Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 20 страница



Цæй, алчидæр Хуыцауы уазæг уæд, алкæмæн йæ цæсгом æмæ йе ’фсарм та — йæ тæрхонгæнæг.

Абайты Васойы тыххæй уыди ныхас æмæ уырдæм фæстæмæ рахизынмæ хъавын.

Уæлдæр ма йæ куы загътон: Васоимæ фембæлдтæн, мæн кæд фæндыди, уымæй бирæ фæстæдæр, фæлæ йæ фыццаг хатт куы федтон, уæд мæм профессоры хуызæн нæ фæкаст. Мæнæн институты лекцитæ цы профессортæ каст, уыдонæй иу дæр ахæм къæсхуыр нæ уыд. Зонгæ ахуыргæндты мын мæ зæрдыл не ’рлæууын кодта йæ хъæлæсыуаг, йе сныхас æмæ йæ фезмæлд дæр. Цыбыр дзырдæй, æз æнхъæлмæ кастæн æндæр Абайты Васомæ, уымæн æмæ мæ цæстытыл уади æндæрхуызонæй. Цавæрæй, уый зæгъынмæ базивæг кодтаин, фæлæ, æз цы Васойы федтон, ахæм бæлвырд нæ уыд. Дзырд дæр ыл нæй, Абайы-фырты дзыхæй фыццаг ныхас куы схауд, уымæй суанг фембæлды кæронмæ мæ хъуыды ивгæ цыд æмæ ахуыргонды фæлгонц мæ разы стырæй-стырдæр кодта æмæ æппынфæстаг мæ цæстыты раз сыстад, уый размæ æппындæр æнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, йæ зонындзинæдтæ, уæздандзинад æмæ хæдæфсармæн æмбал кæмæн нæ уыди, ахæм адæймаджы фæлгонц.

Бынтон бирæ хæттыты фембæлдыстæм, зæгъгæ, зæгъын мæ бон куы уаид, уæд æй нæ басусæг кæнин, фæлæ йыл къорд хатты кæй фембæлдтæн, уый бæлвырд у, стæй-иу алы фембæлды фæстæ дæр мæ зонындзинæдтыл кæй бафтыд, кæй-иу фæхъæздыгдæр дæн, уый дæр æцæгдзинад у. Æппæт хабæрттæ мæ зæрдыл хорз нæ бадардтон, фæлæ дыууæ фембæлды тыххæй мæ бон бæлвырд радзурын у, уымæн æмæ, цы дзырдта, уыдон магнитофоны лентыл фыст æрцыдысты.

1981 азы Васо уыдис Ирыстоны. Йæ фæллад уадзгæйæ, йæхи дзæбæх кодта Урсдоны. Уыцы рæстæджы уым уыдис мæ мады кæстæр æфсымæр Хосаты Хæчъассæ дæр. Æрзæткъахæнты бирæ фæкуыста, йæ зæнгтæ æмæ цæнгтæ фæсахъат сты, æмæ-иу санаторитæм арæх цыд. Æртæ æмæ ссæдз азы размæ йын путевкæ уырдæм радтой, æмæ йæ абæрæг кæнын сфæнд кодтон. Хæблиаты Сафарæн мæ фæндон бамбарын кодтон. Абайты Васо дæр уым ис, уый куы базыдта, уæд ын уыд уæлдай æхсызгондæр æмæ майрæмыкуадзæны мæйы авд æмæ ссæдзæм бон балцы араст стæм. Раздæр кæмæ бацыдыстæм, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ Васо æмæ йæ бинойнаг Цхуырбаты Ксеняимæ уазæгуаты баййæфтам хæххон-хъæууонхæдзарадон институты ахуыргæнæг, профессор, философон наукæты доктор Хачырты Æмзоры. Нæ бацыд сын æхсызгон кæй уыд, уый уайтæккæ дæр бамбæрстам æмæ нын хæлар ныхас бацайдагъ. Васо мæ бафарста:

— Кæцы Дзасохтæй дæ? Дзасохтæ Хуссар Ирыстоны дæр цæры.

