Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 29 страница



Куы зæгъын, Шолоховы хуызæн фысджытæ, чи зоны, алы æнус нæ гуырынц. Уый бæрæг уыд, Нобелы преми йын кæй раттой, уымæй дæр. Ахæм кады аккагыл ма уыцы премийы комитеты уæнгтæ банымадтой ноджыдæр цалдæр уырыссаг фыссæджы, фæлæ уыдонæй алчи дæр Советон хицаудзинадыл Шолоховы хуызæн иузæрдион куы уыдаид, уæд Нобелы преми йæ цæсты кæронæй дæр нæ федтаид, уæлдайдæр Александр Солженицын, Иосиф Бродский æмæ Борис Пастернак. Уыдонæй иуы дæр Иван Бунинимæ абарæн нæй, уымæн æмæ уый уыди, нудæсæм æнусы чи цард, уыцы генион уырыссаг фысджыты традицитæ намысджындæр хæццæгæнджытæй иу. Фæлæ уый дæр Нобелы премийы ад нæ бамбæрстаид, коммунизмы ныхмæ куы нæ тох кодтаид, уæд. Уæвгæ, дардæй таурæгътæ цы хæссын, мах рæстæгмæ бынтон æввахс чи у, ахæм нæ цæстыты раз куы ис, уæд!

Цымæ цавæр сабырдзинад æрхаста, цы бæстæйы райгуырд — чысыл ма бахъæуа, йæ «райгуырæн бæстæйæн», зæгъгæ ма ныффыссон: иудæйæн та цæй райгуырæн бæстæ ис! — уымæн дæр æмæ æгас дунейæн дæр, Коммунистон партийы сæргъы чи лæууыд æмæ йæ царды стырдæр нысан коммунизм фесафын кæмæн уыд, уыцы цæстфæлдахæг? Йæ мыггаг ын куы нæ зæгъон, уæддæр мæ алчидæр кæй бамбардзæн, уый зонын, фæлæ йæ уæддæр зæгъын — Михаил Горбачев. Цымæ уымæн сабырдзинады тыххæй Нобелы преми чи ратта, уыдонæй фæсмон никуы никæмæ ’рцыд? Дæсгай азты йæ кад уæлæмæ-уæлæмæ кæмæн цыд, уыцы премийы цæсты нæ бафтыдтой?

Кæннод Александр Солженицын! Йе ’ппæт сфæлдыстады Михаил Шолоховы радзырд «Судьба человека»-йы («Адæймаджы хъысмæт»-ы) сæйраг хъæбатыр Андрей Соколовы фарсмæ кæй æрæвæрай, иунæг ахæм фæлгонц ис? Йæ дæсгай томтæ йын фондзыссæдз хатты куы бакæсай, уæддæр дзы, дæ зæрдыл кæй бадарай, иу ахæм сурæт не ссардзынæ. Ноджы ма Шолоховыл цы цъыфкалæнтæ фæкодта, уый та? Куыд ис ныббарæн ахæм дыдзæсгомæн? Уый йын мæ хъуыдымæ гæсгæ нæй ныббарæн, фæлæ уырыссаджы загъдау, кæй уасæнæй æхситт кодта, уыдон ын нæ ныббарстаиккой, йæ бæстæйы ныхмæ куы нæ сыстадаид æмæ йын йæ хуыздæр фыссæджы цæсты бафтауыныл афтæ хъазуатонæй куы нæ тох кодтаид, уæд. Нобелы преми, чи æмæ кæм дæттынц, уый зонгæ дæр нæ бакодтаид.

Цæй, алкæмæн дæр Уæллаг тæрхонгæнæг уæд, фæлæ ма мæм Шолоховы тыххæй цыдæр зæгъинæгтæ ис, æмæ сæ сымах дæр куы базониккат, уый мæ фæнды...

