Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 21 страница



Музафер. Хатыр курæм, кæд уæ батыхсын кодтам, уæд.

Васо. Хатыр сымах бакæнут. Уый хуызæн уазджытæ! Хорз уынинаг бæргæ стут. Уæд та уæ фæндаджы размæ фæйнæ?

Музафер. Бузныг. Хæрзизæртæ раут!..

XVI

Нæ дыккаг фембæлд уыдис æртæ азы фæстæ, уый дæр майрæмыкуадзæны мæй. Куыд бамбæрстон, афтæмæй-иу Васо Ирыстонмæ уыциу рæстæг ссыд, ома сæрды фæстаг мæй. Кæд бынтон афтæ нæ уыд, уæддæр йæ дыууæ балцы афонтæ иу рæстæгмæ кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ ахæм хатдзæгмæ æрцыдтæн. Иннæ хæттыты хуызæн та Абайы-фырты ссыды хабар æнæхъæн Ирыстоныл дæр айхъуыст. Уæд æз куыстон радиохъусынад æмæ телеуынынады Цæгат Ирыстоны паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæгæй æмæ Васойы ссыды хабар махмæ куыннæ байхъуыстаид, æппæты ногдæр хабæрттæ адæмæн нæхæдæг куы хъусын кодтам, уæд! Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ кусджытæ базыдтой, зындгонд ахуыргонд Ирыстоны кæй ис, уый æмæ сæ бафæндыд йемæ фембæлын. Цалдæрæй мæм æрбацыдысты, ды, дам æй зоныс æмæ нын фембæлд сараз, зæгъгæ. Фæндгæ мæ куыннæ кодта нæ кусджытæй Васойы æхсæн минæвар бацæуын, фæлæ иу хъуыддагæй ме уæнджы мигъ бадти. Уый размæ бон мын мæ зонгæтæй иу афтæ радзырдта. Васомæ, дам, партийы Цæгат Ирыстоны обкомы идеологон фарстатыл дзуапдæттæг секретарь йæ кусджытæй кæйдæр баминæвар кодта, демæ, дам, куы базонгæ уаиккам, уый нæ фæнды, зæгъгæ, æмæ, дам сын не сразы. Фæстæдæр мын уыцы хабары бæлвырддзинæдтæ Ходы Камал радзырдта:

— Машинæйы Абайты Васо æмæ Гусалты Виталиимæ фæцæйцыдыстæм, æмæ Виталий йæ хистæрæн бамбарын кодта, афтæ æмæ афтæ партийы обкомы æрыгон кусджыты фæнды, демæ куы базонгæ уаиккой, уый. Васо иуцасдæр ницы сдзырдта, стæй алы ныхасыл дæр хъуыдыйы уæз æнцад, афтæмæй бамбарын кодта: «Æз уыцы кары нал дæн, æмæ ног зонгæтæ кæнон». Иуцасдæр хъусæй алæууыд, стæй йæ, цыма дзæбæх куы нæ бамбарой, уымæй фæтарст, уый хуызæн фæстæмæ разылд — æз æмæ Виталий фæсте бадтыстæм — æмæ йæ ныхмæ æрлæууæн кæмæн нæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй загъта: «Гъе афтæ сын зæгъ!» — æмæ хъуыддаг лыггондыл банымайгæйæ, размæ азылд.

Цы уавæры бахаудтæн, уый куыннæ ’мбæрстон, фæлæ ме ’мкусджытæй дæр æфсæрмы кодтон æмæ бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ Васомæ йæ фатермæ телефонæй бадзырдтон (нæ сæйраг горæты йын музыкалон-драмон театры фарсмæ иууатон фатер уыд) æмæ йын хабар бамбарын кодтон. Ме уæнджы мигъ цæмæй бадт æмæ цæмæй тарстæн, уымæн дзы йæ кой дæр нæ уыд. Иуæй, Васомæ кæй бадзырдтон, уый йын æхсызгон уыд, иннæмæй та, фембæлды хабар фехъусгæйæ, кæй сразы уыдзæн, уый уайтæккæ дæр бæрæг уыд, æндæр мæ нæ афарстаид: «Æмæ кæд уæ зæрды ис фембæлын?»

Бынтон æдзæттæйæ мæ æрæййæфта уыцы фарст æмæ иуцасдæр, цы зæгъон, уый нæ зыдтон, стæй чысыл фæкъуыхцыйы фæстæ загътон:

— Дæуæн рæстæг кæд уыдзæн, уæд.