Музафер. О, цæры. Мæ фыд Бадыхъæуы райгуырди.

Васо. А-а, Уæлладжыры. Æмæ кæрæдзимæ æрвадиуæг хæссут?

Музафер. О. Уыдон афтæ зæгъынц, мах, дам, Бадыхъæуæй ралидзгæ стæм.

Васо. Æвæццæгæн, афтæ уыдаид. Цæгатæй Хуссармæ лыгъдысты, ныр та фæстæмæ лидзынц, Хуссарæй Цæгатмæ.

Сафар. Библийы афтæ зæгъынц: алцыдæр дæр, дам, йæ бынатмæ ’рыздæхы.

Васо. Афтæ, афтæ.

Музафер. Васо, æмæ де ’нæниздзинад куыд у? Дзæбæх?

Васо. Дзæбæх. Саг, дзæбидыры хуызæн.

Музафер. Йемæ Хуыцау зæгъæд. Тузар, зæгъгæ, нæ зыдтай, Абайтæй? Алагирæй.

Васо. О, зыдтон.

Музафер. Уымæн йе ’фсымæры ус уыди мæ фыды фыдыхо... Лубæ.

Васо. Ирон адæммæ уыцы хорздзинад ис: хæстæг дардмæ хæссы. Æз-иу лæппуйæ бирæ цыдтæн Ирыстоны хъæутæм æмæ-иу ахæм хъæу æмæ ахæм хæдзар нæ уыди, æмæ мын кæцырдæмдæр хæстæг чи нæ разындаид. Вазыгджын бастдзинæдтæ-иу æнæмæнг хæстæгдзинадмæ æркодтой. Хæстæгдзинадæн стыр ахадындзинад уыд, уымæн æмæ хъуамæ искæй уазæгуарзондзинадыл дæ зæрдæ дардтаис. Хæстæгдзинад кæм уыд, уым та уазæгуарзондзинадæн æнæуæвгæ нæ уыд. Æз-иу Захъайы Абайтæм куы бафтыдтæн, уæд-иу цыма сæхи хæдзайраг уыдтæн, ахæм цæстæй-иу мæм ракастысты. Афтæмæй та-иу, кæрæдзийæн куыд хæстæг уыдыстæм, уымæн раиртасæн нæ уыд.

Æмзор. Хæстæг та-иу уæвгæ уыдыстут?

Васо. О, фæлæ уыцы хæстæгдзинады уидæгтæ кæцæй æвзæрдысты, уый сбæлвырд кæнын никæйуал бон уыд. Уæвгæ, уымæ æргом ничи здæхта. Æз-иу кæцыфæнды Абайтæм дæр бацыдтæн мæхи хæдзармæ цæуæгау. Уайтагъд-иу æфсинтæ базмæлыдысты. Чъиритæ кæнынмæ-иу февнæлдтой, кусарт-иу акодтой. Цыбыр рæстæгмæ-иу фынг арæвдз: уæлибæхтæ, арахъхъ, кæд уæд дæр æмæ ныр дæр нозтмæ хæстæг никуы цыдтæн, уæддæр. Цыбыр ныхасæй, бæркад-иу йæ былтæй акалд.

Æмзор. Кусарт дæр-иу...

Васо. Уый кой дæр кæныс! Уымæй хуымæтæгдæр хъуыддаг дзы ницы уыд.

Ксеня. Уæд фыдызгъæлмæ æхмхицдæр уыд. Ныр æй нал хæры. Ныр ма йæ æрмæстдæр æз хæрын.

Васо. О, уый раст у. Ныр та? Хъæдурджынæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Стæй мисыны къус дæр.

Сафар. Мисын нал бæззы. Стæй кæрдзын дæр. Газы пецыл æй куы сфыцай, уæд æй хус кæны æрмæстдæр.

