Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Цыппæрæм хай



I

Уалдзæг райдыдта æвиппайды. Хæхбæсты йын афон дæр нæма уыд. Хур уыцы рæдауæй æркасти бæстæмæ æмæ йæ йæ хъарм тынтæ уайтагъддæр барæвдыдтой. Хъæлдзæгæй ахæлæф кодтой митдæттæ æмæ нарæг фæдтæй сæ хæл-хæл хъуысти. Хуссарвæрсты миттæ уайтагъд атадысты æмæ кæрдæджытæ сæ чысыл цъæх-цъæхид сыфтæ хурмæ сдардтой.

Æрмæст иннæ азты хуызæн хъæлдзæг нæ уыдысты адæм, æрмæст иуæй-иутæ зылдысты сæ кусæндзаумæттæм. Бирæтæ, сæхимæ хъусгæ, рацу-бацу кодтой сæ кæрты къуымты, арæх æмбырд уыдысты ныхасы æмæ æдзухдæр кодтой уыциу хабæрттæ — Туркмæ лидзыны кой. Æмæ æрмæст лæгтæ нæ дзырдтой ууыл: сылгоймæгтæ, фæсивæд, сабитæ дæр.

Куындыхаты Муссæ Терчы бæстæйы хицау Лорис-Меликовмæ йæ писмойы уый тыххæй фыста:

«Ваше Превосходительство Михаил Тариелович!

...По очень верным сведениям, я узнаю, что число переселенцев с каждым днем быстро растет. Жители Малой Чечни и карабулаки почти все изъявили желание переселиться; в Большой Чечне тоже очень много желающих. Мне кажется, что число переселенцев будет далеко больше, чем предполагалось. Начальникам округов, не исключая Кабардинского и Осетинского, необходимо нужно дать наставления, какие Вы находите полезными. Из Дагестана очень много приезжæт в Чечню с просьбой переселиться всем вместе. Если я найду, то отправлю брата моего Афако в Чечню: сказать там влиятельным людям, чтобы они не упускали из виду то, что в нынешнем году всем чеченцам не предстоит возможности переселиться...

С истинным почтением и преданностью имею честь быть покорный слуга...

8 марта 1965 г. Аул Скут-Кох...»

***

Уалдзæг афæдзы сæр у, уалдзæджы хурæй бæстæ æмызмæлд свæййы — алчи куыстыл æрлæууы. Фæлæ ныр та æмызмæлд адæмы хъуыдытæ скодтой — къухтæ ницæмæ тасыдысты, æрмæст хъуыдытæ, хъуыдытæ, сагъæстæ æмæ ныхæстæ.

Цæцæны хъæуты бирæтæ сæ фос ауæйыл нæ ауæрстой, се ’ннæ мулкмæ дæр-иу бавнæлдтой æмæ дард балцмæ цæттæйыл уыдысты.

Хицæуттæ æппæт уыдæттæ уыдтой æмæ алы мадзæлттæй архайдтой, тас цы цæцæйнæгтæй уыди, æппæты фыццаг уыдоны алидзын кæныныл. Цæцæны зылды хицау инæлар кънйаз Туманов хъусын кодта Лорис-Меликовæн:

«...Нельзя ручаться, чтобы испорченная молодежь чеченская привыкшая к грабежу и убийству, не постаралась бы вновь показать свою удаль и тем, будто бы защищая религию, защитить и самих себя от гибели, которую, по слухам в народе, русские приготовляют всему населению. Агенты мои... в народе, за которым следят и постоянно сообщают о всех толках и намерениях жителей, за которыми учрежден самый бдительный и зоркий надзор...»

Кънйаз хæлд цы фæсивæды хуыдта, уыцы цæцæйнæгты нæ фæндыди сæ фыдæлты зæхх, сæ райгуырæн бæстæ ныууадзын æмæ Туркмæ алидзын. Фæлæ баззайынæй дæр тарстысты, моллотæ афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, паддзахы салдæттæ æппынфæстаг цæцæны бындзагъд ныккæндзысты.

Кæд фæдысмудджытæ адæмы æхсæн разил-базил кодтой æмæ, æлхæд кæмæн уыдысты, уыдонмæ дзырдтæ хастой, кæд Куындыхаты Муссæ Терчы бæсты хицаумæ фыста, цæцæн алидзынмæ цæттæ сты æмæ куыддæр кæрдæг суайа, афтæ фезмæлдзысты, зæгъгæ, уæддæр та арт ссыгъди. Цæцæны бæстыл айхъуысти Харачойы хъæуккаг Бечмырзаты Тазайы сидт: «Цæттæ ут газзатмæ, иунæг кадджын хуыцау æмæ нæм Мæхæмæт-пехуымпар сидынц джауырты ныхмæ тохмæ. Цæттæ ут хæстмæ, нæ бæстæй фæтæрæм не знæгты!»

Бахæццæ цæцæнмæ Тазайы сидт, рафыхти та сæ туг сæ домбай уæнгты, сæ зæрдæты та фæзындис стыр ныфс. Фæлæ дзы æрмæст иуæй-иутæ райстой сæ хæцæнгæрзтæ, сбадтысты сæ бæхтыл æмæ хъæбатыр Тазайы фарсмæ æрлæууыдысты...

Уази дæр къуырма нæ разынд, фехъуыста сæ. Уый уыдта: иуæй тохмæ цæттæ сты, иннæмæй сæхи Туркмæ лидзынмæ рæвдз кæнынц. Цы бачындæуа, кæцырдæм цæуа? Ницы æрхъуыды фæрæзта Уази. Чи зоны, Хасан нæ уыди, зæгъгæ, уæд уый дæр бафæзмыдтаид, фылдæр адæм цы кодтой, уый. Фæлæ Хасан — цардæгас æвдисæн — йæ фарсмæ уыди, алцыдæр йæхæдæг федта, алцыдæр йæхæдæг бавзæрста. Куыд ахиза йæ сæрты æмæ йын йæ ныхæстæ куыд ницæмæ æрдара?!. Уази стыр катайы бахаудта æмæ йæ сæр йæ кой сси.

