Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 25 страница



Балакаев мын куыд радзырдта, афтæмæй Владимиримæ кæрæдзийы зыдтой. Стæй цыма æвзæр зонгæ дæр нæ уыдысты, афтæ мæм фæкаст, æндæр хъуыддаг фембæлды онг дæр не ’рхæццæ уыдаид. Иу-дыууиссæдз минутæй фылдæр фæныхас кодтой Одинцовимæ. Алексей обкомæй куы рацыд, уæд, йæхи куыд дардта, уымæй зын раиртасæн уыд, фембæлд цæуыл ахицæн, уый, æрмæст мын загъта, зæрдæ, дам мын бавæрдта фарстамæ æркæсынæй. Мæхи мæт мæ уыйас нал уыд, хъуыддаг цæуылфæнды куы ахицæн уыдаид, уæддæр дзы нал тарстæн, цæттæ уыдтæн цавæрфæнды тæрхонмæ дæр. Мæ сæйраг сагъæс уыд уазæджы сбуц кæнын. Балакаев уымæй размæ, мæ чингуытæй уырыссагау чи рацыд, уыдон бакаст æмæ зыдта, цы фыссын, уый, кæм райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, уыцы бынæттимæ баст кæй у...

Немыц нæ хъæу куы бацахстой, уæд адæмæй бирæтæ Джермецыччы рæгъты бынты Æрджынарæгыл Ставд Дуртæм лидзынмæ фесты, афтæмæй уым дæр къаддæр хæстытæ нæ цыд. Æз æмæ мæ фыдыхо Оля раздæр ацыдыстæм æмæ æрфысым кодтам Хъантеты Микъалайы хæдзары. Микъала йæхæдæг хæсты уыд, мæ фыдыхо Маня та хæсты размæ амард. Нæ сиахс йе ’ртæ сидзæр чызг æмæ лæппуйæн дыккаг мадæн æрхаста Цæгæраты Женяйы, æмæ нæ уыдон бауазæг кодтой. Веринкæ, Дибæхан йæ хъæбысы, Райæ йæ фæдджийыл хæцгæ, афтæмæй нæ сыхæгтимæ рацыдысты цалдæр боны фæстæдæр. Хъæды къохмæ куы бахæццæ сты, уæд сыл амбæлдысты бæхджын немыцæгтæ. Барджытæй иу, Веринкæйы хъæбысы сывæллон куы федта, уæд йæ бæхæй æрхызт æмæ сывæллонимæ хъазын йæ зæрды уыди, фæлæ Веринкæ тарст, исты фыдбылыз ын куы сараза, уымæй. Уæд немыцаг йæ риуы дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы цалдæр къамы систа. Веринкæимæ кæд кæрæдзийы æвзаг нæ зыдтой, уæддæр немыцаджы амындтытæй бамбæрста, уыдон йæ ус æмæ йæ чызджыты къамтæ кæй уыдысты. Ноджы дзы лæгæн йæхи дæр цалдæр раны истæй куы федта, уæд ыл æцæгæйдæр баууæндыд, йæ бинонтæ кæй сты æмæ йæм уæд Дибæханы раттыныл сразы. Иуцасдæр йемæ фæхъазыд, стæй йæ дзыппæй цалдæр къафетты систа æмæ сæ Веринкæмæ ратта, йæхæдæг бæхыл абадт æмæ йе ’мбæлтты асырдта.

Æрджынарæгыл цæугæйæ, Кæрдзынæй куы ахизай, уæд уым галиуæрдыгæй ис бæрзонд дæргъæй-дæргъмæ къуыбыр — раздæр ма йæ кой кодтон. Бæрæгъуыны йæ Хъæууат хонынц. Йæ цæгатæрдыгæй хай та — Фæсхъæууат. Гъе æмæ уым цыди стыр хæстытæ. Бирæ дзы фæмард нæхиуæттæй дæр, немыцæй дæр. Знаджы куы асырдтой, уæд хъæусоветæн хæсгонд æрцыд, цæмæй, не ’фсæддонтæй чи фæмард, уыдонæн сæ гæххæттытæ æмбырд кæной æмæ сæ æфсæддон комиссарадмæ хæссой.

