Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 28 страница



Раздæр ма Бокоты Солтаны-Додтаны кой кодтон. Мæнæй бирæ хистæр уыд, фæлæ лымæнæй цардыстæм, кæрæдзийы хойрагæй дæр фæхъæстæ стæм — уый та мæнмæ стыр хъуыддаг кæсы, нæ фыдæлтæ цæхх æмæ кæрдзынæй сомы дæр кодтой æмæ дзы ард дæр хордтой. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ алы ран дæр йæ фæд бæрæгæй баззад. Ныффыста йæ хъæубæсты истори. Канд Хъæдгæрон нæ, фæлæ æппæт Советон Цæдис, ныр та Уæрæсейæн дæр, кад æмæ намыс хæссæг чи уыд, йæ уыцы æмхъæуккæгты хабæрттæ афтæ дæсны æмæ цæстуарзонæй радзырдта, æмæ сæм бахæлæггæнæн ис. Хъыгагæн, сæ фылдæр нырма мыхуыры нæма уыдысты, фæлæ уыцы рæстæг куы ралæууа — кæй ралæудзæн, уый та мæ уырны — уæд сæ кæсджытæ цин кæндзысты, сæ размæ æмæ сæ рæстæджы ахæм адæм кæй цард, ууыл.

Додтан йæ тыхтæ фæлвæрдта литературæйы. Йе ’мдзæвгæтæ-иу мыхуыры дæр фæзындысты. Иу хатт та мæм мæ куыстмæ æрбацыд æмæ дзæвгар рæстæг уарзон ныхæстæ фæкодтам, стæй цæуынмæ куы рахъавыд, уæд мæ цуры иу гæххæтты гæбаз æрæвæрдта, уый фæстæ ма-иу æм æркæс, зæгъгæ. Куы ацыд, уæд æм æцæгдæр æркастæн — цыппаррæнхъон, «Куыристæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ...

Цыппаррæнхъонтæ фыссынмæ ме ’ргом куы аздæхтон, уæд-иу сæ арæхдæр мыхуыр кодтон, Додтан йæ цыбыр æмдзæвгæ куыд рахуыдта, ахæм иумæйаг сæргонды бын. Цы цыппаррæнхъоны кой кæнын, уымæй ссардта мæ ном:

 

Дæ пъеройы фындзыл куыристæ зайы,

Сæ дзырд — цыбыр, сæ хъуыды — Теркæй даргъдæр...

Цы ’рнай кæна æндæр поэт цъынайæ

Ды иу куырисæй не ’рнай кæныс къаддæр!

 

Бынæй дзы уыд йæ ныффыссыны рæстæг амынд дæр — 1986 азы 13 ноябрь.

Рагæй нырмæ дæр мæ фæндыди, цас гæнæн ис, уыйбæрц хъуыды цыбырдæрæй зæгъын. Зæгъинаг дæм куы ницы уа, уæд тæссаг у, дæ дыууæ рæнхъы дæр дын даргъ куы рахоной, уымæй. Уый тыххæй цыргъзонд фысджытæй иу афтæ загъта:

 

Дæ дыууæрæнхъон федтон, фæлæ каст

Мæнæн нæ фæци — тынг даргъ мæм фæкаст.

 