Ксеня. Ма зæгъ. Мæскуыйы газы пецыл кæрдзын куы сфыцын, уæд мын æвзæр нæ рауайы. Æрмæст сæ стыртæ кæнын нæ хъæуы. Гыццылтæ хуыздæр уайынц.

Музафер. Æмæ уын ссад та кæм вæййы? Ардыгæй уын арвитынц?

Ксеня. Чи нын æрвита, ахæмтæ ис.

Васо. Æрæрвитынц нын.

Сафар. Махæн Абайтæй уыд хорз сиахс, Захар, зæгъгæ. Ахуыргонд. БМК-йы инженерæй куыста. Йæ фырттæй иу — Эрик, иннæ — Алик. Ныртæккæ уæртæ Сæлхийы цæрынц.

Васо. Абайтæ... Цъæйы, Захъайы, Къобы, Сыбайы...

Музафер. Дыгуры Абайтимæ иу не сты?

Васо. Уыдон цыма æндæр сты. Дыгурæттæ Æбатæ сты. Æбатæ æмæ Абайтæ хицæн сты. Дзасохтæ та Уæлладжыры æмæ Хуссар Ирыстоны... Хуссар Ирыстоны кæцы хъæуты сты?

Музафер. Уанелы, Тлийы. Уартæ дзы Лагодехы районы дæр цæры, Къахеты.

Васо. Уыдтæ сæм искуы?

Музафер. Къахеты уыдтæн, фæлæ дзы не ’рвадæлтæй никæмæ бафтыдтæн. Чъребайы уыдтæн. Уыдон ирон æгъдæуттыл фидардæр хæцынц, уазæгыл æнувыддæр сты.

Васо. О, о, се ’взаг, се ’гъдау нæ сафынц. Мах ацы сæрд Бакурианийы уыдыстæм, æмæ уырдæм хæстæг хъæуты ирæттæ бирæ цæры. Уыдон дæр се ’взаг нæ рох кæнынц.

(Фæстæдæр уырдыгон ирæттæй иу — Тыбылты Батрадзимæ базонгæ дæн. Уый ахуыргæнæгæй куыста æмæ мын уыцы фембæлдтытæй иуы тыххæй бæлвырддзинæдтæ радзырдта. Васоимæ фембæлд Гудзареты цæрджытæн бæрæгбоны хуызæн уыдис. Бæркадджын фынгтæ дæр куыннæ æрæвæрдтой, фæлæ, дам, цыма куывдмæ цыдысты, уый хуызæн алырдыгæй хуынтæ хастой. Васойы, кæй зæгъын æй хъæуы, кадджын бынаты сбадын кодтой. Фембæлд æгæр дæргъвæтин куы хаста, уæд ахуыргондмæ æрхатыдысты, дæ фæллад суадз, зæгъгæ, фæлæ семæ не сразы, æхсызгон, дам мын у, Гуырдзыстоны зæххыл цы ирон адæм цæры, уыдонимæ ныхас кæнын, сæ фыдæлты æгъдæуттыл куыд æнувыд сты, уымæ зæрдæрайгæйæ кæсын. Йæхи тыххæй куы ныхас кодта, уæд сын радзырдта йæ сабийы бонты тыххæй дæр. Цæрдæг лæппу, дам, уыдтæн æмæ-иу хистæртæн исты лæггад куы бакодтон, уæд-иу мын афтæ загътой: «Бирæ фæцæр!» Æмæ мыл хистæрты арфæ ’рцыд. Уыцы ныхæстæ-иу дзы æз мæхæдæг дæр фехъуыстон).

Музафер. Æз радиойы кусын æмæ Турчы цæрæг ирæттæй ардæм исчи куы ’рбацæуы, уæд сын сæ раныхæстæ ныффыссæм. Дзургæ хорз нал кæнынц, фæлæ уæддæр сæ мадæлон æвзагыл дзурыныл архайынц.