Уыцы хабæрттæ ныффыстон мæ повесть «Уалдзыгон стъалыты». Алексей йæ куы бакаст, уæд мын афтæ зæгъы, уæ хъæуккаг лæппутæ, дам, документтæ æмбырд кæнгæйæ мæрдты æхсæн, дæ хойæн къафеттæ чи ратта, уыцы немыцаджы мардæй куы ссардтаиккой, уæд, дам ыл чиныгкæсæг, иуæй, æууæндгæ бакодтаид, иннæмæй йын зын уыдаид, уымæн æмæ, дам, уыцы немыцаджы хæцын нæ фæндыд, афтæмæй хæцыд, йæ бинонты æнæбары ныууагъта.

Мæ зæрдæмæ фæцыди уыцы фиппаинаг. Искуы ма мæ повесть мыхуыры куы уадзон — уæвгæ иу чиныг дыккаг хатт ныронг куы никуы рауагътон, уæд ма ныр рауадздзынæн! — уæд æм æнæмæнг уыцы ивддзинад бахæссин...

Алексейы куы бафарстон, Ирыстоны дæ кæдæм ацæуын фæнды, зæгъгæ, уæд мын загъта: «Дæ райгуырæн бæстæмæ». Ахæм заман мæ ирвæзынгæнæг мæ хуыздæр æрдхорд Лолаты Хадзыби вæййы. «Мæ хуыздæр æрдхорд» куы нæ загътаин, уæддæр, Ирыстоны мæн хорз чи зоны, уыдонæй, Хадзыби мæнæн цы бавæййы, уый амонын никæмæн хъæуы. Фехъусын ын кодтон, райсом уазджытимæ фæцæуын, зæгъгæ, æмæ мæ зæрдæ ницæмæуал æхсайдта.

Дыккаг райсом абалц кодтам Бехъанмæ, цæссыджы хуызæн суадæтты балер кæсæгтæ сæ сырхдзæццытæ фæрстæй кæм хъазынц, Къобосты хъæды бæлæстæ арвмæ кæм фæцыдысты, Даргъ Хуымты гагадыргътæ цæст кæм рæвдауынц, Куыройыдоны уылæнтæ цæрæнбонты кæрæдзийы кæм сурынц, фæлæ дзы иу иннæты кæм не ’ййафы, уыцы дзæнæты бæстæмæ.

Хадзыби нæ ныццыдмæ алцыдæр æрцæттæ кодта. Цъæх нæууыл цы фынг æрæвæрай, уый цæсты уæлдай тынгдæр ахады. Бæрæчеты кад та балер кæсаджы физонæгæй цы хъуамæ фæфылдæр кæна! Æмæ та Хадзыбийæн амонын ницы бахъуыд. Уазджыты æрцыдмæ йæхиуыл нæ бацауæрста. Æрцахсын кодта кæсаг — æнæхъæн къæртайы дзаг. Уæлибæх, карчы фыд, бæрæгъуыйнаг зындгонд пъæмидортæ — Хадзыби йæхæдæг кæй æрзайын кодта — æмæ цы нæ хойраг æрæвæрдта фынгыл! Нозтыты кой нал кæнын. Алцыхуызон дæр дзы кæй уыд, уый тыххæй нæ. Балакаев æппындæр ницавæр нозт хаста йæ дзыхмæ. Йе ’гъдау Бехъаны дæр нæ фехæлдта æмæ уымæй Хадзыбийы зæрдæхудты бацыд, фæлæ, йе ’нæнуазын йе ’нæниздзинадимæ баст кæй у, ууыл æй Алексей куы баууæндын кодта, уæд æм нал хатыдта.

Фæцыд йæ зæрдæмæ мæ райгуырæн бæстæ Балакаевæн. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр йæ алыварс фæлгæсыд. Куы-иу йæ цæстæнгас æрхаста Арыхъхъы рæгътыл, куы Æрджынарæгыл, куы Джермецыккыл...