— Уæдæ мæнæн ныртæккæ ис рæстæг.

Арфæ йын ракодтон, кæд æм фæзындзынæн, ууыл баныхас кодтам, æмæ хæтæл æрæвæрдтон.

Ныхас бæргæ бакодтон, фæлæ мæ алыхуызон сагъæстæ сæ быны аууæрстой. Сахаты æрдæгмæ ахæм фембæлд ацаразын бынтон æнцон нæ уыд. Иуæй, кусджытæ се ’ппæт бынаты нæ уыдысты, иннæмæй йæм бацæттæ кæнын дæр хъуыд. Уæдæ, кæдæм æрæмбырд уыдзыстæм, уый дæр ахъуыдыйы аккаг уыд. Ноджы, куыд рабæрæг, афтæмæй нæ машинæтæй дæр бынаты никæцы разынд, æмæ уый дæр иу сæрнизы фаг уыд. Фæлæ уæддæр хæрз цыбыр рæстæгмæ алцыдæр йæ гаччы абадт.

Нæ фембæлды хабар телеуынынады кусджытæм куы сыхъуыст, уæд дзы, йæ фадат кæмæн амыдта, уыдон уайтагъд радиойы хæдзары репетицигæнæн студийы балæууыдысты. Нæхиуæттæ дæр, хæрзыстæмтæй фæстæмæ, æрбамбырд сты æмæ фембæлды агъоммæ адæм æгæр бирæ дæр ма баисты. Нæ хæлæрттæй, кæйдæр машинæ нæ дуармæ разынд, æмæ мæ уый Васойы фатермæ бахæццæ кодта. Ныхасгонд рæстæгыл фысымы дуар бахостон. Уый рацæуынæввонг цæттæ уыд æмæ бынмæ æрхызтыстæм.

Ахæм рæстæджы куыд вæййы, афтæ фембæлд искæй байгом кæнын хъуыд, æмæ уыцы хæс æххæстгæнгæ мæхицæн æрцыд. Васойы тыххæй цалдæр ныхасы зæгъыны фæстæ бауынаффæ кодтам фембæлд фæрстытæн дзуæппытæ дæттыны хуызы саразын. Цæмæй æнхъæлмæ кæсын ма хъуыдаид, уый тыххæй фыццаг фарст радтон мæхæдæг:

— Цавæр хæстæ лæууы, æмткæй райсгæйæ, иранистикæ æмæ ирон æвзагзонынады размæ.

— Уый тыххæй, — загъта Васо, — кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ дзурæн ис, фæлæ æз бæлвырддæр зæгъдзынæн, мæнмæ ныртæккæ хæстæгдæр чи у, наукæйы уыцы къабаз — этимологийы тыххæй. Музафер куыд загъта æз мæ разныхасы уый тыххæй дзырдтон — афтæмæй дзырдуат фыст фæци.

Хъуамæ уыдаид цыппар томы æмæ цыппар томы дæр фæдæн. Бирæтæ мæ фæфæрсы, кæд рацæудзæн, уымæй. Уыдонæн æз ахæм дзуапп фæдæттын:

«Уасæджы хæс ныууасын у, хур кæд скæсдзæн, уый та хуры хъуыддаг у». «Дзырдуат»-æн хъæуы дзырдтæ амонæг, ома дзырдуаты дзырдтæй, чи кæцы æвзагмæ хауы, уыдон равæрын хъæуы бæлвырд фæткмæ гæсгæ.

Уый мæнмæ нæ хауы. Иуцасдæр механикон куыст у æмæ йæ бабар кодтон ме ’ххуысгæнджытæн. Куыст кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд уый уыдзæн фæндзæм том.

«Дзырдуат»-ыл куы куыстон, уæд мæм æрæмбырд бæлвырд фæлтæрддзинад, æмæ уый мæ зæрды бахынцын ис. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæ «Дзырдуат» хицæн кæны иннæ этимологон дзырдуæттæй. Уымæ гæсгæ йæ æз хуымæтæджы этимологон дзырдуат не схуыдтон, фæлæ историон-этимологон. Æмæ уыцы ног фæлтæрддзинады тыххæй радзурын мæ зæрды ис иннæ ахуыргæндтæн дæр, цæмæй æркæсой æмæ сæ хъуыды зæгъой, раст бакодтон æви нæ, уый тыххæй. Уыцы фарстайы фæдыл ныртæккæ фыссын статья «Куыд фæхуыздæргæнæн ис этимологон дзырдуæттæ?» Уым мæ зæрды ис мæ позицитæн бындур æрæвæрын.