Уæдæй æдыхдæр никуы фæкаст йæхимæ Уази, æнæхъару сывæллонау сси, бонтæ та йыл ихуарæгау згъæлдысты æмæ згъæлыдысты. Стæй йæм Тазайы сидт куы бахæццæ, уæд, цыма уæззау фынæйæ фехъал, уыйау йæ æнтъыснæгдзинадæй фервæзти, уый зæрдæйы дæр та фæзындис ныфс.

— Арт та ссыгъдис, Уази, æмæ та йæ цырены мæгуыр адæм басудздзысты, — йæ сæр банкъуыста Хасан, Харачойы хабæрттæ куы фехъуыста, уæд.

— Уыцы артæн ахуыссæн никуы ис, ме ’фсымæры хай, цалынмæ нæм æцæг лæгтæ уа, уæдмæ пиллонæй судздзæн, — сæрыстырæй дзуапп радта Уази.

— Æнамонддзинад у уый, цæцæн сæхи дзæгъæлы цæуыл сафынц?.. — тыхсти Хасан.

— Æдзух не знæгтæ нæ уæлахиз кæндзысты, искуы мах рад дæр æрцæудзæн...

Афтæ дзурын райдыдта Уази, фæлæ Хасан йæ ныхас фæраздæр кодта:

— Цалынмæ нæ рад цæуа, уæдмæ нæ къахыл цæуæг нал баззайдзæн. Мæнмæ гæсгæ нæ рады уырысимæ фидыд цард кæнын ис, æмæ йæ цас æрæгмæдæр райдайæм, уыйас нæхицæн фыддæр уыдзæн...

Уази йемæ не сразы, фæлæ йын йæ ныхмæ цы æрæвæрдтаид, уый нæ зыдта, дуне куыдтæтæ сси, уымæн ницуал æмбæрста. Дзæбæх-иу куы асагъæс кодта, уæд сразы, Хасан цæуыл дзырдта, уыдонимæ, фæлæ тарсти уырысимæ иумæ æрцæрынæй — цæмæн, ууыл хъуыдымæ йæ нæ равдæлд. Æмæ кæд Харачойы хабæрттæм йæ туг рафыхти, уæддæр Хасаны ныхæсты фæстæ, цы арты тыххæй дзырдта, уым нæ багæпп ласта.

Таза алыстанджыйæгтæм æрбарвыста: «Ме ’фсымæртæ! Самхалæй нæм хабар æрбахæццæ — джауыртæн раздæр цы ныхас радтам, уый хæлд æрцыд, уыдон хуыцауы æлгъыст сты. Мах цæттæ стæм æмæ уæ курæм сæ ныхмæ тохмæ рацæут».

Хъæуы цæрджытæ æрæмбырд сты, æмæ хистæртæ се ’ппæты номæй дзуапп арвыстой: «Мах цæттæ стæм тохмæ. Хуыцау нын баххуыс кæндзæн æмæ армыдзаг уæвгæйæ дæр бирæ знæгты къордыл фæуæлахиз уыдзыстæм».

Æгас хæхбæсты дæр айзæлыди Тазайы сидт: «Тæппуд чи у, уыдон мæм хæстæг ма æрбацæуæнт, аздæхæнт æмæ сæ бæхты къæхты фæдтæ агурæнт! Домбайы зæрдæ кæмæн ис, æрмæст мын уыдон сты æмбæлттæ!»

Харачойы лæгтæ куыд бауынаффæ кодтой, хъуыддæгтæ афтæ нæ рауадысты. Цæцæн æрмæст иуцасдæрæй æрбалæууыдысты Тазайы алыварс, сæ фылдæр — Харачойы цæрджытæ. Паддзахы æфсæдтæ куыддæр хабар базыдтой, афтæ хъæуыл æртыхстысты. Службæйы сæм чи уыд, иу ахæм цæцæйнаг барвыста хъæумæ: кæнæ Тазайы раттут, кæнæ уæ фæнык фестын кæндзысты...

Хъæубæстæ æрсагъæс кодтой. Æрсагъæс кодта Бечмырзæйы-фырт хъæбатыр Таза, федта йæ алфамбылай домбай æфсæдтæ, бамбæрста, цалдæрæй уыдоны ныхмæ æрлæууын дæр кæй нæ бафæраздзысты, уый æмæ йæхи радта. Харачойы хъæу иваргонд æрцыд мин сомæй, Алыстанджыйы цæрджытæ та хъуамæ сæ бынатæй сыстадаиккой.

Фехъуыста уыцы хабæрттæ Уази æмæ йæ зæрдæйы тугтæ ныккалдысты — бауырныдта йæ, кæй ницуал гæнæн ис, уый, тыхджын у уырысы паддзах, йе ’фсæдты раз йæ сæр сисын никæй бон бауыдзæн, фæлæ семæ цæрын бафæраздзæн? Стæй йæм цы цæстæй ракæсдзысты йе ’мхъæуккæгтæ? Æмæ сфæнд кодта Уази Турчы бæстæм фæлидзын — адæм кæм сæфой, уым уый дæр куы фесæфа, уæд уæлдай ницуал æрцæудзæн, уæдæ ма иунæгæй цæргæйæ дæр куыд баззайдзæн?