Дыккаг бон æй аэропорты онг афæндараст кодтон. Æмæ та мæ сагъæстимæ баззадтæн. Цалдæр боны фæстæ уыди обкомы бюро. Кастысты мах фарстамæ. Æмбырд райдыдта. Одинцов дзы нæ уыдзæн, уый куы сбæрæг, уæд мæ зæрдæ фæкъæпп кодта. Балакаев дзæгъæл цыд куы фæкæна, уымæй фæтарстæн, фæлæ мæ ныфс бынтон нæ асаст. Ныхас цы фарстайыл цæудзæн, уый фыццаг секретарь æнæмæнг зыдта æмæ, кæд бюройы нæ уыдзæн, уæддæр, йæ фæстæ кæй уагъта, уыдонимæ иу хъуыдымæ ма ’рцыдаиккой, уый мæ нæ уырныдта. Иннæмæй та кæд бюройы йæхæдæг уæвынмæ хъавыд, фæлæ йæм æмбырд райдайыны хæдразмæ Мæскуымæ кæнæ æндæр искуыдæм фæдзырдæуыд æмæ йын йæ хъуыды дыккаг секретарæн бамбарын кæныны фадат нал фæци, уымæй дæр тарстæн æмæ чысыл фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй — хуымæтæджы нæ.

Æмбырды фыццаг ныхасгæнæгæй райдай æмæ фæстагæй фæу — иууылдæр дзырдтой иу æвзагæй: гуымирыдæр уæвæн нæй, ахæм рæдыд æруагъдæуыд, аххосджынæн рахæссын хъæуы карз æфхæрд. Æмæ мын рахастой: партион хыгъды карточкæ кæй хуыдтой, уым мын ныффыссын кодтой тæккæ карздæр æфхæрд. Цæй тыххæй, уый та зонут...

Балакаев дæр нæ бамбæрста, хъуыддаг афтæ цæмæн рауад, уый. Хъыг ын уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæн ахæм уавæры уынын, фæлæ цы йæ бон уыд! Цы йæ бон уыд, уый бакодта. Æмæ дзы цæрæнбонтæм бузныгæй баззадтæн. Нæ хæлардзинад, рæстæг куыд цыди, афтæ фидардæр кодта. Мæнæн карз тæрхон чи рахаста, уыдонæй иуы тæрхондонмæ раттынмæ дæр хъавыдтæн, стæй йын ныр дæр æрæджы нæу, уымæн æмæ йæ æз зылыны бынаты кæм æрцахстон — плагиат, уымæн закъонмæ гæсгæ æмгъуыд нæй, фæлæ мæ Алексей нæ бауагъта. Йæ писмойы мæм фыста: «Уый чъизи хъуыддаг бакодта, æмæ дзы дæхи куы нæ сахорис, уæд, мæнмæ гæсгæ, хуыздæр бакæнис. Дæ рæстæг æмæ æнæниздзинад ницытæ æмæ мацытыл сафынæн æвгъау сты. Фæлтау сбад æмæ исты ныффысс».

Байхъуыстон мæ хистæрмæ. Уæд дæр æмæ уый фæстæ дæр архайдтон æмæ архайын — кæд мын æдзух нæ бантысы, уæддæр — рæстæгæн аргъ кæныныл. Æнхъæлдæн, Федор Достоевский загъта, уынджы цæугæйæ, дам, куыйты алы хæппæн дзуапп куы дæттай, уæд дæ нысанмæ нæ фæхæццæ уыдзынæ. Æцæгæйдæр, цæмæй æрдæгфæндагыл ма баззайай, уый тыххæй, цы куыйтæ дæм лæбуры, уыдон мацæмæ дар. Дæ цыды кой кæн. Æмæ мыл рæстæгæй-рæстæгмæ ахæм рæйджытæ куы фæвæййы — уæлдайдæр та мыл исты хорздзинад куы ’рцæуы, уæд — уæд сæ куыдзы хъуыды дæр не ’ркæнын, суанг ма сын сæ фыстытæ кæсгæ дæр нæ бакæнын æмæ мыл цы цъыф фæкалынц, уый уæлхъæдæй бахус вæййы. Иуæй-иу хатт, куыйтæ сæ рæйынæй куы банцайынц, мæ ныхмæ куы ницыуал фæфыссынц, сæ хахуыртæ кæмдæрты ныммыхуыр кодтой, зæгъгæ мæм хабархæссæг куынæуал вæййы, уæд сагъæсы бацæуын, ау, æппындæр ницуал архайын, чысыл хорздзинад дæр мыл не ’рцыд, мæ «хæлæрттæ» куыд хъусæй лæууынц, зæгъгæ.

