Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 23 страница



Васоимæ фембæлдтыты тыххæй мæ ныхас фæуыны размæ ма мæ зæгъын фæнды уый, æмæ йæм кæй ныффыстон цалдæр писмойы. Мæ зæрды дзы чиныгкæсджыты иуимæ базонгæ кæнын ис.

«Дæ бонтæ хорз, зынаргъ Васо!

Стыр хатыр дæ курын, фæлæ мын иу хъуыддаджы баххуыс кæн. Махмæ. Бæрæгъуыны (Æрыдоны район, Уæлладжыры комæй ралидзæг адæм дзы цæры), арæх фехъусæн ис: менджы сой. Зæгъæм, мæнæ ахæм хъуыдыйæдты: „Менджы сой куы нæ у, цы йыл ауæрдыс?“, „Исты менджы сой у?!“, „Дæ уырзтæ йыл аззадысты, менджы сой куы нæ у, мыййаг?!“.

Цыбыр ныхасæй, мæнæ заробаимæ цы дзырдтæ вæййы, уыдоны хуызæн: „Мæлæты гыццыл мын дзы нæ авæрдтай, зароба куы нæ у!“

Дзырдуæтты „менджы сойы“ кой иу ран дæр никуы ис, йæ нысаниуæг базонын та мæ тынг æхсызгон хъæуы. Цæмæн, уый дæр дын зæгъдзынæн: мæ чиныгæн, „Менджы сой“, зæгъгæ, ахæм сæргонд раттынмæ хъавын.

Ноджыдæр ма дæ иу хатт хатыр курын, дæ зынаргъ рæстæгæй дын кæй тонын, уый тыххæй.

Зæрдиаг саламтæ Ксеняйæн!

Дæ хорздзинæдтæм бæллæг, де сгуыхтдзинæдтыл цингæнæг Музафер. 1985 азы 10 июнь».

Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ дзы райстон ахæм дзуапп.

«16/VI–85 г. Дорогой Музафер! Выражение „Менджы сой“ мне не встречалось в текстах и поэтому не попало в мой словарь. Вероятно оно получилось из Меччы сой „жир Мекки“ со вставкой звука н, как в дигор. уасæнгæ, гъарæнгæ и т. п. В этом случае Менджы сой можно сопоставитъ с такими выражениями как диг. Мисини хуаллаг „Египетская пища“, Сами сикъит „Сирийская земля“ и т. п. (встречаются в текстах „Бæхфæлдисын“: Памятники народного творчества осетин, вып. 2, 1927, стр. 169–170). Зæрдиаг салам! Ваш В. Абаев».

XVII

Йæ заманы «Рæстдзинад»-ы культурæйы хайадæй кадджындæр нæ уыди. Мæнмæ гæсгæ, стæй ма мын, чи зоны, æмбæлттæ дæр разына. Уымæй фылдæр адæм никæдæм цыд. Аивад æмæ литературæйы архайджытæн сæ дыккаг хæдзары хуызæн уыд. Уырдæм хуымæтæджы литературон кусæгæй бацæуынмæ дæр рагæй бæллыдтæн, фæлæ мæ бынтон æрыгонæй хайады сæргълæууæгæй куы сæвæрдтой, уæд мæхимæ амондджын кастæн, уымæн æмæ мæ æрвылбоны архайд Ирыстоны дзырддзæугæдæр лæгтимæ уыд. Фысджытæ æмæ артисттæ, нывгæнджытæ æмæ музыканттæ, композитортæ æмæ киноаивады кусджытæ! Цал æмæ дзы цалимæ базонгæ дæн! Зæгъæн ис, æмæ дзы, кæимæ нæ базонгæ дæн, ахæм нал баззад æмæ дзы искæй зæрдæхудт райстон, уый нæ хъуыды кæнын. Æппæты арæхдæр æмбæлдтæн фысджытимæ. Кæд рæстæджытæ адæймагæн парахат бартæ нæ лæвæрдтой, уæддæр архайдтон, цæмæй, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, макæй хъыджы бацæуон, раст-равджы дæр макæй бафхæрон. Æмæ мын цыма æнтысгæ дæр кодта, афтæ мæм кæсы, фæлæ мын мæхимæ иуæй-иутæ ахæм цæстæй нæ кастысты.