Мæ хо Райæ фæсаууонмæ Мæскуыйы финансон-экономикон институты ахуыр кодта. Паддзахадон фæлварæнтæ лæвæрдта Ростовы æмæ æнæнхъæлæджы фембæлд Шолоховимæ. Райæ мын æй афтæ радзырдта:

— Уазæгуаты цардтæн дыккаг уæладзыджы. Иу бон нын нæ уæладзыджы администратор афтæ зæгъы, уæ хæдфарсмæ номыры, дам, Шолохов æрцард. Йæ фенын мæ тынг фæндыд, фæлæ кæд æрбацæудзæн, уый чи зыдта! Тыргътæй-иу мæм исты уынæр куы ’рбайхъуыст, уæд-иу бæргæ ракастæн, фæлæ дзы Шолоховы хуызæныл мæ цæст никуы ’рхæцыд. Иуахæмы бынтон æрæджиау, æвæццæгæн, æмбисæхсæвæй дæр фæфалдæр, афтæ дыууæ нæлгоймаджы хъæрæй ныхас мæ хъусыл ауад. Æнæуынæрæй дуар байгом кодтон æмæ зыхъхъырæй ракастæн. Шолоховы мын цы базонын хъуыд, чингуыты йын йæ къам иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, куы нæ федтон. Фыссæг асинты хæцæныл æрæнцой кодта æмæ бынмæ кæимæдæр дзырдта. Йе ’мныхасгæнæджы уынгæ нæ кодтон, фæлæ йын йæ хъæлæс хъуыстон: «Мишæ, мауал лæуу, ацу!» Фæлæ Шолоховы фæхицæн уæвын нæ фæндыд. Иуцасдæр ма аныхæстæ кодтой, стæй кæрæдзийæн хæрзæхсæв загътой.

Шолоховы кой ма мын æрæджы ракодта партийы Цæгат Ирыстоны обкомы раздæры секретартæй иу. Уый та йыл Мæскуыйы фембæлд. Дыууæйæ дæр рынчындоны хуыссыдысты. Уый, дам, мæнæй раздæр бахауд Кремлы рынчындонмæ. Нæ палатæтæ кæрæдзимæ хæстæг уыдысты æмæ, дам æй куы базыдтон, уæд сфæнд кодтон йæ бабæрæг кæнын. Мæ астæуккагазиаг хæлæрттæй мын чидæр дæргъæццон бур-бурид неси æрбахаста. Ныр æдде — зымæг. Мæхинымæр ахъуыды кодтон, Шолоховæй адджындæрæй йæ кæимæ «акусарт» кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ йæ, неси дæр мемæ ахастон, афтæмæй хуынимæ бабæрæг кодтон. Кæрæдзиуыл куыннæ бацин кодтаиккам! Уымæй размæ, Иссæимæ дæр, иунæгæй дæр, къорд хатты фембæлдыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, Иссæйы кой дæр нæм рауад. Шолохов мын ахæм хабар радзырдта. Плийы-фыртимæ, дам, кæцыфæнды афон дæр фæныхас кæнын. Иуахæмы, дам æм фæсæмбисæхсæв бадзырдтон æмæ йын афтæ зæгъын, искуы ма Ирыстонмæ цуаны ацæуæм, кæнæ та дæхæдæг мемæ цом æмæ ам нæхимæ, Доны, мæ хæлæрттимæ кæсаг æрцахсæм. Иссæ мæм фæхъуыста, стæй мын афтæ зæгъы: «Михаил, æз дæуимæ кæдæмфæнды цæуыныл дæр разы дæн, æрмæст фæсæмбисæхсæв дыууæ сахатыл нæ». Иссæйы Ирыстонмæ цæуынмæ нæ равдæлд, фæлæ йæ æз Донмæ кæсаг ахсынмæ ахуыдтон. Мæ хæлар-кæсагахсджыты куы бафарстон, кæй уæм æрбахуыдтон, уый зонут, зæгъгæ, уæд æй ничи базыдта, фæлæ йын йæ мыггаг куы фехъуыстой, уæд иууылдæр сæ бынæттæй фестадысты æмæ йыл цинтæ кæнынмæ фесты. Фæсаууонмæ йæ иууылдæр зыдтой...