Раздæр куыд загътон, афтæмæй нæ фембæлд фæрстытæ æмæ дзуæппытæй арæзт уыд. Раст зæгъын хъæуы, фылдæр фæрстытæ мæхæдæг лæвæрдтон. Дæлдæр Васо цы фæрстытæн дзуапп дæтты, уыдон дæр æм æз радтон, æмæ уыдысты ахæмтæ: «Куыд æмæ дæм кæд сæвзæрд „Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат“ саразыны хъуыды æмæ йыл куыд куыстай?», «Ирон æвзаг иртасыны сæйраг фæрстытæ дæумæ гæсгæ цавæртæ сты?»

Абайы-фырт радта ахæм дзуапп:

— Бынтон бæлвырд куы дзурон, уæд ыл кусын райдыдтой 1951 азы, æртындæс æмæ ссæдз азы размæ. Уæд фыссын райдыдтон статья «Этимологон дзырдуаты принципты тыххæй». Кусын куы райдыдтон, уæд рагацау мæ цæстыл уайын кодтон, дзырдуат цавæр уыдзæн, уый æмæ мæ уыцы хъуыдытæ бавæрынмæ хъавыдтæн ме статьяйы. Уый мыхуыры рацыд журнал «Вопросы языкознания»-йы 1952 азы номыртæй иуы. Афтæ райдыдта мæ куыст. Сымах бон у зæгъын, æгæр бирæ йыл фæкуыстай, зæгъгæ. 33 азы гыццыл нæу, фæлæ æндæр куыстытæ дæр кодтон. Уыцы рæстæг æз ныффыстон дæсгай статьятæ, уый та ууыл дзурæг у, æмæ-иу мæ рæстæгмæ «Дзырдуат»-ыл кусын иуварс æвæрын бахъуыд, æндæр куыстытæ кæй кодтон, уый тыххæй. Суанг ма æнæхъæн чиныг дæр рауагътон. Хуыйны «Скифо-европейские изоглоссы». Уыцы чиныджы тыххæй дæр мæ «Дзырдуат»-ыл дзæвгар рæстæг нæ куыстон. Æз ахæм зондыл хæст уыдтæн: тагъд кæнын нæ хъæуы. Талф-тулф куыстæй ме сæфт уынын. Æз кусын тынг сындæг, фæлæ методикон æгъдауæй. Архайын, цæмæй иу бон дæр дзæгъæлсæфт ма фæуа.

Дыккаг фарсты тыххæй куы дзурæм, уæд æй æз афтæ схонин: «Ирон лексикæйы стратификаци». Стратум латинагау амоны: фæлтæр, цъар. Лексикæйы стратификаци кæнæ дзырдты стратификаци амоны хицæн фæлтæртæ иртасын. Æвзаджы лексикæ тынг хъæздыг у, ис дзы дæсгай мин дзырдтæ. Уыцы лексикæйы баззад бирæ дугтæ æмæ æнусты фæд. Гъе æмæ сæйрагдæр фæрстытæй иу у ирон æвзаджы хронологон æгъдауæй уыцы фæлтæртæ раиртасын. Ахæм фæлтæртæ æз сбæлвырд кодтон цалдæр. Æппæты арфдæр æмæ рагондæр у иумæйаг индоевропæйаг фæлтæр. Ирон æвзаг хауы индоевропæйаг æвзæгты къордмæ. Уырдæм хауынц славянты æвзæгтæ, латинаг, бердзенаг, сомихаг, индиаг æвзæгтæ... Индоевропæйаг адæм ма иу æвзагыл куы дзырдтой, ирон æвзаджы лексикæйы иу хай хауы уыцы дугмæ. Уый мах эрæйы агъоммæ цыппæрæм минæм азæй фæстæдæр нæ уыди. Уыцы дугмæ хауынц нæ нымæцонтæ: дыууæ, æртæ; нæ номивджытæ: мæн, дæу, мæнæн, дæуæн; хæстæгдзинады терминтæ: мад, фыд æмæ афтæ дарддæр. Уыдон сты, ирон адæм рагон дугæй кæй рахастой, ахæм дзырдтæ. Уый фæстæ цæуы æндæр фæлтæр, цъар, æрыгондæр, фæлæ уый дæр рагоныл нымад у. Уыцы дзырдтæ сты иумæйаг индоирайнæгтæ.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ индиæгтæ æмæ ирайнæгты фыдæлтæ иу рæстæджы уыдысты иу адæм, ома ахицæн сты иумæйаг индоевропæйаг уидагæй, фæлæ ма уæддæр иугондыл нымад уыдысты. Ныртæккæ дæр ма индиаг æмæ ирайнаг æвзæгты ис иухуызон дзырдтæ. Уый у дыккаг, æрыгондæр цъар æмæ хауы мах эрæйы агъоммæ 3-минæм азмæ.