Ахæм хабæрттæ дæр мæ бон æрымысын у, æмæ сфæлдыстадон фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыдонæй-иу кæмæндæрты рæствæндаг куы загътон, йæ уацмыс-иу ын ныммыхуыр кодтон, афтæмæй. Бузныг-иу мæ уыд. Адæмы ’хсæн-иу мын арфæтæ кодта, стæй-иу дзы алцыдæр æрбайрох æмæ-иу мæ ныхмæ йæ цыфыддæр знаджы ныхмæ тохгæнæгау хæцыди. Уыдис ахæмтæ дæр, æвзæрдзинад кæмæн нæ фæдæн, афтæмæй мæ чъылдыммæ мæ хорздзинадыл чи нæ архайдта. Мæ хорздзинад нæ, фæлæ йæ бон цыдæриддæр уыд, уый арæзта, цæмæй фæцудон, размæ бахауон æмæ сыстынхъом макуыуал суон. Мæ ныхмæ тохгæнджытæ уымæ кæй бæллыдысты, уый æппæты фыццаг æмæ æппæты тынгдæр банкъардтон, фысджыты Цæдисмæ цæуынвæнд куы скодтон, уыцы аз. Æртындæс æмæ мыл ссæдзæм аз цыдис, афтæ мæ гæххæттытæ барæвдз кодтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд сæм æркæсдзысты, уымæ. Правленийы уæнгтæй дæр дыууæ разынд, мæ ныхмæ чи уыди, ахæмтæ. Иуыл дзы нæ фæдис кодтон (кæд сусæг хъæлæс кодтой, уæддæр, цæдисмæ бацæуон, уый кæй нæ фæндыд, уыдоны мыггæгтæ базыдтон), уый уымæй размæ дæр фæсаууон мæ ныхмæ дзырдта, фæлæ мæ хъуыдытыл бафтыдта дыккаг. Къæбæр иумæ хордтам, мæ хæлар æй хуыдтон, афтæмæй мыл гадзрахатæй рацыд. Цæмæй, иумæйаг æмбырды хъæлæсмæ цы номхыгъд хаст цæудзæн, уым баззайон, уый йæ нæ бафæндыд æмæ мæ ахахх кодта. Æз та йæ ахахх кодтаин, æрмæстдæр марыны тæрхон кæмæн рахастаиккой, уыдоны номхыгъдæй. О, фæлæ уыцы хъæлæстæ ницы сахадыдтой. Сæйрагдæр уыди иумæйаг хатдзæг, уымæ гæсгæ та уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй æз, Ходы Камал æмæ Джыккайты Шамилы, — кæд ма дзы æндæр исчи уыди, уæд дæр нæ хъуыды кæнын — гæххæттытæм æркæсой иумæйаг æмбырды.

Правлени уынаффæ куы рахаста, уымæй иумæйаг æмбырдмæ рæстæг уыди, цæмæй, чи кæй ныхмæ архайы, уый иу адæймаджы онг сбæлвырд кæной æмæ хъæлæс кæнынмæ цæттæйæ æрцæуой. Сæйраг тох рапарахат Ходы Камал æмæ мæ ныхмæ. Мæ ныхмæ чи уыд, уыдоны сæргъы иу æрлæууыд, Камалы ныхмæлæуджыты сæргъы та — иннæ. Уыимæ дыууæ «разамонæджы» баныхас кодтой, цæмæй, Камалы чи хахх кодтаид, уыдон мæн дæр хахх кодтаиккой, кæннод, дам, нæ дыууæты фæндтæ дæр фæсыкк уыдзысты. Фидардæр уынаффæйæн рахæссæн нæ уыд. Афтæ куы нæ бакодтаиккой, уæд сæ дыууæйы фæндæй дæр æцæгæй ницы рауадаид.