Ацы хатт Хасан ныхас дæр нæ загъта Уазийæн, цæмæндæр ын ницуал хъауджыдæр уыд, стæй куырм нæ уыд — паддзахы æфсæдтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц æмæ бынтондæр æртыхстысты цæцæны хъæутыл. Кæй ма бауырныдтаид, бархи цард ма уыдзæн, уый? Хæрз æрæджы йæм цы хъуыды æрцыд — æз дæр кæд цæрынæн исты амал кæнин — уый æрымысыд æмæ йæ дзыхы мæстад фæзынди.

«Куыд нæ стæй! — хъуыды кодта уый. — Мæнмæ амонд нæ, фæлæ йæ аууон дæр нæ хауы. Уыйас фыдæбæттæ дæр дзæгъæлы бавзæрстон. Цы уа, уый уæд, мæн ницуал хъæуы», — æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт ын йæ фыд цы хабар дзырдта, уый.

Иу заман хурхортæ хуры хордтой æмæ бонсихорафон бæстæ баталынг. Æнахуыр тары цæргæс рæдыдæй батахти арф уынгæг комы. Иуырдæм атæхы æмæ къæдзæхы тигъыл йæхи ныццæвы, иннæрдæм атæхы — фыддæр цæф та йыл уым ауайы, æмæ дуртыл йæ тугтæ калдысты. Бирæ фæцавта йæхи йæ æнæсæрфаты тыххæй, стæй йæ бон куынæуал уыди, уæд зæхмæ æрхауди æмæ йæ уд исыныл ныллæууыд. Хур йе знæгтыл фæтыхджындæр æмæ та арвæй йæ рухс цæст разынди. Цинæй байдзаг цæргæсы зæрдæ, æрæмбырд кодта йæ фæстаг тыхтæ æмæ ма йæ базыртыл иунæг хатт схæцыди.

Фæлæ уый уыди цæргæсæн йæ фæстаг фезмæлд — ахуыссыд йæ цæстыты зынг, æрхаудтой базыртæ...

Йæхи цард дæр æм афтæ фæкаст. Æмæ кæд мæлгæ нæма акодта, уæддæр æгæстыл йæхи нал нымадта.

***

Гæнæн æмæ амал цас уыдис, уымæй Уази бацархайдта цыдæртæ ауæйыл, Хасан дæр æм фæкасти. Уый куыд дзырдта, афтæмæй кæд демæ Туркмæ дзæбæх æхца аирвæза, уæд уым дæр исты амæлттæ кæндзынæ. Уази ныууагъта дуцгæ хъуг, уалдзæджы ныззад, стæй дыууæаздзыд сыл род, дыууæ фысы фæндаггаг, иннæтæ йын ауæй сты — цалдæр сæгъы, цалдæр фысы, иу род, мæргътæ. Хор дæр æм уæлдæйттæ уыд. Æххормаг азæй тæрсгæйæ, афæдзæй-афæдзмæ кæй фембырд кодта, уый. Уыдæтты фæрцы йæм иу чысыл æхца бамбырд.

Уази бæхты кой не скодта. Уæвгæ йæм цы бæхтæ уыд — иу уæрдоны бæх, иу саргъы бæх. Ноджы ма Хасаны бæхыл дæр йæ зæрдæ дардта, уырныдта йæ, семæ кæй ацæудзæн, уый. Тæригъæд ын бæргæ кодта, фæлæ йын йæ бон цы бауыдаид: Ирмæ йын ацæуæн нæ уыд, уым æй агуырдтой æмæ куыддæр фæзындаид, афтæ йæ хъæуыхицау уæддæр æрцахстаид. Стæй Мæцыхъо фарон йæхæдæг Туркмæ алыгъд, цы ма йын дзы ис? Цæцæны дæр ын баззайæн нæ уыд — кæимæ цæрдзæн, иунæгæй цас бафæраздзæн? Уази йæ хæдзар уадзы, уым цæры, фæлæ уырыс хъæубæсты сæ бынатæй куы стын кæнынц, стæй уырысæй æвыдæй нæ баззайдзæн — æппын ницы, фæлæ гъæйтт-зæгъгæ, сæ ныхмæ хæцыди.

Хасаны æбæрæг хуыз цæсгоммæ кæсгæйæ, Уазийы зæрдæ рысти æмæ йын-иу дзырдта:

— Цы бачындæуа, ме ’фсымæр, не сæфт æрцыд æмæ йæ аздахын нæ бон нал у. Æмбарын æй, чи зоны æмæ не стæгдар зæххыл дæр нал сæмбæлдзæн, нæ фæнык нын дымгæ дзæгъæл бæстæты рахæсс-бахæсс кæндзæн, фæлæ бæласæй цы сыфтæр фæхицæн вæййы, уымæй уæлдай нал стæм — иу ран æрлæууæн нын нал ис...

Æмæ йын кæд Уази уыдæттæ дзырдта, уæддæр Хасан никуы ницы дзуапп радта, истæмæ ныккомкоммæ уæвгæйæ-иу æнæфезмæлгæйæ касти æмæ касти. Фæлтау-иу исты æфсонæн уæд та куы загътаид, уæд Уазийæн æнцондæр уыдаид. Исты йын æрхъуыды хъæуы йæхи аирхæфсынæн», — ахæм хъуыды фæзынди Уазийы сæры æмæ йæ фæнд загъта:

— Дæ хорзæхæй, ме ’фсымæр, кæд дын зын нæу, уæд ма иу бон Батырджеримæ ныццу æмæ сын сæ хабæрттæ базон, уæддæр та хионтимæ иумæ фæндагыл æнцондæр уыдзæн.

Уыцы фæнд Хасанæн йæхи зæрдæмæ дæр фæцыд — бахъардта йæм.

Дыккаг бон йæ бæхыл абадт æмæ балцы араст.

