Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 31 страница



Зокъотæ мæ цæсты кадджын не сты. Иунæг адæймаджы тæригъæды чи бацыд, уыцы зайæгоимæ дæр «зулдзых» дæн. Зокъотæ та мæрдтæм бирæты барвыстой. Уæвгæ, хæрынæн чи нæ бæззы æмæ адæм йæ иувæрсты кæмæн азилынц, уыцы маргхъæстæ зокъотæй дæр иуæй-иутæ æвдадзы хос сты. Зæгъæм, сагтыл ахæм низ фæзыны, æмæ бындзмарæй (мухоморæй) куы нæ фæхъæстæ уой, уæд сын æнæамæлгæ нæй. Уый афтæ у, фæлæ уæддæр зокъотæм — уыдонæн сæхицæй конд хæринаг нæ, фæлæ, конд цæуыл уой, уымæ дæр — хæстæг нæ бацæудзынæн, уымæн æмæ ахæм хабæрттæ фехъуыстон, зокъоты азарæй-иу бинонтæ æмхуызонæй дæр куы бабын сты. Афтæ мæм кæсы, цыма зæххыл æндæр ахæм зайæгой нæй, зокъоты бæрц адæмы тæригъæды чи бацыд, фæлæ мæ сабийы бонтæ мæ зæрдыл куы ’рбалæууынц, уæд мæ алцыдæр æрбайрох вæййы...

Веринкæ райсом раджы гыццыл цæхæрадонæй æрбахаста, йæ сæр чысыл зонтыччы йас кæмæн у, ахæм урс-урсид дынджыр зокъо. Уæлгоммæ йæ фæфæлдах æмæ дæм разындзæн йæ тарбынсырх «гуыбын». Йæ «къахæй» йæ фæхицæн кæн, ахс æй, йæ «гуыбыныл» ын цæхх айзæрд æмæ йæ къæйыл авæр. Цыбыр рæстæджы фæстæ йæ райс æмæ дæ физонæг — цæттæ. Ахæм зокъотæ ныртæккæ кæмфæнды куы фенин, уæддæр сæ ницæмæй фæтæрсин, фадат уæвгæйæ, сæ кæддæры хуызæн къæйыл авæрынмæ нæ базивæг кæнин. Кæйдæр зокъотæ мæрдтæм барвыстой, уый мæ зæрды кæрон дæр нал уаид...

Нæ зæххы хайыл бал æмæ тута бæлæстæй фылдæр ницы зад. Не стыр цæхæрадоны быдыры ’рдыгæй фарс цыдæриддæр ахаста, уым рæгъ-рæгъы бал йеддæмæ ницы уыд. Æрмæстдæр хуссарæрдыгæй. Уымæлдæр ран кæм уыд, уым хæрис йæхицæн æнусон бынат — æнусон уымæн зæгъын æмæ ма уыцы бæлас абон дæр æгас у — æрцахста æмæ-иу ыл алы аз дæр цы хуымæллæг схылд, уыимæ хæлар, æмудæй цæрынц. Тута бæлæстæ та уынджы дыууæ рæгъæй — уыдон дæр нæ цæхæрадоны фæтæны бæрц — хæрдмæ фæцыдысты. Иуцалдæр дзы уыди, цыллæйы кæлмытæн æвæджиауы пæлæхсар сыфтæ кæуыл зад, ахæм нæл тутатæ. Тута-иу раздæр сцæттæ æмæ-иу махæй, сауцъиутæ, хъазтæ æмæ бабызтæй — уыцы ерысы-иу хуытæ æмæ сæ хъыбылтæ дæр фæсте нæ задысты — чи тынгдæр хæлоф кодта, уый зын зæгъæн уыд. Бал-иу куы сцæттæ, уæд-иу нæ уыйас хъыгдарæг нал уыд. Раст зæгъын хъæуы, тæккæ рæгъæдтæм-иу мæргътæй кæцыдæртæ махæй фæраздæр сты. Фæлæ ма-иу уый махæн æхсызгон дæр уыд, уымæн æмæ-иу маргъ кæмæй фæхъæстæ, уый æндæрхуызон ад кодта. Æппæты бæрзонддæр къалиуыл-иу йæ фарсæй кæмæн ратындæуыд, ахæм бал ауыдтай, уæд-иу æм хизынмæ нæ фæзивæг кодтаис.

