Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 24 страница



— Уæдæ бавдæл, æмæ, дæ гæххæттытæ, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр рарвит æмæ дæ æз иннæты разæй фæкæндзынæн.

Мæ зæрдыл, нæхимæ фысджыты Цæдисмæ мæ разæй кæй райстой, уыдонæй иуы ныхæстæ æрлæууыдысты. Стыр уынджы æрцæйцыдыстæм æмæ хъазгæйæ йæ ныхмæ цыдæр куы сдзырдтон, уæд дын афтæ куы бакæнид: «Фысджыты Цæдисмæ цæугæйæ æз дæ фарс куы уыдзынæн, уый куы зоныс, уæд мæ ныхмæ цæмæн дзурыс?» Афтæмæй йæхæдæг Мæскуыйы ист нæма уыди, уым кæй нæма райсынц, уый та фысджыты Цæдисы уæнгыл нымад нæма вæййы. Фæлæ стыр ныхас кæнын йæ туджы кæмæн ис, уый йæ фылдæр хатт, кæм не ’мбæлы, ахæм ран фæзæгъы. Афтæмæй та фыдæлты æмбисонд рохгæнинаг нæу. Стыр ныхас хъæдбыны дæр куы нæ фидауы, уæд ма горæты сæйраг уынджы куыд хъуамæ сфидыдтаид! Не сфидыдта. Фæлæ уый тыххæй чысыл фæстæдæр.

Нæхимæ куы ссыдтæн, уæд мæ гæххæттытæ рамбырд кодтон. Уæвгæ уыйас æмбырдгæнинаг дæр нæ уыдысты: фысджыты Цæдисæй сæ райстон æмæ сæ Мæскуымæ арвыстон. Æрвитгæ сæ бæргæ тагъд акодтон, фæлæ мыл Ладонщиковы писмо дæр тагъд сæмбæлди. Куыд рабæрæг, афтæмæй, цы хъуыди, уыдонæн сæ фылдæр нæ арвыстон: уыцы рæстæджы, «личный листок» кæй хуыдтой, уый, курдиат; цы чингуытæ мын рацыд, уыдоны номхыгъд. Чингуыты дæлрæнхъон тæлмацтæ хъуыди æртыгай экземпляртæ, дыгæйттæ нæ фæлæ, æппæты сæйрагдæр та — рекомендацитæ. Ныффыстой мын сæ Дарчиты Дауыт, Мæрзойты Сергей, Малиты Васо æмæ Хъайтыхъты Геор. Хъайтыхъы-фыртмæ рекомендаци ныффыссыны тыххæй дыккаг хатт барæй æрхатыдтон, кæддæра ма мыл раздæры хуызæн æнувыд у, нæ, уый базоныны тыххæй. Ницæмæй йыл фæгуырысхо дæн. Цæстуарзондæр ныхæстæм æнхъæлмæгæсæн нæ уыд, фæлæ рекомендаци Мæскуымæ нæ арвыстон. Мæхимæ йæ æфснайдæй дарын. Къухфыстæй иу сыф йеддæмæ нæу æмæ йæ мæ зæрды æрхæссын ис: «Рекомендаци. Æз, Хъайтыхъты Геор, 1937 азæй фæстæмæ ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнг, мæ билеты номыр 02893, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, куыд нымайын, афтæмæй курдиатджын поэт æмæ прозаик Дзасохты Созырыхъойы фырт Музафер у ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнгтæм райсыны аккаг. Ирон чиныгкæсæгæн, стæй уырыссагæн дæр хорз зындгонд сты æмб. Дзасохты М. С. æмдзæвгæтæ æмæ прозаикон уацмысты бирæ æмбырдгæндтæ. Уыдонæн раст аргъ скодтой нæ критикон литературæйы. Сæхимæ æргом здахынц сæ нырыккон тематикæйæ, дунемæ йæ хигъæдон аивадон цæстæнгасæй, йæ лирикон хъæбатырты цард хорз кæй зоны æмæ ма ноджы æндæр хорздзинæдтæй. Йе сфæлдыстады æвдисы абоны цард, хицæн кæны йæ лирикондзинадæй, адæймагуарзондзинадæй, революцион, патриотон æмæ сабырдзинадуарзондзинадæй. Дыууæ цардæгас суадоны — лирикæ æмæ сатирæ сты йæ æмдзæвгæтæн тыхдæттæг бындур. Уыциу рæстæг — сты афористон, философон, уæлдайдæр та йæ цыппаррæнхъонтæй бирæтæ. Уыдон рацыдысты центрон мыхуыры дæр. Рауагъта æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ повестты аст æмбырдгондæй фылдæр. 25/V-1980 аз. Хъайтыхъты Геор».