О, æмæ мæ хъуыды цыбырдæрæй зæгъынæн равзæрстон цыппаррæнхъон. Афтæ йыл фæцахуыр дæн, æмæ æндæр хуызы фыссæн ис, уый ма мæ рох дæр фæци. Рох та мæ кæм фæци, фæлæ дзæвгар рæстæг æндæр хуызы фыссынмæ мæ хъус раздæры хуызæн нал дардтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, поэзийы кæцыфæнды формæйы дæр зæрдæйы æнкъарæнтæ равдисынæн ис æппæт фадæттæ дæр. Алцыдæр аразгæ у курдиатæй, æрдзы лæвæрттæй дæ цæйас хай фæцис, уымæй. Зæгъæм, ирон поэзийы фæстаг цалдæр дæс азы стыр æргом здæхт æрцыд сонетмæ. Бирæ хорз уацмыстæ сфæлдыстой нæ поэттæ, цыппæрдæс рæнхъы кæм ис, рифмæтæ та бæлвырд фæткмæ гæсгæ æвæрд кæм цæуынц, ахæм лирикон — стæй канд лирикон нæ — æмдзæвгæтæ фысгæйæ. Æз дæр цалдæр фæлтæрæны скодтон сонет ныффыссыныл. Чи зоны, мæ размæ цы нысан æрæвæрдтон, уый зæгъын мын-иу бантыст, фæлæ, сонет цы нывтыл карст хъуамæ уа, уый æххæст кæнын мæ хъыгдардта, сæрибардзинад мын нæ лæвæрдта. Уыциу рæстæг мæ мæ хъуыдытæ зæгъын дæр хъуыд — уый та уыди æппæты ахсджиагдæр, уымæн æмæ фыссæн сис мæ къухмæ, фыццаджыдæр, уый тыххæй райстон — рæнхъытæ нымайын дæр, рифмæтæ бæлвырд фæткыл равæрыныл хъуыды кæнын дæр. Цыбыр ныхасæй, сонетæй цыппаррæнхъон мæ удæн зынаргъдæр уыд, фылдæр бартæ мын лæвæрдта, æмæ къорд азы, зæгъæн ис, æмæ фыстон цыбыр æмдзæвгæтæ. Минæй куы фæфылдæр сты, уæд сæ хицæн чиныгæй рауагътон, «Арв æмæ зæхх», зæгъгæ, ахæм номимæ. Рæмонты Геор «Рæстдзинад»-ы (1998 азы 2 июлы) ахæм æмдзæвгæ ныммыхуыр кодта:

 

Поэт дæу н ’ адæм хоны,

Дæ номæй ард фæхæрæд!

Дæ мин цыппаррæнхъоны

Дæс мин азы фæцæрæд!

 

Чидæр та мын, мæ цыппаррæнхъонты чиныг бакæсыны фæстæ афтæ загъта, зындгонд хъуыдытыл, дам дзы фембæлæн ис. Уый ныхмæ чи хъуамæ цы зæгъа! Ацы цъæх арвы бын ногæй ницы ис. Цавæрфæнды хъуыды дæр кæддæр загъд кæй æрцыд, уый ныхмæ дунейы номдзыддæр æмæ зондджындæр адæм дæр ницы зæгъынц. Ныхмæ нæ, фæлæ фидарæй æууæндынц, зæххыл ногæй кæй ницы ис, ууыл. Уыимæ хъуыдыйæ дæр. Мæнæ уымæн æрмæстдæр цалдæр æвдисæны. «Кæддæр кæй нæ загъдæуыд, иунæг ахæм хъуыды дæр нæй», — фыста Теренций дыууæ мин азæй фылдæры размæ. Уыцы хъуыды иуцасдæр фендæрхуызон кодта Анатоль Франс: «Аивад æмæ сфæлдыстад ис зæронд хъуыдытæ ног хуызы зæгъыны мидæг». Евгений Богат та дыууæйы дæр дзæвгар фæбæлвырддæр кодта: «Отличие нравственных истин от научных в том, что в мире нравственных истин „изобретение велосипеда“ не только не смешно, но даже важно: человек открывает то, что было высказано мудрецами две или три тысячи лет назад. Но он не повторяет, а именно открывает это сам...»

Мæхиуыл цалдæр хатты, велосипед ногæй чи сарæзта, уый æмбисонд æрцыд. Цæвиттон, æмдзæвгæ ныффыссын. Цасдæр рæстæг рацæуы, æмæ, уымæй размæ кæй никуы бакастæн, ахæм уацмысыл фембæлын æмæ дзы мæ хъуыдыты æнгæс хъуыдытæ ссарын. Цæмæй мæхи æназым скæнон æмæ мæм лазхæсджытæ ма уа, уый тыххæй, мæ хъуыдыты æввахс кæмæ бацæуын, уыцы поэты æмдзæвгæйæ искæцы рæнхъ кæнæ рæнхъытæ райсын, ме ’мдзæвгæйы райдайæны сæ сæвæрын æмæ уымæй мæхи айчы къæм агурджытæй фервæзын кæнын.

Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: адæймаг цы у, уый йæхицæй хуыздæр ничи зоны. Сызгъæрины тасмачъи куы хонай, уæддæр сызгъæринæй баззайдзæн, тасмачъийы сызгъæрин куы хонай, уæд сызгъæрин куыд нæ суыдзæн, афтæ...