Васо. Мах уыдыстæм Турчы, æрмæст дзы ирæттыл нæ сæмбæлдыстæм. Абхазæгты федтам, æмæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй, Кавказæй чи ацыд, уыдоны сегасы дæр хонынц черкестæ. Кæрæдзиуыл, дам, тынг хæцынц. Туркимæ уыйбæрц лымæн не сты. Не ’мбæстæгтæ æфсæддон службæмæ рæвдз сты, уарзынц, дам æй. Бирæ сæм ис инæлæрттæ дæр. Уым байгом кодтой бæхджын æфсады уæлдæр скъола. Сæ хицауад, дам, иууылдæр сты ирæттæ, кæсгæттæ æмæ афтæ дарддæр. Афтæ æрбынæттон сты æмæ уырдæм, Кавказæй чи рацыд, уыдоны йеддæмæ никæй исынц. Ноджы архайынц хæстæгдзинад дæр сæ кæрæдзиимæ кæныныл.

Сафар. Фæлæуу-ма, ам ма фæстагмæ Турчы цæрæг ирæттæй, æнхъæлдæн, Хосонты лæппу уыд.

Музафер. Азæмæт Æлбегаты. Уый Сирийæ æрбацыд. Йæ ус араббаг у, фæлæ йæ иронау сахуыр кодта æмæ махимæ иронау дзырдта.

Васо. Патрис Лумумбæйы номыл университеты дзы цалдæрæй ахуыр кодтой, фæлæ уыдон дæр Сирийæ уыдысты.

Музафер. Уыцы Азæмæт дæр уым ахуыр кодта. Ам, нæхимæ, Ирыстоны дæр уыди. Йæ ахуыргæнæг Берозты Темырболатимæ.

Васо. О, о, ахуыр фæци, ныр та туристы хуызы æрбацыд ардæм. Æз æй нæ федтон, фæлæ мæ ахуыргæнинаг Исаты Мæхæмæтмæ уазæгуаты уыд. Уый мын куыд дзырдта, афтæмæй ирон æвзаг зоны. Ам йæ зæрдæмæ цыдæртæ нæ цæуы, цыдæртæ та цæуы.

Музафер. Æмæ æз уыцы Азæмæтимæ ныхас кодтон, ардæм цæуылнæ рацæут, зæгъгæ йæ фарстон, æмæ мын афтæ радзырдта: «Æз ирон дæн, фæлæ уым райгуырдтæн, уым схъомыл дæн æмæ ардæм куы ’рбацæуон, уæд, цы кусдзынæн, уый нæ зонын. Куыд цæрдзынæн, уый дæр афтæ — цæмæй цæрон, уый мын нæ уыдзæн æмæ ауыгъды хуызæнæй баззайдзынæн».

Васо. Нæ царды цы хъæнтæ ис, уый дæр фенынц, æвæццæгæн.

Музафер. Æз фæззæджы Венгрийы уыдтæн. Уым Балатоны цады былгæрон ис, зындгонд композитор Имре Кальман кæм райгуырд, уыцы горæт Шиофок. Уый хæдфарсмæ та — журналистты дунеон сфæлдыстадон хæдзар æмæ уым мæ фæллад уагътон. Уырдыгæй яссты сæйраг горæт Ясберенмæ фондзыссæдз километрæй бирæ фылдæр нæ уыд, тынг мæ фæндыди уырдæм бахауын, фæлæ мын нæ бантыст. Шиофокæй дард нæ уыд горæт Сексард дæр. Уым та царди, Мæскуыйы дыууæ азы кæимæ ахуыр кодтон, уыцы диссаджы хæларзæрдæ æмæ хæдæфсарм лæппу Гезе Сабо. Тынг балымæн стæм. Балатоны былгæрон мæ фæллад уадзын, уый куы базыдта, уæд нæм дыккаг бон æрбахæццæ. Сæхимæ нæ, уæ фарн бирæ, мæ бинойнагимæ аласта. Тынг ныл бацин кодтой. Зæгъæн ис, æмæ нæ номыл куывд сарæзтой. Дыккаг бон райсомæй куы сыстадыстæм, уæд, йæ мидбылты хин худт кæнгæйæ, загъта: «Знон ресег æз æмæ ды нæ, фæлæ Магдæ (йæ бинойнаг) æмæ Фатимæ (мæ бинойнаг) уыдысты.