II

Батырджери цы хъæуы царди, уымæй дæлдæр, Аргъуыны комы дымæгыл æрæнцад паддзахы æфсæдты фидар. Аргъуыны æмæ фидары гæрæны æхсæн баззад æрмæст нарæг фæндаг. Гъе уымæ гæсгæ фидармæ æхсæвæй-бонæй хъуысти æрра уылæнты уынæр. Митдæттæй æмæ мæсчъы дæттæй хъулон-мулон сси æмæ уыцы гуылфæй размæ цавта, фæлдæхта æмæ йæ хъæлæсы хаста, йæ размæ-иу цы фæци, уыдон. Тæнджыты кæнæ уырыл сæ уидæгтæ пыхцылæй, сæ цæнгтæ дæрæнгондæй хуыссыдысты бæлæстæ.

Фæстаг къуыри хорз рæстæг скодта æмæ фидары рæзты коммæ цы гакъон-макъон фæндаг уад, уый тынг срыг. Барæг-иу ыл куы асæпп-сæпп ласта, уæд-иу бурбын рыджы бын фæцис.

Фидар арæзт æрцыд, Шамил-хадзы уацары куы бахауд, уымæй цалдæр азы раздæр. Йæ тæккæ астæу уыд стыр хæдзар, салдæтты къазарма. Уымæй дарддæр, хохы æмдзæхгæр зылд къулмæ хæстæгдæр чысыл хæдзæрттæ — афицерты цæрæнбынæттæ. Уыдис ма дзы ноджы бирæ æндæр бæстыхæйттæ — бæхдæттæ, гонтæ, дукани. Кæртæй зынди цалдæр хъулон-мулон ахуырст будкæйы, сæ цуры гæрзифтонг хъахъхъæнджытæ. Хъахъхъæнджытæ ма лæууыдис стыр кæртыдуары фæйнæфарс дæр.

Фидары бирæ æфсæддонтæ нæ уыд — хъазахъхъы иу сотнæ æмæ егерты дыууæ ротæйы: бирæ æфсæдтæ царди ноджы дæлдæр фидары. Фидары хистæр афицер — капитан Данилов алфамбылай хъæуты цæцæйнæгтимæ хæларæй царди, æрдхæрдтæ дæр ын дзы дзæвгар разынд. Иннæ афицертæй бирæтæй хъауджыдæр сæм уазæгуаты арæх уыди, цæцæйнæгтæ дæр-иу æй исты хъуыддаджы тыххæй бацагуырдтой. Данилов йæ дæлбар адæмæй никæмæн барста, бынæттон цæрджыты-иу сæ дзæгъæлы исчи куы бафхæрдта, уæд.

Ахæм æгъатыртæ та дзы уæвгæ уыдис. Сæ иу ацæргæ фельдфебель Маркушев. Хъæхъхъаг æмæ налат адæймаг. Хæххон адæймаджы туг баназыныл дæр нæ фæфæстиат уыдаид. Иу хатт Даниловмæ уазæгуаты уыди йæ рагон хæлар, дæлбулкъон. Уый службæ кодта суанг Ермоловы заман дæр. Уый Маркушевы базыдта: декабры сыстады тыххæй Кавказмæ хаст афицертæ æмæ иннæ æфсæддонты фæстæ, дам, зылди æмæ сыл дзырдтæ хаста.

Цалдæр хатты Данилов Маркушевæн йæ цæстмæ бадардта йæ фыдмитæ, фæлæ сæ уый уæддæр нæ уагъта: кæд, дам, хæст фæци, уæддæр цæцæйнæгтæ не знæгтæ сты. Цалдæр хатты къæппæджы фæцæйхауд — цæцæйнæгтæ йæ фæстæ зылдысты. Фæлæ йæ йæ амонд хъахъхъæдта — аирвæзт-иу.

Ахондæнафон уыдис, афтæ Данилов ауыдта, комы ’рдыгæй фидармæ хæстæг фæндаджы сæрмæ рыг куыд сыстади, уый. «Кæд цæцæйнæгтæ исты хъуыддаджы тыххæй æрцæуынц?» — ахъуыды кодта капитан æмæ кæртыдуары ’рдæм йæхи сарæзта. Уалынмæ йæм æрбайхъуыстысты Маркушевы хъæртæ:

— Æз уын фенын кæндзынæн, абырджытæ, фæрæттимæ куыд лæбурын хъæуы, уый. Нæ сæм кæсут!

Маркушев дыууæ егеримæ æрбакодта дыууæ цæцæйнаджы сæ къухтæ фæстæмæ бастæй. Сæ цæстæнгас Даниловмæ фæкаст ницымбарæг, дисгæнæг адæймæгты цæстæнгас.

— Цы хабар у, фельдфебель? — цыбырæй бафарста капитан.

— Дæ уæздандзинад, ацы хæйрæджытæ нæ размæ бабадтысты фæрæттимæ, фæлæ сыл нæхæдæг фæуæлахиз стæм, — йæ цæстытæй цæхæртæ калгæ дзырдта Маркушев.

Цæцæйнæгтæй æрыгондæр чи уыд, уый иу къахдзæф афицеры ’рдæм бакодта æмæ фидар хъæлæсæй загъта уырыссагау цъæррæмыхстæй:

— Уырыссаг хицау, раст нæ зæгъы, мах нæхицæн уистæ кодтам, фæндагмæ дард уыдыстæм. Адон та нæм Топпытæ ныддардтой, стæй нын нæ къухтæ бабастой.

— Сæ къухтæ сын суадзут, — дзырд радта капитан. Стæй иннæ егерты бафарста: — Æцæгæй уæ размæ бабадтысты?

Маркушевы цæсгом æмæ бæрзæй сырх-сырхид афæлдæхтысты.

— Дæ уæздандзинад, адон маринаг сты, кæннод ныл сæхæдæг нæ бацауæрддзысты, — æмæ егертæм тызмæгæй азылд.

