Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 11 страница



— Абон фæстæмæ фездæхынмæ хъавыдтæн...

Æндæр ницы бафæрæзта, ферох дзы Бацæйы ныхас дæр, цы йæ кæнын хъæуы, уый тыххæй.

Буцкæ йæ разы æрлæууыди:

— Абон дæ ницы ауадздзыстæм, нæ лæг æй ской дæр нæ бауадздзæн. — Уалынмæ Батырджери дæр фæзынд.

— Афтæ гъе, мæ лымæн, мæ коммæ куы нæ бакæсай, уæддæр дæ сылгоймæгтæ æртасын кæндзысты. — И, не ’фсин, куы ницы дзурыс?

— Хасан ахæм хъæбæрзæрдæ адæймаг нæу, æмæ мах коммæ чи нæ бакæса, кæд æгуыдзæг фысымтæ стæм, уæддæр.

— Æгонгæй, Хасан, æгуыдзæг ницæмæй стæм, иу мæгуыр хæдзар цæмæй сбуц кæна уазæджы, уый махмæ дæр разындзæн, — йæхицæй разы цыма уыд, уыйау загъта Батырджери.

Æрмæст уæд æрцыд йæ уд йе ’муд Хасанæн.

— Æз уазæг нæ дæн, уæхи цæмæн тыхсын кæнут?.. Батырджери йæ дарддæр дзурын нал бауагъта:

— Мах дæр дæ уазæгыл нæ нымайæм, нæхи æфсымæр дæ, æфсымæры фаг буцдзинæдтæ та уæвгæ нæй.

«Цымæ мæ цы бæтты ацы бинонтыл? Æви мын уый рæдыд зонд у? Чи сын дæн æз? — хъуыды кодта Хасан. — Æнæхæдзар, амонды цъыртт кæмæ нæ хæццæ кæны, ахæм дзæгъæлдзуаг... Кæмдæр æцæгæлон бæсты йæ мад, йæ хойы чи ныууагъта... Æмæ уæд Бацæ та? Цы зонд ис уымæ та? Иу ныхас дзы уæддæр куы фехъуыстаин».

Цавæр ныхасмæ йæм æнхъæлмæ касти? Цы йын хъуамæ загътаид? Уæдæ йын æндæр чи зæгъдзæн? Ацы дунейыл зæрдиагдæрæй куы никæмæ байхъусид. Хасан агуырдта уыцы фадат æмæ йæ хуызыл дæр фæзынд — уыд æнкъард, мадзура, иннæты ныхæстæм хъусыны хъару йæм нæ уыди. Батырджери та йын сæ бинонты хабæрттæ дзырдта:

— Райсом дæр цæттæ стæм, куыддæр дзырд рацæуа, афтæ бæхтæ баифтындздзыстæм æмæ хуыцаумæ бакувдзыстæм, фæндараст нæ фæкæн, зæгъгæ. Афтæ сæ радзур Уазийæн дæр.

Хасан нæ федта, уыцы ныхæстæм Буцкæйы цæсгомы хуыз куыд раив-баив кодта, уый — сылгоймаджы зæрдæ катайы бахауд, цы сыл æрцæудзæн, ууыл уыд йæ сагъæс, йæ бинонтæ, йæ къабæзтæ куы фенамонд уой, ууыл уыди йæ мæт.

Батырджери дæр æй афтæмæй нæ бафиппайдта æмæ йæ ныхас дарддæр кодта:

— Хъæуы бирæтæ сæ раздæры фæнд аивтой æмæ сыл адæм хъодыгæныны онг сысты. Нæхи Æндæрбийы сиахс дæр не сразы æмæ бинонтæ сæ чызджы байстой... Фенамонд сты суинаг бинонтæ.

Хасан базыдта: Æндæрбийы чызгæн сывæллон баззад йæ къухты, йæхи марыны онг æрцыди, нæ йæ фæндыди йæ цæрæн хæдзарæй фæхауын. Мыггаг Æндæрбимæ минæвæрттæ æрвитынц, фæлæ уый къæрттæй цъула не ’ппары æмæ та минæвæрттæ дæр æппынницæимæ ацæуынц. Фæлæ йын Батырджери нæ радзырдта, йæхи чызг Бацæйы дæр ын дзæбæх хæдзарæй курæг кæй уыд, уый. Æндæр заман уыд, зæгъгæ, уæд бинонтæ сразы уыдаиккой, фæлæ ныр нæ — уыцы бинонтæ дæр Туркмæ нæ лидзынц. Бацæмæ хабар куы байхъуыст, уæд фæтарст, йæхинымæр загъта «нагъ», фæлæ чызджы чи фæрсы ахæм хъуыддаджы! Стæй фыды нæфæндондзинад куы фехъуыста, уæд æй минæвæртты хабар уайтагъд ферох ис.