Васо. Ресег уый расыг у.

Музафер. Венгриаг æвзаджы ма ис æндæр ирон дзырдтæ дæр: хид, уæрм, авг, кард, æвзист...

Васо. Дыууиссæдз æви фондз æмæ дыууиссæдзмæ хæццæ кæнынц.

Музафер. Хæдзар та сæм «хадз» у æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма уый дæр ирæттæй райстой. Чи зоны, индоевропæйаг у. Васо, де статья венгриаг яссты тыххæй куы бакастæн, уæд мæм фæзынд уыцы Бунчу æмæ Лехелы тыххæй поэмæ ныффыссыны зонд.

Васо. Уый цымыдисаг у. Æмзор, æвæццæгæн, уыцы истори зоны. Кæддæр, цавæрдæр къарол Сигизмунды рæстæг уыдис дыууæ абырæджы. Уыдон никæмæй тарстысты, хицауадæй никæмæ хъуыстой. Æрæджиау сæ æрцахстой æмæ сын марыны тæрхон рахастой. Сæ мæлæты размæ сæ фарстой, кæй ма уæ цы фæнды, зæгъгæ. Æмæ сæ иу афтæ — цуанон уыдис — мæ цуаноны сыкъайæ, дам ма иу хатт æрцæгъдин. Император сæ цуры къæлæтджыны бадт æмæ тæрхонмæ йæ цæст дардта. Лехелæн сыкъа куы рахастой, уæд дзы императоры сæр йæ тых-йæ бонæй афтæ тынг ныццавта, æмæ лæг дзыхъмард фæцис. Уыцы сыкъа ныртæккæ дæр Ясберены горæты музейы кадджын бынаты æвæрд у.

Æмзор. Иу дзырдæй йæ йе ’цæг дунемæ арвыста, нæ?

Музафер. О, мæрдты, дам мын лæггадгæнæг фæу.

Васо. Уый тынг цымыдисаг фæзилæн у: императоры йæхицæн ныффæлдыста. Куы йæ цавта, уæд, дам, ахæм ныхæстæ загъта: «Мæрдты мын бæхæй фæцу!» Фæлдисын сыгъдæг ирон æгъдау у. Таурæгъы Бунчу æмæ Лехел яссæгтæ кæй сты, уый загъд никуы у, фæлæ императоры йæхицæн кæй ныффæлдыста, уымæ гæсгæ зæгъæн ис, яссæгтæ кæй уыдысты... Уыдон сæхæдæг махимæ бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ тынг тырнынц. Ясберены горæты ис музей, æмæ йæ директор Янош Тотт, йæ мыггаг Тотт, йæ ном Янош, фыста, зæгъгæ, дам, хорз уаид иумæйаг этнографон æмæ археологон экспедицитæ саразын. Ясстæм ма сæ культурæйæ цы баззад, уымæ æркæсын цымыдисаг бæргæ уаид, фæлæ махуæттæ ницы сæ хъус æрдардтой. Æз ма, горæтты æхсæн цы æфсымæрон ахастдзинæдтæ вæййы, ахæм бастдзинæдтæ саразыны фæндон дæр бахастон... Дзæуджыхъæуæн, æнхъæлдæн, хæлардзинады ахастдзинæдтæ ис болгайраг горæт Кырджалиимæ. Ясберень нæм Кырджалийæ хæстæгдæр у, хæларæй цæрынæн нын фидардæр бындур ис.