Фыссын, фæлæ мæ мæ фыдыхо иу минут дæр рох нæу. Тыхст рынчынæй йæ ныууагътон. Мæ бон ын исты куы уаид, уæд ницæуыл бацауæрдин, уый мæн тыххæй йæ уд раттыныл дæр куыд нæ фæфæстиат уаид, афтæ.

Балцы хæдразмæ ма йæ мæ кæстæр лæппу Ацæмæзимæ абæрæг кодтам, æмæ йæ цæстытæ байгом кæнынæн дæр нал уыд. Уымæй цалдæр боны размæ йæ чызг Ирæимæ телефонæй дзырдтон, æмæ мын афтæ зæгъы, æдзухдæр, дам, йе ’фсымæримæ ныхæстæ кæны. Куы, дам æй бафæрсын, кæимæ дзурыс, зæгъгæ, уæд, дам, фæзæгъы:

— Ме ’фсымæримæ.

— Æмæ йæ ном цы хуыйны?

— Сосыгко. Мæнæ мын ныртæккæ дæр уый ахъæбыс кодта.

Фæстаг бонты, дам, æдзухдæр, «нæхимæ цæуын», «нæхимæ цæуын», зæгъгæ, дзуры. Куы йæ бафæрсын, Музаферы зоныс, зæгъгæ, уæд, дам мын афтæ фæкæны:

— Уæдæ ма кæй зонын? Æз Музаферы мæхицæй фылдæр уарзын.

— Дибæйы та?

— Дибæйы дæуæн дæттын, фæлæ Музаферы никæмæн ратдзынæн.

Ирæйæн уыцы ныхæстæ фæхъыг сты, æмæ, дам ын афтæ фæкодтон:

— Уæдæ æз та Дибæйы никæмæн ратдзынæн!..

Цалынмæ мæ нæ ферох, уæдмæ ма йын йæ чындзы тыххæй цалдæр ныхасы зæгъон. Куыд загътон, афтæмæй йын тынг лæггад фæкодта. Ахæм лæггад, æмæ æмбисондæн хæссынæн бæззы. Фатимæйы хуызæн чындзытæ цавæрфæнды æфсинимæ дæр бафидауиккой, уымæн æмæ цæрынмæ дæсны сты, йæ хъама йæ синысæр чи дары, уыдоны тугæй сæм иу æртах дæр нæй. Оля йын, æвæццæгæн, Веринкæйы кой арæх кодта, æппæлыдис-иу дзы, суанг ма йæ мæ мадимæ баргæ дæр акодта, дæ кæцыдæр фезмæлдтытæй, дам мын Чындзы мæ зæрдыл æрлæууын кæныс. Фатимæ мын йæхæдæг та афтæ загъта: «Ме ’фсины ныхæстæ куы ’рымысын, уæд мæ иуæй-иу миниуджытæм гæсгæ мæхимæ Веринкæйы хуызæн фæкæсын».

Оляйы тыххæй дзургæйæ, иу рагон хабар мæ зæрдыл æрлæууыд. Раджы, дыууиссæдз азы размæ Ирыстон бæрæг кодта йæ автономийы дыууиссæдз азы юбилей. Дзæуджыхъæумæ (уæды Орджоникидземæ) ссыди æви æрбацыди зæгъын растдæр уыдзæни, уый нæ зонын, уымæн æмæ уазджытæ алырдыгæй æрбацыдысты, уыимæ тынг бирæйæ: бæрæгбоны архайдта нæ бæстæйы разамонæг Никитæ Сергейы фырт Хрущев. Юбилеймæ æрбацыдысты Цæгат Кавказы облæст, крайтæ æмæ республикæты минæвæрттæ, суанг ма Хъалмыхъхъæй дæр. Ныхасы бар уыдис алы делегацийы минæварæн дæр. Цы дзырдтой, уымæ хъуыстой Ирыстоны алы къуымты, уымæн æмæ кадджын æмбырд радио трансляци кодта. Хъалмыхъхъы автономон республикæйы Министрты Советы Сæрдар Г.Б. Бембинов куы ныхас кодта, уæд загъта, ирон фысджыты уацмыстæ сæ мадæлон æвзагмæ тæлмацгонд кæй цæуынц, уый тыххæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, номхыгъд райдыдта Къостайæ, уый фæстæ ма ранымадта ноджыдæр цалдæры, уыдонимæ загъта мæ мыггаг дæр.

