Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 30 страница



Дыккаг бон М. Горькийы номыл театры М.Ю. Лермонтовы райгуырды 150 азы кадæн уыд стыр литературон изæр. Сæрдариуæг дзы кодта Ленины номыл премийы лауреат, Дагестаны адæмон поэт, республикæйы фысджыты Цæдисы сæрдар Расул Гамзатов. Уый йæ разныхасы загъта: «Ацы бонты нæ райгуырæн бæстæ кадджынæй бæрæг кæны Лермонтовы юбилей. Махæн тынг æхсызгон у, ам, Махачкалайы дæр бæрæгбон кæй сарæзтам, уый. Цытджын поэты зæрдæйы баиу сты Уæрæсе æмæ Кавказы зæрдæтæ». Уый фæстæ сæрдариуæггæнæг, театрмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдоны базонгæ кодта уазджытæй алкæимæ дæр. «Лермонтов æмæ Кавказ» — ахæм темæйыл доклад скодта хъуымыхъхъаг поэт А. Асеков.

Трибунæмæ радыгай хызтысты æфсымæрон республикæты минæвæрттæ, дагестайнаг литератортæ: Валентинæ Творогова æмæ Хамид Беретарь (Адыгейæ), Микаэль Чикатуев æмæ Владимир Абитов (Хъæрæсе-Черкесæй), Нуратдин Юсупов, Фазу Алиева, Ибрагим Гусейнов, Омар-Гаджи Шахтаманов (Дагестанæй), Магомед Мокаев æмæ Лиуан Губжоков (Кæсæг-Балхъарæй). Цæгат Ирыстоны делегацийы номæй раныхас кодта Гаджиты Георги.

Кæронбæттæны Расул Гамзатов загъта: «Æгас цæуæд Кавказ! Æгас цæуæд Уæрæсе! Æгас цæуæд хæлардзинад!»

Литературон изæры фæстæ Дагестаны аивады дæснытæ раттой стыр концерт.

Бирæ зæрдылдарæн фембæлдтытæ уыди уыцы бонты Дагестаны горæттæ æмæ хъæуты. Уазджытæ фесты æртæ къорды. Иутæ ацыдысты Кизилюртмæ, иннæтæ — Буйнакскмæ. Æз цы къордмæ бахаудтæн, уый абалц кодта Каспийскмæ. Республикæйы газеттæ æхсæз æвзагыл хъæздыг æрмæг лæвæрдтой, бæрæгбон куыд цæуы, уый тыххæй. Тæлмац кодтой Дагестаны адæмты æвзæгтæм Цæгат Кавказы поэтты æмдзæвгæтæ.

Дагестанмæ дыккаг хатт дæр афтыдтæн бæрæгбоны рæстæг...

Æвæццæгæн, «Зырнæджытæ», зæгъгæ, уыцы зарæг уæды Советон Цæдисы чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг зынæй разындаид. Музыкæ йын ныффыста Ян Френкель, ныхæсты автор та у Расул Гамзатов. Ныхас дзы цæуы, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард нывондæн чи ’рхаста, уыцы хæстонты хъæбатырдзинады тыххæй. Зарæг фæцыд адæмы зæрдæмæ. Зарыдысты йæ бæрæгбæтты, йæ зæрдæскъæф мыртæ зæлыдысты къаты бонты дæр. Фæстагмæ «Зырнæджытæ» ахызтысты зарæджы арæнтæй æмæ алы рæтты фæзындысты цыртдзæвæнты хуызы. Фыццаг ахæм цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Ирыстоны зæххыл Гæздæнты авд æфсымæры кадæн. Авд зырнæгæн уæлæрвтæм се ’нусон балц куы райдыдта, уæд нæм уазæгуаты æрбацыд Расул Гамзатов дæр. Цыртдзæвæн гом кæнгæйæ, загъта бирæ хъарм ныхæстæ Ирыстон æмæ йæ адæмы тыххæй.