Балакаев дæр, хæлæг кæнын кæмæ ’мбæлы, уыцы адæмæй уыди. Уый йæ адæмы афтæ бирæ уарзта, йæ райгуырæн бæстæ йын афтæ зынаргъ уыд, æмæ уыдонæн хорздзинад ракæныны сæраппонд ницæуыл ауæрста. Куыста æвæллайгæйæ. Йæ уацмысты архайджыты фæзминагдæр хъæбатыртæ уыдысты йæхи хуызæн сыгъдæгзæрдæ æмæ æнæхин адæймæгтæ, фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ сæ цардвæндæгтæ лæгъз уыдысты, сæ размæ цы нысантæ æвæрдтой, уыдон сæ къухы æнцонæй æфтыдысты. Зындæр уавæртæ нæй, ахæм зилдухæнты-иу бахаудысты, фæлæ-иу сæм уыйбæрц хъарутæ разынд, æмæ-иу къуырцдзæвæнæй рацыдысты уæлахиздзауæй.

Балакаевы цард йæ райдайæнæй йæ кæронмæ уыдис тох. Тох кодта лæджы кад дæлджинæгмæ тæрджытимæ, галиу фæндагыл цæугæйæ, бæрзондмæ схизынмæ чи хъавыд, рæстдзинад къæхты бын чи кодта, уыдонимæ. Йæ гæрзтæ æрæвæрыны зонд æм никуы ’рцыд, цыфæнды тыхджын æмæ æгъатыр знагæн дæр нæ барста, йæ зæнг никуы фæтасыд, йæ ныфс никуы асаст, цалынмæ 1998 азы дæс æмæ æртиссæдзаздзыдæй йæ зæрдæ йæ кусынæй нæ банцад, уæдмæ.

XIX

«Гагкайты Алиханы зарæг» куыд райгуырд, уый тыххæй раздæр загътон, фæлæ уый мæ фыццаг зарæг нæ уыд, стæй мæхицæн зарæг ныффыссынæнхъæл дæр никуы уыдтæн. Æнæуи та зарджытæ уарзтон. Зарын нæ, фæлæ зарджытæ. Уæвгæ зарын дæр уарзтон, фæлæ мæ зард никуы никæй зæрдæмæ цыд. Иузаман хъырныныл дæр ацархайдтон, æрмæст уым дæр мæ арæхстдзинæдтæн фаг аргъгонд не ’рцыд. Æппæты æгъатырдæр, стæй, чи зоны, растдæр тæрхон мын рахаста Ходы Камал. Бæтæхъойыхъæуккаг дын нæ зæгъдзæн комкоммæ йæ хъуыды: хъырнын нæ зоныс æмæ, дам ма, хъырнын чи зоны, уыдоны дæр хъыгдарыс. Æз та мæхинымæр афтæ хъуыды кодтон, зарын нæ зонын, фæлæ хъырнын та куыннæ базондзынæн?! Кæддæр — уæ фарн бирæ уæд — мæ астæуккаг лæппу кæстæримæ йæхи шахмæттæй хъазынмæ æрцæттæ кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Ды уал фигурæтæ æрæвæр, æз мæ къухтæ ахсон.

Уый йын афтæ куы бакæнид:

— Æз сæ æвæрын нæ зонын, æз æрмæстдæр хъазын зонын.

Уыйау æз дæр, зарын кæм нæ зыдтон, уым, æнхъæлдтон, хъырнын уæддæр зондзынæн, фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй, иу куы нæ зонай, уæд дзы иннæ дæр нæ зондзынæ. Гæнæн нал уыд æмæ зарæджы текст ныффыссыныл бафæлвæрдтон. Уый та рауад бынтон æнæнхъæлæджы...