Уый фæстæ цæуы иумæйаг ирайнаг фæлтæр. Уырдæм хауынц, æрмæстдæр ирайнаг æвзæгты чи ис, ахæм дзырдтæ. Уыцы фæлтæр та хауы мах эрæйы агъоммæ 2-минæм азмæ. Иннæ фæлтæр — скифаг-европæйаг. Уый та хауы, скифаг-сæрмæтаг знæмтæ иннæ ирайнаг æвзæгтæй куы ахицæн сты, уыцы дугмæ. Уæд нæ фыдæлтæ цардысты Хуссар Уæрæсейы — ныхас цæуы ныртæккæйы географийыл. Сæ сыхæгтæ уыдысты европæйаг æвзæгты минæвæрттæ: славянтæ, гермайнæгтæ, латинаг æвзаджы фæдонтæ æмæ афтæ дарддæр. Уыцы рæстæг европæйаг адæмты æвзæгтæй не ’взагмæ ’рбацыд зæхгуысты бирæ терминтæ, зæгъæм, дыгурон тиллæг, ирон æфсир, æхсырф æмæ афтæ дарддæр.

Цæуыл дзуры уый?

Уый дзуры ууыл, æмæ нæ фыдæлтæ уый размæ уыдысты фосыкуыстгæнджытæ, мах эрæйы иуминæм азы та европæйаг адæмтыл сахуыр сты зæхгуыстыл.

Дарддæр. Иннæ фæлтæр у кавказаг. Уый у, ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ Цæгат Кавказмæ куы ’рбацыдысты æмæ бынæттон адæмимæ фæрсæй-фæрстæм цæрын куы райдыдтой, уыцы дуг. Уыцы рæстæгмæ хауы, мах «кавказаг субстрат» кæй хонæм, уый дæр, ома кавказаг знæмтæ базыдтой алайнаг æвзаг, фæлæ сæхиуæттæ дæр нæ ферох кодтой. Уымæ гæсгæ адæймаджы буары хæйттæ æвдисæг дзырдтæй бирæтæ, зæгъæм, къах, къух, дзых æмæ афтæ дарддæр, нæй иннæ индоевропæйаг æмæ ирайнаг æвзæгты. Уыдон сты кавказаг субстраты фæстиуджытæ.

Уыцы иу рæстæг аланты сыхæгтæ уыдысты тюркаг адæмтæ: хадзартæ, половецтæ, печенегтæ, ногъайæгтæ. Уыдонæй райстой бирæ тюркаг элементтæ, уæлдайдæр та адæймаджы нæмттæ: Набег, Нахан, Ауызби, Хазби æмæ афтæ дарддæр.

Уыцы фæлтæр йæ куыст кодта суанг манголты æрбабырсты онг. Манголты æрбабырст æвирхъау фæд ныууагъта нæ историйы, уымæн æмæ алайнаг феодалон паддзахад пырхгонд æрцыд, цæрджыты стыр хай бабын, иннæ хайы лидзын бахъуыд: иуты Венгримæ, иннæтæ та баиу сты манголтимæ æмæ се ’фсадимæ балæууыдысты Китайы. Кавказы чи баззад, уыдон сæ сæр бафснайдтой хæхты. Кæддæр паддзахад кæй уыдысты, уый сæ ферох. Сæхи Цæрадзонтæ æмæ Сидæмонтæ чи хуыдта, ома Цезарь æмæ Августы фæдонтæ, уыдон иннæты æхсæн ницæмæйуал бæрæг дардтой, сæ равзæрæн паддзæхтæй кæй уыд, уый ма тыххæйты хъуыды кодтой. Ирæтты феодализмæй фæстæмæ иу къæпхæн — мыггагон цардарæзтмæ хизын бахъуыд. XVIII — XIX æнусты цы базыдтам, уый феодалон цардарæзтæй мыггагон цардарæзтмæ хæстæгдæр у. Æрмæстдæр иуæй-иу кæмтты — уый дæр Кæсæджы æндæвдадæй — ногæй зынын райдыдтой феодалон ахастдзинæдтæ.