Хъæлæс кæныны бон куы ралæууыд, уæд ма дзы алчидæр йæ къорды уæнгтыл æрзылд æмæ æмбырдмæ топпæргъæвд æмæ хъамалвæстæй æрбацыдысты... Æмæ фæуæлахиз сты. Мæ ныхмæ чи тох кодта, уыдоны сæртæ арвы милтыл ныдзæвыдысты, афтæмæй æмбырдæй рацæйцыдысты. Камалимæ йын нæ фæндаг разæргæвст куы акодтой, уæд æнхъæлдтой куыйдур-куыйхъæд баистæм æмæ æмбырдæй къуылдым-къуылдым цæрдæг уадысты. Æнхъæлдтой, мах адаг-адаг хъуызгæ рацæйцæудзыстæм, фæлæ ресторан «Интурист»-ы — Шамилы циныл цин кæнгæйæ — фæздæгджын сихор дæр кæм уыди æмæ æвæздæг сихор дæр, ахæм фынджы уæлхъус дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ гаджидау, афтæмæй нуазын куы райдыдтам, уæд, æвæццæгæн, сæхинымæр загътой, адон, бирæ таутæ чи ахæрдзæни, ахæмты каст кæнынц, мах та æнхъæлдтам, æмбырды фæстæ сыл дымгæ тугсæлфынæг кæнын райдайдзæни. Фæлæ цыфæндыйæ дæр, сæ размæ цы нысан æрæвæрдтой, ууыл сæ иумæйаг фат сæмбæлд. Хъæлæс кодтой дæс æмæ ссæдзæй æмæ дыууæ раст дихы фесты. Фынддæсæй Камалы фарс радзырдтой, иу уыйбæрц та йæ ныхмæ схъæлæс кодта. Мæ ныхмæ уæвджытæ ноджы æнгомдæр разындысты: мæ фарс чи уыд, уыдонæй дыууæ адæймаджы фылдæр рауадысты. Цыбыр дзырдæй, нæ дыууæ дæр фæсдуар баззадыстæм, куы нæ райстаиккой, уæд куывд цæмæй скодтаиккам, уыцы æхцатæ нæ дзыппыты куыд баззадысты, афтæ, фæлæ куы зæгъын, Шамилы хардзæй нæ «судзгæ фыдтæ» ферох кæныныл нæ бацауæрстам. Ноджы нæ дыууæ дæр бацархайдтам, цæмæй нæ «хæлæртты» цин æнæкæрон ма уа, ууыл.

О, хæдæгай, фæцæй мæ рох кодта. Фысджыты Цæдисмæ цæугæйæ, хъуамæ дæ фарс рахæца æртæ фыссæджы, ома ныффыссой дын рекомендацитæ. Æз кæмæ æрхатыдтон, уыдонæй иу уыди Хъайтыхъты Геор, уымæн æмæ зыдтон, цы зæрдæ мæм дардта æмæ мæ фыстытæм цы цæстæй каст, уый. Мæ фыццаг чиныг «Фыды фарн» — цас чиныг уыд, фæлæ уæддæр (иу мыхуырон сыф дæр æххæст чи нæ уыд, ме ’мдзæвгæты уыцы æмбырдгонды редактор Мыртазты Барис æй бындзытæ марыны инструкцийы йас хуыдта. Афтæ хуыдта, уыцы рæстæг ме ’мгæрттæй цалдæрæн цы чингуытæ рацыд, уыдон дæр) — мыхуыры куы рацыд, уæд ыл газет «Социалистическая Осетия»-йы цæстуарзон рецензи ныффыста Хъайтыхъты Геор. Æрмæст йæ сæргондæй дæр бæрæг уыд, цы аргъ ын скодта, уый: «Доброго пути!» («Рæствæндаг у!») Уæдæ йæ рекомендаци дæр къаддæр цæстуарзон кæй нæ уыдаид, ууыл баууæндæн уыдис. Баууæндæн нæ уыд, мæ ныхмæ куыд схъæлæс кодтаид, ууыл. Фæлæ мын иу нæ, фæлæ цалдæрæй куы загътой, Геор дæ ныхмæ кæй схъæлæс кодта, уый нæхи цæстытæй федтам, зæгъгæ, уæд мæхинымæр дисы бацыдтæн. Дис кодтон, цæмæн афтæ бакодта, ууыл. Ноджы, дам, йæ хъуыды æмбæхсгæ дæр нæ кодта. Адæм уыдтой, куыд мæ хахх кодта, уый. Стæй канд уынгæ нæ, фæлæ фехъуыстой, хахгæнгæйæ цы ныхæстæ загъта, уыдон дæр: «А Музафера мы померим!» Фæстаг ныхас гуымирыдæр хуызы загъта, фæлæ йæ æз, чиныгкæсджыты фарныл хъуыды кæнгæйæ, иуцасдæр фендæрхуызон кодтон.