Уæд ма «Рæстдзинад»-ы куыстон. Иу майы бæрæгбонмæ цалдæрæй газетæн макет сарæзтам æмæ конкурсы фыццаг бынат бацахстам. Нæ макеты ногдзинæдтæй иу уыд сæрмагондæй майы бæрæгбоны тыххæй зарæг ныффыссын. Уыимæ хъуамæ йæ алы цыппаррæнхъон дæр нотæтимæ мыхуыргонд æрцыдаид газеты алы фарсыл. Уый, кæд ногдзинад уыд, уæддæр йæ сæххæст кæнын макеты йын бынат ныууадзыны хуызæн æнцон нæ уыд. Фыццаджыдæр, ныффыссын хъуыди текст. Хуымæтæджы текст нæ, фæлæ зарæджы текст. Ныхæстæ куы рауадаиккой — сæ рауайынæй та рагацау зæрдæ бавæрæн зын уыди, — уæд ссарын хъуыди композитор, хорз музыкæ чи ныффыстаид, ахæм композитор. Иу ныхасæй, майы бæрæгбоны номыр рауадзын чысыл сæрнизтимæ баст нæ уыд, фæлæ уæд, мемæ чи куыста, уыдон дæр æмæ æз дæр бирæ æрыгондæр уыдыстæм æмæ нысанмæ тырнындзинад цæлхдурты сæрты хизынæй нæ тарст. Рæстæг бирæ нæ уыд, æмæ композиторты ’хсæн равзæрстам Бериты Алыбеджы. Уый, æрыгон уæвгæйæ, аивадуарзджытæн зындгонд уыд йæ музыкалон уацмыстæй, йæ аив зарджытæй. Алыбегæн мæ хъуыды куы бамбарын кодтон, уæд ыл сæмбæлд тынг æхсызгонæй. Ныффыста музыкæ, æрбахаста нотæтæ, æмæ сæ мах зарæджы ныхæстимæ газеты ныммыхуыр кодтам. Фæлæ текст æмæ нотæтæ гæххæттыл фыстæй нæ баззадысты. Радиойы оркестрмæ куыдæй бахæццæ, уый нæ зонын, стæй йын оркестровкæ чи скодта, уый дæр, фæлæ иуцасдæры фæстæ зарæгимæ базонгæ сты радиомæхъусджытæ, заргæ та йæ акодта, раздæр — музыкалон театры актрисæ Гæлуаты Азæ, уый фæстæ та — радиойы оркестры музыкант Цырыхаты Мурат. Кæд нæ рæдийын, уæд уый уыди мæ фыццаг зарæг, æмæ йыл баззад, газеты цы сæргондимæ мыхуыргонд æрцыд, уыцы ном — «Майы зарæг».

«Гагкайты Алиханы зарæджы» фæстæ мæм фæзынд зарæджы тексттæ фыссынмæ тырнындзинад, стæй композитортимæ дæр мæ бастдзинæдтæ фидардæр кодтой. Цалдæр хатты мæм хатджытæ дæр фæци, зарæджы текст-ма мын ныффысс, кæнæ та цæттæ музыкæйæн ныхæстæ æрхъуыды кæн, зæгъгæ. Кæмдæрты мын нæ бантыст сæ курдиæттæ сæххæст кæнын, кæмдæрты та — бантыст. Зæгъæм, ныртæккæ куыд хъуыды кæнын, ахæм зонд мæм раздæр куы уыдаид, уæд мæ кæцыфæнды куыст дæр ныууагътаин æмæ зарæг ныффыссыныл бацархайдтаин, уымæн æмæ зарæг куы фæрæстмæ уа, уæд, чи зоны, бирæ фылдæр тыхтæ æмæ рæстæг кæуыл бахардз кæнай, уыцы чиныгæй дæлдæр ма ’рлæууа, цæргæ та бирæ фылдæр фæкæна. Алиханы номыл Цорионты Резванимæ зарæг куы скодтам, ууыл дыууиссæдз азы бæрц цæуы æмæ адæмæй нæма ферох, стæй сæ, чи зоны, тагъд ма ферох уа, уымæн æмæ йын композитор цы мелоди æрхъуыды кодта, уый адæмон музыкæмæ хæстæг у, зæрдæ агайы, зæрдæ цы агайы, уый та зæрдæйы баззайы.

Раздæр куыд загътон, афтæ ацы зарæг фыст æрцыди, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон адæм немыцаг фашизмыл куы фæуæлахиз сты, ууыл ссæдз азы куы сæххæст, уæд хъæдгæройнаг лæппу Гагкайты Алиханæн йе сгуыхтдзинæдты тыххæй Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæй раттой, уый кадæн.