Бацæ хъуыста лæгты ныхæстæм æмæ хъуыдытыл ахæцыд: «Цы мын зæгъынмæ хъавыд?.. Куыд мæм сдзырдта: Бацæ!.. Æмæ йын мæхæдæг та куыд ницы загътон? Фæлæ куы ацыдаид, уæд та?.. Кæд ма йæ федтаин?.. Æви мæ амонд нæу? Æмæ мын уый зæгъынмæ хъавыд, — чызг йæ дыууæ къухы къæмисæнтæм схаста æмæ сыл ныххæцыд. — Фод афтæ дæр — йæ разы мæхи амардзынæн... Уадз æмæ мæ тæригъæдæй фæндараст ма фæуа!.. Нæ, нæ амардзынæн: уарзы мæ! Уæдæ мæм цæмæн сдзырдта: «Бацæ»?

Батырджери йæ фырттимæ фосмæ зилынмæ ацыдысты. Буцкæ дæр рауай-бауайыл фæци. Хасан та Зæнаимæ ныхæстыл фæци.

Сывæллон чызджы зæрдæ дæр Туркмæ лидзынмæ æхсайдта.

— Турчы куы цæрæм, уæд мын баба дари къабайæгтæ æлхæндзæн.

Хасан æм бахуыдти.

— Баба дын куы нæ балхæна, уæддæр дын æз æлхæндзынæн.

— Бацæйæн дæр балхæндзынæ?

— Балхæндзынæн... Рæсугъддæр цы къаба уа, уый...

Зæна хистæр хомæ бахæлæг кодта:

— Мæнæн дæр рæсугъддæр къабайæгтæ, нæ?

— Уæдæ, дæуæн тæккæ рæсугъддæр къабайæгтæ. Зæнайæ къабайæгты кой уайтагъд айрох.

— Æццæй, Хасан, ды цæцæйнаг нæ дæ?

Хасан дисгæнгæ бакаст:

— Чи дын загъта?

— Бацæ афтæ загъта, ирон, дам, дæ...

— Æмæ цы хъауджыдæр и?

Чызг фæкъæмдзæстыг, цы загътаид, уый нал зыдта, æрмæст ма сфæрæзта:

— Нæ зонын. Дæ кой нæм-иу рауад Бацæимæ...

Хасанмæ йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп фехъуысти. Хорз æм нæ касти чызджы йæ хойæ фæрсын, кæд æй тынг фæндыдис, уæддæр. Фæлæ ма ныхас дæр куыд ныууагътаид?

— Бацæ та, æвæццæгæн, бамбæхсти...

Зæна йæм фæцырд:

— Нæ, æмбæхсаг куы нæ у. Æз æй ныртæккæ ссардзынæн, — æмæ азгъордта.

Хасан ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæ къухы нал бафтыд. Уалынмæ фæзынди Бацæ. Хасан æм комкоммæ бакаст æмæ йæм диссаг фæкаст: чызджы цæсгомыл тарстдзинадæй ницуал уыди, комкоммæ кастæй нæ фæкъæмдзæстыг.

— Агуырдтай мæ?..

— О... Бацæ... Дæ фенын мæ фæндыди... Хæстæгмæ...

«Хасан...», — йæхинымæр загъта чызг, æмæ фæтарст; афтæ йæм фæкаст, цыма хъæрæй сдзырдта...