Æнæнхъæлæджы кæимæ базонгæ дæн, уыдонæй иу уыд Григорий Коновалов, зындгонд роман «Истоки»-йы автор. Æнæнхъæлæджы уымæн зæгъын, æмæ мæ газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй куы нæ сæвæрдтаиккой æмæ мæ уый тыххæй Мæскуымæ цæуын куы нæ бахъуыдаид, уæд нæ фембæлдаиккам. Йемæ фембæлынмæ та уый тыххæй бæллыдтæн, æмæ, уæлдæр цы романы кой скодтон, уый, раздæр, йæхæдæг Саратовы кæм куыста, уыцы журнал «Волгæ»-йы ныммыхуыр кодта æмæ уыцы ран афтæ фыста: «Мæнæ ныртæккæ, фæсæмбисæхсæв, Сталин йæ бæстæйы минæварады, Черчиллимæ æмкъул уаты уæвгæйæ, уæлдай тынгдæр æнкъардта, Черчиллимæ сæ ивгъуыд цас æнæбафидаугæ уыди æмæ сæ фидæн та ноджы фыдæхдæр кæй уыдзæн, уый. Æмæ Черчиллы цард йæхи цардимæ баргæйæ, йæхинымæр дарддæр быцæу кодта Черчиллимæ.

Герцогты рагон мыггаг Мальборойы байзæддаг Рандольфæй америкаг газет „Нью-Йорк Таймс“-ы хъæздыг хицауы чызг ныййардта лæппу — Уинстон Леонард Спенсеры. Иосифы мад та уыдис гуырдзиаг хъазайраг зæхкусæг Георгийы чызг Екатеринæ, йæ фыд та цырыхъхуыйæг ирон лæг — Дзугаты Иваны фырт Виссарион».

Роман хицæн чиныгæй куы рацыд, уæд дзы уыцы бынат нал уыд. Цæуылнæ, уый базонын мæ фæндыд, æмæ мын уыцы фадат фæцис.

Цæмæй редакторы бынаты кусын райдыдтаин, уый тыххæй мæ хъуамæ сфидар кодтаиккой Мæскуыйы, фæскомцæдисы Центрон Комитеты. Уым уыцы рæстæг инструкторæй куыста æвæджиауы сыгъдæгзæрдæ лæппу æмæ курдиатджын поэт Василий Шабанов. Стыр хъыгагæн, фæстæдæр трагикон æгъдауæй фæмард, Киргизийы, командировкæйы уыди, афтæмæй. Цавæрдæр салдат, йæ сæрызонд кæмæн фæцудыдта, ахæм, æдхæцæнгæрзтæ æфсæддон хайæ ралыгъд æмæ тыгъд быдыры, Василий цалдæр лæппуимæ цы машинæйы фæцæйцыд, уый æрурæдта æмæ се ’ппæтыл дæр автомат ауагъта...

Уыцы Шабанов дæр саратоваг уыд. Коноваловимæ иумæ куыстой, æмæ мын уый зæрдæ бавæрдта, æз, дам, дæ йемæ базонгæ кæндзынæн. Уыцы рæстæг Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдис æмæ фæскомцæдисы Центрон Комитет сарæзтой иумæйаг æмбырд æмæ дзы æвзæрстой æрыгæтты сфæлдыстад. Æмбырдмæ хуынд уыдтæн æз дæр, фæлæ мын æй Ирыстоны кæнæ хъæр не скодтой, кæнæ та хабар афоныл не схæццæ. Цыдæриддæр уыди, уæддæр æз æмбырдмæ бахаудтæн. Уыдис дзы дыууæ докладгæнæджы. Æрыгæтты поэзи æвзæрста Давид Кугультинов, прозæ та — Григорий Коновалов. Дыууæ докладмæ дæр байхъуыстон. Давид кæмæй æппæлыд, уыдоны номхыгъдмæ æз дæр бахаудтæн. Æхсызгон мын уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, утæппæт адæмы æхсæн мæ мыггаг фехъусын, фæлæ мæ Коноваловимæ фембæлыны хъуыды иу уысм дæр рох нæ уыд æмæ, Шабановæй куыннæ фæхицæн уон, ууыл архайдтон. Адæм сæ зымæгон дарæс кæм раластой, уым рады лæуджытæй базмæлæн нал уыд. Уалынмæ асинтыл Коновалов дæр æрцæйхызт. Василий йæ куы ауыдта, уæд мын мæ къухыл фæхæцыд æмæ мæ йæ размæ бахуыдта. Базонгæ мæ кодта. Цæгат Ирыстоны фæсивæды газеты редактор мæ рахуыдта, афтæмæй уыцы бынаты иу бон дæр нæма бакуыстон, фæлæ мæ фæскомцæдисы Центрон Комитеты куы сфидар кодтой, уæд, æвæццæгæн, редакторыл нымад æрцыдтæн æмæ, Шабанов дæр уымæн афтæ загъта. Бæстон ныхасæн фадат нæ уыд æмæ йæ комкоммæ бафарстон, журналы Черчилль æмæ Сталины тыххæй цы фыст уыд, уый чиныгмæ цæуылнæуал бахастай, зæгъгæ. Григорий йе здыхт рихи адаудта, стæй йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй уæлдæф срæхойæгау кодта æмæ, йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта:

— Уый уæлдæр хицауады афтæ бафæндыд.