Дисы куыннæ бацыдаин, фæлæ бæстондæр куы ахъуыды кодтон, уæд бамбæрстон, Георæн йæ лæмæгъдзинадæй кæй фæпайдачынди æмæ йæ чидæртæ мæныл, куыд не ’мбæлд, афтæ кæй сардыдтой. Геор та æууæндаг уыд, йæ разы чи лæууыдаид, уый йæм-иу цæмæдæр гæсгæ фæхæстæгдæр, цы-иу дзы домдта, уымæн цæхгæр дзуапп раттын нæ фæрæзта æмæ-иу ыл сайд æрцыд. Раздæр ма йæ куы загътон, уый æнæмæнг рафауинаг миниуæг у, фæлæ, фау æрхæссæн кæмæ нæй, ахæм адæймаг агурыныл Хуыцау кæй бафтауа, уый, иуæй, дзæгъæл цыд фæуыдзæн, иннæмæй йæ хæдзар нал ссардзæн. Уыцы рæстæджы та фысджыты ’хсæн ахæм интригантæ уыди, æмæ дыууæ ’фсымæры кæрæдзийæн амарын кодтаиккой. Иуы тыххæй мын дзы дохтыр Хъæрджынты Мурат афтæ радзырдта: «Хорз кæимæ цардтæн, мæ уыцы хъæуккагæн мæн тыххæй ахæм хахуыртæ фæдзырдта, æмæ мæм лæппу марынмæ ’рбацыди. Хъуамæ мæ хъæдмæ асайдтаид æмæ, масты фæдыл кæйонгты ацæуæн ис, уыйонгты ацыдаид. Æз мæ сæрæн ницы зыдтон, афтæмæй, хæлар хæларимæ йæхи куыд дара, мæхи афтæ дардтон, æмæ мæ хъæуккаг йæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрста мæ уды сыгъдæгдзинад æмæ мын йæ фыдвæндтæ æргом кæнынмæ фæци. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæмæ раздæхтыстæм хæлæрттæй, ардауæгыл та хъоды бакодтам».

Ахæм адæймаг Георæн мæн тыххæй цытæ фæдзырдтаид — хæйрæг йæ зонæг. Геор цы бакодта, ууыл раздæры хуызæн нал дис кодтон. Иуцасдæр рæстæг куы рацыд, уæд та мæхиуыл дис кæныныл фæдæн, Геормæ æппындæр кæй нæ фæхæрам дæн, раздæр æм цы цæстæй кастæн, уыцы цæстæй йæм кæй кæсын, уый тыххæй. Æндæрхуызон нæ фæци йæхæдæг дæр, нæ мыды цы къæм ныххауынмæ хъавыд — растдæр зæгъгæйæ та, цы къæм дзы ныппарынмæ хъавыдысты — уый рæудымгæйы амæттаг баци æмæ йæ фæд дæр нал разынд.

Уæлдæр ма йæ куы загътон, Камал дæр æмæ æз дæр бацархайдтам нæ мастыл цингæнджыты равг фехалыныл. Камал — раздæр, æз — фæстæдæр. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ фысджытæ сæ рæдыд сраст кодтой æмæ Ходы-фырты æнæхъæр-æнæцъистæй сæ рæнхъытæм райстой.

Æз уыцы хъуыддагыл тагъд нæ кодтон. Кæд мын дзурджытæ уыди, дæ гæххæттытæ бацæттæ кæн æмæ сæ æрбадæтт, зæгъгæ, уæддæр дзæвгар рæстæг хъусæй лæууыдтæн. Дæс азæй фылдæр рацыд, ногæй курдиат куы балæвæрдтон, уæдмæ. Правленийы та мæ хъæлæсмæ куы ’рæвæрдтой æмæ та æхсæз адæймагæй дыууæйæ, — ацы хатт дæр та дзы иу мæ кæддæры æрдхорд разынд — мæ ныхмæ куы схъæлæс кодтой, уæд бавдæлдтæн æмæ, иумæйаг æмбырд райсом уыдзæн, зæгъгæ, афтæ мæ гæххæттытæ фæстæмæ райстон. Нал мæ фæндыд дыккаг хатт кæмæндæрты æхсызгондзинад хæссын.