IV

Туркмæ алидзыны тыххæй æппæты фыццаг ныхас куы рацыд, уæд æм Батырджери йæ хъус не ’рдардта: æртæ æфсымæрæй раджы баззадысты сидзæрæй æмæ тыххæй-фыдæй слæууыди йæ къахыл. Æхсæв, бон нæ хынцгæйæ, цынæхуызон куыст фæкодта, ахæм ын нал баззад æмæ дзæбæх хæдзар сси. Уæдæ йæм фос æмæ маргъæй дæр цыдæртæ æрæмбырд и. Сæрæн лæппу уыд йæ заманы Батырджери, рæстмæ адæмæй алчидæр йемæ бахæстæг кæныныл «нагъ» нæ загътаид. Буцкæйы фыд цæрæг лæг уыд, фæлæ уæддæр сидзæр лæппуйы йæ сæрмæ æрхаста æмæ йын йæ минæвæртты фæстæмæ нал аздæхта.

Буцкæ разынди Батырджерийæн йæхи хуызæн фæллойуарзаг, хæдзарыл æнувыд. Каис дæр æй æххуысæй цух нæ уагъта, хал халыл æфтыди æмæ æрфидар сты, фæзындис сын цот дæр. Фыццаг райгуырд лæппу. Кæрон нал уыди Батырджерийы цинæн — чи нæ бæллы фыртмæ та — лæджы цæджындзмæ! Фæлæ бирæ нæ ахаста бинонты цин: уалдзæджы райгуырди æмæ уалдзæджы амарди. Æрæнкъард Батырджери, куыдта Буцкæ, йæхи хордта...

Стæй та сын райгуырд чызг. Буцæн ыл ном сæвæрдтой — Бацæ. Фыццаг сывæллоны зианæй зæрдæрыст ныййарджытæ цин кодтой чызгыл — уый уыди сауцæст, урсцъар, тæлфаг. Изæрыгæтты-иу лæг æмæ ус иунæгæй куы баззадысты, уæд-иу æй Батырджери йæ хъæбысмæ систа æмæ йын-иу исты зæрдиаг ныхæстыл схæцыд — чи зоны нæлгоймæгтæй сывæллоны аккаг æцæг рæвдауæн ныхæстæ?

Рæстæг цыдис, æмæ Буцкæ дыууæ хатты стыр хорз ракодта йæ лæгæн — райгуырд ын фæд-фæдыл дыууæ лæппуйы.

Бацæ иннæ цотæй никæй хуызæн фæци, ничи сæ уыди уый хуызæн рæсугъд, кæд сын фыдуынд схонæн нæ уыди, уæддæр. Лæппутæ сæ фыды цæрмыстыгъд бакодтой, се ’ртæйæн дæр рагъджын фындзтæ.

Буцкæ æдзухдæр дис кодта, лæг чызджы фылдæр кæй уарзы, ууыл. Æмæ ма Бацæйы уыйас нæ, фæлæ æппæтæй фылдæр кæд уарзта кæстæр чызг — Зæнайы. Куы йыл цинтæ кодта, уæд æм-иу суанг иугай рæвдауæн дзырдтæ дæр фæзынд. Ус æм-иу хъуыста æмæ йыл худти.

Ницуал хъуаг æййæфта Батырджери æмæ искуыдæм лидзын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Буцкæ йæ куы зоны, уæдæй нырмæ хæцæнгарз йæ къухмæ никуы райста, йæ кой дæр нæ кодта, стæй кæд паддзахы æфсæддонтæ хъæуы цалдæр хатты уыдысты, уæддæр æй никуы ницæмæй бахъыгдардтой, семæ йæм зул ныхас дæр никуы рауади.

Фæлæ иннæ æфсымæртæ ахæм зондыл хæст нæ уыдысты. Уыдонæн æдзухдæр сæ ныхас уыди — уырыс джауыртæ сты, нæ фыд нын иу аджы куы сфыцой, уæддæр нæ бас нæ баиу уыдзæн. Не знæгтæ сты æмæ сæ ныхмæ хæцын хъæуы, кæннод нæ нæ хъæутæй фæтæрдзысты, нæ бынæтты æрцæрдзысты æмæ бынсæфт фæуыдзыстæм. Дыууæ æфсымæры дæр гъæйттæй хæцыдысты уырысы æфсæдты ныхмæ. Хистæр Æндæрби цалдæр цæфы дæр фæци, куы фæзæронд, уæд афтæ æвзыгъд нал уыд, фæлæ йæ зонд нæ аивта. Дыккаг æфсымæр йæ кæнон нæ ныууагъта æмæ æхсæз азы размæ фæмарди салдæтты къухæй.