Зарæг ирон адæммæ бæрзонд бынаты æвæрд уыд. Æрмæст алы зарæг нæ. Уыдис худинаджы зарджытæ дæр, æмæ ныхас уыдоныл нæ цæуы. Хъæбатырдзинад-иу чи равдыста, йæ адæмы-иу зын уавæрæй чи фервæзын кодта, æнæ раны ранæй-иу дон чи рауагъта, уымæн тæккæ стырдæр хæрзиуæгыл нымад уыд нуазæн. Адæмы сæрвæлтау-иу йæ цард нывондæн чи ’рхаста, йæ кад æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ-иу мæлæтæй нæ тæрсгæйæ мæлæт чи ссардта, ууыл та-иу кодтой зарджытæ. Ахæм зарджытæ, бирæ мулк кæмæ уыд, уыдонæй никуы никæуыл счындæуыд, уымæн æмæ адæм зарджытæ кæнгæйæ рæдигæ нæ кодтой.

Æз бирæ зарджытæ нæ ныффыстон, иу-дæс æмæ ссæдзмæ ’ввахсæй фылдæр не сты. Уæвгæ, уыдон дæр гыццыл рахонæн нæй. Фæлæ нымæц хæрзхъæддзинадыл дзурæг нæу. Уыдонæй иу-дыууæ куы баззайа мæ фæстæ, уæддæр фаг у, фæлæ ма Гагкайты Алиханы зарæджы тыххæй цалдæр ныхасы.

Алиханæн йæ мæлæты фæстæ хъæбатыры ном куы раттой, уæд ын йæ хъæуккæгтæ скодтой стыр кад. Йæ номыл хъæугуывд сарæзтой. Уырдæм æрхуыдтой мæн дæр.

Уæд ма «Рæстдзинад»-ы куыстон. Æмæ Алиханы æрвад, нæ тæлмацгæнæг Дзибисимæ ацыдыстæм. Дзибис мын куыд радзырдта, афтæмæй Алиханы æфсымæр Мæскуыйы цард æмæ дам-иу уым арæх уыд.

Хъæдгæронмæ куы ныццыдыстæм, уæд, æз цы фынджы уæлхъус бадтæн, уырдæм мæм нуазæнимæ ’рбацыдысты Алиханы æфсымæр, Дзибис мын кæй кой кодта, уый æмæ йæ хо. Æфсымæр Михал хуынд, уый ма хъуыды кæнын, фæлæ мæ хойы ном ферох. Фынджы уæлхъус бадджытæ иууылдæр сыстадысты. Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы ныв. Михал, мæ фыды карæн, йæ хойыл дæр уымæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ цыдаид, афтæмæй мын утæппæт адæмы ’хсæн арфæ кæнын куы райдыдта, уæд, иуæй, æфсæрмы кодтон, иннæмæй та мын æхсызгон уыд, зарæгæн нæ фыдæлтæ цы аргъ кодтой, ахæм аргъгæнджытæ ма йын кæй разынд, уый. Нæ фыдæлтæм зарæгæн цы кад уыди, уый Бесаты Мæхæмæты зарæджы ныхæстæй дæр бæрæг у:

 

Ой, æмæ мæныл, зæгъы, уæд кады зарæг чи скæна, ой, ой,

Ой, ой, уæд кады зарæг чи скæна, ой, ой,

Ой, гъе-мардзæ, уымæн æз ратдзынæн мæ хоты дзæбæхдæры, гъей!

 

Æмæ куы зæгъын, кæйдæрты курдиат сæххæст кæнын мæ къухы кæй нæ бафтыд, ууыл абон фæсмон кæнын. Мæ зæрдыл ма лæууы, иу хатт мæм Баллаты Валодя зарæгимæ æрбацыд æмæ мын афтæ, йæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц æмæ, дам-ма йын ног текст ныффысс. Цæттæ музыкæ йæм уыди, фæлæ йæм йæ ныхæстæ фаг зæрдæзæгъгæ нæ фæкастысты æмæ мын ног ныхæстæ фыссын кодта Плиты Христофор дæр. Адæмонмæ хæстæг чи уыдаид, ахæм зарæг ныффыссынмæ мæм æнхъæлмæ каст Хъаныхъуаты Ларисæ. Цæттæ мелодитæ мын ацагъта Реуазты Симæ, Есенаты Женя...