— Цæмæн? Исты æфсон ын ссардтой?

— Уæдæ! Дыууæ адæмы, дам, кæрæдзиуыл нæ ардаудзыстæм. Уыцы хабæрттæ æз Мæрзойты Сергейæн дзырдтон. Никуы дын ницы загъта?

— Никуы. Григорий Иваны фырт, нæ дæ ’вдæлы, уый зонын, — йæ бинойнаг, рæсугъд æрыгон бурдзалыг сылгоймаг æм чысыл дарддæр æнхъæлмæ каст, асинтыл дæр иумæ æрцæйхызтысты, — фæлæ, Сталины фыд ирон уыд, уый цæмæй базыдтай?

Коновалов та йæ мидбылты бахудт æмæ, ныр та йæ галиу къухы амонæн æнгуылдз бынмæ фæцаразгæйæ, загъта:

— Уыдон иууылдæр архивты фыст сты...

Дарддæр ма цæуыл дзырдтаиккам, ахæм хъуыддæгтæ бæргæ уыд, фæлæ йын йæ бинойнаг, стæй йæхицæй дæр æфсæрмы кодтон, æмæ ууыл нæ ныхас фæци...

Фысджыты сфæлдыстадон хæдзæрттæй хуыздæр фадæттæ кусынæн никуы уыдис. Ничи дæ зоны, никæй зоныс — уæвгæ уый дæр бынтон раст нæу: адæймагæн зонгæ кæм нæ разындзæн, ахæм нæй, стæй æнæхъæн мæй кæм фæуай, уым дæ зонгæты нымæцыл куыннæ хъуамæ бафта! — кæд дæ исчи зоны, уæддæр æмбары, ардæм цæмæ ’рцыдтæ, уый æмæ дæ нæ хъыгдары. Хицæн уаты цæрыс, радио, телефон, телевизор хъыгдарæг дæ нæй, уымæн æмæ дзы уыдон не сты. Кæд дæ уыдонæй искæцыйы æххуыс хъæуы, уæд сын ис сæрмагонд бынат æмæ, табуафси, уырдæм кæдфæнды дæр дæ бон бацæуын у.

Æмæ кæм нæ уыдис ахæм хæдзæрттæ! Уæрæсейы цалдæр раны, Прибалтикæйы, Сомихы, Абхазы, Хъырымы... Дæ бон сæм алы аз дæр цæуын уыди. Кæд дæ рæстæг æмæ гæнæнтæ амыдтой, уæд та — арæхдæр. Ныры хуызæн алцы туджы аргъ нæ уыди. Кæм дзы нæ уыдтæн, ахæм бирæ нал баззад. Раздæр арæхдæр цыдтæн Хъырым (Планерское æмæ Ялтæ) æмæ Пицундæмæ, фæстæдæр та — Мæскуыйы бынмæ, А.С. Серафимовичы номыл фысджыты сфæлдыстадон хæдзар «Малеевкæ»-мæ.

Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ та иуахæмы «Малеевкæ»-мæ абалц кодтон. Рæсугъддæр бынатæн равзаргæ нæй. Машинæты уынæр æмæ газты тæфæй — дард, йæ алыварс — нæзы хъæд. Уæлдæф — сыгъдæг, æрдзы сабырдзинад алыхуызон мæргъты зард йеддæмæ ницы халы. Кæннод дзы цæйбæрц зындгонд фысджытимæ фембæлдтæн, уый та! Мариэттæ Шагинян, Петр Проскурин, Лев Ошанин, Владимир Бушин, Булат Окуджава, Марк Лисянский, Бэлæ Ахмадулина, Василий Песков... Ды сæ зоныс, уыдон — нæ. Уым диссагæй ницы ис. Уæлдæр чи фæлæууы, уый дарддæрмæ зыны. Адæмæн се ’ппæтæн иу æмвæзадыл лæууæн нæй. Алчидæр йæхи бынаты фидауы.