Æмæ æппынæрæджиау, фæстаг фæлтæр, цъар. Æз æй хонын æрæджиау-ирон æмæ у манголты æрбабырстæй абоны онг. Цæмæй хицæн кæны уый алайнаг-кавказагæй? Уымæй, æмæ алайнаг-кавказаг дуджы алантæ уыдысты тынг барджын æмæ кадджын адæм. Уыцы рæстæг иннæ æвзæгтæм бирæ ирон дзырдтæ бахауд. Фæлæ манголты æрбабырсты фæстæ, ома æрæджиау-ирон дуджы заман æвзаджы кад дæлæмæ ’рхауди æмæ ирæтты кавказаг æвзæгтæй дзæвгар дзырдтæ исын бахъуыд. Не ’взаджы фæзынди дæсгай гуырдзиаг, кæсгон æмæ æндæр æвзæгтæй ист дзырдтæ.

Фарст уыди æвзаджы сæйраг проблемæты тыххæй. Сæйрагдæр проблемæйыл æз нымайын мæ «Дзырдуат»-ы æрмæджы бындурыл ахæм стратифакаци раттын.

Фарст. Ирон адæмы истори, æвзаг æмæ культурæ ахуыр кæныны нæ бæстæйы æмæ фæсарæнты цавæр æнтыстдзинæдтæ ис?

Ацы фарст чи радта, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ йын Васо дзуапп зивæггæнгæйæ лæвæрдта:

— Фæстаг рæстæг нæ бæстæйы дæр, стæй фæсарæнты дæр бирæ алыхуызон литературæ цæуы мыхуыргонд. Ныртæккæ мæ къухы, бæлвырд дзуапп кæй фæрцы раттон, ахæм æрмæг нæй, стæй уый парахат æмæ алыхуызон уæрхад у. Зæгъæн ис уый, æмæ куыст нæхимæ дæр æмæ фæсарæнты дæр кæй не ’нцайы. Зæгъæм, Англисы ис æмбисонды ахуыргонд Гарольд Бейли. Уый æвæллайгæйæ кусы ирон æвзаджы фæрстытыл, фыссы. Æрæджы мыхуырæй рацыд йæ чиныг нарты кадджыты тыххæй. Кæнæ Дюмезиль. Бирæ азтæ йыл цæуы, фæлæ дзы ирон æвзаг рох нæу, уæлдайдæр нæ эпос. Ис иуцалдæр æрыгон ахуыргонды. Норвегийы ис æрыгон ахуыргонд — Тордарсон. Уый сæрмагондæй ацыд Туркмæ, цæмæй сахуыр кæна туркаг ирæтты æвзаг. Се ’хсæн бирæ рæстæг фæцард, ныффыста цымыдисаг æрмæг.

Ацы фембæлдæй бирæ рæстæг рацыд, фæлæ ма абоны хуызæн хъуыды кæнын радиойы кусæг Андиаты Мæхæмæты фарст:

— Æз цы фарст раттынмæ хъавын, уый æвзагзонынадæй иуцасдæр дæрддзæф лæууы, фæлæ уæддæр бафæрсынмæ хъавын. Махмæ бирæ историон цыртдзæвæнтæ ис. Зæгъæм, хæхбæсты мæсгуытæ. Иуæй-иу мыггæгтæ сæ сæхи бакодтой. Уыцы мæсгуытæ алантæ сарæзтой æви уыдон сæ бацыдмæ дæр уым уыдысты? Кæй мæсгуытæ уыдысты, нæ размæ уым чи царди?