Фыццаг хатт мæ куы истой — æви мæ куы нæ райстой, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд растдæр уыдзæн, уæддæр нæ зонын — уæд мын мыхуыры дыууæ чиныджы йеддæмæ нæма рацыд, ныр уыдоны нымæц астмæ схæццæ. Цалдæр чиныджы мын бонрухс федта Мæскуыйы рауагъдæдты. Куыд бакæнон, цы бакæнон, зæгъгæ, бирæ фæхъуыды кæныны фæстæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: мæ уавæр бамбарын кæнон Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы разамындæн. Уыцы рæстæг Мæскуымæ арæх цыдтæн. Иуахæмы, мæ куысты фæдыл уым командировкæйы уæвгæйæ, бабæрæг кодтон фысджыты Цæдис. Уымæй размæ йæ сæрдар Сергей Михалковимæ Ирыстоны фембæлдтæн. Фембæлдтæн, зæгъгæ, Цæгат Кавказмæ ссыд æмæ нæ фысджытæм дæр уазæгуаты æрбацыдис. Кæд ма исты зонын, уæд ССР Цæдисы Сæйраг Советмæ сыхаг республикæтæй кæцыдæрæй депутатæй æвзæрст æрцыд æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йе ’взарджытимæ фембæлд. Ирыстонмæ дæр ахæм заман æрбафтыд. Хъуыды ма кæнын, хæсты рæстæджы чи нал цыд, сывæллæтты уыцы журнал цæмæй ногæй цæуын райдайа, уый тыххæй дзы æххуыс куыд куырдтам, уый. Уыцы фарстайыл дзурын, мæнмæ гæсгæ, Цæрукъаты Валодя райдыдта, стæй ма йæ фарс дзурджытæ дæр фæцис. Уымæй, йæ ныхмæ исчи уыди, зæгъгæ, зæгъынмæ нæ хъавын, фæлæ, дыууиссæдз азмæ æввахс ирон сывæллæттæн сæ мадæлон æвзагыл журнал кæй нал цыдис, уый сагъæсы бирæты æфтыдта.

Михалков йæхимæ фæфыста, цы дзы домдæуыд æмæ йæм феххуыс кæнынмæ цы фарстаты фæдыл æрхатыдысты, уыдон æмæ зæрдæ бавæрдта, йæ бон цы уа, уымæй йæ хъарутыл кæй нæ бацауæрддзæн. Йæ бон та бирæ уыди. Уæдмæ уый сси Советон Цæдисы дыууæ гимны автор, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр æмæ паддзахадон премийы цалдæр хатты лауреат кæй уыд, уыдæттæ куы нæ нымайæм, уæд. Тынг бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, Мæскуыйæ æхсызгон хабар куы сыхъуыст, уыцы бонмæ. Советон Цæдисы хицауады уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ 1980 азæй фæстæмæ дыууæ мæйы иу хатт цæуын райдыдтаид сывæллæтты журнал ирон æвзагыл. Ахæм журналтæ уадзыны тыххæй цины хабар сæмбæлд канд Ирыстоныл нæ, фæлæ Цæгат Кавказы автономон республикæтыл се ’ппæтыл дæр. Чи зоны, Михалков Мæскуымæ куы ацыд, уæд сывæллæтты журнал уадзыны фарстамæ акаст уæрæхдæр цæстæй æмæ хицауады раз фарста сæвæрдта афтæ, цæмæй алы автономон республикæйы дæр скъоладзау фæсивæд сæ мадæлон æвзагыл кæсой сывæллæтты журнал.

Михалковимæ фембæлды рæстæджы æз дæр цалдæр ныхасы загътон, фæлæ ма мæ уый цæмæй хъуыды кодтаид! Уыйхыгъд мæ зыдта Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы кусæг, сывæллæттæн бирæ чингуытæ ныффыссæг Георгий Ладонщиков. Уыимæ иуцасдæр хæстæгдæр базонгæ дæн, нæ фысджыты Цæдисы хъаугъайаг фарстатæ куы бабирæ сты æмæ сæ алыг кæныны тыххæй Мæскуыйы æххуыс куы бахъуыд, уæд. Уæды хъаугъатæ æвзарын хæсгонд æрцыд Ладонщиковæн æмæ, ам цы цалдæр боны фæци, уыцы рæстæджы дæргъы йемæ фæлымæн дæн. Телефонæй дæр-иу аныхас кодтам. Гъе, æмæ Мæскуыйы уæвгæйæ, Ладонщиковмæ бацыдтæн.