Балафон-иу къæвдатæ арæх рацыд. Тæккæ саудæртæ-иу аскъуыдысты æмæ-иу сыл хур бон куы скодта, уæд-иу уыдон дæр æндæр ад кодтой...

Цалынмæ цæрон, уæдмæ бузныг уыдзынæн Урсдонæй, мæн ленк кæнын чи сахуыр кодта. Дур-Дуры донимæ кæм иу кæны, уый знæт уылæнтæм, Урсдон куы нæ уыдаид, уæд хæстæг цæуын дæр нæ бауæндыдаин. Ноджы тæссагдæр уыди, Къæдзæхрæбын кæй хуыдтам, уыцы найæн, уымæн æмæ ленк кæнынмæ тынг дæсны куы нæ уыдаис, уæд дыл уылæнтæй иу дæр нæ бацауæрстаид, йæ разæй дæ ахастаид æмæ дæ, былгæронæй цы къæдзæхы тигъ рацыд, ууыл ныццавтаид æмæ — дæ балгъитæг афтæ. Фæлæ бæрæгъуыйнаг лæппутæ Урсдоны разæй никæдæм цыдысты. Уымæн йæ дон, иуæй, хъармдæр уыди, иннæмæй та дзы, зæгъæн ис, æмæ фæдæлдон уæвынæй тас никуы уыд. Цыбыр дзырдæй, ленк кæнын базонынæн хуыздæр скъола ничи ссардтаид.

Куыройыдон дæр мын къаддæр хæрзты нæ бацыд. Сахуыр мæ кодта къухæй балер кæсаг ахсыныл. Балер уымæн, æмæ дзы æндæр кæсаг нæ цæры, æгæр уазал кæй у, уый тыххæй. Раст зæгъын хъæуы, арфдæр рæтты, дон афтæ тагъд кæм нæ калд æмæ хъармдæр кæм уыд, уым-иу балгæсаг дæр фæзынд, фæлæ-иу уый, куы зæгъын, уыдис тынг стæм хатт. Куыройыдоны руаджы сфæлтæрдтон уазалтæн. Стæй канд æз нæ. Æмæ фæстæдæр, Бехъаны цадмæ нæхи найынмæ цæуын куы фæцалх стæм, уæд-иу дзæвгар рæстæг донæй куы нæ рахызтыстæм, уæддæр фæрынчын уæвынæй Урсдоны руаджы нæ тарстыстæм.

Куыройыдоны хуыздæр бынæттæй иуыл нымад уыд Хæрæгнайæн: арф кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу дардæй ратахтыстæм, байбынæй-иу нæхи хæрдмæ фехстам æмæ-иу сæрбынмæйæ ныцъцъыввытт кодтам. Диссаг цы у: цалдæр денджызы — Адриатикæйы, Сау æмæ Каспийы — мæхи ныннадтон, ленк кодтон Балатон æмæ Ладогæйы цадты, Волгæ æмæ Одеры, фæлæ мын дзы нæхи суадæтты ад ничи скодта.

Уæдæ кæсæгтæ дæр кæмдæрты ахстон, суанг ма Болгари æмæ Венгрийы дæр, фæлæ дзы нæхимæ балеры никæцыимæ абардзынæн. Нæ кæсагахсджытæ дæр мæм иннæтæй уæлдæр æвæрд сты. Уæвгæ иннæтæ дæр æз цы кæсагахсджытимæ базонгæ дæн, уыдонæй зæгъын — ницæмæй рафауинаг сты. Рафауинаг нæ, фæлæ дæсныдæр, фæразондæр æмæ арæхстджындæртæ сæхицæй зын ссарæн уыд.

Пицундæйы фысджыты сфæлдыстадон хæдзары базонгæ дæн зындгонд поэт Гарольд Регистанимæ. Уый ма зындгонд уыди йæ фыды руаджы дæр — Эль-Регистан Сергей Михалковимæ 1944 азы ныффыста Советон Цæдисы Гимн. Фæлæ æз цалдæр ныхасы йæ кæсагахсыны дæсныдзинады тыххæй зæгъынмæ хъавын.

Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй кæсагахсæджы хуыздæр æмæ фæзминагдæр миниуджытæй иу у фæразондзинад. Æнхъæлмæ кæсын чи нæ зоны, гæдзæйы бынæй сой ратæдздзæн, ууыл чи не ’ууæнды, уый кæсагахсæг нæу. Сахат нæ, фæлæ бон-сауизæрмæ дзуццæджы бадынæй чи нæ фæллайы, йе ’нгуырмæ æдзынæг кæсынæй йæ цæстытæ кæмæн нæ риссынц, æппындæр кæсаг кæм никуы уыд, уырдыгæй дæр кæф сласын æнхъæл чи у æмæ дзы æппынфæстаг ласгæ дæр чи скæны — топпы гæрахы хуызæн, дам, иу хатт хисæрфæн дæр фæкæны — кæсагахсæг уый у.

Ахæмæй базыдтон Гарольды дæр. Цыфæнды рæстæг ма уыдаид, уылæнтæ фондзуæладзыгонтæй былгæронмæ куы лæбурдтаиккой, уæддæр ын мидæгæй фæбадæн ницы хуызы уыд. Цыфæнды раджы-иу куы рацыдаис денджызы былмæ, уæддæр-иу дзы æнæмæнг Регистаны раййæфтаис. Иу кæсаг дæр-иу куы ничи ’рцахста, уæддæр-иу поэт изæрæй дзагкъухæй æрбаздæхт.

Æз ын-иу нæхимæ кæсæгты кой дæр ракодтон. Кæм цæрын, уым, зæгъын, æрмæстдæр суадæттæ ис æмæ дзы балер кæсаг йеддæмæ ницы цæрын фæразы, æмæ йæ фылдæр къухæй кæнæ хызæй ахсынц, æнгуырмæ хæстæг хуыдзых æмæ балгæсаг йеддæмæ ницы цæуы. Уæвгæ æнгуырæй ахсгæ дæр иуцалдæр хатты федтон. Æппæты хуыздæр кæсагахсæг уыди, куыройгæсæй чи куыста, Икъаты уыцы Цæрай.

Куыд бамбæрстон, афтæмæй Гарольд дæсны уыд канд денджызы кæсæгтæ ахсынмæ нæ, фæлæ суадоны цæрæг балертæ ахсынмæ дæр. Суанг ма мын радзырдта, куыд ахсгæ сты, уый дæр, стæй канд къухæй æмæ хызæй нæ, фæлæ æнгуырæй дæр. Балер, дам, æнгуырмæ æппæты тынгдæр цæуы, уаллон æмæ æндæр сайæнтæм нæ, фæлæ, нартхоры хъæллæгъ куы ’ркæрдынц, уæд дзы бынæй цы хъæдтæ баззайы, уыдон сыфты рæбын цавæрдæр сасчытæ равзæры æмæ, дам, балер ахсынæн агургæ æмæ æнæаргæ сты.

О, æмæ-иу бон-сауизæрмæ цы ’ртæлæт кодта — уæлдай фылдæр-иу æрцахста, рæстæг хорз куы уыди, уæд — уый-иу сфæлдыстадон хæдзары хæрæндонмæ йæ зонгæтæм ратта, уыдон-иу сæ сфизонæг кодтой æмæ-иу сæ Гарольд тæбæгъты дзæгтæй фынгтыл уарын райдыдта. Иунæг кæсаг дæр-иу дзы йæхицæн нал ныууагъта, уымæн æмæ... кæсаг нæ хордта.

Кæсагахсджытæ Ирыстоны дæр куыннæ федтон! Зæнджиаты Темыр дардыл хъуыстгонд куы у. Ахæм сабат æмæ хуыцаубон нæ вæййы, уый Бехъанмæ кæсаг ахсынмæ ма ацæуа, цы дæттæ йæм кæлы, уыдонæй искæцыйы йе ’нгуыр ма баппара. Куыд ахсы, уый мæхæдæг дæр цалдæр хатты федтон. Уыимæ, цы ’рцахсы, уый сæхимæ æнæхъæнæй никуыма ахаста, йæ цуры чи вæййы, уыдоныл сæ адих кæны. Айфыццаг ыл амбæлдтæн æмæ мын афтæ зæгъы, цы кæсæгтæ, дам, фæахстон, уыдон, дам, цалдæр тоннæмæ схæццæ сты. Куыд дæсны кæсагахсæг, афтæ йæ кой уыди центрон журналты, йæ къам та — къæлиндары.