Сæ ацæргæдæр тыхстхуызæй, комкоммæ афицермæ кæсыныл архайгæйæ, схæцсхæцгæнгæ райдыдта.

— Мах сæ... йæд у... о, нæ сæ федтам Мартыновимæ, — йе ’мбалмæ сæрæй ацамыдта. — Фæлæ йæ бæрзонддзинад загъта... Бабадтысты, дам.

— Цы архайдтой цæцæйнæгтæ?! — Данилов смæсты æмæ йæ хъæлæс зынгæ фæкарздæр.

— Дæ уæздандзинад, фæрæттæй бæлæсты къалиутæ цагътой, — радта дзуапп егер.

— Фельдфебель æмæ сымах уæ дыууæ дæр уæгъд стут, — дзырд радта капитан æмæ цæцæйнæгтæм хæстæгдæр бацыд. — Рауайы хатгай афтæ. Æфхæрдæн æй ма бахæссут уæ зæрдæмæ. — Сæ фæрæттæ сын радта. — Фæндараст фæут æмæ уæ куыст кæнут, уалдзæджы бырутæ-йедтæ бийын хъæуы.

Цæцæйнæгты кæстæр бахудт æмæ бафарста:

— Уырыссаг хицау, ды Данил-афицер дæ?

Данилов æй зыдта, йæ цæцæйнаг хæлæрттæ йæ афтæ хонынц, уый æмæ йæ мидбылты худгæ йæ сæр разыйы тылд бакодта.

— Цæцæйнæгтæ зонынц Данил-афицеры, — лæппулæг æм йæ къух балæвæрдта. Уый йæ сæлхъывта, райста иннæ цæцæйнаджы къух дæр. Стæй фæаууон сты.

Данилов касти сæ фæдыл æмæ та йæм æрцыдысты, арæх æй цы хъуыдытæ тыхсын кодтой, уыдон: «Дæргъвæтин хæсты заман адæм кæрæдзимæ схæрам сты, уый йеддæмæ цæмæн афтæ йæ зæрдæ бакуымдта Маркушевæн мæгуыр цæцæйнæгтæн, гъе йæ хъыгдарæг куы нæ уыдысты, гъе йæм куы ницы сдзырдтой, уæд? Æви иуæй-иуæн йæ туджы ис цъаммардзинад? Æмæ уæд уый азарæй иннæтæ цæмæн хъуамæ сæфой?!»

Капитан фæсидтис фельдфебельмæ:

— Ды, Маркушев, дзæгъæлы арт æндзарыс. Хъыгдарæг дæ нæй, афтæмæй цæцæнæй загъд къахыныл нæ ауæрдыс.

Маркушев йæхи фесхъæл кодта!

— Æз иузæрдионæй службæ кæнын мæ цытджын паддзахæн!

Даниловмæ фæсмон æрцыд, Маркушевимæ ныхас кæй райдыдта, ууыл, уый аккаг æм нæ фæкасти.

— Службæ кæнын дæр зонын хъæуы, æнæсæрфат митæй зиан йеддæмæ ницы æрхæсдзынæ. Цас туг акалди ницæй тыххæй, дæу та ма ноджыдæр фæнды... Уæгъд дæ...

Маркушев йæ хицауæй мæстджынæй ацыди. «Нæ йæ æмбарын, цæмæн тæригъæд кæны ацы абырджытæн? Абон æгас кæй ныууадзай, уымæй райсом дæхи хъахъхъæн. Мæнæй кæнгæ куы уаид, уæд сын æз хорз фæуин, сæ байзæддаг дæр сæ стъæлфид бирæ азты фæстæ... Фæлæ а капитан... кæмæндæрты зæгъын хъæудзæн...»

Мæгуыры бон акодта дыууæ егерыл, Маркушевы гæды ныхæсты фарс кæй нæ фæхæцыдысты, уый тыххæй. Фельдфебель сæ йæ ныхтæ ныссагъта æмæ сæ удтæ сæ хъуырмæ сысты. Хуыцау хорз, æмæ капитан хъуыддаг базыдта æмæ Маркушевыл абырыд. Егертæ дæр зындонæй фервæзтысты...

***

Аргъуыны дон бонæй-бонмæ тынгдæр ивылди. Бæлæстæй уæлдай ма ласта уæрдæтты гæбæзтæ, фæйнæджытæ, бæхты æмæ æндæр фосы мæрдтæ. Бæрæг уыди, лæбуры былтæм æмæ цæуыл хæст кæны, уыдон йемæ хæссы.

Хъæумæ хæстæг Аргъуынæй цы къабаз кæлы, уымæн йæ галиу был, хъæуы ’рдыгæй чи ис, уыцы рахиз былæй бирæ бæрзонддæр у. Комы мидæгæй пыхс æмæ дурæй цы ауазæнтæ уыди, уыдонæн хъæуы цæрджытæ алы уалдзæг дæр тарстысты, дон дзы куы рахæра, уымæй. Бирæтæ-иу дзырдтой — иу хатт сæм æмхуызонæй февналæм æмæ сæ ныффидар хъæуы. Фæлæ дзы ницы рауад, уæлдайдæр та змæст рæстæджы.

Райсомæй хур арвыл бæрзонд куы суад, уæд Батырджери кæртæй уынгмæ рахызти. Тигъыл хурварс йæ сыхæгтæй цалдæр лæджы лæууыди, æмæ кæд Туркмæ лидзыны тыххæй йæ сæр йæ кой уыди, уæддæр сæм йæхи ныйиста. Кæрæдзийæн салам радтой, иу чысыл алæууыдысты, стæй кæсынц, æмæ уынджы чидæр тæхгæбæхæй æрцæуы. Лæгтæ йæм се ’ргом аздæхтой.

Барæг фисыныл лæуджыты размæ куы æрхæццæ, уæд йæ бæхы æвиппайды фæурæдта. Йæ цæсгом уыди тарстхуыз.