Ксеня. Янош Тотт нæм уазæгуаты куы уыд, уæд æй Васо бафарста: «Ды венгр дæ?» Æмæ йын дзуапп радта: «Нæ, æз дæн ясс».

Васо. Уый Янош нæ уыди, фæлæ йе ’фсымæр Тибор. Уый антрополог у.

Ксеня. О, о, антрополог. Фæивддзаг сæ кодтон.

Æмзор. Шандор исты амоны?

Васо. Алыксандр.

Æмзор. Махмæ та Сандыр?

Васо. О. Ясберены ма ис ноджыдæр иу ахуыргонд, Сабо, зæгъгæ. Венгриаг яссты тыххæй ныффыста цалдæр статьяйы. Уыцы хабæрттæм уым махæй къæрцхъусдæр сты. Махæй сæм фылдæр æргом здахынц.

Музафер. Цы ма сæм бафиппайдтон: сæ уазалгæнæнтæ, «Лехел», зæгъгæ, афтæ хуыйнынц.

Васо. Лехел? Æвæццæгæн, уыцы Лехелы номыл.

Сафар. Васо, иу хабарыл тынг бадис кодтон. Англисаг Ивлин Во стыр фыссæгыл нымад у.

Васо. Куыд загътай?

Сафар. Ивлин Во.

Васо. А-а. Бамбæрстон дæ.

Сафар. Æмæ йæм ис повесть «Æнæферохгæнгæ» («Незабвенная»). Ныхас дзы цæуы иу англисаджы царды тыххæй. Уый бахауди Америчы Иугонд Штаттæм. Иунæгæй фæцард æмæ куы амард, уæд ын йæ ныгæныны хабæрттæ йæхимæ райста йе ’рдхорд. Зиан æфснайыны бюройы кусæг æрыгон чызг æй фæрсы, чи амард, уый, дам, мыййаг, кавказаг нæу. Лæг ын дзуапп радта, нæгъ, зæгъгæ, æмæ йын йæхи бафарста, цæмæн, дам, дæм афтæ кæсы. Сыгъдæг англисаг, дам, у. Чызг дæр та йын дзуапп радта: «Æцæг англисæгтæ иууылдæр кавказæгтæ сты».

Васо. Афтæ дзурынæн æппындæр ницы бындур ис.

Сафар. Уæд туркæгтæ цæуылнæ загъта?

Васо. Куыд радзырдтай, афтæ мыхуыргонд æрцыд?

Сафар. О.

Васо. Уыдон ницы ныхæстæ сты. Раст мæнæ кæддæр «Лондон» «лæууæндон» куыд рахуыдтой, ахæм ницæйаг ныхæстæ.

Сафар. Æнæрхъуыды ныхæстæ чи кæна, ахæм фыссæг нæу Ивлин Во. Афтæ раджы нæ амард. Мæнмæ гæсгæ, 1963 азы. Йæ повесть журнал «Фæсарæйнаг литературæ»-йы мыхуыргонд æрцыд. Фæстæдæр та стыр томæй фæзынди «Фæсарæйнаг прозæйы дæснытæ», зæгъгæ, уыцы серийы.

Васо. Кæмфæнды куы рацæуа, уæддæр Кавказ æмæ Англисы æхсæн никуы ницавæр бастдзинæдтæ уыди.

Ксеня. Дæ испайнаг уацхæссæгимæ дæр ма дыл раст ахæм цау æрцыди.

Васо. Уый бынтон афтæ нæ уыди, уымæн æмæ алантæ Испанийы цардысты, Англисы та никуы цардысты.

Музафер. Ныр уыцы басктæ кæмæ хæстæгдæр сты? Гуырдзымæ?

Васо. Гуырдзымæ нæ, абхазмæ.

Музафер. Махмæ æппындæр ницы бар дарынц?

Васо. Ницы. Махимæ сын ницы бастдзинад ис.