Мæ къухы цы нæ бафтыд, уыдоныл нал дзурын. Цы гыццыл цыдæртæ мын бантыст æмæ мæ иуæй-иу зарджытæ куыд райгуырдысты, уыдоны тыххæй — чысыл бæстондæр.

Радиойы куыстон, афтæмæй отпуск ацыдтæн, ног азы райдайæнмæ ма иу-дыууæ къуырийы уыдаид, афтæ. Мыстулаты Ирæ, мæ гуырæн бон январы кæй у, уый кæцæйдæр базыдта æмæ мын мæ отпускæй фæстæмæ ’рбаздæхынмæ сфæнд кодта æнæнхъæлæджы лæвар ракæнын. «Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй...», зæгъгæ мæм ахæм æмдзæвгæ уыди. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæм Ирæйы зæрдæ рагæй æхсайдта. Йæ ныхæстæ адæмон мелодитæй бирæтыл бадтысты æмæ йын равзæрста, æппæты хуыздæр æм чи каст, уыцы цагъд. Чи йæ азардзæн, уый дæр ын бæрæггонд уыд — Баллаты Валодя. Ссардта хъырнджытæ дæр: Суанты Федыр, Хъуылаты Елхъан, Бæцæзаты Юрий æмæ Мыкагъаты Петр. Фæндырæй та йæхæдæг цагъта.

Ахуыр кæнын æй райдыдтой. Рæстæг сын бирæ нæ уыд — Ирæ мын фæстæдæр куыд радзырдта, афтæмæй зарæг хъуамæ сцæттæ уыдаид мæ гуырæн бонмæ. Уый та иу кодта мæ отпусчы фæудимæ. Цыбыр дзырдæй, мæ фæстæмæ ’рбацæуынмæ зарæг пленкæйыл фыст дæр ма ’рцыди æмæ, кусынмæ куы рацыдтæн, уæд мын æй, мæ кусæн уаты цы аппарат уыд, уым баифтыгъта, æмæ фыццаг хатт фехъуыстон, фæстæдæр адæм кæй бауарзтой æмæ радио æмæ телеуынынадæй арæх кæй фæкæнынц, уыцы зарæг. Кæм æй «Мæт» рахонынц, кæм та — «Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй...» Раст зæгъын хъæуы, мæ хæлæрттæй иуы зæрдæмæ йæ дыууæ рæнхъы нæ фæцыдысты, комкоммæ та:

 

Мæ зонд фæлидздзæн мæнæн мæ сæрæй,

Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.

 

Зонд, дам ма сæр йеддæмæ кæцæй хъуамæ фæлидза? Цымæ уыцы зонды къуыбар афтæ дæр никуы фехъуыста: «Дæ сæры зонд фæцыд æви цытæ лæхурыс?!»

Хуыцау хорз, æмæ Къостамæ нæ фæкомкоммæ, æндæр ууыл дæр нæ бацауæрстаид.

 

Дæ дзыхы дзырд

Æнæ рæдыд

Ныццæвы зæрдæйы кæрон!..

 

Йæ ацы рæнхъытæ дæлджинæг кæнынмæ йын фæуыдаид, дзыхы дзырд йеддæмæ ма æндæр цавæр дзырд вæййы, зæгъгæ. Кæнæ ирон адæмон зарæджы ахæм рæнхъытæ:

 

Гал-ма мын авæр, хуымы гал,

Мæ кæсгон гал, дам, нал хæцы...

Ба-ма мын акæн, дзыхы ба,

Мæ цæсгом дæр дæм нал хъæцы.

 

Æвæццæгæн, дзыхы дзырд кæм ис, уым дзыхы ба дæр ис, фæлæ уый бамбарынæн сæры зонд хъæуы. Цыфæндыйæ дæр ахæм фауджыты ныхæстæ хъуамæ лæгмæ нымады ма уой, уымæн æмæ уый аккаг не сты...

Бынтон æндæр хуызы райгуырд мæ иннæ зарæг «Дыууиссæдзаздзыд уарзондзинад». Æнæнхъæлæджы мæм æрцыдысты йæ фыццаг цыппар рæнхъы:

 

Цæмæндæр мæ дыууиссæдз азæй

Ыссæдз азы ахауд æваст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.