Васо. Уыцы фарстæн дын, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр дзуапп раттид археолог, зæгъæм, Владимир Кузнецов. Мæнæн мæ бон зæгъын у: мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ æрæджыйы рæстæгмæ хауынц. Уыдон сыгъдæг ирон фæзынд сты æмæ сæ никæуыл æххуырсын хъæуы. Уыдон мах мæсгуытæ æмæ мах зæппæдзтæ сты. Ирæттæ, бæлвырд бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй Кавказы фæзындысты ног эрæйы I æнусы, мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ та хауынц XV — XVIII æнустæм. Фæрæдийынæй дæр тæрсын, фæлæ мæ нымадмæ гæсгæ, афтæ у. Уымæ гæсгæ сæ искæй хонын нæ хъæуы. Æндæр хъуыддаг у, зæххы бынæй цы скъахынц, уый. Зæгъæм, хъобайнаг культурæ. Уый æндæр хъуыддаг у. Хъобаны разындысты мах эрæйы агъоммæ 2- æмæ 1-минæм азты цыртдзæвæнтæ. Уæд ирæттæн ам сæ кой дæр нæма уыд. Уæдæ уыцы цыртдзæвæнтæ уыдысты ирæтты фыдæлты, бынæттон кавказаг адæмтæ сæм ницы бар дарынц. Уæлзæххон æмæ археологон цыртдзæвæнтæ кæрæдзийæ иртасын хъæуы.

Археологон цыртдзæвæнтæн хауæн ис алы фæлтæртæм. Уыцы цыртдзæвæнтæн уæвæн ис, æмæ хауой бронзæйы дугмæ, ома мах эрæйы агъоммæ 2-минæм азмæ, уæвæн сын ис, æмæ хауой бирæ фæстæдæрмæ, ирæтты дугмæ. Мæ дзуаппæй разы дæ æви бынтон нæ?

Мæхæмæт æххæст разы нæ уыд дзуаппæй æмæ ныхас йæхимæ айста:

— Уыцы цыртдзæвæнтæ нæ фыдæлты арæзт куы уыдаиккой, уæд ахæм хуызы сæхицæн хæдзæрттæ цæуылнæ арæзтой? Нæ фыдæлты цæрæнуæттæ тынг æгуыдзæг уыдысты, архитектурæйæ дард лæууыдысты. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыдон сæ бацыдмæ уым уыдысты.

Васо йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта:

— Æз, зæгъæм, хорз зонын, Абайты мæсыг Сыбайы кæд арæзт æрцыд, уый. Суанг ма йæ хъæуы цæрджытæй чи æмæ кæд сарæзта, уый дæр зонын. Æндæр адæмты тыххæй мæ гипотезæтæ агурын цæмæн хъæуы?

Сыбайы цæрджытæ хорз зонынц, Абайты мæсыг уæд æмæ уыдон кæй сарæзтой, уый. Куы зæгъын, суанг ма сæ номæй номмæ дæр зонынц.

Нæ та сразы уыцы ныхæстимæ дæр Мæхæмæт æмæ йæ рæстдзинады сæрыл дзурыныл архайдта:

— Æз Андиатæй дæн, махæн дæр дзы мæсгуытæ уыдис. Сæхицæн хæдзар аразын нæ зыдтой, фæлæ мæсыг самадтой.

Куыд бамбæрстон, афтæмæй уыцы ныхæстæ Васойы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уый бæрæг уыд, йæ цæсгомы хуыз кæй аивта, уымæй, уæлдайдæр та йæ ныхæстæй:

— Хæдзар аразын чи нæ зыдта, æз ахæм ирон адæм нæ зонын!..

Радио æмæ телеуынынадæй фембæлдмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон се ’ппæт ирæттæ нæ уыдысты, се ’хсæн уыд æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр æмæ уымæ гæсгæ ныхас кодтой уырыссаг æвзагыл, фæлæ Васо йæ фæстаг ныхæстæ загъта иронау. Куы зæгъын, Васо фæрстытæн дзуапп лæвæрдта уырыссагау, æз сæ раивтон ирон æвзагмæ, æмæ дзы кæд искæцы бынæттæ, Абайы-фырт, сæ иронау куыд загътаид, афтæ нæ рауадысты (нæ рауадысты, кæй зæгъын æй хъæуы), уæд рагацау хатыр курын.

Ныхас та фæстæмæ æвзагзонынады фæрстытæм рахызт. Мæн базонын фæндыд — стæй, куыд хъуыды кодтон, афтæмæй иннæты дæр — нæ бæстæйы дæр æмæ фæсарæнты дæр ирон æвзагмæ ахуыргæндтæ ахæм стыр æргом цæмæн здахынц, уый æмæ уазæджы бафарстон:

— Васо, ды, æз куыд нымайын, афтæмæй ирон æвзаг иртасджытæй бирæты зоныс, лæгæй-лæгмæ дзы кæуыл фембæлдтæ, ахæмтæ дæр чысыл нæ уыдаид. Цæмæн афтæ хæстæг айстой сæ зæрдæмæ ирон æвзаг?