Уыцы хабарыл цас рæстæг рацыдаид, нæ зонын, фæлæ мæ фыдыхотæм сæмбæлдтæн. Ныхас ныхасы къахта, æмæ цæмæндæр автономийы юбилейы кой рауад, æмæ дын Оля афтæ куы бакæнид:

— Уыцы æмбырды Хрущев афтæ загъта, рæхджы, дам, Музафер суыдзæн Къостайы хуызæн фыссæг.

Æз ын, мæ мидбылты бахудгæйæ, загътон:

— Афтæ нæ уыдаид...

Мæ цæстыты мын тутæ бакодта, цытæ, дам, дзурыс, Алыбег (нæ хæрæфырт, Олятæй иу хæдзар уæлдæр цардысты), дам æй радиойæ йæхæдæг фехъуыста...

Фыццаджыдæр, афтæ кæй нæ уыд, уый, мæнмæ гæсгæ, бамбæрстат. Иннæмæй та абон дæр нæ зонын, ме ’мдзæвгæтæ хъалмыхъхъаг æвзагмæ чи æмæ кæд ратæлмац кодта æмæ кæм мыхуыргонд æрцыдысты, уый, фæлæ хъалмыхъхъаг уазæг мæ мыггаг мысгæ дæр куыд æркодтаид?!

Уымæй цыппар азы раздæр та мыл æндæрхуызон цау æрцыд.

Цæвиттон, Мæскуыйы уыдис ирон аивад æмæ литературæйы декадæ, «Рæстдзинад»-ы бæлвырд бонтæ йеддæмæ нæма куыстон, афтæмæй. Декадæ куы райдыдта, уыцы бон центрон газеттæ ныммыхуыр кодтой бирæ æрмæг Ирыстоны тыххæй. Иуæй, аивад æмæ литературæйы декадæ уыдис, æмæ дзы фысджыты уацмыстæн æнæуæвгæ нæ уыд, иннæмæй та, мыхуыры оргæнтæ литературæмæ ныры хуызæн уазал цæстæй нæ кастысты æмæ суанг бæстæйы сæйраг газет «Правда»-йы дæр æмдзæвгæтæ арæх мыхуыр кодтой. Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Æгкацаты Владимиры статьяйы фарсмæ мыхуыргонд æрцыд ме ’мдзæвгæ. Газет куы федтон, афтæ мын цыма мæ зæрдæ судзины бырынкъæй фæрæхуыстæуыд, уый хуызæн фæдæн. Мæ бынаты æндæр исчи цин кодтаид, æз та æваст, цы уавæры бахаудтæн, ууыл сагъæсыл фæдæн. Ахæм бон хъуамæ обкомы фыццаг секретары æрмæджы фарсмæ Ирыстоны номдзыд фысджытæй искæцыйы уацмыс ныммыхуыр кодтаиккой, уыдон та, йæ ном æмæ йæ мыггаг кæрæдзийы фарсмæ куыд бадынц, уый йæхи йеддæмæ чи нæма зоны, уыцы зноны студенты æмдзæвгæ равзæрстой. Мæ сагъæсыл мын бафтыдта, уыцы æмдзæвгæ ма уыцы бон газет «Советская Россия»-йы дæр куы бакастæн, уæд. Раст мын цыма фыдæнæн ми бачындæуыд, афтæ мæм фæкаст. Цæмæй ма стъæлфыдтæн: никæй бауырныдтаид, мæ фыст редакцитæй иумæ дæр мæхæдæг кæй нæ арвыстон, уый.

Цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыди. Æз Мæскуыйы нæ уыдтæн — «Рæстдзинад»-æй, декадæ куыд цæуы, уый тыххæй æрмæг фыссынмæ ацыдысты Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ Цæрукъаты Валодя — фæлæ мын уый фæстæ дзырдæуыд, обкомы, аивад æмæ литературæйы фарстатæ кæмæ хаудысты, уыцы секретарь хъуыр-хъуыр кодта, Дзасохы-фырт, дам, нæ литературæйы цæсгом æвдисæг куы нæу, уæд йе ’мдзæвгæ газетты куыдæй февзæрди.