Тынг ыл фæрыстысты йе ’фсымæртæ, йæ къабæзтæ. Æндæрби Батырджерийæн загъта:

— Нæ туг уыцы джауыртæй исинаг у, сæ туг сын ныккалын хъæуы, кæннод мæрдтæм не ’фсымæрмæ цы цæсгомимæ бацæудзыстæм.

Æмæ уæд Батырджери дæр райдыдта паддзахы салдæтты ныхмæ хæцын. Фæлæ йæ тохæй ницы уади — æрмæст æнæхъуаджы зиантæ, уырысы æфсад домбай уыди, йæ ныхмæ ничи фæлæууыдаид. Æмæ йæ тох ныууагъта Батырджери. Сæ тох ныууагътой æндæр бирæ цæцæйнæгтæ дæр æмæ сæ сæртæ Турчы бафснайдтой. Фæлæ уыцы фæнд дæр ницæйаг фæнд фæкаст Батырджеримæ. Æмæ йæ уый фæстæ бамбæрста — хорз бакодта, кæй нæ алыгъд, уымæй, фæрæдыдаид.

Батырджери йæ алфамбылаймæ йæ хъус дардта æмæ уыдта — адæм нæ сабыр кæнынц, куы иу ран, куы иннæ ран тохы хъæр райхъуысы. Адæмы æхсæн ацы ныхæстæ дымгæйау зилдух кæнынц æмæ та арт дæр сырх пиллон суадзы. Уыцы тохы арты сæфынц хæххон адæм сæхæдæг.

Ацы хатт дæр та Батырджерийы уынаффæгæнæг уыди йæ хистæр æфсымæр.

— Джауыртæн кæрон нæй, уыдон цагъды кæд фæуыдзысты. Цæрын та нæ уæвгæ нæ ныууадздзысты. Мах дæр лидзын хъæуы не ’мбæстæгтимæ, кæд ма исты хуызæттæй аирвæзæм, уæд.

Молло æмæ уырысы ныхмæ арæзт хистæртæ тарстысты, се ’мбæстæгтæ хабæрттæм æндæр цæстæй кæсын кæй райдыдтой, уымæй. Бирæтæ æргомæй дзырдтой: цавæр знаг нын у уырыссаг адæймаг, хæстмæ йæ кæд тæрынц, уæд? Нæ хъæу сæфты къахыл лæуд куы уыди, уæд сæ алчи йæхи хæдзарыл аудæгау куы архайдта! Цы уыдаиккам, дон ныл куы раивылдаид æмæ нын нæ ницæйаг муртæ куы фæластаид, уæд?

Ныхæстæ дзы дзæвгар рауади. Ныхæстæ нæ, фæлæ ма цæцæйнæгтæн уырысы æхсæн æрдхæрдтæ дæр разынди — æрра доны ныхмæ тохы кæрæдзийы хорз бамбæрстой. Батырджери дзы цы афицеры федта, уый æфсымæр схонæн уыди. Æмæ-иу æй фæндыди уымæ фæцæуын, йæ зæрдиаг ныхæстæ йын зæгъын. Фæлæ-иу Æндæрби йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд-иу йæхимæ ныхъхъуыста. Цал æмæ йæ цал хатты радзурын фæндыди уыдæттæ Буцкæйæн, фæлæ йын-иу фæтæригъæд кодта — дзæгъæлы ма йын цы риссын кæна йæ зæрдæ?

Æмæ кæд Батырджери ницы загъта, уæддæр хъæубæсты æхсæн ахæмтæ уыди æмæ сæ хъуыдытæ пе ’мбæхстой, кæд моллойæн æмæ хистæрæн хъыг уыдысты, уæддæр. Хъæуы молло иу хатт дæр не скодта, уырыссæгтæ сæ куыд фервæзын кодтой, уый кой, фæлæ-иу сæ ныхмæ дзурыныл нæ ауæрста.

— Дунейыл сыгъдæг дин йеддæмæ царды ницы ис, æрмæст пысылмон куывд фæхъабыл вæййы æмæ йæ ма ферох кæнæм. Ам уырысы фарсмæ куы баззайæм, уæд нæ дины сыгъдæгдзинад ницуал уыдзæн, хуыцау нын нæ куывд нал айсдзæн. — Æмæ-иу йæ къухтæ хæрдмæ сисгæйæ тылдта: — Тобæ, тобæ! Æлгъыстæй фæцæрыны бæсты нæ иу дæр куы нал уа, уæд хуыздæр. Уымæй нæ бахъахъхъæнæд иунæг кадджын стыр хуыцау, табу йæхицæн!