Цасдæр рæстæг ма рацыд æмæ зарæгæй рауад бæрæгбон — «Урс зырнæджытæ». Ныртæккæ куыд у, уый нæ зонын, фæлæ йæ уæд алы аз дæр кадджын уавæры бæрæг кодтой Дагестаны, бæлвырддæр дзургæйæ та Гунибы, инæлар-фельдмаршал Александр Барятинский 1859 азы имам Шамилы уацары кæм райста, уыцы хæххон хъæуы. Æрцыдысты-иу æм канд Дагестаны горæттæ æмæ хъæутæй нæ, фæлæ ма сыхаг республикæтæ, крайтæ æмæ облæсттæй дæр, Мæскуы æмæ Ленинградæй. Иу хатт дзы æз дæр архайдтон. Ирыстонæй ацыдыстæм Хостыхъоты Зинæимæ. Цалдæр боны нын фембæлдтытæ уыди поэзиуарзджытимæ, кусджытæ æмæ зæхкусджытимæ.

Нæ сæйраг балц уыди Гунибмæ. Нæ автобустæ кæрæдзийы фæдыл ныххал сты. Кæд тæссаг хæххон фæндæгтыл цыдыстæм, уæддæр нæ цин уымæй къаддæр нæ кодта, уымæн æмæ нæ алыварс уыдтам цардæгас истори. Нæ фæндагамонджытæ ивгъуыд хабæрттæ афтæ уырнинагæй дзырдтой, цыма æппæт цауты дæр сæхæдæг архайæг уыдысты. Бæрæгбонмæ уыйбæрц адæм æрцыд, æмæ сыл цæст не ’ххæссыд. Ком байдзаг зарджытæй, музыкæйы мыртæй. Алы ’взæгтыл хъуыстысты æмдзæвгæтæ. Зинæимæ мах дæр бакастыстæм не ’мдзæвгæтæ...

Расул Гамзатов Гунибмæ ’рбатахт вертолеты. Фæстæмæ цæугæйæ, Ирыстоны делегацийы уæнгты, ома æз æмæ Зинæйы, бацагуырдта, æмæ йемæ вертолеты ратахтыстæм.

Уыцы изæр нæ Расул йæ хæдзармæ ’рбахуыдта. Уазджытæ се ’ппæт Расулы хæдзæрттæй (йæ хæдзар та дыууæуæладзыгон егъау бæстыхай уыд) цалдæры дæр нæ бацыдаиккой, фæлæ, йæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи уыд, уыдоны æхсæн æз æмæ Зинæ дæр разындыстæм.

Тынг уазæгуарзон фысымтæм бахаудтам. Йæ бинойнаг Патимат ма нын фырбуцæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Архайдта алкæмæн дæр балæггад кæныныл. Уымæй размæ дæр ын йæ рæсугъддзинады кой хъуыстон, фæлæ ахæм аив æмæ хæрзконд уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Уагæры ма йыл азтæ куы нæ рацыдаид, æртæ чызджы мад куы нæ уыдаид...

О, æмæ Расулы фынджы уæлхъус бадгæйæ, сидтытæ куыннæ сарæх уыдаиккой! Иу заман чидæр сидт рауагъта æмæ загъта Расулы цæрæнбоны тыххæй. Куыннæ дзы уыдаид æппæлæн ныхæстæ! Уыдонмæ хъусгæйæ Гамзатов афтæ куы бакæнид: «Куыд мæ ’ппæлут, афтæ хорз нæ дæн, стæй мæ ме знæгтæ куыд фауынц, афтæ ’взæр дæр».

Нæхимæ цæугæйæ фæндагыл ныффыстон ахæм цыппаррæнхъон:

 

Мæхицæй хуыздæр чи зоны мæ хæтæн,

Кæд мæм хъысмæтæй иунæг уый æрхауд...

Куыд мæ æппæлут, афтæ хорз куыд нæ дæн,

Куыд мæ фаут, нæ дæн æз ахæм цауд.

 

Кæй зæгъын æй хъæуы, æмдзæвгæйы сæргонды бын бафыстон: «Расул Гамзатовы ныхæстæй».

Нæхимæ куы ’рбацыдыстæм, ууыл цас рæстæг рацыд, Хуыцау йæ зонæг, афтæ Ирыстоны фысджыты Цæдисмæ Расул Гамзатов мæ номыл цы писмо æрбарвыста, уым фыста: «Зынаргъ Музафер! Дагестаны фысджыты Цæдисы правлени дын арфæ кæны, „Урс зырнæджыты“ Æппæтцæдисон бæрæгбоны зæрдиагæй кæй архайдтай, уый тыххæй.

Дагестаны фысджыты Цæдисы сæрдар Р.Г. Гамзатов».

Ахæм писмо райста Хостыхъоты Зинæ дæр.