Уæдæ Боцуаты Гыбылæн дæр «дæлдæр абад» зæгъæг нæ фæуыдзæн, уымæн æмæ кæсагахсджытæн сæ бынæйласгæтæй у. Радиокомитеты иумæ куыстам, æмæ-иу нын фадат куы фæци, уæд цæугæдон кæнæ цады былгæрон кæд нæ абадтыстæм, ахæм рæстæг никуы скодта. Æз цæй кæсагахсæг дæн — уæвгæ, кæддæр къухæй тынг дзæбæх дæр ахстон, цалынмæ байбынæй æнæнхъæлæджы кæсаджы æфсон калмыл нæ ныххæцыдтæн, уæдмæ — фæлæ-иу уый, йе ’нгуыр доны баппарæд, æндæр-иу иууылдæр цæст фестади, æнгуыры босыл цы рог къæрмæг баст уыд, уый йеддæмæ-иу ницуал уыдта, йæ хъуыдытæ дæр-иу æрмæстдæр уыимæ баст уыдысты. Цалынмæ-иу æм цалдæр хатты сдзырдтаис — фæстаг хатт бынтон хъæрæй — уæдмæ-иу дæм кæсгæ дæр нæ ракодтаид. Йæ уыцы уавæрæй йын иу хатт Чеджемты Æхсар фæпайда кодта.

Куысты фæдыл кæцыдæр хъæуы уыдысты. Фæстæмæ цæугæйæ, сæ фæндаг, Гыбыл кæсаг æнхъæл кæм уыд, ахæм доны рæзты уыди, æмæ, иучысыл æнгуырæй адарæм, зæгъгæ, машинæ баурæдтой. Æхсар суанг мæ хуызæн кæсагахсæг дæр нæ уыд, æндæр Гыбылы фæзмгæ уæддæр бакодтаид æмæ байраджы хъиамæт æвзæрстаид. Гыбыл иуцасдæр абадыны фæстæ фыццаг кæсаг æрцахста æмæ йæ былмæ раппæрста. Кæсаг, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхулæфтгæнгæ йæ гæндзæхтæ цагъта. Æхсар æй куы ауыдта, уæд, Гыбыл тагъд фæстæмæ нæ ракæсдзæн, зæгъгæ, кæсаджы сусæгæй доны баппæрста. Уый ахæм цъыллинг нылласта, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ доны арфы аныгъуылд, йæ фæстæ бирæ уылæнтæ ныууадзгæйæ. Уыдон кæрæдзийы сургæ былгæронмæ æрбатахтысты, цыма Æхсарæн арфæ кодтой, сæ хъæбулы сын мæлæты дзыхæй кæй ратыдта, уый тыххæй. Иу афон Гыбыл йæ кæсагыл ацин кæнынмæ куы ракаст, уæд тарстхуызæй афарста:

— Кæсаг цы фæци?

— Ауагътон æй, — дзуапп ратта хатыркурæг хъæлæсæй Æхсар.

— Цæмæн?

— Фæтæригъæд ын кодтон. Йæ дзых куыд фæхæлиу-фæхæлиу кодта, уый нæ федтай, æндæр ын ды дæр фæтæригъæд кодтаис. Афонмæ, кæд йæ мады цурмæ бахæццæ, уæд ын мæнæй куыд æппæлдзæни, уый зоныс?..

Æмæ ныхас кæсаг ахсыныл рацыд. Уыдис æмæ ис кæсагахсджытæ. Пушкины зæронд лæг ма сызгъæрин кæсаг дæр куы ’рцахста, фæлæ дзы цыма уæддæр мах хъæуы кæсагахсджыты ничи амбулдзæн, афтæ мæм кæсы.