Хъæуы цалдæр хатты уыдысты Осмæнаты Садуллæйæ æрвыст лæгтæ. Батырджери дзы иумæ йеддæмæ нæ байхъуыста, фæлæ йын уый дæр зæрдæнизы фаг уыди.

— Пысылмон адæмы се ’фсымæртæм ацæуыны тыххæй чи къуылымпы кæны, уыдон не знæгтæ сты, æнæдин уырысæн сæ тæрсаг удтæ ауæй кодтой. Уыдон хуыцауæй æлгъыст сты, ма сыл æууæндут.

«Ницуал æмбарын æз ацы царды, — йæ сæрыл хæцгæйæ, катайы бахауд Батырджери. — Хасан сæ йæхи цæстæй куы федта Турчы хабæрттæ, æмæ уый куыд дзуры, афтæмæй куыд не ’фсымæртæ сты? Ау, йæ бинонты цард йæ фыдæлты зæххыл нывыл сæвæрынмæ чи хъавы, уый цы аххосджын у, цæмæй фæтæригъæдджын?..»

Батырджерийы зæрдæйыл сау низ бахæцыд æмæ ницуал фæрæз ардта йæ фервæзынæн. Катай йæ æртасын кодта, йæхимæ хъусынмæ фæци. Райсомæй-иу æй хæдзарæй æддæмæ рацæуын дæр нал фæндыди, уæдæ та исты бæллæх фехъусдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ адæмы æхсæнмæ æдзæугæ нæ уыди, хуыцауыл йæ кувæг адæм хъуамæ иузæрдион уой, кæннод фæрæдидзысты. Цæмæй ма фæрæдийай, уымæн та æрмæстдæр иунæг хос уыд: хуыцауы ма рох кæн, зæрдиагæй йæм кув. Батырджерийы дæр уыцы æцæгдзинад уырныдта æмæ цыдис мæзджытмæ йæ уæрджытыл лæугæйæ, бæрзондыл бадæгæн дзырдта йæ зæрдæйы низ. Фæлæ йæ уый йæхæдæг хъуыды дæр нæ кодта, никуы ницы йын бацамыдта. Йæхи бæсты сминæвар кодта моллойы æмæ уый хуыцауы номæй алцыппæт дæр дзырдта.

— Не ’фсымæртæм чи алидза, уыдонæн сæ тæригъæдтæ хуыцауæй хатыр уыдзысты. Ам чи баззайа, уыдоны куывд хуыцау нал айсдзæн, цыфæнды куы кæной, уæддæр. Уæлæуыл æгад æмæ æлгъагæй фæцæрдзысты, мæрдты та зындоны арты судздзысты!..

«Ау, æцæг нал айсдзæн хуыцау мæгуыр лæджы куывд? Æмæ уæд куыд цæрдзæн? Бæллæх æвæрд ныл ис æмæ ма цы акæнæм? Чи йæ зоны? — фарста йæхи Батырджери.

Æмæ иунæг Батырджери ахæм зондыл нæ уыд. Молломæ чи хъуыста, уыдон-иу кæрæдзимæ бакастысты, стæй та-иу сæ сæртæ æруагътой: кæй зæрдæ сæ нæ катай кодта уыцы карз ныхæстæй. Лæгтæ-иу сæ хæдзæрттæм куы æрбаздæхтысты, уæд сæ бинонтæн уыцы æбуалгътæ дзырдтой.

Туркмæ лидзыны кой æнцад нал уагътой. Молло æмæ Садуллæйы æрвыст лæгтæн бонæй-бонмæ се ’ртхъирæнтæ тынгдæр кодтой. Адæймагæн-иу сæ йæ туг фæлыгъд, йæ сæрызонд-иу скъуымых æмæ-иу бæллыди: «Æй-джиди, уыцы ныхæстæ мауал хъус, мауал уын, дæ алыварс цы ис, уыдæттæ!».