Уыцы аз мæ уаты тæккæ бакомкоммæ æрцард Василий Песков, ныртæккæ дæр ма газет «Комсомольская правда»-йы уацхæссæгæй чи кусы æмæ йæ бирæ цымыдисаг æрмæджыты тыххæй Ленины преми кæмæн раттой, уыцы Василий Песков. Кæддæр Мæскуыйы мæ куысты фæдыл курсыты уыдтæн æмæ ма йыл уым дæр фембæлдтæн. Алы бæстæты уæвгæйæ цымыдисаг æрмæг куыд æмбырд кодта, уыцы фæлтæрддзинады тыххæй нын дзырдта семинарты рæстæг. Стæй канд дзургæ нæ, фæлæ нын æвдыста йæхи ист къамтæ дæр. Мах, семинары архайджытæ, бирæ уыдыстæм æмæ йемæ нæ базонгæ дæн. Нæ базонгæ стæм, мæ бакомкоммæ мæймæ ’ввахс куы фæцарди, уæд дæр, фæлæ кæрæдзийæн салам лæвæрдтам, уымæн æмæ, бон цалдæр хатты кæимæ æмбæлай, уый фæрсты æцæгæлоны хуызæн цæуын аив нæ уыд. Уыйхыгъд базонгæ дæн Башкирийы адæмон поэт Мустай Каримимæ. Цалдæр изæры, нæзы бæлæсты бын цы бирæ къахвæндæгтæ уыд, уыдоныл дзæвгар фæтезгъо кодтам. Нæ фынгтæ кæрæдзимæ хæстæг уыдысты. Мустай æмвынг уыдис Расул Гамзатовы чызджытæй иуимæ.

Каримимæ ныхасгæнгæйæ, Тауаситы Сослæнбеджы кой куыннæ ракодтаин! Башкирты национ хъæбатыр Салават Юлаевы цыртдзæвæн, зæгъын, ирон кæй скодта, уый зоныс? Диссаг æм фæкаст мæ фарст. Куыннæ, дам æй зонын. Стæй, дам æй нæ республикæйы та чи нæ зоны.

Тауаситы Сослæнбеджы æз дæр зыдтон. Бабæрæг æй кодтон Мæскуыйы Верхняя Масловкæйы уынджы йе ’рмадзы. Федтон, Салават Юлаевы фæлгонц саразыныл цæйбæрц фæлварæнтæ фæкодта, уый дæр. Уфайы Урсдоны бæрзонд былгæрон кæй сæвæрдтой, Салават Юлаевы уыцы цыртдзæвæн æнæмæнг тæккæ æххæстдæр уыдис, фæлæ йе ’рмадзы кæй федтон, уыдонæй кæцыфæнды дæр хицæн уацмысæн бæззыди.

Сослæнбег мын йæ царды хабæрттæ бæстон фæдзырдта. Цалынмæ Салаваты цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис, уæдмæ йын бирæ хъыцъыдæттæ баназын кодтой. Алы æфсæнттæй йын йæ размæ цæлхдуртæ æвæрдтой. Паддзахадон премимæ йæ кæй æвдисдзысты, уый æмбæрстой, æмæ чидæртæ архайдта уыцы кадæй йæхицæн хай ратоныныл, фæлæ Тауасийы-фырт се ’ппæты ныхмæ æрлæууын дæр бафæрæзта, цыртдзæвæны авторыл нымад æрцыд, чи йæ сарæзта, уый — Тауаситы Сослæнбег. Цытуарзаг адæмæй йæ фарсмæ æрлæууын никæй бауагъта. Стыр аргъ ын скодта паддзахад: йæ бирæ азты фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд Паддзахадон преми. Уыдæттæ хорз зыдта Мустай Карим дæр.

Дыууæ æви æртæ боны рацыдаид, афтæ, нæ фынджы уæлхъус цы уæгъд бынат уыд, уырдæм хæрæндоны кусæгимæ æрбацыд ныллæггомау бæзæрхыгтæ лæг æмæ, иууылдæр æй куыд хъусæм, афтæмæй загъта:

— Яков Козловский! — æмæ мæ фарсмæ уæгъд бандоныл æрбадти.