Раст хъуыды кодта обкомы секретарь, фæлæ азым мæныл кæй æнцади, уый раст нæ уыди, уымæн æмæ æз «Правда»-мæ дæр æмæ «Советская Россия»-мæ дæр ницы арвыстон. Кæд исчи исты арвыста, уæд уый обкомы кусджытæ йеддæмæ ничи уыдаид. Æвæццæгæн, бæрæгбоны размæ Мæскуыйæ цы журналисттæ ссыди, уыдонæн раттой алыхуызон æрмæг, уыдонимæ газеттæ æмæ журналтæ дæр, цы уæ дзы бахъæуа, уымæй спайда кæнут, цы уын нæ фаг кæна, уымæй дæр уæ хъуаг нæ ныууадздзыстæм, зæгъгæ. Гъе æмæ уыцы æрмæджытимæ фæци альманах «Литературная Осетия»-йы фæстаг номыр. Уым мыхуыргонд уыди ме ’мдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй æмæ йæ уырдыгæй систой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ хуыздæр кæй уыд, уый тыххæй нæ: бæрæгбоны номыры фидыдта æмæ уымæн. Ныммыхуыр æй кæнæм æви нæ, уымæй мæ куы фарстаиккой, уæд мын фæндон кæй нæ уыдаид, ууыл та ныхас дæр нæй.

Ныр та, ацы бонты чи æрцыди, ахæм хабары тыххæй. Хæрз æрæджы Цæгат Ирыстоны педагогон институт (раздæры педтехникумы — педучилище — педколледж) бæрæг кодта йæ цыппарыссæдз азы юбилей. Уыцы бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой сæ журнал «Диалог»-ы сæрмагонд номыр. Уым мыхуыргонд æрцыд рауагъдад «Просвещение»-йы директор Наталья Роговцевайы статья ахæм сæргондимæ: «О единстве государственного и национального подхода к обеспечению школ учебной литературой». Уым фыссы: «„Просвещение“ выпустило принципиально новую серию учебников „Литература народов России“ (с 5 по 11 классы; авторы: Хайруллин Р.З., Бирюкова С.К.), где представлены вершинные произведения известнейших писателей и поэтов различных национальностей. Ведь и русские, и нерусские учащиеся, несомненно, должны быть знакомы с творчеством таких авторов, как К. Хетагуров, Г. Тукай, Р. Гамзатов, М. Джалиль, Ю. Рытхэу, Д. Кугультинов, М. Дзасохов, В. Санги, П. Хузангай, Шолом-Алейхем, Ю. Шесталов, М. Карим, С. Данилов и многих других».

Æз мæхи ахæм ранымады уынынæй куыддæр фестъæлфæгау кодтон. Ноджы мæ мыггаг астæуæй куы федтон, уæд мæхи бынтон æлхъывды уавæры банкъардтон. «Дæлдæр абад» зæгъæг мын куы фæуыдаин, уæд мæхи цы фæкодтаин, уыцы сагъæсы бацыдтæн. Мæ зæрдæ ма иу хъуыддагыл дардтон. Дардтон, зæгъгæ, мæхи сабыртæ кодтон: кæд, зæгъын, журналы редакцийы фæрæдыдысты æмæ Уæрæсейы адæмты хуыздæр фысджыты астæумæ рæдыдæй бахаудтæн. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй рæдигæ дæр ничи фæкодта, ранымады дæр æнæнхъæлæджы нæ бахаудтæн. Уый мæ бауырныдта, Бетъырбухæй мын 5–6-æм кълæсты ахуыргæнæн чиныг куы сæрвыстой æмæ дзы мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæй» стыр скъуыддзаг мыхуыргондæй куы федтон, æрмæстдæр уæд. Фæлæ ма уæддæр иу хъуыддагыл дис кодтон: чиныг, дунейы рухс куы федта æмæ дзы Уæрæсейы скъолаты пайда кæнын куы райдыдтой, ууыл дзæвгар рæстæг куы рацыд, уæд йæ кой-йæ хъæр куыд никæцæй райхъуыст? Йæ кой та куыннæ райхъуыстаид, фæлæ хабар мæнмæ цыппар азæй фылдæры дæргъы фæцыд.