— Ахуыргонд æцæг ахуыргонд куы уа, уæд алцæмæ дæр цымыдис у, алцы дæр æм диссаг кæсы. Европæйы иу æмæ дыууæ ахæм ахуыргонды нæй, Хуссар Америчы тар хъæдты цæрæг знæмты цард ахуыр кæнынмæ чи ацæуы. Уыдон тæрсынц, чысыл нымæц адæмыхæттыты минæвæрттæн сæ мыггаг куы сыскъуыйа, уымæй æмæ архайынц, цæмæй уыцы æвирхъау хъуыддаг ма ’рцæуа. Ахуыр сын кæнынц сæ цард, се ’взаг, се ’гъдæуттæ. Чи зоны, уыцы знæмты минæвæрттæ дис фæкæнынц, бирæ мингай километртæ дарддæрæй сæм уазджытæ кæй фæзыны, ууыл. Фæлæ ахуыргонд алцæмæ дæр къæрцхъус у. Ирон æвзаг кæй ахуырчындæуы, уым дæр диссагæй ницы ис. Стæй, куы ма йæ загътон, ирон æвзаг уæлдай тынгдæр æргом йæхимæ уымæн здахы, скифаг-сæрмæтаг къорды иунæг байзæддаг кæй у. Уыцы къордмæ кæддæр бирæ æвзæгтæ хауди, цы адæмтæ йыл дзырдтой, уыдон цардысты Уæрæсейы хуссайраг хайы уæрæх тъæпæнты, фæлæ дзы ирæттæ йеддæмæ ничиуал баззади. Уымæ гæсгæ йыл ахуыргæндтæ сæ цæст уый тыххæй дæр ма æрæвæрынц...

Асыйæгтимæ фембæлгæйæ, стæй-иу нæхиуæттæй дæр арæх фехъуыстон, нæ сыхаг адæмыхатты минæвæрттæ кæрæдзийæн салам дæтгæйæ, сæ ныхасмæ дзырд «алан», зæгъгæ, кæй бафтауынц. Æрмæст цы амоны, уый бæлвырддзинад нæ зыдтон æмæ дзы Васойы куы нæ бафарстаин, уæд цыма фæсмон фæкодтаин, афтæ мæм фæкаст æмæ фадатæй спайда кодтон. Васо, цæмæй фæрсын, уый куы бамбæрста, уæд йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта:

— Уыцы «алан» мах аланмæ ницы бар дары. Асыйæгты «алан» тюркаг «овлан»-æй рацыдис æмæ амоны «рагон æрдхорд».

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæммæ ис дыууæхуызон нымад: дæсгæйттæ æмæ ссæдзгæйттæ. Фарст раттыны размæ Васойæн, стæй фембæлды уæвджытæн мæ хъуыды бæлвырддæр бамбарын кæныны тыххæй загътон:

— Иуæй-иу ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ссæдзгæйттæй нымад литературон нæу, литературоныл нымайынц æрмæстдæр дыууынтæ æмæ æртынтæ. Мæнмæ уый раст нæ кæсы, уымæн æмæ æцæгæйдæр афтæ куы уаид, уæд Къоста нæ ныффыстаид «Ыссæдз азмæ азгай Æххуырсты цыдтæн...» Литературон «дыууын» куы уыдаид, уæд æй Къоста æнцонæй баивтаид, æмдзæвгæйы ритм нæ фехæлдаид, афтæмæй. Уый иу. Æрæджы Сирийæ Ирыстонмæ æрбацыд иу ирон. Йæ мыггаг æмæ йын йæ ном нал хъуыды кæнын. Æрбахуыдтой йæ наукон-иртасæг институтмæ æмæ куы дзырдта, уæд уый дæр йæ ныхасы пайда кодта «ссæдзтæ» æмæ «дыууиссæдзтæй». Æндæрхуызон нымадæй цæуылнæ пайда кæныс, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд рабæрæг, ахæм нымадимæ зонгæ кæй нæу. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ, фондзыссæдз азæй дзæвгар фылдæры размæ йæ бæстæйæ чи ацыд, уыцы ирæттæн «дыууынтæ» æмæ «æртынтæ» зонгæ нæ уыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.