— Мах бинонты хъæстæйæн иуæн дæр ам баззайæн нæй — ацы зæххыл не ’фсымæры туг акалди æмæ йыл мах та рацу-бацу кæнæм?! Уæд фæлтау авд дæлдзæхы ныххауæм! — Æндæрби загъта йе ’фсымæрæн.

Батырджерийæн йæхимæ ницыма æрхъуыды фæнд уыди, афтæ фехъуыста: йæ хистæр чызджы йæ лæгæй байста æмæ йæ кæугæ-дзыназгæ йæ хæдзары æрбалæууын кодта — сиахс туркмæ лидзыныл не сразы.

«Йæхи цы фæнды, уыдæттæ кæны, — мæсты уыди Батырджери Æндæрбимæ. — Йæ коммæ чи нæ бакæса, уый фыдæлгъыст ракæндзæн, æмæ адæймаг æвыдæй нæ баззайдзæн». — Стæй Буцкæйæн загъта:

— Æвæццæгæн, махæн дæр æнæ лидзгæ нæ уыдзæн. Куыд дæм кæсы дæумæ та?

— Ды йæ хуыздæр зоныс...

Бинонтæй æндæр зондыл хæст уыди æрмæст Бацæ: «Кæм ис дунейыл мах хъæуæй рæсугъддæр. Баба дæр никуыдæм алидздзæн æмæ мах дæр. Исчи ма йæ хорз цæрæн бынатæй кæдæмдæр дардмæ лидзы!..»

Бинонтæм фыдвæндаджы тыххæй ныхас куы рауад, уæд Бацæ дæр дзырдта:

— Адæмæй йæ хъарм хæдзар чи ныууадзы, уый цæй æнамонд вæййы!..

Чызджы ныхæстæм Батырджерийы зæрдæ цыдæр фæрæхуыста:

— Раст зæгъыс, мæ чызг, мах дæр не ’намонддзинад хæссы.

Бонтæ куыд цыдысты, афтæ Бацæ дæр бамбæрста, йæ фыд дæр лидзынмæ цæттæйыл сси, уый, фæлæ уæддæр йæхи мидæг не сразы. «Фæлтау мæ сæрæн æндæр исты хос ссарон», — фæзынд æм ахæм фæнд дæр. Куыд, цавæр? — ууыл Бацæ иу хатт дæр нæ ахъуыды кодта.

Стæй Хасан куы фæзынди æмæ йын куы загъта: Бацæ, дæ фенынмæ æрбацыдтæн, уæд йæ фæнд сцæттæ: бакæндзынæн уый куыд зæгъа, афтæ. Æвæдза, Хасан Бацæйæн загъта — цом мемæ, мацæмæ фæкæс, — уæд ницæмæ фæкастаид, ницы йæ баурæдтаид.

***

Хасан куы ацыди, уæд Батырджери йæхи цæттæ кæнын райдыдта. Срæвдз сты дыууæ уæрдоны æд бæхтæ. Ноджы ма иу бæх балхæдта — хъуамæ йыл Атæбе сбадтаид, афон ын у.

Райсом араст уыдзыстæм, афтæ Батырджери фыс аргæвста.

Буцкæ æнхъæлдта: йæ мой сыхæгтæм фæдзурдзæн. Фæлæ йæ куы бафарста, уæд уый йæ къух ауыгъта æмæ йын дзуапп радта:

— Дæ разы бинонтæ исты бахæрой... Кæд ма сын уыдзæн ахæм фадат?

Буцкæ йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ уæларт балæууыд. Дзидзатæн сæ фылдæр иуварс æрæвæрдта, фæндагмæ нæ бахъæудзысты, зæгъгæ.

Æхсæвæр куы сцæттæ, уæд фынджы уæлхъус æрбадтысты æмæ сæхи хорз федтой.

Æризæр. Бацæ, куыд ничи йæ фена, афтæ цæхæрадæттыл æддæмæ рацыди. Кæройнаг уынджы чи царди, уыдонмæ хæстæг уыди сæрвæт.

Бацæ цыди сæрвæты арф кæрдæджы æмæ хъуыста изæры уынæрмæ, касти йын йе ’ндæрджытæм. Кæд мæйы цалх нæма зынди, уæддæр хурныгуылæнырдыгæй цавæрдæр рухс калд, хæхты цъуппытæй мит урс-урсид дардта. Бацæ сæ уыдта æмæ семæ ныхас кодта:

— Хæрзбон, мæ урссæр хæхтæ! Æвæццæгæн, уæ никуал фендзынæн. Хæрзбон ут!..