Сафар. Æмæ сæм уæдæ лæг йæ усмæ йæ номæй цæуылнæ дзуры?

Васо. Уыцы æгъдау бирæ адæмтæм ис. Махмæ, Памиры дæр ис уыцы æгъдау.

Сафар. Усай, зæгъгæ.

Васо. Уый аразгæ у социалон рæзты æмвæзадимæ. Национ хицæндзинæдтимæ баст нæу. Абхазты рагон антикон автортæ хуыдтой абасктæ, абазгитæ. Абхазтæ алы дзырдмæ дæр разæй дамгъæ «а» кæй æфтауынц, уый зонут?

Сафар. Абукет.

Васо (худы). Амагазин æмæ афтæ дарддæр. Æрмæст баск æмæ абазг дæр дзурæг сты, ацы дыууæ адæмы кæрæдзийæн хæстæг кæй æййафынц. Дзæвгар ма сæм ис æндæр иумæйаг миниуджытæ дæр. Уыцы фарстатыл стыр ахуыргæндтæ кусынц. Зæгъæм, Францы ис профессор Лафон. Кусы басктæ æмæ картвелты, растдæр зæгъгæйæ та, æппæт кавказаг къордмæ хауæг адæмты хæстæгдзинады фарстатыл. Уый куыд нымайы, афтæмæй абхазтæ, свантæ, гуырдзиæгтæ хауынц зæххастæуденджызон иумæйаг расæйы баззайæггæгтæм.

Æмзор. Гуырдзы æмæ абхазты æхсæн иставæр хæстæгдзинад ис?

Васо. Иумæйаг кавказаг хæстæгдзинад.

Музафер. Нæ фыдæлтæ ам кæй æрбаййæфтой, уыдон цавæр адæм уыдысты?

Васо. Дыууæ термины — «двал» æмæ «царца» — дзурæг сты, ам цавæрдæр кавказаг, бынæттон знæм кæй цардис, ууыл. Уый тыххæй фыста Гамрекели.

Музафер. Васо, ацы дон дын исты æххуыс кæны?

Васо. Фарон дæр ма райстон цалдæр ваннæйы æмæ мын цыма хæрз чысыл феххуыс, афтæ мæм фæкаст æмæ та ацы аз дæр æрбацыдтæн. Фæд-фæдыл, дам, цалдæр азы куы райсай, уæд, дам, хорз у.

Сафар. «Дзырдуат» цæттæ нæма у, фæстаг том, цыппæрæм?

Васо. Гъер мæ цахъхъæн лæг афтæ куы зæгъа, уæд æмæ уæд рацæудзæн, зæгъгæ, уæд уый рог ми уыдзæн. Бæрæг нæу. Сындæггай йыл кусын. Кæд цæрон, уæд рацæудзæн.

Музафер. Хуыцауы уазæг у. Нæхи чынгуытæй дын истытæ балæвар кæниккам, æмæ ардыгæй уæргътæ хæсдзынæ? Фæлтау, горæтмæ куы ссæуай, уæд...

Васо. Бузныг зæгъдзынæн уæ лæварæй.

Музафер. Æз мæ чиныг схуыдтон «Урсдоны былыл Бæрæгъуын...». Æз бæрæгъуыйнаг дæн.

Васо. А-а. Бæрæгъуын. Уым райгуырдтæ?

Музафер. О. Уым райгуырдтæн, уым схъомыл дæн.

Васо. Æмæ мын дæхи чингуытæй исты æрбахастай?

Музафер. О, мæнæ.

Васо. Ныффыстай йыл?

Музафер. Ныртæккæ йыл ныффысдзынæн.

Васо. Музафер, араббаг ном дыл чи сæвæрдта?

Музафер. Мæ фыд. Бухары уыд æмæ уым дыууæ лæппуимæ балымæн. Иу дзы хуынди Сæлуат.