Нæхи Валодяйæ — хъæуы йæ цæмæдæр гæсгæ Цæлыкк хуыдтой — дæсныдæр æмæ ныфсджындæр кæсагахсæг уыди, уый мæ нæ уырны. «Дæсныдæр» æмæ «ныфсджындæр» кæрæдзийы фарсмæ барæй сæвæрдтон, уымæн æмæ Бæрæгъуыны æрмæст дæсны фаг нæ уыд. Хъуамæ æнæмæнг уыдаис ныфсджын дæр. Уæлдайдæр къухæй ахсгæйæ. Стæй хызæй дæр. Къорд хатты æвдисæн уыдтæн, байбыны бассивгæйæ-иу цалдæр кæсаджы æхсæн калм дæр куыд стæлфыд, уымæн. Валодяимæ-иу хызы иннæ къухыл чи хæцыд, уый-иу йæ «куыст» фæуагъта æмæ-иу лидзынмæ фæци. Ахæм заман-иу æз фылдæр дзаумæттæхæссæг уыдтæн æмæ ма-иу мæнæн дæр мæ уд фæцæйцыд æмæ-иу кæцырдæм лыгъдаин, уый нал зыдтон. Валодя-иу куыннæ смæсты уыдаид, хызы цы кæсæгтæ уыд, уыдон-иу фæстæмæ доны хай куыд баисты, уый уынгæйæ! Кæд-иу калмы æрцахсын йæ бон баци, уæд-ын-иу йæ къæдзилыл ныххæцыд, былгæронмæ-иу æй рахаста, йæ сæрмæ-иу æй зилгæ дурæхсæны хуызæн цалдæр зылды æркæныны фæстæ хæрдмæ фехста. Фæстæмæ-иу æрдæгмардæй куы ’рхауд, уæд ыл-иу мах дуртæй ралæууыдыстæм. Ахæм заман-иу тæссаг уыд, хызы иннæ къухыл чи хæца, ахæм куынæуал разына, уымæй, æмæ-иу уæд Валодя Куыройыдоны иуцасдæр дæлдæр ацыди, цыма, кæлмытæ иу байбын йеддæмæ никуы уыд, уый хуызæн. Æппынфæстаг-иу уæддæр нæ тарст æрцыд æмæ та-иу дарддæр нæ кæсагахсыны куыст кодтам. Кæсаг ахсынмæ тынг рæвдз уыдысты Цомайты Хъайсын, Дзусты Дзæбо, Хъаммæрзаты Валодя...

«Нæй зынаргъдæр ницы Райгуырæн бæстæй», — фыста йæ иу æмдзæвгæйы мæ хъæуккаг поэт Чехойты Сæрæби. Хуымæтæгдæр ныхæстæ нæ уыдзæн, фæлæ кæй зæрдæмæ нæ бахъардзысты! Цавæр адæймагæн нæ фæуыдзысты цины хос, рæсугъд æнкъарæнты гуырæн! Уæлдæр цы ’мдзæвгæйы кой ракодтон, уым ма ис ахæм рæнхъытæ дæр:

 

Хъæу, изæр, æрталынг,

Уынгты рухс кæлы...

Чидæр хафы арынг,

Чъиритæ кæны.

 

Зæрдæйы рæсугъддæр æмæ æнкъарагдæр тæгтæ куыннæ хъуамæ базмæлой, ахæм ныв цæстытыл ауайын кæнгæйæ! Адæймаг æрдзы хъæбул у, æмæ цас кæрæдзимæ хæстæгдæр уой, уыйбæрц тынгдæр фидауынц. Адæймаг зæххыл цæрынæн райгуырд æмæ дзы хъуамæ иппæрд ма уа. Антейы æмбисонд хуымæтæджы нæ райгуырд. Куыст кæмæн нæ уыд, ахæм адæймаджы æрхъуыды нæу. Царды æцæгдзинадæй равзæрд. Таурæгъы хъæбатырæн тыхгæнæг тых уæдмæ нæ ардта, цалынмæ зæххыл лæууыди. Фæлæ йын йе знаг йæ лæмæгъдзинад куы базыдта, уæд æй зæххæй фæхицæн кодта æмæ йыл фæуæлахиз.

Зæхмæ хæстæгдæр чи у, уыдон удыхъæдæй сыгъдæгдæр сты, сæ курдиат райхалынæн сын фылдæр фадæттæ ис. Хуыцау нæ алкæмæн дæр цы бирæ хорздзинæдтæ ратта, уыдонæй адæймаг уæвынæй стырдæр хорзæх нæй, курдиатæй цыдæриддæр ис, уыдонæн сæ ахсджиагдæр...