— Цы хабар ис, фæдисоны хуызæн дæ? — бафарста йæ сæ иу.

— Аргъуыны дон фылдæрæй-фылдæр кæны, ауазæны сæрты ракæлынмæ йæ бирæ нал хъæуы, стæй йæ иу-дыууæ бонæй фылдæр ауæзт нал бауромдзæн, — тагъд-тагъд радзырдта барæг.

Лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты, алчидæр æй зыдта: дон раивылд, зæгъгæ, уæд сыл бирæ бæллæхтæ æрцæудзæн...

— Хъæубæстæн фехъусын кæнын хъæуы, — загъта ацæргæ лæг.

Барæг йæ къух ауыгъта:

— Æмæ цас стæм, цы йын нæ бон суыдзæн! — Уалынмæ ма чидæртæ фæзынд. Семæ уыди Батырджерийы хистæр æфсымæр Æндæрби дæр.

— Уæдæ цы бачындæуа? — бафарста уый.

Фæлæ йын дзуапп чи радтаид, куы ничи ницы зыдта, уæд æмæ цавддуртау лæууыдысты. Уалынмæ размæ рацыд иу лæппулæг:

— Æз зонын, чи нын баххуыс кæндзæн, уый.

— Чи у, чи? Зæгъ-ма нын æй, — сдзырдтой йæм алырдыгæй.

— Уырыссаг хицау, Данил-афицер.

— Фæлтау нæ дон фæласæд, уырысы раз нæ зонгуытыл æрлæууыны бæсты! — фæмæсты Æндæрби.

— Цæмæн зæгъыс, уыдон дæр иухуызон не сты. Хорз æй куы зонæм, иу бон нын Алимырза æмæ Сакайы куыд фервæзын кодта, уый. Афтæ нæ уыд, Алимырза?

— Афтæ, хуыцауыстæн. Бар мын раттут æмæ не ’намонд хабар Данил-афицерæн фехъусын кæнон. Уый нæ афтæмæй нæ ныууадздзæн.

— Пысылмæттæн сæ сæрызонд фæцыд... — йæ къухтæ уæлæмæ систа Æндæрби. — Уырысимæ сæмдзæхдон уæвын сæ фæнды!..

Фарсхæцджытæ йын фæци:

— Не сæфт æрцыди, кæд нæ дин æндæр ницæмæуал дарæм уæд!

— Хуыцау нæ ралгъыста!

Фæлæ куыдфæстæмæ уыцы хъæртæ банцадысты. Æндæрби тæргайхуызæй аивгъуыдта сæхирдæм. Чи æрæмбырд, уыдон бауынаффæ кодтой: хъæуы лæгтæ цæуынц ауазынмæ, Алимырза та — уырысы фидармæ тæхгæ-уадæй æмæ сын хъуыддаг бамбарын кæндзæн...

***

Фидары кæрты дуармæ цы хъахъхъæнджытæ лæууыди, уыдон куыддæр бæхты къæхты хъæр фехъуыстой, афтæ сæ хæцæнгæрзтыл хæрдмæ схæцыдысты. Маркушев æнаххос цæцæйнæгты куы бафхæрдта, уæд æфсæддонтæй бирæтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, уыдон се ’фхæрд нæ ныууадздзысты. Æмæ хъахъхъæнджытæ уæлдай къæрцхъусдæр уымæн уыдысты.

Фæндагыл фæзындис цæцæйнаг барæг. Æфсæддонтæй йæм иу топп фæдардта:

— Æрлæуу, кæннод дæ æхсын!

Барæг æрлæууыд æмæ йæ къухтæ равдыста, хæцæнгарз мæм нæй, зæгъгæ. Стæй фæхъæр ласта:

— Уырыссаг хицау Данил-афицер мæ хъæуы. Фыдбылыз!..

Хъахъхъæнджытæ кæрæдзимæ бакастысты:

— Цæй фыдбылызы кой йæм ис?

Уынæрмæ кæртæй рацыдис цалдæр æфсæддоны.

— Цы агуры цæцæйнаг? — афарстой уыдон.

— Цыдæр фыдбылыз, дам, æрцыд. Йæ уæздандзинадæн зæгъын хъæуы.

Фехъусын кодтой капитанæн. Данилов рацыди. Уый базыдта цæцæйнаджы.

— А-а, мæ хæлар! Хæстæгдæр рацу, — æмæ йын къухæй ацамыдта.

— Уырыссаг хицау Данил-афицер, Аргъуын сæрра, ауæзты рахæрдзæн æмæ хъæу фесæфдзæн. Цæцæн курынц — баххуыс нын кæнут. Нæхæдæг æгæр чысыл стæм... — Уырыссаг дзырдтимæ цæцæйнаг дзырдтæ дæр бирæ фæци, фæлæ Данилов уыдон бамбарыны йас зыдта. Хъуыддаг куы базыдта, уæд кæртмæ баздæхт æмæ йæ хæдивæг поручикмæ радзырдта:

— Иван Семенович, нæ сыхаг цæцæйнаг хъæуæн тас у, дон æй куы аласа, уымæй. Æз егерты ротæимæ цæуын æмæ сын баххуыс кæнæм. Аргъуын тæригъæд нæ зоны...

Аифтыгътой цалдæр уæрдоны, семæ райстой фæрæттæ, белтæ, хырхытæ, къахæнтæ, телтæ æмæ араст сты фæдисонимæ. Ауазæнмæ схæццæ сты сихæрттыл.