Ахæм ныхæстæ былалгъæй загъд кæй не сты, ууыл алчидæр баууæнддзæн. Æууæндын сыл æз дæр. Аргъ сын кæнын æмæ кæндзынæн. Фæлæ, куы зæгъын, ацы рекомендаци Мæскуымæ нал арвыстон.

Ладонщиков мæ цы домдта, уыдон иууылдæр куы сцæттæ сты, уæд сæ Мæскуымæ мæхæдæг аластон. Уыцы аз, уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мæ бинойнагимæ нæ фæллад уадзынмæ цыдыстæм Венгримæ, Балатоны цады былгæрон журналисттæн цы дунеон сфæлдыстадон хæдзар уыд, уырдæм. Мæ фæндаг Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисыл акодтон. Ладонщиков мæм æнхъæлмæ каст. Йæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд мын фæндараст загъта, дæ фæстæмæ ’рбаздæхынмæ, дам, дæ хъысмæт лыггонд уыдзæн. Хъуамæ фысджыты Цæдисмæ исæг къамисы уæнгтæ æрæмбырд уыдаиккой дæс боны фæстæ, ома мах нæ тæккæ фæллад уадзгæйæ куы уыдаиккам, уæд. Георгийы телефон дæр райстон, стæй, йæ фарсмæ цы ныллæггомау кæсæнцæстджын зæронд ус бадт — Аннæ Яковы чызг хуынди, фæлæ мæ йæ мыггаг ферох — уый телефон дæр ныффыстон, цæмæй сæм фæсарæнтæй æрбадзырдтаин æмæ, къамис цы уынаффæ рахаста, уый базыдтаин.

Ацыдыстæм, уæдæ цы уыдаид æмæ нæ фæллад уадзын райдыдтам, фæлæ мæн æппындæр, зæгъæн ис, æмæ нæ равдæлд. Уыцы аз, цæмæй рауагъдад «Современник»-ы пъланмæ хаст æрцыдаид, уый тыххæй мæ фæуын хъуыд, «Лехелы сыкъа», зæгъгæ, цы поэмæ фыссын райдыдтон, уый æмæ мæ мæ сæр схъил кæныны бон нæ фæци. Ноджы фæндагыл иу купейы бадт фестæм, Налцыччы республикон газеттæй иуы хуызисæгæй чи куыста, иу ахæм не ’мзæххонимæ æмæ нын масты хос фæци. Цыбыр рæстæгмæ йæхи бынтон ницæйагæй равдыста. Куыддæртæй дзы куы фæхицæн стæм, уæд сæрибардзинад банкъардтам. Уæлдайдæр, Мæскуыйы иумæ кæимæ ахуыр кодтон, уыцы зæрдæхæлар адæймаг Гезе Сабойы куы ссардтон, уæд. Уыцы æнæферохгæнгæ фембæлдтыты бæлвырддзинæдтæ мæ чингуыты фыст æрцыдысты æмæ сыл ам нал дзурдзынæн.

Æрхæццæ, къамис куы æрæмбырд, уыцы бон. Дыккаг райсом телефонæй дзурын райдыдтон, фæлæ мын дзы иу дæр дзуапп нæ ратта. Фæлвæрдтон ма æртыккаг æмæ цыппæрæм бон дæр. Никуы æмæ ницы. Гæнæн нал уыд, æмæ мæ ме ’мгъуыды фæудмæ ’нхъæлмæ кæсын бахъуыд. Куыддæр Мæскуымæ æрбацыдыстæм, афтæ æппæты фыццаг бацархайдтон телефон ссарыныл. Георгий Ладонщиков бынаты нæ разынд æмæ Аннæмæ бадзырдтон. Мæ мыггаг ын куы загътон, уæд, йæ хъæлæс фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй загъта:

— Арфæ дын кæнын, фысджыты Цæдисмæ дæ кæй райстой, уый тыххæй!