Бирæ чингуытæ бакастæн, бирæ таурæгътæ фехъуыстон, фæлæ мæм дзы мæхи адæмы сфæлдыстадæй хæстæгдæр никæцы у. Фыдæлтæй нырмæ ахæм куывд баззад: «Хуыцау нæ лæг агурæг макуыдæм ацæуын кæнæд». Афтæ дæр ма фæзæгъынц: «Нæ фыййау дæр нæхицæй уæд!» Уыдон, арф ныхъхъуыды кæнын кæуыл æмбæлы, ахæм фæндиæгтæ сты.

Нæ фыдæлтæ нын стыр бынтæ ныууагътой, фæлæ сæ цалынмæ хъæздыгдзинад хонын райдайæм, уæдмæ, цы аккаг стæм, уымæй дæлдæр бынаты уыдзыстæм, зæххыл цыдæриддæр хорзæй сфæлдыстæуыд, уыдон цы бæрзондæй зынынц, уырдæм никуы схиздзыстæм.

Ирыстоны историмæ не ’ргом кæй аздæхтам, уый раппæлинаг хъуыддаг у. Нæ абоны историйæ хъæздыгдæр у нæ таурæгъон истори, уымæн æмæ йæ иугай адæймæгтæ не сфæлдыстой, фæлæ адæм сæхæдæг, партитæ æмæ дзы змæлдтыты тæфагæн йæ кой дæр нæй, йæ цензурæ та рæстæг уыди. Рæстæг та æнусон тæрхонгæнæг у, йæ хъуыды раив-баив нæ кæны. Уæдæ цæуылнæ ахуыр кæнæм нæ таурæгъон истори скъолаты уырыссагау дæр æмæ иронау дæр? Фыссын æй куы нæ хъæуы, фæрæзтæ куы нæ домы, цыдæриддæр ахуыргæнæн предметтæ ис, уыдонæй уæлдæр йеддæмæ дæлдæр куы нæ лæууы, уæд цæуылнæ хъуамæ зоной, дунейы раззагдæр эпосты фарсмæ сæрыстырæй чи бады, уыцы «Нарты кадджытæ» нæ фæсивæд? Аивгъуыйгæ фæлтæрты хуызæн нæ абоны кæстæрты дæр æнæхай цæмæн кæнæм, алы хъуыддаджы дæр сын бафæзмынмæ чи бæззы, сæ уыцы бæгъатыр фыдæлты историйæ? Нæ бирæ диссаджы бынтæй ма нæм æнæхъæнæй уыдон куы ’рхæццæ сты æмæ сыл дунейы куырыхондæр ахуыргæндтæ сæ цæст куы æрæвæрдтой, уæд сæ мах алы рæзгæ уды йæ мады ’хсыримæ цæуылнæ бауадзæм?

Бирæ цæмæйдæрты сафтид нæ рæбын, фæлæ нæ зæрдæтæ афтид уæвын ма бауадзæм, кæннод фæсмон кæныны рæстæджы ралæудмæйы фаг дæр нал суыдзыстæм...

Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу нæм нæ хæстæджытæ арæх цыдысты. Мæ зæрдыл дзы тынгдæр-тынгдæр Дзыллæ æмæ Лубæйы бадардтон. Лубæ уыди мæ фыдæн йæ фыды хо. Дзыллæ мын куыд бавæййыд, уый ныры фæлтæрæй бирæтæ æмбаргæ дæр нæ бакæндзысты, уымæн æмæ сын ахæм хæстæджытæ кæд уыд, уæддæр сæ бацамонын сæ бон нæ бауыдзæн. Чи зоны, хæстæджытыл нымад сты æви нæ, уый дæр ма зоной, фæлæ мын уæддæр Дзыллæ куыд къабаз уыд, уый бацамондзынæн: мæ фыдæн йæ фыдыфыд Дауыт æмæ Дзыллæйы фыд Иуа уыдысты Баймайы дыууæ фырты. Уымæй ма хæстæгдæр куыд вæййы! Нæ фыдæлтæн иу фыд уыдис. Дзыллæ æмæ Лубæ та дыууæ ’фсымæрæй райгуырдысты. Иу дзы æрыдойнаг Баситы ус уыди, иннæ — алагираг Абайты. Уыцы дыууæ зæронд усы-иу куы баиу сты, уæд-иу нын бæрæгбоны хуызæн уыд. Лæвæрттимæ-иу нæм кæй æрцыдысты, канд уый тыххæй нæ — семæ-иу нын æрхастой, ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм фарн, цин, абонмæ дæр ма чи ’ххæссы, ахæм хъæлдзæгдзинад.