Ацы ран ма цы зæгъын мæ зæрды ис: писмо цы къонверты уыдис, ууыл мыхуыргонд дамгъæтæй уырыссагау фыст уыд «Куда» æмæ «Кому», сæ дæле ставд хаххы бын та «Расул Гамзатов», ома писмо чи ’рбарвыста, уый. Адрисæн дзы йæ кой дæр нæ уыд, уымæн æмæ, Расул Гамзатов кæм цæры, уый амонын æппæт бæстæйы никæмæн хъуыд.

Цыппæрдæс азы фæстæ, Расулы райгуырдыл цыппарыссæдз азы куы сæххæст, уæд ын «Рæстдзинад»-ы фæрстыл та æз арфæтæ кодтон, фæлæ, стыр хъыгагæн, Гамзатов йæ кадджын юбилейы фæстæ афæдз дæр нал ацард.

Кæддæриддæр Расулæн мингай чиныгкæсджытау мæ цæсты дæр стыр кад уыд, йе ’мдзæвгæтæ йын ирон æвзагмæ хуымæтæджы нæ раивтон. Фæлæ суанг ахæм стыр лæгтæм дæр зулмæ кæсджытæ вæййы, хæлæггæнджытæ йыл дам-думтæ æрымысынц, цъыф ыл фæкалынц. Расул дæр ахæмтæй «хъæстагæй» нæ баззад, суанг ма йыл эпиграммæтæ дæр æрымысыдысты. Иуы дзы Яков Козловский æмæ Наум Гребневы кой дæр ис. Æнæхъæнæй æрхæссын дæр æй мæ бон у, фæлæ мæ нæ фæнды, Расулы чи нæ уарзы, уыдонæй йæ кæд исчи нæ зоны, уæд æй уадз æмæ ма базона. Йæ хъуыды та цыбырæй у ахæм: Гамзатов, дам, Козловский æмæ Гребневы æрхъуыдыгонд у, æнæ уыдонæй, дам æй ничи базыдтаид.

Цыппар рæнхъы кæронмæ каст дæр нæма фæдæн, афтæ Яков йæ армытъæпæнтæ дыууæрдæм тилын райдыдта — бæрæг уыд, эпиграммæ ма раздæр кæй фехъуыста — уый раст нæу, уый раст нæу, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыди раст. Ууыл æз фидарæй æууæндыдтæн, Козловскийæ иунæг ныхас дæр куы нæ фехъуыстаин, уæд дæр, уымæн æмæ Расул хуымæтæджы ныхас куы кодта, уæд дæр поэт æмæ философ куы уыди, уæд ахæм йе ’мдзæвгæты нæ уыди! Кæннод йæ прозæ та! Йæ «Мой Дагестан» йæхæдæг дæсгай поэтикон чингуыты аргъ куы у. Йæ алы рæнхъ дæр хъуыдыйы уæзæй къæс-къæс куы кæны. Фæлæ мæ уæддæр, йæ хуыздæр тæлмацгæнджытæй иу цы зæгъы, уый фехъусын фæндыд. Æмæ йæ ныхæстæй ницæуыл фæдис кодтон, ногдзинад дзы нæ фехъуыстон. Загъта, цы уыди, уый. Æндæрхуызон ныхас фехъусын æнхъæлмæ йæм нæ кастæн.

Сфæлдыстадон хæдзармæ æз Яковæй цалдæр боны раздæр æрцыдтæн æмæ цæугæ дæр уыйбæрц раздæр кодтон. Мæ цæуыны размæ бон ма бæлæсты æхсæн къахвæндагыл иу сахаты бæрц фæрацу-бацу кодтам. Фæхицæн кæнынмæ куы хъавыдыстæм, уæд мын Козловский афтæ:

— Кæд мыл æууæндыс, уæд ма мæм де ’мдзæвгæты дæлрæнхъонтæ равдис, æз сæ ратæлмац кæныныл бафæлварон.

Цæйбæрц уæздандзинад уыдис уыцы цалдæр ныхасы! Цыма йæ курдиатыл кæмæн фæдызæрдыг уай, ахæм поэт уыд! Кæннод цыма фыццаг хатт тæлмац кодта æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ нæ дардта. Фæлæ уæздан лæг йæ алы хъуыддагæй дæр уæздан вæййы.