Куыд ацыд æмбырд, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд, йæ циндзинад куыд тынгдæр равдиса, ууыл архайгæйæ, йæ дзыхы дзырд нал бадт, æрмæст ма дзырдта:

— Цытæ дзурыс, цытæ дзурыс! — стæй иуцасдæр ницуал сдзурыны фæстæ йæ ныхас дарддæр кодта: — Чидæриддæр радзырдта, уыдон дæ тынг æппæлыдысты. Цыппар æмæ ссæдз уыдысты æмæ дыл иууылдæр æмзæрдæйæ схъæлæс кодтой! Ноджыдæр ма дын иу хатт арфæ кæнын!..

Ладонщиков кæм и, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын афтæ зæгъы, дыууæ сахаты фæстæ, дам, æрбацæудзæн. Мах уыцы рæстæгæй фæпайда кодтам æмæ уазæгуатмæ ацыдыстæм. Нæ хъуыддæгтæй нæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд фысджыты Цæдисмæ рабалц кодтам. Фæндагыл цалдæр дуканимæ бауадыстæм æмæ нæ хæрзгæнджытæн цыдæр зæрдылдарæн лæвæрттæ алхæдтам. Георгийæн æртæ авджы коньяк райстон, йе ’мбæлттимæ, зæгъын, мæ цæрæнбон æмæ мæ фысджыты Цæдисмæ кæй райстой, уый тыххæй фæйнæ баназдзысты, зæгъгæ, стæй ма сæм Фатимæ цыдæр чысыл лæвæрттæ дæр афтыдта. Аннæ дæр æнæрхъуыдыйæ нæ баззад. Уынджы телефонæй ма Ладонщиковмæ иу хатт бадзырдтон æмæ йæ куысты разынди. Бирæ арфæтæ мын куы фæкодта, уæд ын загътон, кæд нæм банхъæлмæ кæсдзынæ, уæд дæм фæцæуæм, зæгъгæ.

Куыд мыл бацин кодта, уый мæ фидарæй баууæндын кодта, мæ циндзинад ын мæнæй къаддæр æхсызгон кæй нæ уыди. О, фæлæ цы зæрдæлхæнæнтимæ бацыдтæн, уыдон раттыныл цалдæр фæлтæрæны акодтон, фæлæ мын дзы ницы рауад. Мæ хызынмæ нывналыныл-иу куы афæлвæрдтон, уæд-иу мын мæ фысым бамбарын кодта, уый чи нæ фидауы, ахæм хъуыддаг у, зæгъгæ. Гæнæн нæ уыд æмæ, цæимæ бацыдтæн, уыимæ фæстæмæ раздæхтæн.

Ахæм тынг фырнымд адæймаг разынд Георгий Афанасы фырт Ладонщиков.

Сылгоймæгтæ æнцондæрæй бамбæрстой кæрæдзийы. Фатимæ мын хабæрттæ куы радзырдта, уæд мын чысыл фенцондæр.

Ныр та, стыр ныхас кæнын кæй нæ фидауы, уый тыххæй цы зæгъынмæ хъавыдтæн, уыцы хъуыды кæронмæ фæуон. Ладонщиков куыд загъта, афтæ бакодта. Æз нæхимæ мæ гæххæттытæ куы райстон, уæд фысджыты Цæдисмæ цыдысты æртæйæ æмæ се ’ппæты хъуыддаг дæр ацыди, стыр ныхас чи загъта, уый дæр семæ, афтæмæй. Гъе, æмæ мын Ладонщиков дæр, уыдоны разæй дæ фæкæндзынæн, зæгъгæ, зæрдæ бавæрдта æмæ йæ ныхас сæххæст кодта.

Нæхимæ куы ссыдтæн, ууыл иуцасдæр рæстæг куы рацыд, уæд фысджыты Цæдисмæ бацæуынмæ йæ гæххæттытæ бацæттæ кодта зындгонд драматург æмæ режиссер Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон премийы лауреат Хуыгаты Геор. Иумæйаг æмбырды йын, æз æмæ Камалæн цы ми бакодтой, ахæм ми бакодтой. Цы хъæлæстæ райста, уыдон фаг нæ разындысты, цæмæй йæ фысджыты Цæдисмæ райстаиккой, уымæн. Куыннæ уыдаид зын, йæ ном æппæт Советон Цæдисы дæр кæмæн айхъуыст, нæ егъау бæстæйы дæсгай театртæ сæ сценæты спектакльтæ кæй пьесæтæм гæсгæ æвæрдтой, уыцы фыссæгæн! Зын уыди мæнæн дæр, бирæ пьесæтæ кæй курдиатмæ гæсгæ ратæлмац кодтон, мæ уыцы рагон хæлары ахæм уавæры уынын æмæ йын загътон:

