныл кæй архайдта. Уый тыххæй-иу цæугæ-цæуын дæр исты аймысыдаид æмæ дын де ’нкъарддзинад фæсырдтаид. Иу хатт мæ уыцы æцæгхуызæй куы афæрсид:

— Адæймаг иу цæстæй фылдæр уыны æви дыууæ?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ, — дзуапп ын раттон æз.

— Уæдæ ма ардæм кæс, — æмæ йæ армытъæпæнæй йæ иу цæст æрæхгæдта. — Кæсыс мæм?

— О.

— Æмæ дæ дыууæ цæстæй мæ цæстытæй цал уыныс?

— Иу.

— Уæдæ æз та мæ иу цæстæй дæ дыууæ цæсты уынын. Ныр та куыд зæгъдзынæ? Иу цæст фылдæр уыны æви дыууæ цæсты?

Мæхи састы бынатыл банымадтон, æндæр ма мын цы гæнæн уыд, сæйрагдæр та, уымæй размæ цæуылдæр тыхст уыдтæн æмæ мæ сагъæссаг хъуыдытæй фервæзтæн.

Ацы хабар та Мамсыраты Муратæй фехъуыстон. Кæмдæр Хъайтыхъты Геор æмæ мæхъхъæлон поэт Джамалдин Яндиевæн поэзиуарзджытимæ уыди фембæлд æмæ, ныхасы бар Хъайтыхъты Геормæ куы ’рхауд, уæд уазæджы сфæлдыстады тыххæй радзурыны фæстæ фембæлды уæвджыты бафарста:

— Джамалдины уацмысты æртæтомон уæ исчи бакасти?

Залы бадджытæй бирæтæ хъусæй лæууыдысты, чидæртæ та дзы къæмдзæстыгхуызæй басастысты, нæма йæ бакастыстæм, зæгъгæ.

— Цæуылнæ йæ бакастыстут, уый уын зæгъон? Нæма йæ ныффыста æмæ уымæн.

Джамалдинимæ æз дæр цалдæр хатты фембæлдтæн. Тынг хæларзæрдæ адæймаг уыд. Ирæтты бирæ уарзта. Куы-иу мæ федта, уæд мын-иу салам дæр нæма ратта, афтæмæй сæрыстырхуызæй загъта:

— Усы гусара украшают!

Гусары хуызæн æм цæмæй кастæн, уый нæ зонын, фæлæ-иу мын йæ ныхæстæ æхсызгон уыдысты. Ноджы æхсызгондæр та мын-иу уыдис йæ фенд, стæй, канд мæнæн нæ: алы ран дæр ыл адæм æмбæлдысты æхсызгонæй. Хъыгагæн, бирæ нæ фæцард. Афонæй раздæр куы нæ амардаид, уæд ма бирæ хорз уацмыстæ сфæлдисын бафтыдаид йæ къухы.

Ацы хабарæн та Хъодзаты Æхсаримæ уыдыстæм æвдисæн. Иу райсом раджы куысты размæ лæууыдыстæм Сабырдзинады проспекты. Георы дæр, æвæццæгæн, мах агъуысты цыдæр хъуыддаг уыди æмæ, фараст сахаты куы сси, уæд нæ куыстмæ фæцæйцыдыстæм. Уæд ма бынæй, мидæмæ бацæуæны, вахтерæн чысыл будкæгонд уыди, йæ тæрхæгыл-иу постхæссæг кусæндæтты газеттæ, журналтæ æмæ писмотæ æрæвæрдта, чи куыд цæуа, афтæ сæ исдзæни, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы уым журналты редакцитимæ уыдысты сывæллæтты фонд æмæ арбитраж.

Геор цыди нæ разæй, æз — йæ хæдфæстæ, мæ фæстæ — Æхсар. Хъайтыхъы-фырт тæрхæджы цурмæ куы бахæццæ, уæд, «арбитраж», зæгъгæ, кæуыл фыст уыд, уыцы газеттæ æмæ журналтæ йæ дæларм акодта æмæ фæцæуы. Æз æй куы ауыдтон, уæд æм дзурын:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.