Мæнæн дæлрæнхъонтæ мемæ нæ уыд æмæ йын загътон, кæд æмбæлы, уæд дын нæхицæй æрæрвитдзынæн, зæгъгæ. Мæ уыцы хъуыды йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йын цалдæр хатты дæлрæнхъонтæ арвыстон æмæ сæ ратæлмац кодта. Чиныг рауадзынмæ дæр хъавыдыстæм, суанг ма рауагъдад «Алан»-имæ бадзырд дæр сарæзтам, фæлæ нæ фæндтæ сæххæст кæнын нæ къухы нал бафтыд. Яков уæззау рынчын фæци...

Мæскуыйæ куы ссыдтæн, уымæй чысыл фæстæдæр æрвылкъуырион газет «Неделя» ныммыхуыр кодта Козловскийы статья «Я и ты одной чести», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уым Яков фыста: «В нынешнем сентябре я познакомился с осетинским поэтом Музафером Дзасоховым. Мы гуляли, беседуя под первой киноварью деревьев, и было мне радостно от того, что потомок древних скифов читал на память многие стихи русских поэтов. И нет для меня ничего более отрадного в жизни, чем общение с друзьями. Пусть они будут русскоязычные или иноязычные — это никакой роли не играет».

Æцæгæйдæр, Козловский уæрæх зæрдæйы хицау уыд. Йæ хæлæрттыл нымадта хорз адæймæгты се ’ппæты дæр. Уæлдай йын нæ уыд, чи кæцы æвзагыл дзырдта, уый. Рæстзæрдæ адæмæй йын уыдис бирæ æмбæлттæ æмæ йын Советон Цæдисы кæцыфæнды республикæйы дæр кодтой стыр кад. Нæ уыцы хæлардзинад знæгты фæндиаг куы фæци, уæд цы фæстиуджытæ расайдта, уыдонмæ æнæзæрдæрисгæйæ кæсын йæ бон нæ уыд, уымæн æмæ фехæлдысты, дæсгай азты дæргъы нæхи амондджын цæмæй хуыдтам æмæ сæрыстыр цæмæй уыдыстæм, уыцы ахастдзинæдтæ.

Цас æмæ цас æнæферохгæнгæ фембæлдтытæ уыд алы адæмыхæттыты минæвæрттæн! Кæд-иу сæ иуæй-иутæ кæнгæ митыл нымадтой — чи зоны, æдзух, куыд æмбæлд, ахæм уавæрты нæ цыдысты — уæддæр, адæмты кæрæдзиуыл кæй бастой, хæрамдзинады бындуртæ кæй хæлдтой, фæлтæртæ æнгомгæнæг тых кæй уыдысты, уый æнæмæнг уыд...

Иу заман мын гонорар æрбарвыстæуыд Грознайæ. Кæцæй мын æй æрбарвыстаиккой æмæ цæй тыххæй, зæгъгæ, мæхинымæр дисы бацыдтæн æмæ мæхъхъæлон фыссæг Саид Чахкиевмæ писмо арвыстон, базон-ма, зæгъын, æхца æрбарвитæджы. Саидимæ хæларæй цардыстæм. Ирыстоны-иу уазæгуаты арæх уыд æмæ-иу ыл кæмдæриддæр æхсызгонæй сæмбæлдысты. Кæддæр ын йæ романыл рецензи дæр ныффыстон æмæ Ирыстоны мыхуыры рацыд.

Саиды бæсты мын дзуапп æрбарвыста Зелимхан Яндарбиев. Уый мæм куыд фыста, афтæмæй йæм мæ писмо ратта Саид æмæ, дам дын Чахкиевы курдиатмæ гæсгæ хъусын кæнын, гонорар дын кæй арвыстой альманах «Аргун»-æй. Уым мыхуыргонд æрцыд де ’мдзæвгæ «Къостайы мидхъуырдухæн». Цæцæйнаг æвзагмæ та, дам æй ратæлмац кодтон æз. Зелимхан ма фыста, æмдзæвгæйы цы хъуыдытæ ис, уыдон, дам, мæ хъуыдытæм хæстæг кæй сты, уымæ гæсгæ йæ тæлмац кодтон æхсызгонæн. Йæ писмойы кæронбæттæны Яндарбиев зæгъы: «Мæ зæрдæ дарын, дарддæр нæ ахастдзинæдтæ уæрæхдæр æмæ фидардæр кæй кæндзысты, ууыл. Стыр салам дын Саидæй! Салæмттæ де ’мсис æфсымæртæн.