Данилов цæцæйнæгты баййæфта кусгæ, фæлæ цы бакæнын сæ бон уыд абухгæ доны уылæнтимæ! Егертæ дæр уыдоны хуызæн сæ къахыдарæс раластой, кæд дон уазалгомау уыд, уæддæр. Данилов куыд сбæрæг кодта, афтæмæй михтæ слæмæгъ сты, æнæ уыдон сфидаргæнгæйæ та дон зын бауромæн уыд. Уый егерты иу къордæн бахæс кодта ставд цæджындзтæ æмæ михтæ ракæнын, чысыл сын дзыхъхъытæ ракъахтой æмæ сæ, стыр дуртæй хойгæйæ, зæххы арф атардтой. Михтæй рауади тыргъгонд æмæ сыл цалдæр фæлтæрæй ауагътой телтæ. Дыууæ рæнхъы æхсæн калын райдыдтой лыстæг пыхс æмæ дуртæ.

Донимæ архайджытæ уыдысты хъæлдзæг. Уæвгæ Данилов цæцæйнæгты æнкъардæй сæййæфта. «Гъе, афтæмæй не ’ппæты уæнгтæ дæр амæлдзысты», — ахъуыды кодта уый æмæ Алимырзайы уæхскыл йæ къух æруагъта.

— Дон куыд хъæлдзæг у, уымæ кæсыс. Йæ ныхмæ афтæ хъæлдзæг куы нæ уæм, уæд кæрæдзийы кæд бамбардзыстæм, мæ лымæн.

Алимырзайæн æндæр ницы хъуыд.

— Демæ, Данил-афицер, зæрдæйæн æнкъард уæвæн нæй, — стæй хъæрæй цæцæйнагау цыдæр загъта.

Данилов федта: бирæтæ сæм ракастысты мидбыл худгæ, æрмæст сæ фæкаст бирæ нæ ахаста: уайтагъд сæ алчи фæстæмæ куыстыл уыди. Æмæ кæд фыццаг æнæдзургæйæ архайдтой, уæд ныр сæ ныхас хъуысын райдыдта.

Алимырза æдзухдæр архайдта Даниловы фарсмæ, кæнæ уымæ хæстæг уæвыныл. Æмбал ын-иу куы фæци, уæд æм-иу истæмæй фæкасти.

— Мæ хæлар, ды абон хорз арæхсыс, — дзырдта йын Данилов. — Уæвгæ никæмæ ис фау бахæссæн. Цард афтæ у — иумæ куы февналай, уæд уыцы тохы ныхмæ зын æрлæууæн у.

— Раст зæгъыс, Данил-афицер, уисой иугай уисгай æнцон асæттæн у, афтæмæй та нæ комы.

Уыцы заман дзурджытæм æрбацыди иу цæцæйнаг. Уый Алимырзаимæ дзурыныл фæци.

— Данил-афицер, цæцæйнæгты базонын фæнды, дæхи зондæй рацыдтæ махæн баххуыс кæнынмæ æви дæм стыр хицауадæй дзырд уыд? — ратæлмац кодта йе ’мхъæуккаджы ныхæстæ Алимырза.

Афицер йæ мидбылты бахудти. Æфсæддонтæм йæ къухæй бацамыдта:

— Кæсут, куыд зæрдиагæй архайынц, уымæ. Уыдон дæр сымах хуызæн сты, уæд сымахыл цы бон ис, уый куыд нæ бамбардзысты?! Хæст фæци, кæрæдзийæ ницы дарæм æмæ нæ нæ алкæй дæр йæ цард аразын хъæуы.

Цæцæйнаг Даниловы къух сæлхъывта æмæ йе ’мбæлттæм аздæхти.

Суанг изæрмæ ахаста хъазуат куыст. Данилов йæ егертимæ цæцæйнаг хъæумæ куы æрхæццæ, уæд зæронд лæгтæ сæ размæ рацыдысты æмæ сæ зæрдиагæй хуыдтой цæхх-кæрдзынмæ. Данилов сын арфæ ракодта, фæлæ хъæумæ цæуыныл не сразы...

Бирæ ма фæлæууыдысты уынджы хъæуы адæм. Иу къæсхуыр лæг, тынг хуылыдзтæ, уазалæй йæ зыв-зыв цыд, фæлæ йæ уæддæр йæ хæдзармæ йæ къах нæ хаста, дзырдта:

— Æфсымæры æххуыс нын фесты уырыс, мах та сæ джауыртæ хонæм. Хуыцауы диссаг нæу?!

— Цымæ фыццагдæр чи загъта, уырысимæ сыхæгтæй æнцадæй фæцæрæн нæй, зæгъгæ?

Алимырза дæр ам уыди:

— Æз æй зыдтон, Данил-афицер нæ уынгæджы бынаты нæ ныууадздзæн...

Цыдæр ма йæ зæгъын фæндыд, фæлæ йæ размæ чи дзырдта, уый йын йæ ныхас айста:

— Ахæм сыхаг æвзæр нæ уаид: æдзухдæр дæ фарсмæ æрбалæудзæн...

— Æмæ дин та?

— Дин... Цы дæ хъуыддаг ис йæ динимæ? Адæм бирæ сты, æмæ алчи йæхи дин кæны... Турчы бæстæ та æгæр дард у æмдингæнæджы бацагурынмæ...

Æмæ æрмæст сæ иумæ нæ уыд ахæм хъуыдытæ уыцы изæрæй фæстæмæ. Йæхи æнæуынæг чи скодта, уыдон йеддæмæ иннæтæн сусæг нал уыди, уырыс цы сты, уый. Бирæтæн сæ ныхас фæхъæлдзæгдæр, фенцондæр сын: раздæр цы не ’мбæрстой, уый сæ ныр тухийæ нал мардта.