Васо. Сæлуат, уый Салават, зæгъгæ, афтæ амоны.

Музафер. Иннæ та, æз куыд хуыйнын, афтæ. Æмæ мыл мæ фыд йе ’рдхорды ном сæвæрдта.

Васо. Фæлæ æнæуи чырыстон дæ, нæ?

Музафер. О. Пысылмон мæнæ Сафар у.

Васо. Сафар — уый пысылмон ном у.

Сафар. Æз сыгъдæг пысылмон дæн. Хъуыран сæрæй кæронмæ бакастæн.

Васо. Уанцон нæу!

Сафар. Æз та, Васо, мæнæ Къостайы тыххæй таурæгъæй цы фехъуыстон, уыдоныл фæфыдæбон кодтон æмæ чиныгæй рацыдысты. Лæвар дын æй кæнын, кæд дын уæзы хос нæ уа, уæд.

Васо. Стыр бузныг.

Сафар. Документæй дзы æппындæр ницы ис. Æрмæст адæмы ’хсæн цы хъуысы Къостайы тыххæй, уыдæттæ.

Васо. Уый хорз æрхъуыды у. Адæймаг Къостайау таурæгъы хуызæн куы свæййы, уæд ыл адæм алыхуызон историтæ мысын райдайынц. Музафер, æмæ дын æмдзæвгæтæ дæр æмбырдгондæй рацыдыстысты?

Музафер. О. Уыдон дæр рахастон, фæлæ мын, æвæццæгæн, машинæйы баззадысты. Ныртæккæ сæ ’рбахæсдзынæн...

Васойы «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы æртæ томы мемæ ахастон æмæ мын фыццаг томыл латинаг дамгъæтæй ныффыста: «Музаферæн зæрдæхæларæй. 1981 азы 21 август». Дыккаг æмæ æртыккаг томтыл та йæ къух æрæвæрдта. Сафармæ йæхи чиныг йемæ нæ фæци. Уыдис æм редакцийы «Дзырдуат»-ы фыццаг том. Васо, Сафарæн йæхи чиныг нæу, уый куы базыдта, уæд дзы исты ныффыссынмæ базивæг кодта.

Нæхи цæуынмæ рæвдз кæнын райдыдтам. Мæнæн ма мæ поэмæ «Лехелы сыкъа»-мæ мæ зæрдæ ’хсайдта æмæ мæ хъуыдытæ æргомæй загътон:

— Мæ поэмæйы исты æнæрастдзинæдтæ куы рауайа, уымæй тæрсын.

Сафар. Уый ницы кæны.

Васо. Поэты бон иучысыл хабæрттæ æрымысын у.

Музафер. Æз æй афтæ скодтон, цыма алантæ цæуынц скæсæнæй ныгуылæнмæ хуры фæстæ. Бахæццæ сты фурды былмæ, æмæ хур фурды куы аныгуылд, уæд уыдон та фæстæмæ раздæхтысты. Гермайнæгтимæ дæр афтæмæй сæмбæлдысты. Хъазуатон тохы Бунчу æмæ Лехел уацары бахаудысты.

Васо. Уый сæрибар композици у. Кæй зæгъын æй хъæуы, Лехелы историйы бæлвырд уавæртыл ныхас цæуы æмæ йæм историчы цæстæй акæсгæйæ къухбакæнæн уыдзæни.

Музафер. Æз дæр уымæй тæрсын. Цæмæй ма дæ бафæрсынмæ хъавын. Уыцы рæстæджы акинакæй пайда кодтой?

Васо. Акинак у цыбыр цирхъ (меч).

Музафер. Уыцы хæцæнгарзæй хæцыдаиккой?

Васо. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæцыдысты. Йæ кой Геродотмæ дæр ис. Цыбыр цирхъ (меч). Цæуынмæ рахъавыдыстæм.

Васо. Бузныг, кæй нæ абæрæг кодтат, уый тыххæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.