Ахæм зæрдиаг цин мыл бакодта, æмæ, уымæй размæ, кæд цæуон — ма цæуон, уый тыххæй дывæндтæ кодтон, уæд ныр мæ гуызавæйæ фæд дæр нал аззад. Цæмæ ’рбацыдтæн, уый йын бамбарын кодтон, хабæрттæ йын радзырдтон, загътон ын, Михалковмæ бацæуынмæ кæй хъавын, уый дæр. Мæ хъуыды йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд дзы ракуырдтон, цæмæй мемæ бацæуа.

— Æз дæ ницæмæн хъæуын. Дæхæдæг æм куы бацæуай, — загъта мын Ладонщиков, — уæд хуыздæр у.

Цæмæдæр гæсгæ фæныхкъуырд дæн. Цыма дыууæйæ бацæуын хуыздæр уыдаид, афтæ мæм каст. Мæ уавæр мын фембæрста, цы! — зæрдæтæ æвæрынмæ мын фæци:

— Мæ коммæ бакæс, нæ фæрæдидзынæ. Цалынмæ йæм никуыдæм фæдзырдтой, уæдмæ бацу, æз, цæмæй йемæ фембæлай, уымæн дын феххуыс кæндзынæн.

Чысыл куы фæныфсджындæр дæн æмæ йæ ныхасыл дыууæ куынæуал загътон, уæд мæ йемæ рахуыдта. Михалков кæм бадт, уыцы уæладзыгмæ схызтыстæм. Йæ кусæн уатмæ бацæуæны цы сылгоймаг бадт, уымæн цыдæртæ адзырдта. Уый сæрдары кусæн уаты фæмидæг æмæ чысыл фæстæдæр фæзынд. Йæ фæстæ дуар гомæй фæуагъта æмæ мын къухæй ацамыдта, табуафси, бахиз, зæгъгæ.

Сергей бадти дæргъæй-дæргъмæ стъолы уæлхъус. Бадгæйæ дæр, æвæццæгæн, мæнæй бирæ ныллæгдæр нæ уыд, фæлæ куы сыстад, мæ къух мын куы райста æмæ иу уысм лæугæйæ куы афæстиат, уæд ын цæмæй йæ цæсгом федтаин, уый тыххæй мæ хæрдмæ кæсын бахъуыд. Æмæ, дам, фыссæг йæ уацмысты йæхи фæлгонц нæ равдисы! Æцæг фыссæг йæхи цыфæнды арф куы бамбæхса, уæддæр ын йæ фыстыты æнæразынгæ нæ вæййы. Уым æрмæст йæ удыхъæд кæй нæ равдисы, фæлæ ма йе ’ддаг бакаст дæр, уымæн хорз æвдисæн у Михалков. Цымæ Сергей йæхæдæг ахæм бæрзонд куы нæ уыдаид, уæд «Дядя Степа» ныффыссын йæ зæрды ’рæфтыдаид?

Ракодтон та уымæн дæр мæ хабæрттæ. Уый мæм лæмбынæг фæхъуыста, стæй дзæнгæрæджы цæппæр нылхъывта æмæ æрдæбоны сылгоймаг къæсæрыл куы алæууыд, уæд ын загъта:

— Ладонщиков æмæ-ма Доризомæ фæдзур.

Ладонщиков цыма йе уæны каст — ардæм куы цыдтæн, уæд ма мын афтæ дæр загъта: «Æз куы хъæуон, уæд мæн дæр бацагурдзæн». Æмæ йæ бацагуырдта. Стæй канд Ладонщиковы нæ, фæлæ Доризойы дæр. Доризойы кой та куыннæ фехъуыстон! Æппындæр дзы чи ницы бакаст, уый йын йæ зарджытæ уæддæр зыдта. Зыдтон сæ æз дæр. Зарыдысты сæ киноты, радио æмæ телеуынынадæй. Доризо дæр фысджыты Цæдисы кæй кусы, уый, Михалковы кусæн уатмæ куы ’рбацæйцыдтæн, уæд базыдтон: тыргъты иу дуарыл йæ мыггаг фыст уыд.