Мæ хъуыдытæ мæ кæрæдзийы фæдыл кæдæмыты нæ ахастой! Цал æмæ цал поэты сдзурын кодта уырыссаг æвзагыл ацы курдиатджын адæймаг! Æппæты фыццаг мæ зæрдыл æрбалæууыд Расул Гамзатов. Йæ бирæ тæлмацгæнджыты æхсæн Яков Козловский æмæ Наум Гребнев бæрæг дарынц. Арæхдæр æй кæй тæлмац кодтой, канд уый тыххæй нæ сæйрагдæр, хуыздæр æй кæй тæлмац кодтой, уый тыххæй. Ирон поэзийæн дæр чысыл хæрзты нæ бацыдысты, уæлдайдæр Яков Абрамы фырт. Уырысссаг æвзагмæ раивта ирон адæмон сфæлдыстады уацмыстæ, Джусойты Нафийы æмдзæвгæтæ... Цыбыр дзырдæй, мах цы фынджы уæлхъус бадтыстæм, уый уыди цыппæркъахыг, растдæр зæгъгæйæ та, цалынмæ Козловский нæ фæзынд, уæдмæ лæууыди æртæ къахыл, фæлæ ныл Яков куы бафтыд, уæд йе ’ппæт къæхтыл дæр æнцой кæнын райдыдта.

Мах дæр ын нæхи бацамыдтам æмæ иу цæхх, иу кæрдзын хæрын райдыдтам.

Ахæм адæмтæ ис, æмæ семæ цасфæнды рæстæг зонгæ куы уай, уæддæр кæрæдзийы иугæнæг ныхасмæ никуы рахизынц, æмхуызон хъуыдытæ сæм никуы равзæры, иу æвзагыл никуы сдзурынц. Ис æндæрхуызон адæмтæ дæр: сæ ныхæстæ кæрæдзиуыл фæбадынц, иу цы зæгъынмæ фæхъавы, уый иннæ æнæ бирæ дзургæйæ дæр бамбары æмæ се ’хсæн равзæры хæлар ахастдзинæдтæ. Афтæ рауад мæ хъуыддаг Яков Козловскийимæ. Цыбыр рæстæгмæ иу æвзагæй дзурын райдыдтам, уымæн æмæ нæ иумæйаг зонгæтæн æмхуызон аргъ кодтам, царды вазыгджындæр цаутæм иухуызон цæстæй кастыстæм, дунейы цытæ цæуы, уый иу тæразæй барстам.

Уæгъд рæстæг нын-иу куы фæци, уæд-иу сыгъдæг уæлдæфмæ нæхи айстам, æмæ-иу нын алы хатт дæр уыди, цæуыл дзурæм, уый. Нæ дыууæйæн дæр маст уыд, адæмтæ æддæг-мидæг кæй ауадысты æмæ кæрæдзийы кæй нал æмбарынц, уый. Зын нын уыди Советон Цæдисы фехæлд. Уый мæ дыгайрæнхъон æмдзæвгæтæй иуы афтæ равдыстон:

 

Арфæтæ систой — уымæн у дуне æвдисæн —

Иугонд Штаттæ дихтæ Советон Цæдисæн.

 

Фæстæдæр уыцы æмдзæвгæйы дæлрæнхъон тæлмац æндæр уацмыстимæ Яковмæ арвыстон æмæ йæ уырыссаг æвзагмæ раивта. Мæ хъуыдытæ — стæй, æвæццæгæн, æмдзæвгæ дæр — йæ зæрдæмæ кæй фæцыдысты, уый бæрæг уыд, йæ тæлмацгонд æмдзæвгæты номхыгъдмæ кæй бахауд, уымæй дæр. Уый ма ноджыдæр иу хатт рабæрæг, фæстæдæр Мæскуыйы литераторты центрон Хæдзары нын Уæрæсейы Федерацийы фысджытимæ фембæлд куы уыди, уæд дæр. Уырдæм æрбацыди Цæгат Ирыстоны президент Галазты Æхсар. Хуынд уазджытимæ уыдысты Сергей Михалков, Валентин Сорокин, Яков Козловский... Иууылдæр зæрдиагæй дзырдтой Ирыстон æмæ йæ адæмы тыххæй.