— Бавдæл, æмæ дæ гæххæттытæ Мæскуымæ арвит. Мæн уырны, уым дæ кæй райсдзысты, уый. Кæд дæ фæнды, уæд дын иу рекомендаци æз ныффысдзынæн.

Куыддæриддæр ын загътон, афтæ бакодта æмæ нæ фæрæдыди. Йе ’ртæ рекомендацийæ иу æз кæй ныффыстон, йæ хъуыддаг уый тыххæй фæрæстмæ ис, зæгъгæ, нæ зæгъын, фæлæ мæ къух хорз кæй у, ууыл ма иу хатт кæй баууæндыдтæн, уый мын æхсызгон уыд. Æмæ ма ноджыдæр иу хъуыддаг: афтæ мæм кæсы, цыма мæ размæ бынæттон организацийы сæрты фысджыты Цæдисмæ никуы никæй райстой.

XVIII

Адæймаг куы фæрæдийа æмæ аккаг æфхæрд куы баййафа, уæд уый иу хъуыддаг у, фæлæ куы нæ фæрæдийа æмæ йæ, куыд не ’мбæлы, ахæм «аххосы» азар куы басудза, уæд уый та æндæр хъуыддаг у. Ахæм «æндæр хъуыддаг» мæныл дæр æрцыди.

Цæвиттон, уæд телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты куыстон. Сæрдары хæдивæгæй. Разамынд лæвæрдтон радиойы куыстæн. Иу радиобакаст фонотекæйы фæлæууыд къорд азы. «Æгас цу, Ног аз!», зæгъгæ, афтæ хуынди. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу эфиры райхъуыст. Уый размæ азты йæ кæцыдæр Ног азмæ бацæттæчынд. Бирæ дзы уыд музыкæ, зарджытæ, Ног азмæ чи хуыздæр лæвæрттимæ æрцыд, уыдонæн арфæйы ныхæстимæ. Иу ран дзы райхъуыст партийы Цæгат Ирыстоны обкомы раздæры фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билары хъæлæс дæр. Уый дын уæлдæр хицауадмæ бахæццæ, цы! — бæстæ сæ сæрыл систой, уый нæ ныры фыццаг секретарь Владимир Одинцовы ныхмæ арæзт у, зæгъгæ. Ноджы, дам æй кæд ралæвæрдтой? Дзуаппон-æвзарæн конференцийы хæдразмæ, цæмæй Одинцовы цæсты бафтауой, фыццаг секретарæй йæ мауал равзарой... Æмæ цы нæ дзырдтой?! Цытуарзаг зæвæтысдæрджытæ сæ удæй арт цагътой. Аххосджынты куыд карздæр бафхæрой, ууыл дзы чи зæрдиагдæрæй архайдта, уый зын равзарæн уыди. Аххосджын та æппæты фыццаг уыдтæн æз, уымæн æмæ куыст хæддзуйæ ауагътон, — афтæ дзырдта бюройы обкомы æмбырды секретарь Антонинæ Мельникова, æмæ мыл цы нæ мысыдысты!

Мæ хъуыддаг сæ хæрзтæй кæй нæ уыдзæн, уый ма мын цы бамбарын хъуыд. Мæ куыстæй сисыныл мæ нæ бацауæрддзысты, партийæ мæ аппардзысты, иу дзырдæй, зæххæй сисынмæ нал бæздзынæн. Уыцы хъуыды кодтон, æмæ, мæ фарс чи рахæца, дунейыл иу ахæм адæймаг ссарын мæ бон нæ уыд. Æппынфæстаг мæ зæрдыл æрлæууыд хъалмыхъхъаг фыссæг Алексей Балакаев. Уыимæ цалдæр азы размæ Хъырымы фысджыты сфæлдыстадон хæдзар «Коктебель»-ы базонгæ дæн.