Чызгæн йæ зæрдæ суынгæг, стæй йæ цæссыг æркалди.

Хъæдæй радымдта рог уддзæф. Уый уыди бæлæсты минæвар, Бацæйыл аузæлынмæ йæ рарвыстой. Чызгæн æхсызгон уыди:

— Хæрзбон, мæ рæсугъд хъæд! Де ’хсæртæй мын бирæ фæлæвæрдтай. Бузныг!..

Бацæ бахæццæ доны былмæ æмæ йын уый хæл-хæл йæ хъустæ рæвдыдта. Чызг дзуццæджы æрбадт, йæ къухæй дон систа, фæлæ æнгуылдзты æхсæнты фæстæмæ алыгъди. Бацæ та дзы ногæй систа, æмæ та ногæй алыгъди. Йæ зæрдыл æрлæууыди: гыццыл ма уыди, афтæмæй-иу сыхæгты чызджытимæ арæх цыди уырдæм хъазынмæ, малы-иу сæхи дæр цынадтой æмæ-иу куыд суæнгрог сты!..

— Хæрзбон, мæ сатæг дон! Кæд ма дæ фендзынæн?! — дзырдта Бацæ. Стæй сыстад. Сæхи ’рдæм разылд, разындысты йæм хæдзæртты æмæ бæлæсты æндæрджытæ. Райхъуысти йæм цавæрдæр уынæртæ, цалдæр ранæй рæйдтой куыйтæ. Бацæмæ афтæ фæкаст, цыма хъæу æрæнкъард æмæ йын фæтæригъæд кодта: «Куыд уыдзæни æнæ мах? Ам æй иунæгæй ныууадздзыстæм, æмæ дзæгъæл баззайдзæн...» — Цæрджытæ ма дзы уыдзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыди.

— Хæрзбон, мæ райгуырæн хъæу!.. Цымæ ма дæуæй хуыздæр искуы дунейыл ис!.. Дæ хуызæн мыл чи бацин кæндзæн! — æруадысты та йæ рустыл цæссыгтæ.

Бацæ æрбаздæхти сæ фæсхæдзармæ. Кауы сæрты цы хизæн уыд, ууыл йæ рахиз къах цалдæр хатты фæбырыд бырынцъаг уисыл æмæ йæ уæраг ныццавта. Фæлæ йын йæ рис ницæмæ æрдардта, æрмæст ын цыма рыг сси, уыйау æй ацагъта.

Бинонты баййæфта гобитау бадгæйæ. Йæ мад бамбæрста, йæ чызг кæй куыдта, уый. Йæхицæй йæ нæ зыдта — кæй зæрдæ нæ фæрисдзæн, цæрæнбонты адæймаг цæуыл сахуыр, уымæ фæстаг хатт кæсынæй!

— Ау, нæ кæрты никуал æрлæудзыстæм...

— Никуал, никуал, мæ чызг.

Дыууæ дæр сæ цæссыгтæ нал урæдтой. Уыцы цъусдуг хæдзармæ æрбахызти Батырджери æмæ сæ афтæмæй куы федта, уæд фæтарст, стæй дуарæй иуварсырдæм ацыд æмæ æхсæвы тармæ касти. Лæг æмбæрста йæ бинонты ахаст, йæхи зæрдæ дæр æнтъыснæг у. Цалдæр хатты йæхинымæр хистæр æфсымæрмæ дæр смæсты ис — цæмæн сын æвзарын кæны ацы фыдбылыз, зæгъгæ, æмæ ныр æртыккаг бон йæ къæсæры сæрты йæ къах нæ бавæрдта, фыддæрагæны хуызæн.

Ногæй-ногмæ Батырджери хъуыдытыл уыди: куыд рауайдзæн сæ балц, кæд ма сæ семæ айсынæн исты рох кæнынц? Турчы цы уыдзæн, ууыл рагæй нал у йæ мæт — хорз дæр æмæ æвзæр дæр дзы бирæ фехъуыста, æууæндын дзы цæуыл хъуыд æмæ дзы мæнг цы уыд, уый нал хатыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.