Цыма дыууæйæ дæр, Михалков сæм кæд фæдзурдзæн, уымæ æнхъæлмæ кастысты, уый хуызæн уайтагъд кæрæдзийы фæдыл æрбахызтысты. Михалков мæ фыццаг Доризоимæ базонгæ кодта. Ладонщиковæн мæ мыггаг куы загъта, уæд æй уый дарддæр дзурын нал бауагъта, æз, дам, Дзасохы-фырты хорз зонын. Уыцы ныхæстæ мыл кæцæйдæр хур æрбакæсын кодтой. Ноджы ма афтæ дæр куы загъта, йæхи нæ, фæлæ ма йын йе сфæлдыстад дæр зонын, зæгъгæ, уæд фæныфсджындæр дæн æмæ сын бæлвырд хабæрттæ радзырдтон. Нæ фысджыты Цæдисы цы уавæр сæвзæрд, уый сын мæн амонын нæ хъуыди. Дыууæ хатты нæм Мæскуыйæ иргъæвджытæ æрвитын бахъуыд. Раздæр нæм Людмилæ Татьяничева ссыди, уый фæстæ та Георгий Ладонщиков, фæлæ уыдоны ацыды фæстæ дæр уавæр нæ фæхуыздæр. Дзырд куы фæдæн, уæд Михалков йе ’мкусджыты бафарста:

— Цы уынаффæ уæм ис?

Дзуапдæттæг ын куы нæ фæци, уæд, цыма йæхиимæ уынаффæ кодта, уый хуызæн ныллæгдæр хъæлæсæй загъта:

— Уæд та йе ’ннæ чиныджы рацыдмæ банхъæлмæ кæсиккам?

Уыцы ныхæстæм мæ зæрдыл æрбалæууыд, цыдæриддæр мын чингуытæ рацыд, уыдон мемæ кæй æрбахастон. Михалковы хъуыдыимæ куы сразы уой, уымæй фæтарстæн, фæлæ мæ амондæн, цалынмæ мæ чингуытæ истон, уæдмæ дзы ничи ницы сдзырдта. Чингуытæ куы ауыдтой, уæд сæм кæсыныл фесты, уæлайдæр Мæскуыйы уырыссагау чи рацыд, уыдонмæ. Михалков тæлмацгæнджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ хъæрæй дзурынмæ фæци: Вероникæ Тушнова, Александр Николаев, Лев Озеров... Кæронмæ сæ нымад нæма фæци, афтæмæй, цыма, бирæ кæуыл фæхъуыды кодта, ахæм хынцинагæн цыбыр фæндагыл раст дзуапп ссардта, афтæ, йæ ныхмæ æрлæууæн кæмæн нæй, ахæм хъæлæсыуагæй загъта:

— Давайте Дзасохова здесь будем принимать, давайте исправим ошибку местной организации, давайте, это престижно и для нас!

Ам æй райсæм, зæгъгæ, куы загъта, нæхи фысджыты Цæдис рæдигæ кæй кæны, уый йæм гуырысхойаг куынæуал каст, стæй ма уыцы рæдыд сраст кæнынмæ кæй хъавынц, уый куы фехъуыстон, уæд мын æхсызгон куыннæ уыдаид! Цыфæнды дзуапмæ дæр æнхъæлмæ кастæн, фæлæ ахæм бæлвырд æмæ уыциу рæстæг бардзырдæнгæс ныхæстæ фехъусдзынæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

Куы рацыдыстæм, уæд мæ Ладонщиков æрбахъæбыс кодта æмæ мын мæ хъусы æрбадзырдта:

— Нæ дын загътон, иунæгæй бацу, зæгъгæ?! Ныр хъуыддæгтæ дæхицæй аразгæ сты. Дæ гæххæттытæ æрластай?

Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ мæ гæххæттыты сæр бахъæудзæн. Æз цы уавæры бахаудтæн, уым дарддæр мæхи куыд дарон, уый базоныны тыххæй æрбацыдтæн æмæ мæм мæ чингуытæ йеддæмæ ницы уыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.