Цæвиттон, уыдоны æрцæуыны размæ — Алексей Хъырыммæ æрцыди йæ бинойнаг Цаганимæ — æз цардтæн, дыууæ уаты кæм уыд, ахæм иумæйаг фатеры хуызæн номыры. Цалдæр боны дзы иунæгæй фæдæн æмæ цинæй мардтæн, иу хъыгдарæг дæр мæ кæй нæ уыди, уый тыххæй. Балакаевтæ куы ’рцыдысты, уæд мæхинымæр бакатай кодтон, кусыны фадат мын нал уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыдтæн.

Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй мæ ног сыхæгтæ Хуыцауы сконд адæм разындысты. Уыдон мæн нæ хъыгдардтой, æз — уыдоны. Тæрсгæ та уыдон мæнæй къаддæр нæ, фæлæ тынгдæр кодтой. Исты хъæргæнаг æмæ, дам, нозтæмхиц куы разынай, уымæй не уæнджы мигъ бадти.

Алексеимæ хæстæгдæр куы базонгæ дæн — ахæм фадæттæ та мын къорд хатты фæцис: сфæлдыстадон хæдзæртты ма фембæлдтытæ кодтам — уæд базыдтон, царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл кæй фæцыди, фæлæ бирæ хъизæмæрттæн фæтасын кæй нæ бакуымдта. Цæмæй уæм мæ ныхæсты рæстдзинад тынгдæр бахъара, уый тыххæй уын, цы писмотæ мæм æрвыста, уыдонæй иуæй чысыл скъуыддзаг æрхæсдзынæн: «Ныртæккæ дæн Переделкинойы. Мæ фæллад уадздзынæн æмæ кусдзынæн — ивгъуыд аз мын тынг зын аз уыд, бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстон. Кугультинов æмæ мыл йе ’мхъузæттæ сфарс сты. Хъавыдысты мæ партийæ аппарынмæ (растдæр зæгъгæйæ — аппæрстой мæ), фæлæ СЦКП-йы горком æмæ обком мæ фарс рахæцыдысты. Æнæраст æмæ æнæхатыр хъуыддаг æруадзын нæ бауагътой. Давиды зæрды мæ уыд, куыд мæм æртхъирæн кодта, афтæ авд азы ахæстоны сбадын кæнын, фæлæ йын уымæй дæр ницы рауад.

Партийы обком, иуæй, мæ фарс рахæцыд, иннæмæй та, йæ бюройы ацы аз 27 январы дыккаг хатт уынаффæ рахаста мæ райгуырды 60 азы бонмæ мæ уацмысты æмбырдгонды æртæтомон нæ мадæлон æвзагыл (76 мыхуырон сыфы) мыхуыры рауадзыны тыххæй. Ахæм хабæрттæ, æфсымæр».

Алексей йæ адæмимæ хаст уыди Сыбырмæ. Хæрз æрыгонæй куыста алы рæтты. Уыди моторист, хынцæг, хуызисæг, æфсæнвæндаджы хуымæтæджы кусæг, станцæйы клубы нывгæнæг. Цыппæрдæс азы йеддæмæ йыл нæ цыд, йæ райгуырæн Хъалмыхъхъы зæххæй йæ куы сыстын кодтой æмæ йæ рагон сыбираг хъæу Чернореченскоемæ куы ахастой, уæд. Хъысмæты æгъатыр фæндæгтыл фæцæуыны фæстæ сыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Æрлæууыд сфæлдыстадон фæндагыл æмæ уæхскуæзæй куыста, фæллад цы у, уый нæ зыдта. Æз мæхи цæстытæй федтон — мæ царды мидæг фыццаг хатт — фысгæйæ рахиз къухы кæстæр æнгуылдз стъолыл хафгæйæ куыд скъуызыр, уый. Ахæм фæд ныууагъта Алексейы æнгуылдзыл фыссыны куыст. Балакаев ныффыста дæсгай повесттæ æмæ романтæ, æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты бирæ чингуытæ, драмон уацмыстæ. Хъалмыхъхъаг литературæйы рæзты йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Хъалмыхъхъы адæмон фыссæджы æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном, сси Хъалмыхъхъы республикæйы О.И. Городовиковы номыл паддзахадон премийы лауреат. Бирæ хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ уыйбæрц сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уымæ та ногæй фыдгултæ сæ гæрзтæ рабастой æмæ йæ цæрын æмæ кусын нал уагътой. Уый мын мæ уавæр кæй бамбардзæн æмæ, йæ бон куы уа, уæд мын кæй баххуыс кæндзæн, ууыл мæ зæрдæ дардтон æмæ сфæнд кодтон мæ хабæрттæ йын радзурын. Ноджы ма мæ зæрдæ цæуыл дардтон: Одинцов Хъалмыхъхъы республикæйы дæр куыста æмæ кæрæдзийы ма зыдтаиккой, уымæн уæвæн нæ уыд. Мæ хабæрттæ мын мæ писмойæ куы базыдта, уæд мын мæ уавæр æгæр дæр ма бамбæрста. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Йæ мад кæмæн амард, дæ мады мард уымæн радзур». Йæхæдæг фаг хъыцъыдæттæ чи банызта, цæрæнбонты йæ фæндаг цæлхдуртæй йе дзаг кæмæн уыд æмæ сæ иуварс æппарынæй чи никуы фæтарст, уый мæ куыннæ хъуамæ бамбæрстаид æмæ мæм йе уæхск куыннæ фæбыцæу кодтаид! Куыннæ мæм æрбадардтаид йæ къух æмæ мын куыннæ баххуыс кодтаид, йæ бон цæмæй уыд, уымæй!