Æрмæст Батырджери уыдонæй нæ уыди. Æмбаргæ йæ раздæр дæр æмæ ныр дæр кодта, йæ фыды зæхх уадзын æй ницæмæн хъæуы, фæлæ цы бачындæуа хистæр æфсымæримæ, уый уырысæй йе сæфт куы уыны æмæ сæ фарсмæ цæрыныл никуы сразы уыдзæн. Афтæ æнтъыснæгæй æрбаздæхти йæ хæдзармæ дæр. Æмæ йæ æндæр хатт бинонтæ æнæ бафæрсгæ нæ фæуыдаиккой уыцы боны диссаджы хабæрттæй. Ныр æм сдзурын йæ ныфс ничи бахаста. Æмæ йæ уæззау хъуыдытимæ ныффæлдæхти йæ хуыссæны, фæлæ фынæй нæ баци: «Чидæр нæ змæнты, кæйдæр фæндæй нæ лидзын кæнынц Туркмæ...»

III

Уалдзæг йæ тыхы бацыд. Кæрдæг бæрзонд суади æмæ цæстæнгас йæхимæ сайдта, ноджы йæ астæуты сæ сæртыл бæрзонд схæцыдысты хъулон-мулон дидинджытæ. Æвæццæгæн, уалдзæг хъæдрæбынтæй тынгдæр никуы срæсугъд кæны. Уымыты йын цас æмæ цас ис алыхуызон ахорæнтæ, уæлдæф дзы бынтон æндæр ад кæны — лæг дзы улæфынæй не ’фсæды. Уыцы уæлдæф цыма цæстæй фенæн ис, афтæ йæм фæкæсы, уалдзыгон арвы цъæхæй ирддæр у æмæ хæхтæй уылæнтæ хæссы. Ноджы йæ уынæр та! Йæ уынæр диссаг у — хæххон суадон хуыртыл згъоргæйæ куыд зара, раст афтæ уый дæр кæны йæ зарæг.

Хасан хъусы уыцы зарæгмæ, æмæ йæ зæрдæмæ хуры тынтæ бакастысты. Арæх ын вæййы ахæм фадат? Æмæ йæ æрдз дæр рæвдауы. «Нæма скарз уымæн йæ зæрдæ, нæма йæ фехæлдта адæймаджы дæрзæг бавнæлд. Цæмæн сты адæм афтæ æнæхатыр, — бирæ нæ ахаста йæ цины рæстæг. — Арвы бын æрдзы хъæбыс алкæмæн дæр хъуамæ ныййарæг мады хъæбысау уа. Уæвгæ адæм дæр иухуызон не сты», — æмæ Хасаны цæстыты раз æрлæууыдысты, йæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи уыд, уыдон. Мад... Фендзæн ма йæ цымæ? Æви мæрдты йæ разы къæмдзæстыгæй лæудзæн?

Дзерассæ та? «Ау, уыцы æнамондæй фæхитдзæни æцæгæлон бæсты, йæ фæдыл куыдз срæйæг дæр нæ уыдзæн, афтæмæй? Уази рæстытæ дзуры, цæуын мæ хъæуы мæ мад æмæ мæ иунæг хомæ», — æвиппайды ног фæндтæ фæзынди Хасанмæ. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты Æлбегатæ. Умар, Лези... Йæ цæстытыл ауадысты. Ахъуыды кодта Асиатыл... Фæлæ йæм уый нæ фæзынди, йæхи йæм нæ равдыста?..

Уази... Рæузæт... Бинонты ад сæ федта уыцы дыууæ хорз удгоймагæй. «Искуы сын сæ хæрзтæ бафиддзынæн?» — Хасанæн йе ’рфгуытæ кæрæдзимæ фæхæстæгдæр сты, бæрæг уыд, цыдæр ын зын кæй у, уый.

Стæй æвиппайды йæ цæстыты раз æрлæууыди... Чи у, чи? Хасан æй куы нæ æвзары. Æви хорз нæ зыны? Нæ, зынгæ хорз кæны — æрмæст Хасан йæ зондыл нал æууæнды. Йæ разы лæууыди Бацæ... Уый лæууыд æнæфезмæлгæ, йæ цæстытæ æнкъард, цæсгом æгасæй дæр тарстхуыз. Хасаны фæндыд чызг æм хæстæгдæр куы ’рбацæуид, уый, фæлæ уый змæлгæ дæр нæ кодта, йæ цæсгомы нуæрттæй дæр иу дæр нæ фезмæлыди. Хорз æмæ бæх фæндагыл йæхæдæг арæхсти: æвæдза искуыдæм фæзылди, уæд æй Хасан æмбаргæ дæр нæ бакодтаид, афтæ зæрдæхаст уыди.

Цалынмæ Батырджерийы хæдзармæ бахæццæ, уæдмæ дзы Бацæ нал фæхицæн. Бинонтæ бацин кодтой уазæгыл. Хасанæн уыд æхсызгон, фæлæ йæ зæрдæ Бацæмæ æхсайдта. Куы йæ федта, уæд æм афтæ фæкаст, цыма чызг фыццаджы хуызæн нал у, бынтондæр фендæр: йæ разы лæууыди сæрыстыр адæймаг, йæхиуыл хæцын чи зоны æмæ фæразы, йæ цæстæнгасæй адæймаджы сдзурын нæ, фæлæ сызмæлын дæр чи нæ суадздзæн, ахæм.

«Æз та ма йын сывæллон æнхъæл уыдтæн», — æмæ Хасан æрымысыд, ацы хæдзары рынчын уæвгæйæ цæмæн фенхъæлдта, Бацæйы зæрдæмæ цæуы. Нæ, нæ, уый йæм æрмæст кæсгæ афтæ фæкодта. Цы ис иумæйагæй, рæсугъд æрыгон чызг æмæ цард кæй фæравзон-бавзон кодта æмæ йæ уд кæмæн баихсыд фыдцæрдтытæй, уыцы халасхил адæймагæн? Ницы!..

Ууыл басаст йæхинымæр Хасан, æмæ йæ уый тынг фæр



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.