Дæуæн аргъ кæнгæйæ, Зелимхан Яндарбиев.

Альманахы номыр дын æрвитын».

Афæдзы æрдæджы фæстæ ма Зелимханæй ноджыдæр райстон иу писмо. Ацы хатт Мæскуыйæ. Уæд Яндарбиев ахуыр кодта уæлдæр литературон курсыты. Куыд хъусын кодта, афтæмæй уацмыс фыста цæцæйнаг абырæг харачойаг Зелимханы тыххæй. Йæ библиографион картотекæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ зындгонд абырæг фембæлд Федор Шаляпинимæ, фæлæ, æрмæг мыхуыргонд кæм уыд, уыцы газет Ленины библиотекæйы кæй нæ разынд, уый йæ мæты бафтыдта. Ноджы æхызгондæрæй агуырдта, ирон фысджытæй, дам, чидæр Зелимханы тыххæй фыста, фæлæ цы æмæ цавæр жанры, уый, дам, нæ зонын æмæ мын уыцы хъуыддаджы, цæмæй дæ бон у, уымæй баххуыс кæн.

Цæцæйнаг абырæг Зелимханы тыххæй повесть ныффыста Гатуты Дзахо. Уыцы чиныг мæхимæ уыди æмæ йæ Яндарбиевæн арвыстон.

Зелимханимæ кæрæдзимæ писмотæ куы фыстам, уæдæй нырмæ æвддæс азы дæр нæма рацыд, афтæмæй дунемæ йæхи хуызæнæй ницуал ис, аивтой адæм, фендæрхуызæн сты ахастдзинæдтæ, хæлæртты нымæц фæкъаддæр, знæгты нымæцыл æфты æмæ æфты, фæлæ, райдайæн цæмæн вæййы, уымæн искуы йæ кæрон ма ралæууа, уый уæвæн нæй. Кæрон у цæйдæр райдайæн, райдайæн та цæйдæр кæрон. Змæст дуджы кæрон дæр ралæудзæн. Суадоныл сахкъæвдатæ цасфæнды куы фæуара, уæддæр ын иу заман æнæ ’ррæсуг уæвгæ нæй. Рæстæг дæр донæй уæлдай нæу: йæхи йæхæдæг сыгъдæг кæны. Ахæм заман æрцæуы, йæхи кæд бауигъы. Йæ размæцыды йæ цы хъыгдарджытæ вæййы, уыдон иуварс кæд фехсы æмæ фидæнмæ йæ цыды кой кæнын куы райдайы...

Кæдæмфæнды куы ацæуын, уæддæр мын, мæ фæндаг кæцæй райдыдта, уырдæм æнæрыздæхгæ нæ вæййы. Мæ фæндаг та райдыдта Бæрæгъуыны хъæугæронæй. Куыд банхъæлæн ис, афтæ хъæугæрон дæр нæу. Нæ хъæуы, æххæст уынгтыл банымайæн кæмæн ис, уыдонæй иуæн Куыройыдон йæ рахизвæрсты кæлы, æмæ уыцы уынджы рæсугъддæр ран мæ фыд хæсты размæ самадта агуыридурæй хæдзар. Немыцаг фашисттæ дзы нæхи фашистты ардыдæй къултæ йеддæмæ ницуал ныууагътой. Мæ мæгуыр мад ын хорз адæмы æххуысæй раздæр йæ сæр хъæзæй бамбæрзта, фæстæдæр та йæ фылдæр хай, ома цæргæ кæм кодтам, уыцы уæтты сæр æмбæрзæн дурæй æрæхгæдта. Гъе æмæ уыцы хæдзары къæсæр уыд мæ фæндаджы райдайæн.