Уыцы бонты мæ удæй цас ахауд, уый мæхицæй хуыздæр ничи зоны. Уæд партийы обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй куыста, бирæ азты нæ кусæн уæттæ фæрсæй-фæрстæм кæимæ уыдысты, иу хъуыддаг кæимæ кодтам, ахæм адæймаг. Фæлæ, иуæй, уæлдæр бынатмæ схызти, иннæмæй та, мæ хъуыддаг æвзарын уымæ хауди æмæ-иу мыл проспекты куы амбæлд — йæ сихоры улæфты рæстæг-иу мæн хуызæн уый дæр фылдæр уым æрвыста — уæд-иу мæм дардæй йæ армытъæпæн дыууæрдæм батылдта, дæ фарстамæ дын кæд кæсдзыстæм, уый бæрæг нæма у, зæгъгæ. Ныр-иу æй æз та фæрсынмæ дæр ницæмæй хъавыдтæн, уымæн æмæ зыдтон, хæрзаудæн мыл кæй нæ бакæндзæн. Нæ мæ уырныдта, мæ ныхмæ æргом рацæудзæн, уый дæр, фæлæ бæлвырдæй зыдтон, хицауад цы зæгъа, ууыл дыууæ кæй никуы зæгъдзæн æмæ мæ сæрсæфæн былæй куы ’ппæрстæуа, уæддæр мæ фарс иу сым скæнын дæр кæй нæ бауæнддзæн. Æмæ æз дæр йемæ фембæлынæй мæхи хизын райдыдтон. Дардмæ-иу æй куы ауыдтон, уæд-иу кæнæ æндæруылты азылдтæн, кæнæ та-иу, цыма йæ нæ уынын, афтæ йæ рæзты сивгъуыдтон, Æмæ, мæнмæ гæсгæ, мæхи дарын куыд райдыдтон, уый йæ зæрдæмæ фæцыди. Иу францаг эпиграммæйы куыд ис: лæг йæ усы ингæны цурмæ ’рбацыд æмæ афтæ зæгъы: «Дæу зæххы бын хъыгдарæг нæй, мæн та — уæлзæхх». Уыйау уый мæнæй фервæзт, æз — уымæй.