Фысджыты хæлардзинадæн цы ахадындзинад ис, уымæй райдыдта йæ ныхас Яков Козловский æмæ йæ фæци æмдзæвгæтæй. Кæронбæттæны бакаст, уæлдæр цы дыууæрæнхъон æмдзæвгæ ’рхастон, уый уырыссаг æвзагмæ йæхи тæлмацæй, æрмæст мæ хъуыдытæ дыууæ рæнхъы бæсты загъта цыппар рæнхъæй:

 

Слышу с тоскою, рожденный на Тереке,

Как превозносят, не дунувши в ус,

Соединенные Штаты Америки

Разъединенный Советский Союз.

 

Куы зæгъын, Козловскийимæ тынг бахæлар стæм. Цыма рагæй зонгæ уыдыстæм, уыйау æм цавæрфæнды фарст раттын дæр мæ бон уыд. Арæх-иу нæм рауад Расул Гамзатовы кой. Æз æй, кæй зæгъын æй хъæуы, Козловскийы хуызæн хорз нæ зыдтон, фæлæ цалдæр хатты йемæ фембæлдтæн, уыдтæн Махачкалайы йæ хæдзары дæр...

Мин фарастсæдæ æхсай цыппæрæм азы Михаил Юрийы фырт Лермонтовы райгуырдыл сæххæст æнус æмæ æрдæг. Уыцы кадджын бæрæгбон Советон Цæдисы бирæ рæтты нысан кодтой, уæлдайдæр та Мæскуыйы, Пензæйы, Пятигорскы.

Цытджын поэты цард æмæ сфæлдыстад æнæфæхицæнгæ баст у Кавказимæ. Мæнæ куыд фыста нæ райгуырæн бæстæйы тыххæй: «Кавказы урссæр хæхтæ, зæрдæбынæй уын арфæ кæнын! Сымах мын барæвдыдтат мæ сабидуг, бæрзонд мæ систой уæ айнæг къæдзæхтæ, батыхтат мæ уæ æврæгъты, сахуыр мæ кодтат бæрзондмæ тырныныл. Уæдæй фæстæмæ бæллын уæ уындмæ, тырнын арвы цъæхмæ».

Поэты юбилей кадджынæй сбæрæг кæныныл зæрдиагæй бацархайдтой Кавказы цæрæг адæмтæ иууылдæр. Фæсте нæ баззадысты дагестайнæгтæ дæр. Фæскомцæдисы Дагестаны обком æмæ республикæйы фысджыты Цæдис бауынаффæ кодтой Цæгат Кавказы Лермонтовы кары поэтты Махачкаламæ æрбахонын. Цæгат Ирыстонæй уырдæм ацыдыстæм æртæйæ: Гаджиты Георги, Малиты Васо æмæ ацы рæнхъыты автор. 1964 азы 4 октябры нæ изæр бахастам Дагестаны сæйраг горæтмæ æмæ иннæ уазджыты хуызæн æрфысым кодтам уазæгуагы. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ, цы уаты цардыстæм, уый дуар æрбахостæуыд. Мидæмæ, зæгъгæ, куы загътам, уæд дуар байгом æмæ йæ мидбылты худгæ къæсæрыл æрбахызт Расул Гамзатов. Æз æй уымæй размæ никуы федтон, фæлæ Гаджиты Георгиимæ зонгæ уыдысты æмæ кæрæдзиуыл бацин кодтой. Базонгæ ис махимæ дæр. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй æгасцуай зæгъынмæ æрмæстдæр мах делегацимæ æрбацыд. Уазджытæ та алы рæттæй уыдысты: Кæсæг-Балхъарæй, Адыгейæ, Хъæрæсе-Черкесæй, Хъалмыхъхъæй, Цæцæн-Мæхъхъæлæй...

Кæд уазджытæ мах уыдыстæм, уæддæр нæ уаты Расулæй уазæгдæр нæ уыд, æмæ уайтагъд фынг æвæрынмæ февнæлдтам. Нæхимæ цы нæ разынд, уыдон буфетæй æрбадавтам æмæ цыбыр рæстæгмæ, хъарм хæринагæй фæстæмæ, алцæмæй дæр цæттæ уыдыстæм. Уыдис дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, карз нозт дæр. Расулæн дынджыр агуывзæйы (арахънуазæн агуывзæтæ уазæгуаты нæ разынд) иу сыкъайы бæрц уырыссаг арахъхъ куы рауагътам, уæд хатыркурæгау бакодта:

— Ныртæккæ нæ нуазын, — стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Куы нæ фæнуазын, уæд мæ сылгоймæгтæ дæр ферох вæййынц...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.