Хъуыды ма кæнын, немыц галтæй кæдæм æрбацыдысты æмæ сæхи богъты хуызæн кæм дардтой, уырдыгæй æхсæвыгон хъуццытæй куы фæлыгъдысты, уæд мæ хъæуккæгтæ алы рæттæй — сæ фылдæр мах хуызæн Ставд-Дуртæй — куыд здæхтысты, уый. Веринкæ дардæй нæ хæдзар æнæсæрæй куы ауыдта, уæд йæ цæссыгтæ нал баурæдта, æнæпъол, æнæцар уæттæм куы бакаст, уæд йæ богъ-богъ æнæхъæн сыхыл айхъуыст. Куыдта, судзаджы марды уæлхъус куыд кæуай, афтæ. Йæ кæуыны-иу хъарæгæнгæс ныхæстæ дæр райхъуыстысты, йæ тæригъæд хъардта, Хуыцаумæ æххуысмæ дзырдта. Ноджы лыстæгдæр куы ’ркæстытæ кодта, уæд йæ зæрдæйы рыст фæфылдæр. Хæдзары къусæй къоппы онг ницуал баззад, мардыронкъахджытæ сæ фæхастой. Фæстæдæр ма дзы цыдæр муртæ æрæмбырд кæнын къухы бафтыд. Уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр, искæмæй исты фесæфт, зæгъгæ, уæд-иу æнæмæнг ахæм ныхасгæнæг фæци: дардæй йæм не ’рцыдæуыд. Махæн дæр нæ давджытæ бынтон дардæй не ’рцыдысты; кæд дзы кæцыдæртæ æндæр хъæуы разындысты, уæддæр сæ фæд нæхи сыхмæ цыд. Зæгъæм, нæ хуыссæнгæрзтæ — хуыссæнгæрзтæ, зæгъгæ дзы гобан йеддæмæ нæ къухы ницуал бафтыд — разындысты Æрыдоны, фæлæ сæ чындз нæ сыхæгты чызг кæй уыди, уый куы нæ рох кæнæм, уæд ма уæ ноджыдæр иу хатт бауырндзæн, давджытæ дардæй не ’рцыдысты, зæгъгæ, чи фæдзуры, уыдоны ныхæсты рæстдзинад.

Нæ дзаумæттæ æмбырд кæныны хæс — уыцы хъуыддаг ын ничи бабар кодта, афтæмæй — йæхимæ райста Оля æмæ йын, мæнмæ гæсгæ, чысыл нæ бантыст. Æрмæст нæ патефон кæй ссардта, уый дæр сгуыхтдзинадыл банымайæн уыд. Абон дæр ма, фаллаг сыхы чи цæры, уыдонмæ æлгъгæнгæйæ кæсын. Иууылдæр сæ давджытыл нымайын. Иууылдæр, зæгъгæ, дзæгъæлы зæгъын: сæ лæппутæй иу мемæ ахуыр кодта æмæ уымæ йæ бинонты хуызæнæй ницы уыд. Уæздан, хæдæфсарм, æмгаруарзон. Хъыгагæн, æнафоны фæхъуыд йе ’мбæлтты ’хсæнæй. Фæлæ мæм иннæтæ иу джиппы уагъд кастысты. Стæй мæм афтæ дæр кæсы, цыма дзы хъысмæт алкæй дæр бафхæрдта, сæ галиу митæ сыл æртæфстысты.

Куы зæгъын, Оля фæдысгарæджы куыстмæ хорз сарæхст. Кæд патефонæн бамбæхсæн нæ уыд, давоны хæрдæн басусæггæнæн куыд нæй, афтæ, уæд уидыг æмæ цолпы афтæ æнцон ссарæн нæ уыдысты, фæлæ ма уыдонæй дæр йæ къухы цыдæртæ бафтыд. Афтæ ма банхъæлут, æмæ нæ сых, стæй нæ хъæу хæсты рæстæг æрмæстдæр давыны куыст кодтой.

Кæддæр мын Бицъоты Таймураз афтæ радзырдта. Мæ фыд, дам, хæстæй куы ссыд, уæд йæ цæвæг нæхимæ нал сæййæфта. Уæд ма, æвæццæгæн, Цъамады цардысты æмæ хосгæрстмæ ссыди. Хур бон уыди æмæ нæзы бæласы бын аууоны æрбадти, иучысыл мæ фæллад ауадзон, зæгъгæ. Иу заман йæ хъусыл ауад цæвæджы æхситт. Уынæр æм бынтон хæстæгæй хъуысын куы райдыдта, уæд сыстад, йæ алыварс ахъахъхъæдта æмæ йæ сыхаджы хос кæрдгæ ауыдта. Лæг йæ кусын фæуагъта æмæ йæ цурмæ æрбацыд. Кæрæдзийæн салам раттой æмæ ныхæстыл фесты. Таймуразы фыд йæ сыхаджы цæвæгмæ фæкомкоммæ:

— Ацы цæвæг дын кæм уыди?