Кæй кой кæнын, уый æгас нал у, цы мæрдты ис, уыцы мæрдты хорзæх æй уæд, фæлæ партийы обкомы чи куыста æмæ мæн æгъатырæй чи акъабæзтæ кодтаид, стæй мыл фæстæдæр ауæрдгæ дæр чи нæ бакодта, уыдонæй ныртæккæ чи хицауадмæ æввахсдæр лæгтæй иу у, чи профессоры ном хæссы, чи та дзыппыдзаг пенси исы. Диссаг цы уыд: мæн топпы дзыхмæ кæй тыххæй æрдардтой — цæмæн, дам, райхъуыст, йæ куыстæй стыр аиппытæ æруадзыны тыххæй ист чи ’рцыд, партийы обкомы уыцы фыццаг секретары хъæлæс эфиры? — уыцы лæгæн мæ зылынгæнджытæ йæ иу зул фæкастæй дæр зæрдæхъæрмттæ кодтой, йæ дзыхæй-иу дзырд нæма схауд, афтæмæй-иу æй æххæст кæнынмæ фæцæйтахтысты. Фæлæ рæстæджытæ куы аивтой... Уæвгæ рæстæджытæ нæ ивынц, уыдон цæугæ кæнынц, кæд исчи ивы, уæд — адæм, уæлдайдæр, кæй кой кæнын, ахæм адæм, йæ намыс уæрмы æвæрд кæмæн у, йæ кад фыццаг уæладзыгмæ дæр чи нæ уадзы, йæ къæлæтджын æппæты бæрзонддæр цъуппыл чи сæвæрдта, йе стырдæр бæллиц та хицауæн лæггад кæнын — уыцы бынаты чифæнды ма бадæд — чи хоны, ахæм адæм. Биларæн йæ аууонæй дæр æмризæджы чи рызти, сахат — дыууæ сахаты-иу цы доклад ахаста, уымæ хъусынæй чи не ’фсæсти, уыдон ын ныр, йæ цалдæр дзырды фехъусгæйæ, къæйыл кафæгау кодтой. Кæд сæ сæ иу дæр нæ фехъуыста, уæддæр сæ чидæртæ кæй фехъуыста, уыцы хъуыддагæн ныббарын сæ бон нæ баци. Дзæвгар рæстæг пропагандæ æмæ агитацийы хайады кусджытæ, сæ сæргъы обкомы секретарь, афтæмæй æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, иртæстой «фыдраконддзинады» бæлвырддзинæдтæ.

Гъе æмæ Балакаевмæ дæр уыцы тыхст рæстæг фæдзырдтон æххуысмæ, æмæ йæм мæ хъæр фехъуыст. Кæд не ’хсæн хæхтæ æмæ быдыртæ уыди, уæддæр мæ мидхъынцъым зæрдæйæ банкъардта æмæ йæ бирæ хъуыддæгтæ ныууагъта. Хъалмыхъхъæй Ирыстоны æхсæн кæд дзæвгар дæрддзæг ис, уæддæр æй ницæмæ ’рдардта, хæдтæхæджы абадт æмæ мæ уæлхъус æрбалæууыд. Цас ныфс мæ бауагъта, уый ныхæстæй зын зæгъæн у. Ахæм заман мæ фарсмæ кæй æрбалæууыд, æрмæст уый дæр бирæйы аргъ уыд. Нæхиуæттæ мæ уæхсты фындзыл кæнынæввонг куы уыдысты, уæд Алексей дзæбугæй хъæсдарæджы æхсæн лæууынæй нæ фæтарст. Цалдæрæрдыгæй мæм сæ къæхтæ куы фæцарæзтой æмæ ме ’мбæрцæгæй размæ куы фæцæйхаудтæн, уæд мæм йæ къух æрбадардта æмæ мæ къæхтыл лæугæйæ баззадтæн. Æрмæст мæ тæхынæй нæ банцадтæн. Хауынæй нал тарстæн, уымæн æмæ, куыд фæзæгъынц, æвдæм — æви кæцыйæ фæзæгъынц, Хуыцау йæ зонæг — æнкъарæны фæрцы бамбæрстон, куы ахауон, уæд мæхи афтæ тынг кæй нал ныццæвдзынæн, куы ныццæвон, уæд та мын афтæ тынг кæй нал фæрисдзæн.

Кæрæдзиуыл куыннæ бацин кодтаиккам! О, хæдæгай, куыд мæ фæцæйрох кодта. Алексейы сфæлдыстадимæ базонгæ ирон чиныгкæсæг дæр. Йæ повесть «Æртæ хуызисты» йын нæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта Уырымты Ирæ æмæ мыхуыры рацыд чиныгуадзæн «Ир»-ы. Уый фехъусын дæр ын, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон уыди, фæлæ йын ууыл бацин кæныны фадат дæр нæ фæци. Мæ хабæртты бæлвырддзинæдтæй мæ фарста æмæ фарста. Хъуамæ дыккаг бон фембæлдаид Одинцовимæ æмæ йæ алцæмæ дæр цæттæ уæвын хъуыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.