Дæбеимæ фембæлынмæ куыд бæллыдтæн, уый тыххæй ма фыстон. Æрыдонмæ æрцæуинаг куы нæ уыдаид, æмæ уыцы хабар куы нæ базыдтаин, уæд, «Хъæбатырты кадæджы» авторыл лæгæй-лæгмæ искуы фембæлдзынæн, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыдаид, фæлæ Михаил Шолоховимæ фембæлын ме стырдæр бæллицтæй иу уыд, уымæн æмæ, мæ рæстæджы цы фысджытæ цард, уыдонæй мæм Шолоховæй стырдæр ничи кæсы. Стæй цыма, тынг куы бацархайдтаин, уæд æй уынгæ дæр фæкодтаин, афтæ дæр мæм кæсы.

Ростовы къорд хатты уыдтæн, дыууæ хатты та дæргъвæтин рæстæг. Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы кусгæйæ мæ дыууæ хатты æнæхъæн мæйтæ арвыстой курсытæм. Иу мæйæ фылдæр та Новочеркасскы æфсæддон ахуырты фæдæн æмæ мæ уыцы рæстæджы мæ бæллиц рох никуы уыд. Курсыты заман экскурситæ уыди бирæ рæттæм. Æппæты тынгдæр дзы мæ зæрдыл бадардтон Таганрогмæ балц. Федтон, Антон Чехов кæм райгуырд, уыцы хæдзар. Чехов дæр мæ уарзондæр фысджытæй иу у, æмæ мын-иу фадат куы фæци, уæд, цы хъæутæ æмæ горæтты цард, уыдонæй цалдæрмæ абалц кодтон. Ялтæйы къорд хатты уыдтæн йæ хæдзар-музейы, бабæрæг кодтон, Мæскуыйы бынмæ Мелеховы горæты кæм цард, уыцы бæстыхæйттæ дæр. Шолохов та ме ’мдугон уыд, раздæр цы бæстæйы цардтæн, уый фæзуатмæ гæсгæ, зæгъæн и, æмæ мæ сыхагыл нымад уыди. Стæй мæ цыфæнды дард куы цардаид, уæддæр æм, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй хæстæг цалдæр мæйы фæцардтæн. Цыбыр дзырдæй, Вешенскийы станицæмæ ацæуын къорд хатты сфæнд кодтон, фæлæ мын нæ бантыст.

Къуылых уæрццы æмбисонд та мæ зæрдыл æрлæууыд. Уымæн дæр, дам, уад æрсуры. Æвæццæгæн, мæнæуы хуыммæ тæхын куы нал фæфæразы, уæд дымгæ кæцæйдæр фæзыны, хоры нæмгуытæ йын йæ цурмæ бамæрзы æмæ, йæ бон стæхын кæмæн нал вæййы, уыцы маргъы æххормаг мæлæтæй фервæзын кæны. Мæнæн дæр мæ хъуыддаг афтæ рауад.