Лæг æваст дзуапп раттын куы нæ бафæрæзта, уæд ын йæхæдæг æххуыс кæнынмæ фæци:

— Уæдæ ай мæ цæвæг у!

Сыхаг йæ куыст ныууадзынмæ хъавы, уый цæвæджы хицау куы бамбæрста, уæд ын афтæ:

— Дæ бон дзæгъæлы ма саф. Дæ куыст дзы куы бакæнай, уæд-иу æй нæхимæ ныххæсс.

Ахæм сыхæгтæ махæн дæр разынд. Иннæ давджытæ та, куыд загътон, афтæ фаллаг сыхы цардысты. Æндæр исты нæ куы адавтаиккой, уæд мæм, æвæццæгæн, афтæ тынг нæ бахъардтаид, фæлæ патефон! Уымæн хæсты размæ ныртæккæйы цыфæнды зынаргъ дзаумайæ дæр къаддæр кад нæ уыди. Æмæ мæ фыд йæ самал кæныныл бацархайдта. Уыцы патефонæн мын йæ кой дæр зынаргъ у, уымæн æмæ, мæ фыдимæ баст хабæрттæн сæ тæккæ ирддæртæй иу у. Æппынкъаддæр æртæ ’мæ æртиссæдз азы рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ цыма абон уыди, афтæ мæм кæсы. Мæ фыд зарынмæ арæхст æви нæ, уымæн ницы зонын, уымæн æмæ уый тыххæй адæмæй никуы ницы фехъуыстон, фæлæ кафын кæй нæ зыдта — уæвгæ афтæ зæгъын æгæр уæздан уыдзæн, уымæн æмæ-иу дзы афтæ дзырдтой: йæ къах кæцырдæм айсгæ у, уымæн дæр ницы ’мбæрста — стæй къухæй кæй ницæмæ арæхст, уый бæлвырд у. Зарынмæ дæр — кæд æм мæнæй исты фæци — цыма фыдмæ фыртæй исты фæуæвæн ис, уый хуызæн! — уæд, йæ разæй кæй ауагътаид, ахæмтæ минтæй нымайгæ уыдаиккой, фæлæ, æвæццæгæн, музыкæ уарзта æмæ йæм хъусгæ дæр кæй кодта, уымæн мæхæдæг — æвдисæн.

Иу пластинкæ йеддæмæ нæм куыннæ уыдаид, фæлæ дзы æз æрмæстдæр, «Цолайы зарæг» кæм уыд, уый бадардтон мæ зæрдыл. Уæлдæр ма йæ куы загътон, цыппар азæй мыл фылдæр нæ цыдаид, æз мæ фыды уæрагыл куы бадтæн, афтæмæй «Цолайы зарæг»-мæ куы хъуыстон, уæд. Зарæгмæ хъусгæйæ, папæйы галиу уæраг — галиу уыд, уый дæр ма хъуыды кæнын — хæрдмæ куыд фæхау-фæхау кодта, уый мæ абон дæр нæ рох кæны.

Æвæдза, райгуырæн къуымæн аргъ нæй. Къуым, кæд цыдæр къуындæгдзинадимæ баст у, уæддæр адæймаг уымæй парахатдæрæй йæхи никуы фенкъары, уымæй сæрибардæр йæ уд никуы вæййы. Не ’рдæгхæлд хæдзары цы фæцардтæн, уый уæлæуыл мемæ куыд ис, афтæ мæрдты дæр куы уа, уæд мæхицæй амондджындæр, ацы зæхх куы равзæрд — ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йыл æртæ миллиард æмæ фондзыссæдз милуан азы цæуы — уæдæй нырмæ дзы чи цард, уыдонæй мæхи æппæты амондджындæр хондзынæн. Амондджын дæн уымæй, æмæ ам, сæрдыгон фæлмæн къæвда-иу куы рауарыд, уæд бæгъæввадæй уыцы хъæрмуст доны малты кæй ратæх-батæх кодтон, уымæй. Ныр цыма уарыны фæстæ къæвдайы дон афтæ хъарм нал вæййы, хаттæй-хатт мæм ахæм хъуыдытæ дæр æрцæуы. Кæннод нæ фæскъулы «картофы чъиритæ» — ныллæгтымбылсыф кæрдæгыл цы чысыл хæрынæн бæзгæ патиссонæнгæс «дыргътæ» зади, уыдон цæмæдæр гæсгæ афтæ хуыдтам — та!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.