Сæ дыууæйæ йæ кæцы дзырдта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ фыццаг хатт «Карчырдæджы аргъау» куы фехъуыстон, уæд ыл худæгæй артæндихтæ кодтон.

Зæронд лæг æмæ усы сынтæджы хуызæн мæ быны мæхи сынтæг мæ фырхудтæй фæйнæрдæм тæгæлтæ куы фæхауа, уымæй-иу старстæн. Аргъау, уыдон æй куыд дзырдтой, афтæ дзургæйæ бынтон æндæрхуызонæй райхъуысид, фæлæ йын йæ мидис радзурдзынæн. Уæвгæ та аргъау даргъдæр уыди. Цæвиттон, бирæ аргъæутты хуызæн уый дæр райдыдта афтæ:

«Царди æмæ уыди ус æмæ лæг æмæ сæм уыди Карчырдæг. Æргæвдынмæ йæ хъавыдысты, фæлæ йæ лæг нæ уагъта, мæллæг у æмæ йæ снард кæнын хъæуы, зæгъгæ.

— Уый кæд снард уыдзæн? — хъуыр-хъуыр кодта ус. — Стæй, снард и, уый цæмæй базондзыстæм?

Лæг ын загъта:

— Йæ фиу йæ с...й куы ракæса, уæд уый зон æмæ снард и.

Ус дæр Карчырдæгмæ зилынтæ байдыдта, зилынтæ байдыдта æмæ æнхъæлмæ каст, кæд снард уыдзæн, уымæ. Хæдзары цыдæриддæр нæмыгæй уыд, уыдонæй ницæуыл ауæрста, суанг ма-иу ын сыхæгтæй сæ гогызты холлагæй дæр ракуырдта — пысырайы сыфты карст къæдор цыхтимæ змæстæй. Алы бон дæр-иу Карчырдæджы фæстаджы бумбулитыл бафу кодта, кæд йæ фиу уырдыгæй разынди, зæгъгæ, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд дзы фиуæн йæ кой дæр уыди. Уæддæр Карчырдæгмæ йæ зилын нæ ныууагъта. Уырныдта йæ, утæппæт фыдæбæттæ дзæгъæлы кæй нæ фæуыдзысты.

Иу дыууæ изæры астæу та ус Карчырдæджы рацахста. Иннæ хæттытæй йæм уæззаудæр фæкаст, æмæ та йын, йæ фиу кæцæй хъуамæ разындаид, уырдæм бакаст æмæ йæ зæрдæ фырцинæй риуыл гуыпп-гуыппæй ралæууыд. Карчырдæг йæ къухы, афтæмæй хæдзармæ хъæргæнгæ фæтæхы:

— Нæ лæг, о нæ лæг, Карчырдæгæн йæ фиу йæ с...й ракаст! Йе ’ргæвдын афон æрхæццæ. Ахсæв бæрæгæхсæв у æмæ йæ акусарт кæнæм.

Лæг усыл нæ баууæндыд. Карчырдæджы йын йæ къухтæй акъахта æмæ æцæгæйдæр йæ фиу йæ фæстагæй ракаст. Куыннæ бацин кодтаид уый дæр. Карчырдæджы усмæ авæрдта æмæ, сæрдасæнау цыргъæй кæй дардта, уыцы кард хæссынмæ хæдзармæ фæцагайдта.

Аргæвста Карчырдæджы, уæдæ цы уыдаид. Йæ дзидза йын бахордтой, йæ бас ын бацымдтой, йе стджытæй йын сынтæг сарæзтой, йæ бумбулийæ — баз æмæ цардæфсæстæй сæ ног сынтæджы схуыссыдысты. Æмбисæхсæвæй куы фæфалдæр, уæд усæй лæгæй кæцыдæрæн йæ цыдæр аирвæзт, æмæ æмыр гуыппы фæстæ ног сынтæг фæйнæрдæм фæтахт. Ус æмæ лæг кæрæдзимæ фесты, дæу аххос уыди, дæу аххос уыди, зæгъгæ, æмæ абон дæр сæ хылæй нæма банцадысты...»



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.