Цæвиттон, уыцы сæрд Болгаримæ командировкæйы цыдтæн. Ирыстон æмæ Кырджалийы окруджы æхсæн хæлар ахастдзинæдтæ сæвзæрд æмæ кæрæдзимæ уазæгуаты цыдыстæм. Бахæлар сты газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Нов живот»-ы журналисттæ дæр. Уыдон махмæ цыдысты уазæгуаты, мах — уыдонмæ. Иу заман рад мæнмæ дæр æрхæццæ æмæ хæлар бæстæмæ балцы араст дæн. Мæскуымæ цалдæр боны раздæр ацыдтæн æмæ цыбыр рæстæгмæ ме ’хцатæн сæ бынæй рухс суагътон. Цы кадавар муртæ ма мæм аззад, уыдон банкмæ ивынмæ бахастон. Хъуамæ мын сомты бæсты раттаиккой болгайраг левтæ. Æхца цы банчы ивтой, уым нымадæй цалдæр адæймаджы йеддæмæ нæ баййæфтон. Бацæугæйæ рахизæрдыгæй фарс æртæ сылгоймаджы æмæ дыууæ ацæргæ лæджы рады æнхъæлмæ кастысты. Мæ нымадмæ гæсгæ, хъуамæ се ’ргом тæрхæджыты ’рдæм здæхт уыдаид, уыдон та, аивæй галиуæрдыгæй цы тæрхæджытæ уыди, уыцырдæм кастысты. Уым та уыдис æрмæстдæр иу адæймаг. Фылдæр адæмы цурмæ бацыдтæн æмæ мын, кæй фæстæ æрлæууыдтæн, уыцы сылгоймаг хæрзæггурæггаг хъусынгæнæгау мæ хъусы æрбадзырдта: «Шолохов!» Æз, йæ цæстытæй мын кæдæм ацамыдта, уырдæм акастæн æмæ æцæгæйдæр, къамтæм гæсгæ мын хорз зонгæ чи уыд, уыцы фыссæджы цæсгом ауыдтон. Æваст мæ зæрдæ цыдæр адджын рæхуыст скодта. Иу уысммæ йыл къахæй сæрмæ мæ цæст æрхастон. Стыр лæг æнхъæл ын нæ уыдтæн, фæлæ афтæ ныллæгæй дæр мæ цæстытыл нæ уад. Тæрхæгæй уæлæмæ дзы зынди æрмæстдæр йæ сæр. Хъæмпын худ ыл куы нæ уыдаид, уæд йæ асæй дзæвгар ахаудаид. Кæд, мæнмæ куыд ныллæг фæкаст, афтæ ныллæг нæ уыд, уæддæр бæрæг нæй, уымæн æмæ, цы стыр хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон нымайгæйæ цыма йæ ас дæр гыццыл хъуамæ ма уыдаид, цæмæдæр гæсгæ афтæ нымадтон. Тæрхæджы фале мæ цæст æрхæцыд цалдæр сылгоймагыл. Чи зоны, иу йеддæмæ дзы йæ куыст нæ кодта, фæлæ иууылдæр змæлгæ кæй кодтой, уымæ гæсгæ банхъæлæн уыди, иууылдæр Шолоховы кой кæнынц, зæгъгæ. Иу заман Шолохов цæмæдæр гæсгæ махæрдæм разылд æмæ нæ цыма исты давгæ бафиппайдæуыд, уыйау фестæм. Шолохов фæстæмæ азылд, фæлæ йæм махæй фыццаджы хуызæн кæсын æргомæй ничиуал бауæндыд. Æз æй уæддæр аивæй хъахъхъæдтон, кæд мæм йæ цæсгом иуварсæрдыгæй йеддæмæ нæ зынд, уæддæр. Иу рæстæджы йæ армытъæпæн йæ урс рихитыл æруагъта, цавæрдæр гæххæтты цыдæртæ афыста, йæ дзыппы чысыл тыхтон авæрдта æмæ дуармæ йæ ных сарæзта.

Мæхинымæр ахæм хъуыдымæ ’рцыдтæн. Куыддæр уынгмæ ахиза, афтæ йæ фæдыл цæудзынæн æмæ йæм алырдыгæй дæр дзæбæх бакæстытæ кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ мæ фæндтæ, судзгæ къæйыл нæлхæйы чысыл къæртт куыд атайа, уымæй дæр тагъддæр атадысты. Уынгмæ йæ фæдыл тагъд-тагъд бæргæ рауадтæн, фæлæ зæххы скъуыды ныххауæгау фæцыдæр. Цыма иу нæ, фæлæ зæххыл цыдæриддæр уæрццæй уыдис, уыдон мæ къухæй æмпæррæст ныккодтой, уыйау фæдæн. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæм æдде машинæ æнхъæлмæ каст æмæ, куыддæр дуарæй рахызт, афтæ дзы абадт, æмæ йæ æнæкæрон машинæты уылæн йемæ ахаста.

Болгаримæ цæугæйæ, мæлæты бирæ æхцатæ дæр нæ ивтой, æдæппæт дæс туманы, уæвгæ, уый, Югославимæ цæйбæрц ивтой, уымæй цыппар хатты фылдæр уыд: уырдæм мын, «мын», зæгъгæ, нæ алкæмæн дæр баивтой фæйнæ цыппар æмæ ссæдз сомы — фæлæ мæнмæ фондз туманы йеддæмæ нал баззад æмæ сæ куы баивтон, уæд банкæй рацыдтæн уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй. Шолоховмæ хæстæгдæр кæй нæ бацыдтæн æмæ йæ дзæбæхдæр кæй нæ федтон, уый тыххæй мæхи фæсмонæй хордтон, фæлæ ма дзы цы рауадаид?..



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.